#Article 1: Дзæуджыхъæу (377 words)


Дзæуджыхъæу (дыгуронау Дзæуæгигъæу, ) у Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар. Цæрынц дзы 307 мин адæймагæй фылдæр (республикæйы цæрджытæй се ’мбис).

Сахары бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг у Æлбегаты Барис.

Уырыссагау Дзæуджыхъæу у Владикавказ, ома «Кавказы хицауиуæггæнæг сахар».

Ирон ном йæн сæвæрдтой Быгъуылты Дзæуыгæй номæн, таурæгъмæ гæсгæ уый у Дзæуджыхъæуы бындурæвæрæг.

Советон рæстæджы, 1931-1944 æмæ 1954-1990 азты, уырыссаг æмæ ирон æвзаджы горæт хуындис Орджоникидзе. 1944-1954 азты горæты ном уыдис Дзæуджыхъæу (уырыссагау дæр — ). 1990-æм азы 20 июлы, «Цæгæт Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон Суверенитеты тыххæй деклараци»-мæ гæсгæ горатæн раздæхтой йæ раздæры нæмттæ: Дзæуджыхъæу иронау æмæ Владикавказ уырыссагау.

Уырыссаг фидар Владикавказ бындурæвæрæд æрцыд 1784-æм азы ирон хъæу Дзæуджыхъæуы фарс, куыд фидар Арвыкомы мидæгмæ. Сахары статус радтой 1861-æм азы. 1903-æм азмæ уый ахста 740 дæсæтины фæзуат, уыдис дзы 103 уынджы, цæрджыты нымæц уыд 53 минæй фылдæр.

Дзæуджыхъæуы фидары бындурдзинады иукæны, Уырыс æмæ Гуырдзыйы æхсæн æмбалдзинады рæстæджы. 1783-æм азы 24 июлы Гуымы (Георгиевскы) уыд къухфыст акт Гуырдзыстоны Уырысы хъахъæнæны тыхæй. Уыцы цау бацахста сæйраг пълан фарста Кавказ æмæ Фæскавказ æнцон æмæ æнæфыдбалазон иукæнын. Фидарæн ном радта (ус-паддзах) иператрицæ Цытджын Екатеринæ. Дзæуджыхъæуы чырыстон сыгъдæгдзинад æрцыд 1784-æм азы 6 майы. 

Бахъахъахъæнæн хаххы æвæрд Мæздæгæй Кавказмæ февзæрын тынг æнææхцондзинад хохæгты хаймæ, уымæн æмæ уый дих кодтата фæндаг, кæцыйыл уыдон истон Гуырдзыстонæй ахстоныбадæгты æмæ цæ хизын кодта уæймæ Эндеримæ æмæ Анапæмæ.

Фидар бынат базонæн уыд нырыккон агъуызттытимæ Хицауады хæдзар, 5-æм скъола-гимназ, Пушкины скверæй, Сæрибары фæзæй æмæ иннæ уынгтæй.

Фидар йæ алфамбылай æмæ йæ цæрджыты нымæц стыр æмæ парахтдæр кодта уæдæй раразмæ уæкæнын хъуыддаг, æмæ уæйкæнын адæмы хонын байдыта.

Дзæуджыхъæуы æддаг хуыз ивын райдыдта, фæзындысты дзы афицерты, мещанты, æлхæнджыты рæсугъд хæдзæрттæ.

Ам дæр æрбынат кодта къæнцылар, Теркаг хъазахъхъаг хæстонады атам. Сахары размæцæуынæн бахуыс 1875 азы йæ кæй ба иуы кодта Ростовимæ æфсæнвæндагимæ.

Алы азты ам Дзæуджыхъæуы цардысты æмæ куыстой Хетæгкаты Къоста, культурæйы архайджытæ, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Тугъанты Махарбег, Вахтангов Евгений. Дзæуджыхъæуы ма уыдысты Уырысы культурæйы стыр архайджытæ Грибоедов, Пушкин, Лермонтов, Толстой, Островский, Чехов, Булгаков, Шаляпин. 

XX æнусы райдайæны Дзæуджыхъæу у революцион æзмæлынæдты центртæй иу.

Хæсты фæстæ уæлдай лæмбынæг кодтой адæмон ахуырадмæ. Ногæй кусын райдыдтой музейтæ, библиотекæтæ, клубтæ. 1980-азты кæронмæ сахары уыд тыхджын индустрион базæ. Размæ цæуын байдыта машинæамайæнад æмæ згъæркусæн индустри, электрон индустри, машинæты цæлцæг, алыхуызон æмæ химион индустри, хъæд æмбырдкæнæн æмæ амайæн индустри.

Дзæуджыхъæу дихгонд у цыппар зылдыл:

Дзæуджыхъæуы ис дыууæ футболон клубы — «Алани» æмæ «Автодор».




#Article 2: Уырыссаг æвзаг (115 words)


Уырыссаг æвзаг () у Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон æвзаг. Славяйнаг æвзæгтыл дзурæг адæмæн се ’мбис дзурынц уырыссагау. Æппæт дунейы уырыссагау дзурын зонынц 285 милуан адæймаджы (уыдонæй æрмæст 146 милуан сты уырыссæгтæ), ома дзурджыты нымæцмæ гæсгæ ахсы цыппæрæм бынат, китайаг, англисаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ.

Уырыссаг æвзагæй пайда кæнынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Хъазахстан, Хъиргъиз æмæ Белоруссийы (стæй де-факто хæдбар паддзахæдтæ Абхаз, Приднестровье æмæ Хуссар Ирыстоны) у официалон æвзæгтæй иу. Хъырым æмæ иуæй-иу Украинæйы облæстытæ радтой уырыссаг æвзагæн регионы æвзаджы статус.

Иугонд Нациты Организацийы цы æхсæз официалон æвзаджы ис, уыдонæй иу уырыссаг æвзаг у.

Куыд алы стыр æвзаг, афтæ уырыссаг æвзаг дæр йæ уæзы бын бакодта, уый æмрæнхъ кæмæй пайдагонд цæуы, уыцы чысылдæр æвзæгты.




#Article 3: Цæгæраты Максим (199 words)


Цæгæраты Николайы фырт Максим (1916—1990) — у ирон фыссæг.

Йæ уацмысты ’хсæн уацау «Нæ фехъуыстон, ма зæгъ» æмæ æндæртæ.

Цæгæраты Максим у зынгæ фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг. Максим райгуырдис 1916-æм азы 27 августы Алагиры. 1941 азы каст фæцис пединститут. Уыди хæсты, сси афицер, бирæ тугкалæн тохты равдыста лæгдзинад, хорзæхджын æрцыдис кады ордентæй. 

Хæсты фæстæ  куыста бæрнон бынæтты: уыди чиныгуадзæны сæйраг редактор, Ирон театры директор, журнал «Мах дуджы» редактор, республикæйы культурæйы министр, Фысджыты цæдисы сæрдар. Уыцы куыстытæ домдой бирæ рæстæг æмæ хъару, фæлæ уаддар Максим анувыд æмæ æнтысджынæй лæггад кодта ирон литерæтурæйæн — хаста йæм ног æмæ ног уацмыстæ. 

Максим фыста æмдзавгæтæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ. Ирон прозæйы зынгæ  бынат ахсынц йæ уацаутæ «Сау хохы фыййау» (1961-æм аз), «Нæ фехъуыстон ма зæгъ» (1963-æм аз), «Балцы зарæг» (1965-æм аз), «Хæххон барæг» (1970-æм аз), роман «Райсомы мигъ» (1983-æм аз). Уыдоны автор хуызджын нывты æвдисы Ирыстоны цард, адæмы тох сæрибар æмæ амондыл, сæ хæстон сгуыхтытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, сæ хъазуатон куыст, сæ зонды тых æмæ сæ уды рæсугъддзинад. Максимæн бантыстис цардæгас фæлгонцтæ саразын, йæ геройтæ сты, адæмы амондыл чи тох кæны, хорз хъуыддаг аразын сæ хæсыл чи нымайы, ахæм адæймæгтæ. Йæ уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм. 

Максим цардæй ахицæн 1990-æм азы 2 декабры.




#Article 4: Хъæдгæрон (102 words)


Хъæдгæрон () у Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы хъæу. Нæ рæстæджы йæ алыварс дæр сты хуымтæ.

Æрæджы дзы арæзт æрцыд стыр Калибровочный завод. Куыд хъуыды уыд, афтæмæй йæ бон армæст Ирыстоны бæрц нартхоры мыггаг нæ, фæлæ анæхъæн Цæгат Кавказы фаг уадзын у. Фæлæ бирæ алыхуызон рæдыдтыты тыххæй йæ фыццаг бонæй нырмæ не скуыста, йæ пълан цы уыди, афтæ. 

Хъæдгæроны адæм сæ фылдæр кусынц сæхи цæхæрадæтты æмæ уымæй цæрынц.

Кæддæриддæр уыди Хъæдгæрон йæ спортсментæй тынг бузныг. Фæстаг цалдæр азы даргъы Уæрæсейы хъæбысхæсты националон командæйæн хæцы хъæдгæройнаг Фæрниаты Ирбег. 2003 азы йæ бон баци Дунейы æмæ Европæйы чемпионатты фыццаг бынæттæ бацахсын, рамбылдта бирæ æндæр турниртæ.




#Article 5: Брытъиаты Елбыздыхъо (1153 words)


Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо (райгуырдис 1881-æм азы Дæллагхъæуы, амардис 1923-æм азы) уыдис ирон фыссæг æмæ драматург, ирон театры бындурæвæрæг.

Елбыздыхъо 1906-æм азы (Къоста куы амардис, уыцы аз) бацыдис Уæрæсейы кусджыты социал-демократон партийы рæнхъытæм. Уыцы аз ныффыста йæ тохмæсидæг трагеди «Хазби».

Йæ уацмысты ’хсæн:

æмæ æндæртæ.

Елбыздыхъо цыдæриддæр фыста, ууыл кæддæриддæр бæрæг дардтой йæ политикон зондахаст, йæ революцион архайд, йæ цард. Йæ фыццаг пьесæ «Уæрæседзау» йæ рæстæджы цаутæм цыма ницы бар дары йæ мидисмæ гæсгæ, афтæ зыны. Уый бынтон афтæ нæу. Ныхас цæуы, магусайæ цæлуарзаг, фæсдзæуины «диныл» чи бафтыд, ахæм ницæйагыл. Муссæ йæ фыдæлты фарныл йæ къух систа, йе ’дылы митæй йæ хъæуккæгтæн смаст кодта, æмæ йæ сæнттæ цæгъдгæ ныууагътой. Йæ мадæлон æвзагæй хъазæнхъул кæй сарæзта, тынгдæр та сæ уый бафхæрдта, уый сын байдзаг кодта сæ масты дзæкъултæ.

Ссæдзæм æнусы райдианы Елбыздыхъойы æмдугонтæ фыстой комедитæ — Гуырдзыбеты Блашка, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт. Цæсты ахадыдтой, фæлæ цард хицæн худæг хабæрттæй вазыгджындæр хæссы, кæд сын арф социалон уидæгтæ разыны, уæддæр.

Елбыздыхъо рахызт драматургийы зындæр, ахсджиагдæр жанртæм — драмæ æмæ трагедимæ. Æрмæстдæр уыцы жанрты ис равдисæн æххæстæй, бирæвæрсыгæй цардыуаджы, удварны хæрзтæ æмæ карз быцæутæ, мæлæтдзаг тох сæрибары сæрвæлтау, историйы æмæ мифологийы хъайтарты утæхсæн æмæ бæллицтæ. Ахæм цæстæнгас, ахæм æмбарынад сси Елбыздыхъойы эстетикæйы æрдзон миниуджыты сæйрагдæр.

Драматургæн йæ дыккаг пьесæ «Худинаджы бæсты — мæлæт» социалон мотивтæй бирæ хъæздыгдæр разынд. Цæвиттон, бæллæхтæ расайдтой пъырыстыфы æгæнон митæ, æмæ Хъырымы цард ныссуйтæ, фыдгæнæг дзы сарæзтой йæ æфхæрд царды æууæлтæ. Фыдæлты фарнæй цыдæртæ ныддардта дымгæмæ, куырыхон зондыл хæст Ахмæты мæрдтæм барвыста. Кад æмæ номыл мæлынц сæ дыууæ дæр, фæлæ ныхасы фæтк, æфсармы уæз æмæ домæнтæ фæйнæхуызон æмбарынц.

Пьесæ арæзт у патриархалон царды нывтæй, æрмæст сæйрагдæр уый у, æмæ фыдбылызты амидингæнæг паддзахы хицауады минæвар кæй у. Уый аххосæй ауадысты мæгуыр хохæгтæ æддæг-мидæг. Иу туг, иу стæг сты, фæлæ сын бафидауæн нæй, алчидæр сæ йæхирдыгонау æмбары рæстад, ныхасы фарн, æгъдауы домæнтæ, æмæ худинаджы бæсты мæлæт саккаг кодтой сæхицæн.

Уыцы трагеди дæр драматург нымайы æлгъыстаг цагъайраджы царды фæстиуæгыл, æмæ йæ ныхмæ сыстад, Уæрæсейы революцион тымыгъ куы сабухта, уый хæдразмæ. Куырмæлхынцъ сты рæстæг æмæ фыссæджы сфæлдыстад.

Ирон драматургийы сæрæвæрæн трагеди «Хазби» Елбыздыхъойы сфæлдыстады дæр, стæй нæ литературæйы историйы дæр ахсы сæрмагонд бынат. Фыццаг ирон историон драмæ сси æмæ рагæй нырмæ ацы уацмыс нымад у нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иуыл.

Фыссæг йе ’мдугонтимæ йæ рæстæджы дудаг сагъæстæ æмæ цаутыл дзуры историкы æвзагæй. Бантыст ын истори æмæ нырыккон цард, ома йæ заманы хъуыддæгтимæ сбæттын, быцæуты цыргъаг ног дуджы тохмæ саразын. Историйы факттæ, цаутæ, хъуыддæгтæ фыссæг æвдисы, иртасы аивадон фæлгонцты, йæ зондахаст, революцион змæлды активон архайæджы дунеæмбарынад куыд домы, куыд амоны, афтæ.

Елбыздыхъойы бынтæ чи иртæста, уыдон се ’ппæт дæр иу хъуыдымæ æрцыдысты: ницæмæн, дам, хъæуы пьесæйы мидисы бæлвырд-бæрæг историон цаутæ агурын, чи зоны, æмæ, дам, сае фæд дæр нæй, драматурджы ахæм сфæлдыстадон хæс нæ бадомдта, йæ размæ дæр æй не ’вæрдта.

Драматургæн йе сфæлдыстадон нысан æндæр хъуыдытæ æмæ сагъæстæй сбæрæг вæййы. Тохгæнæг хъайтары хъысмæт, йæ миддуне æмæ йе ’мтохгæнæг сæрибар хохæгты фæлгонцтæ сты сæйрагдæр. Уыдон сыстадысты тыхгæнджыты ныхмæ, сæ бартæм сын чи ныхилы, уыцы лæбурджытæн нæ ныббарстой, се сæфт уынынц уæйгæнджытæй, сæ ном æмæ сын кад чи ницæмæ дары, цæхгæр ныхасæй сæ коммæгæс уæвын, дæлбарæй цæрын чи домы, уыцы æрдонджы ныхмæ рацыдысты хъамалвæстæй.

Бæрзонд нысантæ, æнæкъæм хъуыдытæ, рæсугъд æнкъарæнтæ... Се знæгтæ ирвæзынц мæнг фæдфæливæнтæй. Йæ удыхъæд сæ алкæмæн дæр зыны йæ ныхасы, сæхи куыд дарынц, сæ зæрдæтæ цæуыл лæууынц, се ’хсæн цы быцæутæ рауайы, уыдæттæй.

Зынджы стъæлфæнæй сирвæзт пиллон арт. Хазби фæмард, басыгъд уыцы арты. Адæмон зарæг сси йæ цырт. Адæмы зæрдæты баззад æнæбасæттон хъайтарæй, паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы дзыллæты сæрхъуызойæ.

Нудæсæм æнусы райдайæны цауты сæдæ азы фæстæ ахъардта революцион тохы улæфт, уымæн æмæ трагеди ныффыстæуыд революционеры къухæй. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ-иу трагедийы театры репертуарæй систой, фыссæджы та-иу буржуазон националист схуыдтой. Нациолизмæн уацмысты йæ кой, йæ хъæр дæр нæй. Сæрибары сæраппонд тох æндæр цыдæр хуыйны. Трагедийы æвдыст цæуы феодалон æхсæнад. Хазби дæр уæдæ Хъобаны дзырддзæугæ лæгтæн сæ цауддæртæй нæ уыд.

Уый иу. Иннæмæй та драматург снывæста паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы архайæджы. Йæ цæсгомыл цыма ног дуджы революцион тохы пиллон хъазы. Æмулæфт кæнынц истори æмæ ссæдзæм æнусы райдайæны цаутæ. Театрдзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ бауарзтой Хазбийы. Стырдæр амондмæ нæ бæллыд Елбыздыхъо. Æмæ йæ йæ рыст удæй бавзæрста.

Назраны фидары талынг къуымы йæ драмæ «Дыууæ хойы» куы фыста, уæд дæр ахæм амондмæ тæхуды кодта. Фыссæгæн зынаргъ цы уыд æмæ кæй сомбоны хорзæхыл уагъта цъæх арт, уыдон иудзинадæй райрæзынц йæ эстетикæйы бындурон принциптæ. Кæнæ ис, кæнæ нæй, æртыккаг истæмæн хъуамæ бынат ма уа царды мидæг. Уый уыд максималисты цæхгæр домæн, æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ахæм уаг зыны йæ уацмысты сæргæндты дæр: «Худинаджы бæсты — мæлæт», «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Афтæ зæгъæн ис Хазбийы удыхъæд æмæ Хансиаты монологтæй дæр.

Драмæ амад у тыхджын быцæуы бындурыл. Мулкдзаст Тæтæрхъан æмæ йæ хуызæттæ, Хансиат æмæ йæ табугæнджытæн бафидауæн нæй. Патриархалон цардыуаджы гуыппырсартæ фидар хæцынц, чи ныссæфтæг, ахæм мæлинаг æгъдæуттыл, сæ къæхты бын ссæндынц сидзæр чызджыты, рухсмæ кæй тырнынц, æрмæстдæр уый тыххæй. Уыдоныл дæр ис фæхæцæг, æмæ сцырын карз тох. Бæллæхтæн æнæрцæугæ нæ уыд æмæ æрцыдысты. Цардыуаджы бындуртæ æнцонæй нæ фехалдзынæ.

Худинаджы бæсты — мæлæт. Ахæм тæрхон рахастой сæхицæн Хъырым æмæ Ахмæт. Худинагæй стъæлфынц. Хазби æмæ Хансиат та загътаиккой: цагъайраджы царды бæсты — мæлæт. Удварны бæрзонддæр æмвæзадмæ схызтысты драмæ æмæ трагедийы хъайтартæ. Цин цард цъуттавæрдæй? Циу амонд рæхысбастæй? Хазби дæр æмæ Хансиат дæр сæ сæрмæ нæ хæссынц ахæм хъысмæт. Фæлтау — мæлæт. Сæ цæхæркалгæ ныхæсты æмæ монологты ахъардта революцион цауты комулæфт. Кæрæф, мæнгард удхорты æхсæн ферттывтой хуры тынтау, æрфæны фæд ныууагътой се ’мзæххонты æмæ се ’мдугонты зæрдæты сæ цардбæллон удты тæмæнæй.

Куыннæ уыд нæ литературæйы уарзæгой, фæразон, æфсармджын хæххон сылгоймæгты сурæттæ! Секъа æмæ Арсены прозæ уымæн æвдисæн. Арæх-иу баззадысты сæ састбазыр сагъæстæ æмæ мидхъынцъым, мидхъуырдухæнты æвджид. Уыцы уавæрыл никуы сразы уыдаиккой Хансиат æмæ йæ хæрзгæнджытæ. Æргомæй сдзырдта йæ бартыл. Цард, амонд, бæллиц — арф хъуыдыты аныгъуылы, æмæ ссары аккаг дзуаппытæ йæ фарстытæн: адæймаг хъуамæ сæрибар уа, фосау æй ма уæй кæной, йæ зæрдæйы фæндиæгтæм ын цыргъ хъама ма дарой тыхгæнджытæ. «Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон... Уæлдай дзырд, уæлдай къахдзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Уымæн равзæрдтæн дунемæ? Уый цард нæу», — ахæм зондыл хæст у Хансиат. Цæрæццаг чызг басыгъди сафинаг æгъдæутты азарæй. Талынг æгъдæутты амæддагæй райгуырд, фæлæ сси тæрхонгæнæг хæрам, тыхми, мæнгарддзинадæн.

Тæрхонгæнæг æмæ тохгæнæг — ирон сылгоймаг йæ мæлæты бон царды бæрзæндтæй акаст, федта рухс фидæн, фæстагæттыл бафтыдта йе ’ууæнк, йæ ныфсæй сæ сбазырджын кодта.

Йæ арф зондахаст, йе стыр курдиат æмæ дæсныйадæй Елбыздыхъо сарæзта æппæт фадæттæ дæр ирон драматурги æмæ театралон аивады рæзтæн. Йæ кой айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл. Йæ пьесæтæ йын æвæрдтой Ольгинскæ æмæ Æрыдоны, Алагир æмæ Чырыстонхъæуы, Баку æмæ Тифлисы (Калачы), стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы.

...ном лæгæн йæ кад у, йæ царды сæр.

Мæгуыр ироны йæ зынтæ дæр айрох вæййынц ныхасы бадгæйæ.

Уарзондзинад зонды коммæ нал фæкæсы.

Зæрдæ фæсæттынæн дæс цæфæй иу лæгъз ныхас хуыздæр у.

Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ’хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы 'мбарой, уæд.




#Article 6: Джусойты Нафи (470 words)


Джусойты Григорийы фырт Нафи́ (райгуырдис 1925-æм азы 27 февралы Ногхъæуы (Арашендайы), амардис 2017-æм азы 26 июны Дзæуджыхъæуы) уыди ирон фыссæг, филологон зонæдты доктор. Цардис Цхинвалы, 50 азæй фылдæр куыста Зонад-иртасæн институты.

Джусойты Нафи райгуырдис 1925-æм азы 27 февралы Къуыдаргомы, Ногхъæуы ныры Дзауы районы.

Райдиан скъола каст фæцис хъæу Кæсагджыны, астæуккаг скъола та – Кировы 1941 азы 20 июны. 

Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыдис 1945 азы ноябры кæрон. 1945 азы 25 декабры куысын райдыдта Хуссар Ирыстоны Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы 1947 азы мартъийы мæймæ, стæй нысангонд æрцыд облæсты газет «Коммунист»-ы цензорæй æмæ дзы аззади растдæр дыууæ азы, стæй йæ сфидар кодтой Гуырдзыстоны ССР Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста 1949 азы ноябрмæ, уый фæстæ райдыдта ахуыр кæнын ССРЦ Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты (Пушкины хæдзары) аспирантурæйы. Каст æй фæци 1953 азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры æмæ фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ — Хуссар Ирыстонмæ. 1954 азы 15 февралы йæ саккаг кодтой Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институты ирон фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уыцы бынаты.

Джусойты Нафи у ССРЦ-ы фысджыты Цæдисы уæнг 1955 азæй, Литературон критикты дунеон Ассоциацийы (МАЛК) уæнг 1970 азæй, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат 1978 азæй æмæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Республикæйы адæмон фыссæг 1995 азæй. 1984 азы йын йæ литературон сфæлдыстады тыххæй лæвæрд æрцыдис «Кады нысаны» орден.

Джусойты Нафи у ахæм поэтикон æмбырдгæндты автор: «Салдаты зæрдæ» (1944), «Зæрдæты ныхас» (1952), «Лирикæ» (1955), «Ирыстоны сагъæсты чиныг» (1958), «Æз райгуырдтæн хохы» (1960), «Зын кары» (1962), «Æнæном чиныг» (1967), «Сабыр ныхæстæ» (1973), «Изæры рухс» (1988). Нафийæн прозæйы уагъд æрцыд цалдæр чиныджы: «Фыдæлты туг» (1965), «Цард ивæны» (1968), «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн» (1972), «Адæймаджы мæлæт» (1976), «Сырдоны цæссыгтæ» (1978), «Залты мит» (1989). 

Йæ литературон-критикон уацтæй иуæй-иутæ рацыдысты хицæн чингуытæй: «Ирон аив дзырды сæрвæлтау» (1965), «Книга друзей» (2003).

Нафийы зонадон-иртасæн куыстытæ бирæ сты, фæлæ хицæн чингуытæй рацыд мыхуыры цалдæр монографийы: «Коста Хетагуров» (1958), «Сека Гадиев» (1958), «Елбаздуко Бритаев» (1963), «Арсен Коцойты» (1964), «Цомак Гадиев» (1965), «Александр Кубалов», «Гино Бараков», «Созур Баграев», «Нигер» (1992), «Грис Плиев» æмæ æндæртæ. Мыхуыры рацыд дыууæ томæй «История дореволюционной осетинской литературы», «Советон ирон литературæйы истори»-йы дыууæ томы æмæ монографи «Ирон романы равзæрд».

Нафи бирæ фæкуыста аивадон тæлмацы хъуыддаджы. Йæ тæлмацтæ мыхуырæй цыдысты ирон периодикæйы æмæ хицæн чингуытæй дæр: Пушкины роман «Евгений Онегин», Тютчевы æмдзæвгæтæ, А. Сурковы стихтæ, Туманяны, Д. Гулиайы æмæ Кулиев Хъайсыны æмдзæвгæты чингуытæ.

Нафийæн йæхи уацмыстæ дæр ивд цыдысты бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагау йын рацыд цыппар чиныджы, гуырдзиагау – æртæ, украинагау – дыууæ, иу – польшæйагау, иу та хъазахаг æвзагыл.

Бирæ уацмыстæ раивта Нафи ирон театрæн: Шекспиры трагедитæ – «Макбет», «Юлий Цезарь», «Укрощение строптивой», Шиллеры «Мария Стюарт», Ибсены «Пьер Гюнт», Софоклы «Царь Эдип» æмæ «Антигона», Толстойы «Удæгасæй мард», Чеховы «Дядя Ваня», Мустай Каримы «В ночь лунного затмения», Марцини Кивичусы «Миндаугас» æмæ æндæртæ.




#Article 7: Киров, Сергей Мироны фырт (155 words)


Киров Мироны фырт Сергей (), зындгонд революционер, советон хицауады архайæг. Йæ æцæг мыггаг уыди Костриков, Киров та уыди йæ журналистон фæсномыг. Райгуырдис 1886-æм азы 27-æм мартъийы, амардис 1934-æм азы 1-агæм декабры.

Дзæуджыхъæуы ма базонгæ кодта йæ суинаг бинойнаг Маркус Марияимæ. Марияйы мыггаг уыд Цæгат Кавказимæ тынг баст, уый райгуырд Дербенты цæрæг дзуттаг бинонтæн, мидхæсты дæргъы йе ’фсымæр Яковы азербайджайнаг мусаватисттæ фехстой Гуырдзыстоны Пасанауры станцæмæ ’ввæхс (Яковы ном хæссы, Кировы уынджы цæхгæрмæ чи цæуы, уыцы Маркусы уынг).

Киров Николаев Леониды къухæй амард Ленинграды. Киров Николаевы усимæ (Милдæ Драуле) гадзрахатæй цыди, уый тыххæй зæрдæхсайдæй æй амардта йæ дамбацайæ Николаев. Ис æндæр верситæ дæр, политикæимæ баст.

Кировы амарды фæстæ бирæ советон сахартæ, хъæутæ, колхозтæ æмæ æндæр рæттæ райстой йæ ном. Ирыстоны дæр ис Кировы район, Кировыхъæу, Дзæуджыхъæуы — Кировы уынг æмæ Кировы номыл зонадон библиотекæ.

Киров куы амардис, уæд йæ марджыты агурыны ’фсонæй Сталин райдыдта Стыр Æфснайд. Уæд ахст æрцыдысты бирæ адæм, уыдоны ’хсæн Бухарин, Каменев æмæ Зиновьев.




#Article 8: Америкæйы Иугонд Штаттæ (239 words)


Америкæйы Иугонд Штаттæ кæнæ Америчы Иугонд Штаттæ () у президентон республикæ, фæндзай штат æмæ иу федералон районæй арæзт. Бæстæйы фылдæр хай ис Цæгат Америкæйы. Уым, йæ 48 штаты ахсынц зæххытæ Сабыр фурдæй Атлантикон фурдмæ, æмæ цæгаты æндзæвынц Канадæимæ, хуссары та Мексикæимæ. Йæ штаттæй иу, Аляскæ, ис Цæгат Америкæйы цæгат-ныгъуылæны, æмæ йын ис арæн Канадæимæ, скæсæны, æмæ Уæрæсеимæ, ныгъуылæны. Гавайи, штат, у Сабыр фурды архипелаг. Уый йеддæмæ ма Сабыр фурды æмæ Карибон денджызы дары цалдæр територийы, кæдон штаттæ не сты. АИШ-ы сæйраг сахар у Вашингтон, стырдæр сахар та Нью-Йорк. Йæ зæххыты фæзуат у 9,83 милуан км², æмæ у æртыггаг стырдæр бæстæ. 314 милуан цæрæгимæ дæр ахсы æртыггаг бынат. АИШ у зæххы стырдæр экономикон æмæ политикон тыхтæй иу.

Абоны АИШ-ы зæххытыл фыццаг бацардысты рагон индейæгтæ. Уыдон Цæгат Америкæмæ бацыдысты 15 000 азы размæ, æмæ сæ фæдæттæ уым нырмадæр цъусæй цæрынц. Индейæгтæ тынг цъус кæнын байдыдтой Европæйæгты колонизаци XVII æнусы куы байдыдта, уый фæстæ. Колонизаци фылдæр цыд Англисæй. АИШ-ы бындур равзæрд Атлантикон фурды былыл æртындæс бритайнаг колонийæ, кæдон сарæзтой сæхи экономикæ æмæ политикон системæ. Уыдон растадысты братайнæгтæ сын сæ хъалонты политикæмæ кæй бырстой, уый тыххæй. Уый бындурыл 1775-æм азы байдыдта хæст. 1776-æм азы 4-æм июлы уыцы æртындæс колонийы минæвæрттæ рауагътой Хæдбардзинады Сидт, кæцымæ гæсгæ сæвзæрд АИШ. Ног бæстæ, Францы æххуысæй, Британийы рамбылдта. АИШ-ы нырыккон конституци ист æрцыд 1778-æм азы 17-æм сентябры. Уымæ гæсгæ АИШ-ы штаттæ сысты иу республикæйы хай.  

АИШ у ИНО-йы Æдасдзинады Ныхас æмæ НАТО-йы уæнг.

АИШ-ы сконды ис 50 штаты:




#Article 9: Бетъырбух (158 words)


Бетъырбух, нырыккон мыхуыры арæхдæр Санкт-Петербург () у Уæрæсейы Империйы кæддæры сæйраг сахар, Нева Финнаг бакæлæнмæ кæм æфты, уыцы ран. Абон дæр Уæрæсейы мидæг Бетъырбух тынг ахадгæ сахар у, бæстæйы дыккаг стырдæр. Бетъырбух у, йæ цæрджыты нымæц иу милуанæй фылдæр кæмæн у, дунейы ахæм цæгатагдæр сахар. Цæрынц дзы 5 милуан адæймагæй фылдæр.

Бетъырбух хæссы Хъæбатыр сахары кадджын ном, йе сконды ис æртæ Хæстон намысы сахары (Кронштадт, Колпино, Ломоносов).

Æрæджы Бетъырбухмæ ралидзын кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцион тæрхондон.

Боныхъæд у ромыл æмæ уымæл. Хурджын бонты растæмбис нымæц афæдзы дæргъы у 62. Зымæгон бонтæ сты иттæг талынг, фанартæ судзынц суткæйы 18 сахаты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыдис Ленинграды блокадæ.

Бетъырбух ахсы зынгæ бынат нырыккон ирон культурæйы. Ам ахуыр кодтой Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Абайты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Ам XX æнусы райдиан мыхуырæй цыдис фыццаг ирон журналтæй иу — «Хуры тын», зæгъгæ (йæ редактор уыди Брытъиаты Е.).

Ныр дæр Бетъырбухы бирæ ирæттæ цæрынц. Ис дзы Цæгат Ирыстоны минæварад æмæ ирон æхсæнад дæр.




#Article 10: Лапландийы хæст (254 words)


Лапландийы хæст (фин. Lapin sota), зæгъгæ, афтæ хуыйны Финлянди æмæ Германы 'хсæн 1944-æм азы сентябрæй 1945-æм азы апрелы онг цы тох цыдис, уый. Ахæм ном ын радтой уый тыххæй æмæ хæст цыдис Финляндийы тæккæ цæгаты чи ис, уыцы провинци Лапландийы.

Раджы, 1943-æм азы, Германы хицауад, Финлянди Советон Цæдисимæ бафидауыны ныхмæ йæхи цæттæ кæнын райдыдта. Герман пълантæ арæзта йæ тыхтæ цæгатырдæм аиуварс кæнын, цæмæй уыдон хъæздыг никелы гуырæнтæ бахъахъхъæной. Немыцæгтæй, уацармæ чи бахаудтой, уыдоны тыхтæй фæхуыздæр кодтой Норвегийæ Финляндийы цæгатмæ цы фæндæгтæ цæуынц, уыдон. Уацайрæгтæй сæ фылдæр уыдысты Хуссар Европæйæ, ласт æрцыдысты Лапландимæ рог сæрдыгон дарæсы, æмæ уый тыххæй уыдонæй тынг бирæ фæмардысты. Гъе уæдæ Герман йæхи хорз бацæттæ кодта, Советон Цæдис Финляндимæ куы бафидыдтой, уыцы цаумæ. Советон Цæдис Финляндийæ бадомдта, йæ территори немыцаг салдæттæй куыд расыгъдæг кæна, уый. Финляндийы хæстон лæгтæн уый æнцон хъуыддаг нæ рауади, уый тыххæй æмæ советон хицауад æмрæстæджы домдта Финляндийы æфсады фылдæр хай демобилизаци скæнын.

Финнаг инæлар Хйалмар Сииласвуо, йе 'фсад разæнгард кæнгæйæ, дæрæн кодта немыцæгты æмæ 1944-æм азы кæронмæ расырдта фашистты Финляндийы цæгаты фылдæр бынæттæй. Фæлæ немыцаг командыгæнæг инæлар Лотар Рендулик уæддæр йæ фæстæ ныууагъта æрмæст «сыгъд зæхх». Бынæттон адæм кæм цардысты, уыцы хæдзæрттæй æртыккаг хай æрцыдис хæлд, провинцийы сæйраг сахар Рованиеми та бынтондæр пырх æрцыдис. Регионæй хуссармæ ралыгъдысты 100 мин адæймаджы бæрц.

Дыккаг дунеон хæст куы фæци, уæд инæлар Рендулик тæрхондонмæ бахаудта, æмæ йын цæдисонтæ рахастой карз тæрхон: йæ хæстон фыдракæндты аххосæй ахæстоны фæбадти ссæдз азы дæргъы.

Лапландийы хæсты рæстæг иннæ хæстытимæ абаргæйæ бирæ салдæттæ нæ амардысты: иу мины бæрц финляндиаг фарсæй æмæ дыууæ мины бæрц гермайнаг фарсæй.




#Article 11: Финлянди (524 words)


Финлянди (, ) у паддзахад Европæйы цæгаты, Европæйы Цæдис æмæ Шенгены бадзырды паддзахæдтæй иу. Скæсæны Финлянди æмарæн у Уæрæсеимæ, цæгат-ныгуылæны — Швециимæ, цæгаты — Норвегиимæ. Хуссар æмæ ныгуылæны йæ былтæ æхсы Балты денджыз. Финляндийы сæйраг сахар у Хельсинки, уый дæр у бæстæйы стырдæр сахар.

Финлянди фаг стыр паддзахад у, йæ фæзуатмæ гæсгæ у Европæйы æстæм (дунейы 64-æм). Финлянди у дунейы дыккаг æнтыстджындæр паддзахад, йæ хæстон, социалон, экономикон æмæ политикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ.

Финлянди у Европæйы Цæдисы иунæг уæнг, Уæрæсеимæ арæн кæмæн ис, фæлæ НАТО-мæ чи нæ бацыди, ахæм. Бæстæйы политиктæй иуæй-иу тырнынц НАТО-мæ.

Финлянди Скандинавийы бæстæ нæу, фæлæ скандинаваг культурæмæ у хæстæг, стæй уыцы иу регионы лæууы — уый тыххæй пайда кæнынц терминæй Фенноскандинави (ома Норвеги, Швеци æмæ Финлянди кæй ахсы, уыцы регион).

Адæм æрцардысты Финляндийы æртæ фарсæй. Финно-угойраг знæмттæ æрбацыдысты Уралы ’рдыгæй æмæ бæстæмæ бацыдысты Карелы зæхкъубал æмæ Финляндийы донбакæлæныл. Астæузаман уыцы территори уыд куы Новгороды, куы Швецийы дæлбар.

Фæстæдæр Советон Цæдис Финляндийы ныхмæ райдыдта хæст æмæ дзы тыхæй райста бирæ зæххытæ (ныр Карели æмæ Ленинграды облæсты хæйттæ сты). Дыккаг дунеон хæсты рæстæг Финлянди Германы фарс æрлæууыд (финн æй хуыдтой Дарддæргæнæн хæст) æмæ та ногæй фембылды и. 1944-æм азы Финлянди хæстæй рацыд, æмæ дзы Советон Цæдисмæ ноджы цалдæр гæппæлтæ бафтыдтой (Петсамойы регион, уырыссагау та — Печенгæ, ныр Мурмансчы облæсты). Уый йеддæмæ Финляндийы бахъуыд немыцы ныхмæ схæцын (Лапландийы хæст) æмæ контрибуцитæ дæр фидын.

Хæст куы фæци, Финляндийы къухы бафтыд Советон Цæдисимæ хорз бастдзинад саразын, уый бæстæйы экономикæйæн дæр фæахъаз кодта: рапарахат машинæаразæн, гæххæттуадзæн æмæ полиграфион индустри. Уыцы æнтыстытæ Финляндийы уæды президенты Урхо Кекконены () сгуыхтдзинадыл нымад сты. Кекконен йæ бынаты куыста 25 азы дæргъы.

Финлянди у, бирæ сакъадæхтæ æмæ бирæ цæдтæ кæм ис, ахæм бæстæ. Ис дзы 190 мин цады бæрц, уыдон ахсынц Финляндийы территорийы 9%. Цадтæ кæрæдзиимæ сты баст æмæ уымæй сты егъау цады системæ. 36 къанауыы æмæ 48 шлюзы фæрцы уыцы системæ у наудзон. Къанаутæй ахсджиагдæр у Саймæйы канал, уый Саймæйы цад Финляндийы бакæлæнимæ бæтты.

Финляндийы æртæ сахары — Маарианхаминæ, Уусикаупунки æмæ Ханкойы — ’хсæн ис сакъадахджын регион, финнагау хуыйны Saaristomeri «Архипеладжы денджыз». Уыцы регион у дунейы стырдæр архипелаг: йæ сакъадæхты нымæц бæлвырд зæгъæн нæу, уый тыххæй æмæ уыцы нымæц тынг баст у, сакъадах цы хонæм, уыимæ. Сæ фæзуат иу квадратон километрæй фылдæр кæмæн у, 257 ахæм сакъадæхы дзы ис. Гектары ’рдæгæй фылдæр та — 18 мины бæрц. Ис ма бирæ чысылдæр сакъадахы. Уыимæ абарынмæ, егъау Индонезийаг архипеладжы ис 13-18 мин сакъадахы).

Архипеладжы стырдæр сакъадæхты ’хсæн ис хорз бастдзинад: хидтæ, бырантæ, зымæгон ихын фæндæгтæ.

Кæд цæгатаг бæстæ у, уæддæр Финляндийы бæстыхъæд æппын карз нæу. Бетъырбухимæ абаргæйæ, Хельсинкийы температурæ вæййы цалдæр градусы хъармдæр. Уый у Атлантикон фурды тавæг.

Финляндийы дыууæ атомон электростанцæйы ис (цыппар реакторы), уый æмæ æндæр аххосты фæрцы ацы бæстæ ахсы Европæйы Цæдисы фыццаг бынат (Францимæ) электрон тыхы аргъмæ гæсгæ (ома, тæккæ асламдæр электрон тых у Финлянди æмæ Францы). Электрон энергийы 5—17% Финлянди æлхæны Уæрæсейæ.

Финляндийы цыппор стырдæр компанитæ сты: Nokia, Stora Enso, Neste Oil, UPM-Kymmene, Kesko, SOK, Metsäliitto, Outokumpu, Metso, Tamro, Fortum, Sampo, Kone, Elcoteq, Rautaruukki, Wärtsilä, YIT, Varma, Cargotec, SanomaWSOY, Kemira, Ilmarinen Keskinäinen Eläkevakuutusyhtiö, TeliaSonera Finland, Luvata International (former Outokumpu Copper), Huhtamäki, Finnair, Lemminkäinen, HKScan, Onvest, RTF Auto, Tieto, Ahlstrom, Konecranes, Valio, ABB, Itella, Amer Sports, Teboil, Elisa æмæ Myllykoski.




#Article 12: Герман (144 words)


Герман (), оффициалон æгъдауæй Германы Федеративон Республикæ (), у Астæуккаг Европæйы федералон парламентон республикæ. Бæстæйы ис 16 зæххы, æмæ йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Берлин. Герман ахсы 357 021 квадратон километр æмæ у Европæйы стырдæр бæстæтæй иу. 82 милуан цæрæгимæ у Европæйы Цæдисы цæрæгджындæр бæстæ. Герман у Европæйы стырдæр политикон æмæ экономикон тых.

Герман у  Европæйы Цæдисы бындурæвæрджытæй иу æмæ хауы Евро æмæ Шенгены зонæмæ. Уый йеддæмæ хайад исы ахæм æхсæнадæмон организациты, куыд ИНО, G8, НАТО æмæ æнд. Рæстæгæй рæстæгмæ исы хайад ИНО-йы Æдасдзинады Ныхасы.

Дыккаг дунеон хæсты фæстиуæгæн 1990-æм азы 18 мартъийы агъоммæ Герман уыдис дыууæ паддзахады: ГФР æмæ ГДР. Кæс Германы иугонд.

Германы стырдæр сахартæ сты Берлин (3424,7 мин адæймаджы), Гамбург (1773 мин), Мюнхен (1315 мин) æмæ Кёльн (996 мин).

Германы цæрджытæй 6 милуаны бæрц дзурынц уырыссагау, уыдонæй 3 милуаны бæрц сты Советон Цæдисæй ралидзгæ адæм (уæрæсейаг немыц æмæ сæ бинонтæ).




#Article 13: Польшæ (167 words)


Польшæ (), оффициалонæй Польшæйы Республикæ ( ), у астæуккаг Европæйы парламентон республикæ. Æмарæн у Уæрæсейы Калининграды облæстимæ цæгаты, Украинæ, Беларус æмæ Литваимæ скæсæны, Чехи æмæ Словакиимæ хуссары æмæ Германимæ ныгуылæны. Уый йеддæмæ ма йын цæгаты ис Балты денджызмæ ахизæн. Польшæйы сæйраг æмæ стырдæр сахар у Варшавæ. Йæ зæххыты фæзуат у 312 679 квадратон километр, æмæ уымæ гæсгæ у Европæйы фарастæм стырдæр бæстæ. 38,5 милуан цæрæгимæ та у Европæйы Цæдисы 6-æм цæрæгджындæр бæстæ. Польшæ у НАТО æмæ Европæйы Цæдисы уæнг. 

Польшæ дихгонд у 16 воеводствойыл.

Польшæйаг паддзахады бындурæвæрды азыл нымад у 966-æм аз, Мешко I чырыстонад куы райста, уыцы рæстæг. 1025-æм азы Польшæ къаролад сси. 1569-æм азы, Литвайы Стыр кънйазадимæ баиугондæй Польшæ сси Речь Посполитæйы хай. 1795-æм азмæ æртæ радихы фæстиуæгæн Польшæйы зæххытæ рауæрстæуыдысты Австри, Прусси æмæ Уæрæсейы ’хсæн æмæ 1918-æм азы онг польшæйаг паддзахад нæ уыдис æппын. 1918-æм азы Польшæйы республикæ рацарæзтæуыд ногæй.

Кæд æмæ Польшæ стыр зиан баййæфта Дыккаг Дунеон хæсты рæстæг, уыцы хæсты фæстиуæгæн йæ фæзуат дзæвгар фестырдæр и Силези æмæ Скæсæйнаг Пруссийы зæххытæ байсынæй.




#Article 14: Къофи (718 words)


Къофи ( [хъахуа]) у тæвд нозт, чиндæуы къофийы бæласы сурвых нæмгуытæй. Кофеин дзы кæй ис, уый тыххæй адæймаджы организмыл дары цыренгæнæг хъомыс.

Къофийы нæмгуытæй фыццаг пайда кодтой Эфиопийы. Уырдыгæй, эфиопаг тыхæйисджытимæ, къофи араббаг дунемæ бафтыдис, стæй — XVII æнусы — Венецимæ æмæ Европæйы æндæр хæйттæм.

Дунейы алы аз дæр нуазынц цыппарсæдæ миллиард къусы бæрц къофи. Уымæй къофи у æндæр нозтыты ’хсæн популярондæртæй иу.

Къофийы куыст фылдæр кæнынц Бразили, Колумби, Вьетнам, Индонези, Мексикæ, Инди æмæ Эфиопийы. Хохы хуыздæр зайы къофийы хуыз арабикæ, ныллæгдæр бынæтты та — робустæ. Робустæйы фылдæр кофеин ис, арабикæ та хуыздæр ад кæны.

Нымайдæуы нæуæдз зайæгойты хуызæй фылдæр, кæдон хауынц къофимæ. 
Ис дыууæ бындурон къофи-бæласы хуызы, промысленон масштабты пайдадзыд, æмæ уымæ гæсгæ, æуцы бæлæстæй æрцæугæ, къофигагаты: арабикæ æмæ робустæ. Æндæр æмæ æндæр аргълæвæрдтæм гæсгæ, æрмæст ацы дыууæ къофи-мыггаджы æххæст кæнынц скæнгæ къофийы 98%, кæцы цæуы дих æмахæстæй 70% - арабикæ, 30% - робустæ. Дунейы производствæйы æрмæст 2% скæнгæуы къофийы æндæр хуызтæй.

Къофийы æппæты хæлиудæр хуыз, арабикæ, зайы 600—2000 м уæлденджыз. Йæ нæмгуытæ, куыд фылдæр, вæййынц дæргъæццон формæ, лæгъз уæлцъар, S-дамгъæйау къæлæс линиимæ, кæцыйы-иу рог асурвыхы фæстæ баззайынц, цы къофигагаты муртæ нæ басыгъдысты кæронмæ, уыдон.

Фыццаг æууæнккаг æвдисæнтæ, кæнæ къофи нуазыны тыххæй, кæнæ къофи-бæлас зонгæ кæй у, уый, фæзындысты 15 æнусы æмбисы, суфиаг моладзандоны сахар Мохайы æвæрсты, Йемены. Уый уыди Арабийы, къофигагатæ фыццаг хатт кæм систы сурвых æмæ донвых, ныр дæр куыд у, афтæ æнцон фыцгæйæ. XVI-æм æнусмæ бахæццæ ис Астæуккаг Скæсæнмæ, Персмæ, Туркмæ æмæ Цæгат Африкæмæ. Къофийы нæмгуытæ фыццаг хатт экспорт уыдысты Эфиопийæ Йеменмæ. Уым сæ йеменаг сæудæджертæ сæ бæстæмæ фæстæмæ æрхастой æмæ цæ райдыдтой садзын æмæ культиваци кæнын.

Фыццаг хатт Астæуккаг Скæсæнæй къофи сусæгхаст æрцыд суфиаг Баба Буданæй, Йеменæй Индимæ 1670 азы, авд къофигагайы йæ риуыл сбаста, афтæмæй сæ рахъуызын кодта æмæ сæ ныссагъта Майсор раны, æмæ афтæ фæзынди Индийы къофи. Уый размæ та алы экспортмæдзæуæг къофи фых æййæфта, кæнæ ма æндæрформæ стерилизаци цыди. Фæстæдæр ахæццæ Италимæ æмæ иннæ Европæмæ, Индонезимæ æмæ Америкæтæм.

Æмбис Скæсæнæй къофи ахæццæ ис Италимæ. Венецийы фæрнджын сæудæджерад Цæгат Африкæ, Мысыр æмæ Скæсæнимæ æрхаста бирæ хæрзтæ æмæ хæлцтæ, се ’хсæн къофи дæр, йæ порттæм. Венецийæ та йемæ базонгæ сты иннæ Европæйаг бæстæтæ дæр. Къофи сси фылдæр райсгæ, Папæ Клемент Æстæмæй чырыстон нуæзт æй куы схуыдта, уый фæстæ, кæд æмæ куырдæуыд, цæмæй «Пысылмон нозтыл» хъоды бафтауын кæна, фæлæ уæддæр нæ байхъуыста. Фыццаг къофидон Европæйы фæзынд 1645 азы Италийы. 

Голландиаг Ост-Индийы компани, уыд къофийы фыццаг импортгæнæг стыр бæрцытæй. Голланди ма тыллæг истой Явæ æмæ Цейлоныл дæр. Индонезиаг къофийы фыццаг экспорттæ Явæйæ Голландимæ æрцыдысты 1711 азы. 

Бритайнаг Ост-Инд компанийы архайды руаджы, къофи Английы дæр спопулярон ис. 1654 азы бакæнгæ Оксфордаг Queen's Lane Coffee House ныр дæр ма ис. Франц базонгæ ис къофиимæ 1657 азы, Австри æмæ Польшæ — 1683 азы Венаг тохы фæстæ, саст туркæгты хæлц æмæ провизи куы бацахстой. 

Цæгат Америкæмæ къофи бафтыди колониалон периоды æмæ сæрæй ахæм популярон нæ уыд, куыд Европæйы, уымæн æмæ ма алгоколон нозтмæ æмхиц уыдысты. Хæдбары сæраппонды хæсты рæстæджы та къофийы домæнтæ афтæ тынг схызтысты æмæ дилертæ æфтауцтæй се стæм фæстæуарцтæ раддæмæ кодтой æмæ æргътæ фыр-бырд скодтой. Уый ма уыд Бритайнаг сæудæжертæй цайы уæгъдæфтæн кæй фæкъаддæр ис, æмæ ма америкæйæгтæн сæ фылдæры иумæйаг резолюци — йæ нуазынæй æхсæнад бахизын «Бостоны цайцымæны» фæстæ. 

Францаг лæг Габриел де Клийо æрхæста къофи талатæ Францаг территори Мартиникæмæ, Карибты, кæцыйæ цæуы, дунейы æппæты арæхдæр култивацигонд къофи – арабикæ. Къофи хорз зади йæ климæты æмæ апарахат ис Америкæты ’хсæн. 

Санто-Домингойы территоритæ (ныр Гаити) райдыдта къофи култивацикæнын 1734 азæй, æмæ 1788 азмæ ифтонг кодта дунейы къофийæн йе ’рдæг. Цагъайрæгтæ цы уавæрты куыстой, уыдон уыдысты, тагъд æрцæугæ Гаитаг революцийы фактортæ. Къофийы индустри дзы фæстæмæ нал раздæхт. 

Уæдмæ, Бразилимæ дæр ныххæццæ ис 1727 азы, кæд æмæ йын ницы уадиссаг импулс уыд суанг хæдбардзинад райсынмæ 1822 азы. Гъеуæд къофийы плантациты тыххæй, зæгъхъæдтæй (rainforest) ссыгъдæг кодтой стыр зæххытæ, фыццаг Риойы цур, стæй та Сан-Паулуйы. Централон Америкæйы бирæ бæстæтæ райдыдтой къофисадзын 19 æнусы дыккаг хайæ, цъус ма хъæуа иууылдæр, бацархайын кодтой туземон адæмы мастшабон бынатаивд æмæ эксплуатацийы. Тызмæг уавæртæ уыдысты растадты, фæфæлдæхтты æмæ зæххкусджыты тугджын басастты аххосæгтæ. Зынгæ уæлвæтк сæ уыди Костæ-Рикæ, кæцыйы цæттæ кусджыты хъуаг, бахызта стыр фермæты сконд. Гыццыл фермæтæ æмæ эгалитарон бартæ фæхуыздæр кодтой 19-20 æнусты змæстыты æмæ æнæсæрфаты уавæртæ. Къофи сси ахсджиаг «æрмæхцайы тыллæг», райтынггæнгæ бæстæтæн. Сæдæ милуанæй фылдæр адæмæн, парахатгæнæг бæстæты, къофи у сæ сæйраг, кæнæ иунæг æхцафтæн. Ноджы ма сси ахсджиаг экспортаг Африкæйы стонтæн, зæгъæм, Угандæ, Руандæ æмæ Эфиопийæн, куыд бирæ Централон Америкæйы бæстæтæн.




#Article 15: Кириллон алфавит (235 words)


Кириллон алфавит (кириллицæ дæр) у рагон славяйнаг алфавит, кæцы X æнусы дыккаг æмбисы сарæзта Охриды Климент, æмæ йын радта йæ ахуыргæнæг Кириллы ном. Кирилл æмæ Мефодий, нырыккон зонадон уырнæнмæ гæсгæ, кириллцæ нæ, фæлæ глаголицæ сарæзтой. Кириллон алфавиты глаголицæйы тæваг дæр зыны, фæлæ йæ дамгъæтæй фылдæр бердзенаг алфавитæй сты.

Кириллон алфавитæй фыстой славяйнаг чырыстæттæ (уæлдайдæр хуссар æмæ скæсæйнаг дæлкъордты адæмтæ), уыимæ румынаг адæм дæр. Румынийы кириллон алфавитæй латинагмæ рацыдысты æрмæст XIX æнусы (уыимæ æнусы астæу пайда кодтой хæццæ алфавитæй — уыдысты дзы куыд кириллон, афтæ латинаг дамгъæтæ дæр, зæгъæм, «клоs вine» [клос вине]).

Кириллон алфавиты йæ фыццаг сконд бæрæг нæу, фæлæ йæ классикон «рагон славяйнаг» сконды ис 43 дамгъæйы. Уыдоны нæмттæ ивынцы бынæттон традицимæ гæсгæ, таблицæйы сты уырыссаг традицийы верси:

Рагондæр кириллон фыст, кæцыйы датæ бæлвырд у, у Болгарийы паддзах Самуилы фыст. Уый у паддзахы хионты цыртыл конд. Фысты ис азы кой — 993. Цырт ссардтой XIX æнусы кæрон, ныр Македонийы паддзахад кæм и, уыцы бæстæйы.

Кириллон алфавитæй фысгæ æвзæгтæн цы клавитуарæйы равæрдтытæ ис, уыдон æппæндæр иухуызон не сты. Зæгъæм, болгайраг æмæ уырыссаг равæрдтыты ’хсæн иудзинад бынтондæр нæй — æрмæст дамгъæ «З» иу бынаты у (кæс схемæтæ).

Иронау фыссынмæ стандартон кириллон (уырыссаг) шрифтæй уæлдай хъæуы æрмæст иунæг дамгъæ — Æ. Уый тыххæй ирон равæрдтытæ сты уырыссаг клавиатурæйы бындурыл, фæлæ дзы дамгæ Æ лæууы Э кæнæ Щ-йы бынаты. Ирон клавиатурæйæ ис фыссæн куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр.

Популярондæр кодировкæтæ кириллон тексттæ дарынмæ сты KOI8-R, Windows-1251 æмæ UTF-8.




#Article 16: Грекъ (165 words)


Грекъ ( []) кæнæ Гречъы Республикæ ( []) у Европæйы паддзахад, Европæйы Цæдис æмæ НАТО-йы уæнг. Гречъы фæзуат ахсы Балканы æрдæгсакъадахы хуссайраг хай æмæ 2 мин сакъадахы, уый кæны 131 940 км² (дунейы 94-æм). Цæрынц дзы 10 964 020 (2003-æм азы; уымæй у дунейы 70-æм).

Административон æгъдауæй дихгонд у 13 зылдыл (хуыйнынц периферитæ), периферитæ та дихгонд сты лыстæгдæр иуæгтыл — 51 префектурæйыл.

Грекъ йæ хæдбардзинады бон бæрæг кæны 6 апрелы. Хæдбар паддзахад сси 1821-æм азы, Османты империйæ йæхи ссæрибар кæнгæйæ.

Нырыккон Грекъ у дунейы ахсджиагдæр туристон бæстæтæй иу. Грекъ экспорт кæны хъæууон хæдзарады продукци. Гречъы компанитæм ис дунейы базарадон наутæй сæ фылдæр хай.

Грекъ нымад у ныгуылæн цивилизацийы авдæныл. 3 мин азы нæ эрæйы агъоммæ æввахс Криты сакъадахы размæцыд минойаг цивилизаци фæзындис, фæстæмæ сæ культурæ фæхæлиу ис материкыл. Фæстæдæр райдыдта критаг-микенаг (æндæр ныхасæй эгейаг) цивилизацийы эпохæ. Фæзындысты грекъаг полистæ; Стыр Грекъ, Къаннæг Ази æмæ Цæгат Сау денджызы былы антикон колонитæ дæр. 

Полистæ Афинæтæ æмæ Спартæ фæуæлахиз сты Персийыл, фæлæ цæ уый фæстæ Фивтæ ныппырх кодтой.




#Article 17: Стыр Британи (107 words)


Стыр Британи (æххæстæй йæ англисаг ном у United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland, ома Стыр Британи æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Паддзахад) у сакъадахон европæйаг паддзахад, НАТО-йы уæнг. Йæ сæйраг сахар у Лондон. Дих кæны Англис, Шотланди, Уэльс æмæ Цæгат Ирландийыл.

Стыр Британийы цæрджыты нымæц у 63,4 милуаны бæрц. Стырдæр сахартæ сты Лондон (8,4 млн. ад.), Бирмингем (935 000 ад.), Глазго (654 000 ад.), Шеффилд (500 000 ад.), Ливерпуль (450 000 ад.), Эдинбург (421 000 ад.), Манчестер (398 000 ад.), Белфаст (280 000 ад.). Цæрджыты нымæц рæзы, фæсæрæнттæй кусынмæ чи æрбацæуы, уыцы адæймæгты фæрцы. Стыр Британийы цæрджытæй 4% бæрц у Инди, Пакистан æмæ Бангладешы рацæуæг бинонтæ.




#Article 18: Франц (274 words)


Франц () у Ныгуылæн Европæйы паддзахад, Европæйы Цæдис, Стыр Аст æмæ НАТО-йы уæнг.

Франц уыдис дунейы стырдæр æмæ хъомысджындæр паддзахæдты ’хсæн XVII æнусæй фæстæмæ. XVIII-XIX æнусты Франц сарæзта егъау колонион импери — Францы дæлбар уыдис Африкæйы фылдæр хай, хуссар-скæсæйнаг Ази æмæ иуæй-иу æндæр территоритæ.  Йæ раздæры колониты политикæмæ Франц ныр дæр стыр тæваг дары.

Туристты ’хсæн Франц у дунейы тæккæ популярондæр бæстæ — æрвылаз бæстæмæ æрцæуы 82 милуан адæймаджы. Францы ис хæххон æмæ денджызон курорттæ, бирæ историон æмæ аивадон фенддæгтæ.

Франц уыд Европæйы Цæдисы бындурæвæрæг бæстæты ’хсæн, æмæ фæзуатмæ гæсгæ у Цæдисы стырдæр паддзахад.

Франц у аппон паддзахад — ис æм атомон хæцæнгæрзтæ (ракетæты хæцæнсæртæ дæр), стæй атомон электростанцæтæ. Йæ аппон хæцæнгæрзты фæстауæрц у дунейы æртыккагæм стырдæр. Фыццаг аппон фæлтæрæн Франц сарæзта 1960-æм азы 13 февралы Алжиры.

Франц у Иугонд Нациты Организацийы Æдасдзинады Уынаффæдоны фондз иудадзыгон уæнгтæй иу.

Франц ахсы Ныгуылæн Европæйы стыр хай. Уыимæ æмарæн у Бельги, Люксембург, Герман, Швейцари, Итали, Монако, Андоррæ æмæ Испаниимæ. Арæнтæ бирæ рæтты цæуынц хохы цъуппытыл (Альпæтæ æмæ Пиренейтыл). Францы бæрзонддæр хох у Монблан (4 810 м).

Францæн ис фæсденджызон территоритæ дæр — Хуссар Америкæйы, Карибы денджыз æмæ Океанийы (Францы Полинези).

Францы ном равзæрдис латинаг дзырд Francia-йæ, кæцы дзырдæй-дзырдмæ нысан кæны «франкæгты бæстæ», «франчыстон».

Нырыккон Францы арæнтæ сты рагон Галлийы арæнты хуызæн. Галлийы та цардысты кельтæгтæ. Ромы импери Галлийы йæхи дæлбар бакодта нæ эрæйы агъоммæ фыццæгæм æнусы. Рæстæг цыдис, æмæ Галлийы цæрджытæ се ’взаг раивтой латинагæй (фæстагмæ уымæй равзæрдис нырыккон францаг æвзаг). II æнусæй райдыдта чырыстон дуг, IV æнусмæ чырыстон дин уыд Галлийы сæйраг дин.

V æнусæй IX æнусы онг Галли уыд Франкты паддзахады сконды. 843-æм азы, Вердены бадзырдмæ гæсгæ, фæзындис Ныгуылæн Франчы паддзахад нырыккон Францы арæнты мидæг.




#Article 19: Цхинвал (342 words)


Цхинвал кæнæ Чъреба () у Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар (Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæ Цхинвал у Мидæггаг Картлийы Гуры муниципалитеты сахар). Цæры дзы 30,4 мин адæймаджы (2015).

Нырыкон Цхинвалы алфамблайы адæм цард бронзæйы æнусæй фæстæмæ.

Фыццаг хатт картлийаг хъæу Цхинвал æрхъуыдыгонд уыд гуырдзыйаг азфысджытæй 1398-æм азы, фæлæ фæстæдæр æссардæуыд документтæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц, ома ам лæууыд фидар, III æнусы амад Паддзахы фырт Асфæгуырæй, кæцы у персайнаг династи Аршакидæй.

XVIII æнусы райдайæны уыд чысыл паддзахадон сахар кæцыйы цардысты моладзандоны æхуырстытæ. Картли-Къахеты Паддзахад куы баиу Уырысы паддзахадимæ уæдæй фæстæме Цхинвал уыд Гуырдзыйаг губернæйы хай.

Сахары бынат ис уæгæнæн фæндагыл, кæцы иукодта Цæгат Кавказ Тифлисимæ æмæ Гуримæ. Æмæдзы цард хæцæ цæрджытæ: фылдæр дзуттæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзыйæгтæ, ирæттæ æмæ уырыссæгтæ.

Хуссар Ирыстон фыццаг хатт бахаудта статистикон бафысты  Уæрæсейы Империйы фыццаг æмæ иунæг æппæтиумæйаг адæмон бафысты, кæцы уагъд æрцыд 1886 азы. Ацы бафыст у иунæг документ, кæцы уынын кæны раст бæрæггæнæнтæ адæмы нымæцы тыххæй  XIX æнусы.

Централон статистикон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ ирæттæн сæ фылдæр хай цардысты Цхинвалы фадыджы (33680 адæймаджы).

Æмæ аз фæстæ 1922-мы Цхинвал официалон хъуыддагмæ гæсгæ сси Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы сæйраг сахар Гуырдзыйаг ССР-йы хайы.
Фæстæдæр сахары цæрджыты нымæцы уыдысты фылдæр ирæттæ, Хуыссар Иры хъæутæй рацæугæтæ.

Æнустæм гæсгæ сахар йæ ном, æмæ йæ национ сконд бирæ хат ивта.

Хæсты размæ(1990-æмты) гуырдзиæгтæн сæ фылдæр хай горæтæй ныссæрфтой(уыдоны ’хсæн стыр гуырдзиагдзых уирæгты общинæ). Конфликты рæстæджы Цхинвал сси тохы аренæ гуырдзиæгты æмæ ирон æфсады 'хсæн. 

Сочийы бадзырды фæстæ 1992 азæй сууанг 2004-æм азмæ уыд сабыр рæстæг, фæлæ ситуаци та быцъынæг кæнын райдыдта 2004 азы. 

Цыдæр рæстæг Цæгат æмæ Хуссар Иры дзырд цыд фарста горæт рахæссыны тыххæй, фæлæ ныхасæй дарддæр хъуыддаг нал азмæлыд.

Бадзырдмæ гæсгæ(Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хицауадты ’хсæн) уырыссаг аразджыты дæлхайадæн СУ-155 августы кæрæтты(2008 азы) радтой 60 гектары ног микрорайоны арæзтадæн. Уыцы азы пъланмæ бахастой 80 000 квадратон метры арызт.

Хæсты рæстæджы газдадзæн Агара-Цхинвал(Гуырдзыйæ цæуы) хæлд æрцыд. 26 августы 2009 азы арызт æрцыд ног газдадзæн Дзуархъæу-Цхинвал, кæцы цæуы Уырысæй тæккæ дæр Хуссар Ирмæ.

Арæзт æрцыд дондадзæн Едыс-Цхинвал(хæсты рæстæджы ай дæр фехæлд). Ныр ма ноджы иу дондадзæн аразынц, кæцыйы фæрцы æнæхъæн Цхинвал доны домæнтæ сæхгæндзæн.. Сахары мидæг цæуынц маршутон автобустæ.




#Article 20: Хуссар Ирыстон (2795 words)


Хуссар Ирыстон, кæнæ Хуссар Ир, официалон æгъдауæй Республикæ Хуссар Ирыстон кæнæ, 2017-æм азы референдумы фæстæ, Паддзахад Алани, у æрдæгпрезидентон республикæ. Ис Кавказы тæккæ астæу æмæ ахсы Стыр Кавказы хуссарварсы астæуккаг хай. Æмарæн у æрмæст дыууæ бæстæимæ: Уæрæсеимæ, цæгаты, æмæ Гуырдзыстонимæ, æндæр æрдæмты. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Цхинвал (Чъреба). Хуссар Ирыстон ахсы 3900 км² æмæ у æппæты гыццылдæр бæстæтæй иу. Цæры дзы 60 мин адæймагмæ æввахс, æмæ уый тыххæй хауы æппæты æдзæрæгдæр бæстæтæм. Хуссар Ирыстон ахсы ахсджиаг геополитикон бынат.

Ирон адæмы фыдæлтæ, алантæ, бæрæг сты Кавказы I æнусæй. IV æнусы гуннты бабырсты тыххæй аланты хай Кавказмæ æввахсдæр æрцардысты. Уыдонæн уым IX æнусæй XIII æнусмæ уыдис тыхджын паддзахад, Алани, кæцы ныппырх ис манголты бабырсты бын. Уый тыххæй алантæ ноджы арфдæр бацыдысты Кавказы хæхтæм, æмæ бирæтæ æрцардысты Кавказы хуссарварс, Хуссар Ирыстон кæм ис, уым. Уæдæй фæстæмæ аланты тыххæй бæрæг цъус ис. XVIII æнусы кæронмæ Ирыстон Уæрæсейы Империмæ бацыдис, æмæ уым Фæскавказы ирæттæ хаудысты Тбилис æмæ Кутаисы губернæтæм.

XX æнусы райдианы æрцыд Уырыссаг революци. Уæд, Уæрæсейы Импери ныппырх ис, æмæ йæ бæсты сæвзæрдис ССРЦ, кæцыйы Фæскавказы ирæттæ бахаудысты Гуырдзыстоны ССР-мæ. Уым цын 1922-æм азы рауæлдай кодтой автономи, æмæ йæ схуыдтой Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ. 1990-æм азы автономи йæхи ГССР-æй ахицæн кодта æмæ цъус фæстæдæр та ССРЦ-йæ дæр. Гуырдзыстон ууыл нæ басаст æмæ уый тыххæй хæст байдыдта, кæцыйы, бирæ зæххытæ фесафгæйæ, Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта. Уый фæстæ, суанг 2008-æм азы йонг Хуссар Ирыстон баззадис æнæнымадгондæй. Уæд æрцыд Гуырдзыстонимæ дыггаг хæст, æмæ уым дæр Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы æххуысæй, йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта æмæ йæ зæххытæ фæстæмæ байста. Уый фæстæ Уæрæсе æмæ ма цалдæр бæстæйы Хуссар Ирыстон хæдбарыл банымадтой.

Бæстæты фылдæр Хуссар Ирыстон хæдбарыл нæ нымайынц, æмæ йын уый тыххæй ИНО-мæ æмæ бирæ æндæр æхсæнадæмон организацитæм бацæуæн нæй. Хæдбарыл æй чи нæ нымайы, уыдон-иу æй оффициалон гæххæтыты хонынц Цхинвалы регион кæнæ Раздæры Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ.

Хуссар Ирыстон у Кавказы æдыхдæр паддзахаддæй иу, кыд экономикæйы, афтæ политикæйы дæр. Экономикæ у баст Уæрæсейыл, уымæн æмæ бюджетмæ цы ’хца цæуы, уымæн йæ фылдæр хай у Уæрæсейæ æрвыст æххуыс, æмæ импорт дæр фылдæр урдыгæй цæуы. Цæрыны уавæртæ дæр дзы Кавказы æндæр бæстæтæй æвзæрдæр сты. Культурæйæ Хуссар Ирыстон Кавказы æндæр бæстæтæй тынг уæлдай кæны, уый зыны ирон хæринæгты æмæ нозтыты, адæмон сфæлдыстады, литературæйы, ирон æвзаджы æмæ æндæрты. 

Ирыстоны ном арæзт у Ирон адæмы æмбырдгæнæн ном æмæ фæсæфтуан -стон-æй, æмæ нысан кæны Иры бæстæ, ома ирон адæмы бæстæ. Ир-æн арынц цалдæр равзæрæны. Бирæ иртасджытæ дзурынц æмæ Ир рацыдис рагон ирайнаг arya æмæ aryana-йæ. Фæлæ Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ кавказаг субстратæй ист у. -стон та у бæстæамонæн фæстæфтуан, æмæ цæуы рагон индоевропæйаг уидаг *stā--йæ, кæцы нысан кодта «лæууын».

Скифтæ равзæрдысты цæгат ирайнаг адæмтæй, кæдон, нæ дуджы размæ II миназы кæроны, фæхицæн сты хуссар ирайнаг адæмтæй. Уыдон, нæ дуджы размæ I миназы, Евразийы быдырты цæугæ цард кодтой. Хорз зыдтой хæстон æмæ фосдарыны хъуыддæгтæ. Нæ дуджы размæ VII æнусы скифтæ бабырстой Фæскавказмæ. Фæскавказмæ цæуынæн скифтæ пайда кодтой Кавказы æфцæджытæй, æмæ бирæтæ уым æрцардысты, хъобайнæгты ’хсæн. 

Нæ дуджы размæ VII æнусы скифтæй рахицæн сты сæрмæттæ. Уыдон фыццаг ахстой Волгæ (Идыл) æмæ хуссар Уралы æрдыгæй зæххытæ, фæлæ нæ дуджы размæ IV æнусæй байдыдтой Кавказ æмæ Сау денджызы æрдæм цæуын. Нæ дуджы размæ III æнусæй II æнусмæ сæрмæттæ скифты зæххытæ бацахстой, æмæ скифты та сæхимæ бакодтой. Антикон автортæ сæрмæтты дих кодтой аорстыл, алантыл, роксалантыл, сирактыл, языгтыл æмæ æндæртыл.

Алантæ рахицæн сты скæсæйнаг сæрмæттæй, æмæ тагъд сæрмæтты æндæр хæйттæ сæхимæ бакодтой. I æнусæй III æнусмæ Кавказ æмæ Доны æхсæн цы сæрмæттæ уыдис, уыдон æхсæн алантæ ахстой сæйраг бынат, æмæ уыдысты уыцы бæсты тыхджындæр адæм. Кавказæй цæгатæрдæм æрбынатгæнгæйæ, аланты хай биноныг цардмæ рахызтысты, фæлæ сæ фылдæр уæддæр цæугæ цард кодтой. Цы æндæр адæмтæ баййæфтой, уыдонимæ фыццагæй хæстон уавæры уыдысты, фæлæ стæй семæ хæццæ кæнын байдыттой.

Алантæ арæх цыдысты балцыты, Фæскавказ, Хъырым æмæ Астæуккаг Азимæ. Сæ æфсæддон тых тагъд ахъæр ис, æмæ сæ сыхаг паддзахæддæ арæх истой се ’фсадмæ. Уæлдайдæр, Иберийы æфсады алантæ уыдысты тынг бирæйæ, æмæ иу цын уæздæттæ суын æнцон уыдис. Ибериимæ алантæн уыдис хорз ахастытæ. Уый разынд алантæ æмæ иберийы уæздæттæ арæх кæй æмкъай кодтой, æмæ алантæ Иберийы сæрыл кæй хæцыдысты, уый мидæг.

IV æнусы гуннтæ скæсæнæй æрбабырстой, æмæ аланты ныппырх кодтой. Алантæй иу хай гуннтимæ Европæмæ ацыдысты æмæ уым апырх сты. Иннæ хай та Кавказæрдæм æввахсдæр æрцардысты. Цы зæххытæ ныууагътой, уыдоныл тюркаг адæмтæ бацардысты. Уыцы тюркаг адæмты ’хсæн уыдысты хазартæ, кæдон сысты Цæгат Кавказы тыхджындæр адæм.

V æмæ VI æнусты алантæ байдыттой Стыр Леуахийы комы цæрын. Уым, аланты размæ цардысты туаллæгтæ дæр. Уæды туаллæгтæ чи уыдысты æмæ цы æвзагыл дзырдтой, уый кæронмæ бæрæг нæу. Иу ахуыргæнттæ дзурынц ирайнæгтæ кæй уыдысты, иннæтæ та цæ кавказаг адæмимæ хæстæг кæнынц. Кавказаг адæмимæ цæ чи бæтты, уыдон афтæ зæгъынц æмæ IX æнусмæ кæронмæ салантæ сты.

VI æнусы алантæ Византия æмæ Сасанидты паддзахады хæсты хайад райстой. Уыдон хæцыдысты куы иуты сæрыл, куы та иннæты сæрыл. Иуæй-иу ахуыргæндтæ уый æмбарын кæнынц алантæ æххуырсты хæст кæй кодтой æмæ иугонд кæй нæ уыдысты, уымæй. Фæлæ æндæрты хъуыдымæ гæсгæ аланты хистæр, Саросий, барæй афтæ кодта, цæмæй иу исчи ма рамбула, æмæ аланты цур тыхджын паддзахад ма фæзына. Уыцы хæсты тыххæй Византия дæр æмæ Сасанидты паддзахад дæр сæ тыхтæ тынг фесафтой, æмæ цæ фæстæдæр Араббы халифат ныппырх кодта. 

VII æнусы Араббы халифат йæ тыхы куы бацыд, уæд бабырста Кавказмæ дæр. Араббы халифат уæд хæцыд Византияимæ, æмæ хазартæ æмæ алантæ æнгомæй рахæцыдысты Византияйы сæрыл. Хæст цыд иу æнусмæ æввахс, æмæ-иу дзы куы иутæ уæлахиз кодтой, куы та иннæтæ. Фæстаг стыр тох æрцыд 737-æм азы. Уæд араббæгтæ сайдыл рацыдысты хазайрæгтыл, æмæ сын фехъусын кодтой сæ балц æрмæст аланты ныхмæ кæй цæуы, уый, фæлæ æцæг та Хазармæ бабырстой æмæ йæ ныппырх кодтой. Араббæгтæ сæхæдæг дæр бирæ тыхтæ фесафтой æмæ Кавказмæ нал бырстой. Уый фæстæ алантæ гыццыл рæстæгмæ Хазарæй фæхæдбар сты, фæлæ æрдæг æнусы фæстæ та Хазар йæ тыхы бацыд æмæ аланты сæхимæ бакодта.

Гуырдзыстон большевиктæ куы бацахстой 1921-æм азы, уый фæстæ 1922-æм азы 20 апрелы сырæзтис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ ГССР-ы мидæг. Автономон бæстæйы арæнтæ æвзæрст уыдысты ирон адæм Гуырдзыстоны цы зæххытыл цардысты, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр кæцыдæр зæххытæ, кæм цардысты фылдæр ирæттæ, нæ бахаудтой автономон бæстæмæ. Уыдон сты: Тырсыгом, Хъуды ком, «Триалеты Ирыстон». Автономи кæй уыдис, уый тыххæй дзы уыдис бар дзурын æмæ ахуыр кæнын ирон æвзагыл, фæлæ официалон æвзæгтæ уыдысты гуырдзиаг æмæ уырыссаг. 

Советон Цæдисы рæстæджы, цалдæр хатты фарст лæууыд Хуссар Ирыстон Цæгат Ирыстонимæ баиу кæныныл. Фæлæ Стыр терроры фæстæ, ирон интеллигенци тынг кæй фæцух ис, уый тыххæй дыууæ Ирыстоны иу кæныны тыххæй дзырд нал цыдис.

Уый фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ахастытæ ноджы тынгдæр æвзæр кæнын байдыдтой. 1991-æм азы 6-æм январы Гуырдзыстоны милици хæцæнгæрзтæ агурыны æфсонæй бацахста Цхинвал, æмæ байдыдтой адæмы ахсын æмæ сын фыдмитæ кæнын. Уымæ гæсгæ Цхинвалы адæм сæ ныхмæ растадысты æмæ сахар милицийы къухтæй байстой. Уымæй байдыдта хæст, æмæ Хуссар Ирыстон ноджы фидардæр слæууыд сæрибардзинады хаххыл. Уый адыл, 29-æм майы, 1992-æм азы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Ныхас расидта «Республикæ Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады акт». 

Хæст фæцис Дагомысы бадзырды бындурыл. Уый уыдис 1992-æм азы, 24-æм июны, æмæ дзы Уæрæсе, Гырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бадзырдтой бакæнын Æмхæццæ контролон къамис æмæ Фидауынгæнæн тыхтæ.

Хуссар Ирыстон ис Кавказы тæккæ астæу. Ис ын арæн Уæрæсеимæ цæгаты æмæ Гуырдзыстонимæ скæсæн, хуссар æмæ ныгуылæнæрдыгæй. Лæууы 42°01' æмæ 42°46' цæгат уæрхады параллельты æхсæн, æмæ 43°31' æмæ 44°37' скæсæн дæргъады параллельты æхсæн. Йæ зæххыты фæзуат у 3900 км².

Хуссар Ирыстоны рельеф фылдæр у хæххон. Ивы Кавказы сæйраг рагъæй (Стыр хохæй) цæгаты Картлийы фæзтæм хуссары. Æппæты бæрзонддæр хох у Халацъа (3938 м). Йæ территорийы 89,3 % денджызы æмвæзадæй 1000 метрæй бæрзонддæр у. Кавказы сæйраг рагъæй хицæн кæнынц æндæр рæгътæ: Рацъы рагъ, Гудисы рагъ, Иры рагъ, Дзимыры рагъ æмæ æнд. Рацъы рагъ ис цæгат-ныгуылæны, хицæн кæны Къуыдаргом Чеселтгом æмæ Хъæргæнагдоны комæй. Гудисы рагъ цæгат-скæсæнæй хуссар-ныгуылæнмæ хицæн кæны Стыр Леуахийы ком Чысыл Леуахийы комæй. Иры рагъ цæгат-скæсæнæй хуссармæ хицæн кæны Чысангом Чысыл Леуахийы комæй, Медзыдайы комæй æмæ Лехурайы комæй. Дзимыры рагъ скæсæны хицæн кæны Чысангом Арагуийы комæй, йæ рагъыл уагъд у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæн. Цæугæдæттæ иууылдæр æвзæрынц Хуссар Ирыстоны зæххы æмæ иууылдæр сты хæххон. Стырдæр цæугæдæттæ сты Стыр Леуахи (115 км), Чысыл Леуахи (46 км) æмæ Чысандон (54 км).

Хуссар Ирыстоны бæстыхъæд у ромыл. Бæстыхъæды стыр хайад исынц хæхтæ. Уыдон æвзарынц дымгæйы æздæхт. Кавказы сæйраг рагъ та нæ уадзы уазал дымгæтæ цæгатæй, æмæ Хуссар Ирыстоны уый тыххæй Цæгат Ирыстонæй хъармдæр вæййы. Бæстыхъæд тынг ивы цæгатæй хуссармæ. Уый у умæн æмæ цæгатæрдæм хæхтæ бæрзонддæр сты. Куыд уæлдæр хæхтæм, афтæ уазалдæр æмæ даргъдæр зымæг.

Хуссар Ирыстоны æрдз фылдæр у æнæвналд. Республикæйы зæххыл индустрион объекттæ цъус кæй ис, уый тыххæй дон, мæр æмæ уæлдæф сыгъдæг сты. Æппæты карздæр экологион проблемæ у хъæдцæгъдыны проблемæ. Кæд 2000-æм æзтæм Хуссар Ирыстоны адæм газ æмæ электроэнергийæ фылдæр пайда кæнын байдыдтой, æмæ уый тыххæй хъæд цагътой къаддæр, уæд 2008-æм азы Гуырдзыстонимæ хæсты фæстæ уыцы проблемæ фæстæмæ сактуалон ис. Амайын æмæ цалцæг кæнынæн Дзауы районы хъæд тыхджын байдыдтой цæгъдын, уыимæ æнæзакъонæй дæр.

Зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон Кавказы æндæр бынæттæй тынг нæ хицæн кæны, уæлдайдæр Фæскавказы хæхбæстæй. Бæстыхъæды тыххæй дзы ис бирæ зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызтæ. Республикæйы стырдæр бынат ахсынц хъæдтæ. Хъæд фылдæр ис хæхты астæуккаг бæрзæндты (2350 метры онг), хæххон фæзтæй бындæр. Фæзты хъæд æмбæлы цъусдæр, æрмæст цæугæдæтты цур. Сæйрагдæр хъæдгуырæн бæлæстæ сты тулдз, тæрс, сабæлут, наз, нæзы æмæ соцъи. Сырдтæй дзы ис арс, бирæгъ, рувас æмæ ’ндæртæ.

Хуссар Ирыстоны ис иу æрдзæвæрæн. Уый ис Чысыл Леуахийы комы, æмæ дзы ис æрсытæ, стайтæ, сагтæ æмæ æндæр стæм сырдтæ.

Хуссар Ирыстон у æрдæгпрезидентон республикæ. Республикæйы политикон системæ кусы конституцимæ гæсгæ, кæцы райстой 8-æм апрелы, 2001-æм азы. Уымæ гæсгæ паддзахадон тыхтæ дих сты хицауадон, закъондæддæг æмæ тæрхондонон тыхтыл. Уыцы тыхтæ сæ барты мидæг сты сæрибар.

Президент у паддзахады сæргълæууæг. Уый уæлæнгай къухдариуæг кæны æддаг æмæ мидæггаг политикæйæн, хицауадæн æмæ æндæр æххæстгæнæг тыхтæн. Ис ма йын алы хуызон æндæр бартæ. Президенты æвзарынц паддзахады æмбæстæгтæ фондз азмæ. Æвзæрстытæ уагъд цæуынц дыууæ турæй. Кæд фыццаг туры искæцы кандидат хъæлæсты æрдæгæй фылдæр райса, уæд уый рамбулдзæн, кæннод фыццаг дыууæ бынаты чи бацахса, уыдон æхсæн уагъд цæудзæн дыккаг тур. Президентæй цæуджытæ хъуамæ фæстаг дæс азы республикæйы цæрой æмæ зоной паддзахадон æвзæгтæ. 

Хуссар Ирыстоны закъондæттæг тых у парламент. Парламенты у иупалатæон æмæ бирæпартион, æмæ дзы ис ис 33 депутаты. Уырдæм æвзæрстытæ цæуынц партиты номхыгъдмæ гæсгæ, фондз азмæ. Фæстаг æвзæрстытæм гæсгæ, парламентмæ ахызтысты æртæ партийы: Иудзинад (17 бынаты), Адæмон парти (9) æмæ Комунистон парти (8).

Тæрхондонон тых у арæзт цалдæр тæрхондонæй. Сæйрагдæр сæ у Уæлдæр Тæрхондон. Æндæр тæрхондæттæй уæлдай, Уæлдæр Тæрхондон тæрхон кæны æвзæрстытæ æмæ референдумы хъуыддæгтæ, бæрæг кæны президент æмæ кæстæр тæрхондæтты æрдыгæй конституцийы æфхæрдтытæ. Конституцимæ гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны гæнæн ис æмæ уа Конституцион Тæрхондон, фæлæ дзы ацы тæккæ нæй.

Закъæттæ, президенты бардзырдтæ, æмæ æндæр нормативон актты æххæст кæнынмæ цæст дары прокуратурæ. Прокуратурæйы хистæры æвæры президент.

Хуссар Ирыстон дихгонд у фондз административон иуæгыл: цыппар район æмæ иу сахарыл. Районтæ сты Дзауы район, Знауыры район, Ленингоры район æмæ Цхинвалы район. Сахар та у Цхинвал. Уыдонæн ис сæхи къухдариуæггæнджытæ, кæдон скъуыддзаг кæнынц бынæттон фарстатæ. Административон хæйттæй Цхинвал у æппæты гыццылдæр æмæ æппæты цæрæгджындæр. Районты ’хсæн стырдæр у Дзауы район, гыццылдæр та Знауыры район.

Конституцимæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон тырны сабырдзинадмæ, æхсæнадæмон организацитæм хизынмæ æмæ алкæйпайдайæн ахастытæм.

Хуссар Ирыстон хæдбарыл нымад цæуы æрмæст фондз ИНО-йы уæнг бæстæйæ. Уыдон сты Уæрæсе, Никарагуæ, Венесуэлæ, Науру æмæ Сири. Уыдон йеддæмæ ма ноджы фондз паддзахады, кæдон сæхæдæг дæр хæдбартыл нымад не сты. Бæстæты фылдæр Хуссар Ирыстоны зæхх нымайынц Гуырдзыстоны хайыл.

Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхтæм хауынц æрмæстдæр æфсад æмæ гыццыл уæлдæфон тыхтæ. Уыдон байдыттой æвзæрын 1990-æм азæй фæстæмæ, Гуырдзыстонимæ цы бæлттæ хæцыдысты, уыдон хуызы. Уыцы бæлтты бындурыл, 1993-æм азы, сæвзæрдис Хъхахъхъæнады министрад æмæ фæзындис æфсад. Гæрзифтонг тыхтæн къухдариуæг кæны хъахъхъæнады министрад, фæлæ конституцимæ гæсгæ фыццаг сæргълæууæг у президент. Бирæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхтæ сты æвзæр уавæры.

Фæстаг æзты Хуссар Ирыстон цалдæр хатт фæкъаддæр кодта æфсæддонты бæрц. Ныр дзы ис 1250 адæймаджы æмæ 15 мин та резервы. Æфсад фылдæр арæзт у фистæгæфсад, механикон фистæгæфсад æмæ артиллерийæ. Ис ма дзы хæдтæхджыты ныхмæ гæрзтæ. Æфсæддонты арæх цæттæ кæнынц уæрæсейаг дæснытæ. 

Уæлдæфон тыхты ис цыппар вертолёты, фæлæ Гуырдзыстонимæ фæстаг хæсты фæстæ уыдонмæ æркаст нал ис.

Мигæнæнтæ æмæ алыхуызон хæцæнгæрзтæ фылдæр æлхæд цæуынц Уæрæсейы.

Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны конфликты тыххæй Хуссар Ирыстоны транспортон уавæр хуыздæр хъуаг у. Фæндæгты фылдæр сты æвзæр уавæры.

Хуссар Ирыстон цы енергийæ пайда кæны, уый иууылдæр исы Уæрæсейæ. Пайда кæны фылдæр æрмæст æртæ енергийы хуызæй: газ, рухс æмæ æртæгæй. 1990-æм æзты онг суг æмæ æвзалыйæ дæр. Нæуæггæнгæ энергийы хуызты тыххæй бæрæг нæй. Кæд рухс 2008-æм азæй фæстæмæ хæххон хъæутæм байдыдтой уадзын, уæд газ æрмæст цалдæр цæрæнраны ис. Газ 2008-æм азы размæ цыд Гуырдзыстонæй, æмæ-иу арæх æрлæууыд, фæлæ 2009-æм азы скуыста газуадзæн «Дзуарыхъæу—Цхинвал». Ног газуадзæн скусынæй республикæйы газ тынг фæаслам ис, æмæ йæ куыст та фæхуыздæр.

Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц рæстмæ бæрæг нæу. Фæстаг хатт адæм нымад æрцыдысты 1989-æм азы, советон рæстæджы. Уæд банымадтой 98 527 адæймаджы. Уæдæй фæстæмæ цæрджыты нымæц æрмæст цъусдæр кодта, æмæ, экспертты хъуыдымæ гæсгæ, 2009-æм азмæ уыдысты 26 минæй 32 минмæ. Цæрджытæй æрдæгæй фылдæр цæрынц сахарты. Хуссар Ирыстоны ис дыууæ сахары, Цхинвал (Чъреба) æмæ Къуайса, æмæ уыдонæн дæр сæ цæрджыты нымæц æвзæр бæрæг у. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Цхинвалы (Чъреба) цæры 18 минæй 20 минмæ æмæ Къуайсайы та иу минæй, мин æмæ æрдæгмæ æввахс.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдон апырх сты гас республикæйы зæххыл, æмæ æрмæст Чысангомы не сты æппæты фылдæрæй. Ирæтты фæстæ цæуынц гуырдзиæгтæ. Гуырдзиæгтæ ахсынц 20-30 процент, æмæ сæ фылдæр цæрынц Ленингоры районы, уæлдайдæр Чысангомы. Цæрынц ма Знауыры алыварс цалдæр хъæуы. Цалынмæ 2008-æм азы хæст не ’рцыдис, уæдмæ гуырдзиæгтæ цардысты ноджы цалдæр бынаты: Цхинвалæй цæгатæрдæм Итраписы онг, Чысыл Леуахийы комы цалдæр хъæуы æмæ Знауыры районы дыууæ хъæуы. Гуырдзиæгты фæстæ цæуынц уырыссæгтæ, уыдоны нымæц у дыууæ минмæ æввахс. Уыдон йеддæмæ Хуссар Ирыстоны цæрынц æндæр адæмтæ дæр, фæлæ сæ нымæц стыр нæу, æмæ фылдæр цæрынц Цхинвалы. Уыдонмæ хауынц сомихæгтæ, украинæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр.

Чырыстон дин у Хуссар Ирыстоны арæхдæр дин. Уырдæм хауынц уырнон адæмы тæккæ фылдæр хай. Сæ фылдæр сты растуырнæгтæ, цъусдæр та протестанттæ. Растуырнæг чырыстæттæ фылдæр хауынц Аллон епархимæ, уырыссаг хæстонтæ та хауынц Уырыссаг растуырнæг аргъуанмæ, бæлæвырддæр та Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы епархимæ. 

Гуырдзыстонимæ фыццаг хæсты размæ дзы дзуттæгтæ дæр бирæ уыдис, фæлæ хæсты тæккæ размæ сæ фылдæр алыгъдысты, æмæ ма дзы ныр цалдæр бинонтæ баззадысты. Æндæр динты тыххæй бæрæг цъус ис, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæм динмæ гæсгæ нымад никуы æрцыдысты.

Хуссар Ирыстоны фыццаг æвзаг у ирон, кæцы конституцимæ гæсгæ у паддзахадон æвзаг. Уый йеддæмæ ма уырыссаг æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Гуырдзиаг у официалон æрмæст гуырдзиæгтæ æнгомæй цы цæрæнрæтты цæрынц, уым.

Ирон æвзаг у Хуссар Ирыстоны сæйраг æвзаг. Ирон æвзагыл уагъд цæуы газет «Хурзæрин», кусынц паддзахадон телеуынынад, æмæ радио «ИР», иртæстытæ кæны Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты. Ирон æвзаг ахуыр кæнынц скъолаты æмæ университеты. Фæлæ ахуырады сæйраг æвзаг нæу. Уымæ гæсгæ иуæй-иу зынгæ адæм зæгъынц, ирон æвзаг æфхæрд кæй цæуы, уый. Уый раст кæнынæн ныртæккæ уагъд цæуы «бирæвзагон ахуырадыл» эксперимент Цхинвалы интернаты бындурыл, уыцы эксперимент æнтыстджын куы уа, уæд æндæр скъолаты дæр сывæллæттæ ног программæмæ гæсгæ ахуыр кæндзысты.. Республикæйы территорийыл тынгдæр рапарахат ис къуыдайраг ныхасыздæхт, уый йеддæмæ цæрджытæ дзурынц урстуаллаг æмæ чысайнаг ныхасыздæхтыл. Литературон ныхасыздæхт, кæцыйыл ахуыр кæнынц скъолаты æмæ дзурынц телеуынынады, у чысайнаг. Уымæй Хуссар Ирыстоны официалон ирон æвзаг хицæн кæны Цæгат Ирыстоны стандартæй, ома Цæгат Ирыстоны официалон у куыртаттаг ныхасыдзæхт.

Уырыссаг æвзаг Хуссар Ирыстоны у паддзахадон æвзаг. Падзаходон ссис 2011 азы сæрмагонд референдумы бындурыл. Уый размæ йын уыдис официалон статус. Уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыр æмæ иртæстытæ.

Гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнынц, гурдзиаг цæрджытæ кæм цырынц æнгомæй, уыцы цæрæнрæтты (уæлдайдæр Знауыры районы æмæ Ленингоры районы скæсæны); республикæйы конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг уыцы æууæлты у официалон æвзæгтæй иу.

Республикæйы ис 61 иумæйагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ, фаг сабитæ дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны культурæ у æвзæрст ирон культурæйы бындурыл æмæ гуырдзиаг культурæйы æндавдимæ. Уый бирæ цæмæйдæр хицæн кæны Кавказы æндæр адæмты культурæтæй, фæлæ сын иудзинæдтæ дæр ис. Цæвиттон, адæмон дарæстæ Кавказы адæмтæн æмхуызон сты. Кавказы адæмты культурæтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны культурæ, уыимæ ирон культурæ дæр, алкуыдæр хицæн кодта литературæйы, аивады, кухнæйы æмæ спорты.

Хуссар Ирыстоны кухнæйы фылдæр ис ирон адæмон хæринæгтæ æмæ нуæзтытæ. Йæ бындуры сты дзидза, ссад æмæ æхсырæй арæзт хæринæгтæ. Дзидзайы хæринæгтæм хауынц хъæдурфых дзидза, физонæг, дзехы æмæ фыдджын. Ссадæй аразынц алы хуызон чъиритæ: къартофджынтæ, фыдджынтæ, хæбизджынтæ, хъæдурджынтæ, къабускаджынтæ, цæхæраджынтæ æмæ æндæртæ. Тынг ахсджиаг сты ирон адæмæн æхсырæй хæринæгтæ дæр. Уырдæм хауынц цыхт, æхсыры цъæртæй хъайла, миссын, дзыкка, инджынтæ æмæ ноджы æндæртæ. Нуæзтæй æппæты ахсджиагдæр бынат ахсынц бæгæны, сæн æмæ арахъхъ. Тынг парахат дзы у гуырдзиаг, æмæ иннæ къухнæ дæр.

Хуссар Ирыстоны сæйрагдæр спорты хуызтæ сты къахпорти (футбол) æмæ хъæбысхæст. Уыдон йеддæмæ ма бокс, гандбол, дзюдо, рæуæг æмæ уæззау атлетикæ æмæ армхæст дæр популярон сты. Профессионалон спорт дзы тынг фæстæмæцыд у. Уый фылдæр у уый тыххæй æмæ Хуссар Ирыстонæн спортивон æхсæнадæмон федерацитæм бацæуын тынг зын у. Ис æрмæст футзалы федерациты, AMF æмæ UEFS-ы.

Хуссар Ирыстоны ис иу футболон бал, Цхинвалы Спартак. Советон рæстæджы уый хъазыд ССРЦ-ы дæлдæр дивизионты æмæ йын уый бæрц ницы бантыст. Ныр та хайад исы Ирыстоны чемпионаты æмæ дзы æртæ хатты счемпион ис. 

Кæс Хуссар Ирыстоны фольклор дæр.




#Article 21: Ног Зæхх (139 words)


Ног Зæхх () у сакъадæхты къорд Цæгаты Ихджын фурды, Карæйы æмæ Баренцы денджызты ’хсæн. У Уæрæсейы Федерацийы Архангельсчы облæсты хай.

Сакъадæхты къорды ис бирæ чысыл сакъадахы æмæ дыууæ егъау сакъадахы: Хуссар æмæ Цæгат, уыдоны ’хсæн та нарæг (2—3 км) донкъубал Маточкин Шар. Геологийы цæстæнгæсæй сакъадæхтæ сты Уралы хæхтæн сæ дарддæрдзу.

Ног Зæххы дæргъ хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ у 925 км. Æппæт сакъадæхты фæзуат у  83 000 кмsup2;-æй фылдæр. Цæгат сакъадахы стырдæр уæрх у 123 км, Хуссар сакъадахы та — 143 км.

Хуссары Ног Зæхх хицæн кæны сакъадах Вайгачæй уæрæх донкъубал Карæйы Кулдуарæй.

Бæстыхъæд у карз, арктикон. Æппæты хъармдæр мæй (август) хуссары астæуккаг температурæ у +6,5°С, цæгаты та — +2,5°С. Зымæг вæййы тынг карз æмæ дæргъвæтин.

Бынæттон цæрджытæй ам цæрынц æрмæст неннæгтæ. Сæ нымæц у 100 адæймаджы бæрц. Цæрынц цуан кæнынæй.

Ам ма ис, полигоны чи кусы, ахæм æртæ мин уæрæсейаг æфсæддоны.




#Article 22: Гренланди (262 words)


Гренланди (гренландиагау Kalaallit Nunaat, ома «Гренландиæгты Зæхх»; даниагау Grønland, ома «Кæрдæгхуыз Зæхх») у дунейы тæккæ стырдæр сакъадах.

Гренланди у Данийы паддзахады хай, фæлæ йын 1980-æм азæй фæстæмæ ис уæрæх автономи.

Гренландийы фæзуат у 2 166 086 км², уыдонæй 81% у егъау цъитийæ æмбæрзт.

Исландиаг адæм æрбаленк кодтой Гренландимæ 982-æм азмæ ’ввæхс. Уыдон дзы æртæ хъæуæн бындур æрæвардтой, сакъадахы тæккæ хуссар-ныгуылæны. Уым цардысты цалдæр æнусы дæргъы.

Сакъадахы ном, Кæрдæгхуыз Зæхх, зæгъгæ, исландиаг адæмæй баззад. Уыдоны балхон, Сырх Эрик (Eiríkur Rauði), сырд æрцыд йæ райгуырæн бæстæйæ, адæймаджы кæй амардта, уый аххосæй. Эрик ссардта йæхицæн ног цæрæнуат æмæ йæ, цæмæй ног цæрджытæ уырдæм гуылф кæной, уый тыххæй рахуыдта «кæрдæгхуыз», кæд дзы карз бæстыхъæд уыди, уæддæр. Цæрджыты нымæц, æцæгæй, рæзти, æмæ 1386-æм аз Гренланди норвегиаг паддзахады хай сси, стæй норвегиаг-даниаг иугонд паддзахады хай дæр.

Сæ сæвзæрдæй фондз æнусы куы рацыд, уæд æппæт Гренландийы хъæутæ æдзæрæг фесты, чи зоны, æмæ амы цæрджытæ æххормагæй фæмардысты — XV æнусы бæстыхъæд тынг фæкарздæр и. Ахуыргæндтæ цы стæгдартæ ссардтой, уыдонмæ гæсгæ фæстæг гренландиаг викингтæ хæлцхъуагæй цардысты.

Сакъадах æдзæрæгæй бирæ нæ лæууыди: Канадæйæ йæм æвæццæгæн, ихтыл æрбацыдысты эскимосаг (инуитаг) адæм. Стæй Европæйæ даниæгтæ æмæ æндæртæ.

Ныр Гренландийы цæры 56 мин адæймаджы бæрц. Æрвылаз иу мин адæймагæй гуырынц 16,85 сывæлæтты. Ноггуырдты иу минæй амæлынц 18,26 сабийы. Царды рæстæмбис дæргъ у 68,07 азы.

Гренландийы цæрджыты ’хсæн ис АИШ-ы æфсæддонтæ дæр. Сакъадахмæ æрбацæуынц бирæ туристтæ Европæ æмæ Америкæйæ.

Бирæ азты дæргъы Гренланди экспорт кодта зды æмæ цинк, фæлæ 1990-æм азы уыдон фесты. Уæдæй фæстæмæ йæ сæйраг экспорты товар сси кæсаг æмæ креветкæ. Туризм афтæ бирæ æхца нæ дæтты, уый тыххæй æмæ хæрдзтæ сты тынг бирæ.




#Article 23: Джыккайты Шамил (204 words)


Джыккайты Федыры фырт Шамил (1940 — 2011) уыд ирон фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Куыста ЦИПУ-йы.

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 1940-æм азы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000).

Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (1917—1956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.




#Article 24: Коцойты Арсен (216 words)


Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис 1872-æм азы 16 январы Джызæлы, амардис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы.

Коцойты Арсен нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.

Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз ис чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.

Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты Тбилисы (Калачы), Бетъырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.

Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ уыцы хицæн чингуытæй:




#Article 25: Мангол (154 words)


Мангол, Монголи дæр () у паддзахад Азийы, Уæрæсе æмæ Китайы сыхаг.

Манголы цæрджытæй сæ фылдæр цæрынц быдыры, хизынц фос. Уыцы бæстæйы бирæ сахартæ нæй (фен Манголы сахарты номхыгъд). Алы Манголы цæрæгæн хауы 12 стуры. Фосдарынады кусынц мангойлæгты 42%.

XIII æнусы Мангол уыдис дунейы историйы стырдæр империйæн йæ зæрдæ. Уыцы империйы бындур сæвæрдта мангойлаг адæмы иугæнæг Чингисхан.

Нырыккон Мангол, куыд хæдбар паддзахад, сæвзарди 1911-æм азы. Китай 1949-æм азы онг разы нæ уыд Манголы хæдбардзинадыл.

Манголы 22 провинцийы ис (провинци та мангойлагау у аймаг). Сæйраг сахар Улан-Батор у хицæн административон субъект.

Манголы ис цалдæр политикон партийы, уыдонæй тæккæ тыхджындæр сты Адæмон революцион парти æмæ Демократион парти.

Манголы президент у Халтмаагийн Баттулга, 2017-æм азы равзæрст.

Æрхуы, молибдены концентрат, флюорит, кашемир, къуымбил, стуры царм сты сæйраг экспортон товартæ. Манголы ис æфсæнæрзæт æмæ дурæвзалыйы рæдзæгъдтæ, æндæр минералон ресурстæ.

Нефтæй конд продукттæ, индустрион ифтонггæрзтæ, фæлхасгæнæн товартæ.

Уæрæсе — 33,9%, Китай — 19,8%, Республикæ Корей — 12,1%, Герман — 5,2%.

Кусынц:




#Article 26: Цæгаты Стыр хæст (162 words)


Цæгаты Стыр хæст уыди 1700—1721 азты Уæрæсе æмæ Швецийы ’хсæн, Балты денджызы æлдариуæг кæныны сæраппонд. Хæсты Уæрæсейы цæдисонтæ уыдысты Дани æмæ Саксони (сæ коалицийы ном: «Цæгат цæдис»), фæлæ тагъд рæстæджы уыцы цæдис фехæлд æмæ ногæй райтынг ис æрмæст 1709-æм азы. Цæгаты Стыр хæсты архайдтой æндæр паддзахæдтæ дæр: Швецийы ныхмæ — Англис, Ганновер, Голланди, Прусси æмæ Польшæ; Уæрæсейы ныхмæ — Англис æмæ Ганновер.

Фæстиуæгæн 1721-æм азы Швеци фембылды, Ништадты сабырдзинады бадзырдыл йæ къух æрæвæргæйæ.

Цæгаты Стыр хæсты фæрцы бынтон æндæрхуызон сси тыхты райуæрст Балты денджызы былтыл. Уæрæсе сси уæзгæ паддзахад, Скæсæн Европæйы уæлиуæг чи кодта, ахæм. Уæрæсейы скондмæ бахаудтой Ингри, Карели, Эстлянди, Лифлянди, стæй Финляндийы хуссар хай (Выборджы онг). Пётр I алыг кодта йæ æлдарады сæйраг фарста: йæ бæстæ сифтонг кодта денджызон фæндæгтæй, райдыдта денджызыл æндæр бæстæтимæ сæудæджер кæнын, саразта йæхи дуджы раззагкълассон æфсад æмæ флот.

Швеци та йæ хъомыс фесæфта, сси дæлахъазон паддзахад. Балты денджызы хуссар былыл Швецийæн цы зæххытæ уыд, уыдон иууылдæр хæсты фæстæ бацыдысты Уæрæсейы скондмæ кæнæ та сæрибар фесты.




#Article 27: Стамбул (227 words)


Стамбул (; зындгонд у куыд Константинополь дæр) у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар, Византия æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахар. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.

Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара). Ныры ном (İstanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы.

Европæ:

Ази:

Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет, Стамбулы техникон университет, Мармара æмæ Богазичийы университет. Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи, Уæлдæр техникон скъола, Аивады академи, Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сахары архайынц цалдæр наукон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад, Турчы биологон æхсæнад, Турчы химион æхсæнад. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ, Сулейманиейы библиотекæ, Баязиды библиотекæ.

Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт, Сулейманиейы мæзджыт, Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей, Стамбулы археологон музей, Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей, Топкапыйы галуаны музей, Мозаикæйы музей, Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.

Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.

Стамбул у Европæйы стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.

Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты — Ататюрчы аэропорт (IST) (Atatürk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gökçen International Airport).

Стамбулы кусы метрополитен.




#Article 28: Иран (428 words)


Иран (, Irān), официалон æгъдауæй Пысылмон Республикæ Иран (, Jomhuri-ye Eslāmi-ye Irān), у Азийы паддзахад. Ираны цæрджытæй сæ бæстæ рагæй хуыдтой Иран, фæлæ 1935-æм азы онг фæсарæйнæг бæстæты официалон æгъдауæй хуындис Перс. 1935-æм Ираны сах Реза Пехлеви фæсарæйнаг дипломаттæн ракурдта, цæмæй ныхасæй Перс мауал пайда кæной, æмæ йæ бæсты алы ран фыссой бæстæйы хином — Иран.

Цæрынц дзы 66 милуан адæймаджы бæрц.

Ираны сæйраг сахар у Тæхран.

Иран административон æгъдауæй дихгонд цæуы провинцитыл — остантыл. Алы провинцийы сæргъы ис инæлар-губернатор.

Остантæ сты административон-территориалон дихы уæлдæр æмвæзады иуæгтæ. Уыдонæй дæлдæр æмвæзадыл сты шахрестантæ (æдæппæтæй 324 шахрестаны). Шахрестантæ та дихгонд цæуынц районтыл (бахш) — æдæппæтæй 740 бахшы.

Дыккаг дунеон хæстмæ Иран бацыд куыд Германы цæдисон, фæлæ 1941-æм азы (25 августæй 17 сентябрмæ) Советон Цæдис æмæ Стыр Британи сæххæст кодтой иумæйаг хæстон операци (Ирайнаг операци), æнæхъæн бæстæ байстой æмæ уæдæй хæсты кæронмæ Иран антигитлерон коалицийы уæнгыл нымад уыди.

Ираны бацæхсын тынг ахсджиаг уыди, нефты гуырæнтæ цæмæй Германы хай нæ фæуой, стæй Советон Цæдисмæ хæстон техникæ ласынæн фæндаг (хуссар коридор) цæмæй уа, уымæн. Ираны хуссайраг хай хъахъхъæдтой бритайнаг хæстонтæ, цæгатаг та — советонтæ. Операцийæн йæ советон æрдæг пълан кодта фæлтæрд хæстон офицер Фёдор Толбухин, фæстæдæр Советон Цæдисы æмæ Болгарийы хъæбатыры ном кæмæн радтой, уый.

Иранмæ бабырсæг хæстонтæ аиуварс кодтой Ираны сах Реза Пехлеви. Фæлæ 1942-æм азы йæ бынатмæ сбадын кодтой йæ фырт Мохаммеды.

Хæсты дæргъы Советон Цæдисæй оккупацигонд территорийыл уыдысты дыууæ æнæбанымад паддзахады: Хуссар Азербайджан æмæ курдаг Мехабады Республикæ. Кæд ирайнаг æфсад тæссаг нал уыди, уæддæр Советон Цæдис йе ’фсад Ираны цæгаты дардта 1946-æм азы онг, Турк уыцырдæм нæ уадзыны охыл.

Ирайнæгты фылдæр хай сты пысылмæттæ. Цæрджыты 89% сты шииттæ. Иран, Ирак æмæ Бахрейнимæ иумæ сты æртæ ахæм паддзахады, сæ цæрджыты фылдæр хай шииттæ кæм сты. Ираны ис, шииттæн табуйаг чи сты, ахæм дыууæ сахары: Мешхед (уым æрбынат кодта Имам Резайы мавзолей) æмæ Кум. Кум у пысылмон дины ахсджиагдæр артдзæстытæй иу. Уым ис бирæ пысылмон семинартæ æмæ университеттæ.

Суннитæгтæ сты цæрджыты 9%. Иннæ 2% сты: бахайтæ, мандейтæ, индустæ, езидтæ, зороастриæгтæ, уирæгтæ (иудейтæ) æмæ чырыстæттæ. А фæстаг æртæ дины нымад æрцыдысты официалон æгъдауæй æмæ сты хъахъхъæд конституцийæ. Ацы динты минæвæртæн Меджлисы резервгонд сты бынæттæ, кæд æмæ суннитæгтæн ахæм бартæ нæй. Уыимæ бахайтæ Ираны цæуынц æлхъывд.

Уæрæсе у Ираны æвдæм ахсджиагдæр экономикон партнёр (2005-æм азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ). Уыцы аз товарты зилдух иу миллиард долларыл фæуæлдæр и.

Уæрæсейы æххуысæй Ираны арæзт æрцæуы атомон электростанцæ сахар Бушеры цур. Уый йеддæмæ Уæрæсе Иранмæ хæстон техникæ уæй кæны: хæдтæхджытæ Су-27, МиГ-29, Ил-76.

Ираны президент Махмуд Ахмадинежад фæцырд кодта, йæ бæстæ Æмгуыстады Шанхайы Организацимæ куыд бацæуа, ууыл баныхас. Ираны къухы ныры онг бафтыд уыцы организацийы хъусдарæг бæстæйы статус райсын.




#Article 29: Ирон æвзаг (256 words)


Ирон æвзаг (ирон диалект + дыгурон диалект) у ирæтты æвзаг, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны официалон æвзаг. Иронау дзурджыты нымæц у 500 мин адæймагмæ ’ввахс (Уæрæсейы 488 мины), уыдонæй Цæгат Ирыстоны — 300—350 мин адæймагмæ ’ввахс. 2010-æм азы æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ, Уæрæсейы иронау дзуры 8582 уырыссаджы, 2454 гуырдзиаджы, 1368 сомихаджы, 664 кæсгоны æмæ 320 мæхъхъæлоны.

Нырыккон ирон æвзагæн ис æнгæсдзинад рагон ирайнаг æвзæгтимæ: рагперсайнагимæ, авестæйагимæ æмæ санскритимæ. Уый амоны ирæтты фыдæлтæ иннæ ирайнаг адæмтæй сæ цард раджы заман кæй фæхицæн кодтой.

Кæд ирон æвзаг у ирайнаг, фæлæ уæддæр иннæ ирайнаг æвзагтæм хæстæг нал у. Ирæттæ не ’мбарынц, зæгъæм, персайнаг кæнæ пуштуйаг ныхас. Иухуызон баззадысты нымæцонтæ, иуæй-иу дзырдтæ, грамматикæйы категоритæй фылдæр хай та фендæрхуызон и. Фæлæ ирон æвзагæн æппæтæй хæстæг у ягнобаг æвзаг, чи æвзæры рагон согдиаг диалекттæй. Ягнобаг æмæ ирон æвзæгтæ сты фæстæг цæрæг цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзæгтæ.

Зæгъæм, таджикагау «бæрзонд хох» у кӯҳи баланд — номдар миногоны раз лæууы, ис æм изафеты категори дæр (кæрон -и). Фæлæ миногоны барæн бæрц ирон æвзаджы æнгæс у: бæрзонддæр хох — кӯҳи баландтар.

Лексикæ абарынæн кæс мæнæ ахæм таблицæмæ:

XIX æнусы кæй ссардæуыд, уыцы Зеленчукы дурыл фыст у рагон ирон фыссынады фыццаг æвдисæйнаг. Фыццаг мыхуыргонд чиныг рауагъта Синоды типографи Мæскуыйы 1798-æм азы.

Фæстæдæр ирон мыхуыры цы фыссынад ныффидар, уый у уæрæйсейаг филолог Андреас Шёгрены конд. Уымæй ныммыхуыр кодтой Евангелийы фыццаг тæлмац, стæй аив литературæйы фыццаг фæлвæрæнтæ дæр.

Кæс Ирон алфавит, Фыццаг мыхуыргонд чиныг иронау.

Ирон æвзаджы ис дыууæ диалекты — ирон æмæ дыгурон (дигорон). Дыгурæттæ цæрынц Æрæфы æмæ Дыгуры районты, стæй Мæздæджы районы иуæй-иу хъæуы æмæ республикæйы сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы.




#Article 30: Айнаг æвзаг (131 words)


Айнаг æвзаг у айнаг адæмы æвзаг, дзурынц ыл япойнаг сакъадах Хоккайдойы. Дзурджыты нымæц бирæ нæу: 1-3 мины бæрц. Кæддæр Японы хицауад тынг архайдта айнаг æвзаг фесафыныл. Фæстаг азты дæргъы та энтузиасттæ архайын райдыдтой айнаг æвзаг бахъахъхъæныныл. Æдæппæт Японы цæрынц 150-200 мин айнаджы, æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай нал зонынц сæ мадæлон æвзаг.

Æвзаджы ном айнагау у アイヌ イタㇰ (иронау уаид /Айну итак/); япойнагау та: アイヌ語. 

Айнаг адæм се ’взагыл фыссынц дыууæ хуызы: япойнаг фыссынад катаканæйæ æмæ латинаг алфавитæй дæр. Газет «Айну таймс» мыхуыр кæны æрмæджытæ, цы хуызы йæм сæ барвитынц, уыцы фыссынадæй.

Хъæлæсонтæ сты 5:
 i     u
 e     o
    a

Æмхъæлæсонтæ та фылдæр:
 p   t   k   ʔ (хъæлæсы урæд)
     s       h
     c (иуæй-иу хатт хъуысы куыд [ʧ], [ʦ], [ʤ], [ʣ])
 w   y ([j])
 m   n
     r

Айнаг æвзаджы нæй æмхъæлæсонты къордтæ.




#Article 31: Хостыхъоты Солтан (600 words)


Хостыхъоты Знауыры фырт Солтан (райгуырдис 1917-æм азы 25 октябры, Хъæдгæроны; амардис 2000-æм азы 14 апрелы, Хъæдгæроны), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Райгуырдис зæхкусджыты бинонты ’хсæн 1917 азы (раздæр уый карæн адæймæгты буцæн хуыдтой «Стыр Октябры æмгар»). Лæппу цалдæр азы фæахуыр кодта хъæуы скъолайы, уый фæстæ ацыдис Ростовмæ. Уым райста астæуккаг техникон ахуырад æмæ уырдыгæй, йæ афон куы ’рцыди, уæд ацыд Сырх Æфсады рæнхъытæм. Службæ кодта Одессæйы, 197-æм артиллерион полчъы.

Уыцы операцийы фæстæ Солтаны полкъ æрбынат кодта горæт Ковельмæ хæстæг. Солтаны арвыстой хицæн зенитон дивизионмæ. Уыцы дивизионы сконды 1939-1940 азты архайдта советон-финнаг «зымæгон» хæсты. Финляндийы æфсæдтæ дæрæнгонд куы ’рцыдысты, уæд Хостыхъойы-фырт демобилизацийы фæстæ сыздæхтис, æфсæддон службæйы размæ кæм куыста, уырдæм — Ростовы зындгонд завод «Ростсельмашмæ». Уæд завод куыста æфсæддон заказтæм гæсгæ, уагьта канд хъæууон-хæдзарадон нæ, фæлæ хæстон техникæ дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, æмæ немыц Ростовмæ хæстæгæй-хæстæгдæр куы кодтой, уæд завод æнæхъæнæй аластой Ташкентмæ. «Ростсельмашы» иу мин æвзæрст кусæгимæ уырдæм арвыстой Солтаны дæр. Ташкенты заводы фæлтæрдджын кусджытæ ахуыр кодтой бынæттон адæмæй ног специалистты. Завод скуыста текстилон комбинаты бындурыл. Адæм кусгæ кодтой бон 12-14 сахаты, æртæ мæйы фæстæ байдыдтой «катюшæты» нæмгуытæ уадзын. Солтан кæд æмбæрста, Ташкенты кусгæйæ дæр фронтæн æххуыс кæй кæны, уый, уæддæр тырныдта знаджы ныхмæ хæцæг æфсадмæ. Заводы æфсæддон разамынд æй бæргæ нæ уагьта, фæлæ йæ бауромын сæ бон нæ баци, æмæ 1943 азы январы хьæдгæройнаг лæппу 25-æм уæлдæфон десантон полчъы сконды ацыд йе ’ртыккаг фронтмæ. Арвыстой сæ горæт Старая Руссæ-мæ, Солтаны скодтой санинструктор — уый размæ фæци сæрмагонд курсытæ медицинон-санитарон батальоны. Уæд иу бон тохы быдырæй рахаста 63 цæф хæстоны. Знаджы хæдтæхджытæ сыл бомбæтæ куы ’ркалдтой, уæд йæхæдæг дæр фæцæф, баййæфта контузи. Полчъы уæдмæ сæдæ лæджы йеддæмæ нал уыди.

Госпитæлы фæстæ Солтаны арвыстой ног полкъмæ. Уыцы æхсæг полчьы дæр карз хæстыты фæстæ баззадис æрмæстдæр 37 адæймаджы. Уæд йæхиуыл дæр сæмбæлдис немыцаг снайперы дыууæ намыджы. Ныфсджын ирон лæппу згъæрхуд никуы дардта, фæлæ йæ уыцы бон скодта æмæ йын æй йæ сæрæй уайтагьд нæмыг ахаста. Дыккаг нæмыг та фæцæф кодта йæ фарс. Уæд æй мæлæтæй фервæзын кодта йе ’мзæххон, хæтæлдойнаг Хъулаты Хъылцыхъо. Æфсæддон дохтыр уæвгæйæ, йæ дадзинты бауагъта доноры туг. Уæд Солтан мæймæ сдзæбæх æмæ ногæй атындзыдта фронтмæ. 1944 азы августы ногæй фæцæф æмæ та бахауд Къылцыхъомæ. Уый йæ пырх зæнгмæ куы ’ркаст, уæд ын загъта, цалынмæ, дам, дæ цæф сдзæбæх уа, уæдмæ хæст дæр фæуыдзæн. Фæлæ афтæ нæ рауад. Цалдæр мæйы фæхуыссыд госпитæлты, фæлæ уæдмæ нæдæр йæ къах кæронмæ сдзæбæх, нæдæр хæст фæци. 

Къуылыхæй йæ фæстæмæ хæцынмæ нал акодтой, фæлæ йæ арвыстой 3-аг Белоруссаг фронты немыцаг уацайрæгтæ æмбырдгæнæн лагермæ. Уырдыгæй сæ ластой Мæскуымæ. Немыц кæддæр бæллыдысты уым парад скæнынмæ æмæ сын æй скодтой — Мæскуыйы уынгтыл æстдæс километры ацыдысты мæскуыйæгты раз. Уацайрæгты Тамбовмæ куы аластой, уæд Солтаны арвыстой СМЕРШ-ы дивизимæ, Литвайы Каунасы районмæ. Уæд контрразведкæйы старшина Хостыхъойы-фырт ахста, немыцаг шпионты æмæ, сырхæфсæддонты чъылдымы ’рдыгæй чи мардта, уыцы бандитты. СМЕРШ-ы фæслужбæ кодта 1945 азы мартъимæ. Уæд æй йæ бирæ цаефты тыххæй службæйæ ауагьтой. Фæлæ лæппуйы фæндыд йæ хæстон æмбæлтты бабæрæг кæнын. Уыдон уæд Берлиныл тох кодтой, æмæ ацыд уырдæм. Йе ’мбæлттимæ бацыд Берлинмæ, уый фæстæ та — Венæмæ. Уым сыл сæмбалд Уæлахизы бон.

Солтан дæр æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, бинойнагæн æрхаста Гагкайты Ахберды чызг Елмысханы. Рацыд сын хорз цот, сæ хæствæллад фыды буцæй дардтой, йæ хæдзары йын алы аз дæр 9 майы кодтой куывд. Бирæ цæфтæн бафæрæзта зæронд хæстон, фæлæ йыл фæстаг рæстæг низтæ уæлахиз кæнын байдыдтой, йе 'нæниздзинад фæцудыдта æмæ йын 2000 азы 16 апрелы йæ уарзон хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ загьтой фæстаг фæндараст. «Рухсаг у, Солтан, мæрдты дзæнæты фæбад. Дæу хуызæтты руаджы сæрибарæй цæрæм хæдбар паддзахады. Нæ адæмæй никуы ферох уыдзæн, сымах фæлтæр хæсты рæстæг цы хъæбатырдзинад равдыста, уый», — фыста уыцы аз газет «Рæстдзинад», «Хъæдгæронæй Берлинмæ», ахæм уацы, зæгъгæ.




#Article 32: Фатх Али сах (100 words)


Фатх Али сах (25 сентябры 1772 — 24 октябры 1834) уыд Хъаджарты династийы дыккаг Ираны сах. Сахы бынатмæ бацыд йæ фыдыфсымæр Агъа Мухаммад ханы мæлæты фæстæ 1797 азы.

Йæ æлдариуæджы рæстæг Иранмæ æрбабырстой колониалон империтæ: Франц, Стыр Британи æмæ Уæрæсе. Фатх Али сахæн ахæм хъару нæ разынди, уыдонæн ныхмæлæууыд скæнынæн, афтæмæй йæ бахъуыди цалдæр æнæпайда бадзырдыл йæ къух æрæвæрын (уыдоны ’хсæн Гуырдзыстоны тыххæй бадзырд).

Фатх Али сах тынг уарзта аивад æмæ йæ разтыл зылдта. Йæ æлдариуæджы рæстæг Ираны аивады уыд сæндидзæны дуг (Базгашт хуыины).

Фатх Али сахæн уыди 158 усы, уыдонæй та 260 сывæллоны. Уымæй йæ династийæн æцæг бындур сæвардта.




#Article 33: Фыдыбæстæйы Стыр хæст (322 words)


Фыдыбæстæйы Стыр хæст (хуссары арæхдæр Стыр Фыдыбæстæйон хæст; ) у Советон Цæдис æмæ фашистон Германы ’хсæн æвирхъау хæст (1941-1945).

Хъайтардзинады цæвиттон æвдыстой советон хæдтæхæгскъæрджытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы.

Тæхæг Талалихин В. Мæскуыйы арв куы хъахъхъæдта, уæд æхсæвыгон йæ хæдтæхæгæй комкоммæ фæцæф кодта фашистон бомбæзгъалæджы. Советон Цæдисы Хъайтар Ковзан Б. хæсты рæстæджы ахæм цæфтæ 4 хатты фæкодта фашистты.

Капитан Гастелло Н. Ф. эскадриль райста бардзырд знаджы аэродромыл бомбæтæ æркалыны тыххæй. Уыцы рæстæджы Гастеллойы хæдтæхæгмæ бахауд знаджы сармадзаны нæмыг. Хæдтæхæг ссыгъд. Хъуыд парашюттыл рагæпп кæнын. Фæлæ бынæй уыд знаджы территори æмæ сын тæссаг уыд уацары акæнынæй. Хуыздæрæн равзæрстой мæлæт. Гастелло йæ судзгæ хæдтæхæг сарæзта, знаджы машинæтæ æмæ бензины цистернæтæ цыран уыдысты, уырдæм.

Хæсты дæргъы Советон Цæдисы Хъайтары нæмтты аккаг систы 2000 хæдтæхæгскъæрæгæй фылдæр æмæ 65 хæдтæхæгскъæрæгæн та уыцы ном радтой дыккаг хатт. Дыууæйæн та сæ риутæй æрттивынц Хъайтары фæйнæ æртæ Сыгъзæрин Стъалыйы. Уыцы нæмттæ зындгонд сты æнæхъæн дунейæн — Покрышкин А. И. æмæ Кожедуб И.Н.

Хæсты дыккаг бон Александр Покрышкин дæрæн райдыдта знаджы хæдтæхджыты. Хæсты азты уый акодта 550 хæстон атахты, уыдонæй 137 уыдысты уæлдæфон тохтæ æмæ æрæппæрста знаджы 59 хæдтæхæджы.

Кожедуб Иван хæсты размæ æнтысгæйæ каст фæци аэроклуб æмæ йæ уым ныууагътой инструкторæй, куыд  хуыздæр хæдтæхæгскъæрæг, афтæ. Уый фронтæн цæттæ кодта хæдтæхæгскъæрджыты. Æрмæст 1943 азы уымæн бантыст фронтмæ бахауын. Дыууæ азы мидæг уый æрæппæрста знаджы 62 хæдтæхæджы. Акодта 330 хæстон атахты, хайад райста 120 уæлдæфон тохы.

Хъæбатыр скъæрджытæ куынæг кодтой знаджы фронтты æмæ хъазуатон фæллойгæнджытæ фæсчъылдым арæзтой хæдтæхджытæ. Алы советон хæстон хæдтæхæг дæр йæ хайбавæрд хаста знагыл фæуæлахизы хъуыддагмæ. Авиацион сæудæджерад фронтæн радта 100 мин хæстон хæдтæхæгæй фылдæр: куынæггæнджытæ Яковлев æмæ Лавочкины, штурмгæнæг Ильюшины, бомбæкалджытæ Петляков, Ильюшин, Туполевы.

Фыдыбæстæйон хæсты фронтты тынг пайда кодтой не штурмгæнæг Ил-2. Фашисттæ йæ хуыдтой «Сау мæлæт».

Яковлев А. С. конструкторон бюройы хæдтæхджытæ Як-1, Як-3, Як-7, Як-9 уыдысты нæ авиацийы бындурон парк. Як-3 уыди иууыл рогдæр куынæггæнæг хæдтæхæг фыдыбæстæйон хæсты.

Советон авиаци стыр бавæрд бахаста знагыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагмæ.

Ирæттæ хъæбатырæй сæхи равдыстой хæсты рæстæг...

æмæ мингай æндæртæ.




#Article 34: Тбилис (107 words)


Тбилис () кæнæ Калак (дзырд : [калаки] нысан кæны сахар, æмæ Тбилисы уый тыххæй ир схуыдтой Калак; цæгаты Дзæуджыхъæу, горæт, зæгъгæ, куыд схуыдтой, афтæ) — у Гуырдзыстоны сæйраг сахар. 

Цæрджыты нымæц: 1,3 милуаны бæрц.

Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыд V æнусы, паддзах Вахтанг I Горгасалийы фæндонмæ гæсгæ.

Тбилиси гуырдзиаг æвзагæй цæуы ( [тбили] «хъарм»). Иронау æй арæх хуыдтой Калак (гуырдзиаг дзырд калаки-йæ, хуымæтæджы «сахар»), ныры мыхуыр арæхдæр пайда кæны Тбилис, зæгъгæ, ахæм номæй. 1936-æм азмæ уырыссагау сахары ном уыд Тифлис.

Тбилис лæууы цæугæдон Къуары былыл.

Тбилисы ис метрополитены системæ. Уый скуыста 1966-æм азы 11 январы æмæ 2007-æм азмæ йæ скондмæ хауынц хæххыты 26,3 км æмæ 22 станцæйы.




#Article 35: Уырыссаг адæм (166 words)


Уырыссаг адæм, уырыс дæр () у скæсæйнаг славяйнаг адæм, сты Уæрæсейы цæрджыты фылдæр хай (80% бæрц). Æдæппæт дунейы ис 146 милуан уырыссаджы, уыдонæй Уæрæсейы — 116 милуаны бæрц. Уыцы нымæц кæны къаддæр.

Уырыссæгты æвзаг у уырыссаг.

Уырыссæгтæ ма цæрынц Украинæйы (11,35 млн), Хъазахстаны (6,23 млн), Узбекистаны (1,65 млн), Белоруссийы (1,34 млн), Хъиргъизы (0,91 млн), Латвийы (0,9 млн), Молдавийы (0,56 млн), Эстонийы (0,47 млн) стæй бирæ æндæр бæстæты. Æдæппæт цæрджыты нымæцæй фылдæр хай уырыс сты Приднестровьейы (30,4 %), Латвийы (27,7 %), Эстонийы (25,6 %), Хъазахстаны (25,1 %).

Уæрæсейы регионты ’хсæн уырыс тæккæ фылдæр хай сты Вологдæйы облæсты (96,56 %). 90% фылдæр кæм сты, ахæм регионты нымæц у 30. Националон республикæты æдæппæт цæрджыты нымæцæй уырыс сты цæрджыты 30-50%, тæккæ къаддæр сты Дагъистан, Мæхъхъæл æмæ Цæцæны (5 % къаддæр).

Уырыс стыр адæм сты, æмæ уый тыххæй дзы разынд цалдæр хицæн субэтникон къорды. Уыдонæй цалдæр сты:

æмæ æндæртæ.

Цæгат Ирыстоны цæрынц 164 мин уырыссаджы, ома республикæйы цæрджытæй 23,1%. Сæ фылдæр цæрынц Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы районы, стæй иуæй-иу хъазахъхъаг хъæуты дæр.




#Article 36: Æхсæрысæр (297 words)


Æхсæрысæр, дигоронау Æхсæрисæр () æвæрд æй, Дигори донуадзæн къанауи ауазнæй хæрдмæ хуæнхтæрдæмæ ку ’ссæуай еу 4-5 километри, уоми. Ирæфи донæн йæ рахез фарс. Нури рæстæги административон æгъдауæй хаст цæуй Цæгат Иристони Ирæфи районмæ. Гъæуи бунати сауæнгæ XX æноси райдайæнмæ ирæзтæй егъау тæрсæ гъæдæ. Еци гъæдæй ма байзадæй æрмæстдæр еу некуцон æхсæрдзæнтæ, æма гъæуи ном дæр уомæй иссæй — Æхсæрисæр.

Гъæуи рауæн фиццагидæр 1912 анзи фæззиндтæй гъæдикосæн хирхфадæн, кæцими кустонцæ хъазахъаг (уруссаг) косгутæ. Етæ сæ бийнонти хæццæ ами æрбунат кодтонцæ æма сæ цæрæн ’ма косæн рауæн исхудтонцæ Дигоро-Алексеевский хутор. Уæдæй фæстæмæ аци хуторбæл сæхе æфтаун райдæдтонцæ еуæй-еу рацæугæ адæн Дигори комæй. Еци раледзгæ адæн хунддæнцæ «рæстæгмæцæргутæ». Революций агъоммæ хутори хъазахъаг цæргутæн сæ гъæди куст фæцæй, ма сæ бунат æндæр рауæнмæ раййивтонцæ. Фалæ Дигори комæй «рæстæгмæцæргутæ» ба ами æрфедар æнцæ æма исгъæу æнцæ. Гъæуи ном иссæй Æхсæрисæр.

Революций фæсте, 1919 анзи гъæуи медæг адтæй берæ большевиктæ, «Кермени» парти ке худтонцæ, уонæй. Уой фæдбæл гъæумæ балæбурдтонцæ паддзахи уорсгвардионтæ ’ма и гъæу сугъд æрцудæй. Гъæуи цæргутæй беретæ уæд нæбал æрцардæнцæ фæстæмæ сæ раздæриггон бунати, фалæ фæллигъдæнцæ æндæр рауæнмæ. Нæуæг гъæуи бунат ’скодтонцæ Киристонгъæуи цæгатварс, кæци хуннуй Мостиздæх. Ка байзадæй цæргæ зæронд гъæубунати, ета ба нæуæгæй хæдзæрттæ ’саразтоцæ æма Æхсæрисæр бабæй исгъæу æй.

Фидибæсти Устур тухт ку адтæй, уæд гъæуи фæсевæдæй беретæ фæстæмæ нæбал исæздахдæнцæ — сæ цард равардтонцæ нæ райгурæн бæсти сæребарæбæл. Ка æриздахтæй уодæгасæй, уонæй сæ фулдæр адтæнцæ паддзахади хæрзеугути ’ма майданти хæццæ.
Мадта хæдзарадон кусти медæг дæр гъæуи адæн сæхе хуарз бавдистонцæ: адтæй си къолхоз «Ирæф», еу къолхози косæг ба — Боллоти Елхъани кизгæ Поли иссæй Иристони силгоймæгтæй фиццагидæр .

Гъæуæй ес берæ кадгин æма ахургонд рацæуæггæгтæ, ес си астæугкаг скъола дæр.
Æхсæрисæри гъæу æвæрд æй аййев рауæни. Æрдзæ ’ма си климæт хуарз æй. Сæрдигон си берæ æрцæуæг адæн фæууолæфуй.

Фæстаг рæстæги ма си цардæнцæ бийнонтæ мæнæ аци муггæгтæй:




#Article 37: Æрæф (198 words)


Æрæф, дигоронау Ирæф æй Цæгат Иристони ахсгиагдæр цæугæдæнттæй еу.

Аци дон ма Урух дæр хонунцæ.

Ирæфи дони æвзурæг æй Хæреси цъæх-цъæхид цъететæ, Сугъан æма Лæбодай цъоппитæ. Цæугæдони дæргъцæ æй 104 километри. Ирæф Терки дони хæццæ баеу уй Александровский станици цори (Кæсæг-Балхъари Республикæ).

Ирæф медкоми æ райдайæнæй Мæцути фæзи уæнгæ цæуй Москъабæл цæгат-хорискæсæн æрдæмæ. Хонхи цæугæй дони къæдзæхгун билгæрæнтти æрфæ рауæнæй-рауæнти хезуй 50-80 метри уæнгæ, Æхсинтти коми ба — 90-100 метри. Аци рауæн Ирæф хуæнхтæй рахезгæй, Иристони иннæ цæугæдæнтти хузæн нæ ниххæлеутæ уй хецæн листæг къанæуттæбæл, фал ма берæ дæсгай километртæ цæуй унгæг æма бæрзонд «къæдзæхгун» ауæдзæбæл, сауæнгæ Секер æма Дзæгъебпарзи гъæути уæнгæ. Ами ба фæндон, парахат райвазуй æ реугудур, ниффæтæнтæ уй, æ цуд ба - фæссабурдæр уй.

Ирæфбæл æфтуйуй цалдæр цæугæдони: рахез фарсæй — хонсарæй цæгатæрдæмæ — Тæни дон, Къæрæугоми дон æма Айгомуги дон; галеу фарсæй рæсог Билæги дон, Наргъи дон, Сæхоли дон, уæдта Хæзнидон. Аци цæугæдæнттæй Хæзнидон æй тæккæ даргъдæр æма тæккæ фулдæр донхæссæг, Хæзнидон Ирæфæн æхецæй дæр берæ минкъийдæр нæ ’й.

Ирæф, иннæ хуæнхаг цæугæдæнттау, сæрди ивулд фæууй, зумæги ба — æруæлбун уй. Сæрдигон еу сикъундмæ дæттуй дони 300 м3, зумæг ба — æдеугурæй 2 м3. Тæккæ ивулддæр фæууй июли мæйи кæрони æма августи мæйи райдайæни.




#Article 38: Доныфарс (100 words)


Доныфарс, дыгуронау Донифарс у Дыгургомы хъæуттæй иу.

Гъæу æвæрд æй Къумбултæ æма Лезгори гъæути астæу Мæсигони æндзæри. Сæ цæрæн хæдзæрттæ æма сæ фонси скъæттæ донифарсæгтæн дæр адтæнцæ уæлиндзæсæртæ, сæ фæрстæ ба — дорæй даст. Кобегкатæ æма Хъулчити муггæгтæн си адтæй устур æма федар арæзт галауантæ, Хъанухътæ æма Хæтæгтæн ба цæрæн æма тугъдон мæсгутæ. Гъæуи алли фарс рагон донифарсæгтæ ниууагътонцæ берæ циртдзæвæнтæ: уобæйттæ, уæлмæрдтæ, ковæндæнттæ æма æнд.

Доныфарсы хъæуы сæрмæ ис лæгæт, кæцы нымад у Ныкколайы куывæндоныл. Бынæттон адæм дзы кодтой бирæ кусæрттæ Никколайы зæды номыл, æмæ уым кувинæгтæм арæх æртæхынц цæргæстæ — уыдон, дам, зæды æрвыст сты, афтæ фæзæгъынц адæм.




#Article 39: Нарты кадджытæ (114 words)


Нарты кадджытæ — афтæ хонынц ирон адæмы эпос. Нарты эпосы хуызæн кадджытæ ис æндæр цæгат-кавказаг адæмттæн дæр, уыдонæй хъæздыгдæр у кæсгон адæмæн.

Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, науæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.

Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы.




#Article 40: Кырджали (351 words)


Кырджали (, , ) у сахар Болгарийы хуссары, Кырджалийы облæсты сæйраг сахар. Цæрынц дзы 63 мин адæймагæй фылдæр (2004), уыдонæй 62% сты болгайраг туркæгтæ.

Кырджалийы сахарæй Пловдивы аэропортмæ фæндаг у 100 км даргъ; хæстæгдæр порт, Бургасмæ, — 255 км; Грекъимæ арæныл ног арæнгæсты пост Маказæмæ ис 54 км (ууыл цæуы Æппæтевропæйаг транспорты коридор №9). Сахар лæууы цæугæдон Ардæйыл.

Кырджали у Дзæуджыхъæуы æфсымæрон сахартæй иу, фæлæ йæ официалон сайты уый тыххæй ницы фыст ис. Дзæуджыхъæуы Кырджалийы уынг уыцы сахары номыл хуыйны. Республикæ Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ парламенты агъуысты фæстейæ, Георгийы Димитровы кадæн цы цырт уыдис (2010-æм азы æндæр ранмæ йæ рахастой), уый у сахар Кырджалийы кæддæры лæвар.

Сахары кмет (ома, хицау) ныртæккæ у Хасан Азис (2003-æм азæй ныры онг), йæ адæмыхаттмæ гæсгæ туркаг.

Кырджалийы алфамбылай зæххытæ уыдысты автономон Скæсæн Румелийы сконды, цалынмæ 1886-æм азы нæ бацыдысты Османты империйы сæйраг зæххытæм Топханейы бадзырдмæ гæсгæ. Фæстæдæр хæдбар Болгарийы паддзахад уыцы зæххытæ фæстæмæ райста XX æнусы райдиан Балканы хæстыты фæстиуæгæн. Кырджалийы тох æрцыдис 1912-æм азы октябры.

Цы Хасковойы бал сахар байстой, уыцы балы æфсæддонтæ мысынæн Кырджалийы ис цырт «Сæрибаргæнджытæ». 21 октябры бæрæг кæнынц куыд сахары бæрæгбон.

Сахары алфамбылай цалдæр рагон фидары ис.

Цæугæдон Ардæйыл, йæ бæрзæнд 103,5 метры кæмæн у, ахæм уникалон донмарæн лæууы, сарæзтой йæ 1957-1963 азты. Донмарæны цур кусы гидроэлектростанцæ, йæ 4 турбинæйы дæттынц 160 ГВт•ч электрон тых æрвылаз. Кырджалийæгты зæрдæмæ цæуы донмарæныл тезгъо кæнын — кæд хъахъхъæд территори у æмæ дзы къамисæн нæй, бацæуыны бар дзы алкæмæ дæр ис.

Æрæджы сахары ногæй скуыста, социализмы дуджы кæй сарæзтой, уыцы сывæллæтты æфсæнвæндаг. Æфсæнвæндаджы дæргъ у 1 210 метры, уый скуыста фыццаг хатт 1962-æм азы æмæ уыдис Болгарийы фыццаг ахæм æфсæнвæндаг.

Кырджалийы культурæйы хæдзары раз лæууы Хетæгкаты Къостайы бюст, Дзæуджыхъæу æмæ Кырджали æфсымæрон сахартæ куы уыдысты, уæдæй.

Сахары администраци ног проекттыл зилы. 2010-æм азы мартъийы райдыдта стыр паркон зонæ «Арпезос» аразыныл куыст. Ног парк куы цæттæ уыдзæнис, уæд алы кырджалийагыл дæр хаудзæн цъæх садзынты 23 м2.

Кырджали у хуызджын згъæркуыст æмæ тамакойы ракуысты традицион центр. Уыцы къабæзты куыстуæттæ ныр дæр кусынц, æрбацæуынц ног инвестицитæ. Уыдон йедтæмæ ис дзы рог индустрийы куыстуæттæ.

Кырджалимæ æрбацæуынц сæдæгай туристтæ, сахары мидæг æмæ йæ алфамбылай цы фенддæгтæ ис, уыдон фенынмæ.




#Article 41: Дзуццаты Хадзы-Мурат (154 words)


Дзуццаты Аранбеджы фырт Хадзы-Мурат (райгуырдис 1935-æм азы 1 январы Хуссар Ирыстоны Знауыры районы — амардис 2000-æм азы 1 июны Дзæуджыхъæуы) уыдис зынгæ ирон поэт, литературон критик, публицист æмæ æхсæнадон архайæг.

Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты цыппæрдæс азы йыл куы цыдис, уæд. Ирон литературæйы йын ис йæхи сæрмагонд æрмдзæф, йæ поэзийы дарæнбæстагон публицистон здæхт ирдæй кæй зыны æмæ асинтæй æмдзæвгæвæрдæй кæй фыста, уый тыххæй йæ хонынц «ирон Маяковский».

Дзуццаты Хадзы-Мурат ныффыста бирæ литературон-критикон æмæ публицистон монографион-иртасæн куыстытæ: 

Дзуццайы-фырт у ирон поэзи æмæ прозæйы тыххæй бирæнымæц зонадон куыстыты автор.

Йæ амæлæты фæстæ рацыдис йæ поэтикон чиныг «Дыууæ дуджы астæу».

Дзуццайы-фырт ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ уацмыстæ уырыссаг, белоруссаг, сомихаг, гуырдзиаг æмæ æндæр æвзæгтæй.

Дзуццаты Х.-М. кодта стыр æхсæнадон куыст дæр. Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, уæд стыхджындæр йæ публицистон сис. Уыд ирон æвзаг æмæ ирон адæмы æнæфæцудгæ сæрхъуызой. Йæ куыст, йе сфæлдыстад, йæ цард æнæхъæнæй дæр здæхт уыд ирондзинадæн лæггад кæнынмæ æмæ Ирыстоны рухс сомбонмæ.




#Article 42: Армавир (249 words)


Армавир у Уæрæсейы хуссары сахар Краснодары крайы. Цæрынц дзы 187,8 мин адæймаджы (2010).

Æрбынат кодта Краснодары крайы скæсæны, Краснодарæй 202 километры дæрддзæф, Мæскуыйæ та — 1400 км. Æд горæтгæрон хъæууон зылдтæ кæны муниципалон сконд сахар Армавир.

Армавир у Цæгат Кавказы æфсæнвæндагыл ахсджиаг æлхынцъ, кусынц дзы дыууæ станцæйы — Армавир-Ростовский æмæ Армавир-Туапсинский.

XVIII æнусы райдиан адыгаг адæмты хсæн фидар кæнын байдыдта пысылмон дин. Уыдоны ’хсæн цы сомих цардысты (афтæ хуынд черкес-гайтæ кæнæ хохы сомих), уыдон сæ фыдæлты дин бахъахъхъæныны охыл сфæнд кодтой цæгатырдæм ралидзын — æмæ уый тыххæй хъаст бахастой Хъобаны хаххы хицау инæлæр-майор Г. Х. фон Зассæн: куырдтой цæмæй сын ратта бар уырысимæ æрцæрын æмæ уæрæсейаг граждандзинад райсын.

Кæд æмæ уыцы сомихæгты фыдæлтæ Сомихæй XIV æнусы ралыгъдысты, уæддæр хорз хъуыды кодтой чи сты æмæ кæцæй ралыгъдысты. Уый тыххæй сæ ног цæрæнран схуыдтой Армваир — рагон сомихаг сахары кадæн, нæ эрæйы агъоммæ Айрараты паддзахады сæйраг сахар чи уыдис.

Мидхæсты заман сахары власт æртæ хатты фæивта. Бынæттон советон хицæуад уагъта йæхи валютæ — Армваиры сом.

Черкессæгты хсæн Армавир æндæр номæй дæр у зындгонд, Ермэлхьабл зæгъгæ, ома «сомихаг хъæу».

Æппæтуæрæсейон адæмы сфыстмæ гæсгæ (2010) сахары цæрынц

Армавир у Краснодары крайы æппæты скæсæйнаг сахар, лæууы Хъобаны галиу фарсыл, уыцы цæугæдонмæ Уруп кæм æфтауы, уыцы ран.

Армавиры кусы хъармы электростанцæ. Ис резинæйæ конд дзауматы завод, бирæ рог æмæ хæринаггæнæг промышленносты куыстуæттæ. Æппæтæ Уæрæсейы зындгонд у Армавиры газы аппаратурæйы завод дæр.

Йæхи аэропорт сахары нæй, фæлæ цæрджыты бон у æндæр аэропорттæй атæхын кæмфæндыдæр — Стъараполы аэропорт у 110 км дæрддзæф, Краснодары аэропорт — 200 км.




#Article 43: Новороссийск (268 words)


Новороссийск у Уæрæсейы сахар, Сау денджызы Цемесы наулæууæны былыл порт æмæ æфсæддон флоты базæ.

Сахары ис æртæ фæсарæйнаг бæстæйы консулæдтæ: Болгари, Грекъ æмæ Турчы.

Новороссийск у муниципалон сконд сахар Новороссийсчы центр.

У ахсджиаг транспортон æлхынцъ. Ис дзы хæстон денджызон базæ æмæ товарон порт (нефтласæн наутæн лæууæн дæр). Горæтмæ цæуынц поездтæ Краснодары ’рдыгæй æфсæнвæндагыл.

Новороссийск кæм æрбынат кодта, уыцы ран бæстыхъæд у субтропикон сух, зæххастæуденджызонмæ хæстæг. Ноябрæй мартъийы онг ис норд-осты тас, уый у тыхджын дымгæ цæгат-скæсæнæй, кæцы æрбахæссы уазал уæлдæф. 2002 азы норд-осты аххосæй Новороссийсчы наулæууæны фæдæлдон сты дыууæ науы, температурæ йæхи æруагъта −15 °C онг, скъолатæ нал куыстой.

Горæт йæхи адаргъ кодта амфитеатры хуызы Цемесы наулæууæны алфамбылай 25 км дæргъæн, скæсæн æмæ хуссарырдыгæй лæууынц Стыр Кавказы хæхтæ, цæгатырдыгæй та — Навагиры рæгъ (йæ бæрзонддæр хох у 447 м). Хæхтæ сахары хъахъхъæнынц уазал уæлдæфæй, кæцы æрбацæуы континентырдыгæй.

Новороссийсчы мидæг кæлы Цемесы тæнæг цæугæдон. Горæты цур ис Краснодары крайы стырдæр æдзæхх цад Абрау.

Новороссийск лæууы зæххæнкъуыстытæй тæссаг ран. 1799 азæй 1981 азы онг уым æрцыдысты 17 зæххæнкъуысты.

Новороссийск, куыд æппæт Краснодары край, цæры Мæскуыйаг рæстæгмæ гæсгæ (MSK).

Нæ эрæйы агъоммæ V æнусы ацы ран уыдис грекъаг уæйгæнджыты сахар Бата. Авд æнусы фæстæдæр (II æнусы) халд æрцыдис алайнæгты къухæй. XIII æнусы Генуйæ æрбацæуджытæ сарæзтой фидар Батарио. XV æнусы, османтæ Стамбул куы байстой, Тамань æмæ Цемесы наулæууæн дæр сæхи бакодтой. XVIII æнусы суинаг Новороссийсчы бынаты уыдис туркæгты фидар Суджук-Кале.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сахары стыр хай байстой вермахты хотыхджынтæ. 1943-æм азы февралы 274 советон денджыздзæуæджы байстой чысыл плацдарм (фæстæдæр зындгонд куыд Чысыл Зæхх) æмæ йæ хъахъхъæдтой 225 боны, горæт бынтон куы не ссæрибар кодтой, уæдмæ. Фашисттæ ратардæуыдысты 1943 азы 16 сентябры.




#Article 44: Стъарапол (361 words)


Стъарапол (, бердзенагау нысан кæны дзуары сахар) у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы сæйраг сахар.

Стъарапол у, æппæт Уæрæсейы цæрынæн хуыздæр чи бæззы, ахæм сахар.

Сахары бындур сæвæрдтой 1777-æм азы. Сахары статус Стъарапол райста 1785-æм азы. 1935 азы онг йæ ном уыдис Ста́врополь-Кавка́зский, 1935 азæй 1943 азы онг — Вороши́ловск.

Стъарапол æрбынат кодта Стъараполы уæлвæзыл, Кавказы хæхты раз, цæугæдон Ташла кæм ратæдзы, уыцы ран. У Мæскуыйæ 1450 км хуссарырдæм. Денджызы æмвæзадæй у 230 м уæлдæр. 

Горæты иу уынг хуыйны 45-æм параллель — йæ дырыс географион координатæтæм гæсгæ. Уымæ гæсгæ Стъарапол у полюсæй æмæ экваторæй æмиас дард. Стъарапол лæууы ахсджиаг бынаты Азовы æмæ Хъаспы денджызы æхсæн, уымæ гæсгæ сахар фæхонынц «Кавказы къулдуар».

Сахар ахсы 171,7 км². Стырдæр сахары зылд (æд аэропорт æмæ цъæх территоритæ) у 276,7 км². Амæддзæгтæ цы ран лæууынц, ахæм фæзуат у 127,870 км² (сахары зылды фæзуаты 46,2 %). Сахары зылды зæххытæм хауы Сенгилейы донæвæрæн дæр (42 км²), уымæй сахар фæисы дон.

Стъарапол адаргъ ис хуссар-ныгуылæнæй цæгат-скæсæнмæ. Сахарæй 5 км æдде лæууы йæ чысылдæр «æмбæлццон сахар» — Михайловск.

Абоны Стъараполы мидæг ис 530 уынджы, кæцыты иумæйаг дæргъ у 700 километрæй фылдæр. Ис дзы 28 мин амаддзаджы, уыдонæй 23,8 мины цæрынц адæймæгтæ. Сахары ис 149 ахуыргæнæндоны, уыдонæй 20 уæлдæр ахуырад дæттынц. Уымæй йеддæмæ сахары ис фондз музейы, дыууæ театры æмæ 219 фенддаджы (архитектурон, историон æмæ культурон бынтæ).

Сахары цур ис егъау хъæд, 4494 гектары.

Стъараполы бирæ фенддæгты ’хсæн ис фыццагæм гимназы бæстыхай (кæцыйы ахуыр кодта Хетæгкаты Къоста æмæ йæ рæстæджы æндæр зындгонд адæм), Кавказы фыццаг сылгоймæгты гимназ, сахары фыццаг дуртæй амад хæдзар æмæ æндæртæ.

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг немыц байстой Стъарапол 1942 азы 3 августы. 1943 азы 21 январы сахар ссæрибар æрцыдис.

Уыцы иу аз Орджоникидзейы крайæн радтой Стъараполы крайы ном, сахар Ворошиловскæн та — йæ раздæры ном, Стъарапол.

Стъараполы гимназы ахуыр кодтой Доййаты Саханджери, Хъаныхъуаты Инал, Цæлыккаты Ахмæт æмæ Хетæгкаты Къоста (1871-æм азæй дæс азы дæргъы). Къоста ма Стъарапол цардис йæ фыццаг арвысты рæстæг, 1893 азæй 1897 азы онг, куыста дзы газеты уацхæссæгæй. Стъараполы сæйраг уынгтæй иу хæссы ирон поэты ном — улица Коста Хетагурова (центрон паркмæ ’ввæхс).

Стъараполы кусынц троллейбусы 9 маршруты, ис автобустæ æмæ маршруткæтæ.

Иннæ сахартимæ Стъарапол баст у автомагистралтæй, ис дзы æфсæнвæндаджы вокзал æмæ аэропорт (рейстæ Мæскуы æмæ Стамбулмæ).




#Article 45: Тихвин (105 words)


Тихвин у Уæрæсейы Ленинграды облæсты сахар Бетъырбухæй скæсæнырдæм, Тихвины районы административон центр. Сахары статус 1773-æм азæй. Тихвины цæрынц 61,2 мин адæймаджы (2007-æм азы).

Сахар лæууы цæугæдон Тихвинкæйы дыууæ былтыл. У ахсджиаг æфсæнвæндаджы æлхынцъ, æрлæууынц дзы бирæ пассажирон поездтæ Бетъырбухæй Урал æмæ Сыбырмæ.

Тихвинмæ бирæ туристтæ фæцæуынц йæ рагон хæдзæрттæ æмæ аргъуантæ фенынмæ. Тихвины ис лæгты моладзандон дæр (1560-æм азæй).

Тихвин цы ран лæууы, уым цы цæрæнран уыди, уый тыххæй фыццаг кой фыст æрцыд 1383-æм азы (хъæдын аргъуан дзы сарæзтой, æмæ уый тыххæй).

Сахары ис рагон æмæ ногдæр сыхтæ. Нырыккон хæдзæрттæ дзы æндæр сахарты æнгæс сты — æфсæнбетонæй конд бирæуæладзыгон хæдзæрттæ (уыдонæй бæрзонддæры и 14 уæладзыджы).




#Article 46: Къаспы денджыз (114 words)


Къаспы денджыз кæнæ Хъаспы денджыз (, , , , ) у, цæхджын дон кæмæн ис, ахæм егъау цад Кавказæй скæсæнырдæм. Цады былтæ хауынц фондз паддзахадмæ (Азербайджан, Иран, Туркменистан, Уæрæсе æмæ Хъазахстан). Дунейы стырдæр цад у, æмæ, йæ асы фæрцы, хонынц æй «денджыз».

Къаспы денджызы ныртæккæйы фæзуат у 371 000 км², стырдæр арф — 1025 м, былты дæргъ — 6500—6700 км.

Егъау цадмæ æфтынц 130 цæугæдоны. Уыдонæй стырдæртæ сты Волгæ, Терк (Уæрæсе), Урал, Эмбæ (Хъазахстан), Къуар (Азербайджан), Самур (Уæрæсе æмæ Азербайджаны арæн), Атрек (Туркменистан) æмæ æндæртæ. Волгæ, Урал, Терк æмæ Эмбæ дæттынц, Къаспы денджызмæ афæдзы дæргъы цы дон æфты, уымæй 88—90 %.

Къаспы денджызы былтыл цы сахартæ и, уыдонæй стырдæр у Азербайджаны сæйраг сахар Баку.




#Article 47: Уæрæсе (155 words)


Уæрæсе () кæнæ Уæрæсейы Федераци () у федералон æрдæгпрезидентон республикæ Евразийы цæгаты. Ныгуылæнæй скæсæнмæ æмарæн у Норвеги, Финлянди, Эстони, Латви, Литва, Польшæ, Белорусси, Украинæ, Абхаз, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон, Азербайджан, Хъазахстан, Китай, Монголи æмæ Цæгат Корейимæ. Доныл ын ис арæн АИШ-ы штат Аляскæимæ æмæ Японимæ. 17 милуан квадратон километр ахсгæйæ, Уæрæсе у дунейы стырдæр бæстæ. Йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ та у дунейы фарæстæм. Цæры дзы 142 милуан адæймаджы. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Мæскуы.

Уæрæсе у минералон æмæ энергион ресурсты стырдæр дарæг, нефт æмæ æрдзон газы стырдæр къахджытæй иу.

Æдæппæтæй цæрджыты нымæц у 141 888,9 мин адæймаджы (1 июны 2008), дунейы цæрджытæй 2,13 %. Уыдонæй 4/5 цæрынц бæстæйы европæйаг хайы (Уралимæ). Адæмæй 73% цæрынц сахарты.

Уæрæсейы цæрынц 180 адæмыхаттæй фылдæр, уыдонæй уырыс сты 81,5% (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ).

Ирæттæй сæ фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты).

Байкал у дунейы арфдæр цад, стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Ладогæйы цад у Европæйы стырдæр æдзæхх цад.




#Article 48: Цæгат Ирыстон (250 words)


Цæгат Ирыстон (официалон ном Республикæ Цæгат Ирыстон — Алани; уырыссагау Республика Северная Осетия — Алания) у Уæрæсейы республикæ, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Мæхъхъæл æмæ Стъараполы крайы ’хсæн. Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар у Дзæуджыхъæу.

Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг у Битарты Вячеслав.

Цалдæр хатты ирон адæм хæцыдысты уæрæсейаг æфсадимæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны XIX æнусы фыццаг хай. Уæддæр официалон уæрæсейаг историографимæ гæсгæ бирæтæ нымайынц, Ирыстон Уæрæсейы скондмæ кæй бацыдис барвæндæй. Владикавказ (иронау Дзæуджыхъæу) уыдис фыццаг Уæрæсейы фидарты ’хсæн Цæгат Кавказы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты афон Цæгат Ирыстоны фылдæр хай уыдис оккупацийы. Фашисттæ пырхгонд æрцыдысты Орджоникидземæ хæстæг.

Республикæйы ис 8 районы.

Цæгат Ирыстоны ис 6 сахары, 7 посёлочы, 94 хъæууон администрацийы, 209 хъæуы (уыдонæй 26 æдзæрæгтæ).

Æдæппæт цæрджыты нымæц у 710 275 адæймаджы, уыдонæй 464 875 цæрынц сахарты.

Ирыстоны политиктæ:

æмæ æндæртæ.

Ирыстоны ахуырады истори ног заманты райдыдта Мæздæджы ирон скъолайæ. Уыцы скъола байгом императоры барамындмæ гæсгæ 1764 азы 21 сентябры æмæ фæкуыста XVII æнусы 90-æм азты онг. Ирон скъолайы байгомыл ныхас райдыдта, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны тыххæй тæрхæттæ куы цыди, уæд — 1749–1752 азты Бетъырбухы. Ирон сабиты ахуырыл бафтауын фæлвæрдтой Ирыстоны дины хъуыддæгтæгæнæг къамисы уæнгтæ, Мæздæджы скъола байгом кæныны размæ дæр.

Литературæйы æвдисæнтæ куыд дзурынц, афтæмæй Мæздæджы скъола ирон адæмы культурон царды сахадыдта куыд ахсджиаг фæрæз национ рухсад рæзыны æмæ национ фыссынады равзæрды хъуыддæгты. Мæздæджы скъолайы ахуыр ирон æвзагыл кæй цыд, уый фæахъаз ирон абетæ саразынæн. Мæздæджы епископ Гай æмæ сауджын Павел Генцауров (Хъесаты) сарæзтой ирон фыссынады системæ аргъуанты славяйнаг графикæйы бындурыл. Фыццаг ирон чиныг — цыбыр катехизис — джиппы уагъд æрцыди 1798 азы.




#Article 49: Хъазиты Мелитон (267 words)


Хъазиты Резойы фырт Мелитон (райгуырд 1948-æм азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ногхъæуы) у зындгонд ирон фыссæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар. Йæ литературон фæсномыг у Роксалан.

Адæймаг цы рæстæджы райгуыры, уымæ гæсгæ бирæ цæмæйдæрты вæййы æппæт йæ цард, йæ архайд. Хъазиты Резойы фырт Мелитон райгуырдис 1948 азы Джеоргуыбайы мæйы (ноябры) 10-æм бон Цхинвалы районы Ногхъæуы зæхкусæг бинонты æхсæн. Уый уыдис ахæм заман, адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ хæдзарад алывæрсонæй йæ къахыл куы лæууын кодтой. Сабийæ зæрондмæ сын æрулæфт куы на уыдис. Тыхст æмæ стонг рæстæг куы уыдис. Фæлæ сæ ныфсæн кæрон куыннæ уыд.

Фыд Резо уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисæг. Мæздæджы сахарæй Ленинграды цурмæ фашистты дæрæнгæнгæ фæцыд къахæй.

Мелитон райдайæн скъола каст фæцис Уæллаг Отъреуы хъæуы, æнæххæст астæуккаг скъола – Уæллаг Черейы хъæуы. Астæукаг скъола та — Ксуисы хъæуы 1966-æм азы. Скъолайы фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-фæсарæйнаг æвзæгты хайады æмæ йæ каст фæцис 1971-æм азы.

Уыдис газет «Советон Ирыстон»-ы корректорæй, уацхæссæгæй. Рауагъдад «Ирыстон»-ы редактор, стæй сæйраг редактор. 1976-æм азы ссис Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг. Стæй – фысджыты цæдисты Дунеон æмхæларады уæнг. 1990-æм азæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар. Уыцы иурæстæджы 1994-1995-æм азты уыдис паддзахадон телеуынынады фыццаг директор. 1996-1999-æм азты Республикæйы Парламенты Сæрдары хæдивæг. Ноджы — культурæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ æмæ дины фæдыл Комитеты Сæрдар.

Йæ иууыл стырдæр бæллиц у иугонд Ирыстон фенын.

Хъазиты Мелитон аивадон уацмыстæ фыссын райдыдта суанг сабийæ. 5-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæдæй фæстæмæ. Йæ уацмыстæ мыхуыр кæнын райдыдта 1985-æм азæй. Мелитон кусы поэзи, прозæ, драматургийы жанрты. Кæны зонадон æмæ тæлмац кæныны куыст. Рауагъта хицæн чингуытæй: 

Хъазиты Мелитон сабитæн ныммыхуыр кодта: 




#Article 50: Эсперанто (127 words)


Эсперанто (Esperanto) у пълангонд æвзаг.

Эсперанто равзæрдис XIX æнусы, æрымысыдис йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвик Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты ’хсæн æвзагæй. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймагæй конд æвзаг. Хуымæтæг адæймаджы эсперантойыл сдзурынæн 3-6 мæйæ фылдæр нæ бахъæудзæн.

Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуырæй рацыдис уырыссагау 1887-æм азы. Нæ рæстæджы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæйы цалдæр милуан адæймаджы.

Кæмæн ахсджиаг у эсперанто базонын:

Эсперанто у нейтралон æмæ æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Кæйдæр национ æвзаг зын у ахуыр кæнынæн, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæн эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.

Эсперанто пайда кæны, 28 дамгъæйы кæй мидæг и, ахæм алфавитæй:

Алы дамгъæ каст у, Æхсæнадæмон фонетикон алфавит куыд амоны, мæнæ ацы дамгъæты йеддæмæ:




#Article 51: Куырттаты ком (152 words)


Куырттаты ком у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хай.
Куырттаты ком у къæдзæхты бæстæ. 

Ис дзы тынг бæрзонд хæхтæ: Тъепле (йæ бæрзæнд у 4431 м), Сырхыбæрзонд (4148 м), Захъхъайы хох (3709 м), Хъæриуы хох (3438 м), Тыбауы хох (2780 м) æмæ рæгътæ — Чызджыты фæндаг, Цъæритгом, Бæхтылæппарæг, Хосæврагъ. Уыдонæн сæ бæрзæнд хæццæ кæны 3000 метрмæ.

Комы цæуы Фыййагдон (Фыййаджы дон дæр æй хонынц), Уырдæм кæлынц Карцадон, Джизидон, Лæцыдон, Цъæритдон, Цъæззиуыдон, Дзамарас æмæ бирæ суадæттæ. Дзывгъисæй дæлæмæ Быдыры Дзуарыхъæуы онг Фыййагдоны фæйнæфарс зайынц бæлæстæ (тæрс, тулдз, сусхъæд, фатхъæд, фæрв, æхсæр æмæ æндæртæ).

Куырттаты комы бынæттон хиуынаффæйады администраци у Уæллаг Фыййагдоны; уымæн цы хъæутæ хауы, уыдонæй цæрджытæ кæм ис, сты: Уæллаг Фыййагдон, Барзыхъæу, Лæц, Дæллагхъæу, Уырыхъæу, Цымыти, Хидыхъус, Хохы Дзуарыхъæу, Хæрисджын, Дзывгъис. Æдæппæт ацы хъæуты цæры 1450 адæймаджы.

Гуысыра æмæ Тæгæрдон хауынц Дзуарыхъæуы администрацимæ.

Куырттаты комы хъæуты æрцардысты 169 мыггаджы.

Куырттаты комæй бирæ хъæутæ федзæрæг сты. Уыдоны ’хсæн Андиатыхъæу, Быгъуылтыхъæу, Гуытъиатыхъæу, Калотыхъæу, Гули, Къадат, Къора.




#Article 52: Касаты Таймураз (156 words)


Касаты Хъауырбеджы фырт Таймураз у зындгонд Цæгат Ирыстоны политик. Ныртæккæ кусы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы нациты хъуыддæгты фæдыл министрæй.

Таймураз райгуырдис 1963 азы 11 августы ЦИ АССР-йы хъæу Фыййагдоны. 1989 азы каст фæцис ЦИПУ-йы экономикон факультет, 2000 азы та — Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Уæрæсейы Паддзахадон службæйы академи.

Йæ фæллойадон фæндаг Касаты Таймураз райдыдта, скъола каст куыддæр фæци, афтæ, СОПМО «Казбек»-мæ кусæнгæрзтæ цалцæггæнæг слесыры ахуыргæнинагæй бацæугæйæ. Уый фæстæ баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты æмæ куыстуатмæ ногæй æрбацыд æртыккаг разряды слесыры хуызы. Уыцы рæстæг уый сси мебель уадзæг иугонд «Казбек»-ы кадрты хайады фæсивæдимæ куысты инспектор. 1989 азы æвзæрст æрцыд Орджоникидзейы ФÆЛКЦ-йы Ленины райкомы дыккаг секретарæй. Афæдзы фæстæ та — ФÆЛКЦ-йы горкомы секретарæй.

Æртæ азы дæргъы (1991-1994) куыста Цæгат Ирыстон Фæсивæды цæдисы Дзæуджыхъæуы сахары комитеты сæрдарæй, фæстæдæр та — Дзæуджыхъæуы бынаттон хиуынаффæйады администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл хайдаы сæргълæууæгæй.

Касаты Таймураз бирæ хæттыты архайдта алыхуызон фæсивæдон форумты куысты, ис æм стыр организаторон курдиат.

Ис Таймуразæн бинонтæ, хъомыл кæны дыууæ сывæллоны.




#Article 53: Гаглойты Владимир (401 words)


Гаглойты  Михаилы  фырт Владимир уыдис номдзыд ирон прозаик, драматург æмæ публицист. Райгуырдис 1927-æм азы 1 февралы Хуссар Ирыстоны Додтотыхъæуы.

Йæ сабийы бонтæ арвыста райгуырæн хъæуы æмæ райдиан скъола дæр уым фæци каст. 1946-æм азы каст фæци Зарыхъæуы астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогикон институты ирон филологийы факультеты æмæ йæ каст фæци 1951-æм азы. Уыцы аз кусын райдыдта  рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. Фæлæ йын  литературæйыл сагъæс æнцой нæ лæвæрдта æмæ иу азы фæстæ 1952-æм азы ахуыр кæнынмæ ацыд Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис 1957-æм азы æнтыстджынæй. Уыцы азæй 1961-æм азмæ куыста Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры  литературон хайады сæргълæууæгæй. Уый фæстæ рацыд рауагъдад «Ирыстон»-мæ сæйраг редакторæй.

Гаглойты Владимир 1968-æм азы  кусын райдыдта журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редакторæй æмæ дзы  фæкуыста  1976-æм азы онг. Уый фæстæ йе ’нæниздзинад фæцудыдта, æмæ уый тыххæй  ацыд Мæскуымæ рæстæгмæ цæрынмæ. Фæлæ рынчынæй æнцой нæ лæууыд. Куыста лекторæй, ирон фæсивæдæй Мæскуыйы театралон институты чи ахуыр кодта, уыдонæн кастис лекцитæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ.

Гаглойты Владимир уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы уæнг. Уыдис Советон Цæдисы фысджыты уæнг æмæ Фысджыты Цæдисты Дунеон æмхæларады уæнг.

Йе ’нувыдон куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдис бирæ майдантæй.

Гаглойты Владимир бирæ рæстæджы уæззау рынчыны фæстæ амардис Мæскуыйы, 1996-æм азы 12 февралы. Баныгæдтой йæ Цхинвалы. Йе ’нæмæлгæ сфæлдыстад егъау ахъаз у ирон аивадон литературæйы прозæ æмæ драмæйы жанрты бæрзонд къæпхæныл сæвæрынæн.

Гаглойы-фырты кадæн Цхинвалы уынгтæй иу (кæддæры Чавчавадзейы уынг) 2003-æм азæй фæстæмæ сси Гаглойы-фырты уынг.

Владимир хæрз чысылæй фæстæмæ баст уыдис ирон национ культурæимæ æмæ дзы иузæрдион  фæллойы фæрцы йæхицæн æнусон мæсыг самадта. Йæ уацмыстæй бирæтæ рацыдысты мыхуыры канд ирон æвзагыл нæ, фæлæ уырыссаг æвзаг æмæ  бирæ æндæр æфсымæрон адæмты æвзæгтыл.

Йæ пьесæты фыццаг чиныг  мыхуыры рацыдис  1954-æм азы. Хуынгæ дæр кодта «Пьесæтæ», зæгъгæ. Йæ пьесæты дыккаг чиныг та рацыдис 1958-æм азы.

Гаглойты Владимир у мæнæ ахæм прозаикон уацмысты автор: «Дæ амонды тыххæй», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг», «Иунæджы кадæг», «Æнæбасæтгæ адæм», «Зæрдæйы сагъæстæ», «Адæмæн зæхх у сæ дарæг», трилоги «Дæ амонды тыххæй», «Гъе мардзæ исчи» æмæ бирæ æндæртæ. 

Цалдæр егъау уацмысы  йын рацыдис уырыссаг æвзагмæ  тæлмацæй. Йæ роман «Пробуждение»-йæн уыдис стыр æнтыст, æмæ йæ стыр цымыдисæй кастис уырыссаг чиныгкæсæг. Йæ уацмысты аив вазыгджын фæлгонцтæ никуы фесæфдзысты ирон чиныгкæсджыты зæрдæтæй.

Гаглойты Владимиры  драмæтæ «Сыгъзæрин фæткъуы», «Ныййарæджы кадæг», «Уарзондзинады кадæг»,  «Зæххон хуыцæуттæ», «Тугæйдзаг чындзæхсæв» æмæ  æндæртæ æнтысгæйæ æвæрд цæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны театрты репертуарты. Йæ трагеди «Ныййарæджы кадæг» æвæрд  æрцыдис Рязань æмæ Киевы сахарты уырыссаг театрты репертуарты.




#Article 54: Голоты Владимир (147 words)


Голоты Естъайы фырт Владимир (райгуырдис 1910 азы, Салбиеры — амардис 1975 азы 25 майы) уыдис зындгонд ирон фыссæг-публицист.

Владимир райгуырдис 1910 азы Ленингоры районы хæххон хъæу Салбиеры мæгуыр зæхкусæг хæдзары. Йæ фыд Естъа амардис 1916 азы.

Владимир баззадис сидзæрæй. Сомбоны фыссæг æмæ журналист цыдис фыййау. Ахуыр кодта сæ хъæуы райдиан скъолайы.

Голоты Владимир бæрнон бынæтты архайгæйæ уый æмрæстæджы кодта ахадæн сфæлдыстадон куыст дæр. Фыста радзырдтæ, уацаутæ, аивадон очерктæ, публицистикон уацтæ. Активонæй архайдта куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр.

Голоты Владимирæн мыхуыры рацыд радзырдтæ, уацаутæ æмæ очеркты бирæ æмбырдгæндтæ. Уыимæ хайад иста фысджыты уацмысты иумæйаг æмбырдгæндты. Фыссæг-публицист æппæт йæ цард, йе сфæлдыстадæй æнувыдæй лæггад кодта адæмæн. Йе ’нувыд куысты тыххæй хорзæхджын æрцыдис бирæ кады грамотæтæй æмæ падзахадон хорзæхтæй.

Голойы-фырт уыд Ирыстоны рагондæр журналисттæй сæ иу. Йæ егъау культурон æмæ аивадон бынтæй арф фæд ныууагъта ирон литературæ æмæ мыхуыры размæцыды хъуыддаджы.

Голоты Владимир амардис 1975 азы 25 майы.




#Article 55: Корейаг алфавит (158 words)


Корейаг алфавит у корейаг æвзагыл кæй фæрцы фыссынц, уыцы алфавит. Хонынц æй хангыл дæр (Корейы хуссары) æмæ чосонгыл дæр (Корейы цæгаты). Лингвисттæм гæсгæ, рагон корейаг алфавит иттæг хорз бæззы корейагау фыссынæн.

Корейаг алфавит корейаг лингвисттæ сарæзтой 1443 азы къарол Седжоны заказмæ гæсгæ. Корейаг адæм сæ алфавитæй тынг сæрыстыр сты æмæ йæ кадæн сарæзтой сæрмагонд бæрæгбон — Хангылы бон.

Хуссайраг традицимæ гæсгæ, алфавиты нымайынц 24 дамгъæйы. Уыдон сты:

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ

Цæгатаг традицимæ гæсгæ, корейаг алфавиты ис 40 дамгъæйы (уыдон дывæргонд дамгъæты дæр нымайынц, æмæ уый тыххæй):

ㄱ ㄴ ㄷ ㄹ ㅁ ㅂ ㅅ ㅇ ㅈ ㅊ ㅋ ㅌ ㅍ ㅎ ㄲ ㄸ ㅃ ㅆ ㅉ ㅏ ㅑ ㅓ ㅕ ㅗ ㅛ ㅜ ㅠ ㅡ ㅣ ㅐ ㅒ ㅔ ㅖ ㅚ ㅟ ㅢ ㅘ ㅝ ㅙ ㅞ

Уæрæсейы цы корейаг дзырдуæттæ уагъд цæуынц, уыдон пайда кæнынц цæгат-корейаг системæйæ.




#Article 56: Тахъазты Фидар (124 words)


Тахъазты Мæхæмæты фырт Фидар (дыгуронау Тахъазти Мæхæмæти фурт Федар; райгуырдис 1960-æм азы 4 февралы Лескены) у зындгонд ирон ахуыргонд, филологион зонæдты доктор, ирзонæг, ирон æвзаджы æнувыд иртасæг, бирæ зонадон куыстыты автор.

Астæуккаг скъола каст фæци 1977-æм азы, уый фæстæ службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. 1981-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны паддазахадон университеты филологон факультетмæ, райста дзы ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйад. Бирæ азты дæргъы ахуыргæнæгæй куыста Мæцутæйы, Толдзгуны, Дзæуджыхъæуы скъолаты.

Тахъазы-фырт сарæзта тæккæ хуыздæр чиныг, ирон æвзаг хæдахуырæй чи ахуыр кæны, уыдонæн («Самоучитель осетинского языка», 2004).

Уый иртаста пысылмон дины бынат традицион ирон культурæйы, йæ кандидаты диссертаци дæр уыимæ баст у, йæ темæ уыдис: «Пысылмон тæваг ирæтты фольклорыл» (). Тахъазы-фырт ратæлмац кодта Хъуыран дыгурон диалектмæ.

Зонадон куысты йеддæмæ, фæфыссы ма радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ сывæллæтæн.




#Article 57: Белгород (125 words)


Белгород (Бе́лгород) у Уæрæсейы Белгородсчы облæсты сæйраг сахар. Йæ цæрджыты нымæц у 330 мин (2004), цæрджыты нымæцмæ азæй-азмæ æфты цæгатæй ардæм чи ’рцæуы, уыдон. Сахар у хъарм æмæ рæсугъд, хæринаджы æргътæ дзы сты аслам, æмæ уый тыххæй адæмы зæрдæмæ цæуы.

Белгородæй Мæскуымæ 695 километры и.

Белгород фæзынд VII æнусы кæрон, фыццаг хатт йæ кой чындæуы 997-æм азы. Белгороды гæнах уыд тынг ахсджиаг Киеваг Уæрæсейы арæнтæ печенег æмæ монголæй хъахъхъæнынæн. Уæд Белгородмæ æрвыстæуыд, закъонмæ гæсгæ кæй нæ амардтой, ахæм фыдгæнджытæ, сæ лæджы чи фæсæйдтой æмæ хъахбай устытæ.

Иу кæнæ дыууæ хатт нæ уыд Белгород бынтон сыгъд, æмæ уый тыххæй 1596-æм азы сахары фæзынд дурын гæнах. Уæдæй фæстæ суанг 1785-æм азмæ (Уæрæсе Хъырым тыхæй куы байста) хъырымаг тæтæрæй хъахъхъæнæн бынат уыди.

Белгороды ис цалдæр уæлдæр ахуырады уагдоны.




#Article 58: Цæрукъаты Алыксандр (152 words)


Цæрукъаты Ибрагимы фырт Алыксандр (райгуырдис 1918-æм азы 12 декабры, Хъарман-Сындзыхъæуы — амардис 2000-æм азы 12 декабры) уыдис ирон поэт, тæлмацгæнæг, бирæ чингуыты редактор.

Цæрукъаты Алыксандр райгуырдиc 1918 азы Цæгат Ирыстоны Хъарман-Сындзыхъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ фыд æнувыдæй тох кодта ног социалистон цардарæзты сæрвæлтау, фæлæ йæ 30-æм азты æнаххосæй æрцахстой æмæ амардтой. Уыцы бæллæх арф фæд ныууагъта поэты зæрдæйы суанг йæ амæлæты онг.

Алыксандр бакасти хъæууон скъолайы, кусæг факультеты, ахуыргæнджыты институты, пединституты. 1957-æм азы та каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институт. Бирæ рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны.

Уый фыссын райдыдта 1930 азты, фæлæ йе сфæлдыстад йæ хуыз скалдта æнусы дыккаг æмбисы. Поэтæн йæ зындгонддæр чиныг у «Арвæрдын» (1959). Уыцы чиныджы тыххæй Джыккайты Шамил афтæ загъта:

Мæнæ куыд фыссы Хъодзаты Æхсар Алыксандры сфæлдыстады тыххæй:

Цæрукъаты Алыксандр ирон æвзагмæ раивта Дж. Родари, А. Барто, К. Чуковскийы æмдзæвгæтæ, тæлмац ма кодта советон республикæты æмæ социалистон бæстæты поэтты уацмыстæ.




#Article 59: Ирон фольклор (451 words)


Ирон фольклор у ирон адæмы дзургæ сфæлдыстад: кадджытæ, зарджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ æмæ афтæ дарддæр.

Фольклоры уацмыстæ фыстой: Тыбылты Алыксандр, Карсанты В., Гæззаты У., Бедзысаты У., Санакъоты П., Уанеты Захар æмæ æндæр иртасджытæ.

Ирон националон эпосыл нымад у «Нарты кадджытæ». Уыцы кадджыты йедтæмæ хуссары Даредзанты таурæгътæ дæр парахат уыдысты.

Кæс сæрмагонд æххæст статья: Цæгат Ирыстоны фольклор.

Кæс сæрмагонд æххæст статья: Хуссар Ирыстоны фольклор.

Хуссар Ирыстоны арæх сты дзыхы уацмыстæ; цæвиттон, ахæм уацмыстæ, аив кæнæ поэтикон фольклоры номæй кæй хонынц. Хуссар Ирыстоны фольклор аппæй дæр æмæ формæйæ дæр хæстæг лæууы Цæгат Ирыстоны фольклормæ, фæлæ йæм ис хи сæрмагонд миниуджытæ дæр. Ахæм сæрмагонд миниуджытæ æвдисынц, цавæр æндæрхуызон фадæттæ цардис Хуссар Ирыстоны адæм ивгъуыд заманты.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ æвæджиау хъæздыг сты аппæй. Тынг алыхуызон сты сæ формæтæ æмæ сæ жанртæ.

Мæнæ чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор»-æй дзургæ сфæлдыстады дæнцæг:

Радзырдта йæ Джабиты Хъаплан.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзагко

Дунейы номдзыд фысджытæй бирæ ахæм нæ разындзæн, йе сфæлдыстады стыр хæсджын чи нæ у фольклорæй, адæмы таурæгътæ, аргъæуттæ, кадджытæ æмæ зарджытæ. Дунейы стырдæр поэттæ æнæвгъау æмæ парахатæй истой се сфæлдыстадмæ фольклоры æнæбын денджызæй.

Рагон бердзейнаг фысджытæ Есхил æмæ Софокл сæ ахъаззагдæр драмæтæ сарæзтой адæмы таурæгъты æрмæгыл: «Прометей», «Авдæй Фивы ныхмæ», æмæ æндæртæ.

Овидийы диссаджы «Метаморфозтæ» сты поэтикон æвзагмæ ивд адæмы мифтæ. Фольклоры бындурыл арæзт сты Вергилийы «Енеидæ» æмæ Апулейы «Сызгъæрин хæрæг» (уæлдайдæр «Амур æмæ Психейы» эпизод). Боккаччойы «Декамеронæн» йæ фылдæр хай у адæмон æмбисæндтыл арæзт. Æнæвгъау истой фольклорæй иннæ италиаг поэттæ дæр: Бойардо æмæ Ариосто («Роданды кадæг»), Тассо («Риналдо» æмæ «Сæрибаргонд Иерусалим») æмæ æндæртæ.

Парахатæй хъацыд сты фольклорон мотивæй Францы разагъды фыссæг Раблейы роман «Гаргантюа æмæ Пантагрюэль». Гётейы номхæссæн поэмæ «Фауст», немыц сæхи буц цы «Фауст»-æй кæнынц, уымæн йæ бындур у рагон адæмон таурæгъ. Фолкорон æрмæгыл арæзт сты Шиллеры «Вилгельм Телль», Вальтер Скотты балладæтæ æмæ иуæй-иу романтæ, Милтоны «Сæфт дзæнæт», Байроны «Манфред», Лонгфеллойы «Гайаватайы кадæг», Пушкины «Руслан æмæ Людмилæ», стæй йæ «Аргъæуттæ», Лермонтовы «Калашников-къупецы кадæг» æмæ ноджы бирæ хæрзаив поэтикон сфæлдыстытæ æгас дунейы литературæйы дæр.

Ирон литературæ дæр февнæлдтытæ кодта фольклорон æрмæгмæ, æмæ уыцы фыццаг февнæлдтытæй дæр бæрæг у, цы диссаджы фадæттæ, цы рæсугъд поэтикон æрмæг æмæ сюжеттæ æмбæхст и нæ фольклоры мидæг, нæ литературæ схъæздыг кæнынæн чи сбæздзæн, ахæм.

Нæ литературæйы сæууон стъалы Хетæгкаты Къоста иттæг арф æмæ æххæстæй æмбæрста нæ фольклорæн йæ уд æмæ йæ ирд æмæ рæсугæй равдыста йе сфæлдыстады: «Æфсати», «Уæлмæрдты», «Лæскъдзæрæн», «Лæг æви ус», «Саг æмæ уызын», «Рувас æмæ зыгъарæг» «Марходарæг», «Булкъ æмæ мыд», «Арс æмæ бирæгъ», «Æрра фыййау» — ацы уацмыстæ арæзт сты иууылдæр фолклоры ’рмæгыл.

Иннæ ирон фысджытæй дæр бирæ сæ ахъаззагдæр фæллæйттæ самадтой фолклоры бындурыл:

Гæдиаты Секъа: «Чермен», «Арагуийы æлдар» æмæ æнд., Къубалты Алыксандр: «Æфхæрдты Хæсанæ», Брытъиаты Елбыздыхъо: «Хазби», «Амыран», Малиты Геуæрги: «Гъонгæси фурт — мæгур Мæхæмæт» æмæ æнд., Беджызаты Чермен: «Мæсгуытæ дзурынц», Хъуылаты Созырыхъо: «Тотрадзы зарæг» æмæ æндæртæ.




#Article 60: Араббы æрдæгсакъадах (109 words)


Араббы æрдæгсакъадах, Арабб кæнæ Аравийы æрдæгсакъадах ( Джазират ал-Араб) дæр, у егъау æрдæгсакъадах Азийы ныгуылæны — Сырх денджыз, Индийы фурд æмæ Персы бакæлæны ’хсæн. Йæ фылдæр хай æдзæрæгран у — цæгаты Нефуд, хуссары Руб-аль-Хали.

Æрдæгсакъадах æмæ йæ цуры сакъадæхтыл æрбынат сты Сауды Арабб, Йемен, Оман, Араббы Иугонд Эмираттæ, Бахрейн, Катар æмæ Кувейт. Регионæн ис егъау политикон роль, уый тыххæй æмæ дзы нефты гуырæнтæ ис. Регион у базарадон æмæ банкон системæйы ахсджиаг артдзæст.

VII æнусы Араббы сæвзæрд пысылмон дин. Йæ пехуымпар Мæхæмæты къухы бафтыд араббаг знæмтæ баиу кæнын. Фæстæдæр Рашидуны æмæ Умаййады калифады рæстæг араббаг æлдариуæг ахæлиу Араббы æрдæгсакъадахы дард æдде, фæзынди егъау пысылмон Араббаг импери — Испанийæ Индийы онг.




#Article 61: Турк (1228 words)


Турк () у Азийы паддзахад, Чысыл Азийы æрдæгсакъадахыл (хонынц ма йæ Анатоли кæнæ Анатолийы æрдæгсакъадах). Турк у НАТО-йы уæнг.

Нырыккон Турчы паддзахад, Турчы Республикæ ( [тюркие джумхуриети]), фæзындис 1923-æм азы райдайæны, Османты импери куы фехæлдис, уæд.

Турчы чысылдæр хай Европæйы у, æмæ уый тыххæй ацы паддзахад Европæйы Цæдисмæ кандидатон бæстæ у (2000-æм азæй).

Туркимæ æмарæн сты: скæсæнырдыгæй — Гуырдзыстон, Сомих, Азербайджан æмæ Иран; хуссарырдыгæй — Ирак æмæ Сири; ныгуылæны — Грекъ æмæ Болгари. Турчы былгæрæттæ æхсынц цыппар денджызы дæттæ — Сау, Зæххастæуы, Эгейы æмæ Мрамæры денджызтæ.

Закъондæттæг хицауиуæг ис иупалатон парламентмæ — Турчы стыр националон æмбырдмæ, арæзт у 550 æвзæрст лæгæй, равзарынц сæ 4 азмæ (2007 онг 5 азмæ) æппæтиумæйаг комкоммæйы хъæлæслæвæрдæй, пропорционалон минæвардæттыны систæмæмæ гæсгæ. Партиты минималон къæсæр у 10 %. Æххæстгæнæг хицауиуæг ис хицауады къухы, йæ сæргъы премьер-министр, фæлæ президентмæ дæр хауынц иуæй-иу æххæстбартæ (). Æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауадмæ конституцион цæстдард кæны Турчы Конституцион Тæрхондон, арæзт у 11 иугæндзон æмæ 4 ивгæ уæнгæй, нысангонд вæййынц президентæй æмæ ныллæгдæр тæрхондоны уагдоны къордтæй вазыгджын æмæ арæх суйтæгонд баныхæсты, хъæлæслæвæрдты æмæ уынаффæты фæстæ. Конституцион Тæрхондоны сæрдар (2007 азы октябырæй) у Хашим Килич.

Ныр хицауиуæг кæны исламистон Рæстзинад æмæ рæзты парти.

Турк æвæрд у ныгуылæйнаг æрдæгтымбылæджы. Йæ фæзуат (миддонуæттимæ) ахсы 779 452 кв. км. Турчы территорийы иу хай — 97 % — ис Азийы, 3 % — та Европæйы. турчы географион хицæндзинад — рагæй дæр Европæ æмæ Ази, сауденджызон бæстæтæ зæххастæуонтимæ чи бæтты, уыцы ахсджиаг фæндæгты алвæндагыл равæрд. Туркыл цæуынц соса æмæ æфсæнвæндаджы магистралтæ, бæттынц Европæ Азийы бæстæтæй бирæимæ.

Турчы арæнты максималон айтыгъд ныгуылæнæй скæсæнмæ — 1600 км, цæгатæй хуссармæ 600 км. Æппæты бæрзонддæр цъупп — Арараты хох (, 5 165 м). Стырдæр цад у содæджын Ваны цад, йæ фæзуат у 3 574 км².

Бæстæ æртæрдыгæй æхсад цæуы денджызтæй, цæгаты — Сау денджызæй, ныгуылæны — Эгейы денджызæй, хуссары Зæххастæуы денджызæй, Турчы европæйаг æмæ азиаг хæйттæ кæрæдзийæ хицæнгонд сты доны систæмæйæ, уыцы систæмæ аразы денджызон ахизæн Сау денджызæй Эгейагмæ æмæ йæ хæйттæ сты Мрамæрон денджыз, донкъубæлттæ Босфор æмæ Дарданеллæтæ. Босфоры æмæ донбакæлæн Сызгъæрин сыкъайы хуссайраг хайы æрбынат кодта дунейы тæккæ рæссугъддæр сахартæй иу æмæ Турчы тæккæ стырдæр сахар — Стамбул (раздæры Константинополь).

Турчы территорийыл ис пайдайаг къахинæгты 100 хуызæй фылдæр. Бæстæйы ис згъæрдуры бирæ хуызтæ, хæххон-химион æмæ артаг-энергион хомæгты равзæрæнтæ. Фыццаджы дæр хъæуы ской кæнын хромы, вольфрамы, æрхуыйы æрзæтты, боратты, мрамæры, æвзалыйы тыххæй. Туркмæ хауынц дунейы æвæрды 25 % джынасуйы.

Турк фылдæр хæххон бæстæ у. Уымæ гæсгæ йæ бæстыхъæд хæссы æхсæнæй хæххон уавæр æмæ Континенталон бæстыхъæды æууæлтæ. Сæрд Турчы кæмдæриддæр вæййы тæвд æмæ хус. Зымæг митджын æмæ уазал. Эгейы æмæ Зæххастæуы денджызты Зæххастæуон бæстыхъæд фæлмæндæр зымæгимæ, æнæцудгæ митæй æмбæрзт нæ вæййы.
Эгейы денджызы климæт у ромыл-денджызон, характерон хъарм сæрдимæ æмæ уазал зымæгимæ. Температурæ зымæджы (январы) вæййы +5 °C æввахс, сæрды (июлы) +22 °C æввахс. Дæлдзырæттæ () æруарынц азмæ 1000-2500 мм.

Уæлидзинæдтæ: 1990-æм æзты цырд рæзт экономикæйы либерализацийы фæстæ. Хъæууон хæдзарад зæгъæн ис æмæ æххæстæй бæстæ хойрагæй ифтонг кæны. Конкурентоспособон сты текстилон, фæлгосæн () æмæ арæзтадон хайæдтæ. Хорз ахъаз дæтты туризм. Дзæбæх райтынг кæны приватон экономикæ. Ис таможнæйы цæдис ЕЦ-имæ.

Лæмæгъ бынæттæ: уæллоз инфляци (2004 азы 54,4 %). Тæссонд æхсæнадон финансон сектор. Паддзахадон бæрократи. Æнæмсæр приватизаци. Лæмæгъ банчыты сектор. Ахадгæ организацигонд æвзæрдзинад. Зынаргъ хæстон операцитæ курдаг сепаратистты ныхмæ.

Турчы экономикæ 1980-ты реформæгонд æрцыдис æмæ ныры рæстæджы æвдыст цæуы приватон секторы дзæвгар архайдæй æмæ базарадон ахæстыты уæлиуæгдзинадæй. Т. Эродганы хицауад дарддæр кæны экономикæйы либерализаци, приватизацигонд цæуынц паддзахадон концернтæ æмæ мидбазарад гомгонд цæуы фæсарæйнаг инвестортæн.

Индустрийы хай бæстæйы экономикæйы у 28 % æввахс, хæууон хæдзарады — 15 %, арæзтады — 6 %, лæггæдты — 51 %. Индустриалон кондады иумæйаг бæрцуаты иуылстырдæр бынат ахсы фæлгосæн индустри (84 %, арæзтадимæ). Тынг кæнынц текстилон, цæрмгæнæн, хойрагон, химикон, фармацæвтикон хайæдтæ, энергетикæ, метталурги, науаразæн, хæдтулæгаразæн æмæ электроцардон гæрзджыты товарты арæзтад. Ныры рæстæджы Скæсæйнаг Азийы бæстæты рдыгæй стыр конкуренцийы тыххæй Турчы текстилон хайад зын рæстæг æвзары. Тынг парахатгонд цæуы туризм.

Бæстæйы цæрджыты фылдæр хай сты туркæгтæ. Хъæуы ацы фарстайы фæбæрæг кæнын, Турчы Республикæйы сæвзæрды размæ, 1923-æм азы размæ хином уыдис османтæ. Мустафа Кемаль разæрæвæрдта ном «турк», республикæйы ном та «Туркаг» уымæн æмæ уыцы ном тюркагæвзагон адæмыхæттыты æнгомдзинадæн фæпайда уыдаид. Турчы Республикæйы равзæрды рæстæджы йæ адæмы нымæц бæрæггонд уыдис куыд 12532 мин адæймаджы. Æппæтæй бæстæйы арæзт уыдис адæмы 12 сфысты. 1927-æм азæй Турчы цæрджыты нымæц фæфылдæр ис 4,4 хатты, уыимæ афтиддæр 1950-æм азæй 1985-æм азмæ — 2,5 хатты. Цæрджыты тагъд рæзт (2005-æм азы фæуæлдæр сты 70 милуанæй) у бæстæйы ахсджиаг проблемæ.

Цæрджыты райуæрст Турчы территорийыл у тынг æнæмбæрц. Бæстæйы тæккæ адæмарæхдæр регионтæ сты Мрамæрон æмæ Сау денджызты былгæрæттæ, æмæ, Эгейы денджызмæ цы районтæ æввахс сты, уыдон дæр. Тæккæ фылдæрнымæцджын сахар цæрджытæм гæсгæ у Стамбул, тæккæ æдзæрæгдæр район — Хаккяри.
 

Бæстæйы никуы цыдис адæмы сфыст национ скондмæ гæсгæ, уый йеддæмæ ма фылдæр цæрджытæ, сæ равзæрдмæ нæкæсгæйæ, фыццаджыдæр нымайынц сæхи туркæгтыл, уый фæстæ та æрхъуыды кæнынц сæ равзæрд. Афтæ курдæгты фылдæр хай сæхи схонынц «догулу» — адæймаг бæстæйы скæсæнæй, фæлæ сæ мадæлон æвзаг та схонынц курдаг. Этносты нымæц, æввахсæй дæр тынг зын нымайын у. Бæрæггæнæнтæ сты тынг алыхуызон, фæлæ, æвæццæгæн, ис зæгъæн æмæ курдæгтæ бæстæйы сты 20 милуаны бæрц æмæ цæрынц йæ территорийы алы рæтты, æрмæст скæсæны, куыд раздæр, афтæ нæ.

Стыр у Турчы Цæгат Кавказæй рацæуджыты нымæц, хонынц сæ иумæйаг номæй «черкестæ». Сæ æрдæгæй фылдæр сты адыгъе, ноджы ма ис ирæттæ, абхазæгтæ, цæцæн, хъæрæсейæгтæ, абазæгтæ. Сæ иумæйаг нымæц алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 3-4 милуан адæймаджы астæу.

Бæстæйы хуссар-ныгуылæны æнгомцард кæнынц 500 мин араббæгтæ. Егъау сахарты, уæлдайдæр Стамбулы, цæры бирæ сомихæгтæ (40 мины) æмæ ассириæгтæ. Лазтæ æмæ хемшилтæ (пысылмон дин райсæг сомихæгтæ) 0,5 милуаны, цæрынц сæйрагдæр Сау денджызы скæсæйнаг донбылтыл, ныры рæстæгмæ систы туркæгты этнографион дæлкъордтæ. Семæ ма ахæм дæлкъордтæ сты цæугæ цардгæнæг йорюктæ æмæ тахтаджтæ. Турчы дзуттæгтæ, кæдон бæстæйы адæмæй сты 0,1 % бæрц, сæхи нымайынц иудаизмыл хæст туркæгтыл. бердзенæгтæ, албайнæгтæ, гуырдзы, азербайджайнæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц æнæхъæн бæстæйы, сæйрагдæр та егъау сахарты Стамбулы, Измиры, Анкарайы.

Уый йеддæмæ ма бирæ туркаг адæм ралыгъдысты Туркмæ Болгарийæ, кæддæры Югославийæ, Румынийæ æмæ раздæры Советон Цæдисæй, æмæ æрцардысты сæйрагдæр Антальяйы æмæ Измиры курортон тæгты, къаннæгдæр хай та — Бурсæйы æмæ Стамбулы.

Динмæ гæсгæ туркæгтæ сты пысылмæттæ (фылдæр хай сунниттæ, гыццылдæр шииттæ, Турчы сæ хонынц «алевиттæ»).

Паддзахадон æвзаг — туркаг.

Турчы Республикæйы цæрынц цалдæр мин ироны.

Турчы дин закъонмæ гæсгæ хицæнгонд у паддзахадæй æмæ уырныны сæрибардзинад æвджидгонд у бæстæйы алы цæрæгæн дæр. Паддзахады цæрджыты фылдæр хай пысылмон диныл хæст сты. Кусынц бирæнымæцон мæзджыттæ — 70000. Уый йеддæмæ регистрацигонд æрцыдысты 321 алыхуызон здæхтыты чырыстон æхсæнады, 36 иудейаг синагогæйы.

Растуырнæг динмæ дæр, иннæ динты хуызæн, ис æмсæрон статус. Турчы æрбынат кодта динон æмæ административон центр фыццаджы намысмæ гæсгæ бынæттон растуырнæг еклези — Константинополы партиархады, йæ хистæры — Константинополы патриархы резиденци ис Стамбулы. Патриархады дæлбар сты Турчы растуырнæг приходтæй бирæтæ, æмæ кæцыдæртæ æмарæн бæстæты.

Ныры рæстæджы Турк кæны баныхæстæ Европæйы Цæдисмæ, цæмæй ацы политикон-экономикон сырæзтмæ бахиза.

Турк æмæ Европæйы æмахæстытæ зынвадат кæны Турчы æнæфæндон банымайын Кипры Республикæ, уый 2004-æм азы майы бахызтис ЕЦ-мæ. 1974-æм азы Турк сакъадахы цæгатаг хай бацахста, уæдæй Турчы хицауад нæ нымайы хуссайраг — грекъаг хайы хицауады.

Иннæ ’рдыгæй Турк ЕЦ-йы мидбазарад фæуæрæхдæр кæндзæнис, æмæ ратдзæнис квалификацигонд кусæн тыхтæ европæйаг компанитæн, кæдон тыхсынц цæрджыты тагъд зæрондæй. 2014-æм азмæ иртæстытæм гæсгæ Турчы цыппæрæм хай уыдзæнис 14 азæй кæстæр.

Уырыссаг-туркаг æмахæстытæ фидаргонд æрцыдысты 1701-æм азы, уæд Константинополы байгом ис Уæрæсейы Империйы минæварад. Фæлæ дывæрсыг æмпаддзахадон бастдзинæдтыл цæуы фондз æнусæй фылдæр — историктæ нымæц райдайынц 1492-æм азы 30 августы æрвыст минæвардзырдæй денджызон базарады фарстатыл кнъийаз Иван III османты султан Баязет II-мæ.

Турчы гæрзифтонг тыхтæ () — Турчы Республикæйы æфсæдты æмдзыгуыр, нысангонд сты сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ территориалон æнгомдзинады хъахъхъæнынмæ.




#Article 62: Ирон æвзаг æмæ SMS (133 words)


Ирон æвзагыл SMS-ты фыссынæн ис цалдæр гæнæны. Уыдонæй аивдæр æмæ растдæр у нырыккон ирон фыссынад (ома, Википеди кæмæй пайда кæны, уый). Фæлæ ахæм SMS ныффыссынæн хъæуы бирæ рæстæг (уый тыххæй æмæ клавиатурæтæ ивын хъæуы кириллон алфавитæй латинагмæ æмæ фæстæмæ). Стæй кириллон алфавитæй ис ныффыссæн æрмæст 70 дамгъæйы, латинагæй та — 160-140; ома бирæ асламдæр рауайы.

Гъе, уый тыххæй равзæрди сæрмагонд латинаг фыссынад, æрмæст SMS-ты кæмæй пайда кæнынц, ахæм. Уыцы фыссынады бындур у кæддæры ирон алфавит (1923—1938), ома цыдæр æрымыст системæ нæу, ирон культурæйы традицитæ хорз хъахъхъæны.

Бахъуыды кæнут:

Дæ бон хорз! Куыдтæ дæ? Рагæй дæ нæ федтон. Цы ног хабæрттæ дæм и?

Æнхъæлмæ мæм ма кæсут, байраджы кæндзынæн.

Цы дыл æрцыди? Ма мæ тыхсын кæ!

Дæ бабуля куыд у? Рынчын нæу?

Чындзæхсæвмæ дæ хонын!

Кæд Мæскуыйы цæрыс, уæддæр ирон æвзаг ма ферох кæн!




#Article 63: Дамгъæ (137 words)


Дамгъæ у алфавитон фыссынады символ, ныхасы мыртæ чи амоны, ахæм. Дамгъæйæ хъауджыдæр иероглиф нысан кæны исты хъуыды.

Дамгъæтæ баст сты фонетикæимæ. Æцæг фонематикон алфавиты дамгъæтæй алчи нысан кæны иу фонемæ, фæлæ практикæйы иу фонемæ арæх фыссынц цалдæр дамгъæтæй. Дыууæ дамгъæйы, иу фонемæ чи нысан кæнынц, хуыйнынц диграф. Англисаг æвзаджы диграфтæ сты ch, sh æмæ th, ирон æвзаджы — дз, дж, гъ æмæ æндæртæ (ирон ахуырады традицимæ гæсгæ дамгъæтыл нымад сты, ис сын алфавиты бынат дæр). Иу фонемæ триграфæй дæр фыссæн и — зæгъæм, немыцаг триграф sch нысан кæны фонемæ [ш].

Фыццаг алфавит фæзынди нæ эрæйы агъоммæ 2000 азмæ ’ввахс Мысыры. Уыцы алфавитæй рацыдысты нырыккон алфавиттæн сæ фылдæр хай. Æппæнæрæгмæ нæ эрæйы агъоммæ VIII æнусы грекъ байстой финикиаг алфавит æмæ йæ бындурыл сарæзтой сæхи алфавит — æд хъæлæсон дамгъæтæ. Уыцы алфавитæй рацыди латинаг æмæ фæстæдæр кириллон алфавиттæ.

Кæс:




#Article 64: Мугæ (112 words)


Мугæ (, хуссар ныхасыздæхтыты мантъылы‎ дæр) у дыргъхæссæг бæлас. Латинаг классификацимæ гæсгæ ацы ботаникон хуызы ном у Mespilus. Уырыссагау хуыйны мушмула. 

Мугæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: гермайнаг (иуæй-иу ахуыргæндтæ равзарынц кавказаг мугæ дæр) æмæ америкаг Mespilus canescens (сырх дыргътимæ). 

Æппæты хуыздæр зайæн бынат 500-1500 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Фæлæ æстæм хатт уымæй уæлдæр бынаты дæр фæзайы. Кæны урс дидинæг. 

Мугæйы дыргътæ сты морæ, сæ диаметр у 2—3 см. Фæлæ ис ахæм хуыз мугæ, æмæ йæ дыргъты диаметр у 7 см. Иу бæлас фæдæтты 12-16 киломæ ’ввахс дыргътæ. 

Мугæйы дыргъты ис бирæ адæмы пайдайæн буаргъæдтæ, ахæмтæ куыд фруктозæ, глюкозæ, каротин, витамин C æмæ æндæртæ. Мугæйы дыргътæ пайда кæнынц сæн æмæ ликёр уадзынæн дæр.




#Article 65: Мыдыбындз (155 words)


Мыдыбындз, дыгуронау: мудбиндзæ () у пайдахæссæг саск, адæймагæн дæтты мыд, мыдадз æмæ æндæр буаргъæдтæ.

Мыддарды куыстæн цы стыр нысаниуæг ис хъæууон хæдзарады, ууыл бирæ фыстæуы мыхуыры. Мыд бирæ низты ныхмæ кæй у, уый бæстон æмбæрстгонд у алы адæймагæн дæр. Уый сбæлвырд кодта нæ медицинæ дæр æмæ сиды алы мыдгæс, алы цæрæгмæ дæр, цæмæй стыр хъусдард аздахой ацы ахсджиаг хъуыддаг райтынг кæнынмæ. Æмæ нæ мыдгæстæ дæр фæстаг рæстæджы ноджы егъаудæр хъусдард аздæхтой мыддарды куыст райтынг кæнынмæ æмæ сæ иузæрдион куысты руаджы сæ чыргъæдтæй райсынц дзæвгар мыд.

Мыдгæстæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой, зæронд гуылты раивын кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ зымæджы иуæй-иу фæлгæттыл фæзыны рæмпæг дæр, стæй æнæуи дæр ныссау вæййынц æмæ сыл афтæмæй зивæгæй фæбадынц мыдыбындзытæ. Ахæм гуылтæн сæ чыртæ дæр слыстæг вæййынц æмæ сæ уый тыххæй ивын хъæуы æрвылаз дæр.

Мыдгæстæй кæй фæнды фылдæр мыд райсын, уый сæ ласынц хуыздæр хизæнуæттæм, æфцæгрæбынтæм, алыгъуызон дидинджытæ парахатæй кæм ис, ахæм ранмæ æмæ мыддарды зынаргъ продукци райсынц фылдæр.




#Article 66: Хими (1963 words)


Хими (арæзт цæуы бердзенаг ныхасæй Chemia) у æрдззонæны ахсджиагдæр æмæ егъаудæр къабæзтæй иу; буаргъæдтæ, се сконд, сæ миниуджытæ æмæ уыимæ ма, химион реакциты фæрцы буаргъæдтыл цы ивддзинæдтæ æрцæуы, уыдон дæр, чи иртасы, уыцы зонад. Атомтæ, химион бастдзинæдты руаджы, молекулæтæй фестынхъом кæй сты, стæй буаргъæдтæ атомтæй арæзт кæй сты, уымæ гæсгæ хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ æмæ, атомтæй чи сæвзæрди, уыцы молекулæты æмбастдзинæдтæ, стæй сæ архайд кæрæдзиимæ.

Химион иртасæнты сæр у химион элементтæ æмæ баиугæндтæ, стæй алыхуызон химион реакциты цæуыны закъæттæ.

Хими æвзæрын райдыдта 5000 азы размæ (æд-зонд адæймаджы дуджы). Адæймаг кæддæриддæр архайдта химион буаргъæдтимæ æмæ уымæн йæ фыццаг эксперименттæ — цæрмтæ æлдыгъ кæнын, хæринаг кæнын, арт кæнын — ис нымайæн практикон химийы райдианыл. Цадæггай практикон зонæнтæ фылдæр кодтой æмæ цивилизацийы рæзты райдианы адæймагæн йæ бон уыди иуæй-иу ахорæнтæ, эмальтæ, марг æмæ хостæ кæнын. Райдианы адæймаг пайда кодта биологон процесстæй: æнхъизын, æмбийын æмæ æндæртæй, фæлæ арт кæнын куы базыдта, уæд райдыдта пайда кæнын тайын кæныны, судзыны, æхсидыны процесстæй.

Химион дæсниæдты бындур æрæвæрдæуыди Рагон Мысыры (Египет). Згъæркуыст, керамикæ, авгкæнын, парфюмери, косметикæ — уæдыккон химийы ацы къабæзтæ, суанг нæ эрæйы агъоммæ дæр, уыдысты размæцыд. Цæвиттон, нырыккон доныстоны авджы сконд, зæгъæн ис, ницы хъауджы кæны, 6000 мин азы размæ Мысыры цы авгæй пайда кодтой, уый скондæй. Химион зонæнтæ, кæд сæ дзуарылæгтæ сусæг кодтой хи къорды мидæг, уæддæр куыддæртæй хъарыдысты æндæр бæстæтæм. Европæйæгтæм химион зонад бахауди фыццаджыдæр араббæгтæй, уыдон 711-æм азы Испани сæхи куы бакодтой, уæд. Арабб уыцы зонад хуыдтой «алхими» æмæ афтæмæй ацы ном ахæлиу Европæйы дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Мысыры, суанг нæ эрæйы агъоммæ 3000-æм азы, зыдтой кæнын æрхуы æмæ йæ баиугæндтæ (æндидзынгæнæгæн, ома «восстановителæн» пайда кодтой æвзалыйæ), стæй æвзист æмæ зды. Куыдфæстæмæ Мысыр æмæ Месопотамийы рапарахат ис бронзæйы кондад, цæгатаг бæстæты та — æфсайнаджы кондад. Уыцы заманы ахуыргæндтæн æнтысти теоретикон ссарæггæгтæ дæр. Зæгъæм, Китайы, нæ эрæйы агъоммæ XXII-æм æнусæй фæстæмæ, зындгонд уыди бындурон элементты теори (дон, зынг, хъæдвыд, сызгъæрин, сыджыт). Месопотамийы та фæзынди ахæм идейæ, зæгъгæ, дуне арæзт у ныхмæлæуддзинæдтæй: зынг — дон, хъарм — уазал, хус — уымæл æмæ афтæ дарддæр.

Нæ эрæйы агъоммæ V-æм æнусы Гречъы Левкипп æмæ Демокрит рапарахат кодтой, æппæт буаргъæдтæ атомтæй арæзт сты, зæгъгæ, кæм дзырдæуы, уыцы теори. Грекъаг философтæ аналогийы хуызы æркастысты фыстыты скондмæ æмæ рахатыдтой: мæнæ ныхас дзырдтыл куыд дих кæны, дзырдтæ та дамгъæтыл, афтæ æппæт буаргъæдтæ дæр арæзт сты бæрæг баиугæндтæй (молекулæтæй), уыдон та сæхæдæг арæзт сты, диххъом чи нæу, ахæм элементтæй — атомтæй.

Нæ эрæйы агъоммæ V-æм æнусы Эмпедокл рæгъмæ рахаста ног теори. Философмæ гæсгæ бындурон элементтæ сты дон, зынг, уæлдæф æмæ сыджыт. Нæ эрæйы агъоммæ IV-æм æнусы Платон цы ахуырад рæгъмæ рахаста, уымæ гæсгæ уыцы элементтæй алкæмæн дæр уайы хицæн хуыз æмæ, элементы миниуджытæ бæрæг чи кæны, атомы ахæм сæрмагонд рæстфарс тыгъдадджын фигурæ (): зынгæн уайы сырх хуыз æмæ тетраэдр, донæн — æрвцъæх хуыз æмæ икосаэдр, зæххæн — кæрдæгцъæх хуыз æмæ гексаэдр, уæлдæфæн — бур хуыз æмæ октаэдр. Платон куыд зæгъы, афтæмæй, раст уыцы «агуыридурты» комбинацитæй арæзт у æгас æрмæгон (материалон) дуне. Ацы теори йæхимæ райста æмæ дзы пайда кодта Аристотель дæр.

Нæ эрæйы агъоммæ IV—III-æм æнусты Азийы равзæрди, йæ дуджы философон зонæнтæ æмæ æрмгуысты фæлтæрддзинад, стæй магион æмæ мистикон теоритæ кæм баиу сты, ахæм зонад — алхими. Ссардæуыди ахæм ног элементтæ, куыд джынасу, сондон, фосфор, сбæрæг и цæххы бирæ типтæ; уæдмæ зындгонд уыдысты туагад HNO3 æмæ щёлочь NaOH. Уыцы заманы зындгонддæр алхимиктæ уыдысты Джабир ибн Хайян (Гебер), Ибн Сина (Авиценна) æмæ Абу-ар-Рази.

Нæ эрæйы VII-æм æнусы алхими бахæццæ и Европæмæ. Уыцы заман уæлдай популярон уыдысты хъæздыгад æвдисæг дзаумæттæ (), уæлдайдæр сызгъæрин. Сæ популярондзинадæн уыдис бæлвырд аххосаг: уыдон уыдысты азиаг бæстæтимæ базар кæныны фæрæз. Алхимиктæ сæ хъус дардтой, практикон ахадындзинад кæмæн уыди, ахæм фарстатæм: сызгъæрин иннæ зъæртæй куыд самалгæнæн ис, згъæртæ куыд бакусинаг вæййынц æмæ æндæр ахæмтæм. Цадæггай араббаг алхими практикæйæ дард кодта æмæ куыдфæстагмæ раздæрау популярон нал уыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, алхими парахат кодта тынг цадæггай. Уымæн уыди бæлвырд аххосæгтæ: кондады спецификæ, стæй зонæнтæ æрмæст фыдæй фыртмæ кæй лæвæрдтой. Европæйы зындгонддæр алхимиктыл нымад уыдысты Роджер Бэкон æмæ Раймонд Луллий. Алхимийы биноныг ивддзинæдтæ æрцыди æрмæст XVI æнусы, згъæркуыст æмæ медицинæ тынг рæзынгæнинаг кæй уыдысты, уый руаджы.

Хими куыд зонад сбæрæг ис XVI—XVII-æм æнусты, дунейы механистикон сурæтæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы зонадон æнтыстыты руаджы. Уымæй уæлдай ма химион зонадæн ахъаз фесты индустрийы рæзт æмæ буржуазон æхсæнады фæзынд. Фæлæ уæддæр химийы фарста уыди быцæуаг: физикæйæ хъауджыдæр, хими бæрцытæй нæ уыди равдисæн æмæ уымæн-иу иуæй-иу ахуыргæндтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, хими бæрцытимæ архайæг зонад нæу, фæлæ у сгарыны (познание) æндæр хуыз. 1661-æм азы Роберт Бойль ныффыста чиныг «Химик-скептик». Ахуыргонд йæ куысты равдыста, буаргъæдты миниуджытæ, буаргъæдтæ цы хайыгтæй арæзт сты, уыдонимæ баст кæй сты. Зæгъæм, дыууæ буаргъæдæн фæйнæхуызон миниуджытæ кæй ис, уымæн аххосаг у, фæйнæхуызон хайыгтæй (корпускултæй) арæзт кæй сты. Ван Гельмонт иртаста судзыны процесс æмæ афтæмæй рабæрæг кодта, буаргъæд куы судзы, уæд йæ цур газ кæй сæвзæры. Газы æмбарынады уæлдай ма, ахуыргонд раргом кодта æвзалытуаг (углекислый) газ. 1672-æм азы Бойль раиртæста, згъæр зынджы куы фæдарай, уæд йæ массæ фылдæр кæй кæны, уый. Уыцы фæзынд афтæ бамбарын кодта, зæгъгæ, згъæр йæхимæ арты хайыгтæ исы.

XVIII-æм æнусы райдианы Шталь радта флогистоны теорийы формулировкæ. Штальмæ гæсгæ флогистон у, æрмæг куы судзы, уæд уымæй чи фæиппæрд вæййы, уыцы буаргъæд. 1774-æм азы Пристли раргом кодта туаггуыр, Кавендиш та 1766-æм азы — донгуыр.

Буаргъæдты сконд раиртасынæн тынг сахадыдтой XIX-æм æнусы зонадон ссардтытæй. Ахуыргæндтæ иртæстой эмиссион спектрты тæнæг структурæ æмæ ныхъуырыны спектртæ (тонкая структура эмиссионных спектров и спектры поглощения) æмæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, уæлдæрранымад спектртæ æмæ буаргъæдты атомты сконды ’хсæн ис бастдзинад. Радиоактивондзинад раргомы руаджы рабæрæг и, иуæй-иу атомтæ стабилон кæй не сты, стæй сын изотоптæ кæй ис æмæ æндæр атомтæй фестынхъом кæй сты.

Элементарон хайыгтæ

Атом æмæ атомы аппæй фæстæмæ, æппæт хайыгтæ сты элементарон (кæй зæгъын æй хъæуы, протонтæ уыцы къордмæ нæ хауынц).

Атом

Атом у химион элементæн йæ лыстæгдæр хайыг чи у, æмæ йе ’ппæт миниуджытæ чи хæссы, уый. Атом арæзт у аппæй æмæ аппы алыварс чи зилдух кæны, уыцы электронтæй. Апп арæзт у протонтæ æмæ нейтронтæй. Протонтæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг, нейтрон у нейтралон. Атомтæ кæрæдзиимæ архайгæйæ аразынц молекулæтæ.

Хуымæтæг буаргъæд фæхицæнтæ вæййы иу типы атомтыл (кæд, зæгъæм, гелийы хуызæн иуатомон нæу, уæд), вазыгджын буаргъæд — цалдæр типы атомтыл.

Химион реакцийы фæрцы атом фæдихгæнæн нæй.

Молекулæ

Молекулæ у, дыууæ кæнæ фылдæр атомтæй арæзт чи у стæй хибарæй уæвынхъом чи у, ахæм хайыг. Ис ын иудадзыгон хъæдон æмæ бæрцон сконд. Молекулæйы миниуджытæ баст сты цалдæр хъуыддагимæ: 1) йæ сконды цы атомтæ ис, уыдонимæ; 2) куыд баст сты кæрæдзиимæ атомтæ; 3) цавæр бынат сын ис молекулæты хуылфы. Молекулæйæн вæййы цалдæр уавæры (уыцы иу рæстæджы молекулæ вæййы иу уавæры). Молекулæ исты æддагон факторты руаджы иу уавæрæй иннæ уавæрмæ хизынхъом у. Буаргъæды миниуджытæ баст сты, йе сконды цы молекулæтæ ис, уыдоны уавæр æмæ миниуджытимæ.

Буаргъæд

Классикон зонады хъуыдымæ гæсгæ материйы уæвынæн ис дыууæ физикон формæйы: буаргъæд æмæ быдыр. Буаргъæд у, æнцойады массæ кæмæн ис, материйы ахæм формæ. Æппæт буаргъæдтæ дæр сты корпускулæтæй (ома хайыгтæй) арæзт. Хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ, молекулæтæ, ионтæ æмæ радикалтæй арæзт чи у, уыцы буаргъæдтæ. Ранымад хайыгтæ та арæзт сты элементарон хайыгтæй: электронтæ, протонтæ, нейтронтæ æмæ æндæртæй.

Хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Химион элементтæ.

Сыгъдæг буаргъæдты ’хсæн равзарæн ис хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Фыццæгтæ арæзт сты иухуызон химион элементтæй. Дыккæгты сконды ис цалдæр химион элементы.

Хуымæтæг буаргъæдтæ нæй хæццæгæнæн æмбарынæдтæ «атом» æмæ «химион элемент»-имæ
Химион элемент у, йæ аппæн бæрæг æвæрццæг ифтыгъдæг кæмæн ис, ахæм атомты тип. Æппæт химион элементтæн ис сæрмагонд бынат (бæлвырд атомон номыримæ) Менделеевы элементты Периодон системæйы. Элементы фæткон номыры нысаниуæг æмæ уыцы элементы атомы аппы нысаниуæг сты æмхуызон, ома химион элемент у, иу фæткон номыр кæмæн ис, уыцы атомты æмдзыгуыр.
Хуымæтæг буаргъæдтæ сты химион элементты хибарæй уæвыны формæ. Алы элементæн (ифстагæй фæстæмæ) уайы цалдæр хуымæтæг буаргъæды (химион терминтæй: аллотропон формæйы). Уыцы хуымæтæг буаргъæдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц се скондмæ гæсгæ (зæгъæм, атомон туаггуыр О, æнæуый туаггуыр О2 æмæ озон О3) кæнæ сæ кристаллон хызæджы арæзтмæ гæсгæ (зæгъæм, элемент æвзалыгуырæн (С) уайы дыууæ хуымæтæг буаргъæды: алмаси æмæ графит). Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæг буаргъæдтæ вæййынц иуатомон æмæ бирæатомон.

Вазыгджын буаргъæдтæн ис ма æндæр ном: химион баиугæндтæ, уымæн æмæ ацы буаргъæдтæ фæзынынц хуымæтæг буаргъæдтæ химион реакцийы фæрцы куы баиу вæййынц, уæд.

Хуымæтæг буаргъæдтæ сты вазыгджын буаргъæдты химион реакцийы фæрцы уæнгтæ кæныны фæстаг формæтæ. Вазыгджын буаргъæдтæ, цы хуымæтæг буаргъæдтæй арæзт вæййынц, уыдоны миниуджытæ нæ бахъæхъхъæнынц (фесæфынц сæ).
 
Ныры заман æмбарынæдтæ «синтез» æмæ «анализ»-ы æвæрд ис уæрæхдæр мидис. Хъæугæ буаргъæд реакцион хæццæйæ рахицæнгæнæн куы уа, уæд æй кæй фæрцы самалгæнæн ис, уыцы цыфæнды химион процесс хуыйны синтез. Анализ у, буаргъæды (кæнæ буаргъæдты хæццæйы) хъæдон æмæ бæрцон сконд чи раиртасы, уыцы химион процесс. Хъæдон æмæ бæрцон анализтæ сты аналитикон химийы хæйттæ.

Згъæртæ æмæ æнæзгъæртæ

Æппæт химион элементтæ, сæ миниуджытæм гæсгæ (ома хибар атомты миниуджытæм гæсгæ, стæй элементтæй цы хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ арæзт æрцæуы, уыдоны миниуджытæм гæсгæ) дихгонд цæуынц дыууæ къордыл: згъæр æмæ æнæзгъæр элементтыл. Æнæзгъæр элементтæм хауынц (дзырдæй) элементы He, Ne, Ar, Kr, Xe, Rn, F, Cl, Br, I, At, O, S, Se, Te, N, P, As, C, Si, B æмæ Н. Иннæ элементтæ хауынц згъæрты къордмæ.

Ион

Ион у, протонтæ æмæ электронты бæрц æмхуызон кæмæн не сты, уыцы ифтыгъд хайыг (атом кæнæ молекулæ). Кæд ионы сконды электронты нымæц протонты нымæцæй фылдæр у, уæд йын ис æппæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц анион (дæнцæг: Cl-.). Кæд электронтæ протонтæй къаддæр сты (бæрцæй), уæд ионæн ис æвæрццæг ифтыгъдæг æмæ йæ хонынц катион (дæнцæг: Na+).

Радикал

Радикал у, йе сконды æнæкъай электрон (кæнæ электронтæ) кæмæн ис (ома хайыджы мидæг электронæн æмкъай электрон куы нæ вæййы), ахæм хайыг (атом кæнæ молекулæ). Фылдæр хатт химион бастдзинады архайынц дыууæ электроны. Æнæкъай электрон кæмæн ис, уыцы хайыг вæййы иттæг активон æмæ æндæр хайыгтимæ æнцонæй саразы бастдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ, радикалы цард, рæстæмбис нымадæй, у хæрз цыбыр.

Химион бастдзинад

Химион бастдзинад у, атомтæ кæнæ атомты къордтæ кæрæдзийы цур урæд цæмæй вæййынц, уыцы тых. Ис рахицæнгæнæн химион бастдзинады цалдæр типы: ионон, ковалентон (полярон æмæ æнæполярон), згъæрон, донгуыры (водородный) æмæ æндæр бастдзинæдтæ.

Периодон закъон

Ацы закъон раргом кодта Д.И. Менделеев 1869-æм азы 1-æм мартъийы. Закъонæн ис раттæн ахæм формулировкæ: иу элементмæ цы химион миниуджытæ ис, уыдон та цалдæр элементы фæстæ разынынц æндæр элементмæ дæр.

Химион реакцитæ

Химион буаргъæдты кæнæ буаргъæдты алыхуызон хæццæты мидæг цы процесстæ цæуынц, уыдон сты химион реакцитæ. Химион реакциты фæрцы кæддæриддæр арæзт æрцæуы ног буаргъæдтæ.

Бæлвырдæй зæгъгæйæ, химион реакци у молекулæйы структурæйы ивыны процесс. Реакцийы фæрцы атомты нымæц молекулæйы мидæг кæнæ фылдæр кæны (синтез), кæнæ къаддæр кæны, кæнæ æнæ ивгæйæ баззайы (изомеризаци, атомты бынативд). Реакцийы дæргъы атомты ’хсæн бастдзинæдтæ æмæ сæ равæрд молекулæйы хуылфы æндæр кæнынц.

Химион реакцитæ æргом æмæ бæрæг кæнынц буаргъæды химион миниуджытæ.
Химион реакцийы чи архайы, уыцы буаргъæд хуыйны реагент. Химион реакцийы фæрцы цы буаргъæд сæвзæры, уый та хуыйны реакцийы продукт.

Æмткæй райсгæйæ, химион реакци æвдыст цæуы афтæ:
Реагенттæ → Продукттæ.

Хими иртасы уыцы процесстæ æмæ дæтты сын характеристикæ куыд макромасштабы (буаргъæдты макробæрцтæ иртасгæйæ), афтæ микромасштабы дæр (ома атомон-молекулярон æмвæзадыл).

Номенклатурæ

Номенклатурæ у химион баиугæндтæн ном æвæрыны æгъдæутты æмбырдгонд. Ахургæндтæн цы химион баиугæндтæ зындгонд сты, уыдоны нымæц ныридæгæн у 20 милуанæй фылдæр, уыимæ ма сæ нымæцы рæзт бауромæн нæй æмæ уымæн, цæмæй сæ номмæ гæсгæ æнцон уа ногæй бавдисын сæ структурæ, æнæмæнг хъæуы сын ном æвæрын бæлвырд æгъдæуттæм гæсгæ. Органикон æмæ æнæорганикон баиугæндтæн ном æвæрынæн ис цалдæр номенклатурæйы. Уыдонæй стандартыл нымад у номенклатурæ IUPAC.

Химийы хæйттæ

Нырыккон хими у æрдззонæны уыйас уæрæх къабаз æмæ йын йæ бирæ хæйттæ сты нымад, кæд кæрæдзиимæ æнгом баст, фæлæ уæддæр, хæдбар зонадон дисциплинæтыл.

Цы объекттæ ахуыр кæны, уыдоны миниуджытæм гæсгæ хими дих у дыууæ къабазыл: органикон æмæ æнæорганиконыл. Физикон принциптæ æмæ эксперименталон бæрæггæнæнты бындурыл химион фæзындтæ чи бæлвырд кæны æмæ сæ иумæйаг закъонбæрцæдтæ бæрæг чи кæны, химийы уыцы къабаз хуыйны физикон хими. Ацы къабазмæ ма хауы квантон хими, электрохими, химион термодинамикæ, химион кинетикæ. Сæрмагонд хæйттыл нымад сты аналитикон æмæ коллоидон хими.

Нырыккон куыстады технологон бындур бæрæг кæны химион технологи. Ацы зонады сæр у:

а) цæттæ æрдзон æрмæджытæ химион æгъдауæй бакуысты ауæрдаг методтæ æмæ фæрæзтæ;

б) æрдзы мидæг чи нæй, ахæм химион продукттæ кæнын.

Ис ахæм зонæдтæ, хими æндæр æввахс æрдзиртасæг зонæдтимæ баиууы фæрцы чи сæвзæрди. Зæгъæм, биохими, биоорганикон хими, геохими, радиацион хими, фотохими æмæ æндæртæ.




#Article 67: Болгари (764 words)


Болгари () у европæйаг паддзахад, Балканы æрдæгсакъадахыл, Сау денджыз æмæ Дунайы былтыл. Болгари у Европæйы Цæдис æмæ НАТО-йы уæнг.

Арæнты æдæппæт дæргъ у 2245 км, уыдонæй 1181 км — сурзæххыл, 686 км — цæугæдæттыл æмæ 378 км денджызы. Автофæндæгты дæргъ 36 720 км, æфсæнвæндæгтæ — 4 300 км.

Болгарийы территорийы рагондæр цæрджытæ уыдысты фракиаг адæм. Нæ эрæйы агъоммæ I æнусмæ фракиаг зæххытæ бафтыдысты Ромы империйы скондмæ, равзæрдис дзы дыууæ провинцийы — Фраки () æмæ Мизи (, , ). Уыцы иу рæстæг денджызгæрон фæзындиc грекъаг колонитæ, уыдонæй фракиæгтæ байстой грекъаг æвзаг.

Уыцы рæстæг Азовы денджызы цур фæзындис Стыр Болгари (Фанагори уыдис йæ сæйраг сахар) — рагболгайраг адæмы фыццаг паддзахад, цалдæр тюркаг адæмы иу чи бакодта, ахæм. Рагболгайрæгтæ цæугæцард кодтой, æмæ нырыккон адæмтæй бирæтæн ис уыцы рагон знæмты тæваг. Уыцы паддзахад бирæ нæ ахаста, йæ фыццаг хан Кубрат куы амардис, уыимæ йæ ханад дæр ныддихтæ. Кубраты фырттæй иу, Аспарух, ныгуылæнырдæм ацыдис æмæ фæс-Днепры æмæ, бынæттон славяйнæгты æмцæдисæй, 681-æм азы сарæзта дзы ног болгайраг паддзахад — историографийы йæ хонынц Болгарийы Фыццаг паддзахад. Дунайы донæфтæны ног паддзахадæн бантыст фæуæлахиз уæвын суанг Византийыл, æмæ уæдæй Византийы импери болгайрæгтæн фыста хъалон. Ног паддзахады сæйраг сахар сси Плискæ (нырыккон Болгарийы Шумены облæсты у).

Болгарийы Фыццаг паддзахады цардысты рагболгайрæгтæ, славяйнæгтæ æмæ фракиæгтæ. Уыдон иу адæм систы (славяйнаг болгайрæгтæ кæнæ хуымæтæджы болгайрæгтæ) æмæ байдыдтой дзурын славяйнагау.

IX æнусмæ Болгарийы скондмæ бацыд Авайраг каганаты зæххытæ.

Симеоны фæндыд Византийы импери фехалын æмæ йæ сæргъы слæууын. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, йæ амæлæты фæстæ та йæ дыккаг фырт Петр йæхи импери фехæлдта. Болгари къаннæг кæнын байдыдта, ууыл Византи æмæ венгриæгтæ куы уæлахиз кодтой, уæд. Фæстаг тыхджын басаст уыд Киевы кънйаз Святославы балц — Игоры фырт Святослав байста суанг болгайраг сæйраг сахар дæр. Уæдæй фæстæмæ Болгари нал уыдис хæдбар, йæ сæйраг хай (нырыккон Болгари) бацыдис Византийы империйы скондмæ.

Æрмæст XII æнусы, 1185—1187 азты растады фæрцы, Болгари ногæй сси хæдбар паддзахад. Болгарийы Дыккаг паддзахады дуг уыди 1187-æм азæй 1396-æм азы онг, йæ ног сæйраг сахар уыд Тырново. Уыцы паддзахадæн дæр бирæ бантыст: паддзах Калояны рæстæг Болгари сси Балканы æрдæгсакъадахы тыхджындæр паддзахад, уый æнтыстджынæй тох кодта, дзуархæсджытæ Византийы бындурыл цы Латинаг импери сарæзтой, уый ныхмæ.

XIV æнусы кæрон болгайраг зæххытæ бахаудысты Османты империйы скондмæ. Болгар цы цалдæр растады скодтой, уыдон иууылдæр ссæст æрцыдысты.

Æрмæст 1878-æм азы, Сан-Стефанойы фидыдæй, райдыдта ног хæдбар Болгарийы истори. 3 мартъийы, Сан-Стефанойы бадзырдыл къух æрфыссыны бон, Болгарийы бæрæгбон кæнынц куыд нацийы ссæрибары бон.

Сан-Стефанойы бадзырд куы фидаргонд æрцыдис, уайтагъд 3 мартъийы Александр II бардзырд радта, цæмæй æппæт Болгарийы скуса рæстæгмæ уырыссаг хицауад. Уыцы хицауады сæйраг нысан уыд бæстæ хæдбардзинадмæ бацæттæ кæнын. Уæлдар хицауады сæргъы слæууыдис импарторы комиссар кънйаз Дондуков-Корсаков. Рæстæгмæ администрацийы кусыны æмгъуыд (дыууæ азы) Берлины бадзырдмæ гæсгæ фæцыбырдæр кодтой фараст мæйы онг.

Уыцы-иу рæстæг Болгарийы зæххытæй стыр хай баззадис Османты империйы инæлар-губернаторад Скæсæн Румели (йæ административон центр уыд Пловдив) — кæд дзы разамынд лæвæрдта болгайраг Александр Богороди, уæддæр уыдис осмайнаг провинцитæй иу. 1885-æм азы сентябры Скæсæн Румелийы адæм сыстадысты османты хицауиуæджы ныхмæ.

Фыццаг æмæ Дыккаг Дунеон хæсты Болгари тох кодта Германы фарс.

Болгарийы сæйраг этникон къордтæ сты ахæм:

уыимæ ма дзы цæрынц грекъæгтæ, дзуттæгтæ, каракачайнæгтæ, румынæгтæ, сомихæгтæ, украинæгтæ, черкесæгтæ.

Болгарийы официалон дискурсы бæстæйы æппæт цæрджыты дæр болгайраг адæм хонынц. Кæд æмæ бирæ сыхаг паддзахæдтимæ абаргæйæ Болгарийы адæмтæ сабыр цард кæнынц, куыд æппæт Балканы æрдæгсакъадахыл, афтæ Болгарийы дæр иу адæм иннæйы æфхæрыны цаутæ-иу æрцыдысты — уыдонæй фæстаг туркаг адæмы болгаризаци («Сæндидзын кæнынад» 1984—1989 — ). Уыцы процессы фæстиуæгæн мингай туркæгтæ ралыгъдысты Турчы европæйаг хаймæ, уыдонæй бирæ ныр дæр Болгарийы гражданинтæ баззайынц, иуæй-иутæ раздæхынц райгуырæн бынатмæ.

Болгарийы ис архайгæ атомон электростанцæ Козлодуймæ æввахс, йæ хъомыс у 3760 мегаватты. Цæуы ног атомон электростанцæйы арæзтад (2000 мегаватты), Дунайы былгæрон Беленейы районы.

Хуссар регионты ахсджиаг у гидроэлектростанцæты бавæрд, æдæппæт сты 87. Сæ иумæйаг хъомыс у 1980 мегаватты. Цæуы æртæ ног гидроэлектростанцæйы арæзтад: «Горна Арда» — 160 МВт; «Среден Искър» — 93 МВт æмæ «Цанков камък» — 90 МВт.

Болгари у дунейы ахсджиагдæр хъæууон хæдзарады бæстæтæй иу, ахсы бæрзонд бынæттæ иуæй-иу хойрæгты хуызты кондады: анис (дунейы 6-æм), æхсынæн (11-æм), мæнæргъы (13-æм), тамако (15-æм), чили цывзы (18-æм), сæгъы æхсыр (20-æм) æмæ æндæртæ.

Туризм у Болгарийы ахсджиагдæр экономикон къабæзтæй иу. Хорз æууæлтæ туризмæн ис денджызы былгæрон æмæ хæххон регионты. 2007-æм азы дæргъы бæстæмæ фæсарæнæй æрбацыдис 7 725 мин адæймаджы, уыдонæй 4 218 мины — сæ фæллад уадзынмæ æмæ фенддæгтæ фенынмæ. Туристтæн сæ фылдæр хай æрбацыдис Грекъ (760,3 мин), Румыни (699,6 мин) æмæ Германæй (466 мин). Уæрæсейаг туристты нымæц уыцы иу аз уыд 205,8 мин адæймаджы.

Административон æгъдауæй Болгари дихгонд у 28 облæстыл. Облæстыты сконды сты хъæубæстæтæ, хъæууон хъæубæстæтыл вæййынц ма кметæдтæ, сахаронты та — районтæ кæнæ сыхтæ.

Болгарийы дæс стырдæр сахары сты:

Болгарийы ис Дзæуджыхъæуы æфсымæрон сахартæй иу (1962-æм азæй). Кæс Кырджали.




#Article 68: Хуссар Ирыстоны фольклор (1385 words)


Хуссар Ирыстоны фольклор аппæй дæр æмæ формæйæ дæр æввахс лæууы Цæгат Ирыстоны фольклормæ, фæлæ йæм ис хи сæрмагонд миниуджытæ дæр. Уцы сæрмагонд миниуджытæй Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ хицæн кæнынц Цæгат Ирыстоны фольклорæй. Ахæм сæрмагонд миниуджытæ æвдисынц, цавæр æндæрхуызон фадæттæ цардис Хуссар Ирыстоны адæм ивгъуыд заманты.

Хуссар Ирыстоны адæмæн йæ зæронд фольклоры зынынц йæ рагон царды ныв æмæ йæ рагон зонд. Уый адыл, Хуссар Ирыстоны ивгъуыд царды æууæлтæ базонын кæй фæнды, умæн стыр æxxyыс фæyыдзæн фольклоры æрмæг.

Революцийы фæстæ Хуссар Ирыстоны цы фольклорон уацмыстæ сæвзæрди, уым Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ æвдисынц мидхæсты хабæрттæ, æвдисынц кълæсты тохы нывтæ колхозтæ аразыны райдайæны, кады зарджытæ кæнынц мидхæсты хъæбатыртæ æмæ фæтæгтыл.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ æвæджиау хъæздыг сты аппæй. Тынг алыхуызон сты сæ формæтæ æмæ сæ жанртæ.

Ахæм зынаргъ сты Хуссар Ирыстоны фольклоры уацмыстæ. Афтæмæй сæ 1930-тæм азты агъоммæ сæм бæстон иртасæг нæ уыд.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæй фыццаг хатт цалдæр сæры мыхуыры рауагъта академик Шифнер 1868-æм азы: зынгæ гуырдзиаг фыссæг Даниил Чонкадзе ныффыста ирон æмбисæндтæ æмæ «Чызгайы зарæг», æмæ сæ Шифнер йæ «Ирон тексттæм» бахаста.

Фæстæдæр Всеволод Миллер йæ «Ирон этюдтимæ» рауагъта цалдæр сæры хуссайраг таурæгътæй æмæ аргъæуттæй: «Уырызмæджы æнæном лæппуйы кадæг», «Тамары таурæгъ» æмæ «Рувасы аргъæу». Шифнер æмæ Миллер цы хуссар-ирон тексттæ рауагътой, уыдон раст не сты, бирæ аиппытæ сæм ис.

Хуссар Ирыстоны аив фольклоры æмбырдмæ бæстон бавнæлдтой æрмæст советон хицауады дуджы. 1924-æм азы этнограф Григорий Чурсин æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ дзы ныффыста уырыссаг æвзагмæ ивдæй дыууæ зарæджы — «Сырдты бардуаг Æфсатийы зарæг» æмæ «Рыны бардуаг Алардыйы зарæг»; сæ дыууæ дæр сты дин-æгъдауы зарджытæ.

Даредзанты таурæгътæ, кæд ирон хуыз райстой, уæддæр Ирыстоны нæ равзæрдысты. Ирон даредзанты эпосы кæрæдзийыл стыхстысты алыхуызон эпизодтæ. Уыцы эпизодтæй иуæй-иутæ рацыдысты рагон гуырдзиаг романæй «Амиран Дареджаниани», иннæ эпизодтæ рацыдысты персæйнаг Рустем, Зохраб, Бижен æмæ Манижайы таурæгътæй.

Даредзанты циклы биноныг эпизодтæ сты:

Æцæгæлон культурæйы продукт уæвгæйæ, даредзанты эпос фыццаг æрбафтыди Хуссар Ирыстонмæ æмæ уый фæстæ цадæггай анхъæвзта Цæгат Ирыстонмæ дæр. Анхъæвзта, фæлæ Цæгат Ирыстоны уадиссаг нæ апырх.

Хуссар Ирыстоны фольклорæн йæ сæйраг къабазыл банымайын хъæуы нарты эпос. Хуссар Ирыстоны цы нарты кадджытæ баззад, уыдон хæрзæввахс лæууынц Цæгат Ирыстоны нарты кадджыты циклмæ. Уыцы æввахсдзинад уый амоны, æмæ нарты эпосæн куыд йæ цæгатаг, афтæ йæ хуссайраг варианттæ дæр рацыдысты иу ранæй: иу ран равзæрди сæ сæр æмæ иу цардуаджы истой сæ хуызтæ.

Нарты хъæбатырты эпосы равзæрæн бæстæ уыд Цæгат Кавказ. Ир куыд ивылдысты цæгатæй хуссармæ, Кавказы рæгъты хуссайраг фæрстæм, афтæ Цæгат Кавказæй семæ хастой нарты кадджытæ дæр. Хуссар Ирыстоны цы ир æрынцадысты, уыдон бынтон рохуаты нæ уагътой сæ цæгаттаг райгуырæн бæстæ, иугæндзон баст уыдысты алы хæдзарадон æмæ культурон тагтæй се ’мирон цæгаттаг адæмимæ. Уыцы уагæй нарты кадджытæ нæ рох кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ æрхæццæ сты суанг Октябры революцийы онг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нарты кадджыты текст Хуссар Ирыстоны бахаудис æндæрхуызон царды фадæтты æмæ афтæмæй цыдис фæлтæрæй фæлтæрмæ, фыдæй фыртмæ. Уый адыл Хуссар Ирыстоны нарты эпос раивта йæ хуыз, радта ахæм варианттæ, цæгатаг уидагæй чи фæиртæстис.

Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, науæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.

Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы. Зынынц Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты дæр. 

Цæгат Ирыстоны нарты эпосау, Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты раззагдæр хъайтартæ сты Уырызмæг, Хæмыц, Созырыхъо, Сослан, Батырадз, Сырдон æмæ Сатана. Уыдон сты домбай, айнæг къæдзæхæй конд фæлгонцтæ. Уыдонæн сæ нæмттæ æмбисондæн баззадысты. Зæронд ирон типы хицæн мыггæгтæ бацыдысты уыцы хъайтарты хуызты. Уырызмæг — уынаффæйы лæг, мыггагон æгъдæуттæ уый хъахъхъæны. Сатана — сылгоймæгтæн сæ зондджынддæр; сæ уынгæг сахаты нартæ зондæй уый фæрсынц. Хæмыц — рогзонд, хæтаг лæг: нарт хъæлдзæг фынгыл куы бадынц, уæд кафт æмæ хъазты сæр Хæмыц вæййы. Сырдон — цыргъзонд, фæлитой адæймаг, алы фыдбылызтæ уый мысы нарты уæздæтты ныхмæ; йæ ахастытæй Сырдон хæстæг лæууы Гомеры Терситмæ. Батырадз — дунейы титантæй сæ иу: бердзенаг Прометейау уый дæр тох кæны хуыцæуттимæ.

Иуæй-иу нарты кадджыты зыны цахар хъæууонты зæрдæйы уаг; зыны дзы, куыд цыди мыггагон цард, æмæ дзыллæ къласгай куыд дих кæны; зыны дзы, кълæсты ’хсæн тох куыд цырын кæны. Хуссар Ирыстоны нарты кадджытæ афтæ зæгъынц Сосланæй: «Сослан æлдарæй ныллæуыдис нарты хъæуы. Сослан фыдуаг æлдар рацыди... Нарты хъæуы Бурæфæрныг цард. Бурæфæрныг бонджын лæг уыди. Бонджынæн йæ куыдз дæр хорз вæййы, æндæра цæй лæг уыди!»

Нарты эпосæй Хуссар Ирыстоны уæлдай уарзт кодтой Батырадзы æмæ Сырдоны кадджытæ. Мыггагон цардæн йе ’гъдæуттæ куыд хуымæтæг æмæ карз уыдысты, афтæ хъайтар уыд йæ ахаст нарыт эпосæн дæр. Уыцы ахаст зыны нарты эпосæн йе ’взагыл дæр: нарты кадджытæ дзурынц æлвæст æмæ фатау цыргъ æвзагæй; уыцы æвзагæй хуыздæр дæ зæрдæйы уаг, дæ хъуыдытæ ницæмæй райхалдзынæ. Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты бирæ ис рагон ныхæстæ, архаизмтæ: «Нарт стæры цыдысты», «Уæ разы цам дæн» æмæ æндæр ахæмтæ.

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд цард рабæрæгæн тынг æхсызгон сты бынæттон «историон» таурæгътæ. Стæм ссардæуыдзæн ахæм зынгæ бынат, хъæу, мæсыг, гъе мыггаг, — исты таурæгъ кæуыл нæ баззад фыдæлтæй. Куыд диссаг сæфт фæкодтой Хуссар Ирыстоны аборигентæ — царциатæ; Цæгат Ирыстонæй куыд ивылдысты ирон адæм хуссармæ; цадæггай куыд æрцардысты Хуссар Ирыстоны; куыд рæзыдысты хъæутæ æмæ хæцæн мæсгуытæ — уыдон афтæ диссаджы æргомæй зынынц бынæттон таурæгъты.

Хуссар Ирыстоны цæрæнбынæттæ куыд къуындæгдæр кодтой, афтæ хицæн мыггæгтæ райстой æвирхъау хæст кæрæдзийы ныхмæ хуыздæр зæххы гæбазы тыххæй. Ахæм хæсты-иу тыхджындæр мыггаг быныскъуыд скодта мæллæгдæр мыггаджы. Мыггæгты тохы фæдыл Хуссар Ирыстоны баззади бирæ «историон» таурæгътæ: æбуалгъ хъуыддæгтæ дзурынц уыцы таурæгътæ («Гаглойты æмæ Санахъоты хæст», «Кæркуысты фæцагъд», «Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ»).

XIX æнусæн йæ фыццаг æмбисы уæрæсейаг паддзахы æфсæдтæ цалдæр хаты æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Хуссар Ирыстоны адæм семæ хъайтары хæст кодтой. Уыцы тохы кой кæнынц иу къорд рæсугъд историон таурæгътæ: «Уырысы фесæфт», «Хъуды абырджытæ», «Йалары хæст», «Томайты хæст».

Ивгъуыд заманы Хуссар Ирыстоны дæр фæзынди бынæттон уæздæттæ — дзыллæ къласгæй дих кодта. Уый охыл дæр сæвзæрди цалдæр бынæттон таурæгъы: «Томайтæ куыд равзæрдысты», «Томайты Мæхæмæты ныхас».

Ирон адæмы дин уырныдта, алы дзуæрттæн куывтой. Дины фæдыл Хуссар Ирыстоны баззад ахæм таурæгътæ æмæ зарджытæ, мифологион ахаст кæмæн ис. Кæмæн куывтой, уыцы уæвджытæй уæлдай нымад уыдысты Уастырджи, Уацилла, Æфсати, Фæлвæра æмæ Тутыр, уымæн æмæ уыдон уыдысты ирон адæмы хæдзарадон æмæ хæстон цардимæ баст бардуаджытæ. Уастырджи, Æфсати, Фæлвæра æмæ иннæ дзуæрттыл цы мифтæ ис, уыдон сæ æвдисынц адæймаджы хуызæнæй, дæттынц сын адæймаджы миниуджытæ: ирон лæг йæ бардуаджыты фæлгонц сфæлдыста йæхи æнгæс, йæхи хуызæн. Ирон мифтæн фидауцджын уыд сæ конд, хуызджын сæ нывтæ æмæ рæсугъд се ’взаг. Дзырдæн, «Фæлвæрайы фырт Будзумары» таурæгъ, «Къуыдары зæронд лæджы» зарæг.

Хуссар Ирыстоны цы мифтæ ис, уыдонæй иуæй-иутæ кæнынц дæлимонты кой. Дæлимонтæ — знæгиуæг кæнынц адæймагæн, фыдаудæн ыл кæнынц, фæлæ сæм, хаттæй-хатт, хорздзинæдтæ дæр разыны, рæстырдæм дæр разилынц: иу мифы ус-хæйрæг тынг æххуыс бакодта цуанон Дзамболатæн. Хæйрæджыты стырдæр знаг, уыдонæн сæ мыггаг чи аскъуыдта, уыцы знаг уыд бирæгъ. «Хъилхъусæгæй, дзахырдзастæй уæхи хизут, нæ мыггаг нын уый аскъуыдта», — зæгъы хæйрæджыты зарæг. Зарæг комкоммæ нæ хоны бирæгъы йæ номæй, уымæн æмæ номæн ис магион тых, æмæ комкоммæ ном расайдзæн æцæг бирæгъæн йæхи.

Куыд хатыди ирон лæг мæрдты дуне, уый хорз æвдисы «бæхфæлдисыны фæтк». Бæхфæлдисыны текст иухуызон нæ уыди. Бæхфæлдисæг цæй бæрц дзырдарæхст уыдаид, уымæ гæсгæ йæ ныхас фæкæны æндæр æмæ æндæр вариацитæй.

Хуссар Ирыстоны фольклоры зынгæ бынат ахсы аргъæуццаг эпос.

Фольклоры жанртæй се ’ппæтæй интернационалондæр вæййы аргъæуццаг жанр, фæлæ уæддæр хуссар-ирон аргъаумæ ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ, йæхи бынаттон ахаст. 

Аргъæутты мыггæгтæй Хуссар Ирыстоны арæхдæр вæййы алæмæт аргъау, ома ахæм аргъау, æнахуыр диссæгтæ кæм æрцæуы. Алæмæт аргъæуттæн и сиу сæйраг миниуæг — сæ нывты гиперболизм. Уыцы аргъæутты сæйраг геройтæ фылдæр хатт ралæууы хуыгæсы фырт; къулбадæг усы фырт, нæуæд æртæ æфсымæрæй кæстæр; йæ ныхмæ рацæуы уæйыг. Хъайтарæн бантысынц йæ диссаджы хъуыддæгтæ алæмæт дзауматы фæрцы: хæдтæхгæ гауыз, гамхуд, алæмæт пурти. Хъайтар вæййы æнæхъуаджы тыхджын, уæйгуытæй тыхджындæр.

Алæмæт аргъæутты йедтæмæ ма Хуссар Ирыстоны арæх уыд цæрæгойты аргъау. Хуссар Ирыстоны цæрæгойты эпосы типон фæлгонцтæ сты: æнæхсæст арс, зыд, фæлæ сæлхæр бирæгъ, гæды рувас, æдылыдзæф зыгъарæг.

Реалон кæнæ цардуаджы аргъæуттæ уый бæрц ницы давынц Хуссар Ирыстоны аргъæуццаг эпосы. Сыгъдæг цардуагон аргъау стæм разындзæн Хуссар Ирыстоны: диссаг хабæртты бынæй дзы хаттæй-хатт гæзæмæ зыны цардуагон элемент. Кæй зæгъын æй хъæуы, алæмæт аргъауы дæр вæййы æцæг царды нывтæ, фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстоны аргъæуццаг эпосы сæйраг бынат ахсы алæмæт аргъау.

Ис Хуссар Ирыстоны бирæ ахæм аргъæуттæ дæр, зонд æмæ æгъдау амонæн хъуыды кæмæн вæййы: «Уырызмæджы лæдзæг», «Иунæг æмæ удхæссæг», «Зонд æмæ амонд» æмæ æндæртæ.




#Article 69: Ягънобаг æвзаг (124 words)


Ягънобаг æвзаг (яғнобӣ зивок) у ягънобаг адæмы æвзаг. Дзурынц ыл 12 мин адæймаджы бæрц Таджикистаны.

Ягънобаг æвзаг согъдаг æвзаджы Усташанæйы диалектæй равзæрдис. Уымæй у ирайнаг æвзæгты цæгат-скæсæйнаг къорды дыууæ уæнгæй иу. Сæ равзæрдмæ гæсгæ, ирон æвзагæн ягънобаг æвзагæй хæстæгдæр нæй. Кæд æнусты дæргъы кæрæдзийæ иппæрд уыдысты, уæддæр дыууæ æвзаджы ’хсæн ис ма тынг æнгæсæн дзырдтæ: зæгъæм, ягънобагау шумох нысан кæны «сымах».

Ягънобаг æвзаджы ис 8 хъæлæсоны (уыдонæй 5 сты дæргъвæтин, 3 — цыбыртæ) æмæ 27 æмхъæлæсоны. Уыцы æвзаджы ис æрмæст дыууæ хауæны (афтæ рагон ирон æвзаджы дæр уыдис, иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ).

Ис ягънобæгтæн сæхи фыссынад кириллон таджикаг фыссынады бындурыл, сарæзта йæ ахуыргонд Сайфиддин Мирзозода, Таджикистаны Зонæдты Академийы уæнг. Ягънобаг æвзаг ахуыр кæнынц ягънобаг хъæуты сывæллæттæ фыццаг къласæй цыппæрæм къласмæ, уымæн ис сæрмагонд ахуыры чингуытæ.
 




#Article 70: Интернет (239 words)


Интернет ; (, цыбыргонд Interconnected Networks -æй — иугонд хызтæ; сленг. ине́т, нет) — бахынцыны ресурсты глобалон телекоммуникацион хыз. У физикон бындур Æппæтдунеон тынæн. Арæх æй фæхонынц  Æппæтдунеон хыз, Глобалон хыз, кæнæ хуымæтæгæй Хыз.
У автономон системæты хаотикон иугонд, уый бастдзинады хæрзхъæдæн гаранти нæ дæтты, фæлæ гаранти дæтты хорз æнæцудгæдзинад æмæ иумæйаг систæмæйы куысты хæдбардзинад йæ искæцы къаннæг хайы къуыхцытæй. 

Ныры рæстæджы ныхас «Интернет»-æй куы спайда кæнынц хуымæтæг ныхасы, уæд фæдзурынц фылдæр хатт Æппæтдунеон тыны тыххæй æмæ йæ мидæг информаци ис, ууыл, фæлæ физикон хызыл нæ.

Советон Цæдис куы арвыста 1957-æм азы Зæххы аразгæ æмбæлццоны, уæд АИШ-ы  хъахъхъæнынады министрад банымадтой, хæсты рæстæджы АИШ-ы кæй бахъæудзæнис информацийы алæвæрды æууæнккаг системæ. АИШы разæнгард иргъæфы иртасæг проектты агентад (DARPA) разæвæрдта бакусын  уый тыххæй компьютерон хызыл. Ахæм хызыл бакуыст бафæдзæхстой Калифорнийаг университетæн  Лос-Анджелесы, Стэнфорды иртасæг центрæн, штат Ютайы университетæн æмæ штат Калифорнияйы университетæн Сантæ-Барбарæйы. Компьютерон хыз схуыдтой ARPANET (), æмæ 1969-æм азы баиу кодта цыппар амынд наукон уагдоны. Æппæт куыстытæ æхцайæ  æввонг кодта АИШ-ы иргъæфы министрад. Фæстæдæр хыз ARPANET райдыдта активонæй рæзын æмæ парахат  кæнын, райдыдтой дзы пайда кæнын ахуыргæндтæ зонады аллы облæсттæй.

ARPANET-ы фыццаг сервер сæвæрдтой  1969-æм азы 1 сентябры Калифорнйаг университеты Лос-Анджелесы.   Компьютерæн Honeywell DP-516 уыдис 24 кб оперативон мысæн.

Фыццаг хаттæн бантыстис арвитын афтиддæр æртæ символы «LOG», уый фæстæ хыз нал куыста. LOG хъуамæ  æххæстæй уыдаид ныхас LOGON (системæмæ бацæуыны командæ). Кусынмæ бæззыны уагæвæрдмæ хыз æркодтой  фæстæмæ 22:30-ыл æмæ иннæ фæлварæн æнтыстджын разындис. Раст ацы датæ фæнымайынц Интернеты гуырæн  боныл.




#Article 71: Гитлер, Адольф (263 words)


Адольф Гитлер (, 1889-æм азы 20 апрелы, Брайнау-ам-Инн, Австро-Венгри — 1945-æм азы 30 апрелы, Берлин, Герман) уыд Германы æфсады хицау, Æртыккаг Рейхы фюрер. Уый райгуырди 1889 азы 20 апрелы, цæугæдон Инны бæлгæрон, чи æрбынат кодта, уыцы гыццыл сахар Браунауы. Сахар ис Австри æмæ Германы ’хсæн арæныл.

Йæ фыд уыд Австрийы таможнæйы кусæг Алоис Шикльгрубер (Alois Schicklgruber), йæ мад та зæхкусæджы чызг Кларæ Пёльцль (Klara Pölzl). 

Гитлеры фыдæлты тыххæй бирæ информаци нæй. Йæ фыдыфыд  Иоганн Георг Гитлер базонгæ ис зæхкусæджы чызгимæ. Йæ ном уыд Анна Мария Шикльгрубер æмæ куыста экономкæйæ  Грацы. 

Сывæллонæй Адольф уыдис тæргайгæнаг, æнæразы, тарсти йæ фыдæй.

Гитлер ацыди æфсадæй. Уый сарæзта, адæмы рæгъмæ 1920 азы 24 февралы кæй рахаста, уыцы программæ. Партион æмбырдты хъахъхъæнынадæн Гитлеры партийы разамонджытæ сарæзтой морæхæдон лæгты къорд — СА (Sturmabteilung). Иннæ организаци  - СС (Schutzstaffel), саухæдон лæгты къорд, сси Гитлеры йæхи гварди.

Уыцы аз Гитлер райдыдта Чехословакийы Судетты немыцæгты «сæрибар кæныны» кампани. Нацисттæ Чехословакийы змæстытæ куы сарæзтой, уæд Стыр Британийы премьер Невилль Чемберлен æмæ Францы премьер Эдуард Даладье ацыдысты Германмæ æмæ скодтой Мюнхены бадзырд.

Иу аз дæр нæма рацыдиc, æфтæ рейхы скондмæ бацыдысты, дæс милуан адæймагæй фылдæр кæм цардиc, ахæм территоритæ.

Ног нысанæн Гитлер равзæрста Польшæ. Ныр æй хъуыдис Польшæйы къæлидор æмæ Данциг.  Дыууæ фронтыл хæстæй аирвæзынмæ Гитлер райдыдта Мæскуыимæ баныхас.

Уый фæстæ æнæхъæн зымæгмæ 1939-1940 азты ахаста «Бадгæ хæст». Уыцы рæстæг Гитлер æмæ йе знæгтæ ницы архайд кодтой (не предпринимали никаких действий). 

Гитлеры æфсæдтæ хæрд кодтой тохты. 1943 азы февралы Фридрих фон Паулюс састы бынаты слæууыди. Муссолинийы режим ныккалди. Знæгты æфсæдтæ æмбылдтой тохты. Гитлерыл уæд цыди фæндзай æхсæз азы, фæлæ уыд ихсыд, фырзæронд лæджы хуызæн цыди. 




#Article 72: Оруэлл, Джордж (216 words)


Джордж Оруэлл (англ. George Orwell; 1903—1950) англисаг фыссæг, фантаст æмæ публицист. 

Джордж Оруэлл (æцæг ном — Эрик Артур Блэр (Eric Arthur Blair)) райгуырдис 25 июны 1903 азы Индийы сахар Бомбейы (кæцыдæр ратæдзæнты амынд ис сахар Мотихари). Оруэллы фыд уыд англисаг колониалон службæгæнæг, кæцы куыста таможнæйы фæткдаруаты, уыди аристократон мыггагæй рацæуæг. Сæ бинонтæ куыд фæстагмæ фæмæгуыр сты.

Оруэлл аристократон мыггагæй кæй уыдис, уый йын баххуыс кодта бацæуын Лондоны элитарон Сыгъдæг Киприаны скъоламæ. 1917 азы Оруэлл райста сæрмагонд (номон) стипенди. 

Æхсæзаздзыдæй фæстæмæ Оруэллмæ уыди иу фæндон — фыссæг суын. Иуæндæс азы йыл куы цыдис, уæд газетты нымыхуыр кодта патриотон æмдзæвгæ.

Испанийы мидхæст куы байдыдта, уæд Джордж Оруэлл араст ис Барселонæмæ куыд лондонаг æрвылкъурион газетты корреспондент. Уым баиу ис партизанты къордимæ ПОУМ (POUM, Иугонд кусæг марксистон парти). Йæ ус ныууагъта йæ диссертаци æмæ араст ис йæ лæджы фæдыл. Эйлин О’Шонесси дæр райдыдта ПОУМ-ы кусын. Оруэлл тох кодта Арагойнаг æмæ Теруэйлаг фронтты, уым фæцæф ис фашистон снайперы нæмыгæй. 1937 азы Барселонæйы милицæ æмæ ПОУМ схуыдтой «троцкисттæ» æмæ «мыздыл лæгмартæ», æмæ Оруэлл алыгъдис Испанийы сусæг пъæлицæ йæ кæй сырдта, уый фыдæй.

Дыккаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Оруэллы фæндыдис хæстмæ ацæуын, фæллæ йæм фæгуырысхо кодтой рæуджы низмæ (туберкулез), æмæ йæ уый тыххæй æмæ йæ цæфы тыххæй нæ райстой. Оруэлл уæддæр бархи æфсæддон службæ кодта, уыд газет «Обсервер»-ы (Observer) корреспондентæй, Би-Би-Сийы фæлгæсæгæй.




#Article 73: Мидхæст (168 words)


Мидхæст (мидæгон хæст, граждайнаг хæст) у хæсты ахæм хуыз, иу бæстæйы цæрджытæй кæрæдзийы ныхмæ къордгай куы хæцынц æппæт бæстæ кæнæ йæ хицæн регионы æлдариуæгыл, кæнæ паддзахадон политикæ ивыныл. Уый у карз тох, арæх паддзахадон æфсад дæр дзы архайы. Мидхæсты рæстæг дыууæ хæцæг фарсы кæрæдзийы ныхмæ тыхмитæ аразынц, ома, исты паддзахад йæ сабыр цæрджыты бындзагъд куы кæны, уый мидхæст хонæн нæу. Афтæ чысылдæр быцæутæ («змæстытæ») дæр мидхæсты бæрæггæнæнæй æдде сты.

Мидæг быцæуæн йæ тынгад, иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ, хъуамæ уа 1000 мард адæймаджы, цæмæй йæ «мидхæст» рахонæн уа, иннæ ахуыргæндтæ та бæлвырд кæнынц: æппынкъаддæр 100 адæймаджы хъуамæ амардтаиккой фæйнæ хæцæг фарсмæ. Æндæр критерий у 1000 мард адæймаджы мидхæсты иу азы дæргъы: уыцы критерий у, Суданы дыккаг мидхæсты цы милуангай адæм фæмардысты, уыдонæй æрмæст чысыл хай, фæлæ ахæм критеримæ гæсгæ мидхæстытæ нæ уыдысты нæдæр Цæгат Ирландийы быцæу, нæдæр Африкаг Национ Конгрессы тох апартеиды ныхмæ.

Лæппутæ фылдæр рæстæг скъолайы куы ахуыр кæнынц, адæмæн фылдæр æфтиæгтæ куы ис æмæ бæстæйæн экономикон рæзт куы и, уæд къаддæр кæны мидхæсты риск.

Мидхæсты цæвиттонтæ:

æмæ æндæртæ.




#Article 74: Гамсахурдиа, Звиад (776 words)


Звиад Константины фырт Гамсахурдиа кӕнӕ Гамсахурдия (; 31 мартъийы 1939 — 31 декабры 1993), диссидент, ахуыргонд æмæ фыссæг, Советон Цæдисы фехæлды фæстæ Гуырдзыстоны фыццаг президент. Уыцы бынатыл йæ раивта Эдуард Шеварднадзе.

Йæ фыд Константин Гамсахурдиа (1883-1975) уыдис XX æнусы зындгонд гуырдзиаг фыссæг. Звиад сахуыр ис филологыл æмæ йæ профессионалон карьерæ райдыдта куыд тæлмацгæнæг æмæ литературон критик.

Гамсахурдиа уыд архайдмæ тынг разæнгард сусæг самиздатон рауадзджыты организациты, кæцытæ уагътой политикон периодон газеттæ. Се ’хсæн ахæмтæ: «Окрос сацими» («Сызгъæрин царм»), «Сакартвелос моамбе» («Гуырдзыстоны фидиуæг»), «Сакартвело» («Гуырдзыстон») æмæ «Матиан» («Уацфыст»). Архайдта, Мæскуыйы чи цыдис, уыцы периодон рауагъд «Ныртæккæйы цауты хроникæ»-йы (редактор Сергей Ковалев).

Йæ фæдыл йын кæй цыдысты йæ хъуыдыты тыххæй æмæ йæ хаттæй-хатт ахæстоны кæй кодтой, уымæ нæкæсгæйæ, Гамсахурдиа бирæ хæттыты аирвæзтис карз æфхæрдæй. Æвæццæгæн, уый уыдис йæ мыггаджы ахадындзинад æмæ йæ политикон бастдзинады фæрцы. Йæ амонд æй ахаста Хельсинкийы къорд Советон Цæдисы Леонид Брежневы хицауиуæджы лæмбынæг къуылымпы куы сси, уæд. 

Уæд Советон Цæдисы уыди æппæтадæмон асырд адæмон бартыл активистты. Гуырдзыстоны хицауад, Эдуард Шеварднадзе Гуырдзыстоны коммунистон партийы фыццаг нымæрдар куы уыди, ахæстоны бакодтой Гамсахурдиайы æмæ йе ’мбал диссиденты Мераб Коставайы. Ацы дыууæ адæймагæн рахастой тæрхон — æртæ азы каторгæйы куыстыты æмæ æртæ азы бæстæйы фæсарæн арвыст антисоветон архайды тыххæй. 

Уыдон ахæст йæхимæ æркæсын кодта æхсæнадæмон организацитæ æмæ хицауиуæггæнджыты, АИШ-ы Конгрессы сæргълæууæг 1976 азы рæгъмæ рахаста фæндон, цæмæй Гамсахурдиа æмæ Коставайы лæвæрд æрцыдаид Нобелы сабырдзинады преми. Костава уыд æрвыст Сыбырмæ, Гамсахурдиа та — Дагъистанмæ.

Æвæццæгæн, фæуæлахиз уæвынмæ бæлгæйæ, Звиад йæ зонадон карьерæ дæр нæ уагъта. Уый уыди Гуырдзыстон литературæйы институты, Гуырдзыстоны зонæдты академимæ чи хауди, иртасджыты хистæр кусæг (уæнг) (1973-1977, 1985-1990), Гуырдзыстон паддзахадон университеты профессор (1973-1975, 1985-1990), Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы уæнг (1966-1977, 1985-1991), филологийы æппæт къабæзты уыдис философион зонæдты кандидат (1973) æмæ 1991-æм азы фæстæ зонæдты доктор.

Гамсахурдиа ныффыста бирæ зынгæ литературон уацмыстæ æмæ монографитæ; уый скодта бритайнаг, францаг æмæ америкаг литературæйæ тæлмацтæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты: Шекспиры куыстытæ, Т. С. Элиоты куыстытæ, Бодлеры куыстытæ.

Гамсахурдиа уыди Шота Руставелийы сфæлдыстады зынгæ иртасæг æмæ ибераг-кавказаг культурæйы истори иртасæг.

Советон разамонæг Михаил Горбачёв йæ æргом кæныны политикæ куы райдыдта, уæд Гамсахурдиа ахъазыд сæйраг роль дзыллон сæрибаргæнæн змæлдты аразыны Гуырдзыстоны (1987-1990 æзты), кæцыты йемæ цыди Мераб Костава. Мераб Коставайы рауагътой ахæстонæй 1987 азы. 1988 азы Гамсахурдиа сси Сыгъдæг Илиайы æхсæнады (Всегрузинское общество Святого Илии Праведного) бындурæвæрджытæй иу. Уыцы æхсæнад уыд динон æхсæнады æмæ политикон партиты комбинаци, кæцытæ систы Гамсахурдийæн йæхи политикон змæлды бындур. Иннæ азы Советон Цæдисы хотыхджын тыхтæ ныссæстой стыр демонстрацитæ, кæцытæ цыдысты 4-9 апрелы 1989 азы Тбилисы. Уыцы митæ сбæлвырд кодтой сæйраг цауты уæвын Советон Цæдисы хицауиуæджы дискредитаци бæстæйы мидæг.

Демократон реформæты размæцыд «сырæзыдис» æмæ фæкæны Гуырдзыстоны фыццаг демократон бирæпартион æвзæрстытæм, кæцытæ уыдысты царды уагъд 1990 28 октябры азы. Гамсахурдиайы æхсæнад, Гурдзыстоны Хельсинкийы Цæдисы баиу ис оппозицион къордтимæ, цæмæй реформистон коалици, кæцыйыл ном уыд «Тымбыл фынг – Сæрибар Гуырдзыстон». Коалици фæуæлахиз ис, уый тыххæй æмæ ма Гуырдзыстоны коммунистон парти йæ 29,6% хъæлæстæ баиу кодта коалицийы 64% хъæлæстимæ. 1990 азы 14 ноябры Звиад Гамсахурдиа хъæлæсты фылдæрæй уыд æвзæрст Гуырдзыстоны Республикæйы Сæйраг Советы сæрдарæй.

Гуырдзыстон сарæзта референдум, цæмæй Советон Цæдисы агъоммæ сæм цы хæдбарад уыдис, уымæ ногæй æркæсой. Уыцы референдумы схъæлæсгæнджыты 90,08% йæ хорзыл банымадтой. Гуырдзыстоны парламент 1991-æм азы 9 апрелы райста хæдбарады деклараци Гуырдзыстоны паддзахады ногæй рацарæзтыл 1918-1921 æзты. Уымæ нæкæсгæйæ, уыцы декларацийыл Советон Цæдис не сразы ис, кæд æмæ бирæ фæсарæйнаг паддзахæдтæ сразы сты, уæддæр иумæйаг аргъ нæ райста иннæ азмæ. Гамсахурдиайы равзæрстой президентæй 26 майы 86,5% хъæлæстæй.

Президент куы сси, уæд Гамсахурдиа сæмбæлыдис бындурон экономикон æмæ политикон зындзинæдтимæ. Уыдоны аххосæгты æхсæн банымайæн ис Гуырдзыстон æмæ Советон Цæдисы бастдзинæдты фехæлд. Бындурон проблемæ уыди чысыл этникон къордты змæлд. Ног паддзахады мидæг нæгуырдзиæгтæ уыдысты æппæт цæрджыты 30%. Кæд къаддæр хайæдты къордтæ хæцыдысты Гуырдзыстоны раздæхтмæ демократимæ, фæлæ 1990 азы октябры æвзæрстыты сæ бæрнлæгтæй уыд æрмæст 9 адæймаджы 245 депутатæй, æмæ сæ бæрнлæгтæ нæ уыдысты гуырдзиæгтæ.

Гуырдзыстоны хæдбарады размæ дæр националон къаддæр хайæдты позици уыд дайуаг æмæ æрбакодта æхсæнэтникон тыхдзинæдтæм Абхазийы 1989-æм азы. Гуырдзиаг националисттæй кацыдæртæ хайджын уыдысты кампанийы девиз «Гуырдзыстон — гуырдзиæгтæн», кæцыйыл хæцыди Гамсахурдиа дæр. Кæмæдæр афтæ касти æмæ девизы нысаниуæг уыд æнæхъыгдаргæ æмæ йæ нысан уыд Советон Цæдисы уæлахиз æмæ гуырдзыйы русификаци кæронмæ æрхæццæ и. Иннæтæ йæ пайда кодтой цæмæй регионты, кæцыты къаддæр адæмыхаттытæ цардысты, сæ автономон статус аивой. Экстремисттæй ма кæцыдæртæ домдтой къаддæр адæмты æххæст тард.

Девиз æмæ уый хуызæн гыццыл къордты æхсæн сайдтой азар æмæ хæццæдзинад. Гыццыл къордты националисттæ дзуапп дæтгæйæ домдтой этникон цæрмыстыгъдты иугонд уæрæсейаг арæны дæргъмæ, кæнæ æххæст хæдбарад. Иннæ Советон республикæтæ лæууыдысты æмхуызон æхсæнэтникон зындзинæдты раз, уæлдайдæр уырыссаг гыццыл къордтæ Латвийы, Эстони æмæ Молдавийы, æмæ ма сомихаг гыццыл къордтæ Азербайджаны. Фæстæдæр, уыцы дыууыæ хабары æрбакодтой тохмæ. Цалынмæ уыдысты ахастмæ гæсгæ æмбæлгæ ахæтытæ бирæ гыццыл къордты æхсæн, уый арæх пайда кодтой бынæттон æмæ фæсарæйнаг цæстдарджытæ, æмæ сæ тыхтæ Мæскуыйы æмбаргæйæ пайда кодтой уыцы тынгад раздæры Советон республикæты хæдбарад халынмæ.




#Article 75: Корейы Адæмон Демократон Республикæ (108 words)


Корейы Адæмон-Демократон Республикæ (КАДР, ), Цæгат Корей дæр æй хонынц, у социалистон паддзахад Азийы. Цæрынц дзы 22 милуан адæймагæй фылдæр. Цæгат Корейы сæйраг сахар у Пхеньян.

КАДР-ы æфсад — Корейы Адæмон æфсад — у Ази æмæ дунейы тыхджындæр æфсæдтæй иу. Лæггад дзы кæнынц 1 115  адæймаджы (2006-æм азы), уымæй у дунейы фæндзæм стырдæр æфсад.

XX æнусы райдианæй 1945-æм азмæ Корей æнæхъæнæй уыдис Японы дæлбар. Дыккаг дунеон хæст куы ахицæн, Корейы цæгаты ныллæуыдысты советон æфсæддонтæ, хуссары та — америкæгтæ. Америкæйы æфсад ныр дæр лæууы хуссары, Советон Цæдисы æфсад та ацыдис 1949-æм азы. Бæстæ дихгондæй баззадис.

КАДР-ы цæрджытæн Интернетæй пайда кæнæн нæй, фæлæ уыцы паддзахады ис хицæн компьютерон хыз Кванмён.




#Article 76: Гæды (183 words)


Гæды,  () у хæдзарон цæрæгой. Фыццаг чи сæрмахуыр кодта гæдыйы, уый уыдысты рагон Мысыры цæрджытæ; Мысыры гæдытæ хордæттæ æхсынæгтæй хъахъхъæдтой.

Гæдытæ тынг хорз уынынц лæмæгъ рухсы.

Мысирæгтæн гæды цыппар мин азы размæ райдыдта лæггад кæнын. Уый канд мыстахсæг нæ уыди, фæлæ хъахъхъæдта кувæндæтты хæзнатæ дæр. Мысираг гæды сыгъдæг цæрæгойыл нымад уыди. Суанг ма сылгоймаг-хуыцау Бакотæн дæр уыд гæдыйы сæр.

XIV æнусы инквизици тынг бафхæрдта æназым гæдыты. Инквизитортæ уыдон дæлимонты лæггадгæнджытæ хуыдтой. Ауыгътой сæ ауындзæнтыл, сыгътой сæ арты.

Уæрæсейы чырыстон дин гæдытæм фæлмæндæр цæстæй ракастис. Уыди сын моладзандонты цæрыны бар. Раст зæгъын хъæуы фæстæдæр гæдыты сраст кодтой католиктæ дæр. Суанг кардинал Ришельёйæн йæ хæдзары уыди цыппæрдæс фæлмæнхъуын гæдыйы.

Кæд китайаг гороскопы гæды нæй, уый у япойнаг æмæ вьетнамаг гороскопы уæнг (китайаг Кроличы азы бæсты Япон æмæ Вьетнамы цæуы Гæдыйы аз). Китайаг таурæгъмæ гæсгæ гороскоп уыры арæзта, æмæ йæ дзы гæды бауадзын нæ бафæндыд. 

Урс гæды у иунæг цæрæгой, мæзджытмæ бацæуыны бар кæмæн ис, ахæм. Пысылмон таурæгътæм гæсгæ, пехуымпар Мæхæмæт гæдыты уарзта: иу хатт кувыны рæстæг йæ халаты дысыл бафынæй иу гæды; пехуымпар кувын куы фæци, уæд, цæмæй гæды ма бахъыгдара, йæ дыс алыг кодта.




#Article 77: Кард (112 words)


Кард (ном равзæрд мивдисæгæй кæрдын) у кæрдæн инструмент æмæ цыргъаг хæцæнгарз. Йæ кусæн хай у цыргъ ком, хъæбæр буаргъæдæй конд. Ком вæййы иурдыгæй цыргъ кæнæ та дыууæрдыгæй цыргъ.

Адæймагады историйы кард кæддæридæр ахсджиаг уыдис; сæрмагонд куысты автор Ричард Бёртон зæгъы: «Адæймагады истори у карды истори».

Венгриаг æвзаджы дæр уыцы мигæнæн хуыйны кард. Иртасджытæ куыд фæзæгъынц, рагон венгриæгтæ байстой ацы дзырд алайнаг æвзагæй.

Æфсæн хæцæнгарзы фæзындæй æфсæн кард сси уæлахизхæссæг. Уымæ гæсгæ сси æппæты зынаргъдæр хæзна, йæ хъомысы уыдтой магион тых æмæ сакралон мидис. Скифтæ ард хордтой æмæ карз сомы кодтой кардæй. Скиф Тохсары фырт зæгъы: «Ард дын хæрын Дымгæ æмæ Кардæй...». Лукианмæ гæсгæ, скифтæн Дымгæ æмæ Кард уыдысты хуыцæуттæ.

Кæс хъама дæр.




#Article 78: Дунай (113 words)


Дунай (Донай) у Европæйы дыккаг стырдæр цæугæдон (Волгæйы фæстæ). Æфты Сау денджызмæ (кæс Дунайы дельтæ), афæдз фæхæссы 210 км³ дон.

Дунайы былтыл лæууынц бирæ сахартæ, уыдоны ’хсæн Европæйы цыппар паддзахады сæйраг сахартæ: Венæ (Австрийы сæйраг сахар, 1597 мин цæрæджы), Белград (Сербийы сæйраг сахар, 1168 мин), Будапешт (Венгрийы сæйраг сахар, 2016 мин), Братиславæ (Словакийы сæйраг сахар, 425 мин).

Дунайы нæмттæ сты , , , , , , , , .

Иу теоримæ гæсгæ, Дунайы ном равзæрд скифаг-сарматаг дзырдæй dānu (нырыккон ирон æвзаджы дон). Æндæр теори куыд зæгъы, кельтаг дзырдбаст у: danu «тагъд» æмæ vius «дон».

Зымæг хъарм куы вæййы, уæд Дунайыл ис наутыл цæуæн æнæхъæн азы дæргъы, æндæр азты та — 1—2 мæйы йеддæмæ.




#Article 79: Немыцаг адæм (120 words)


Немыцаг адæм кæнæ немыц у гермайнаг адæмтæй стырдæр æмæ зынгæдæр, сæхи хонынц die Deutschen /ди дойчен/, дзурынц немыцаг æвзагыл. Немыцæгты нымæц хæццæ кæны 100 милуанмæ, сæ фылдæр цæрынц Германы. 

Историон хицæндзинæдты фæрцы (иумæйаг паддзахад сын æрæджы кæй фæзынди, уый тыххæй) немыцаг адæмы мидæг ис бирæ хигъæдон этникон къордтæ. Зæгъæм, сæ динмæ гæсгæ немыц сты дихгонд — уыдоны ’хсæн ис бирæ католиктæ æмæ бирæ протестанттæ.

Дзæвгæр немыц цæрынц Бельгийы (70 мины бæрц, ис сæм автономи), Венгрийы, Данийы, Италийы, Польшæйы, Румынийы (румынаг немыцæгтæ), Словакийы, Францы, Чехийы, Уæрæсе æмæ Хъазахстаны (афтæ хуынд уырыссаг немыцæгтæ). Европæйы æдде — АИШ æмæ Намибийы.

Австрийы, Швейцарийы, Люксембург æмæ Лихтенштейны немыцагау дзурæг адæмæй чи цæры, уыдонæй сæ фылдæр сæхи нымайынц немыцæгтыл нæ, фæлæ австрийæгтыл, швейцарийæгтыл æмæ афтæ дарддæр.




#Article 80: Сталин, Иосиф Виссарионы фырт (106 words)


Сталин Виссарионы фырт Иосиф (æцæг мыггаг Джугашвили кæнæ Дзугаты) — советон паддзахадон æмæ политикон архайæг, большевикты партийы æмæ советон хицауады сæргълæууæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, генералиссимус. Æцæгæй, 1920-ты кæронæй æмæ йæ амæлæты бонмæ уыдис иунæгон æлдариуæггæнæг. Сталин райгуырдис 1879 азы 21 декабры Гуры сахары (Гуырдзыстон) æмæ амардис 1953 азы 5 мартъийы Мæскуыйы.

Сталин æгас ма куы уыди, уæд йæ ном радтой цалдæр сахарæн, уыдонимæ Сталинградæн дæр. Сталины ном цалдæр азы дæргъы хаста Цхинвал дæр (Сталинир, уæды хуссайраг фыссынады — სტალინირი [стъалинири]).

Йæ райгуырæн сахар Гуры ныр дæр ис Сталины дынджыр музей.

Сталины мæлæты фæстæ ног партион раздзог сси Никитæ Хрущёв. Уый рафаудта Сталины культ.




#Article 81: Гергиты Валери (257 words)


Гергиты (Джерджиты) Абисалы фырт Валери у Мариинский театры сæргълæууæг, аивадон разамонæг, Уæрæсейы адæмон артист, паддзахадон премиты лауреат, дунейы зынгæдæр дирижёртæй иу. 2007-æм азæй фæстæмæ Гергиты Валери у Лондоны симфонион оркестры сæйраг дирижёр. 

Гергиты Валери райгуырдис 1953-æм азы 2 майы Мæскуыйы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста Дзæуджыхъæуы.

Каст фæцис Ленинграды Римский-Корсаковы номыл консерватори профессор И. А. Мусинмæ. 23-аздзыдæй рамбылдта Герберт фон Караяны номыл дирижёрты конкурс Берлины æмæ студентæй уæвгæйæ хуынд æрцыд Кировы номыл оперон театрмæ (ныртæккæ хуыйны Мариинский).

Гергиты Валери абон нымад у дунейы иууыл куырдиатджындæр дирижёрыл. Уый у УСФСР-ы сгуыхт аивадон архайæг (1983 аз); адæмон артист (1996 аз); Æхсæнадæмон организаци International Classical Music Awards радтой йын ном «Афæдзы дирижёр»; 1994 азы æмæ 1999 азы Уæрæсейы Паддзахадон премиты лауреат. Цалдæр хатты куыд иууыл курдиатджын дирижёрæн Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд сæйраг театралон преми «Сызгъæрин маскæ». Афтæ ма йын лæвæрд æрцыд Бетъырбухы сæйраг театралон преми «Сызгъæрин софит» иууыл хуыздæр дирижёрон куыстыты тыххæй 1997, 1998 æмæ 2000 азты. 1998 азы музыкалон культурæмæ зынгæ бахасты тыххæй Philips Electronics Гергиты Валерийæн балæвар кодта сæрмагонд преми, æмæ йæ уый алæвæрдта æрыгон зарæггæнджыты академийы æххуысæн. 2000 азы Гергийы-фыртæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Хæлардзинады орден æмæ Сомихы Республикæйы иттæг бæрзонд хæрзиуæг — Сыгъдæг Месроп Маштоцы орден. Афтæ ма Гергийы-фыртæн радтой Германы хицауады хорзæх — фыццаг къæпхæны дзуар «Сгуыхтдзинæдты тыххæй», Италийы — орден «Цытджын кавалер», Францы — орден «Аивæдты æмæ литературæйы орден». 2002 азы лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Президенты преми — зынгæ сфæлдыстадон æмæ зонадон бавæрды тыххæй. 2003 азы 31 мартъийы радтой ын цытджын ном «ЮНЕСКО-йы Сабырдзинады артист».

У Уæрæсейы Президентон Советы архайæг культурæ æмæ аивады хаххыл.




#Article 82: Черчесты Алан (201 words)


Черчесты Георгийы фырт Алан райгуырдис 1962-æм азы 14 апрелы Орджоникидзейы (ныр Дзæуджыхъæу) у прозаик æмæ литературæиртасæг; фыссы уырыссаг æвзагыл. У фыссæг Черчесты Георгийы фырт.

Фæстæдæр ссис филологион зонæдты кандидат, МПУ-йы докторант, дунеон аивадон культурæйы кафедрæйы доцент Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ). 1990-1998 азты кастис лекцит ЦИПУ-йы; 1995 азы та - АИШ-ы штат Индианæйы университеты; куыста æхсæнадæмон хайады сæргълæууæгæй Цæгат Ирыстоны зонадон центры (1995-1997 азты). У Дзæуджыхъæуы æрбынатуæвæг Цивилизацийы институты бындурæвæрæг æмæ президент (?), стæй, йæ институт кæй уадзы, уыцы зонадон альманахы сæйраг редактор. 

Уымæй уæлдай ма у бирæ зонадон публикациты автор; Германы, АИШ-ы æмæ Норвегийы цалдæр фыссæджы æмæ иртасæджы стипендиты стипендиант.

Йæ уацмыстæ фыссы уырыссаг æвзагыл. Ныффыста радзырдтæ «Æмæ æрцæудзæн сæрд…» («И будет лето»), «Гæмæх сакъадах» («Голый остров»), уацау «Къæвда — иунæг фæндаггон» («Дождь — одинокий прохожий») æмæ романтæ «Цæрæгыл реквием» («Реквием по живущему») æмæ «Дымгæйы цыртыл дидинджытæй быд зилакк» («Венок на могилу ветра»).

Йæ фæстаг романы тыххæй Черчесы-фырт ссис Аполлон Григорьевы премийы лауреат. Уымæй уæлдай ма роман номинацигонд уыд премийыл «Националон бестселлер».

Черчесы-фырт йæ прозаикон йæ уацмыстæ мыхуыр кæны 1990 азæй куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы журналты: «Новый мир» (Ног дуне), «Волга», «Россия» (Уæрæсе), «Владикавказ», «Знамя» (Тырыса). Тæлмац кæны прозæ англисаг æвзагæй.

Черчесты Аланы цалдæр уацмысы тæлмацгонд æрцыдысты немыцаг æвзагмæ.




#Article 83: Париж (127 words)


Париж () у Францы сæйраг сахар, уыцы бæстæйы ахсджиагдæр экономикæ æмæ культурæйы артдзæст. Сахар æрбынат кодта цæугæдон Сенæйы былгæрæтты, Францы цæгаты.

Сахары тынг бирæ фенддæгтæ ис, бирæ туристтæ æрбацæуынц уырдæм æрвылаз. Зындгонддæр фенддæгтæ сты Лувр æмæ Эйфелы мæсыг.

XX æнусы Парижы æрцардысты, Октябры революцийы фæстæ Уæрæсейæ чи ралыгъди, уыдонæн сæ фылдæр. Уыцы лигъдæтты хонынц урс эмиграци.

Авторитетджындæр Францы ахуыры уагдæттæ сты сæ сæйраг сахары. Париж фыццаг бынат ахсы дунейы студентон сахарты рейтинджы.

Сорбоннæ, Парижы зынгонддæр университет, бындур æрæвард æрцыдис 1257-æм азы Роберы де Сорбон фæрцы, цæмæй цалдæр дæсой мæгуыр студентты сахуыр кæной теологи. Тагъд рæстæджы университет сси Францы егъаудæр ахуыры уагдон. Сорбоннæйы алыварс сæвзæрд Номдзыд Латинаг квартал.

Парижы ноджы дæр сты Коллеж де Франс, Политехникон скъола, Бæрзонддæр нормалон скъола, Католикон институт, Хохы институт æмæ Управленийы националон институт.




#Article 84: Мызур (230 words)


Мызур кæнæ Мызуры бын у æрзæткъахджыты посёлок Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Мызуры лæууы æрзæтдзæбæхгæнæн фабрикæ, «Электроцинк»-æн æрзæт чи цæттæ кæны, уый.

Цæрынц дзы 2,7 мин адæймаджы (2005-æм азы статистикæмæ гæсгæ).

Кæддæр Стыр Мызур æмæ Мызуры хъæуты алыварс бæрзонд къæдзæхты фæстæ стыр æмæ тæгтæ уæлвæзты, арф æрхыты æмæ хохрæбынты куы сырæзтысты Мызуры приходы хъæутæ, уæд се ’ркомкоммæ Æрыдоны доны тæккæ галиу былыл, къæдзæхты хъæбысы, цалдæр уæрдоны суадзыны фаг цы чысыл уæлвæз уыдис, уый хуыдтой Мызурыбын.

Фæстæдæр Садоны æрзæткъахæнтæ кусын куы райдыдтой, уæд уæлвæз ралæгъз кодтой, къæдзæх арф бакъахтой æмæ дзы сарæзтой æрзæтссæн фабрик. Фабрикаразджытæн æмæ йæ кусджытæн бахъуыд рæстæгмæ цæрæн бынæттæ аразын. Рæстæг куыд цыдис, афтæ уæлвæзы иу иннæйы фæдыл аразын байдыдтой кусджыты хæдзæрттæ, æмæ Мызурыбын сси кусджыты стыр хъæу. Фабричы тых сырæзти ног нырыккон техникæйы руаджы. Ныртæккæ ссы Садоны, Æрхоны, Холысты æмæ Зджыды æрзæткъахæнты æрзæт.

Садоны æмæ Зджыды æрзæт фабрикмæ цæуы хæхты сæрты ауыгъд телтыл вагæтты. 1941 азы 17 майы УСФСР-ы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ Мызурыбын сси Мызуры посёлок.

Ныр ам ис кусджыты стыр æмæ райдзаст клуб, фарастуæладзыгон цалдæр хæдзары, æфснайæн кассæ, посты хай, кинотеатр, скъола, сывæллæтты цæхæрадон, посёлочы депутатты æххæстком, алыхуызон дуканитæ. Кæртытæ æмæ уынгтæ æмбæрзт сты асфальтæй.

Посёлочы царды фадæттæ æмных лæууынц горæты цæрджыты царды фадæттимæ. Горæттæ Алагир, Беслан, Дзæуджыхъæу æмæ бирæ хъæутæй Мызурмæ цæуынц автобустæ. Мызуры посёлокмæ цæгатæй бæрзонд къæдзæхы риуæй зыны Къорайы хъæу. Ам кæддæр цардысты Хъуппетæ. Сæ хæдзары хæлдтыты ’хсæн æрдæгкалдæй лæууы сæ мæсыг.




#Article 85: Хозиты Яков (200 words)


Хозиты Ясоны фырт Яков (райгуырдис 1916-æм азы 8 февралы Хозитыхъæуы — амардис 1938-æм азы 9 июлы Дзæуджыхъæуы), зындгонд ирон поэт. 

Æмдзæвгæтæ фыссын Яков райдыдта лæппуйæ ма куы уыди, уæд. Æмæ уый фæрцы йын тынг æхсызгон уыд ахуыр кæнын литературон къорды «Ног талатæ». Къорды уыди тынг архайдмæ разæнгард. 1932 азы фыццаг хатт нымыхуыр кодтой йе ’мдзæвгæтæ прессæйы. 30-ты æзты республикæйы уагътой 14 газетты æмæ журналы ирон æвзагыл æмæ се ’ппæты дæр æрыгон поэт мыхуыр кодта йе ’мдзæвгæтæ.

Хозиты Яков ныффыста бирæ поэтикон уацмыстæ. Тынг курдиатджын æмдзæвгæтыл  нымад сты «Республикæ», «Терчы хъаст», «Ног Ирыстон», «Цины зарæг», «Октябры сидтон», «Арæнтыл» æмæ æнд. Фыста сывæллæттæн дæр. «Гæлæбу æмæ скъоладзау», «Сывæллæттæ æмæ афæдзы афонтæ», «Сывæллæттæн ныстуан» æмæ æндæртæ.

Йе ’мдзæвгæйы «Республикæ» поэт Ирыстонмæ дзуры:

Æндæр æмдзæвгæйы («Ног Ир») бамбарын кæны уыцы «нæ дуджы æвзаджы» хабар:

Хозиты Яковы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы аивадон тæлмац. Яков ратæлмац кодта ирон æвзагмæ  А. С. Пушкины «Паддзах Салтаны тыххæй аргъау», М. Ю. Лермонтовы æмдзæвгæтæ Кавказы тыххæй кæй ныффыста, уыдон, Ф. Шиллеры «Уалдзыгон зарæг», Ш. Руставелийы «Стайыцармдарæг», М. Горькийы «Чызг æмæ мæлæт», В. В. Маяковскийы æмдзæвгæтæй кæцыдæртæ.

Хозиты Яков архайдта критикæ æмæ литературæйы зонадыл, кодта хрестоматитæ ирон литературæйæ скъолатæн. Кæд бирæ нæ фæцардта, уæддæр стыр ном йæхицæн скодта ирон литературæйы историйы.




#Article 86: Джибути (141 words)


Джибути () у чысыл паддзахад Цæгат Африкæйы, Сырх денджызы былгæрон (Джибутийы арæнты йæ дæргъ у 314 километры), хауы Африкæйы Сыкъайы регионмæ. Францы кæддæры колони, 1977 азы сси хæдбар.

Бæстæйы фылдæр хай у дурджын æдзæрæгран. Къæвдатæ сты стæм, уый тыххæй халсæрттæ дзы нæ зайы, æмæ уымæн сты  æндæр бæстæтæй ласинаг.

Административон æгъдауæй дихгонд у 5 зылды æмæ, зылды æмдых чи у, ахæм сахарыл.

Цæрджыты нымæц у милуаны ’рдæджы бæрцмæ æввахс. Сæ динмæ гæсгæ сты сунниттæ (94%) æмæ чырыстæттæ (6%).

Джибутийы стырдæр адæмтæ сты афар æмæ сомали (иссæ), уыдоны ’хсæн фыдахаст стыхджын, æмæ 1992 азæй 1994 азмæ се 'хсæн уыдис хæстæмбæлдтытæ (Афары сыстады номæй дæр зындгонд сты). Хæстæн кæрон счындис бадзырды фæрцы, фæлæ бадзырды фæстæ дæр, суанг 2001 азы онг уыдис тыхмитæ.

Экономикæйы бындур у денджызон транспорт. Джибути у Эфиопийы сæйрагдæр порт. АИШ (ИНО-йы номæй) Сомалимæ куы балæбурдта, уæд Джибути иста хорз æфтиаг. 




#Article 87: Алжир (147 words)


Алжир (æнæхъæн ном Алжиры Адæмон Демократион Республикæ, الجمهورية الجزائرية الديمقراطية الشعبية, бербераг: ⵟⴰⴳⴷⵓⴷⴰ ⵜⴰⵎⴻⴳⴷⴰⵢⵜ ⵜⴰⵖⴻⵔⴼⴰⵏⵜ ⵜⴰⵣⵣⴰⵢⵔⵉⵜ ) у паддзахад Цæгат Африкæйы, кæддæры Францы колони (1830—1962). Йæ сæйраг сахар у Алжир. Алжиры фылдæр хай у æдзæрæгран Сахарæйы. Суданы радихы фæстæ Алжир сси Африкæйы стырдæр паддзахад.

XVI æнусæй XVIII æнусы онг Алжир уыдис Османты империйы сконды. XIX æнусы та райдыдта францаг колонизаци.

Кæс: Алжиры сахарты номхыгъд.

Советон Цæдис Алжирæн стыр æххуыс кодта 1955-æм азæй фæстæмæ. Алжиры хæс Уæрæсейæн уыдис 4,7 миллиард доллары бæрц, 2006-æм азы уыцы хæс Алжирæн барст æрцыдис — ахæм уынаффæ скодта Уæрæсейы президент Владимир Путин, Алжирмæ бæлцы куы уыд, уæд. Советон хæстæ барыны хабар баст у уæрæсейаг хæцæнгæрзтæ æлханыны стыр бадзырдимæ (контракты аргъ у 7 миллиардæй фылдæр), стæй та, Алжир раздæр Украинæ æмæ Белоруссийæ цы 36 хæдтæхæджы балхæдта, уыдоны модернизацийы тыххæй бадзырдимæ.

Уæрæсейы компанитæ «Роснефть» æмæ «Стройтрансгаз» хайад исынц нефт æмæ æрдзон газ къахыны Алжиры территорийыл.




#Article 88: Дзимыргом (1516 words)


Дзимыргом кæнæ Дзимыр () ис Ирыстоны хуссар хайæн йæ цæгат-хурыскæсæны. Йæ алыварс сты: хурыскæсæнырдыгæй — Хъудыком, Млет; хурныгуылæнырдыгæй — Къара, Цъурта, хуссарырдыгæй — Ломис, Елойтæ, цæгатæрдыгæй — Хъелы æфцæг, Урстуалтæ; цæгат-хурныгуылæнырдыгæй — Гнугъ.

Дзимыр цы зæхх ахсы, уымæн йæ дæргъ у 25 километрæй фылдæр, йæ уæрх — 10 километры. Ам уыдис ахæм хъæутæ: Уæллаг Баджин, Астæуккаг Баджин, Дæллаг Баджин, Горга, Хетъетæ, Тогойтæ, Къора, Пагæтæ, Паркатæ, Дзуат, Дзæццойтæ, Хæтотæ, Гуырцъытæ, Бетъретæ, Цгъойтæ, Сачнатæ, Гæгойтæ, Сыгъд, Мæхъитæ, Мæсгуытæ, Фæрниатæ, Хъасайтæ, Хъулатæ, Хъаратæ, Сланбегтæ, Куыцитæ, Теккойтæ — æдæппæт 25 хъæуæй фылдæр. Куыд хæххон хъæутæ, афтæ стыртæ нæ уыдысты: иуты дзы цардис 4-9 хæдзары, иннæты — 10-15, аннæты та 15-20 кæнæ 23-25 хæдзары. Мыггæгтæ та дзы уыд ахæмтæ: Бедойтæ, Биганатæ, Битъæртæ, Гæгойтæ, Гуырцъытæ, Дзебысатæ, Додотæ, Долеттæ, Къоратæ, Мæхъитæ, Пагæтæ, Паркатæ, Сачнатæ, Фæрниатæ, Хъаратæ, Хъасайтæ, Хъулатæ æмæ Цгъойтæ.

Егъау комбæстæ уыд Дзимыр, фæлæ йæм рæстмæ йæ хъус ничи дардта. Æгæрмæгуыр, райдайæн скъолайæ уæлдæр дзы нæ уыди, нæ рухс, нæ фæндаг. Афтæмæй та ам куыста хъæусовет — фæллойгæнджыты депутатты Дзимыры хъæууон Советы æххæстком. Фæндзайæм азты дæр ма дзы уыд авд коллективон хæдзарады. Колхозтæ стыртæ нæ уыдысты, фæлæ иууылдæр — æфтиагджын. Дзимыргом районы астæумагъз хуыдтой, районмæ фосдарыны продукттæй цы цыд æппæт хъæутæй, уымæн йе ’ртыццаг хай æфтыд Дзимыргомæй. Уымæ гæсгæ йæм хъусдард дæр хъуамæ тынгдæр уыдаид, фæлæ баззад рохуаты. Уымæн уыдис йæхи аххосæгтæ: 40-æм азты дыккаг æмбисы Ирыстоны хуссар хайы цы скъолатæ уыд, уым иууылдæр ахуыр кæнын райдыдтой гуырдзиаг æвзагыл. Дзимырмæ дæр барвыстой иу гуырдзиаджы — Григорий Цхомелидзейы. Уый хъуамæ уыдаид, Цгъойты хъæуы гуырдзиаг æвзагыл цы астазон скъола байгом кæнынмæ хъавыдысты, уый директор. Уымæн районы ахуырады хайад бахæс кодта бынаты ахуыры кары сабиты сбæрæг кæнын, йæхицæн педагогон кадртæ ссарын, стæй та скъолайы агъуыст æмæ а. д.

Дзимыргомы уыцы рæстæг уый бæрц сывæллæттæ уыд, æмæ астазон скъола нæ, фæлæ астæуккаг скъолайы фаг дæр уыдысты. Цгъойты хъæуы æмæ Бетъреты хъæуы сабитæ дæр уыдысты 8-азон скъолайы фаг, уымæй дарддæр ма ацы комбæсты куыста цыппар райдайæн скъолайы. Рæзгæ фæлтæрæн æхсызгон уыд, сæ комбæсты сын кæдæй-уæдæй астазон скъола кæй гом кæнынц, уый. Фæлæ куы базыдтой скъола гуырдзиаг кæй уыдзæн, уый, уæд ныхлæуды нысанæн алыгъдысты æмæ бамбæхстысты. Нæ сæ фæндыд, гуырдзиаг скъола сæм байгом кодтаиккой, уый.

Цхомелидзе районы ахуырады хайадмæ ныххаста ахæм хабар, зæгъгæ, Дзимыргомы сывæллон бынтондæр нæй. Уый адыл цæхгæр алыг комбæсты скъола нæ байгом кæныны фарста. Ничиуал бафарста хъæубæсты, нæдæр колхозы разамонджыты.

Æндæр ахæм хабар ХIХ æнусы дæр æрцыди. 1863-æм азы Цгъойты хъæумæ æрвыст æрцыд Григорий Церетели. 5 октябры уый фыста Ортъеуы хъæуы сауджын С. Канделакимæ, ома, æрæмбырд кодтон фондз ирон сывæллоны æмæ сæ ахуыр кæнын гуырдзиаг æвзагыл, фæлæ нæй гуырдзиаг дамгъуат. Иуæй ирæтты хъæуæн йæ историон ном аивта, иннæмæй ирон сабиты фыццаг къласæй хъавыд гуырдзиаг æвзагыл ахуыр кæнынмæ. Афтæмæй та Æгъуызаты Иуане йæ дамгъуат æмæ райдайæн кълæстæн ахуыргæнæн чингуытæ ирон æвзагыл 1930-æм азы размæ рауагъта. Педагогикæ рагæй-æрæгмæ афтæ домы, цæмæй сабитæ райдайæн кълæсты ахуыр кæной сæхи мадæлон æвзагыл.

Æрмæст иу хорздзинад æрцыд дзимырæгтыл, байгом сæм кодтой райдайæн скъолатæ. Фæлæ уый фаг нæ уыд. Иннæ кæмттау, уыдоны дæр фæндыд, цæмæй сæ сабитæ дарддæр ахуыр кодтаиккой. Фæлæ ууыл нæдæр сæхæдæг, нæдæр районы разамонджытæ фаг нæ батыхстысты, æндæра æппæтиумæйаг ахуыр райсын закъон цы бæстæйы уыд, уым сабитæн райдайæн скъолайæ дарддæр ахуыры бар цæмæннæ уыд?

Дзимыргом рохуаты æрмæст ахуырады къабазы нæ баззад. Ам 1960-æм азты дæр нæма уыд рæстмæ фæндаг, рухс, радио, бастдзинад æмæ а. д.

Цгъойты Дзигойы фырт Харитон цæмæй астæуккаг скъола каст фæуыдаид, уый тыххæй йæ рахау-бахау кæнын бахъуыд бирæ: куы Млеты ахуыр кодта, куы — Икъоты, стæй та — Тбилисы (Калачы). Хуыздæр бон нæ уыд æндæр æрыгон дзимырæгтыл дæр: уыдонæй бирæтæ райдайæн ахуыр иронау истой, астазон — гуырдзиагау, 9 æмæ 10 кълæстæ та — уырыссагау. Иу скъолайæ иннæмæ цæугæйæ сæ-иу алы хатт дæр сбадын кодтой кълас дæлдæр. Ахæм уавæрты скъоламæ цæуын у моралон æмæ физикон æфхæрдæй дæр фыддæр.

Дзимыр кæй федзæрæг, уымæн йæ аххосæгтæ сты уæлдæр ранымад цухдзинæдтæ, ома, бирæ цæмæйдæрты хъусдардæй иппæрд кæй уыд, уый дзимирæгты æркодта райгуырæн комбæстæй фæлидзынмæ.

Цæмæй ма алыгъдаиккой ацы комбæсты адæм, уый тыххæй районы разамонджытæ æрæджиау, 1960-æм азты райдайæнæй ардæм райдыдтой фæндаг аразын, рухс уадзын. Ацы куыстытæ сæ тæккæ тæмæны куы уыдысты, раст уыцы рæстæджы хицауадæй рацыд ахæм уынаффæ, цæмæй адæм фос мауал дардтаиккой. Бирæ кæмтты адæм сæ царды сæйраг фæрæз фосдарынад кæмæн уыд, уыдон хъæддыхæй рацыдысты ацы уынаффæйы ныхмæ. Дзимыргомы ахæм ничи разынд æмæ районы разамонджытæ уынгæджы кæй нæ фæкодтой. Куы сын сæ фос аслам аргъыл уæй кæнын кодтой колхозæн, куы сын сæм тыхæй байсынæй дæр æртхъирæн кодтой, зæгъгæ, уæлдæр хицауадæй рацæугæ закъон афтæ домы. Дзимирæгтæ дæр ма сæ сæрæн уый зыдтой æмæ бар-æнæбары фæлыгъдысты Цæгат Ирыстоны алы хъæутæм.

Ацы ком кæй федзæрæг, уый у тугтæригъæд хъуыддаг. Ардыгæттæ тынг бирæ уарзтой сæ бæстæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты ахæмтæ дæр, кæцытæ-иу алыгъдысты Цæгат Ирмæ æмæ та-иу фæстæмæ æрыздæхтысты, сæ иуæй-иутæ дыгай хæттыты дæр. Уымæн æмæ ам кæд зын уавæрты цардысты, уæддæр ком экологон æгъдауæй у сыгъдæг, йе ’рдзон миниуджытæ, йæ уæлдæф æмæ йæ дæттæ сты, æмбал стæм кæмæн ис, ахæмтæ. Ам лæг æрмæст хъæды халсартæ, зокъотæ, гагадыргътæ фаг куы æрæмбырд кæна, уæддæр сараздзæн йæхицæн цæрыны фæрæзтæ. Йæ алыварс цы кæмттæ ис, уыдонæй бирæтæн нæ уыд фаг уыгæрдæнтæ, хуымзæхх, сæрвæттæ. Дзимыргомы хъæутæй та бирæтæн уыд уыгæрдæнтæ, парахат фезмæлæнтæ. Æрмæст ма сæм хъуыд фæндæгтæ. Дзимырæй 20-22 километры æддæдæр ис иу ком. Ирæй чи сгуырдзы, ахæм мыггæгтæ дзы цæры — Бунтуритæ, Бурдулитæ, Гогичашвилитæ æмæ Сухашвилитæ, ома, Бутатæ, Бурдултæ, Годжыцатæ æмæ Сухитæ. Сæ комбæстæ та кæддæр Сыхуат хуынд, фæлæ ранымад адæм сæ мыггæгты аивынимæ иумæ аивтой сæ комы ном дæр, схуыдтой йæ Цхават.

Дзимыргомæн йæ сыхаг кæмттæй æнгом æмæ хъæрмуддæр ахаст уыд Хъудыкомы адæмимæ. Уымæн æмæ ам дæр, Дзимыргомау, цæрджыты зынгæ хай уыдысты Тæгайы байзæддаг — Цгъойтæ, Сачнатæ, Гуырцъытæ. Кæрæдзимæ кастысты хионты, æрвадæлты, хæрæфыртты, мадырвадæлты æмæ адджын сыхæгты цæстæй. Сæ хæстæгдзинады тыххæй фыста Калойы-фырт йæ историон-этнографион чиныг «Ирæттæ»-йы.

Ацы комæн йе ’рдзон уавæртæ, йæ экологи, йæ суардæттæ фадат радтаиккой ам балнеологон курорттæ, фæлладуадзæн хæдзæрттæ, зымæгон спортивон хъæзтыты базæ саразынæн, фæлæ, хъыгагæн, æппæт уыдæттæ дзæгъæлы фесты, рохуаты баззадысты Дзимиргомæн йæхиау. Ам ис суар доны цыппар хуызы — цыппар суар. Уыдонæй иу Баджины суар хаст у Сырх чиныгмæ дæр. Суткæмæ йе ’фтиаг у 180000 литры. Иннæ æртæ — Гуырцъыты, Тогойты æмæ Цгъойты суæрттæ — афтæ стыртæ кæд не сты, уæддæр уыдон дæр бæззынц. Уымæй уæлдай ма Къорайы ис сондоны дон, комбæстæн йæ дæллаг кæронмæ æввахс та ис сæрнизæй хосгæнæн дæттæ.

Дзимыргомы бирæ ис, Сырх чиныгмæ хаст чи сты, ахæм хосгæнæн зайæгойтæ: æхсынкъмарæн, фыцгæйæ хæрынæнбæзгæ цил, фугæ, саунæмыг, цъуй, дзæгъæлдзу, уагъылы, малусæг, мыртгæ, пысыра, хæрыны хъоло, нæууы, хъæды æмæ хомæйхæргæ зокъотæ, бирæ хъæддаг халсартæ æмæ гагадыргътæ.

Гуырдзы амы бынæттыл сæвæрдтой йæхи нæмттæ ирон нæмтты бæсты: Дзимыры схуыдтой Жамури, Цгъойты хъæуы — æртæ номæй: Цъин, Цъинсопели, Цугуанткъари; Куыцырты (Куыцыриты) — Косиани; Мæсгуыты — Цихилеби; Черзезты — Черкезани; Баджины — Башни; Сыгъды — Скъида; Хъудыкомы — Кудикимо; Дзуаты — Дзуаткъари. Иу хъæу та дзы Къибихани схуыдтой, афтæмæй Дзимыргомы ахæм хъæуы никуы уыд рагæй-æрæгмæ.

Уымæй дарддæр ма а комбæсты æрдзы рæсугъддзинадæй æмæ историон æгъдауæй цымыдисаг цыдæриддæр уыдис, уыдоныл дæр та-иу сæхи нæмттæ авæрдтой, цыма æрдз æмæ историон цыртдзæвæнтæн дæр «се ’мдзуарджын» уыдысты, уыйау. Хъелы цады уыдон схуыдтой Хъелис тъба, историон æмæ динон фидар гæнæхты ансамбль Бериты сыхы — Берцих, Дзимыры рагъы — Ломис-Алеуы рагъ, Иры рагъы — Харули.

Дзимыры æрдзы фидауцджын цад нæхирдыгонау Хъелы цад уымæн хуынд æмæ ис бæрзонд ран — 2920 метры бæрзæндæн. Ахæм бынæтты куыд нæхимæ, Дзимыры, афтæ нæ сыхаг кæмтты дæр хонынц Хъел, ома, бæрзонд ран. Зæгъæм, уæлвæзæн хурыскæсæнырдыгæй цы рæсугъд дзуар ис, уый бынæттон адæм хонынц Хъилы Уастырджи. Цы рагыл ис, уый — Хъелы æфцæг, фæзгонд кæм ахаста, уый та — Хъелы фæз. Цы дардыл дзурын, Дзимыргомæй Хъудыкомы ’хсæн цы рагъ ис, уый хонынц æмæ хуыдтой Дзимыры рагъ. Уымæн йæ райдайæн ис Дзимыры зæххыл — Паддзахы Мус (Арагуийы æлдар сабиты кæм банай кодта, уым). Уый хуссарырдæм ацыд иу-дыууæ километры Дзимырæн хурыскæсæнырдыгæй йæ рæзты. Уый фæстæ ныххæццæ Ломисмæ. Гуырдзиаг географ Вахушти рагъыл цæмæдæр гæсгæ сæвæрдта Ломис-Алеуы рагъ. Афтæмæй та рагъæн йæ рæсугъд бынæттæ, стæй йæ райдайæн дæр Дзимыры зæххыл ис.

Гуырдзыйæ иу хæдæвзæрд ахуыргонд Топчишвили комкоммæ загъта: «Дзимыр (Жамури) гуырдзиаг регион кæй у, ууыл æрмæст ацы комæй рацæугæ рагон гуырдзиаг мыггаг — Жамрели дæр у дзурæг». Жамурели кæй хонынц, уыцы мыггаг æцæгæй та Битъæрты мыггаг у. Уыцы мыггагæй кæйдæрты бахъуыд Дзимырæй Куртамæ, Икъот æмæ Цъирколмæ алидзыны тыххæй сæ мыггаг фæивын.

Уыцы хъæутæм куы ныццыдысты, уæд сын радтой ног мыггæгтæ: Куртайы хъæу — Жамурели, Икъот æмæ Цъиркол — Осишвили. Уæдæ Жамурели кæд рагон мыггаг ссис, уæддæр Битъæрты мыггагæй рагондæр нæу, гуырдзиаг та бар-æнæбары ссис.

Дзимыргом æмæ йæ адæмыл цæстуарзон ныхас загъта нæ куырыхон фыссæг Гæдиаты Секъа. Уый æрмæст йе сфæлдыстадæй нæ, фæлæ ма йæ миддуне æмæ зæрдæйæ дæр æнгом баст уыд Дзимыргомимæ. Секъа зæрдæбынæй уарзта йæ сыхаг комбæстæ æмæ йыл бирæ зæрдæмæхъаргæ поэтикон рæнхъытæ дæр ныффыста.

Историон зонæдты кандидат Дзаттиаты Руслан, Дзимыргомы историон цыртдзæвæнтыл дзургæйæ, фыссы: «Дзимырæн йæ мæсгуытæ æрдæгхæлдæй дæр рæсугъд æмæ цымыдисаг сты». Æрмæст Бериты сыхы мæсгуытæ сæхæдæг æнæхъæн историон фæзынд сты. Тогойты мæсыг — æмбисондхæссæн. Хъасайты мæсыг, Алардыйы мæсыг, Баджины мæсгуытæ — сæ иуæй иннæ рæсугъддæр æмæ фидауцджындæр. Чи сæ фехæлд, уыдоны дæр паддзахы æфсад фыдæнæн ныппырх кодтой, адон нæ ныхмæ сты, зæгъгæ.

Зынгæ ирон поэт Плиты Илья куыста Цгъойты хъæуы райдайæн скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый афтæ тынг бауарзта ацы комбæстæ æмæ йыл ныффыста кадæг «Дзимыр». Уым ирд поэтикон æнкъарæнтимæ зæгъы, æз ирон æгъдæуттæ Дзимыры базыдтон, зæгъгæ.




#Article 89: Пастухов, Андрей Василийы фырт (878 words)


Пастухов Василийы фырт Андрей (1860-1899) уыдис зындгонд уырыссаг хохиртасæг æмæ топограф.

XIX æнусы астæу Харьковы губернæйы цæугæдон Деркулы (Цæгат Донецы къабаз) галиу фарс бæхты заводимæ иумæ аразын райдыдтой æфсæддон посёлок. Заводы куыстой, сæ бинонты посёлокмæ æрбаласыны бар кæмæн уыд, уыцы салдæттæ.

Андрей ахуыр кодта зæрдæргъæвдæй, нымад уыд раззагдæр ахуырдзаутæй иуыл, æмæ йæ училище каст фæуыны фæстæ райстой къæнцылармæ кусынмæ. Лæппу къæнцылары куы куыста, уæд базонгæ зæронд ефрейтор И. П. Болотниковимæ. Болотников Андрейæн арæх дзырдта, кæм архайдта, Кавказы, Турчы æмæ Ираны уыцы хæстыты тыххæй. Ефрейтор уыд дæсны таурæгъгæнæг, уæлдай тынгдæр та уарзта, йæ зæрдæмæ чи фæцыдис, уыцы хæхты тыххæй дзурын.

Чысыл фæстæдæр Пастухов базонгæ, хъуыддаджы фæдыл Ног Деркулмæ æрбацæуæг топограф Сидоровимæ. Сидоров Андрей Пастуховы базонгæ кодта топографиимæ, загъта йын, Бетъырбухы кæй ис топографты-геодезистты цæттæгæнæн училище. Лæппу ацыд уыцы училищемæ ахуыр кæнынмæ.

Училищейы ахуыр кодтой канд топографийыл æмæ геодезийыл нæ, фæлæ географийыл, физикæйыл, æрдззонынадыл, уырыссаг литературæ æмæ æндæр предметтыл. Дыууæ азы фæстæ училище иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст куы фæцис, уæд æй топографæй кусынмæ арвыстой Курляндийы губернæмæ, фæстæдæр та — Кавказы æфсæддон зылды топографион хайадмæ.

Кавказмæ фæндагыл æрыгон топограф базонгæ номдзыд уырыссаг ахуыргонд Пётр Пётры фырт Семенов-Тян-Шанскиимæ, йæ ног зонгæйы фæндонæй Арвыкомы фæндагыл ацыд Тифлисмæ æмæ федта, Пушкины, Лермонтовы, Толстойы æмæ Грибоедовы уацмысты кæй тыххæй каст, уыцы бынæттæ. Тифлисы А. Пастухов радта фæлварæнтæ Кавказы æфсæддон зылды топографион хайадмæ æмæ йын радтой кæстæр кълассон топографы цин. Пастухов базонгæ зындгонд ахуыргæндтæ-кавказиртасджытæ А. Н. Некрасовимæ, Н. Я. Динникимæ, Н. М. Альбовимæ, И. И. Ходзькоимæ, ногæй фембæлд П. П. Семенов-Тян-Шанскиимæ.

Фондз азы дæргъы Андрей Василийы фырт куыста Дагъистаны хохы, систа Гимрыйы æмæ Андийы хæхты къамтæ, Центрон Кавказы, ома, Сæнайы хохмæ ’ввахс кодта топографион куыстытæ.

Пастухов зыдта, Сæнайы хохмæ цæмæй схиза, уый тыххæй йæ сæрмагондæй бацæттæ кæнын кæй æмбæлы, уый. Уымæй уæлдай, Сæнайы хохмæ схизæн уыд æрмæст сæрмагонд альпинистон кусæнгæрзтимæ.

Райдыдта 1889 аз. Пастухов йæхи бацæттæ кодта Сæнайы хохмæ схизынмæ, цæмæй сараза нывыл топографион картæ. Хохмæ хизджытæн уæнгдыхæй бацæттæ кæнынæй уæлдай æмбæлыдис дзæбæх кусæнгæрзтæ æмæ хæрзад хойраг. Андрей Василийы фырт бацæттæ кодта цалдæр хуызы къахы- æмæ уæлæдарæс, æрæмбырд кодта Сæнайы хохы тыххæй æрмæджытæ æмæ бæрæггæнæнтæ, бæстон раиртæста Сæнайы хохмæ раздæр схизæг фæсарæйнаг альпинистты фæлтæрддзинад.

Кусæнгæрзтæ æмæ хойраг бацæттæ кæныны фæстæ Пастухов бавнæлдта хохдзауты къорд æмбырд кæнынмæ. Алфамбылай гуырдзиаг æмæ ирон хъæуты цæрджытæ куы федтой, фæсарæйнаг альпинистты кусæнгæрзтимæ абаргæйæ, Пастуховы хиконд кусæнгæрзтæ цауддæр кæй сты, уый, уæд разы нал уыдысты Андрей Василийы фыртимæ иумæ хохмæ хизыныл. Уымæй уæлдай, хохмæ схизынмæ Пастухов Майлийы цъитийы ’рдыгæй кæй равзæрста, уыцы фæндаг, Арвыкомырдыгæй фæндагимæ абаргæйæ, уыд бæлвырд зындæр.

Бынæттон хъæуты цæрджытæ Пастуховимæ балцы ацæуыныл куынæ сразы сты, уæд Андрей Василийы фырт йæхицæн бæлццонтæн равзæрста Сунжæ-Дзæуджыхъæуы полчъы цалдæр æфсæддоны.

Балцы ацæуыны хæдразмæ Пастуховмæ бацыдис тменыхъæуккаг Царахаты Тепсарыхъо, æмæ йын загъта, хохмæ схизыныл разы кæй у, уый. Царахы-фыртыл кæд æртиссæдз азæй фылдæр цыдис, уæддæр фæлтæрд цуанон уæнгдыхæй уыд рæвдз, зыдта Сæнайы хохмæ фæндаджы хай.

Куыдфæстæмæ хохдзаутæ фæлладысты уæлдай тынгдæр. Адæм бæрзонд хохмæ фыццаг хатт кæй цыдысты, стæй сæм лæмæгъ хиконд кусæнгæрзтæ кæй уыд, уыдæттæ сæ тынг къуылымпы кодтой. Фæлæ экспедицийы разамонæг Андрей Пастуховмæ ныфс уыд, Сæнайы хохмæ сын схизын кæй бантысдзæн, уымæй.

Цъитийыл схизæнтæ 60 градусæй цæхгæрдæр кæм уыдысты, уым ранæй-рæтты къæпсырты фæрцы уæлæмæ схизæн нæ уыд, æмæ-иу уæд экспедицийы архайджытæ бавнæлдтой ихыл къæпхæнтæ аразынмæ. Денджызы æмвæзадæй 4000 метры уæлдæр бæрзæндыл къæпхæнтæ аразын уыд тынг зын куыст.

Къæпхæнтæ адæм арæзтой радыгай. Уæззау куыстæй æппæтæй раздæр бафæлладысты Сунжæ-Дзæуджыхъæуы полчъы салдæттæ, æмæ сæ бон дарддæр цæуын нал уыд. Хохдзаутæ баззадысты цыппарæй: Пастухов, Царахы-фырт æмæ иннæтæй рæвдздæр чи уыд, дыууæ уыцы салдаты — Потапов æмæ Лапкин.

Цалдæр сахаты фæстæ фидар Лапкинмæ рабæрæг хохаг низы миниуджытæ. Экспедицийы архайджытæн дарддæр цæуын уыд ноджы зындæр. Адæмæн уарынæй æмæ дымгæйæ уыд уазал, туаггуыр сын нæ фаг кодта, боныхъæд цалдæр хатты аивта. Уарыны æмæ дымгæйы аххосæй экспедицийы архайджытæ хатгай кæрæдзийы нæ уыдтой.

Дарддæр Сæнайы хохмæ цыдысты дыууæйæ — Андрей Пастухов æмæ Царахаты Тепсарыхъо. Дыууæсæдæ метры уæлдæр куы схызтысты, уæд Царахы-фырты хъустæй туг кæлын райдыдта. Алæууыдысты сахаты ’рдæджы бæрц, хъустæ митæй аууæрстой, æмæ афтæмæй туг баурæдтой. Стыр зындзинæдтæ æвзаргæйæ, дыууæ ныфсджын нæлгоймаджы та ногæй уæлæмæ фæцæуынц. Алфамбылай — иттæг сабыр æмæ рæсугъд æрдз.

Сæнайы хохы цъуппыл Андрей Василийы фырт систа топографион къамтæ, сарæзта метеоиртæстытæ, нывтæ æмæ дзы ныффидар кодта, биноклтæй кæсгæйæ, Дзæуджыхъæуæй æмæ æндæр цæрæн бынæттæй чи зынд, ахæм стыр сырх тырыса. Уыцы аз дзæуджыхъуæккæгтæ бирæ дис кодтой уыцы тырысайыл, фæстæдæр йæ дымгæ атыдта.

Хохдзаутæ уæлæмæ хизынæй кæй бафæлладысты, уымæ гæсгæ сын бынмæ хизын дæр уыд зын.

Экспедицийы архайджытæ Хъæрмæдонмæ æрхæццæ сты, Сæнайы хохмæ куы ацыдысты, уымæй фондз боны фæстæ.

А. Пастухов æмæ Царахы-фырт уыдысты уыцы адæймæгтæ, Сæнайы хохы цъуппыл геологион æмæ метеорологион иртæстытæ саразын, стæй топографион къамтæ сисын фыццаг кæмæн бантыстис.

Андрей Василийы фырт Пастухов уыд, Кавказы зынвадат рæтты бирæ топографион къамтæ чи систа, ахæм фæлтæрд топограф. А. Пастухов раиртæста бирæ кæмттæ, цъититæ æмæ уæлвæзтæ æмæ сын сарæзта топографион картæтæ. Пастухов кæй систа, Сæнайы æмæ Эльбрусы хæхты уыцы къамтæн абон дæр ис стыр зонадон ахадындзинад.

Пастухов газетты æмæ журналты кæй ныммыхуыр кодта, уыцы уацхъуыдтæй уæлдай стырдæр зонадон ахадындзинад ис мæнæ ахæмтæн: «Алагёзмæ балц», «Халацы хохы цъупмæ балц», «Сæнайы хохмæ балц», «Сæнайы хох æмæ Эльбрус», «Кавказы бæрзонддæр хæхтæм балц» æмæ иннæтæн.

А. В. Пастухов амардис 1899 азы æмæ йæ йæ курдиатмæ гæсгæ баныгæдтой сахар Пятигорсчы Машук-хохы фахсыл. Пастуховы марды раз ныхас кæнгæйæ, номдзыд кавказиртасæг Д. Д. Пагирев загъта: «Андрей Василийы фырт йæхицæн ном скодта, Стыр æмæ Чысыл Кавказы сæйраг бæрзæндтæ æвæллайгæйæ æмæ ныфсджынæй кæй иртæста, уымæй. Пастухов уыд фыццаг уырыссаг кавказаг альпинист…»




#Article 90: Туттургъан (135 words)


Туттургъан () у бирæазон кæрдæг зайæгой.

Ацы зайæгойæн адæм рагæй зонынц йæ дзæбæхгæнæн миниуджытæ æмæ йæ хосæн амонынц. Йæ ахсæн, йе йæ тъæнгтæ хорз кæмæн нал фæкусынц, уыцы рынчынтæн, стæй уазалдзыд адæмæн дæр. Лыстæг насхафæнæй хафт туттургъаны уидаг дæр буары иу хай стæвд кæны горчичникты халдих. Фæхæрынц æй цинга не ’руадзыны тæссæй дæр. Хæрынæн хуыздæр у йæ уидаг хомæй, фыхæй, консервгондæй дæр. Цæмæй хæрзаддæр уой æмæ лæмæгъ ма кæной, уый тыххæй йын йæ сыфтæ бафтауынц пъамидортæ æмæ джитъриты цæхджынтыл. Туттургъанæн баивæн ницæмæй ис, дзидза æмæ йæ холодецимæ куы хæрай, уæд. Туттургъанæй лæмæрст доныл ма иу уый бæрц бафтау къранты дон æмæ ахæм тæнгъæд æвæджиауы хорз у, комарынгты анхъæвзынæн, стоматит æмæ гингивит кæй батыхсын кæны, йæ дæндаджы фыдтæ кæмæн фехæлынц, йе ’взаг æмæ йæ комы къултыл лыстæг хæлмæгтæ кæмæн фæзыны, уыдонæн. Туттургъанæй ныллæгдæр æрхауы туджы сæкæр.




#Article 91: Хуырхæг (166 words)


Хуырхæг, дыгуронау: тауæгтъаффæ (латинаг классификацимæ гæсгæ Rumex acetosa) у кæрдæг зайæгой.

Хуырхæг у популярон цæхæрадоны кæрдæг. Хъæздыг у алыхуызон витаминтæй, минералон цæххытæй. Уæдæ дзы урсаг та хæццæ кæны 36,4% онг. Пайда у хæлцтайынад банывылдæр кæнынæн. Буары мидæг туг æнæзынгæйæ тугдадзинтæй куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн. Æвдадзы хос у, тугхæппæр чи феппары, геморройæ чи батыхсы, уыцы рынчытæн. Æнцондæр кæны игæры масты гуырынад æмæ йæ æддæмæ ратæры. Хуырхæджы сыфтæн нæ фæразынц бирæ зианхæссæг микробтæ, амары сæ. Уымæ гæсгæ йæ амонынц, низхæссæг микробтæй чи фæхъæстæ, уыцы рынчынтæн. Йæ уидаджы фыхдон фидардæр кæны буары тæккæ лыстæгдæр тугдадзинты. Дзæбæх дзы кæнынц цармы цалдæр хуызы низтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы — сæрмагонд хосты æмрæнхъ, иумæ. Йæ сыфтæ æмæ йын йæ хъæд фæхæрынц хомæй, цалынмæ дидинæг нæма ракалы, уæдмæ. Алыхуызон хъацæнтимæ дзы хæринаджы дæснытæ саразынц æвæджиауы хъæрмхуыпп, салаттæ, пюре, чъиритæ, зымæгмæ йæ æрцæттæ кæнынц цæхджынæй, консервгондæй, хусæй. Хуырхæг уæлдай кадджындæр у адæмы цæсты, уымæн æмæ дзы бирæ аирвæзын кодта стонг азты, уæлдайдæр та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ. Хордтой йæ цæхæрайы фыхæй, ссадимæ хæццæйæ.




#Article 92: Къабуска (186 words)


Къабуска () у популярон халсары хуыз. Уæрæсейы дзы зайы цалдæр хуызы, уыдонимæ: кольраби, пекинаг сыфджын, хуызджын, савойаг, брюсселаг, брокколи, сырх æмæ урс къабуска. Сæ арæзтмæ, сæ адмæ гæсгæ дæр уыдон сты фæйнæхуызон. Зæхкусæджы цæхæрадоны дзы хуыздæр æмæ арæхдæр зайы урс къабуска. Уый у æрвылбоны хæринæгтæн сæ ахсджиагдæртæй. Цы бирæ витаминтæ дзы ис, уыдонимæ уæлдай хуыздæрыл нымад у витамин Y (y). Уый æвдадз у ахсæны хæлмагæн. Адæймагæн æвæджиауы пайда дæтты йæ органикон туагадтæй. Хъæздыг у минералон элементтæй дæр, ис дзы калий, фосфор, йод, марганец, æрхуы, æфсæйнаг æмæ бирæ фитонцидтæ — микробтæ куынæггæнæг буаргъæдтæ.

Дзæбæхгæнæг дохтырты цæстæй кæсгæйæ, къабуска нымад у диетикон продуктыл, æнæмæнгхъæугæ витаминты æрдзон къæбицыл. Ног карст къабускайы лæмæрст донæй дзæбæх кæнынц ахсæны хæлмаг, игæры низтæ, авитаминоз, донниз (водянка), подагрæ, сæкæрниз. Къабускайы донæй, кæнæ та йæ фых сыфтæй зилынц цармы алыхуызон хæлмæгтæм æмæ хъæдгæмттæм, уæлæнгай сыгъдтытæм. Радикулитæй, подагрæйæ, сыгъдтытæй, буар кæм фæриссы, уыцы ран къабускайы сыф æнгом бастæй куы сæвæрай, уæд цыбыр рæстæгмæ рыст фесæфы.

Къабуска у адæймаджы уарзондæр хæринæгтæй иу. Кæнынц дзы салаттæ, цæхджынтæ, маринадтæ, хъæбынтæ; æрæвæрынц æй кæсаг æмæ дзидзаимæ, гарнирæн. Ирон æфсинты конд къабускаджынтæ та, æвæццæгæн, æмæ хорз сфидауиккой кæцыфæнды паддзахы фынгыл дæр.




#Article 93: Цæхæра (179 words)


Цæхæра кæнæ дзæхæра, æндæр вариант у къуымбыл,  () у адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Аргъ та йын уымæн кæнынц, æмæ хъæздыг у урсæгтæ, æвзалыдон æмæ аскорбины туагадæй. Бирæ дзы ис æнæмæнгхъæугæ минералон цæххытæ: калий, кальций, натрий, фосфор, марганец, æфсæйнаг, йод, кобальт.

Амонынц æй, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, йæ нервыты аххосæй мæстыгæр чи у, йæ рæуджытæ сахъат кæмæн сты, уыдонæн. Дзæбæх дзы кæнынц сæкæрниз, тынг нард рынчынтæ. Базеды низæй чи сæйы, уымæн йæ, уартæнгæс рæзынæг (уырыс. щитовидная железа) кæй хонынц, уый активон куыст фæсабырдæр кæны. Цæхæра æнæмæнгхъæугæ хæринаг у, йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, уымæн.

Æхсæрдæсæм æнусы йæ нæ рагфыдæлтæ бердзенты бæстæйæ куы æрбаластой, уæдæй абонмæ дзы адæм пайда кæнынц, куыд хæрзад халсарæй. Хæрынц æй доны, духовкæйы фыхæй. Кæнынц дзы борщ æмæ туагдзæхдон (уырыс. окрошка). Цæхджын æй кæнынц хибарæй, фæлæ цывзыйы цъæрттимæ та у уæлдай хæрзаддæр. Нæ разагъды бæркадкъух æфсинтæ йын йæ сыфтæй чъиритæ куы ракæнынц, уыдонæн та дзы æмбал нæй.

Сырх цæхæрамæ ма ис иу диссаджы миниуæг. Дохтыртæ йæ амонынц къуыдилы (уырыс. рак) кæмæн ис, уыцы рынчынтæн дзæбæх кæнынæн æмæ сæ не ’руадзынмæ.

Цæхæрайы сæрмагонд хуызтæй чындæуы сæкæр.




#Article 94: Хъама (447 words)


Хъама (цуанон æвзагыл: арх) у дыууæрдыгæй цыргъ цыргъаг хæцæнгæрзты сæрмагонд хуыз. Пайда кодтой уымæй алыхуызон адæмтæ, уыдоны ’хсæн ирон адæм дæр.

Ирон цыргъаг хæцæнгæрзты ’хсæн зынгæ бынат ахсы хъама. Фæлæ нырма бæстон бæрæг нæу, кæцы æнусы фæзындис, уый. Хъаматæ сæ асмæ гæсгæ кæнынц æртæ дихы: егъау, рæстæмбис æмæ чысыл хъама. Сæ арæзт æмæ хуызмæ гæсгæ дæр кæнынц æртæ дихы: æхгæд æвзист хъама, æвзист хъама æмæ сауарæзт хъама. Æхгæд æвзист хъама хъаматæн се ’ппæтæй кадджындæр æмæ зынаргъдæр у. Уымæн æмæ йæ фистоны æддаг цъар кæрæй-кæронмæ вæййы æвзистæй æмæ йæ уый тыххæй хонынц æхгæд æвзист хъама. Æвзист хъамайæн йæ дæлвистоны тæлы æмæ къæдзилы тæлыйы астæу та æхгæд вæййы сау фидар æмæ уæздан сæракæй. Йæ фистон арæзт вæййы сыкъа кæнæ та стæгæй. Сау арæзт хъама иннæ хъаматæй вæййы егъаудæр æмæ уæззаудæр, уымæн æмæ йæ тъæпæны æфсæйнаг вæййы иннæтæй бæзджындæр. Хъамайы тъæпæны æфсæйнаг кæд хицæн хæйттæй конд нæу, уæддæр ын йæ арæзты хуызтæм гæсгæ ис фондз хайон номы: тъыл, тъæпæн, нукæуттæ æмæ бырынкъ. Хъаматæ сæ фистонтæм гæсгæ кæнынц дыууæ дихы: фæзвистон хъама æмæ сагъдвистон хъама.

Ирон адæммæ хъамайæн ис фондз бындурон нысаниуæджы: хæстон, куыстадон, дарæсы фидыцæн, æхсарæууæнчы æмæ динон нысаниуæг. Хъамайы хæстон нысаниуæг ис уый мидæг æмæ у цыргъаг хæцæнгæрзтæн се ’ппæтæй фердæхтджындæр. Иннæ цыргъаг хæцæнгæрзты хъауджыдæр уымæн йæ бырынкъ у тæссагдæр. Уыимæ хъамайæн дыууæрдыгæй дæр ис цыргъ кæмттæ æмæ дзы чердæм фæнды февзид йæ фистонырдыгæй йедтæмæ йæм бавналæн ничердыгæй ис æмæ зын байсæн у искæй къухæй дæр.

Ирон нæлгоймаджы дарæсы фæлысты бындурондæр хæйттæ сты уæлдзарм худ, цухъхъа, куырæт, бæрцытæ, кафæн, хæдбынтæ сæракæй, хъама, рон. Уыцы хæйттæй сæ иу дæр куы нæ уа, уæд нæлгоймаджы национ дарæсы фæлыст у æвидыц æмæ йæ лæгау лæг йæ сæрмæ нæ хаста. Уæдæ хъамайæн ис дарæсы фидыцы стыр ахадындзинад. Æнæ хъама нæлгоймаджы нæ фыдæлтæ хуыдтой «лалымы хуызæн лæг».

Хъама уыд æхсарæууæнк æфтауæн дзаума. Уымæй ард кæй хордтой, уый тыххæй йæ хуыдтой «æрдхæрæны дзаума» дæр. Ирон лæг ард хордта йæ комбæсты йæ хъæубæсты, йæ мыггаджы, йæ кæнгæ æфсымæры, йæ уарзон сылгоймаджы раз. Тынг карзæй йæ ардбахæрд чи нæ сæххæст кодтаид, уый нымад цыд фыдæлты фидар æууæнк халæгыл, комбæсты, хъæу æмæ мыггаджы худинаггæнæгыл æмæ йын уыдон ’хсæн цæрæн нал уыд. Хъоды, кæнæ йын кодтой марыны тæрхон дæр. Ахæм адæймагæй дзырдтой, йе ’ууæнк бахордта, зæгъгæ. Уый-иу фæлыгъд йæ кой, йæ хъæр кæцæй нал хъуыстаид, ахæм бæстæм. Ирон адæм ард хордтой Хуыцауæй, зæдтæй, фосæй, хорæй, сыджытæй, зынгæй. Хъамайæн ирон адæмы ’хсæн уыдис дины нысаниуæг дæр. Дин куыд амыдта, афтæмæй, дам, хæйрæг, дæлимон, бирæгъы дæндагæй фæстæмæ, хъамайæ тынгдæр ницæмæй тæрсы. Цæвиттон, бæлццоныл-иу фæндагыл цæугæйæ кæм баталынг, уым-иу æрыхсæвиуат кодта. Йæ алыварс-иу хъамайы бырынкъæй тымбыл хахх æркодта æмæ сæрибарæй фынæй кодта. Дины амындмæ гæсгæ афтæ хъуыды кодтой, ома, йæ сæрты ницы æрбахиздзæн. Иуæй-иу хъаматы тъæпæнтыл уыд Тутыры бонты арæзт бирæгъы нывтæ.




#Article 95: Абайты Хаджумар (636 words)


Абайты Хъырымы фырт Хаджумар (1925-1982) у Ирыстоны хуыздæр оперон зарæггæнджытæй иу, райгуырд Ногиры Абайты Хъырымы бинонты.

Хæсты размæ Ногир чысыл хъæу уыдис. Электрон рухс, стæмтæй фæстæмæ, никæмæ уыдис, фæтæген цырагъы рухсмæ цардысты. Пианино кæнæ рояль цы сты, уый та зонгæ дæр ничи кодта. Хъæуы фæзы уыд æрмæст иу радиорепродуктор. Йæ цæрджытæ уыдысты цардбæллон адæм, æууæндыдысты хуыздæр фидæныл, цырагъау кæрæдзи уæлхъус лæууыдысты.

Абайты Хъырым йæ фырттæй уыдис сæрбæрзонд. Уымæн æмæ йын уыдысты саджы фисынтыл амад, куыстуарзаг, курдиатджын, хъæлæсджын. Хаджумар дæр иннæ æфсымæрты хуызæн ахуырмæ æвзыгъд уыд, æхсæв уарзта чингуытæ кæсын, фæлæ фæтæгеныл ауæрдын кæй хъуыдис, уымæ гæсгæ-иу йæ мад хыл кодта. Хаджумар уарзта шахмæттæй хъазын, хъуыды кæнын дзы кæй хъуыдис, уый йæ зæрдæмæ тынг цыдис. Уый йæ иннæ ’фсымæртау кодта алы куыст дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та уыдис фыййау.

Немыц куы æрбахæстæг сты, уæд æй йæ ныййарджытæ арвыстой сæ хæстæджытæм Хуссар Ирыстонмæ. Знæгтæ сывæллæтты æрвыстой Германмæ, æмæ йын уымæй тарстысты.

Ацы ран, фыййау уæвгæйæ, хæххон уыгæрдæнты уынд æмæ дидинджыты хæрздæфæй йæ зæрдæ радис. Хæхтæ йын лæвæрдтой уарзты æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, æмæ-иу зæрдиагæй базарыд. Йæ зарджытæн ныхæстæ æмæ музыкæ фыста йæхæдæг.

Хæсты фæстæ Абайты Хаджумар фидарæй сфæнд кодта зарæггæнæг суæвын. Уыцы рæстæг Мæскуыйы консерваторийы вокалон факультеты байгом ирон хайад. Уырдæм ахуыр кæнынмæ бацыдис Хаджумар. Консерватори, Мæскуы ныххызтысты лæппуйы зæрдæйы. Студенттæн гæнæн æмæ амал уыдис Мæскуыйы Стыр театрмæ цæуынæн. Ацы ран Хаджумар хъуыста зындгонд зарæггæнджыты хъæлæстæм. Фыццаг цы оперæмæ байхъуыста, уый уыдис «Иван Сусанин» (Глинка). Сæйраг партийы дзы зарыд Максим Михайлов. Уымæн уыдис диссаджы бæзджын рæсугъд хъæлæс. Арæх хъуыста Римский-Корсаковы «Садко»-мæ.

Ахуыры фæстæ оперон зарæггæнæг Абайты Хаджумары фæхуыдтой Алма-Атайы оперæ æмæ балеты театрмæ. Ацы ран кодта æнтыстджын куыст. Йæ бæрны-иу ын бакодтой сæйраг ролтæ, хорзæхджын æй кодтой Кады гæххæттытæй, фæлæ уæддæр йæ зæрдæ уыд йæ райгуырæн Ирыстоны. Уый фæндыдис зарын йæ фыдæлты уæзæгыл, вокалон культурæйы рæзтыл кусын. «Мæн Ирыстон сахуыр кодта, схъомыл мæ кодта, æмæ дзы хæсджын дæн»,— арæх-иу дзырдта Хаджумар.

Фæндзайæм азты кæрон уый ссыдис Дзæуджыхъæумæ æмæ архайдта Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæйы. Хаджумар сси музыкалон лекторийы солист. Уыцы рæстæг уым зарыдысты Аннæ Авдеенко, Зинаидæ Минович, Едзиты Нинæ æмæ, зæгъæн ис, Мæскуыйы консерваторийы æппæт рауагъдонтæ. Ацы ран æвæрдтой оперæтæй скъуыддзæгтæ, арæзтой музыкалон спектаклты композицитæ, æмæ се ’ппæты дæр Хаджумар архайдта зæрдиагæй. Концертты аритæ æмæ романстæй уæлдай зарыд адæмон зарджытæ: «Вдоль по Питерской», «Эй, ухнем», «Дубинушка», «Ноченьку», «Хорз ус кæмæн вæййы», «Толдзæ».

Мусоргскийы сфæлдыстадыл концертты оперæ «Борис Годунов»-ы уый равдыста Борисы мæлæты ныв, азарыд «Песня о Блохе», зæгъгæ, уый. 1963 азы бæрæг кодтой Вердийы райгуырды 160 азы юбилей. Хаджумар оперæ «Сицилийская вечерня»-йæ бацæттæ кодта Прочилайы ари, къарол Филиппы ари оперæ «Дон Карлос»-æй. Зарыдис сæ тæккæ бæрзонддæр профессионалон æмвæзадыл.

Абайы-фырты камерон репертуармæ куы кæсай, уæд ма дзы бирæ зындгонд зарджытæ, романстæ, оперæтæй аритæ ис: «Дон-Жуан»-ы оперæ (Соло) Лепореллойы ари, Варягаг уазæджы зарæг оперæ «Садко»-йæ, Гунойы оперæ «Фауст»-æй, Мефистофелы куплеттæ, оперæ «Фатимæ»-йæ Наибы ари, ирон адæмон зарæг «Хъуыбады», «Садойнаг шахтерты зарæг» æмæ бирæ æндæртæ.

Лекъты Юри Украинæйæ куы æрыздæхтис, уæд сфæнд кодта оперон спектакльтæй стыр концерт сæвæрын. Уыцы концерт-спектаклы 1970 азы æз зарыдтæн Хаджумаримæ. Уый зарыд Куыройгæсы парти Даргомыжскийы оперæ «Русалка»-йæ. Мах зарыдыстæм Кънйаз æмæ Куыройгæсы зындгонд дуэт. Хаджумар афтæ хорз æмæ профессионалон зард кодта, æмæ абон дæр мæ цæстытыл уайы. Мах æм хъуыстам æмæ бирæ рæстæг фырдиссагæй нæ зæрдæтæ се ’муд не ’рцыдысты. Куыройгæсы арийы ис ахæм ныв, æмæ йæ чызг Наташæ йæ цæстытыл уайы цыма йын йæ сæр лæгъзытæ кæны æмæ дзуры: «Æмæ мæнæн уыдис чызг…» Ацы ран залы адæмыл мæ цæст ахастон æмæ федтон, адæм сæ цæссыгтæ куыд сæрфтой, бирæтæ та дзы æргомæй куыд куыдтой.

Æз ма Хаджумаримæ зарыдтæн Ленинграды Кировы заводы Культурæйы галуаны сценæйыл. Уæд уыдис литературæ æмæ аивады декадæ. Уыцы бæрæгбонæн композитор Гæбæраты Илья ныффыста дуэт бас æмæ тенорæн Ленинграды тыххæй. Уыцы уацмыс фыццаг хатт мах азарыдыстæм. Хаджумары бирæ рæстæг адæм сценæйæ нал уагътой. Йæ рæсугъд æмæ тыхджын хъæлæс зæлыд Советон Цæдисы бирæ горæтты», — зæгъы нæ республикæйы адæмон артист Мыкагъаты Пётр.




#Article 96: Гизæйы Егъау Сфинкс (340 words)


Гизæйы Егъау Сфинкс у мысыраг сфинкстæй æппæты рагондæр æмæ егъаудæр иу, лæууы фараон Хефрены пирамидæ-зæппадзы фарсмæ. Кæддæр йæ сæрыл уыд паддзахы худ дæр, йæ ныхыл та — калмы фæлгонц, бартæ æмæ уæларвон тых, зонындзинæдтæ уымæ кæй сты, уый нысанæн. Йæ даргъ боцъо та æвдыста, паддзахиуæггæнæг уый кæй у. Йæ боцъойы хæйттæ — дуры къæрттытæ кæддæр ракъкъахтой йæ разы змисы бынæй, паддзахы худ æмæ калмæй ницыуал баззад, æрмæст ма сæрыл ис сæ фæдтæ. Хъыгдард баййæфта паддзахы бæрæгбоны сæрæмбæрзæн дæр.

Сфинкс æвæрд у хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ, йæ чъылдыммæ сты пирамидæтæ, йе ’ргом здæхт у цæугæдон Нилмæ. Йæ цæсгом у цыппæрдигъонау, фæтæн рустимæ, йæ хъустæ фæстиау. Кæй цæсгом у? Ацы фарстæн дзуапп ссарыны тыххæй америкаг ахуыргонд-египтолог М. Лернер компьютеры бавæрдта Сфинксы сæры къам æмæ Хефрены фæлгонцтæ, алыхуызон нывты нæм чи æрхæццæ, уыдоны. Кæрæдзиуыл сæ фæрабар-бабары фæcтæ æрцыд иу хатдзæгмæ — иу адæймаджы цæсгом сты. Цымæ æнусты сусæгдзинад нæ раргом. Уымæн æмæ мысырæгтæ сæхæдæг дæр фыстой, Егъау Сфинкс Хефренæй нæ, фæлæ æппæт пирамидæтæй дæр рагондæр кæй у. Йæ равзæрд та æмбæхст ис рæстæджы фæлмы.

Рæстæг æгъатыр у. Змисджын тых дымгæтæ, уадтæ йæ æнусты дæргъы дауынц иуæрдæм, иннæрдæм. Иу æмæ йæ дыууæ хатты нæ фæкодтой змисы бын. Змисджын тыгъд быдыры æрдзыхъæдæн зын ныффæразæн у: бон дзы тæвдæй сулæфæн нæй, æхсæв ихæнæй фæлæууæн. Тæвд æмæ уазал кæрæдзи сонтивд кæй кæнынц, уый фыдæй афæстытæ. Уæдæ 3,5 мин азы размæ Астæуккаг денджызы зылды бирæ зæххæнкъуыстытæ уыд, фæстагмæ сакъадах Криты фарсмæ срæмыгъта вулкан Санторин. Уæд зæхх афтæ тынг нызмæлыд, æмæ Егъау Сфинксы сæр бынтондæр бынмæ æрхауд. Змисы бынæй йæ къахын райдыдта фараон Аменхотеп II, адарддæр æй кодта Тутмос IV.

Мысыры фæстаг паддзæхтæ хорз аудыдтой сæ рагон кувæндæттыл, фæлæ сæм фæстæдæр тых кæнынмæ цæуын райдыдтой фыццаг ассирийæгтæ, стæй персайнæгтæ, бердзейнæгтæ, ромæгтæ, византийæгтæ, араббæгтæ. Мысыраг историк аль-Махъризийы фыстытæм гæсгæ 1378 азы суфиаг фанатик Мухаммад Саим аль-Дахр, бынаттон зæххкусджыты куы федта сфинксæн кувгæ, тынг смасты æмæ асаста сфинксы фындз. XVIII æнусы Мысыр уыд мамлюкты къухы — уыдон, сæхи сармадзанæй æхсыныл ахуыр кæнгæйæ, нысанæн равзæрстой Егъау Сфинксы сæр. Æмæ йæ, æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ хатты нæ акъуырдтой. Фæстæдæр уыдоны бафæзмыдтой Наполеоны сармадзанæй æхсджытæ дæр.




#Article 97: Сфинкс (200 words)


Сфинкс () у мифон цæрæгой, йæ скульптурæтæ кодтой рагон мысырæгтæ ингæнтæ хъахъхъæнынмæ. Сфинкс, зæгъгæ, ахæм ном сын радтой бердзейнæгтæ, сæ адæмон сфæлдыстады сфинкс у таурæгъон цæрæгой, адæмы дæр чи хæры, ахæм.

Мысыры абоны горæт Гизæйы фараон Хефрены пирамидæйы фарсмæ цы Егъау Сфинкс ис, уый ныр фондз мин азы бæрц рæстæг йæхиуыл дис кæнын кæны фæлтæрты. Иуæй йæ кондæй: йæ гуырыконд у домбайы (цомахъы), йæ сæр та таурæгъон адæймаджы æнгæс; иннæмæй та йæ асæй: йæ бæрзæнд у 20 метры, йæ дæргъ 57 метры, йæ уæхсчыты цур йæ фæтæн 11 метры бæрц, йæ сæр адæймаджы сæрæй у 30 хатты стырдæр. Уымæй арæзт у хохы фахсæй рафтаугæ иу дурæй. Бынтон диссаг та у йæ цæстæнгас — цыдæр сусæг хъуыды дзы цыма æмбæхст ис æмæ нын æй æргом барæй нæ зæгъы, уæхи зонд æй æрцахсæд, зæгъгæ, ныл сæрыстырæй йæхимид худы.

Сфинкстæ Мысыры бирæ ис. Æвæрд сты фараонты пирамидæты цур æмæ рагон кувæн галуантæм фæндæгтыл, раст цыма сæ хъахъхъæнгæ кæнынц, уыйау. Фæлæ ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сфинкстæ пирамидæтæ æмæ галуантæй раздæр арæзт æрцыдысты. 1832-æм азы дзы дыууæ Аменхотеп III кувæн галуаны цурæй æрбаластой Бетъырбухмæ æмæ сæ 1834-æм азы равæрдтой цæугæдон Невайы былгæрон. Ацы сфинкстыл цæуы 3,5 мин азæй фылдæр.

Кæс сæрмагонд статья: Гизæйы Егъау Сфинкс.




#Article 98: Чжэн Хэ (233 words)


Чжэн Хэ (鄭和, 1371 — 1435) — китайаг денджызы цæуæг æмæ дипломат. Скодта авд денджызон балцы (1405—1407, 1407—1409, 1409—1411, 1413—1415, 1417—1419, 1421—1422 æмæ 1431-1433 æзты).

XV æнусы райдайæны сахар Нанкинæй хурныгуылæнмæ араст науты уæды заманы æппæтæй егъаудæр армадæ, йæ сæргъы адмирал Чжэн Хэ. Йæ бæрны уыди 300 науы 28 мин матросимæ — ахæм флот уымæй фæстæмæ фондз фондзыссæдз азы дæргъы иу паддзахадмæ дæр нал уыд. Наутæ куыд арæзтой Китайы, уый дæр стыр диссагæн баззад æнусты дæргъы, иннæ бæстæты ахæм наутæ аразын 350 азы фæстæ базыдтой.

Чжэн Хэйы наутæй иутæн сæ дæргь уыдис æнæхъæн 100 метры, сæ фæтæн та 50-мæ æввахс уыдысты бирæуæладзыгон, алæмæты рæсугъд фæлгонцгонд каютæтимæ. 1492 азы Колумб цы æртæ науыл фæраст, уыдонæн се стырдæры дæргь хæццæ кодта æрмæст 30 метрмæ.

Чжэн Хэ бахæццæ Африкæмæ, алы диссæгтæ дзы æрбаласта, уыимæ жирафтæ дæр. Куыд вæййы алы хатт дæр, афтæ та уымæ дæр хæлæггæнджытæ разынд æмæ йæ императоры цæсты бафтыдтой. Цытæ федтой, цытæ бавзæрстой, кæуылты æмæ куыд ленк кæнын æмбæлы дард бæстæтæм — æппæт уыцы фыстытæ йын басыгьтой.

Диссаг рауади Китайы хъуыддаг: Чжэн Хэйыл фæуæлахиз сты цыбырзонд ахуыргæндтæ. Мах, дам, æндæр бæстæты ницы хъуыддаг ис, зæгъгæ, сæ радыдæй император нал уагъта фурдты сæрты æндæр бæстæтæм ленк кæнын, ног наутæ аразын, чи сæм уыд, уыдон та сæхæдæг дæрæн ныккодтой. 3500 науæй флот байсæфт тæссармæ зондыл хæст ахуыргæндты азарæй, æмæ Китай бирæ æнусты дæргъы дунейы царды хъæрæй иппæрдæй баззад. Уыйхыгъд размæ рацыдысты Европæ, стæй та Америкæ.




#Article 99: Темырханты Сослан (1930 words)


Темырханты Сослан (Вано) (райгуырдис 1881-æм азы 2 апрелы Мæздæджы, амардис 1925-æм азы апрелы Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон фыссæг æмæ историк, Уæрæсейы æфсады афицер.

Сослан цардис уæззау æмæ вазыгджын рæстæджы, æхсæнадон уавæртæ знæт фурдау раив-баив куы кодтой, уыцы фыдæвзарæн æмæ рæстæвзарæн дуджы. Йæ разы уыдис хицæн фæндæгтæ æмæ дзы иу равзарынæн хъуыдис кæнæ бынтон хуымæтæг зонд, кæнæ титаны хъару. Сосланмæ уыдонæй иу дæр нæ разындис, æмæ удхар кодта дыууæ арты астæу, куы иу фæндагыл фæлвæрдта йæ амонд, куы та иннæуыл.

Темырханты Сослан райгуырдис 1881-æм азы 2 апрелы Мæздæджы. Йæ ныййарджытæ Гаврил æмæ Екатеринæ кодтой зæххы куыст. Сосланæн йæ аргъуыды ном у Вано, æмæ уыцы номимæ бацыдис ирон литературæ æмæ историмæ.

Темырхантæ уыдысты бирæ бинонтæ. Цоты хистæр — Сослан. Уый бакастис реалон скъолайы. 1901—1904 азты ахуыр кодта Тбилисы (Калачы) æфсæддон скъолайы æмæ уырдыгæй æфсадмæ рацыдис подпоручикы цинимæ. Архайдта уырыссаг-япойнаг хæсты æхсарджынæй: хорзæхджын æрцыдис Сыгъдæг Аннæйы орденæй.

Цаутæ ивтой кæрæдзи. Хæсты фæстæ — Фыццаг уырыссаг революци. Уыцы цауты Сослан цы архайæг уыдис, уымæн ницы æвдисæндартæ ис. Фæлæ литературон куыст бæлвырдæй райдыдта уыцы азты, йæ хицæн уацмысты зынынц революцион цаутæ æмæ сæ фæстиуджытæ.

Сослан зæрдæйæ уыд адæмы фарс, разы нæ уыд æхсæнадон цардæвæрдæй, фæлæ дзы æфсæддон ард домдта паддзахад хъахъхъæнын. Сосланы йæ зонд æмæ йæ зæрдæ здæхтой литературæмæ, йæ хæс та — æфсæддон службæмæ. Уыйадыл лæг иудадзыг уыдис æндыгъд психологон уавæры. Фадат ын нæ уыд æппæт тыхтæй сфæлдыстадон куыст кæнынæн. Бирæ азты (1907—1920) фысгæ дæр ницы кодта, æвзыгъддæрæй цыдис æфсæддон фæндагыл. 1908 азы сси поручик, 1914 азы — капитан, 1915 азы та — дæлбулкъон. Намысджынæй хæцыдис Фыццаг дунеон хæсты, райста Сыгъдæг Владимиры орден. Уыцы æнтыстыты хал ын аскъуыдта Октябры революци.

Мидхæст саста бирæ фæлтæрты цардвæндаг, уыдонимæ фыццаджыдæр æфсæддон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы хъысмæттæ. Уæлдай зын уавæры бахаудтой, бæлвырд политикон позицитыл чи нæ лæууыдис, уыдон; сæ цард сын А. Толстой схуыдта «хождение по мукам». Мидхæсты карз уылæнтæ дыууæрдæм раппар-баппар кодтой Сосланы дæр. Уый суанг 1905 азæй фæстæмæ тох æмæ цардæвæрд ивыны фæрæз æнхъæлдта «учредительское собрание». Октябры революци равзæрста æндæр, радикалон фæрæзтæ. «Уымæ гæсгæ, — дзуапп дæтты Сослан советон тæрхондоны, — мæхи атигъ кодтон большевиктыл, фæлæ нæ баиу дæн урсгвардионтимæ дæр, æлгъаг мын уыди сæ реакциондзинад». Уыйхыгъд бацыдис æмæ куыста Хæххон республикæйы хицауады, уыцы хицауад Дзæуджыхъæуæй йæхи Дагъистанмæ куы айста, уæд дæр.

Советон хицауад фæуæлахиз Цæгат Кавказы дæр. Ахстой паддзахы афицерты. Сослан сси хауæггаг. Ногæй бавнæлдта сфæлдыстадон куыстмæ, æмбырд кодта фольклорон æмæ этнографион æрмæг. 1921 азы советон хицауад расидтис амнисти, адæмы ныхмæ чи нæ хæцыдис, уыцы афицертæн. Сослан æрбаздæхтис Дзæуджыхъæумæ, куыста ахуырад æмæ мыхуыры оргæнты,  Ирон историон-филологион æхсæнады. Фæлæ йæ зæрдæ нæ радис ног цардæй æмæ йæ куыстæй. Разы нæ уыд хицауадæй. Уыцы зондахаст нæ басусæг, æмæ æрцыдис трагикон цау — «диссаджы сæфт»: 1925 азы апрелы Темырханты Вано ацыдис уроктæ дæттынмæ æфсæнвæндаджы скъоламæ æмæ нал æрбаздæхтис. Ацыдис канд цардæй нæ, фæлæ Иры историйæ дæр, йæ цардимæ фесæфтис йæ ном дæр дæргъвæтин дуджы. Фæлæ рæстæг зилы царды цалх, æмæ Ванойы ном разындис ногæй ссæдзæм æнусы кæрон. Вано æрбаздæхтис ирон литературæмæ, ирон культурæмæ. Абон адæм аргъ кæнынц афицер Темырханты Сосланы политикон куыстæн нæ, фæлæ фыссæг æмæ историк Ванойы сфæлдыстадæн.

Темырханы-фырт сфæлдыстадон куыст кæд райдыдта, уый бæрæг нæу. Фыста иронау (уый æнахуыр диссаг у мæздæггаг лæппу, стæй афицерæн), ирон мыхуыр та фæзынд æрмæст 1906—1907 азты. Йæ фыццаг уацмыстæ фæзындысты газет «Ног цард»-ы (1907). Автор сыл йæ ном нысан кодта цыбырæй — Вано. Уымæ гæсгæ, Сослан хъодыгонд куы уыд, ног фæлтæртæ йын йæ кой дæр куы нæ хъуыстой, уæд йæ уацмыстæ рæдыдæй хыгъд æрцыдысты æндæр Ванойы номыл. Фæлæ рæстдзинад раргом.

Ванойы фыццаг мыхуыргонд уацмыс у цыбыр радзырд «Минас». Æвдыст дзы цæуы фыццаг уырыссаг революцийы рæстæг. Фыссæг йæ уацмысы аппæн райста чысыл цау афицерты цардæй. Хæрз хуымæтæг сты радзырдæн йæ сюжет æмæ йæ композицион нывæст. Нæй дзы хуызджын нывтæ, бæлвырд сурæттæ, психологон иртасæнтæ. Уыйхыгъд уацмыс хæссы парахат информаци, арф гом кæны конфликты аххосаг, фæлгонцы архайджыты зондахаст, хъæздыг æрмæг дæтты царды æцæгдзинад иртасынæн.

Советон политикæ паддзахы афицерты æвдыста сау хуызы, демократон политикæ уыдоны кæны идеализаци. «Адæймагдзинад, уæздандзинад, кад хъахъхъæнын сæ туджы уыд уырыссаг афицертæн», — кæсæм Ванойы чиныджы разныхасы. Объективон æцæгдзинад домы алы хъуыддагмæ дæр æппæтвæрсыгæй кæсын. Афицертæ сты адæймæгтæ æмæ вæййынц алыхуызон. Лермонтовы фарсмæ уыд Мартынов дæр. Достоевскийы иу романы уырыссаг инæлар йæ куыйтæн хæрын кæны мæгуыр гыццыл лæппуйы йæ мады раз. Афицерты «адæймагдзинад» æмæ «уæздандзинадæн» æнусон карз тæрхон у Лев Толстойы хрестоматион радзырд «Балы фæстæ» («После бала», 1903).

Вано афицеры цард зыдта æддаг бакастæй нæ, фæлæ мидæгæй æмæ йæ æвдисы бæлвырд æмæ бæстон. Йæ хъайтартæ сты къуымых солдафонтæ. Ис сын æвæлмон цард, æмæ минас кæнынц, нуазынц, дзурынц «æнаккаг æмбисæндтæ». Æрхæссынц сæ «заманы змæстыты кой», æмæ уæд раргом вæййы, уыдон æнæхсæст циниктæ кæй сты, уый. Æппæт быцæутæ кæнынц адæм æмæ революционерты аххос. Пъагонджынтæн адæм сты «æвзæр», «сæфт», «кусын нæ уарзынц», афтæмæй сæ хъæуы зæхх æмæ бар. Ахæм зондыл сæ сахуыр кодтой паддзахы хъузæттæ, фæсдзæуин фысджытæ. Уыдон фыстой, зæгъгæ, адæм мæгуырæй уымæн цæрынц, æмæ сты «магуса æмæ къупритæ». Ацы дауты Лев Толстой хуыдта æнаккаг хахуыртæ æмæ дзырдта бонджынтæн: «Адæм сыдæй мæлынц уымæн, æмæ мах тъæпп хауæм фырæфсæстæй» («Письма о голоде»). Ахæм хуызы æвзары уавæртæ Вано дæр æрыгон афицеры номæй.

Уацмысы персонажтæ сты хиппæлой, æнæфсарм, æгъатыр. Уыцы миниуджытæй æххæстдæр у хъазахъхъаг булкъон. Пулемёттæй адæмы Харьковы куыд цагъта, уыцы хабар дзуры уæлмонцæй, йæ фыдракæнд æм кæсы стыр æфсæддон æмæ патриотон сгуыхт. Адæм æй схуыдтой «тугхор, удхæссæг». Лæппу-афицер нæ быхсы ахæм цинизм æмæ зæгъы: «Гæрзтæджын Японæй лидзгæ кодтам, ныр æнæгæрзтæ адæмыл нæ лæджыхъæд æвзарæм. Худинаг кæд уый нæу, уæд циу?!» «Уæздан» афицертæ нæ быхсынц раст ныхас дæр: ахст æрцыд рæстылдзурæг, æнхъæлмæ йæм кæсы кæнæ Сыбыры каторгæ, кæнæ æфсæддон трибунал.

Вано йæ уацмыстæ мыхуыры уагъта 1907 азы дыккаг æмбисы, фысгæ дæр сæ, æвæццæгæн, кодта уыцы бонты. Уæдмæ революци саст æрцыд. Ралæууыд æвирхъау реакци. Тох æмæ сау реакцийы фæстиуджытæ бæлвырд æвдисынц Цомахъы элеги «Рох бæсты хъарæг», Брытъиаты Елбыздыхъойы аллегорион радзырд «Цад» æмæ æндæртæ. «Цад»-ы традицитыл нывæст у Ванойы къаннæг уацмыс «Залкалм» (1907).

Ванойы курдиат у хигъæдон. Фыссæг нæу уæрæх нывты дæсны, нæ нывæнды вазыгджын сюжеттæ. Йæ уацмысты фылдæр сæ жанрмæ гæсгæ сты радзырдтæ нæ, фæлæ этюдтæ, миниатюрæтæ, таурæгъон æмбисæндтæ (притчи). Таурæгъон æмбисонд у «Залкалм» дæр. Ам ирдæй зыны Уæрæсейы цард æмæ революцийы аллегорион ныв. Залкалм (залиаг калм) у хæдхæцæгад æмæ тыхбары символ. Уый æрбадт æнамонд бæстыл, йæ хъæлæсæй калы цæхæр, æмæ адæм сæфынц æбуалгъ æнуды, «асаст сæ уæнджы тых». Йæ хилæгтæ цъирынц адæмы туг, нуазынц æй сæ хицауимæ. Фæлæ дымгæ æрхаста мигътæ, арв нæры, уары, æмæ хуыссыд фыдбылызы цæхæр. Адæм нæ разындысты æмзонд, нæ базыдтой уавæрæй пайда кæнын. Уæдмæ уарын банцад, залкалм йæ тыхы бацыд æмæ ногæй бæстыл æфтауы зынг. Ныв æвдисы тохы æрæнцад æмæ адæмы саст.

Таурæгъон æмбисæндты циклæн кæронбæттæн у «Уастырджи æмæ Сау Барæг». Уацмысы ныхæй-ныхмæ лæууынц рухс æмæ тар тыхтæ. «Сау æхсæв нæ бæстыл æрбадти рагæй», фæлæ фæзынди хур, æмæ «бирæгътæ рухсæй фембæхстой сæхи». Адæм цин кæнынц, цин кæны бæрзондæй Уастырджи дæр. Уæд фæзыны Сау Барæг, сау тыхты бардуаг. Цæгъды адæмы, «сау æхсæв та ногæй бæстыл æрбадти». Цард фестад æмбыд цад. Уастырджи нынкъард. Фæлæ зæгъы: «æгъгъæд у, налат! Сæ тæригъæдæй дæхæдæг дæр тъæпп хаудзынæ иу бон». Ацы аллегорион нывы зыны, Ваномæ цард ивыны тыххæй бæлвырд хъуыды кæй нæ уыд, уый. Уастырджи — рухс тыхты символ — разынд пассивон, иуварсæй кæсæг. Йæ лæмæгъ æртхъирæн ницы мары: адæмы тæригъæдæй иу залым дæр тъæпп нæ хауы; тохы бæсты сау тыхы ныхмæ æвæры намысон (моралон) азым. Мæнгæфсон æмæ æнæхъомыс уыд ахæм оптимизм.

Фæстох сау реакци пъæззыйау æрбадт адæм æмæ бæстæйыл. Уыцы уавæр Вано æвдисы къорд уацмысы. Уыдонæй у къаннæг радзырд «Иу таурæгъ нæ цардæй» (1907). Ам гæзæмæ фæзындысты реализмы æууæлтæ. Иæ сюжеты ис дыууæ хайы, дыууæ эпизоды. Фыццаджы персонажты диалогæй разыны бæстæйы политикон уавæр — уый у уæззау, æлхъывд, реакцион. Адæм бæллыдысты сæрибармæ, фæлæ революци саст æрцыд, æмæ та гауыртæ (хицауад — Дж. Ш.) ногæй адæмы æргæвдын байдыдтой фыццагæй фыддæр». 

Ахаем цæвиттонтæ сты  хос ирон литературон æвзагæн.

Вано историон очерктæ фыста 1920-æм азты дæр. Йæ уац «Ос-Бæгъатыр» (1922) бæрзонд исы адæмы намыс, кад кæны фæтæджы патриотон сгуыхтæн. Уый фыссы, зæгъгæ, «Ос-Бæгъатыры рæстæг амондджын дуг уыд ирæн, æмæ сын уæд бантысти се знæгты дæр басæттын, сæ исбон дæр сарæх кæнын, æмæ уый фæрцы уæд бархийæ æдæрсгæ, æнæхъуагæй цардысты, æнтысти сын бирæ æмæ сæ хъуыддæгтæй равдыстой, ирон уды хъарутæ стыр кæй сты æмæ ирæн сæ бон кæй у, баиу уæвгæйæ, стыр хъуыддæгтæ бакæнын». Вано идеализаци кæны Ос-Бæгъатыры дуг, фæлæ йæ хъуыдытæн ис бæрзонд нысан — историон оптимизмæй адæмы ифтонг кæнын.

Октябры революцийы фæстæ Темырханы-фырт сси хауæггаг. Уыцы рæстæджы фыста очерктæ, æмбырд кодта адæмон сфæлдыстад. Цы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ ныффыста, уыдон сты сыгъдæг адæмон, ис сын хигъæдон сюжеттæ, дæттынц хъæздыг æрмæг мæздæггаг ирæтты æвзаджы хъæд æмæ сæ культурæ зонынæн.

Ванойы уацмыс «Хохдзау» (1920) йæ жанрмæ гæсгæ у фæндаггоны боныг. Автор йæ балцы хабæрттæ дзуры нывæфтыд æвзагæй, æвдисы, фольклор æмбырд кæнгæйæ, цардæй йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уыдæттæ. 
Дæргъæвсгомы цардæй йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уыдæттæ. Дзуры фæндæгты æдзæллаг уавæрыл, адæмы царды уаг æмæ фынджы этикетыл, хохæгты æрмæгон æмæ монон культурæйыл.

Фыссæг йæ боныджы рæгъмæ хæссы бирæ таурæгътæ æмæ историон хабæрттæ. Уый иртасы адæмон уацмысты ахадындзинад, йæ иу персонажы номæй уыдон хоны «стыр хæзна», уымæ гæсгæ зарджытæ сты зæрдæрухсгæнæг, кадджытæ — ныфсдæттæг, таурæгътæ — цардæмбарынгæнæг, иумæйагæй «уыдон сты зонды хæринаг æмæ уды тавæг, лæджы хъару уыдонæй рæзы, хорз фæнд уыдонæй гуыры». Боныджы автор — хохдзау — йæ фиппаинæгты аргъ кæны, цы уыны, уыдонæн. Уымæн ирон æгъдау у «лæджы уæздангæнæг, хи ауадзын æй чи нæ уадзы, хорзмæ йæ чи разæнгард кæны», ахæм хъуыддаг. Вано арф иртасы ирон куывды æхсæнадон æмæ культурон ахадындзинад: 

Афтæ, куывд уыди царды скъола, адæмы психологон æмæ намысон уавæр чи рухс кодта, ахæм æхсæнадон хъуыддаг. Уацмысы ис ахъаззаг ирон куывд — гаджидау. Уый у зонды суадон, уым ирдæй зыны ирон адæмы традицион культурæ, сæ гуманизм, сæ бæллицтæ æмæ сæ фæндиæгтæ.

Темырханы-фырт сæйраджыдæр уыди нывгæнæг нæ, фæлæ рухстауæг. Йæ нысан — адæмы намысон идеалтыл ахуыр кæнын. Иæ уацты дæр нæй æппæтвæрсыг бæстон ныхас иу кæнæ иннæ проблемæйыл, автор хъуыддагæн æвдисы æрмæст йæ бындурон миниуæг, йæ сæйраг мидис, йæ апп. Уымæ гæсгæ йæ уацтæ дæр сты этюдтæ.

Вано царды фæрæзтæй ахъаззагдæрыл нымадта фæллой, куыст («Фæллой»). Фæллой адæмæн аразы царды фадат, адæм «рæсугъд æмæ уæздан цард фæллойы фæрцы ссарынц», адæмæн «фæллой сбæрзонд кæны йæ культурæ, срайдзаст кæны йæ бæстæ». Фыссæджы идеал у бархи цард, сæрибар адæймаг. Бархи цардæн аразæн ис æрмæст зонд, ахуырад æмæ сæрибар
фæллойы фæрцы. Сæрибар адæймаг цæры æмæ кусы бархийæ, «æрмæст йæхиуыл дары йæ зæрдæ, æмæ æнамонддзинадæй йæ ныфс нæ сæтты, амондæй та хъал нæ кæны» («Зонд æмæ бархи», 1922). Сæрибар адæймаджы æууæлтæй иу у мадæлон æвзаг зонын. Ваномæ гæсгæ, æвзаг у адæмы иугæнæг тых, сæ культурæйы сæрæвæрæн, национ хиæмбарынадæн йæ сæйраг рахæцæн. «Фæлæ æцæгæлон æвзагыл чи райдайы дзурын, — зæгъы Вано арф философон хъуыды, — уый, кæй æвзагыл дзуры, уыдоны цæстæй кæсы алцæмæ дæр æмæ бархийæ йæхи зондæй хъуыды кæнын йæ бон нæу».

Хигъæдон цæстæнгасæй кæсы Вано дины хъуыддагмæ дæр. Уый ирон дин æвæры дунеон мæнг, идеологон динты ныхмæ, хоны йæ, «рухсмæ разæнгард чи кæны, ныфс чи дæтты царды тохы», ахæм фæрæз. Вано бæлвырд терминæй нæ хаты ирон дины мидис, фæлæ дзы иртасы æрдзон уырнынад, муртак дин, æмæ пантеизмы æууæлтæ. Фыссы, зæгъгæ, ирæн «сæ аргъуан у Хуыцауы рухс дуне», уый у къухæйконд аргъуантæн се ’ппаты рæсугъддæр, уым «сæ динамонæг сты таурæгътæ, зарджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уацмыстæ», уыдон æмбарын кæнынц царды рæстдзинад, «йæ сау æмæ йæ урс», хорз æмæ уæздан цы у, уый, афтæмæй дæттынц ныфс, уды рухс æмæ бæрзонд бæллицтæ. Бæзнаг æмæ ахсджиаг у, адæмæн зонд æмæ цар, хос фольклор æмæ литературæ кæй сты, уыцы хатдзæг. Уый у, æвронг реалистон хъуыды æмæ æргом кæны дзырдаивады æрдз, йæ идейон æмæ эстетикон нысаниуæг.

Темырханы-фырт иры истори цыбыртæй ранывæста уырыссагау дæр («Осетины». Исторический очерк. 1920). Очерк фыст у уæлмонцæй, фактты сæ аууон кæнынц æнкъарæнтæ, фæлæ йæ нысан уыд хуымæтæг æмæ рухс: гыццыл адæмы историйы фæрцы ныфсджын æмæ сæрыстыр кæнын, сæ тыхтыл сæ баууæндын кæнын, историон-культурон арæзтадмæ разæнгард кæнын. Уыцы нысан æргом кæны Ванойы гуманизм, йæ куысты мидис.




#Article 100: Сау хъæлæрдзы (726 words)


Сау хъæлæрдзы () у хъæлæрдзыйы хуыз. Йæ къутæрты бæрзæнд хæццæ кæны 1–1,5 метрмæ.

Бирæ ахуыргæндтæ куыд рахатыдтой, афтæмæй сау хъæлæрдзы цавæр мæрон-климæтон уавæрты зайы, уымæ гæсгæ дзы вæййы 4-12% сæкæр, 2,9-3,8% уæгъдибар туагæдтæ, 4 проценты бæрц пектины буаргъæдтæ, 0,39-1,4% азоты буаргъæдтæ, 0,33-0,49% æлдыгъон буаргъæдтæ, 0,60-0,95% фæнык.

Хъæлæрдзыйы гагатæ хорз сты хуыфæг, цæсты низтæ æмæ ахсæн-тъæнгты низтæ дзæбæх кæнынæн. Уый тыххæй хæрын хъæуы ногтыд гагатæ, йæ сыфтæ æмæ къуыбæрттæй фых дон. Йæ сыфтæртæй йын арæх пайда кæнынц джитъри цæхджын кæнгæйæ. Гагатæй аразынц вареннæ, наливкæтæ, желе, сæн, ликёртæ æмæ а.д.

Æппæтæй зынаргъдæр у, сау хъæлæрдзыйы гагайы цингайы ныхмæ цы æлутон витамин C ис, уый. Йæ мыггаг æмæ кæм зайы, уымæ гæсгæ гагаты 100 граммы уыцы витамин вæййы 100-400 мг. Мандаринимæ абаргæйæ дзы витамин С ис 2,5—3 хатты фылдæр, хъалгъæнæй — 3-5 хатты фылдæр, мæнæргъыйы та 8-16 хатты фылдæр. Сау хъæлæрдзыйы уыцы диссаджы миниуджытæ зыдтой рагзаманты дæр. Адæймаг хуымæтæджы не ’взæрста хъæддаг зайæгойты хуыздæр хуызтæ æмæ сæ кодта хæдзарон.

Къутæрæнгæс гагадыргътæй уалдзæг æппæты разæй сау хъæлæрдзы базмæлы. Хъарм 5-8 градусмæ куы схæццæ вæййы, уæд йæ къуыбар райдайы нæрсын æмæ хæлын. Уымæ гæсгæ къутæртæм зилыны куыстытæ æмбæлы рагацау райдайын. Фароны талаты æрдæг кæнæ 1/3 хай хъауы фæцыбырдæр кæнын, лæмæгъ къалиутæ та бынтондæр акъуырын. Хорз рæз хæссæг афæдздзыд къалиутæй иу къутæры 4-5-æй фылдæр ныууадзын не ’мбæлы. Уый фæстæ алыг кæнынц 6-7 аздзыд къалиутæ, уымæн æмæ фæзæронд сты, тыллæг хæрзчысыл йеддæмæ нал ратдзысты.

Хъæлæрдзы æхсæдгæйæ æнæмæнг ахъуыдыйаг у, цæмæй алы къалиуæн дæр фаг уа хуры рухс. Уыимæ сын сæ рæбынтæ ссыгъдæг кæнын фæхъæуы хæмпæлгæрдæг æмæ быронæй, стæй базилын хъацæнтæй. Алы къудзийыл дæр æмбæлы ныккæнын 40-50 граммы аммиачы тæгъз, кæнæ та æртæ къудзийыл иу бедра фæныкæмхæццæ тæнæг фаджыс æмæ бындзæфхады алыварс 8-10 см æрфæн мæр бафæлмæн кæнын.

Сау хъæлæрдзы уымæлуарзаг у. Хус мæр æмæ хус уæлдæф ын тых кæнынц. Йæ уидаг дæр уæлæнгай у. Уымæ гæсгæ йæ садзын хъæуы хъæздыг мæры. Цы мæры йæ садзæм, уый хъуамæ уидæгты рæзтæн фадат дæтта, фаг дзы уа уымæлад.

Сау хъæлæрдзыйæн арæх азгъæлы йæ дидинæг. Уый уаргæ бонты аххос вæййы, уæлдайдæр дидинæг æфтауын афон куы фæкъæвдатæ вæййы, кæнæ асæсты аххосæй мыдыбындзытæ æвзæр куы фæтæхынц æмæ рыгдзыд хорз куы нæ ’рцæуы, уæд.

Дидинджытæ азгъæлынц, зайæгойтæм æвзæр зылд куы цæуа, уæд дæр. Цæвиттон, хъæлæрдзытæн сæ сортмæ гæсгæ иуты дидинæгæн йæ рыгфæттæй иутæ арф сты дидинкъуырфы, иннæтæ — уæлæнгай. Уымæ гæсгæ сæ иутæ æнцонæй цæуынц рыгдзыд, иннæты та, æнæмæнг, фæхъæуы мыдыбындзытæ æмæ æндæр саскты æххуыс.

Хъæлæрдзы садзгæйæ, уый ахъуыдыйаг у æмæ садзын хъæуы, кæрæдзи хорз чи рыгдзыд кæна, ахæм мыггæгтæ. Хуыздæртыл нымад сты мах мæрон-климæтон уавæрты Лия плодородная, Боскопский великан, Восьмая Девисона, Голиаф, Крупноплодная, Отборная, Память Мичурина.

Цæмæй хъæлæрдзыйы къутæр хорз рауайа, уый тыххæй йыл кусын хъæуы 3-4-азы, 16-18 алы кары талатæ дзы куыд уа. Æппæтæй фылдæр тыллæг дæттынц 2-3 азыккон талатæ.

Куыддæр гагатæ тынд æрцæуынц, афтæ къутæр райдайы ног къуыбар аразын æмæ уыцы куыст фæцæуы суанг фæззæгмæ. Уыцы, цæстæй нæуынгæ, куысты рæстæг равзæрынц генеративон (гагадæттæг) æмæ вегетативон (рæздæттæг) къуыбæрттæ. Нывыл зылд куы нæ уа къутæрмæ, уæд фидæны тыллæг уыдзæн бæрæг къаддæр, стæй ног талатæ дæр рæз не схæсдзысты æмæ къутæр фæцæнкуылгъуыз уыдзæн. Афтæ цæмæй ма рауайа, уый тыххæй къутæртæм сæрд æмæ фæззæг хорз базилын æмбæлы. Уидагрæбынты мæры иу квадратон метрмæ бахæссын хъæуы 20 граммы аммиачы селитрæ, 30 граммы суперфосфат, 15 граммы калийы цæхх, зæронд фаджыс та 3-4 азы иу хатт 2-3 килограммы. Хъацæнтæ мæрмæ бахæссын æмбæлы йе скъахыны размæ. Уымæй уæлдай уалдзæг дидинæг ракалынæй 15-20 боны раздæр, кæнæ фæстæдæр бахæссын æмбæлы квадратон метры фæзуатмæ 15-20 граммы азот.

Алы аз дæр, гагатæ цы къалиутыл хъуамæ æрзайа, уыдон фæхъæуы 1/2, 1/4 фæцыбыр кæнын, иннæ къалиутæ та алыг кæнын.

Цæгат Ирыстоны æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, сау хъæлæрдзы садзынæн хорз сты фæззæджы мæйтæ октябрь æмæ ноябрь, уалдзæджы та мартъи æмæ апрель. Ныссадзыны размæ мæрмæ базилынц хъацæнтæй. 100 квадратон метры фæзуатыл ныккæнынц 300 кг æмбыд фаджыс, 3 кг азоты хъацæнтæ, 4-5 кг суперфосфат æмæ 1,5-2 кг калийы цæхх. Хорз сæ сæмхæццæ кæнынц æмæ иу белгомы æрфæн скъахыны размæ æмвæтæнæгæй байзæрынц мæрыл. Дыргъгуыстгæнджытæ уыцы хъацæнтæ арæх ныккæнынц, хъæлæрдзы цы дзыхъхъы садзынц, уым. 30-40 см æрфæн 50-60 см уæрхæн дзыхъхъы æмбæлы ныккæнын 3-5 кг æмбыд фаджыс, 30-40 г суперфосфат, 15-20 г калийы цæхх. Тала садзын æмбæлы, йæ уидæгты къубалгонд 8-10 см æрфæн зæххы куыд уа, афтæ. Уый фæстæ йыл ныккæнын æмбæлы 4-5 литры дон. Къудзитæ кæрæдзийæ хъуамæ уой 1-1,25 — 1,5 метры дарддæр сагъд.

Дыргъыкуыстгæнджытæ арæх нæ фæзонынц, садзæн æрмæг кæм ссарой, уый. Беслæны, Дыгуры, æмæ Мæздæджы питомниктæ ахæм куыст нæ кæнынц. Фæлæ сæ ис къалиутæ ракурæн.




#Article 101: Къубалты Алыксандр (822 words)


Къубалты Бызийы (Захары) фырт Алыксандр (райгуырдис 1871-æм азы, Бæтæхъойыхъæуы — амардис ахæстоны 1930-æм азты) уыдис ирон поэт æмæ фыссæг, йæ дæсныйадмæ гæсгæ юрист.

Алыксандр райста хорз ахуырад. Уыди сыгъдæг интеллигент, фæлмæнзæрдæ æмæ аудæг адæймаг. Йæ рæстæджы цард фæйлыдта знæт фурдау тохы тымыгътæй. Алыксандр никуы бацыди уыцы уылæнты, нæ абухта сæ фыцæны. Фæлæ иуварс нæ лæууыд культурон цардæй, йæхи нæ хызта рухсады куыстæй. Уыди æнувыд архайæг «Хæххон адæмы ахуырады æхсæнад»-ы (Общество распространения образования среди горцев). Æхсæнадæн хъуыдис фæрæзтæ, æмæ Алыксандр æвзыгъдæй арæзта литературон изæртæ, театрон æвдыстытæ. 1907 азы Дзæуджыхъæуы фæзынд чиныгуадзæн æхсæнад «Ир». Алыксандр уым дæр куыста зæрдиаг æмæ хъæппæрисджынæй. Йæ хæдзар ирон фæсивæдæн уыд культурон артдзæст, нæртон фысымуат. Поэт ахуыры фæндагыл арæзта иры кæстæрты, æххуыс æмæ сын ахъаз кодта æппæт мадзæлттæй.

Къубалы-фырт уыдис барадхъахъхъæнæг. Фæлæ йæ бон нæ баци йæхи бавæрын, рæстæджы фыдæхæй йæхи бахизын. Æртынæм азты бæстæйыл сыстад хæрамы рын, уæлдай тынгдæр фæзынд Ирыстоныл, бафтыд фысджытыл æмæ сæ кодта га-гадзагьд. Хахуырты азар басыгъта Алыксандры дæр. 1937 азы зæронд поэт бахауд ахæстонмæ æмæ бабын, нал разынд йæ царды фæд. Фæлæ ирдæй зыны, ирон поэзийы цы фæд ныууагьта, уый.

Алыксандр фыста æмдзæвгæтæ, балладæтæ, поэмæтæ, æмдзæвгæтæй ныффыста трагеди «Фæтæг Алгъуызы мæлæт», йæ тыхтæ фæлвæрдта аив прозæйы дæр. Поэт иттæг æнувыд уыдис адæмон сфæлдыстадыл. Æрæмбырд кодта Нарты кадджытæ, рацарæзта сæ æмдзæвгæтæй æмæ 1905 азы рауагьта чиныг «Нарты таурæгътæ». Уыцы рæстæджы сæ раивта уырыссаг æвзагмæ дæр: чиныг «Герои-Нарты» мыхуыры рацыд 1906 азы.

Поэт йæ лæппуйы бонтæ арвыста Бæтæхъойыхъæуы. Уым ис рæсугъд хигъæдон æрдз: хохæн хох у, быдырæн — быдыр. Фæлæ уымæй уæлдай уыцы зæхх у Ирыстоны арæн. Уæды заманы ма ир æмæ кæсæджы быцæутæ уыдысты æвзонг мысинæгтæ — зæрдæргьæвд лæппу сæ хъуыста канд зарджыты æмæ кадджыты нæ, фæлæ, чи сæ æрæййæфта, уыдоны ныхæсты дæр. Йæхæдæг æвдисæн уыд ир æмæ хъулгъайы хъаугъатæн, тыхми æмæ æхсары быцæутæн. Таурæгъон æрдз, хъайтарон цаутæ æмæ кады зарджытæ лæппуйы кодтой романтикæйы уацары. Скъолаты литературæйæ цы ахуыр кодта, уыдонæй йын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхцондæр уыдыстм, Кавказы цард æвдыст кæм цæуы, уыцы уацмыстæ.

Алы чиныгæн дæр ис хъысмæт æмæ истори. Рухс у «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы хъысмæт, хъæздыг æмæ мидисджын у йæ истори. Фарны уацау кадæг уайтагьд æрзылд Ирыстоныл Мæздæгæй Гудзаретмæ, айхъуыст хъæуæй хъæумæ, адæм æй зарæгау айстой сæ зæрдæмæ. Кадæг сси адæмон.

Гаппо йæ уацы сидт, зæгъгæ, адæм хъуамæ зоной, не ’взаг нын чи бацыргь кодта, нæ литературæйы зæрæстон хуымы сау кусæг чи уыд, уый. Æмæ чи уыд уый? Чи сфæлдыста алæмæты кадæг? Къубалты Бызийы фырт Алыксандр. Фæрныг æмæ цæрæццаг сты, йæ разагъды лæгты чи зоны, сæ ныхас йæ зæрдыл чи дары, уыцы адæм.

Фольклорон кадæджы сюжет нæ зоны æмæ нæ быхсы лирикон фæзилæнтæ. «Æфхæрдты Хæсанæ»-йæн поэтикон фидауц дæттынц лирикон фæзилæнтæ: Госæмайы мысинæгтæ, Саукуыдзы уавæр, Косерханы тыхстытæ.

Æппынфæстаг, уацмысы æвзаджы зынынц, ирон фольклорæн хицон чи нæ у, уырыссаг æндæвдадæй чи фæзынд, ахæм синтаксисон æууæлтæ: «Сымах фæцардыстут ысхойгæ къæбæрæй, кæцы уын æппæрста уæ фыды налат ус»; «даргъхъуырджын сау æвгтæ дæ сæрыл хойдзынæ, цалынмæ асæттой...»; «кæмæ ма цæудзынæн цырагъы рухсимæ, боныцъæх афоныл давæггаг ласгæйæ!» æмæ а.д.

Фольклор æмæ æмткæй ирон æвзагæн æцæгæлон уыдысты инверсион дзырдбæстытæ: «Нал уыныс арвы цъæх, нал уыныс зæххы сау». Бибо йæхи тыххæй йæ зарæджы цы дзырдта, уыдон Алыксандр уырыссаг æвзагмæ раивта, ирон æвзаджы домæнтæм гæсгæ: «Чтоб не видеть мне синего неба (цъæх арв), ни зелени наших полей» (нæ быдырты цъæх кæрдæг).

Ацы æвдисæнтæй зыны, уацмысы поэты сфæлдыстадон æрмдзæф бæрæг кæй дары, уый.

Кадæджы авторы фарст æндæр хуызы æвзæрста профессор Æлборты Барысби. Уый æрцыд ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Алыксандры размæ Хæсанæйы тыххæй нæ уыд нæдæр кадæг, нæдæр историон зарæг, уацмыс сæрысуангæй у поэты сконд, уый иры дзыллæйæн ахæм адджын фæци, æмæ йæ мотивмæ гæсгæ скодтой хъайтарон зарæг («Фидиуæг», 1961, № 1).

Æцæгдзинад, æвæццæгæн, ис дыууæ цæстæнгасæн сæ астæу. Уацмыс у Алыксандры сæрмагонд сфæлдыстад, фæлæ йæ поэт снывæста адæмон поэзийы бындурыл, йæ куыст цыдис фольклорон традициты ссадвæдыл, сæйраг фæрæз ын уыд кадæджы поэтикæ, уыимæ йыл бæлвырд-бæрæгæй æндæвта европæйаг романтизм дæр.

Кадæг романтизмы уæлдæфæй кæй улæфы, ууыл дзуры Къостайы ахаст дæр. Къостайæн хъыг уыд, Байаты Гаппо «Къубалы-фырты чиныг» сахъат орфографийыл кæй рауагьта, уый (фыстæг Цæлыккаты Юлианæмæ, 1899, 5 июль). Æндæр фыстæджы Къоста хъазгæмхасæн фыссы, зæгъгæ, хастæй куы суæгъд уон, уæд мыл Дзæуджыхъæуы кæндзысты цинтæ, Витя мын хъæрæй кæсдзæн «Æфхæрдты Хæсанæ», Сеня та мын азардзæн Марсельезæ (фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ, 1899, 12 августы). Фæлæ Къоста Алыксандры тыххæй загъта карз ныхас дæр: «Къубалы-фырты, хъыгагæн, нæ зонын, федтон æй æрмæст иу-дыууæ хатты. Йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-мæ гæсгæ йын куы аргъ кæнæм, уæд мæм афтæ кæсы, цыма бæстон æмæ арф нæ хъуыды кæны цард æмæ поэзийæн сæ мидис æмæ сæ нысаныл» (фыстæг Цæлыккаты Аннæмæ, 1899, 7 сентябры).

Бæлвырд у иу хъуыддаг: Къостайæн гуырысхойаг нæ уыд, кадæг Алыксандры сфæлдыст кæй у, уый. Фæлæ уæд уыди цардивæн рæстæг, карз уыдысты социалон быцæутæ. Уавæр афтæ уыд аивады дæр. Поэзийы згæйау æвдæрзтой декадентон методтæ. Романтизмы дуг аивгъуыдта. Къоста тох кодта реалистон аивадыл, «Æфхæрдты Хæсанæ» та романтизмы æвзар уыд. Сфæлдыстадон методтæ материализм æмæ идеализмау кæрæдзи нæ быхсынц. Классицисттæ реалисттæ Лопе де Вега æмæ Шекспиры драматургтыл нæ нымадтой, романтиктæ Стендаль æмæ Гюго дур дурыл нал ныууагьтой классицистты принциптæй. Дон æмæ артау иумæ нæ фидауынц реализм æмæ символизм.




#Article 102: Диоген (114 words)


Синопы Диоген () уыди рагон бердзенаг философ. Райгуырди Синопы нæ эрæйы агъоммæ 400 азы, мæлгæ та акодта 323 азы. Йæ фыд куыста къазнайы хæдзары æхцатæ ивæгæй, фæлæ цыдæр цæстфæлдахæн ми кæй бакодта, уымæ гæсгае йæ асырдтой.

Диогенæн йæ ахуыргæнæг куы амард, уæд ацыди Коринфмæ. Цæрæнбынат баххуырсыны, кæнæ йæ уазæгуарзон адæмæй искæмæ бацæуыны бæсты ссардта æндæр бынат: зæронд æмæ фæстытæ стыр дурын-быркуы (грекъагау «пифос» — сæн кæнæ хор кæм дардтой, ахæм).

Диогены фæндыд, æрдз æй цыдæриддæрхуызонæй сфæлдыста, ахæм уæвын, уымæ гæсгæ йæхи дæр нæ даста. Уыди тынг гуыбыр, æдзухдæр каст йе ’рфгуыты бынæй. Цæугæ-цæуын æнцой кодта, сæр саджил кæмæн уыд, ахæм лæдзæгыл. Уыцы саджилæгыл ауыгъта йæ фæндаггон хызын. Алкæмæ дæр каст æлгъгæнгæ, никæй ницæмæ дардта.




#Article 103: Масайтæ (595 words)


Масайтæ сты африкæйаг фосдарæг знæм. Сæ нымæц у иу милуаны къаддæр, уыдонæй та Кенийы — 350 000—453 000 адæймаджы.

Африкæ дæр кæддæры Африкæ нал у — европæйаг цивилизаци ам дæр йæхионтæ кæны. Суанг ма хъæздгуыты цард нæ, фæлæ мæгуырты цард дæр аивта. Фæлæ дзы иу знæм баззад, æмæ уыдон, сæ фыдæлтæ куыддæриддæр цардысты, афтæ цæрынц ныр дæр — фыццагон хæринæгтæ хæрынц, фыццагон дзаума дарынц.

Сæ рæстæгмæйы хъæутæ хонынц боматæ, саразынц сæ сындз къутæрты астæу, кæнæ та сæ хъилтæй конд бырутæй сæхгæнынц. Фос дарынц сæ халагъудты ’хсæн. Халагъудтæ аразæг та сæм сты сылгоймæгтæ — зæххы арф тасаг михтæ ныссадзынц, сæ сæртæ сын кæрæдзимæ сбæттынц, уистæй сæ каубыд скæнынц, стæй сæ цъыфæй байсæрдынц.

Сæ хъæуы астæу фаджысæй куы байдзаг вæййы, уæд та æндæр ранмæ алидзынц. Исчи сæ куы амæлы, уæддæр сыстынц, сæ цæрæн бынат аивынц. Сæ мæрдты дæр фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ ’фснайынц: ахæссынц æй тыгъд быдырмæ æмæ йæ уым ныууадзынц хъæддаг сырдты æвджид.

Масайаджы тынг æнцонæй ис базонæн — сты бæрзонд, æлвæст, къæсхуыр, цæуынц стыр санчъехтæгæнгæ. Сæ сæйрагдæр куыст у фос дарын — ныллæг гуыбыр хъуццытæ æмæ сæгътæ. Лæгты уæлæдарæс у айдагъ хъуымацы кæрдæн.

Æрыгон масайæгтæ сты æфсæддонтæ — хонынц сæ морантæ. Уыдонæн сæ цæрæнуат у хибарæй, æппындæр ницы кусынц, æрмæст хæстон хъæзтытæй хъазынц, кафынц, хæзгултæ дарынц — «дæу у, мæн у»-тæ сæм нæй, афтæмæй; арæх цуан кæнынц цомахътыл, фыййæутты цыфыддæр знæгтыл.

Фос у масайты цардæн йæ астæу. Фаджысæй аразынц сæ хæдзæрттæ, сæ бæрæгбонты нуазын хъуцты туг æмæ афтæ дарддæр.

Цомахъимæ тох кæнын у алы мораны стырдæр бæллиц. Топп æмæ æрдынæй се сæфт уынынц, сæ сæрмæ сæ нæ хæссынц, хотыхæн сæм ис æрмæстдæр æрцытæ. Домбай ма кæд нæу хъæбатыр, уæд чи, фæлæ дардмæ дæр бæрзонд масайаджы куы бафиппайынц, уæд дзы сæхи иуварс айсынц æвæстиатæй. Фæлæ морантæ та семæ схæцынæй цъæх арт уадзынц æмæ къордæй домбайыл æрхъула кæнынц — уыцы хæстмæ бакæсын та диссаг куыд нæу! Домбай ныббогъ ласы, кæд мæ фæтæрсиккой, зæгъгæ, фæлæ йæм морантæ хæстæгæй-хæстæгдæр куы фæцæ-уынц алырдыгæйты, се ’рцытæ йæм ныддаргæйæ, уæд æй, цы амалæй ма раирвæза æрхъулайæ, ууыл йæ сæр хойын бахъæуы.

Искæуыл сæ йæхи уыциу уагъдæй бауадзы æмæ йæ кæнæ маргæ акæны, кæнæ йæ мæлæтдзаг цæф фæкæны, фæлæ йæхæдæг дæр хуыздæр ран нæ бахауы — æнæмæнг æй амарынц, ныххуынчъытæ йæ кæнынц се ’рцытæй. Йæ æвирхъау дзæмбыйы фæдтæ кæуыл ныууадзы масайæгтæй, уый та цæргæ-цæрæнбонты йæхицæй хъал вæййы. Æппæтæй стырдæр сгуыхтыл та сæм нымады у, домбайы йæ къæдзилы рæбынæй куы ацахсай, уæд уый — домбай уыцы сахат фæкуыддæр вæййы, æмæ йæ уæд морантæ æнцондæрæй амарынц, ома сæхиуыл къаддæр фыдбылызтæ æрцæуы. Æртæ хатты чи сарæхсы домбайы къæдзилмæ фæлæбурын, уый кад æмæ намыс та æнустæм æмбисондæн баззайынц.

Ныры рæстæджы сæ нал уадзынц домбæйттыл цуан кæнын, фæлæ уæддæр сусæгæй сæ куыст кæнынц, науæд рæсугъд чызджы зæрдæ цæмæй æрфæлмæн кæндзынæ?.. Искæмæй дыууæ хъуджы, науæд та æнæхъæн рæгъау дæр куы адавай, уæд сæм уый дæр сæрæндзинадыл нымад у. Масайты уырны, кæддæр æппæт дунейы фос сæхи кæй уыди, уый.

Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй, дам, масайтæ сæ равзæрдмæ гæсгæ сты араббæгтæ — сындæггай-сындæггай Нилы гуырæнтæм лыгъдысты æмæ схæццæ сты бынæттон цæрджытимæ. Рагæй-æрæгмæ дæр ацы адæм се ’нæбасæттонæй хъуыстгонд сты: кæддæрты африкæйæгты цагъайрæгтæн куы уæй кодтой, уæд иу лæгдзуангæнæг дæр йæ ныфс нæ бахаста масайты бæстæм бацæуын. Гъемæ иунæг масай дæр цагъайраг не сси!

Уæдæ абон дæр тынг сæрыстыр сты, æфхæрд нæ барынц. Масайаг лæг æнæ арц санчъех дæр нæ акæндзæн. Арцимæ фæндаджы былыл баддзæн, уæдæ мæ кæд исчи йæ машинæйы авæрид, зæгъгæ; фос дæр æд арц хизы; уæдæ æндæр хъæумæ дæр уазæгуаты æнæ арц никæд ацæудзæн. Йæ арц кæй къæсæргæрон æрсадза масайаг лæг, уыцы хæдзары хицау æй хъуамæ тынг сбуц кæна, йæ хæдзар уый æвджид бакæна, суанг ма йæ усы дæр.




#Article 104: Цæлыччы къанау (240 words)


Цæлыччы къанау цæуы Зилгæйы сæрмæ, скæсæны ’рдыгæй, дарддæр цæуы, Хуымæллæджы, Бруты, Заманхъулы, Даргъ-Къохы æмæ Кæрдзыны хъæуты зæххытыл. Цæлыччы быдырты хæдзарæдты хъæздыг зæххыты донæй бафсадын уыдис стыр хъуыддаг. Уым тынг бирæ тыхстдзинæдтæ æййæфтой ахсджиаг хъæууонхæдзарадон куыстыты рæстæг. Алы бон дæр уыдон ласын хъуыдис 10 километры дæрддзæгæй; бирæ рæтты бæхты бричкæтимæ, уæрдæттимæ кодтой дон ласыны куыст.

Къанауы арæзтадон куыстытæ байдыдтой 1940-æм азы 25 апрелы колхозты æмæ æндæр организациты тыхтæй æмæ хардзæй. Хъазуатон куыст кодтой арæзтады æппæт республикæйы хæдзарæдты службæгæнджытæ, фæскомцæдисонтæ, заводты æмæ æндæр куыстуæтты коллективтæ, специалисттæ зæрондæй-ногæй. 

Кæд хæслæвæрд зæхх æркъахынæй уыдис 3,5 кубометры, уæд иу адæймаг дæр ахæм нæ уыд, йæ нормæ чи не ’ххæст кодта. Уыдис, дыууæ—æхсæз хатты фылдæрæй чи ’ххæст кодта йæ хæс, ахæмтæ дæр.

Къанау аразыны рæстæг алы бон дæр уагьд цыдис сæрмагонд газет «Цалыкский канал». Редактор та йын уыдис Хетæгты Созырыхъо. Ахæм газеты номыртæ, æвæццæгæн, уыдаиккой 15-20 бæрц. 

Йæ дæргь 47 километры кæмæн уыдис, секундмæ 5 кубометры дон кæуылты калдис, уыцы къанау арæзт фæцис 16 кусгæ бонмæ, æмгьуыдæй 4 боны раздæр, уый æмæ лæгдыхæй, бел æмæ киркæйы руаджы. Уæд нæма уыдысты бульдозертæ, экскаватортæ æмæ æндæр мæркъахæн техникæ. 1940 азы 14—15 майы фыццагдæр фæлварынæн къанауыл дон уагьд æрцыдис йæ райдайæнæй йæ кæронмæ.

Хуымæллæджы доныл сарæзтой æфсæн-бетон ауæзт, кьанауыл та — 28 гидротехникон донмарæны, донуадзæны. 18 майы æппæт республикæйы фæллойгæнджытæ дæр кадджын уавæры сбæрæг кодтой куыд стыр бæрæгбон, афтæ. Уырдæм фæллойгæнæг адæмæй æрæмбырд 70 мины бæрц æгас республикæйæ.

Цæлыччы быдырты цы колхозонтæ куыстой, уыдон пайда кæнын райдыдтой къанауы донæй.




#Article 105: Хъайтыхъты Азæмæт (295 words)


Хъайтыхъты Беслæны фырт Азæмæт (райгуырдис 1923-æм азы Ходыхъæуы) у ирон фыссæг.

Фæстæдæр йæ хæстон фæндæгты тыххæй ныффыста мысинæгтæ, æмæ журнал «Мах дуг» чи кæсы, уыдон сæ бакастаиккой. 

Æрдзæй зæрдæргъæвд рахаста Азæмæт. Сæрдыгон изæрты-иу зæронд лæгтæ рагон Ходы Ныхасы алыхуызон таурæгътæ куы кодтой, уæд-иу сæм хъусынæй не ’фсæстис. Йæ цæстыты раз-иу сыстадысты, фыдæх æмæ фыддуджы ныхмæ чи рацыдис, уыцы сæрæнгуырдтæ æмæ-иу йæ сæнтты дард кæмдæр балæууыд. Уæд-иу Азæмæт гыццыл нал зындис йæхимæ — кард кæй нæ кæрды, фат кæм нæ хизы, ахæм хъæбатыр-иу басгуыхти.

Æрзæткъахæнты куыста, фæлæ йæ зæрдæйæ нæ цух кодтой, кæддæр Ныхасы цы диссæгтæ хъуыста, уыдон. Æмæ уæд йæ зæрдæйы райгуырд уыцы таурæгътæ ныффыссын æмæ джиппæй рауадзыны бæллиц. Азæмæтæн йæ уæззау кусгæ бонты ивын байдыдтой йæ æхсызгон хъизæмаргæнæн æхсæвтæ. Дзаевгар рæстæг рацыд, цалынмæ йæ фыццаг таурæгътæ мыхуыры фæзындысты, уæдмæ. Адæм ын бацин кодтой йæ таурæгътыл, къухæй-къухмæ сæ истой. 1984-æм азы чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд Азæмæты таурæгъты фыццаг чиныг «Зынаргъ дур». 1989-æм азы та — йæ дыккаг чиныг «Фыййауы лæдзæг». Фæстæдæр, чиныгкæсджытæ сæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уый хынцгæйæ, дыууæ чиныджы уагъд æрцыдысты иумæ, иу чиныджы, «Амондуарджытæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Фæстæдæр Хъайтыхъты Азæмæты райстой Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы рæнхъытæм.

Ирыстоны бирæ таурæгъгæнджытæ уыди. Фыст дæр гыццыл не ’рцыдис сæ таурæгътæй. Фæлæ Азæмæты таурæгътæ бæрæг дарынц се ’хсæн сæ аив нывæфтыдæй æмæ сæ фидар композицион арæзтæй. Бæрæг дарынц уымæй, æмæ Азæмæт рагон таурæгъы бындурыл хорз кæй арæхсы нырыккон аивадон уацмыс снывæндынмæ. Уымæ гæсгæ Азæмæт хуымæтæг таурæгъгæнæг нæу, нæдæр таурæгъфыссæг у. Азæмæт у фыссæг, сыгъдæг ирон адæмон æвзагæй æцæг адæмон уацмыстæ чи нывæнды, ахæм фыссæг.

Царды æцæг хабæртты бындурыл фыст сты, Хъайтыхъты Азæмæт йæ ног чиныгмæ («Азæмæты таурæгътæ», 2005) цы рагон таурæгътæ бахаста, уыдон — «Уæгъуыллæйы мæлæт», «Доны къусы аргъ», «Фыдус», «Туджы пырхæнтæ», «Фыдохы арт», «Уазал фæлварæн», «Дзæхы фæстаг балц», «Хетæг», «Черчесты уæйыг», «Ус богал», «Аслæнбеджы мæлæт» æмæ æндæртæ.




#Article 106: Ирон рауагъдадон æхсæнад Калачы (172 words)


Ирон рауагъдадон æхсæнад: 1906 азы Тбилисы (Калачы) цæрæг ирæттæ байгом кодтой «Ирон рауагъдадон æхсæнад». Ацы æхсæнады активон архайджытæ уыдысты Джиоты Георги æмæ Цабайты Уасо. Æхсайæм азты уыдон радзырдтой:

Æхсæнад 1906 азы Тбилисы сарæзта ирон драмкъорд, кæцы ирон æвзагыл æвдыста спектаклтæ. Æхсæнады правлени бахатыд бынæттон хицауадмæ ног ирон газет рауадзыны тыххæй дæр. Газет рауадзынæн бар радтой 1907 азы 13 февралы. Тбилисы ирон газет «Ног цард»-ы фыццаг номыр рацыд 1907 азы 6 мартъийы.

Ирон æвзагыл ацы газет уыди дыккаг (фыццаг ирон газет — «Ирон газет» — мыхуыры рацыд 1906 азы). Газет «Ног цард»-ы фыццаг номыры тираж уыди 400 экземпляры, фæстæдæр тиражы нымæц схызти 1800 экземплярмае.

Фыццаг номырæй æвддæсæм номырмае газеты редактор уыди Тедеты Бетъре, уый фæстæ Цхуырбаты Тадиоз. Газетæн скодтой сæрмагонд рубрикæтæ: хицауады бардзырдтæ, литературæ, æхсæнадон-политикон фарстатæ, хроникæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны цард, мыхуырад, литературон критикæ æмæ библиографи, фельетонтæ, лекцитæ, театр æмæ аивад, медицинæ, хъæууон хæдзарады фарстатæ æмæ а. д. Мыхуыры ног оргæн карз тох расидти зианхæссæг рагон æгьдæутты ныхмæ (туг исыны æгъдау, ирæд æмæ æнд.).

Кæс сæрмагонд статья: «Ног цард».

Кæс сæрмагонд статья: «Æфсир».




#Article 107: Гæгкуыты Ерыстау (440 words)


Гæгкуыты Ерыстау, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Райгуырдис Сечеры, хъомыл ссис Ставд Дурты. Ахуыр кодта хъæуы скъолайы. Каст æй фæци æмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон техникуммæ. Уый фæстæ райдыдта Ставд Дурты скъолайы кусын нывгæнынады ахуыргæнæгæй. Йæ куыст зыдта хорз. Скъоладзаутæ йæ уарзтой бирæ, ныв кæныныл фæцалх сты.

Хъæуы цæрджытæ дæр бирæ бауарзтой Ерыстауы. Азтæ цыдысты, Уалынмæ ралæууыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ерыстау архайдта, цæмæй ацæуа фронтмæ. Къорд хатты бацыдис Елхоты æфсæддон комиссарадмæ, фæлæ йæ хъуыды йæ къухмæ нæ бафтыдис. Фыццаг бонты йæ уымæн нæ арвыстой хæстмæ æмæ йе ’нæниздзинад хорз нæ уыдис. Æмæ та уæддæр бацыдис æфсæддон комиссарадмæ курдиатимæ, цæмæй йæ арвыстаиккой хæсты быдырмæ.

Ацы хатт æм байхъуыстой æмæ йæ 1942 азы мартъийы арвыстой Дзæуджыхъæуы 2-æм хæстон скъоламæ. Ерыстау та балæвæрдта скъолайы хицаумæ рапорт: «Арвитут мæ хæсты быдырмæ».
Скъолайы хицау сразы ис Ерыстауы фæнцоныл æмæ сæ цалдæрæн арвыстой Ленинграды фронтмæ. Уым йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй.

Иу карз ныббырсты Гæгкуыйы-фырт фæцис уæззау цæф. Афтæмæй йæ фашисттæ ссардтой æмæ 1942 азы августы бакодтой йæ концлагеры, фæлæ куыддæр йæ къухы бафтыд алидзын. Ерыстау бацыд францаг партизанты къордмæ. Францаг партизантæ ирон лæппуйæ уыдысты бузныг, дис ын кодтой йæ хъæбатырдзинæдтыл.

Ерыстау кæд уацары уыд, уæддæр йæ райгуырæн бæстæйыл стырзæрдæ никуы ссис. Францæй куы æрбаздæхт, уæддæр ма Ерыстау Советон Æфсады рæнхъыты баслужбæ кодта 1946 азы онг. Ставд Дуртæм куы сыздæхт, уæд æм уыд бирæ рæсугъд фæндтæ, фæлæ иу-изæр сæ хæдзары раз «Сау халон», зæгъгæ, кæй хуыдтой, ахæм хæдтулгæ, æрлæууыд æмæ Ерыстау йæ сæрæн ннцы зыдта, афтæмæй йæ уым баппæрстой. Йæ бинойнаг Майя ма йæ фæстæ бæргæ разгъордта. Бæргæ ма лæгъстæ кодта НКВД-йы кусджытæн, цæмæй йын йæ мойы ныууагътаиккой. Фæлæ йæм уыдон хъусгæ дæр нæ бакодтой. Уæвгæ, æрмæст Ерыстау нæ бахауд уыды карз рæстæг ахæм уавæры. Уыдон уыдысты сæдæгæйттæ, мингæйттæ.

Авд азы фæрахау-бахау кодта ахæстæтты Ерыстау. 1955 азы бахауд амнистимæ æмæ ссыд йæ уарзон Ставд Дуртæм. Йæ фæллад дæр не суагъта, афтæ райдыдта хъæуы астæуккаг скъолайы   нывкæнынад æмæ черченийы ахуыргæнæгæй кусын. Ахуырдзаутæн лæвæрдта арф æмæ фидар зонындзинæдтæ. Скъоладзаутæ йын йæ алы урокмæ дæр сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй. Бирæ йэе уарзтой æмæ йын стыр аргъ кодтой хъæубæстæ. Ахæм циндзинад, зианы хабар хъæубæсты нæ уыд æмæ-иу Ерыстау лæггад, кæм нæ бакодта.

Йæ бинойнаг Майяимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы  æмæ дыууæ фаззон лæппуйы. Уыдонæн сæ хистæр   Бэлæ ныртæккæ кусы Ставд Дурты астæуккаг скъолайы директорæй. Бирæ йæ уарзынц æмæ йын йæ фыдау стыр аргъ кæнынц хъæубæстæ. Кæд абоны зын уавæрты æнцон нæу скъолайы разамонæгæй кусын, уæддæр Бэлæ йе ’ппæт хъарутæй æмæ зонындзинæдтæй дæр архайы, цæмæй ахуырдзаутæ исой арф æмæ фидар зонындзинæдтæ.

Ерыстауы нæ рох кæнынц йæ хъæубæстæ. Уый царды мидæг раст фæндагыл цы бирæ лæппуты æмæ чызджыты сарæзта, уыдон æй абон дæр хорзæй мысынц. Арæх бабæрæг кæнынц æмæ дидинджытæ сæвæрынц сæ уарзон ахуыргæнæджы ингæныл.




#Article 108: Фыццаг мыхуыргонд чиныг иронау (1218 words)


Ацы чиныгæй XVIII æнусы кæрон ахуыр кодтой Мæздæджы дины скъолайы ирон сабитæй цалдæры, цæмæй сæ рацыдаид, чырыстон дины рухс ирон адæмыл зæрдиагæй чи байтыдтаид, ахæм æнувыд кусджытæ. Уыцы рухстауæн куыст куыд æмæ цы хуызы цыди, чи æмæ йæ кæд кодта, уыдæттæ бæстон раиртæста йæ зонадон уацты нæ зынгæ ахуыргонд, ирон æвзаг æмæ литературæ иртасæг, ирон адæмы хæрзæджытæй сæ иу, æнустæм хорзæй мысинаг адæймаг Æлборты Барис (Барысби). Чиныг аргæ дæр уый скодта æвдай азы размæ (500 экземпляры!). Фыццаг бæстон ныхас чиныджы тыххæй, йæ тæлмацгæнджыты тыххæй, йе ’взаджы æрдзыхъæды охыл, зæгъгæ, дæр уый кодта. Ам Барысбийы зонадон сгуыхтдзинады тыххæй бирæ дзурæн ис.

Ирон æвзагыл фыццаг чиныджы рацыд мыхуыры стыр хъуыддаг кæй уыд нæ адæмæн йæ удыхъæд, йæ национ хиæмбарынад æмæ удварны культурæйы историон размæцыды процессы, уый абон алы ирон лæг дæр, æвæццæгæн, æмбары. Æмæ ацы фарны хъуыддагыл нæ бон у бæрзонд ныхæстæ барджынæй кæнын. Ахæм сæрыстыр ныхæсты аккаг æцæгæй у ирон чиныджы сæрæвæрæн. Фæлæ ныры бæрзонд ныхæстæй, мæнмæ гæсгæ, бирæ нымаинагдæр сты, йæ рæстæджы ирон чиныг саразыныл фыццаг ирон рухстауджытæ, нæ абоны интеллигенцийы рагфыдæлтæ куыд æмæ цæй охыл мæт кодтой, ууыл дзурæг хъуыдытæ.

Мæнæ цы зæгъы ирон адæмы фыццаг рухстауæг Æгъуызаты Иуане ирон чиныг сфæлдисыны тыххæй: «…бафæрæзтон гуырдзиаг æвзагыл чиныджы уавæрæн йæ кæронæй гæзæмæ бакæсын æмæ дзы базыдтон ай, æмæ мыггаг кæмæн нæй чиныг, уый хъадджын у раст æмбарынæй: нæ зоны аккагау Хуыцауы æмæ нæ дæр йæхи». Иу дзырдæй, чиныг кæмæн нæй, уыцы адæм нæ зонынц нæ дæр Хуыцауы, нæ дæр сæхи. Ома, Æгьуызаты Иуанейы хъуыдымæ гæсгæ чиныг у адæмæн йæ удварны рæзт сбæрзонд кæныны хос æмæ йæ национ хиæмбарынад райтынг кæныны фæрæз. Ацы стыр æмæ раст хъуыдыйы охыл тырныдтой нæ фыццаг рухстауджытæ ирон чиныг сфæлдисынмæ. Ацы хъуыды царды ауадзыны фыццаг зынгæ факт та у, 1798 азы цыбырæй «Катехизис» ирон æвзагыл мыхуырæй кæй рацыдис, уый.

Уырыссаг оригинал æмæ тæлмац текст фæрсæй-фæрстæм мыхуыр сты чиныджы. Факт гуызавæйаг нæу, нæ цæсты раз ис. Фæлæ уæддæр нæ ахуыргæндтæй иу зæгъы: «Началась работа по переводу с грузинского языка… Краткого Катехизиса параллельно на осетинский и старославянский языки» («История Северной Осетии», т. 1, 1987, с. 209).

Уый та цымæ кæцæй базыдтой нæ историктæ? Чиныджы ирон текст дзырдæй-дзырдмæ тæлмац куы у зæронд уырыссаг æвзагæй, уæд ма йæ гуырдзиагæй тæлмац цæмæн хонынц? Науæд æй чи хъуамæ ратæлмац кодтаид? Гай уырыссагау рæстмæ куы нæ зыдта, уæд? Æлборты Барис йæ уацы æрхаста уый тыххæй официалон характеристикæйы зонæнтæ: «…преосвященный владел русским языком очень плохо, резолюции сии писались рукою колейного его писца или кого-либо из приближенных лиц, под которым преосвященный подписывал и то весьма не твердым почерком только начальные буквы своего титула…»

Науæд цæмæн хъуыд Катехизис гуырдзиагæй уырыссаг æвзагмæ ивын, уырыссагау рагæй фæстæмæ куы уыд мыхуыр, уæд?

Ацы фауты тыххæй уымæн дзурын, æмæ хорз нæу, цы нæм ис, уый нæхицæн кæй мамм кæнæм. Нæу хорз ацы чиныджы фæдыл мæнг ныхæстæ мысын дæр.

Раст зæгъынц Абайты Васо дæр æмæ Æлборты Барис дæр — чиныджы бирæ аиппытæ ис. Не 'взаджы уæды фонетикон уавæр бæлвырд раиртасынæн чиныджы нæй æрмæг. Дызæрдыггаг сты йæ орфографион фæткойтæ дæр æмæ, тексты реализаци куыд цæуынц, уыцы фæткойтæ, уый дæр.

Æцæг, ам диссагæй ницы ис. Тексты, æцæг дæр, бирæ аиппытæ ис. Фæлæ диссаг уый нæу, диссаг у, фылдæр дзы кæй нæй. Уымæн æмæ аиппытæн ис бæлвырд объективон аххосæгтæ.

Фыццаг уый, æмæ ирон æвзаджы орфографийæн фыццаг хатт арæзт цыд фæткойтæ. Уыдон та абоны онг дæр нырма æххæст бæлвырд æмæ нывыл конд не сты, кæд не ’взагæн бирæ ахуыргонд иртасджытæ ис, уæддæр. Гъе, æмæ цас раст уаид, ацы хъуыддаг 200 азы размæ фыццаг хатт чи бафæлвæрдта бакæнын, уыдонæй бирæ цыдæртæ домын?..

Дыккаг уый. æмæ не ’взаджы фонетикæ цы æмæ куыд у, уый зонадон æгьдауæй иртæст нæ уыд æмæ фыццаг чиныг аразджытæй хуыздæр исты рантыстаид, уый фадат нæ уыд. Фадат та аразæг у.

Æртыккаг та уый, æмæ чиныг аразджытæ цы орфографи æмæ алфавит сарæзтой, уый дæр хæлд у тексты. Уымæн æмæ текст æвзæрст æмæ мыхуыр цыд Мæскуыйы, синоды типографийы. Æвзæрстой æмæ æвзæрст текст раст кодтой, иронау чи зыдта; ахæм кусджытæ. Æмæ ахæм уавæры диссаг нæу, тексты, Васо цы «несуразности»-ты кой кæны, уыдон кæй сты, уый.

Фыццаг ирон чиныг хорз цæмæй у, уый та номхуындæй у йæ дзырдуат. Уым не ’взаджы дзырдтæ фыццаг хатт парахатæй сæ миниуджытæ æвдисынц иууон тексты. Ома, дзырдтæ хицæнтæй не сты, дзырдуаты куыд вæййы, афтæ, фæлæ кусгæ-кусын, бæлвырд хъуыды æвдисгæйæ.

Æцæг, текст тæлмац у уырыссаг дины чиныгæй. Дины чингуытæ та кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр ивд цыдысты дзырдæй дзырдмæ. Тæлмацы принцип уыд, уырыс буквализм кæй хонынц, уый. Ома хъуыдыйады мидæг дзырдтæн сæ бынæттæ ивыны бар нæй. Оригиналы цы фæткыл æвæрд сты, ахæм фæтк сын хъуамæ уа тæлмацы дæр. Мæнае иу цыбыр цæвиттон: «Чего ты за совершенное исполнение христианской должности надеешься» — «Цæмæй ды æцæг бакæнынæй христон хъуыддагæй æнхъæл дæ». Дзырдтæ иууылдæр ирон сты, фæлæ сæ равæрды фæтк уырыссаг у æмæ хъуыдыйад та — зын æмбарæн. Нæ мæ уырны, æмæ чиныг аразджытæ нæ зыдтой дзырдты равæрды ирон фæтк: «Цы ’нхъæл дæ ды христон хъуыддаг æцæг бакæнынæй». Зыдтой, фæлæ дины хъуыды, Хуыцауы ныхас тæлмац хъуыд дзырдæй дзырдмæ — ирон æвзагæн…

Раст у, «фыдджын ысси» нæ «вочеловечился». «Фыдджын» иронау хæринаджы ном кæй у, уый куы нæ нымайæм, уæддæр фразæйы мидис æмбардзыстæм зыгъуыммæ, ома снард. Йæ буар фыд равæрдта. Уырыссаг тексты та дзырд уд æмæ буарыл цæуы (дух и плоть). Афтæ «вочеловечиться» дæр «слæг и» нæ амоны. Иронау «слæг и» амоны: сырæзти, рахъомыл, йæ лæджы кары бацыд æмæ ноджы — йæхи рахаста, æцæг лæг рацыд, æхсæндзарды йæ арæхст, йæ зонды руаджы бæрзонд бынат æрцахста… Уырыссаг тексты та: уд (дух) адæймаджы хуыз райста (хуызы бацыд}…

Фæлæ ам, мах нымадæй, бахудыны аккаг ницы ис. Худын кæй зæрдæ агуры,—ома ахæм фразæ иронау ранывæндын мæнæн — арсы хъуыны мæлдзыг! — уымæн та радтæм хуымæтæджы фæлварæн; ратæлмац кæнæд Александр Блочы æмдзæвгæйæ цыппар стихы:

Ам дыууæ зынивæн мивдисæджы дæр сты (воплотить, вочелове-чить) æмæ сыл кæд фæтых уа йæ курдиатæй, уæд ын — мæ сæр-астæу фæндаг! Фæлæ йæ развæлгъау зонын: Катехизисы тæлмацæй йын чысыл рæвдздæр уыдзæн — мæнæй-ма, 200 азы фæстæ!— фæлæ йын иттæг рæвдз у, уый зын зæгьæн у. Стæй уый йе ’гуыдзæджы аххос дæр нæ уыдзæн. Ам бирæ цыдæртæ аразгæ сты æвзаджы историон уавæрæй. Не ’взаджы рæзты историон уавæры тыххæй та, чи зоны, æмбæлы, Пушкины иу хъуыды нæ зæрдыл дарын. Уый загъта XIX æнусы райдианы уырыссаг æвзаджы уавæры тыххæй: «…ученость, политика и философия еще по-русски не изъяснялись; метафизического языка у нас вовсе не существует. Проза наша так еще мало разработана, что даже в простой переписке мы принуждены создавать обороты для изъяснения понятий самых обыкновенных, так что леность наша охотнее выражается на языке чужом, коего механические формы давно готовы и всем известны». (ПСС в десяти томах, т. УП, 1949, с. 31).

Афтæ мæм кæсы, æмæ не ’взаг абон дæр раст ахæм уавæры ис. Зонад, политикæ æмæ философи нæма сдзырдтой нырма дæр ирон æвзагыл æмæ уæд цы радомдæуа, фыццаг ирон чиныг чи арæзта дыууæ æнусы размæ, уыдонæй?..

Мæ ныхас ууыл у, æмæ фыццаг ирон мыхуыр чиныгмæ фаутæ хæссын æнцон у, фæлæ мах фаутæ æвæрын æмæ аиппытæ агурыныл хъуамæ ма уæм. Нæ хæс — чиныджы хорзæй цы ис, уый бæстон раиртасын. Ахæм хъуыддагæн та йæ ратæдзæн сты дыууæ куысты, кæй нæма бакодтам, ахæмтæ.

Фыццаг. Чиныг тæлмац чиныг у æмæ хъæуы раиртасын йæ тæлмацы дæсныдзинады миниуджытæ — йе ’нтыстытæ дæр æмæ йæ аиппытæ дæр.

Дыккаг. Тексты ис бирæ хæлд бынæттæ чиныгуадзæны аххосæй. Бакæнын хъæуы арæхстгай уырзæвзæрст текстологон куыст. Бакæсын хъæуы алы дзырд дæр æмæ алы дамгьæ дæр чиныджы контексты. Науæд чиныгыл текстологон куыст кæй ничи бакодта, уый фæстиуæгæн типографийы аххосæй хæлд дзырдтæ иртасджытæ нымайынц æцæг дзырдтыл.




#Article 109: Ног цард (333 words)


Газет джиппы уагъд дæр нæма æрцыдис, афтæ бынæттон газет «Исари» («Фат») ныммыхуыр кодта ахæм хъусынгæнинаг: «Тæргæйтты мæйы фыццаг бонæй рафыссæн ис Тифлисы ирон газет «Ног цард»-æн, кæцы цæудзæй къуыри дыууæ хатты. Газеты аргъ у: афæдзмæ — 4 сомы». Ирон æвзагыл ацы газет уыди дыккаг. Газет «Ног цард»-ы фыццаг номыры тираж уыди 400 экземпляры, фæстæдæр тиражы нымæц схызтис 1800 экземплярмæ.

Фыццаг номырæй æвддæсæм номырмæ газеты редактор уыди Тедеты Бетъре, уый фæстæ Цхуырбаты Тадиоз. Редколлегийы уæнгтæ уыдысты ахуыргæнджытæ Хъоцты Бидзина, Тыбылты Алыксандр, Джиоты Никъала, Козаты Димитр, студент Абайты Уано, æфсæнвæндаджы управленийы кусæг Томайты Хъæлцыхъо. Газетæн скодтой сæрмагонд рубрикæтæ: хицауады бардзырдтæ, литературæ, æхсæнадон-политикон фарстатæ, хроникæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны цард, мыхуыр, литературон критикæ æмæ библиографи, фельетонтæ, лекцитæ, театр æмæ аивад, медицинæ, хъæууон хæдзарады фарстатæ æмæ а. д. Мыхуыры ног оргæн карз тох расидтис зианхæссæг рагон æгъдæутты ныхмæ (туг исыны æгъдау, ирæд æмæ æнд.).

Газет «Нор цард»-ы мыхуыргонд æрцыдысты фыццаг хатт, Къостайы цензурæ мыхуыр кæнын цы æмдзæвгæтæ нæ уагъта, уыдон: «Салдат», «Додой», «Арс æмæ бирæгъ», «Уайдзæф». Фæстæдæр Гæдиаты Секъайы радзырд «Айссæ».

Газет арæх мыхуыр кодта, ирон ахуыргæнджыты корреспонденцитæ. 

Ирон адæмæн мыггагон трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры. «Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйæ, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахæм уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“» æмæ дарддæр: «Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау».

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыдис Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.




#Article 110: Чеджемты æфсымæртæ (137 words)


Чеджемты æфсымæртæ уыд зилгæйаг æртæ лæппуйы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй чи фæмардысты, уыдон.

Лæппутæ сæ фыдимæ алы куыстытæ кодтой, сæ иунаег хо та сахуыр кодта трактористы курсыты æмæ зæрдæрайгæйæ куыста лæгты æмрæнхъ трактористæй, комбайнёрæй. Цоты хистæр Бечмырзæ йæ цард баиу кодта Сугъараты Маркаимæ. Рацыд сын дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы. Ныр цæрдзыстæм куы загьтой, уæд ныннæрыд Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Чеджемты хæдзарæй уыцы тугкалæн хæстмæ алы рæстæджы афæндараст кодтой æртæ хæстоны: Бечмырзæ, Торбег æмæ Тугъьаны.

Бæргæ сæ афæндараст кодтой, фæлæ сæ иу дæр фæндараст нæ фæци: Бечмырзæ æбæрæгæй фесæфт 1944 азы, кæм ныгæд ис, уый абон дæр бинонтæ нæ зонынц. Торбег фæмард 1944 азы Орёлы, Тугъан та, Мæлгъæвæджы рагъыл цы тугкалæн хæст цыд 1942 азы, уым мæлæтдзаг цæф фæци аэмæ Грознайы госпитæлы амард.

Хъæуæй æмæ районы хицауадæй рох не сты Чеджемты æфсымæртæ. Сæ ном хæссы Зилгæйы уынгтæй иу.




#Article 111: Хостыхъоты Ханджери (382 words)


Хостыхъоты Ханджери райгуырд æмæ схъомыл Хъæдгæроны. Æнæ фыдæй баззадис, аст азы йыл куы сæххæст, уæд. Фæлæ сæрæн лæппу йæ мады сидзæргæсы хуызы цæрын нæ бауагъта. Ханджери кодта æппæт куыстытæ дæр. Уыдис  æнæзивæг, цæрдæг æмæ фæллойуарзаг лæппу. Уыдис зараг æмæ кафаг лæппу. Уый тыххæй йæ хистæртæ æмæ æмгæрттæ дæр фылдæр уарзтой. Скъолайы та фыццаг уыдис ахуырмæ. Хорз æнтыстдзинæдтæ æвдыста физкультурæйæ.

Дæс къласы каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон училищемæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1938-æм азы. Лæвæрд ын æрцыд лейтенанты цин.

Уалынмæ райдыдта Финнаг хæстон кампани æмæ дзы Ханджери архайдта куыд взводы командир. Æрыгон командир уыцы хæсты бахсыст удыхъæдæй æмæ буарæй. Æмæ дарддæр службæ кодта æфсады рæнхъыты Литвайы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та Ханджерийы бахъуыдис хæцгæ-хæцын фæстæмæ здæхын. Афтæмæй схæццæ ис Хъырыммæ. Уым уæззау хæстыты цы стыр лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Æхсардзинады тыххæй» майданæй, стæй та фыццаг Сырх Стъалыйы орденæй.

Хостыхъоты Ханджерийы фæндæгтæ ацыдысты Украинæйыл, хæцыдис Польшæйы, Болгарийы, Румынийы территоритыл. Фæстагмæ архайдта Чехословаки ссæрибар кæныны хæстыты. Польшæ ссæрибар кæныны хæстыты йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджынгонд азрцыд Сырх Стъалыйы дыккаг орденæй.

Чехословакийы цæгатаг хайы хъæды æмбæхст уыдис егъау æфсæддон хæйтты иугонд. Уыдон хъавыдысты Прагæ срæмудзынмæ. Фæлæ сын сæ фыдвæнд фехæлдтой размæбырсæг советон хæстонтæ. Æрхъула сыл кæнгæйæ, советон æфсæдцонтæ уацары райстой мингай фашистон салдæтты. Æмæ ам Ханджери хорзæхджынгонд æрцыд æртыккаг орденæй. Уыимæ йын лæвæрд æрцыд Сталины арфæйы фыстæг.

Стыр Уæлахизы бон Ханджерийы æрыййæфта Берлины. Ам ын лæвæрд æрцыд хистæр лейтенанты цин дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы ахицæн, уæд Ханджери дæр ссыди йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Æрцард Бирæгьзæнджы. Æдзæллаг уавæры уыдис уыцы хъæуы колхоз. Хъуыдис æй къахыл слæууын кæнын. Ханджерийы равзæрстой сæрдарæй. Æмæ та ацы ран дæр Ханджери равдыста стыр лæгдзинад. Уыдис хорз, арæхстджын разамонæг æмæ уый фæрцы колхозонты бон бацис цыбыр рæстæгмæ уавæр банывыл кæнын.

Хæсты ветеран ма уый фæстæ дæр бирæ рæстæг фæфæллой кодта адæмон хæдзарады. Стыр хъомыладон куыст кодта кæстæр фæлтæрты ’хсæн.

Ханджери йæ хъæубæсты ’хсæн кадджын лæгыл нымад у. 2005-æм азы йыл сæххæст 86 азы.

Рынчын у. Æртыхстысты йыл йæ хæстон хъæдгæмттæ. Арæхдæр хуыссæны вæййы. Йæ бинонтæ йын сарæзтой куывд. Куывды рæстæг Ханджери, гаджидау зæгьыны бар æм куы ’рхауд, уæд стыр арфæ ракодта йæ чындз Быдтаты Мæдинæтæн. Тынг хорз зилы хæсты æмæ фæллойы ветеранмæ.

Ханджерийæн ис хорз кæстæртæ — цот æмæ цоты цот, тынг уарзынц сæ зæронд дадайы. Йæ цуры сты æмæ сæ йæ зæрдæ райы. 




#Article 112: Джиоты Аллæ (184 words)


Джиоты Аллæ Алексейы чызг (Алыксандры чызг дæр фыссынц; райгуырдис 1949-æм азы Цхинвалы) у раздæры Хуссар Ирыстоны ахуырады министр, президенты бынатмæ кандидат. Советон Цæдисы ахуырады отличник, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт ахуыргæнæг.

Одессæйы паддзахадон университет 1974-æм азы каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы, сси уыцы скъолайы директор æмæ уыцы бынаты куыста 2002-æм азы онг. 2002—2006 азты уыдис Хуссар Ирыстоны ахуырады министр.

Йæ архайды тыххæй 2007-æм азы 5 февралы байгом чындæуыд уголовон хъуыддаг, Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 285-æм статьйы цы фыдракæнд сфыст у, уый ракæныны фæдыл.

Джиоты Аллæ уыдис 2011-æм азы президенты бынатмæ æвзæрстыты 17 сфидаргонд кандидаттæй иу, æвзæрстытæм куы цыдис, йæ фарс хæцыдысты Тедеты Дзамболат æмæ Анатолий Баранкевич. Фыццаг туры 11 кандидаты ’хсæн уый рацыдис дыккаг турмæ Бибылты Анатолийимæ æмæ та дыккаг туры райста 56,74% хъæлæстæ. Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамис Джиоты Аллæйы банымадта президенты æвзæрстытæ рамбулгæ кандидатыл æмæ йын радта официалон протокол, кæцыйы фыст ис, зæгъæ, уый у Хуссар Ирыстоны æвзæрст президент. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны цы фæлхатгæ æвзæрстытæ æрцыдысты, уыдоны Джиоты Аллæйæн хайад исыны бар нæ уыд. Уыцы рæстæг йæ фарс чи фæлæууыд, уыдоны ’хсæн уыдис Мæскуыйы ирон æхсæнады советы сæрдар Къаболаты Валери.




#Article 113: Гатуты Дзахо (1215 words)


Гатуты Алексейы фырт Дзахо (аргъуыды ном Константин; райгуырдис 1892-æм азы, Дзæуджыхъæуы — амардис 1937-æм азы июны) уыдис, уырыссагау чи фыста, ахæм ирон фыссæг, публицист, фольклорист.

Дзахо райгуырдис 1892-æм азы сауджын Гатуты Алексейы бинонты ’хсæн. 1912-æм азы лæппу каст фæцис гимназ æмæ уыцы азы фæззæджы бацыдис Мæскуыйы университетмæ. Ахуыры æдде ма уым архайдта студентты марксистон къорды. Сæрдыгон Дзæуджыхъæумæ-иу ссæугæйæ Гатуйы-фырт Сергей Кировы хæслæвæрдмæ гæсгæ æфсæнвæндаджы æрмадзты æмæ цинчы заводы кусджыты ’хсæн хæлиу кодта большевикон литературæ.

Фыццаг советон азты Гатуты Дзахо Цæгат Кавказы æмгуыст кодта Сергей Кировимæ, æмæ уыцы архайд тынг бандæвта йæ зондахастыл.

Гатуйы-фырт бирæ цыдис балцыты Ирыстоны, Цæцæны, Мæхъхъæлы хæхты, стæй-иу зылдис колхозтæ, арæзтæдтæ, заводтыл æмæ алыран дæр агуырдта ногдзинады нысæнттæ. Уыцы балцыты фæстиуæгæн фæзындис къорд очеркы æмæ радзырды. Уыдон рухс федтой журнал «Народный учитель»-ы 1960–1964-æм азты; стæй, А. М. Горькийы редакцийæ чи цыдис, уыцы журнал «Наши достижения»-йы 1935–36 азты). Дзахо цалдæр хатты уыдис фембæлдтытæ стыр пролетарон фыссæгимæ æмæ зындгонд куыд у, афтæмæй Горький разыйы ахаст дардта йæ сфæлдыстадмæ.

Гатуйы-фырты æрцахстой, йæ очерк «Дзау»-ы Хуссар Ирыстоны облæсты разамонджыты тыххæй критикон æрмæг куы ныммыхуыр кодта, уæд. Йæ цард трагикон хуызы аскъуыдис 1937-æм азы.

Фыццаг æмдзæвгæтæ Дзахо фыссын райдыдта Дзæуджыхъæуы гимназы ахуыры рæстæг. 1910-æм азы лæппу æрбахаста газет «Терек»-ы редакцимæ, Лев Толстойы амардыл кæй ныффыста, ахæм æмдзæвгæ. Уацмыс мыхуыргонд не ’рцыдис, фæлæ йæ автормæ сцымыдис ис С. М. Киров. Уыдон базонгæ сты æмæ æппынфæстаг бахæлар сты, æмæ се ’хсæн ахæм ахастытæ уыдис бирæ азты дæргъы. Киров тынг бандæвта Дзахойы зондахастыл. Фæстагмæ фыссæг Кировы тыххæй ныффыста очерк «Мироныч».

Гатуйы-фырты фыццаг зынгæ уацмыстæй иу уыдис уацау «Мæхъхъæл» («Ингуши»). Фыст уыдис 1920-æм азты фыццаг æмбисы. Ацы хроникон-аивадон уацауы автор æвдисы йæ тæлмæнтæ хохаг адæмты уавæры, стæй 1917–1918 азты уавæры тыххæй.

Гатуты Дзахойы тæккæ дæсныдæр аивадон уацмыс у уацау «Зелимхан». Ацы документалон-аивадон сфæлдысты дзырдæуы хъуыстгонд æмæ æхсарджын цæцæйнаг абырæг Зелимхан Гушмазуковы тыххæй. Уацауы æвдыст цæуы революци размæйы 1901–1914 азты азтæ Цæгат Кавказы, абырджыты тох колониалон администрацийы ныхмæ.

Зелимхан у вазыгджын адæймаг. Уый канд мастисæг нæ, фæлæ ма уыдис стигъæг дæр: хицæуттæй хæхбæсты æмбæхсгæйæ уый хъуамæ истæмæй цардаид. Репресситæ æмæ сабырцæрæг хъæуты стыгъдтыты тыххæй хицæуттæй маст куы исы, уæд у адæмон хъайтар, фæлæ Хъызлары банк куы стигъы æхца самал кæнынæн, уæд у абырæг æмæ ницæмæй хицæн кæны æндæр фыдгæнджытæй.

Уацау «Хъызлар» экранизацигонд æрцыдис 1930 азты райдианы æмæ тынг æнтыстджынæй æвдыст æрцыдис канд нæ бæстæйы экрантыл нæ, фæлæ фæсарæнты дæр.

Фыссæджы иннæ уацауы («Гага-аул», 1930) æвдыст æрцыдысты мыггагон æмæ кълассон ныхмæлæудтытæ Кавказы адæмтæм, революцион идейæты фæзынды процесс, хохаг æгъдæуттæ æмæ шариат фидар ма кæм уыдысты, уыцы æхсæнæдты.

Зынгæ, ахадгæ бынат ахсы Дзахойы сфæлдыстады очеркы жанр. «Гатуты Дзахо 20–30 азты цы очерктæ ныффыста, — зæгъы Суменаты Замирæ, — уыдонæн рахонæн ис аивадон-публицистон документ, уыдоны бындурыл нæ экономисттæ æмæ историктæ абон иртасынц нæ куыстады æмæ ног дуджы ног адæймаджы зондахасты райрæзты истори». Афтæ лæмбынæг æмæ арф-иу сахуыр кодта Дзахо, цы æрмæгмæ-иу æрæвнæлдта, уый — гидроэлектрон станцæйы кой кодтаид («Гизельстрой»), нартхоры комбинаты арæзтадыл фыстаид («Бесланстрой»), кæнæ та дзырдтаид зды æмæ цинчы æрзæт амал кæныны фарстатыл («Кавцинк», «Садонские рудники») æ.а.д. «Куртатинское предание», зæгъгæ, уыцы очеркы автор радзырдта, Ирыстон æмæ Уæрæсейы баиуы заман цы цаутæ уыдис, уыдонæй иуы тыххæй. 

Цымыдисаг у, уыцы азты Дзахойы æхсæнадон-политикон цæстæнгас куыд ивта, уый дæр. Зæгъæм, кæд йæ уац «Ирон сылгоймæгты приют»-ы прогрессивон хъуыдытыл хæст у, уæддæр йæхæдæг 1917-æм азы большевикты фарс нæ фæци. Уый нæ, фæлæ ма фæд-фæдыл рауагъта цалдæр уацы: «Большевикты фæлтæрæнтæ», «Хæххон адæм æмæ Депутатты совет», «Кировы раныхасы тыххæй» æмæ æндæртæ. Уыцы уацты Дзахо большевикты хоны «æнæсæрфат сæрзилæджджынтæ» («разнузданные неврастеники»), фыссы, зæгъгæ, большевикты уæлахиз «иу бонæй фылдæр нæ ахæсдзæн», стæй уыцы уæлахиз адæмæн «ницы дæтты — нæдæр къæбæр, нæдæр уæлæдарæс, нæдæр иставæр фадæттæ цардæн æмæ фæллойæн». Уымæй дарддæр, Гатуйы-фырт, Кировы раныхасы фæдыл йæ хъуыдытæ дзургæйæ, фыссы, зæгъгæ, «Киров кæд тынг дæсны æмæ зæрдæбынæй ныхас кодта социализмы фæуæлахизыл, уæддæр йæ хъуыдытæ махмæ уырнинаг нæ фæкастысты». Бынтон æмбæрстгонд нæу, Дзахо Киров æмæ иннæ большевикты тыххæй афтæтæ цæмæн фыссы, уый, уымæн æмæ суанг 1910 азæй фæстæмæ Кировимæ цардис хæларæй — йæ фыццаг æмдзæвгæ йæм куы бахаста редакцимæ, уæдæй фæстæмæ. Уымæй дарддæр зындгонд у, Кировимæ фембæлдтытæ тынг кæй сахадыдтой Дзахойы æхсæнадон зондахасты райрæзтыл, уый дæр. Революцион куыст кæнгæйæ, Киров æвзонг Дзахойæн дæр арæх кодта йæ бæрны алыхуызон хæслæвæрдтæ — листовкæтæ хæлиу кæнынæй райдай æмæ æндæр бирæ ныстуантæ. Уымæ гæсгæ, уæлдæр цы уацты кой скодтам, уыдон 1917 азы фæззæджы газет «Хæххон цард»-ы кæй фæзындысты, уый у тынг зын бамбарæн.

Ам ныхас цæуы фыссæджы «сæйраг» очеркты æмбырдгæндтыл («Найфат» æмæ «Æрзæт æмæ æфсæн»). Уыдон джиппы уагъд æрцыдысты 1932-æм азы. Сæ размæ ма Дзахойæн ноджыдæр бирæ уацтæ æмæ очерктæ рацыди — периодикон мыхуыры ахæм оргæнты, куыд «Известия», «На подъёме», «Наши достижения» æ. а. д. Йæ очерктæн Дзахо æрмæг æмбырд кодта йæхæдæг. Кусджытимæ иумæ-иу ныххызти æрзæткъахæнтæм, хъæутыл зылди, ныхас кодта, уый фæстæ-иу йæ очеркты хъайтартæ чи сси, уыцы адæймæгтæн сæхиимæ. Æрдзæй йæм иртасæджы курдиат кæй уыди, уый фæрцы Дзахо иу кæнæ иннæ цауæн канд йæхи не ’вдыста, фæлæ-иу ын ссардта æмæ рафæлгъуыдта йæ уидæгтæ ивгъуыд заманы, историйы. Уæлдæр ракодтам Суменаты Замирæйы уацы кой. Уым фыстæуы: «Гатуты Дзахойы очерктæ иууылдæр нывæст сты историон æрмæджы бындурыл, сæ мидæг ирдæй зыны, алыхуызон историон дугтæ кæрæдзийы куыд ивтой æмæ уыцы иу рæстæг куыд æнгом баст уыдысты, уый, ома рæстæджы удæгас змæлд фæлтæрæй-фæлтæрмæ». «Цæуылфæнды ма фыссæд Дзахо, — зæгъы дарддæр Суменаты Замирæ, — æдзух йæ зонды æмæ йæ зæрдæйы тæлфы рагон цард, стæй æрæджы чи аивгъуыдта, уыцы дуджы истори дæр».

Зæгъæм, æмбырдгонд «Найфат» байгом очерк «Кавцинк»-æй. Уым дзырдæуы Садоны æрзæткъахæнтыл æмæ Дзæуджыхъæуы заводыл (ныры «Электроцинк»). Ацы очеркы иттæг бæлвырдæй уынæм, цæуыл фыст у, уыцы фарстайæн йæ истори, «куырттатаг таурæгътæй» æмæ XVIII æнусы историон документтæй райдай æмæ суанг Дзахойы дуджы онг. Уацмысыл кусгæйæ, Гатуйы-фырт бацагуырдта, ссардта æмæ спайда кодта бæлццон æмæ ахуыргонд Гильденштедты, архимандрит Пахомийы, Степан Вонявины æмæ æндæрты фæндаггон фыстытæй æмæ зонадон æрмæгæй. Очеркы ма ис бакæсæн V æнусы историон цыртдзæвæн — Нузалы аргъуаны къулыл фыстыты тыххæй дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нырыккон æмæ историон æрмæджытæ органикон æгъдауæй æххæст кæнынц кæрæдзийы, иумæ фидауынц.

Иннæ очерк — «Бесланстрой»-ы дæр нын автор фыццаджыдæр æвдисы Беслæны маисон комбинаты арæзтады историон уидæгтæ. Очеркæй базонæм бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Зæгъæм, Беслæны маисон комбинаты арæзтады размæ дæр ма уыди бирæ æндæр проекттæ: «Ага-Бала Гулиевы проект», Берлинаг егъау проект, америкаг проект æмæ бирæ æндæртæ. Сæ кой хуымæтæджы нæ ракодта Дзахо. «Уым, Америкæйы, — фыссы автор, — тох цæуы, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр пайдатæ ’рбассивыныл, махмæ та — сæрибар фæллойыл, æрдзы гæнæнтæй рæстмæ спайда кæныныл».

Гатуйы-фырт иудадзыг историон æрмæгæй кæй пайда кодта, уымæн ирд æвдисæн у йæ очерк «Гизельстрой» дæр. Арæзт у дыууæ хайæ: «Найфат» æмæ «1930 аз», иу та сæ кæны егъау гидроэлектростанцæйы арæзтад. Очерк байгом фыдæлтыккон таурæгътæй Сафайы рæхысы, стæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ Найфаты кувæндоны цы дзуарылæгтæ уыди, уыдоны тыххæй. Дарддæр фыссæг аив ныв кæны, незамантæй чи баззад, йæхæдæг уазæг кæм уыди, уыцы фыдæлтыккон муртаттаг бæрæгбон.

Иттæг хæдбындур рахонæн ис Гатуйы-фырты уацмысты æвзагæн: ирд, нывджын, бæлвырд æмæ æлвæст. Уый банысан кодта йæ уацы Хæдарцаты Азæ дæр: «...бирæ авторты æхсæн дæр бæрæг дары Гатуты Дзахойы æвзаг, куыддæр дзы фыццаг цалдæр хъуыдыйады бакæсай, афтæ йын æнæ рахатгæ нæ фæуыдзынæ йæ авторы».

Гатуйы-фырт ма у фондзархайдон драмæ «Сад»-ы (фыст у уацау «Гага-аул»-ы бындурыл) автор. Уыцы уацмыс хаст æрцыдис, 1971-æм азы Орджоникидзейы чи рацыдис, йæ уыцы чиныг «Зелимхан»-мæ.

Бирæ рæстæджы дæргъы Гатуйы-фырт куыста, ирон адæммæ Амыраны тыххæй цы хицæн таурæгътæ уыдис, уыдон бабæстон æмæ æмиугонд бакæныныл, стæй сæ уырыссаг æвзагмæ раивыныл. «Амыран» мыхуыргонд æрцыдис 1932 азы, ССР Цæдисы Зонæдты академийы рауагъдады. Дзахо йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ «Амыраны» сюжет уый систа Хуссар Ирыстоны даредзанты таурæгътæй.




#Article 114: Тменатæ (604 words)


Тменатæ сты ирон мыггаг.

Тменаты мыггаджы сæрæвæрæн, йæ тæккæ райдиан цæуы Тменæй (уымæн йæ мыггаг ничи зоны). Тмен райгуырд Хохы Дæргъæвсы, уым схъомыл, сарæзта хæдзар æмæ цардис. Рауадис дзы таурæгъты дзуринаг цуанон. Куыд фæзæгъынц, цъиуы цæст дзы нæ ивгъуыдта, ахæм дардмæ уынаг æмæ рæстдзæвин цуанон уыдис.

Тменæн уыдис цыппар æфсымæры: Дзуц, Цæкул, Хуыгист æмæ Огой. Уыдонæй фæстагмæ равзæрдысты ахæм мыггæгтæ: Дзуццатæ, Цæкулатæ, Хуыгистатæ, Огъуатæ æмæ йæхи номæй та — Тменатæ. Ацы мыггæгтæ абон дæр ма æрвадиуæг кæнынц, сæхи хонынц æфсымæртæ æмæ хотæ. Кæрæдзийæ чызджытæ нæ хæссынц, уымæн æмæ сæ уидаг иу у.

Тменаты Микъалайы фырт Дзантемыр йæ царды хуыздæр азтæ арвыста Украинæйы. У техникон зонæдты доктор, профессор. Нефт æмæ химийы къабазы йæ ном хъуыстгонд у канд Уæрæcейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Ныртæккæ цæры Ирыстоны, фæсивæды ’хсæн кæны хъомыладон куыст.

Булкъон Ахметкæ — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Ис æм бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Рацыд отставкæйы, цæры Одессæйы, æрыгæтты ‘хсæн кæны хæстон-патриотон хъомылады куыст.

Тменаты Хæчъайы фырттæ Михал æмæ Мурдзи активонæй архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Михал æрыгонæй фæмард хæсты быдыры. Мурдзи æрыгон лæппуйæ афтыд Бакумæ, фыццаг куыста заводы, уый фæстæ райста уæлдæр ахуыргонддзинад æмæ фæстæмæ кусын райдыдта заводы инженерæй. Бакастджын лæппу йæхи равдыста дæсны специалистæй, хорз арæхст адæмимæ уæздан, апджын ныхас кæнынмæ, æмæ йæ чысыл фæстæдæр Азербайджаны Республикæйы æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ æмхъæлæсæй сæвзæрстой фæскомцæдисы ЦК-йы дыккаг секретарæй. Уым иуцасдæр акусыны фæстæ æрбаздæхт заводмæ, фæлæ уæдмæ хæст райдыдта, уырдæм ацыд æмæ кæронмæ хъæбатырæй фæхæцыд. Хæстæй паддзахадон хæрзиуджытимæ куы сыздæхт, уымæй фæстæмæ Бакуйы заводтæй иуы фæкуыста йæ адзалы онг. Куырдан Барсæджы фырт цардис Дæргъæвсгомы (цы хъæуы цард, уый бæрæг нæу) æмæ уыдис диссаджы куырд. Згъæрæй æгънæг кодта, зæгъгæ-иу, дзырдтой адæм.

Хæсты æмæ фæллойы ветеран у Тменаты Мурат дæр. Цæры Дзæуджыхъæуы. 

Алексей Барисы фырт у педагогон наукæты кандидат, Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы директор. 1999 азы Уæрæсейы Федерацийы нымад æрцыд азы хуыздæр ахуыргæнæгыл.

Тменаты Витали Харитоны фырт у историон наукæты доктор, профессор. Кусы Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æмæ Гуманитарон социологон иртæстыты институты. Историон-археологон темæтыл йæ мидисджын беседæтæ арæх фенæн æмæ фехъусæн ис республикæйы телеуынынады «Ирон этюдтæ», зæгъгæ, рубрикæйы бынмæ.

Уæрæсейы Федерацийы æмæ нæ республикæйыл адæмон артисткæ Тменаты Стъепаны чызг Еленæ, кæд йæ мыггаг афтæ фыссы, уæддæр у Тменаты номдзыд чызг.

Тменаты Валодя Долæтмырзæйы фырт йæ хуыздæр азтæ арвыста Уæрæсейы. Ульяновскы тæхджыты училище каст фæуыны фæстæ йæ йæ царды хъысмæт æрбахаста Владимиры облæсты Ковровы сахармæ. Уым æрыгон уындджын лæппу фыццаг акуыста Дегтяревы номыл заводы слесырæй, уый фæстæ йыл йæ бирæ хорз хъуыддæгты тыххæй баууæндыдысты заводы фæсивæд æмæ йæ сæхицæн равзæрстой фæскомцæдисы комитеты фыццаг секретарæй. Фæстæдæр та æвзæрст æрцыд заводы профцæдисты комитеты сæрдарæй. Уый фæстæ та æвзæрст æрцыд партийы Ковровы горкомы фыццаг секретарæй. Фæстæмæ æрбаздæхт заводмæ æмæ дзы фæкуыста пенсимæ ацæуыны онг. Цæры Ковровы йæ уæздан цардæмбал Ольгæ Логиноваимæ. Ис сын цот. Йæ чызг Светланæ кусы сабиты аивадон училищейы директорæй. У Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг. Ис ын бинонтæ. Валодяйы фырт Алыксандр ныртæккæ кусы Ковровы горæты Дегтяревы номыл заводы генералон директоры хæдивæгæй, Алыксандр у æртæ ордены кавалер æмæ Советон Цæдисы Министрты Советы премийы лауреат.

Тменаты Ирбег Долæтмырзæйы фырт Дзæуджыхъæуы дæс къласы каст фæуыны фæстæ бацыд Цæгат Ирыстоны Хæххон хъæууонхæдзарадон институты зоотехникон факультетмæ æмæ йæ сырх дипломимæ каст фæуыны фæстæ куыста институты фæскомцæдисы комитеты секретарæй. Уый фæстæ та дыууæ азæй фылдæр акуыста партийы Цæгат Ирыстоны обкомы хъæууонхæдзарадон хайады инструкторæй. Цасдæр рæстæджы фæстæ Тмены-фырт фæстæмæ æрбаздæхт институтмæ, аспирантурæ каст фæцис, æнтыстджынæй бахъахъхъæдта диссертаци æмæ ссис хъæууонхæдзарадон наукæты кандидат.

Йæ чызг Зæлинæ та у экономикон наукæты кандидат, доцент. Наукон куыст кæны Краснодары крайы Кубаны аграрон университеты. Йæ фырт Сослан кусы нæ республикæйы Автодоры куыстуаты.

Тамерлан — номдзыд спортсмен дзюдойæ — архайдта Австралийы горæт Сиднейы Олимпаг хъæзтыты. Ссис æвзист майданы призёр. Æрæджы Парижы ахицæн ис Европæйы чемпионат дзюдойæ, æмæ уым та рамбылдта сыгъзæрин майдан.




#Article 115: Куыдзетæ (778 words)


Куыдзетæ кæнæ Къудзитæ () сты ирон мыггаг Хуссар Ирыстонæй. Куыдзетæ Бибылтимæ, Гуыдиатимæ æмæ Хозитимæ кæнынц æрвадиуæг. Нырма абоны онг кæрæдзийæ чызг нæма ракуырдтой, хо æмæ æфсымæрдзинад афтæ тынг хъахъхъæнынц.

Куыдзетæм нæ уыдис инæлæрттæ, стыр ахуыргæндтæ. Ис сæм ахуыргæнджытæ, хъæууон хæдзарады специалисттæ, дохтыртæ. Куыдзеты Дзалийы фырт Баграт уыдис тæхæг.

Хъупта уыдис Куыдзеты хъæу. Уыцы бынат ис Цхинвалы районы. Цæмæй Цхинвалæй Хъуптамæ бацæуай, уый тыххæй фæндаг цæуы ахæм хъæутыл: Еред, Уанат, Белот, Зонкъар, Ацъырсхеу, Цъипор, Самбиат æмæ дарддæр бахæццæ уыдзынæ Хъуптамæ. Цхинвалæй Хъуптамæ фæндаг никуы ничи сбарста. Æмæ йын сбарæн дæр куыд ис, кæд æмæ Зонкъарæй мидæмæ къахвæндаджы йеддæмæ хуыздæр фæндаг нæй. Цыдысты дзы къахæй æмæ бæхтыл. 

Архивты ницы зыны, Куыдзетæ Хъуптамæ кæцæй æрцыдысты, уыцы хабарыл. Куыдзетæ фыдæй фыртмæ куыд хъуыстой, афтæмæй ралыгъдысты Куырттаты комæй, Дзуарыхъæуы Куыдзиатæй. Æмæ уæдæ кæцæй фестадысты Куыдзетæй, кæд æмæ уыцы хъæуы ахæм мыггаг нæ уыд? Куыдзетæ равзæрдысты Куыдзиатæй, уымæн ис бæлвырд дæнцæгтæ. Цæгатæй Хуссармæ чи фæлыгъди, уыдонæй бирæ чидæртæ фендæрхуызон кодтой сæ мыггæгтæ, зæгъæм Мамиатæ — Мамитæ, Дудиатæ — Дудайтæ, Куыдзиатæ — Куыдзетæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Цæгатæй Хуссармæ хæхты сæрты ис дыууæ фæндаджы: Арвыкомы æмæ Ручъы æфцæгыл. Ацы дард фæндæгтæй искæуыл куы рацыдаиккой, уæд хæхты цъасмæ афтæ мидæгау нæ бацыдаиккой — Хъуптамæ, быдырмæ ’ввахс искуы ссардтаиккой цæрæн бынат. Уымæ гæсгæ дызæрдыггаг нæу, Куыдзиатæ бæстæагурæг кæй рахызтысты Куырттаты комæй, Кавказы хæхты сæрты комкоммæ Хъуптамæ къахæй æмæ бæхтыл. Куырттаты комы Фыййагдон æмæ Хъупта сты кæрæдзийы комкоммæ хæхты дыууæ фарс, Цæгат æмæ Хуссары ’рдыгæй.

Хъупта у сыгъдæг хæхбæстæ, нæй дзы фæзтæ. Цæрджытæн сæ сæйраг куыст уыдис фосы куыст. Алы хæдзары дæр уыдис бирæ фос, хъом, алкæмæ дæр 8-10 хъуджы, кусæг фос. Зæххы куыст кодтой тынг чысыл. Уалдзæг-иу дыгай хæдзæрттæй сæ галтæ иумæ баифтыгътой æмæ дзывыр-гутонæй хуым кодтой. Сæ хуымтæ уыдысты иууылдæр къул рæтты. Хъацæнтæ баласæн сæм нæ уыдис, æмæ азæй-азмæ мæгуыр кодта хуымзæхх. Таугæ та кодтой æрмæст хъæбæрхор æмæ картоф. Халсартæ сæм нæ зади. Хизæнуæттæ æмæ уыгæрдæнтæ сын уыдис тынг бирæ. Хойрагæй сын цы нæ фаг кодта, уый æлхæдтой урсагæй, цыхт æмæ царвæй. Сабаты, сихормæ ’ввахс, дæ бæхыл бавæр уаргъ, урсæгтæ æмæ араст у Цхинвалы базармæ. Ныххæццæ уыдзынæ хуыцаубоны базары афонмæ. Ауæй кæн дæ уæййæгтæ, балхæн, цы дæ хъæуы, уыдон, уыимæ, æнæмæнг, бæхыуаргъ хойраг (къада куырæйттæ сæхимæ уыдис) æмæ та фæстæмæ дæ фæд-фæд къуырисæры райсомæй уæхимæ уыдзынæ. Фос дæр афтæ кодтой уæймæ. Нæ сæм уыдис дыргъдæттæ дæр, фæлæ хуссарвæрсты хъæд уыдис æмыдзаг алыхуызон хъæддаг дыргътæй.

Куыдзетæн сæ дарддæры хъысмæт фæлидзынмæ æрцыдис Хъуптайæ, цæрыны уавæртæ дзы тынг уæззау кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Абон дæр Цхинвалы æмæ Ленингоры районты ис æрмæст Куыдзетæй хъæутæ. Уыдонæй сæ иу — Горет. Уым ма иу-фынддæс азы размæ цардис 70 хæдзары. Хъуптайæ уал ралыгъдысты Накалакмæ, Хынцæгты хъæуы фарсмæ, уырдыгæй та фæстæдæр ныры Горетмæ. Хъуптайæ кæд ралыгъдысты, уый бæлвырдæй ничи зоны. Горетæй хуссарырдæм иу хох æддæдæр уыдис иу хъæу, хуындис Члиана, уым дæр цардысты Куыдзетæ, æрмæст сæрмагондæй Куыдзеты хъæу нæ уыдис, цардис ма дзы æндæр мыггæгтæ дæр. Уыцы хъæуы Куыдзетæй цардис æвддæс хæдзары. Абон ма дзы цæры æрмæстдæр Димо.

Гореты хъæуæй бирæ азты дæргъы алы рæттæм фæлыгъдысты цæрджытæ. Цхинвалы æмæ Ленингоры районы хъæуты дзы фембæлæн уыд дыгай-фæндзгай хæдзæрттыл, афтæ — Гуырдзыстоны хъæуты æмæ горæтты дæр.

Ленингоры районы — Цхилон. Уым цæры æртындæс хæдзары. Хъуптайæн скæсæны ’рдыгæй, иу хох æддæдæр, æндæр комы, хуыдтой йæ Цхлебыком, уым дæр цардысты Куыдзетæй дыууæ хæдзары, æфсымæртæ Хуыти æмæ Уано. 1930-æм азты уыдон дæр ралыгъдысты æмæ æрцардысты Цхинвалы районы Громы хъæуы, колхозмæ бацыдысты.

Цхлебы коммæ уæлейæ хæхты цъуппытæй цыдис бирæ суадоны дæттæ æмæ комы æмбырд кодтой. Уыцы суадæттæ уыдысты дыууадæс.

Гореты Куыдзетæм уыдис, бирæ чи фæцард, ахæм адæймæгтæ. Уыдонæй иу — Закара, цыдис ыл 120 азы (рухсаг уæд). Уый дæр бæлвырдæй ницы зыдта, кæд æрцардысты Гореты, уымæн.

Хъуптайы Куыдзетæ фæцардысты 1930-æм азтæм. Ныр ма цæрынц, уым чи райгуырд, ахæм адæймæгтæ. Уæд ма дзы цардис дæс хæдзары. Уыцы азты Хуссар Ирыстоны дæр цыдысты колхозты арæзтæдтæ æмæ чи куыд арæхсти, афтæ быдыры колхозтæм тырныдта.

Хъупта ныр у æдзæрæг. Советон дуг ма куы уыдис, уæд дзы Хуссар Ирыстоны колхозтæ сæ фермæты хъомвос хызтой сæрдыгон, ныр ничиуал.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Куыдзетæ дæр архайдтой. Тохы быдырæй Хъуптайы фæстаг цæрджытæй Естъайы фырттæй дыууæйæ Миша æмæ Лекси нал сыздæхтысты, афтæ Сандройы фырттæ Гыдзыл, Виктор æмæ Къолайы фырт Дата дæр.

Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй Шаликъо хæсты æмбисонды тох самадта йе ’мбал хæстонтимæ немыцы ныхмæ. Текселы сакъадахы (Нидерландты) уацары уæвгæйæ, йе ’мбæлттимæ ныццагътой немыцæгты лагерь хъахъхъæнджыты æмæ сæхи ссæрибар кодтой уацарæй (уый тыххæй 50-æм азты фыста газет «Советон Ирыстон»). Шаликъо фæстаг рæстæг цардис Цæгат Ирыстоны æмæ аст азы размæ ахицæн йæ цардæй Октябрыхъæуы. Ис ын дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, цæрынц хицæн бинонтæй.

Хъыгагæн, Куыдзетæ тынг ныххæлиутæ сты алы рæтты æмæ бæлвырд зонæнтæ æрæмбырд кæнын зын у. Куыдзетæ ныртæккæ иууылдæр (Хуссар Ирæй дарддæр) цæрынц Цæгат Иры æмæ сæ мыггаг дæр фыссынц Куыдзиатæй.

Куыдзеты мыггаджы равзæрдыл бирæ иртасæн куыст фæкодта Куыдзеты Арчил.




#Article 116: Хъупта (316 words)


Хъупта кæнæ Хъубта у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы, кæддæры Куыдзеты мыггаджы хъæу. Ныр бирæ азты дæргъы æдзæрæг у.

Хъæуы ном Хъупта кæцæй равзæрдис, уый ничи зоны.

Цæмæй Цхинвалæй Хъуптамæ бацæуай, уый тыххæй фæндаг цæуы ахæм хъæутыл: Еред, Уанат, Хъуыриа, Белот, Сацхенет, Зонкъар, Ацъырсхеу, Цъипор, Самбиат æмæ дарддæр бахæццæ уыдзынæ Хъуптамæ.

Цхинвалæй Хъуптамæ фæндаг никуы ничи сбарста. Æмæ йын сбарæн дæр куыд ис, кæд æмæ Зонкъарæй мидæмæ къахвæндаджы йеддæмæ хуыздæр фæндаг нæй. Цыдысты дзы къахæй æмæ бæхтыл. Æввæхсты нымайгæйæ Цхинвалæй Хъуптамæ хъуамæ уа сæдæ километрæй фылдæр. Иннæ фæндаг та цыдис Бендеры рæгътыл, Медзыдагомыл æмæ хызти Тбилисы ’рдæм. Фæлæ ацы дыккаг фæндагыл дæр галуæрдон æдæрсгæ нæ цыдис, къул рæтты йе ’нцой лæууын хъуыдис.

Хъупта у сыгъдæг хæхбæстæ, нæй дзы фæзтæ. 1930-æм азты ма дзы чи царди, уыдонæн сæ хæдзæрттæ уыдысты зæй рацæуæнæй æдас рæтты. Тынг къул бæстæ бæрзонд рæгътимæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ дзы зæйтæ цыдис арæх.

Цæрджытæн сæ сæйраг куыст уыдис фосы куыст. Алы хæдзары дæр уыдис бирæ фос, хъом, алкæмæ дæр 8-10 хъуджы, кусæг фос. Зæххы куыст кодтой тынг чысыл. Уалдзæг-иу дыгай хæдзæрттæй сæ галтæ иумæ баифтыгътой æмæ дзывыр-гутонæй хуым кодтой. Сæ хуымтæ уыдысты иууылдæр къул рæтты. Хъацæнтæ баласæн сæм нæ уыдис, æмæ азæй-азмæ мæгуыр кодта хуымзæхх. Таугæ та кодтой æрмæст хъæбæрхор æмæ картоф. Халсартæ сæм нæ зади. Хизæнуæттæ æмæ уыгæрдæнтæ сын уыдис тынг бирæ. Хойрагæй сын цы нæ фаг кодта, уый æлхæдтой урсагæй, цыхт æмæ царвæй. Сабаты, сихормæ ’ввахс, дæ бæхыл бавæр уаргъ, урсæгтæ æмæ араст у Цхинвалы базармæ. Ныххæццæ уыдзынæ хуыцаубоны базары афонмæ. Ауæй кæн дæ уæййæгтæ, балхæн, цы дæ хъæуы, уыдон, уыимæ, æнæмæнг, бæхыуаргъ хойраг (къада куырæйттæ сæхимæ уыдис) æмæ та фæстæмæ дæ фæд-фæд къуырисæры райсомæй уæхимæ уыдзынæ. Фос дæр афтæ кодтой уæймæ.

Нæ сæм уыдис дыргъдæттæ дæр, фæлæ хуссарвæрсты хъæд уыдис æмыдзаг алыхуызон хъæддаг дыргътæй. Уыдонимæ тынг бирæ кæрдотæ, фыццаг митрауарды фæстæ тагъд чи арæгъæд вæййы, ахæмтæ: тамачъи, нымæткъуы, цъуй æмæ æндæртæ. Хъæдтæ дзы уыдис, зæйтæ кæм нæ цыдис ахæм рæтты.




#Article 117: Хорантæ (121 words)


Хорантæ сты дыгурон мыггаг, равзардысты Доныфарсы хъæуы, Гагуаты мыггагæй.

Хоранты мыггаг дæр равзæрд Доныфарсы Гагуаты мыггагæй. Сæ фыд Хоран уыд æлдар Гагуайы фырт, царди Доныфарсы. Ус ракуырдта, йæ фыдæй рахицæн æмæ йæ мыггаг йæхи номæй — Хорантæй схуыдта. Афтæмæй Доныфарсы хъæуы фæзынд Хоранты мыггаг. Бирæтæ сæ фæлыгъд быдырыхъæутæм. Дзæуджыхъæуы цæрæг Хоранты Даукуыйы фырт Осмæны таурæгъмæ гæсгæ та, Хоран уыд Ос-Бæгъатыры къабазæй равзæргæ, Челейы фырты фырт Мисинæй. Мисин цард Уæлладжыры комы, Уæллаг Уыналы. Хоранæн уым уыд иунæг фырт — Генардухъ, уымæн та дыууæ фырты: сæ иу Айдарухъ, иннæйы ном ничи хъуыды кæны. Айдарухъы фырт Нæуæг Уыналæй ралыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Доныфарсы. Хоранты мыггагæй равзæрдысты Шехинатæ æмæ Ганайты мыггæгтæ. Шехинатæ фыццаг цардысты Кæсæджы, Озречы хъæуы, уый фæстæ сæ бирæтæ æрцарди Хутихъæуы (Лескены).




#Article 118: Тедеты Тони (458 words)


Тедеты Дауыты фырт Тони у хæст, куыст æмæ партийы ветеран дæр. Тони райгуырди 1920-æм азы Цъорбисы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары.

Сидзæр, мæгуыр лæппуйæн кæд зын уыди уыцы æгады ном хæссын, уæддæр æм разынд æвзонджы тых, æхсардзинад æмæ йæ хъуынсастдзинад бирæ нæ ахаста. Бамбæрста, куыст цардæн фæрæз кæй у, уый, æмæ йæ бон цы уыди, уый куыста. Архайдта æппæт амæлттæй дæр къæбæрцух цæмæй ма ныууагътаид йæ мад æмæ йæ чысыл æфсымæры. Ахуыр дæр кодта æмæ колхозы дæр куыста.

Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Тони дæр рæстæгмæ бафснайдта йæ чингуытæ, йæ кусæнгæрзтæ æмæ хæрзбон загъта йæ хъæубæстæн, йæ ныййарæг мадæн. Фæцыди тохы быдырмæ йæ Райгуырæн бæстæ цыфыддæр знагæй бахъахъхъæнынмæ.

Тони йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ фыццаг акодтой Сомихстонмæ горæт Дилиджанмæ. Уым сæ бацæттæ кодтой æмæ сæ 6 мæйы фæстæ арвыстой Цæгат Кавказы фронтмæ.

Удуæлдай тох кодтой нæ ирон лæппутæ знаджы ныхмæ, кæмфæнды ма хæцыдаиккой, уæддæр. Сæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ æнæхъуаджы нæ айхъуыстысты легендæйау æппæт фронты.

Мæздæджы горæты сæрыл тохты Тони фæци уæззау цæф августы мæйы æмæ йæ арвыстой Кировабады госпиталмæ, фæлæ йæ уæззау цæфтæ нæ, æмæ нæ дзæбæх кодтой, æмæ йæ уырдыгæй арвыстой Бакуйы æфсæддон госпиталмæ. Ам цасдæр рæстæджы фæстæ байгас сты йæ цæфтæ æмæ цалдæр ирон лæппуимæ сæхи акуырдтой Воронежы фронтмæ. Ам дæр та хæстонтæ равдыстой сæ хъæбатырдзинад æмæ райгуырæн бæстæйыл се ’нувыддзинад. Воронежæй сæ арвыстой (йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй къахæй), Курскы цы стыр тугкалæн хæст уыди, уырдæм (Курская дуга). Кæд бирæ хæстонтæ фæмард сты уыцы удуæлдай тохы, уæддæр знаг дæрæн æрцыди æмæ ссæрибар ис Курскы территории.

Ам дæр та Тедейы-фырт фæци уæззау цæф æмæ 1944-æм азы октябры мæйы бахаудта Курскы госпиталмæ. Уæдмæ не ’фсæдтæ асæрибар кодтой нæ паддзахадон арæнтæ немыцаг тыхæйисджытæй æмæ Советон сырх тырысаимæ сæ ных сарæзтой Берлинмæ. Тедейы-фырты дæр бæргæ фæндыди уыцы сырх тырысайы бын Берлинмæ абырсын, фæлæ йын йæ уæззау цæфтæ уый фадат нал радтой. Хæцынæн кæй нал бæззыд, уымæ гæсгæ йæ дохтыртæ ссæрибар кодтой æмæ йæ рарвыстой йæ райгуырæн уæзæгмæ.

Райста та, кæддæр цы кусæнгæрзтæ бафснайдта, уыдон æмæ райдыдта физикон куыст кæнын колхозы, фæлæ йын йæ цæфтæ уый фадат дæр нæ лæвæрдтой æмæ йæ снысан кодтой хынцæг лагъздарæй. 1947-æм азы ацыд ахуырмæ æмæ æнтысгæйæ каст фæци бухгалтерон курсытæ. Уæдæй суанг абонмæ ныр 60 азы кусы колхозы, совхозы бухгалтерæй, совхоз нæм куы уыди, уæд та куыста профкомы сæрдарæй. Цалдæр хатт æй адæм равзæрстой колхозы правленийы сæрдарæй дæр. Знаджы ныхмæ хъæбатыр тох кæй кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны орденæй æмæ аст майданæй.

Сабырадон дуджы йæ цæсгомджын куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ грамотатæй æмæ майдантæй. Дыууæ хаты æвзæрст æрцыд Знауыры райсоветы депутатæй дæр.

Йæ хъæубæсты Тони нымад цæуы куырыхон дзырддзæугæ лæгыл. Куыд цины фынгтыл, афтæ хъыджы фынгтыл дæр, рагæй фæстæмæ у æгъдаудæттæг, кувæг лæг. Йæ цардæмбал Цхуырбианимæ схъомыл кодтой 5 хъæбулы. Алчи дæр сæ ссардта йæ амонд. Ис сын хъæбулы хъæбултæ — 13 уды.




#Article 119: Цæгæратæ (179 words)


Цæгæратæ () сты ирон мыггаг.

Цæгæратæ раздæр цардысты Куырттаты комы, фæлæ раджы кæддæр алыгъдысты Садоны коммæ, Зджыдыхъæумæ. Уым фæцардысты бирæ рæстæг. Зджыдæй арæх цыдысты Дыгургоммæ, Уæллагкомы хъæутæм. Ам сын бирæ зонгæтæ æмæ лымæнтæ уыд. Уæллагкоймæгтæ дæр арæх бæрæг кодтой Зджыды Цæгæраты. Иу рæстæджы Цæгæратæй иу æрыгон лæппу царди Дымты Абетæм, куыд сæхи бинойнаг, афтæ. Дымтыхъæуы Абеты дыууæ æфсымæры ‘хсæн æрцыд хъаугъа. Æфсымæртæ Цæппо æмæ Саламон байуæрстой. Цæппойæн уыд фондз чызджы, лæппу йын нæ уыд. Саламонæн та уыд фондз фырты. Саламон загъта Цæппойæн, цæмæй йæ хæдзар радтаид амæлæты фæстæ Саламоны лæппутæй иуæн. Цæппо йе ‘фсымæры ныхас банымадта æфхæрдыл, æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд йæ рагон лымæн Зджыды хъæуккаг Цæгæраты лæппу. Æркодта йæ Дымтæм æмæ йын загъта: «Мæ фондз чызгæй дæ зæрдæмæ чи фæцæуа, уый ракур, мæ хæдзар дæу уыдзæн, куы амæлон, уæд». Цæгæраты лæппу сразы. Чызджытæй иуы ракуырдта æмæ цард Абеты Цæппойы хæдзары. Райгуырд сын фырт Гацыр. Гацыры мыггаг ныффыстой Абетæй. Гацыр куы слæг ис, уæд ракуырдта Бекмæрзты Гудзийы. Райгуырд сын дыууæ фырты: Микъо æмæ Даниел. Фæстæдæр Микъо ралыгъд Салугæрдæнмæ (ныры Алагирмæ). Ам сæ мыггаг раивтой сæхи раздæры мыггагмæ — Цæгæратæм.




#Article 120: Годжыцаты Исахъ (399 words)


Годжыцаты Исахъ (райгуырдис 1930-æм азы 15 мартъийы, Ортъеуы — амардис 1996 азы, Дзæуджыхъæуы) уыдис зындгонд ирон артист, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, РЦИ-Аланийы æмæ Абхазы Республикæйы адæмон артист, УФ-йы Станиславскийы номыл паддзахадон премийы лауреат.

Годжыцаты Исахъ райгуырдис Хуссар Ирыстоны Ортъеуы хъæуы. 1956 азы скъолайы фæстæ Исахъ ахуыр кæнынмæ бацыдис Мæскуыйы аивадон Академион театры цур Немирович-Данченкойы номыл студийы актерон факультетмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис 1961 азы, æмæ йæ уыцы аз райстой Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театрмæ актёрæй. Цæгат Ирыстоны театры артисттæ-иу уæд арæх цыдысты гастролты Хуссар Ирыстонмæ. 1963-æм азы дæр та иу сæрдыгон бон Цæгат Ирыстоны театры актертæ уазæгуаты уыдысты Цхинвалы. Театры режиссер Брытъиаты Зариффæ ам фыццаг хатт базонгæ æрыгон курдиатджын актертæ Годжыцаты Исахъ æмæ йæ цардæмбал Дзбойты Зояимæ. Зариффæйы зæрдæмæ тынг фæцыдис сæ дыууæйы хъазт дæр æмæ сын бакой кодта, Цæгат Ирыстонмæ уæ нæ фæнды, зæгъгæ. Уыдон стыр æхсызгонæй сразы сты йæ куырдиатыл, æмæ ма уыцы аз театры коллективыл бафтыдис дыууæ ног курдиатджын актеры. Цæгат Иры аивадуарзджытæ уæд Исахъы фыццаджыдæр базыдтой курдиатджын зарæггæнæгæй. Бирæ йын бауарзтой йæ зарджытæ: «Хæрзбоны зарæг», «Фыййауы зарæг», «Дæ цæстытæ», «Постхæссæджы зарæг» æмæ æндæртæ. Азæй-азмæ рæзт Исахъы курдиат. Режиссёртæ йын йæ бæрны кодтой зындæр æмæ вазыгджындæр ролтæ. Уымæн æмæ сæ зæрдæ дардтой, Исахъæй хуыздæр сæ кæй ничи ахъаздзæн.

Исахъ ирон сценæйыл иттæг дæсны сарæзта бирæ фæлгонцтæ. Адæмы зæрдæмæ уæлдай тынгдæр та фæцыдысты: Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ Бæтти»-йы — Бæтти, Хаханты Дудары «Хæмæт æмæ Зæринæ»-йы — Сауи, Плиты Христофоры «Нæ усгур алыгъди»-йы — Локо, Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон»-ы — Мысырхан, Хуыгаты Георы «Æмпъузæнты» — Дафин, Мольеры «Тартюф»-ы — Оргон, Шекспиры «Афинаг Тимон»-ы — Флави, Чеховы «Æртæ хо»-йы — Чубыткин, Горькийы «Царды бын»-ы — Бубнов æмæ бирæ æндæр ролтæ. Æдæппæтæй та ахъазыд фондз æмæ дыууиссæдз ролæй фылдæры.

Исахъ æмхуызон дæсны æмæ арæхстджынæй архайдта аивады æппæт хуызты. Уымæн йæ курдиат ирд æмæ бæлвырдæй разындис киноаивады дæр. Зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ цы кинонывты сарæзта, уыдонмæ хауынц: «Ах, любовь», «Сюрприз», «Во всем виновата Залина», «Диалог», «Долг», «Мужское самолюбие» æмæ æндæртæ.

Годжыцаты Исахъæн бирæ бантыстис драматургийы дæр. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдысты йæ фыст драмон уацмыстæ. Уыдонимæ сты: «Æз ус нæ курын», «Хъæддаг чызг», «Уарзон зарæг», «О, ацы фæсивæд», «Сидзæрты мæсыг» æмæ æндæртæ.

Исахъы ном æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстад цæмæй адæммæ хæстæгдæрæй фæхæццæ уа, ууыл тынг зæрдиагæй бакуыста æрыгон курдиатджын журналисткæ Дзыныхты Анжелæ. Уый ацы номдзыд актёры тыххæй бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта аив æмæ рæсугъд фæлгонцгонд дыууæ чиныджы — «Фыццаг уарзтау зæрдæйы баззад» æмæ «Годжыцаты Исахъ». Уый тыххæй йын адæм кæнынц стыр арфæтæ.




#Article 121: Абхаз (278 words)


Абхаз кæнæ Абхази (, ) у хæдбар паддзахад, Гуырдзыстоны кæддæры автономи, ис Кавказы Цæгат-ныгуылæн хай — Сау денджызы былыл. Йæ сæйраг сахар у Сухум.

Абхазийы хæдбардзинад базыдтой Уæрæсе (2008-æм азы 26 августы), Никарагуа (2008-æм азы 5 сентябры), Венесуэлæ (2009-æм азы 10 сентябры) æмæ Науру (2009-æм азы 15 декабры), стæй Хуссар Ирыстон, Приднестровье æмæ Уæлхох Карабах. 2008-æм азæй фæстæмæ Абхази, цы территори йæхи хоны, уый контроль кæны æппæтæй.

Абхазийы ныры президент у Рауль Хaджимбæ (2014-æм азы сентябрæй). Абхазийы президент 2011-æм азы 26 сентябрæй уыдис Александр Анкваб, Сергей Багапшы амарды фæстæ уый æххæст кодта президенты хæстæ.

Республикæйы фæзуат у 8,6 мин квадратон километры.

Ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм йæ территорийы астæуккаг дæргъ у 160 километры, хуссарæй цæгаты ’рдæм та — 54 километры. Денджызгæрæтты дæргъ у 210 километры.

Абхазийы цæрджытæ нымæц — 320 мин адæймагæй фылдæр (2001 азы зонæнтæм гæсгæ). Цæрынц дзы абхазæгтæ, сомихæгтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ (сæ фылдæр мегрелтæ), грекъæгтæ, эстойнæгтæ, немыцæгтæ, польшæйæгтæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ. Сахарты цæрджыты нымæц хизы 50 процентæй фылдæрмæ. Сæ динмæ гæсгæ 60% сты чырыстæттæ, 16% пысылмæттæ.

Хæхтæ ахсынц йæ территорийы 64% — Кавказы сæйраг къæдзæхрагъ, Бзыбь, Чхалта, Кодоры хæхтæ. Иууыл бæрзонддæр хох у Домбай-Ульген (4046 м).

Йæ хуссар хай сты æфцджытæ æмæ дæлвæзтæ.

Ис дзы лæгæттæ: «Ног Афон», «Митджын», Арбаикайы æфцæгыл лæгæт-сæрсæфæн — дунейы иууыл арфдæр лæгæт (1860 метры).

Цæугæдæттæ: Псоу, Бзыбь, Гумиста, Кодор, Алдзга, Ингур æмæ æндæртæ.

Цæдтæ: Рица, Амткел, Инкит, Голубое, Бебеисир.

Мæр хæххон сыгъзæрингъуыз, сырх æмæ бургъуыз.

Абхазийы территорийы 55 процентæй фылдæрыл зайы хъæд (тулдз, тæрс, фатхъæд, сабæлут, соцъи æмæ наз). Денджызгæрæтты зайынц субтропикон зайæгойтæ.

Йæ бæстыхъæд у уымæл, субтропикон, денджызгæрæтты январы астæуккаг температурæ вæййы +4... +7 градусы, хæхты — +2... -2 градусы, июлы та +22... +24 градусы. Къæвдатæ дзы афæдз æруары 1300–2400 миллиметры.




#Article 122: Норильск (239 words)


Норильск (Норилск дæр) у сахар Красноярсчы крайы цæгаты, Таймыры æрдæгсакъадахы хуссары, 90 км Енисейы цæугæдонæй хурыскæсæнмæ. Сахар ис Полярон зиллаччы фæстæ. Арæнгонд у Таймыры (Долганаг-Неннаг) автономон зылды. Административон æгъдауæй та сахар ис Красноярсчы крайы дæлбарады.

Норилскæн йæхи цæрджытæ сты 140,8 æрдзæ адæймаджы, ИМС-йы — 230,1 æрдзæ адæймаджы (Талнахы — 62,9 æрдзæ, Кайерканы — 25,1 æрдзæ, Снежногорсчы — 1,3 æрдзæ адæймаджы). Норилскмæ ма хауы цæрæн сырæзтад «Оганер», кæцыйы цæры иу-дæс æрдзæйы бæрц адæймаджы.

Сахарамайæн куыстуат у хæххон-згъæрон компанийы «Норильский никель» (раздæры хæххон-згъæрон комбинат) фæсполярон филиал. Норилск у хуызджын згъæрты стыр центр. Ам амал кæнынц хуызджын згъæрты æфтиаг: æрхуы, никель, кобальт; зынаргъ згъæртæ: паллади, осми (ссадæг), платинæ (згъæртад, ссадæг), сызгъæрин (згъæртад, ссадæг), æвзист (згъæртад, ссадæг), ириди (згъæртад), роди (ссадæг), рутени (ссадæг). Æмвæндæгон кондад: згъæрселен, техникон сондон, згъæртеллур, сондоны туагад.

Норилсчы комбинат кæны дунейы палладийæ 35%, платинæйæ 25%, никелæй 20%, родийæ 20%, кобальтæй 10%. Уæрæсейы никелы 96%, кобальты 95%, æрхуыйы 55% кæнынц Норилсчы комбинаты.

Норилсчы комбинаты куыстуаттæ стыр бæрцты кæнынц хъæстæ раппæрсттæ атмосферæмæ, æмæ сæ фæстиуæгæн екологон уавæр сахары у бынсæфт.

Норилсчы аванпорт у Дудинкæ, кæцыимæ уый иугонд у автомобилон æмæ æфсæнвæндагæй. Нæй дзы сурвæндагон бастдзинад Уæрæсейы иннæ сахартимæ. Уæлдæфон бастад та цæуы аэропорт «Алыкел»-ы фæрцы.

Норилсчы ис иу САУ (сæйраг ахуыры уагдон) — Норилсчы индустриалон институт, иу-цалдæр Уæрæсейы Федерацийы æндæр САУ-ты филиалтæ, Майаковскийы номыл Драмæйы фæсполярон театр, аивадон галерей, Норилсчы куыстуадон районы æрхион æмæ рапарахат кæныны историйы паддзахадон музей, Кæройнаг Цæгаты хъæууон хæдзарады зонадон-иртасæн институт.

Таймыры æрдæгсакъадахы боныхъæд у иттæг карз.

  




#Article 123: Нью-Йорк (751 words)


Нью-Йорк (англ. New York City) — Америкæйы Иугонд Штатты стырдæр сахар. У дунейы тæккæ дынджырдæр мегаполистæй иу. Йæ фæзуат у 1214,4 км². Цæры дзы, 2003-æм азы сфыстмæ гæсгæ, 8,2 милуан адæймаджы. Нью-Йорк у Америкæйы культурон, финансон, сæудæджерадон, политикон æмæ информацион артдзæст.

Сахар æрбынат кодта Атлантикон фурды былгæрон, штат Нью-Йорчы хуссар-скæсæны. Дихгонд у фондз административон районыл: Манхэттен, Бронкс, Бруклин, Квинс æмæ Стейтен-Айлендыл.

Нью-Йорчы бæстыхъæд у уымæл æмæ континенталон. Зымæджы рæстæмбис температурæ вæййы −2 °C æмæ +5 °C ’хсæн. Æрвылзымæг дзы рæстæмбис нымадæй мит æруары 60 см æввахс. Уалдзæджы бæстыхъæд вæййы фæлмæн. Рæстæмбис температурæ: +7 °C...+16 °C. Сæрдыгон дзы вæййы æнтæф боныхъæд. Арæх уæлдæфы температурæ вæййы 32 °C-æй фылдæр, хатгай та схæццæ вæййы 38 °C æмæ уæлдæрмæ. Нью-йоркы фæззæг у зæрдæмæдзæугæ: уæлдæфы температурæ фæззæджы вæййы +10 °C...+18 °C. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Нью-йорчы бæстыхъæд у сюрпризджын æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ дзы вæййы саузым æмæ уазалгомау сæрд.

Нью-Йорчы ис бирæ цымыдисаг фенддæгтæ. Уыдонæй зындгонддæртæ сты: рагон арвысхъауджытæ (Эмпайр-Стейт-Билдинг, Крайслер-Билдинг), æфсæнвæндагон вагзалы бæстыхай Гранд Централ, Рокфеллер-Центр, аивадон музей Метрополитен, Метрополитен-Опера, Соломон Гуггенхаймы Музей (нываивад), Америкæйы Æрдззонæны Музей (планетари æмæ динозаврты стæгдартæ), ИНО-йы штаб-фатер, Гарлем (афроамерикæгты раздæры гетто), Сæрибары статуй æмæ æндæртæ.

Нью-Йорк цы зæххытæ ахсы, уыдоныл, европæйæгты æрцæрыны бирæ раздæр, цардысты индейаг знæмтæ манахаттоу æмæ канарси. Уымæн æвдисæн сты, сахары, бæстыхæйттæй ахст чи нæу, уыцы районты (зæгъæм, Инвуд-Хилл-Парк и Риверсайд-Парк) цы фатыбырынчытæ æмæ æндæр артефакттæ ссардæуыди, уыдон.

Хæдбардзинады сæрвæлтау Хæсты райдианы сахары ныртæккæйы зæххытыл уыди ахсджиаг хæстæмбæлдтытæ. Бруклины хæстæмбæлды афон сирвæзт, сахары фылдæр хай кæм басыгъди, ахæм стыр зынг. Уыцы цауы тыххæй Нью-Йорк бахауд англисæгты къухмæ, цалынмæ йæ америкæгтæ 1783 азы фæстæмæ нæ байстой. «Эвакуацийы бон» — англисæгтæй ссарибары бон — бирæ рæстæг бæрæг кодтой Нью-Йорчы.

XIX æнусы райдианы Нью-Йорк райдыдта тагъд рæзын. Кæд æмæ 1800-æм азы сахары цæрджыты нымæц уыди 65 мин адæймаджы, уæд 1820-æм азмæ схызти 250 мин адæймагмæ.

Мидхæсты рæстæг сахары цæрджыты цæуын кодтой салдæттæй Цæдисы æфсадмæ. Уыцы хæсты хъыгдард æййафтой фыццаджыдæр мæгуыр ньюйоркæгтæ, уæлдайдæр, æфсæддон бегара куы сфидар чынди, уæд. 1863-æм азы сæрды ирландиаг иммигранттæ сбунт кодтой, хъæздгуыты, 300 доллæры бафидыны фæстæ, бегарайæ кæй уæгъд кодтой, уый ныхмæ. Бунтгæнджыты маст фыццаджыдæр ныццарæзтæуыд саудзарм ньюйоркæгты ныхмæ, уымæн æмæ хæст райдайыны æфсон уыди уыдоны ссарибар кæнын. Ирландиæгты мастæн ма уыди иу сæр: куысты бынæттыл тохы раздæры цагъайрæгтæ уыдысты сын тыхджын конкуренттæ. Негртæй бирæ адæм уынгты ныммардæуыд, сæ хæдзæрттæ та бынсыгъд фæчынди.

Сахары цæрджыты нымæц 500 000 адæймагæй 1850-æм азы схызти 1,1 милуанмæ 1880 азы. Цæрджыты нымæц дзæвгар фæфылдæры руаджы Нью-Йорчы территори уæрæх кæнын райдыдта. 1898 азы хæдбар районтæ Куинс, Стэтен Айленд, Бронкс æмæ Бруклин баиу сты сахаримæ. Уыцы заман Нью-Йорчы фæзындысты бирæфатерджын хæдзæрттæ.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Нью-Йорк нымад æрцыд дунейы тæккæ раззагдæр сахарыл. ИНО-йы штаб-фатер дзы кæй сарæзтæуыд, уый æвдыста сахарæн уникалон политикон ахадындзинад кæй ис, уый. Уымæй уæлдай ма Нью-Йорк Парижы бæсты сси раздзог аивады артдзæст. Уыцы иу рæстæг ма ньюйоркæгты бæрæг хай райдыдта лидзын сахарæй, Нью-Йоркгæрон цы чысыл сахаргонд хъæуттæ ис, уырдæм. Уый аххосæй Нью-Йорчы цæрджыты нымæц цадæггай къаддæр кæнын райдыдта.

Фæстагмæ, индустри æмæ базарады ивддзинæдты руаджы, стæй фыдракæндты нымæц кæй фæфылдæр и, уый руаджы, 1970-æм азты Нью-Йорчы сæвзæрди социалон æмæ экономикон кризис.

Президент Рейганы разамынды рæстæг сахары хъæздыгад йæ тæккæ тæмæны уыди, уымæн æмæ уæд бирæ æхца райдыдта зилдух кæнын Уолл-Стриты. Уыцы заман Нью-Йорчы сæргълæууæгæй фæд-фæдыл æртæ æмгъуыды фæкуыста Эд. Кох, фæлæ 1989-æм азы цы æвзæрстытæ уыди, уым æй Дэвид Динкинс амбылдта æмæ сси сахары фыццаг саудзарм мэр. Динкисы уыди демократон партийы уæнг.

Нью-Йорчы æппæты цæвиттойнагдæр æууæлтæй иу у, Зæххы къорийы алыхуызон адæмты минæвæрттæ дзы кæй цæры, уый. Ивгъуыд заман сахары цæрджыты фылдæр хай уыдысты Европæйæ æрлидзæг адæм. XIX æнусы æмбисы се ’хсæн фылдæр хай уыдысты ирландиаг æмæ немыцаг иммигранттæ. XX æнусы райдианмæ иммигрантты ’хсæн æппæты зынгæдæр къорд систы дзуттæгтæ æмæ италиæгтæ. 1940-æм азы сахары цæрджытæй 94%-мæ æввахс уыдысты европеоидтæ. 1920-æм азты райдианы тагъд фылдæр кæнын байдыдта, хуссар штаттæй æрлидзæг афроамерикæгты нымæц. Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Нью-Йорчы бирæ пуэрторикæйæгтæ æрцарди.

Чи кæцы расæмæ хауы ньюйоркæгтæй: европейæгты байзæддæгтæ — 44,66%, афроамерикæгтæ — 26,59%, бындурон америкæгтæ (индейæгтæ) — 0,52%, азиæгтæ — 9,83%, Сабыр фурды паддзахæдтæй æрлидзджытæ (æмæ сæ байзæддæгтæ) — 0,07%, æндæр расæты минæвæрттæ — 13,42%, йæхи дыууæ кæнæ фылдæр расæтæм чи бахаста — 4,92%. Æппæт цæрджыты 26,98% сты, расæмæ нæ кæсгæйæ, латинаг америкæгтæ.

Кармæ гæсгæ сахары цæрджытæ дихгонд цæуынц мæнæ ахæм æгъдауæй: 18 азы кæуыл нæма цæуы, уыдон сты æппæт цæрджытæй 24,4%, 18-аздзыдтæй 24-аздзыдты онг — 10,0%, 25-аздзыдтæй 44-аздзыдты онг — 32,9%, 45-аздзыдтæй 64-аздзыдты онг — 21,2%, 65 азы кæуыл сæххæст æмæ уыдонæй хистæртæ — 11,7%.

Нью-Йорчы цæрджыты рæстæмбис кар у 34 азы.

Алы 100 сылгоймагæн уайы 90 нæлгоймаджы. 18 азы кæуыл сæххæст æмæ хистæр кары 100 сылгоймагæн уайы 85,9 нæлгоймаджы.




#Article 124: Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет (763 words)


Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у Хуссар Ирыстоны сæйраг университет. Университеты бæстыхай стыр зиан баййæфта 2008-æм азы августы хæсты рæстæг.

Университеты ректор у техникон зонæдты кандидат, профессор Тедеты Вадим.

Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуырад райрæзыны хъуыддаг райдыдта, ирон адæмы историйы фыццаг педагогон институт бакæнынæй.

ХХ æнусы 20-æм азты, куыд уæды Советон Цæдисы алы рæтты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр райдыдтой ирон адæмы монон царды бындурон ивддзинæдтæ, уæды барæнтæм гæсгæ йæ куыд хуыдтой, афтæ, ома «культурон революци», принципиалон æгъдауæй ног формæ райста скъолаты ахуыры ног системæ, райтынг ис иумæйагахуырадон скъолаты арæзтад рæзгæ фæлтæрæн, культурон уагдæттæ, адæмæн кæсын-фыссын бацамоныны пункттæ.

Рæстæг барджынæй амыдта, фыццаг рады, специалисттæ бацæттæ кæнын, облæсты иумæйагахуырадон скъолатæн педагогон кадртæ, æмæ комкоммæ ирон æвзаг паддзахадон аппараты æмæ адæмон ахуырады системæйы ныббиноныг кæныны хъуыддаджы райдиан.

Бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ уыд облæсты адæмон хæдзарад райрæзын кæнын. Адæмон коммунистон рухсад (наркомпрос) тагъд кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, куыд «ахуырадон æмæ адæмон-хæдзарадон пъланты иууыл ахсджиагдæр хæс», афтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр скъола бакæнæн уыд раздæр дæр, фæлæ нæ Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады 1917–1921 азты знагиуæгон хæст бахъыгдардта. Нæхи бынæттон кадртæ нæм кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ хицауады æмбæлон оргæнты бахъуыдис нæ бæстæйы æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй специалистты æрхоныны сæр.

Фыццаг рæстæджыты педагогон институтæн нæ уыд йæхи агъуыст, уымæ гæсгæ фыццаг курсы ахуыртæ ауадзынæн хицæнгонд æрцыдысты аудиторитæн музыкалон скъола æмæ педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстыты хатæнтæ.

Цасдæр рæстæджы агропединститут архайдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры агъуысты, стæй йæ раивтой Сталиниры педагогон ахуыргæнæндоны агъуыстмæ, уым сын рахицæн кодтой авд къласы. Институты администраци та уыд дыууæ чысыл хатæны. Институтæн нæма уыд нæдæр кабинеттæ, нæдæр лабораторитæ. Фыццаг рауагъд уыд 1935 азы.

Æрдззонæн факультеты 3 курсы ахуыр кодта 43 студенты, æвзаг æмæ литературæйы факультеты 2 курсы — 32 студенты; рабфакы 4 курсы уыдис 26 хъусæджы, цæттæгæнæн курсыты та — 17 адæймаджы. Æдæппæт — 122 студенты.

Педагогон кадртæ бацæттæ кæныны фарст уыдис облæсты партион æмæ паддзахадон оргæнты æрвылбоны хъусдарды нысан.

Наркомпросы уынаффæты нысан чындæуыд, зæгъгæ, «иу скъоламæ уæлдæр ахуыримæ ахуыргæнджытæй хауы æрмæстдæр дыууæ ахуыргæнæджы...». Уыцы уавæр наркомпросы æркодта уымæ, æмæ 1937 азы пединститут реорганизацигонд æрцыдис дыууæазон ахуыргæнджыты институтæй.

Фыццаг дæс азы тынг зын рæстæджытæ æрвыста институт æрмæст йæ саразыны æмæ организаци кæныны хъуыддаджы. Йæ ахуыргæнджытæй кæйдæрты рахуыдтой «адæмы знæгтæ». «Къласон знæгтæ», «контрреволюцион троцкисттыл» нымад æрцыдысты Багаты Серги (ахуыргæнæг), Зæгъойты Сарди æмæ Æлборты Никъала (студенттæ). Уыцы нысанæн ма ахуыргæнджытæй дæр чидæртæ сæрибар æрцыдысты сæ бынæттæй. Уыцы рæстæджы Сталиниры ахуыргæнджыты институты ректорæй нысан æрцыдис Хетæгкаты В.А., йæ хæдивæгæй та — Хъорнаты В.Г.

Химион лаборатори æмæ 7 кабинеты тынг сарæзтой сæ къух цы предметтæ ахуыр кодтой, уыдоны лæмбынæг биноныг кæнынæн. Бынæттон кадртæй уыцы рæстæджы штаты куыстой 16 адæймаджы: Хетæгкаты В.А., Хъорнаты Б.Т., Коцты Н.С., Уанеты З.Н., Гæдиаты П.Ю., Плиты И.С., Гасситы И.Б., Нартыхты А.М., Бекъойты Д.Г., Харебаты А.Т., Чилæхсаты Н.И; æрцæуæггæгтæй: Т.С. Панпалов, В.Г. Арутюнов, С.М. Веллер, Д.Г. Гонашвили, А.Е. Гогуа.

Ахуыргæнджыты зонадон æмвæзад нырма дзуапп нæ лæвæрдта уæлдæр скъолайы домæнтæм. Бынæттон кадрты ’хсæн уыдис æрмæстдæр иу доцент, 8-æй — доценты хæстæ æххæстгæнæджы, иннæтæ уыдысты ахуыргæнджытæ æмæ ассистенттæ.

Ахуыргæнджыты институты зонадон-иртасæн куыстытæ нæма цыдис, бæлвырд цыдысты æрмæстдæр дарддæры перспективæты тыххæй фарстытæ æмæ сæ хицæн ахуыргæнджытæ нысан кодтой иртасæн темæтæ.

Историон факультетыл лекцитæ кастысты Уанеты З.Н., Хъуылымбегты Г.Ф., Бекъойты С.Г.

Кафедрæты сарæзтой, фæлæ ирон æвзаг æмæ литературæйы, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ баззадысты сæрибарæй.

Литературæйы факультеты деканаты куыста Плиты И.С., æрдззонæны — Хъорнаты Б.Т. (Санахъоты Е.Ф. æндæр куыстмæ кæй ацыдис, уымæ гæсгæ).

Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæй райдыдта, уый институты цардмæ бахаста ахъаззаг ивддзинæдтæ. Педагогон институт рацарæзтой æртæазон курсытæм, ахуыры аз та-иу райдыдта 1-æм августæй. Институты агъуысты бакодтой госпиталь, институт та ахастой скъолайы агъуыстмæ. Сырх Æфсады рæнхъытæм сидтонты нымæц кæй фæфылдæр ис, уымæ гæсгæ тынг фæкъаддæр хистæр курсыты студентты нымæц.

Уымæй дарддæр сæ ныййарджытæ æфсадмæ мобилизаци кæмæн æрцыдысты, уыдонæн дæр ахуыр кæныны фадат кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ уагътой сæ ахуыр. Уый фæстиуæгæн кæцыфæнды курсытæ æхгæд æрцыдысты, студенттæ сын кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ.

Æфсадмæ фæсидтысты ахуыргæнджытæм дæр — фондзæй ацыдысты хæстмæ.

Институты ахуыры нывæзтмæ хаст æрцыдис Æппæтиумæйаг ахуыртæ. Æппæтиумæйаг æфсæддон цæттæдзинад хъуамæ ахуыр кодтаиккой студенттæ, ахуыргæнджытæ-административон персонал, уый фæстæ хъуамæ радтаиккой фæлварæнтæ — æхсынæй, къухы гранатæ æмæ къухы пулеметимæ архайынæй; уымæй дарддæр хъуамæ равдыстаиккой тактикон, æхсын, физикон, химион цæттæдзинад. Студенттæ фæлварæнтæ лæвæрдтой ахæм комплексæй: «Цæттæ у куыст æмæ хъахъхъæнынмæ».

Институты уагъд цыдис политикон хъомыладон куыст, уый ссис æнæхъæн ахуыры процессы æнæмæнгхъæугæ мадзал. Курсытæм фидаргонд агитатортæ кастысты лекцитæ актуалон темæтыл (фашизм æмæ фашистон агрессийыл, оккупацигонд территоритыл режимы тыххæй, фронтæн баххуыс кæныны тыххæй).

Абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет у педагогон кадрты сæйраг цæттæгæнæн центр.

Университет стыр зиан баййæфта 2008-æм азы хæсты рæстæг, ныртæккæ ис ын дыууæ ахуыры бæстыхайы æмæ иу ног æмдзæрæн. Æмдзæрæн у æнæмæнг хъæугæ, дард районты чи цæры, уыдонæн — уæлдайдæр Ленингоры районæй æрбацæуæг студенттæн.




#Article 125: Нас (403 words)


Нас (латинаг классификацийы Cucurbita) у хæргæ халсар.

Нас адæймаг базыдта тынг раджы, суанг нæ дуджы агъоммæ. Зайы Зæххы къорийы бирæ континентты. Уый хъæздыг у алыхуызон сæкæртæй, урсаджы элементтæй — пектинтæй, бирæ дзы ис хъæугæ витаминтæ: А, С, Е, В1, В2, В3, урсæгтæ, ферменттæ. Микроэлементтæ: кальций, магний, æфсæйнаг, фосфор, æрхуы, кобальт. Ахсджиаг хæринаг сты насы æппытæ дæр. Сæ мидæг дзæвгар ис урсæгтæ, витаминтæ С, Е, А, В.

Адæмон хосгæнджытæ насы æххуыс раджы базыдтой. Пайда дзы кодтой æмæ ныр дæр кæнынц рынчынтæн æмæ сывæллæттæн, цæмæй сæ буар низты ныхмæ фидардæр уа, уый тыххæй. Нас хорз ахъаз у хæлц тагъддæр æмæ бæстондæр атайыны хъуыддаджы, тъæнгты сæтцъар куы фехæлы, уæд уый ногæй йæ гаччы сбадын кæны, масты дзæкъул цыдæр низы аххосæй куы слæмæгъ вæййы, уæд æй фæхъæддыхдæр кæны. Йæ зæрдæ æмæ тугдадзинтæ кæмæн фæсахъат вæййынц, уымæн йæ зæнгтæ куы барæсийынц, уæд сын сæ рæсыд æрбадын кæны. Пайдайаг хæринаг у, йæ игæр æмæ йæ уыргтæ кæмæн фæриссынц, ахæм рынчынтæн, уæззау згъæртæй кæй буар фæхъæстæ вæййы, радиоактивон тынты азар кæй баййафы, уыдонæн. Чи йæ базыдта, уыдон насы донæй фæдзæбæх кæнынц сæ нервыты системæ. Уыцы доны агуывзæйыл ма иу лимоны æрдæг балæмар, бануаз æй æмæ дзы дæ хуыссæг фæарфдæр, фæдæргъвæтиндæр уыдзæн. Нас хорзырдæм фæзыны, æгæр хæрзхуыз чи у, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у æмæ йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, ахæм рынчынты хæрдыл æй куы бафтауай, уæд.

Насæн æрдз бахай кодта рæсугъд бур дидинджытæ. Адæймаг сæ, канд нывæфтыд кæй сты, уый тыххæй нæ зоны, фæлæ ма дзы пайда кæны низты ныхмæ дæр. Насы дидинджыты фых донæй цыфæнды хъæдгом дæр куы æхсай, уæд уый тагъддæр байгас вæййы. Ахæм донæй ма фæпайда кæнынц, сæкæрнизæй рынчынтæн сæ къæхты зындзæбæх хæлмæгтæ (трофическая язва) куы фæзыны, уæд уыдоны дæр.

Уæдæ æвæджиау хорз хостæ саразынц насæн йæ æппытæй дæр. Уыдонæй иу хуыйны тыквеол. Йæ архайд у, нæлгоймæгтыл чи фæзыны, ахæм уæззау низтæ простатит æмæ аденомайы ныхмæ. Канд тыквеол чи нуазы, уымæн нæ, фæлæ насы æппытæ хомæй кæнæ хусгондæй чи æхсыны, уыцы низджын нæлгоймæгтæн хорз ахъаз у сæ доныхуыпп цæмæй æнцондæрæй рацæуа, уымæн.

Насы æппытæй ма нырыккон медицинæ пайда кæны. Адæймаг дзы фервæзы уаццаг хуыз гуыбыны кæлмытæ — бычья цепень, свиная цепень, карликовая цепень æмæ широкий лентец кæй хонынц, уыдонæй.

Хосæй уæлдай ма нас у адæймаджы фынджы фидауц дæр. Алчидæр æй адджынæн бахæры куыд духовкæйы, афтæ картофимæ аджы фыхæй дæр. Уæлдай хуыздæр ад фæкæны тебæйы мидæг сойы фыхæй дæр. Æмбал дзы нæй ирон æфсины къухæй конд лæппæг насджынтæн дæр, ахæм чъиритæй бæркадджын æмæ рæсугъд у ирон фынг.




#Article 126: Ирон адæм (395 words)


Ирон адæм (ир, ирæттæ, ) cты цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзагыл дзурæг адæмыхатт, сæ фылдæр хай цæры Ирыстоны (Хуссар æмæ Цæгаты дæр). Ирæттæ дзурынц ирон æвзагыл, уыдонæй сæ фылдæрæй дæр сты дывзагон (зонынц ма уырыссаг æвзаг, цалдæр раны та — гуырдзиаг кæнæ туркаг).

Ирон æвзаг дих кæны дыууæ диалектыл: ирон æмæ дыгурон. Уыдоныл дзурæг адæмы хонынц ир æмæ дыгур.

Ирæттæ равзæрдысты ирайнаг цæугæцардгæнæг знæмæй, алантæй, кæцытæ гуннты ныббырсты фæстæ æрбынат кодтой Кавказы æмæ дзы сарæзтой тыхджын æстæузаман паддзахад, Алани. XIV æнусы, Тамерланы ныббырсты фæстæ, сæ баззайæггагтæ дарддæр хæхтæм алыгъдысты, æрцардысты Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл æмæ райдийæн радтой нырыккон ирæттæн. 

Иу версимæ гæсгæ дзырд «ирон» рацыди дзырд «арийон»-æй (, ārya, aryien — «уæздан»). Фæлæ номдзыд иранист Абайты Васо ацы гипотезæимæ разы нæ уыд, уымæ гæсгæ ныхасæй арийон цыдис ирæтты фыдæлты хином — аллон, ныхæстæ та Ир æмæ Ирон цæуынц цыдæр рагон Кавказаг топонимæй. Цасдæр иртæсджыты хъуыдымæ гæсгæ дзырд Ир цæуы рагон ирайнаг ныхасæй uira, авестиаг vira, кæцы нысæн кæны лæг кæнæ хъайтæр нырыкон ирон æвзагыл. Ацы ныхас ис æндæр скæсæйнаг ирайнаг æвзагты дæр, зæгъæм согъдиаг wyr æмæ ягънобаг vir. 

Ирон адæмы æндæр субэтникон къорд, дыгурæттæ, сæхи ирæттæй нæ хонынц æмæ сæ хином у афтиддæр дигорæнттæ. Ныхасы Дигор кæнæ Дыгур рагондæр кой у Сомихаг географийы Ашхарацуйц æмæ фыст дзы у куыд Аш-Тикор. Абайты В.-мæ гæсгæ ныхас Дигор дæр кавказаг топонимæй цæуы æмæ йæ уидæг Диг рæвзæрдис кæсгон адæмы этнонимæй — Адыгэ.

Æндæр æвзæгтæй фылдæрыл ирæтты хонынц «осетины», «ossetians». Уый рацыди, «ოსეთი», зæгъгæ, уыцы гуырдзиаг дзырдæй  []. Гуырдзиаг осети та цæуы уидыгæй ос кæнæ ас, афтæ алайнагты ходтой сæ сыхæг адæмыхаттæй бирæтæ. Уымæй дæр цæуы рагон уырыссаг азгайфыстытæй ныхас яс, монгойлаг ныхас ас (кæс асуд дæр) æмæ æндæртæ. Нырыккон ирон æвзаджы ацы уидыг баззадис куыд балхъайраг адæмы æндæр ном, æссон. Æвæццагæн афтæ у уый тыххæй, æмæ нырыккон Балхъары территорийы раджы цæрдысты ирон знæмтæ, балхъайрæгтæ та сæ уырдыгæй æддæмæ ассыдтой, фæлæ сæ ном ацы территоримæ баст баззадис. 

Цæрджыты æппæтуæрæсейаг сфыстмæ гæсгæ (2010), Уæрæсейы цæрынц 528 мин ироны. Уæлдайдæр бирæ сты ацы регионты:

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй фылдæр хай сты ирæттæ.

Гуырдзыстоны 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ цардысты 38 мины бæрц ирæттæ.

Турчы цæрынц 20-36 мин ироны — XIX æнусы Османты империмæ чи ралыгъдысты, уыцы пысылмон ирæтты байзæддæгтæ.

Ирон диаспорæтæ ма ис Францы, АИШ-ы.

Венгрийы XIII æнусæй цæрынц ясаг адæм, сæ равзæрдмæ гæсгæ сты ирон. Кæд се ’ппæт дæр нал дзурынц иронау, уыдоны ’хсæн рæзы национ хиæмбарынад, æмæ фидар кæнынц Ирыстонимæ бастдзинæдтæ.




#Article 127: Къуымбил (624 words)


Къуымбил,  у ахсджиаг æрмæг, фасынц кæнæ æлвынынц æй фыстæй æмæ сæгътæй.

Ирон адæмы истори нын куыд амоны, афтæмæй ирон адæмы рагфыдæлтæ — скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ — кодтой цæугæ цард. Фæстагмæ сæ байзæддæгтæ æрбынат кодтой Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл. Кодтой зæххы куыст, дардтой фос, цыдысты æххуырсты æмæ кодтой цуан дæр. Сæ царды сæм иууыл пайдайагдæр фæкастис фос дарын, уæлдайдæр та лыстæг фос: фыстæ, сæгътæ.

Уымæ гæсгæ ирон сылгоймæгтæ раджы райдыдтой къуымбилы куыст кæнын: пирын, æлвисын, къуыбылой тухын, æхснудын, цъында кæнын æмæ тынтæ уафын. Кодтой цухъхъатæ, басылыхътæ, куырæттæ.

Уæззау уыд сæ куыст сылгоймæгтæн, уæлдайдæр та нæзы цырагъы рухсмæ.

Къуымбилæй тын уафынæй дарддæр ма ирон сылгоймæгтæ быдтой къæбæлтыл дæр. Уыдис ахæм сылгоймæгтæ, æмæ-иу бон иу фæлыст цъындатæ абыдта. Къуымбилæй быд дзаума стæгнизæн пайда у, адæймагæн йæ син кæнæ йæ уæраг куы фæриссы, уæд уымæн. Къуымбил цас дæрзæгдæр уа, уыйас хуыздæр у. Раздæр ма фысы царм дардтой сæ быны гобаны бæсты дæр.

Æппæт уæлæдарæс кодтой фылдæр къуымбилæй, тинтычъи æмæ сæхъисæй. Сæхъис æмæ тинтычъи фасынц æмæ æлвынынц сæгътæй. Сæгъæй тинтычъи фастой хъæдын, ставддæндаг сæрвасæнæй. Фасын та хъæуы хуыскъ сæгъ, кæнæ нæл сæгъ. Заинаг сæгъæн тæссаг у фефтауынæй.

Ирон адæм раджы дæр æлвыстой æмæ ныр дæр æлвисынц фарсыл æмæ къусы. Къуымбил, тинтычъи, сæхъис æлхуыйыл тыхтæй хуыйны æлвыст. Æлвыстытæ сты лыстæг, ставд æмæ астæуккаг æлвыст. Къуымбилæй ставд æлвисын хъуыдис зæнгæйттæн. Астæуккаг æлвыст та хъæуы къуымбилæй уæлæдарæс æмæ цъындатæ бийынæн, лыстæг æлвисын та — тынтæ уафынæн.

Фæлæ ма ис тынг лыстæг æлвыст дæр, кæлмæрзæнтæ бийынæн. Кæлмæрзæнтæ фæбийынц тинтычъийæ. Фæлмæнхъуын кæлмæрзæн сæгъы хъуынæй. Ахæм хъуын æлвыстимæ фæтухынц, иу таг лыстæг хуыйæн æндах æмæ иу таг та пуховкæйæ æлвыстæй. Уæд вæййы хорз, кæннод тынг уайаг у. Æндæр исты дзаумæттæ дæ куы хъæуа, уæд та йæ æлвисын хъæуы ставддæр æмæ йæ тухын хъæуы дыууæ тагы иумæ. Фæлæ та уæддæр æндахимæ тыхт куы уа, уæд хуыздæр у, фылдæр лæууы.

Тинтычъи къусы æлвисæн æлхуыйыл у æнцондæр æлвисæн. Фарсыл æлвисгæйæ, скъуыйаг у йе ’ндах, уымæн æмæ йæ уæдæртт дæр уæззау у.

Æлвыстытæ тухгæ-тухын куы аскъуыйой, уæд цы æлвыст аскъуыйа, уый балхынцъ кæнын фæхъæуы фæстæмæ скъуыд кæрæтты. Скъуыд кæрæттæй иу кæрон иуырдæм, иннæ кæрон та иннæрдæм æмæ сæ афтæмæй райдай фæстæмæ тухын. Фæлæ йæ æгæр цъуппытыл куы балхынцъ кæнай, куырм æлхынцъ, уæд цъындабыды æмæ тынуафты дæр æвзæр разыны.

Уæдæ æлвыст у, къуымбил куы бапирай, фатдзæгъдæнæй йæ куы схæццæ кæнай æмæ йæ куы æлвисай, пирæнгæмттæй, уæд уый.

Къуымбилы цонг æлвисгæ-’лвисын куы аскъуыйа, уæд æй баиу кæнын фæхъæуы къуымбилæн йæхицæй. Æлвыст цæмæй ма аскъуыйа, уый тыххæй йæ æмхуызон хъæуы æлвисын. Стæй æлвыст цæмæй æмхуызон уа, уый тыххæй йæ аразын хъæуы, къуымбилыл кæм хæцыс, уыцы къухы хилтæй. Къуымбил къухы хилтæй æгæр куы фелхъивай, уæд æлвысты хал æвиппайды фæлыстæг вæййы æмæ аскъуыйы тæбыны хал (æлвысты хал). Фæлæ къуымбилæй æлвысты халмæ æмхуызон куы уадзай, уæд æлвыст рацæуы æмхуызон.

Иу таг сæхъисæй лыстæг æлвыст æмæ иу таг та къуымбилæй ставддæр æлвыст иумæ куы стухай (къуымбилæй), уæд уыцы дзаума вæййы рæсугъд, уымæн æмæ къуымбилæй тæбын ис мидæгæй, сæхъисæй хъуынтæ та фæлæууынц раст æддæмæ. Æрмæст сæхъис тагъд уайы æмæ йæ тагъд-тагъд æхсын нæ хъæуы. Бийын та йæ хъæуы уæгъд цæстæй.

Сæхъисæн ис ставд æлвисæн дæр, цæмæн дæ хъæуы, уымæ гæсгæ. Сæхъисы æлвыст иу тагæй æхснудæн нæй, уæд фæстæмæ хæлгæ кæны æмæ аскъуыйы йæ хал. Æхснудæн ис дыууæ кæнæ æртæ тагæй.

Къуыбылæйттæ куы стухæм, уæд сæ уый фæстæ та фæхъæуы æхснудын, ома, кæрæдзийыл тухын. Æхсныст тæбынæй цы сбийай, уый лæууы фылдæр.

Къусы æлвыст цы ирон сылгоймæгтæ кæнынц, уыдон æхснудгæ дæр къусы кæнынц, фæлæ уый зындæр куыст у, уымæн æмæ йæ фылдæр раскъуын-баскъуын фæхъæуы тæбыны. Стыр къуыбылой куы æхснудай, уæд æй æхснудын хъæуы дзарайыл. Раздæр, стæм ирон хæдзарæй дарддæр, алкæмæн дæр уыдис æхснудæн дзара. Фæлæ куыд фæстагмæ сæфын райдыдтой дзара æмæ тынуафæн мигæнæнтæ дæр. Æрмæст ма æлхуыйтæ æмæ уæдæрттытæ фенæн ис стæм хæдзары, уый дæр ацæргæ сылгоймæгтæм. Афтæмæй та фæсмæй конд дзаума у хъармдæр æмæ æнæниздæр.




#Article 128: Заменгоф, Лазарь Марчы фырт (149 words)


Людвик Лазарь Заменгоф () (йæ уæрæсейаг гæххæттытæм гæсгæ Лазарь Маркович Заменгоф) уыд, æвзаг эсперанто чи æрымысыдис, уыцы лæг. Уый райгуырдис 1859-æм азы 15 декабры сахар Белосточы (ныр Польшæйы), амардис та 1917-æм азы 14 апрелы Варшавæйы. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ уыд цæстыты дохтыр.

Лазары фыд куыста куыд немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг, фæстæдæр уыимæ ма цензорæй: цензурæ кодта немыцаг æвзагыл æмæ та дзуттаг æвзæгтыл (идиш æмæ иврит) цæуæг периодикон мыхуыр. Йæ сабибонтæй Лазарь Заменгоф зыдта цалдæр æвзаджы, йæ мысинæгтæм гæсгæ йæ сæйраг æвзаг уыдис уырыссаг, фæстæдæр фылдæр польшæйагау дзурын байдыдта, йæ цотимæ дæр.

Гимназы фæстæ Лазарь ахуыр кодта Мæскуыйы (1879-1881) æмæ Варшавæйы (1881-1885), сси цæстыты дохтыр.

Йæ æрымыст æвзаджы афæлгæст рацыдис 1887-æм азы сæрды уырыссаг æвзагыл, уыцы чиныдж сæргонд уыдис «Доктор Эсперанто. Æхсæнадæмон æвзаг. Раздзырд æмæ ахуыры чиныг æххæстæй» (). Уыцы рауагъды фæстæ уыдысты польшæйаг, францаг æмæ немыцаг рауæгъдтытæ. Заменгофы фæсномыг «эсперанто» тагъд рæстæджы сси, уый цы æвзаг сарæзта, уымæн йæ ног ном.




#Article 129: Зилгæ (412 words)


Зилгæ у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы ирон хъæу.

Зилгæйы цæрынц пысылмон диныл хæст адæм. Хъæуы ис, 2007-æм азы 100 азы кæуыл сæххæст ис, ахæм мæзджыт.

Ирыстоны быдираг хъæутæй Зилгæ у сæ хистæртæй иу. Æххæст ыл кæны 200 азы.

XIX æнусы райдиан Уæрæсейы паддзах Алыксандр Фыццæгæмы бардзырдмæ гæсгæ Арвыкомы фæндаг аразын куы райдыдтой, уæд сæ Тæгиатæ тынг хъыгдардтой, æмæ уæд хохаг хъæуты — кæм лæгдыхæй, кæм зæрдæлхæнæн лæвæртты руаджы — цæрджыты æрвитын райдыдтой быдырмæ.

Уыдонæй уыдысты зындгонд æлдæрттæ Дудараты Мырзабеджы фырттæ Мæхæмæт æмæ Ахмæт. Цæмæй Ларсæй быдырмæ рацыдаиккой, уый тыххæй Мæхæмæтæн радтой æфсады капитаны цин æмæ цалынмæ цæра, уæдмæ алы аз дæр пенси, Ахмæтæн та чысыл фæстæдæр — майоры цин.

Ларсаг Дударатæн æрцæрæны бынат бацамыдтой Теркæй Хуымæллæджы доны æхсæн Елизаветинсчы фидармæ хæстæг хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтимæ. Ам æлдæрттæ æрцардысты фæрссаг лæгтæ æмæ кæвдæсæрдтæ — æппæт 42 хæдзары.

Фыццаг æрцæрджытимæ уыдысты Бзарты Темырыхъо æмæ Азо, Дзæрæхохты Умар, Борыхъуаты Бибо, Дзусаты Сысло, Азиаты Хъæрæби, Гæбæгкаты Зауырбег, Козырты Цицил, Дзусаты Ебо, Борыхъуаты Вартак, Æлбегаты, Мæрзойты, Гуыдиаты, Хъесаты, Дзуццаты, Милдзыхты, Гæрдиаты бинонтæ. Ам кæмæн цас йæ бон уыд, уыйбæрц зыххытæ куыста. Зæгъæм, æрмæст Дударатæ сæхи бакодтой 3862 дæсæтины. Фæлæ сæ 1844-æм азы паддзахы хицауады минæвæрттæ æрбацыбыр кодтой. Дударатæм баззад 1500 дæсæтины, иннæтæн та радтой фæйнæ 25 дæсæтины иу нæлгоймагæн. 

Афæдзы фæстæ Бæлтайæ ралыгъдысты поручик Дудараты Габис йæ кæвдæсæрдтимæ æмæ æрбынат кодтой Хуымæллæджы доны галиу был. Ам ма æрцардысты йæ дæлбар зæхкусджытæ – Забеты, Гудиаты, Таймазты, Гæриаты, Дауыраты, Кесаты бинонтæ. Сæ цæрæнран схуыдтой Габисово — Гæбисы хъæу.

Арæх фæфæрсынц, кæм уыд Елизаветинсчы фидар, цы уыд йæ гарнизоны бæрны? Мæнæ цы дзуапп дæтты ацы фарстацæн газет «Знамя коммунизмæ»-йы 21.09.71 азы номыры Хетæгкаты Къостайы номыл университеты историйы кафедрæйы ассистент Берозты Б.:

Фыццаг заман дæр фæндаггæттæ, хъæутæ уыдысты тæссаг уавæры. Абырджытæ, давджытæ, лæгмартæ никæуыл ауæрстой. Фæлæ уæддæр быдыры хъæутæ, сæ цæрджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодтой. 1850-æм азы Габисы хъæуы цардис 48 хæдзары, Тасолтаны хъæуы та 56.

Цæмæй зæхкусджытæ сæ фæдыл рацæуой, уый тыххæй сын алы хорздзинæдтæй зæрдæ æвæрдтой. Æмæ æцæгдæр, райдианты адæм уæгъд уыдысты алыхуызон хъалонтæ æмæ бегаратæй. Фæлæ 1825-æм азы Гæбис æмæ Тасолтаны хъæуты цæрджытæ алы хæдзар дæр афæдз æлдарæн хъуамæ фыстаид иу æвзист сом, фыс, хосы уæрдон, иу бон изæрмæ хуым кодтаид, хос карстаид, æфснайдтаид. Ацы уавæры адæм æлдæрттимæ сбыцæу сты æмæ уæд 1855-æм азы æлдæрттæ ацыдысты Кæрдзынмæ, ардыгæй та рацыдысты фæрссаг лæгтæ, сæ фылдæр пысылмæттæ — Фидаратæ, Кодзыртæ, Итæзатæ, Болиатæ, Гусалтæ, Бедойтæ, Псхацъæтæ æмæ иннæтæ.

Цæмæй æлдæртты ном бынтон ферох уа, уый тыххæй уыцы аз (1855) дыууæ хъæуы баиу сты æмæ йæ схуыдтой Зилгæ — Хуымæллæгдоны къæдзтæ-мæдзтæ донвæдмæ гæсгæ.




#Article 130: Къозонты Мураз (336 words)


Къозонты Сандройы фырт Мураз (райгуырдис 1936-æм азы Ручъы) у Анголæйы (Африкæ) Бенгелы университеты профессор, зындгонд полиглот. 2006-æм азы уый уыдис Хуссар Ирыстоны, фембæлдис паддзахадон университеты студенттимæ æмæ сын радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй, Африкæйы йæ куысты хабæрттæ. 2008-æм азы дæр æрбацыдис йæ райгуырæн бæстæ бабæрæг кæнынмæ.

Къозоны-фырт райгуырдис Дзауы районы Ручъы хъæуы. 1954-æм азы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд фæлварæнтæ радта Сталиниры паддзахадон пединституты историон-филологион факультетмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Цалдæр азы ахуыргæнæгæй бакуыста йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы, кодта фæскомцæдисон куыст. Уый фæстæ ацыдис Къахетмæ æмæ уым сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг хæрз цыбыр æмгъуыдмæ, стæй та ацыдис Бакомæ æмæ уым та сахуыр кодта азербайджанаг æвзаг.

Фæстæдæр ахуыр кæнынмæ бацыдис аспирантурæмæ Цæгат Ирыстоны, бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Уый фæстæ редактор уыд ССР Цæдисы Зонæдты академийы журнал «Латинаг Америкæ»-йæн.

Уый бирæ азты дæргъы уацхæссæгæй фæкуыста Мыхуыры агентад «Новости»-йы (АПН). Ацы бынаты кусгæйæ уый арæх балцыты уыд дунейы алы бæстæты æмæ дзы мыхуырæн канд æрмæг не ’мбырд кодта, фæлæ ма прессæйæн дæр кодта анализ. Иу рæстæджы ма куыста тæлмацгæнæгæй Иугонд Нациты Организацийы (ООН). Тæлмац кодта испайнаг æвзагæй.

Къозоны-фырт у полиглот, зоны цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Анголæйы, Бенгелы университеты та бирæ азты дæргъы лекцитæ кæсы португайлаг æвзагыл. Ам ссис профессор дæр.

Африкæйы уæвгæйæ Къозонты Мураз йæ сæйраг куысты æмрæнхъ дзæвгар азты дæргъы ахуыр кодта Индийæ Африкæмæ Аланты истори æмæ дзы ссардта археологион æрмæджытæ, кæцытæ æвдисæн сты, алантæ ацы бынаты кæй уыдысты, уымæн. Уыцы темæйы фæдыл Мураз ныффыста 12 иртасæн куысты æмæ дзы сæ иу мыхуыр уыд газет «Южная Осетия»-йы 2004-æм азы.

Муразæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ цы фембæлд уыд, уым уый æрдзырдта ацы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ йæ уарзондзинады тыххæй, уымæн æмæ йæхæдæг дæр ахуыр кодта ам. Радзырдта ма ирон адæмы ивгъуыд æмæ абоны историйыл. Лæмбынæг ныхас кодта, æвзæгты куыд ахуыр кæны, уыцы методикæйыл, ома, куы дæ фæнда æвзæгтæ ахуыр кæнын, уæд æй цыбыр рæстæгмæ дæр сахуыр кæндзынæ æмæ студенттæн ацы хъуыддаджы бацамыдта йæ фæлтæрддзинад. Афтæ ма радзырдта Африкæйы аланты фыдæлты фæдтæ куыд агуырдта, уыцы куыстыты тыххæй.

Уый ма фæнд кæны Тибетмæ ацæуын, уымæн æмæ лæмбынæг ахуыр кæны теологи.




#Article 131: Гасситы Знауыр (110 words)


Гасситы Знауыр (райгуырдис 1925-æм азы 17 мартъийы Цхинвалы) уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар (2004-2009).

Гасситы Знауыр райгуырдис Цхинвалы, революционер Гасситы Никъалайы бинонты ’хсæн; йæ сывæллоны бонтæ арвыста Мæскуыйы, суанг ма скъолайы дæр уым ахуыр кæнын райдыдта. 1935-æм азы йæ бинонтæ раздæхтысты Цхинвалмæ. 2-æм астæуккаг скъола каст фæцис 1942-æм азы. Ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты, райста дзы физикæ æмæ математикæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, 1942-æм азæй 1944 азы онг службæ кодта æфсады.

Фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты, 1991-æм азы куыста Хуссар Ирыстоны мелиорацийы управленийы сæргълæууæгæй. Уыцы аз æй равзæрстой партийы облæстон комитеты фыццаг секретарæй, уыимæ разамынд лæвæрдта облæсты Сæйраг Советæн. Уыдис уыцы советы фыццаг æмæ дыккаг æрсидты депутат.




#Article 132: Бестауты Гиуæрги (380 words)


Бестауты Гиглайы фырт Гиуæрги (райгуырдис 1932-æм азы 5 майы, Годжитыхъæуы — амардис 1978-æм азы 30 июлы, Цхинвалы) уыдис ирон поэт, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг.

Бестауты Гиуæрги райгуырдиc Хуссар Ирыстоны, Годжитыхъæуы. Йæ фыд Гигла æмæ йæ мад Уалион Маруса уыдысты мæгуыр хохаг зæхкусджытæ. Гиуæргийы райгуырæн хъæу ис рæсугъд ран хæхты бæстастæу: Кавказы бæрзонд хæхтæй — дард, зæххæй хъæздыг быдыртæ кæм ныззылдысты дæрттыл, уырдæм та — æввахс. Ныллæг, фæлæ райдзаст хæхтæ, хъæдæй бæзджын æхгæд хæхтæ. Хъæуы фарсмæ — хуымы гæппæлтæ, фæлæ — хæрз чысыл. Хъæуы сæрмæ — кæрдæгджын фæтæн, фос дарыны фадат уырдыгæй цыд хъæуы адæммæ. Фæлæ уыцы фадат дæр цард нывыл саразыны фаг нæ уыд. Æмæ Годжиты хъæуæй радыгай лыгъдысты йæ цæрджытæ цардагур. Афтæмæй абон бынтондæр сафтид.

Гиуæрги йæ сабийы бонтæ ам арвыста. Скъолайы къæсæрæй дæр ам бахызтиc, фæлæ стæй йæ ныййарджытæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Цхинвалы сахармæ æввахс иу гуырдзиаг хъæуы. Лæппу нæ зыдта нæдæр уырыссагау, нæдæр гуырдзиагау, ирон скъола та уæд нал уыди сахары нæ, фæлæ хъæуы дæр. Уырыссаг скъолатæм æй нæ айстой, фæлæ тыхæй-фыдæй, зондджын директоры ахъазæй, Гиуæргийы бафæлварыны хуызы айстой гуырдзиаг скъоламæ, кæд иунæг скъола уыд Цхинвалы, кæд гуырдзиаг сабитæн дæр нæ фаг кодта, уæддæр. Зæрдæргъæвд лæппу нæ фæмæнг кодта ахуыргæнджыты ныфс æмæ афæдзы кæронмæ сси раззаг ахуырдзау. Ацы скъола фæци каст Гиуæрги 1952-æм азы сыгъзæрин майданимæ.

Уыцы аз Гиуæрги бацыд Тбилисы паддзахадон университетмæ, журналистикæйы факулътетмæ. Ам дæр уыди раззаг студентыл нымад, стæй разынд курдиатджын стихфыссæг, гуырдзиаг æвзагыл. Гиуæрги уæдмæ афтæ хорз сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг, æмæ, дам, Георгий Леонидзе, номдзыд гуырдзиаг поэт, сæ литературон фæсивæдæн иу æмбырды загъта: поэт суæвын уæ кæй фæнды, уый гуырдзиаг æвзаг хъуамæ зона мæнæ ацы ирон лæппуйау!..

Куыста журнал «Фидиуæджы» редакцийы поэзийы сæргълæууæгæй, стæй та бæрнон нымæрдарæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы сæйраг редакторæй.

Гиуæрги ирон литературæмæ æрбацыдис 1954-æм азы. Уыцы аз журнал «Фидиуæджы» августы номыры фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ: «Орденджын фыййау» æмæ «Тæрккъæвда».

Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Уадтымыгъ» рацыдис 1958-æм азы Цхинвалы. Уый фæстæ ма рауагъта цалдæр поэтикон æмбырдгонды. Иæ уацмыстæ йын æртæ томæй (æмдзæвгæтæ, кадджытæ, тæлмацтæ, литературон-критикон уацтæ, публицистикæ) бацæттæ кодта Джусойты Нафи, рацыдысты 2003–2004 азты Дзæуджыхъæуы.

Поэт Хъодзаты Æхсар Бестауы-фырты сфæлдыстады тыххæй ныффыста афтæ:

Бестауы-фырт уыдис дæсны тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ ивта советон фысджыты уацмыстæ. Уæлдай арæхсджынæй тæлмац кодта гуырдзиаг поэтты æмдзæвгæтæ. Йæ царды хуыздæр азтæ схардз кодта Руставелийы «Стайыцармдарæг» ирон æвзагмæ раивыныл. Ацы куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыдис Мачабелийы номыл Гуырдзыстоны паддзахадон преми.




#Article 133: Гæззаты Лади (1186 words)


Гæззаты Александры фырт Лади (Джермугъ) райгуырдис 1895 азы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты æнахуыргонд зæхкусджытæ, фæлæ бамбæрстой, ахуырдзинад царды фæндаг рухс кæй кæны, уый æмæ сæ лæппуйæн арæзтой ахуыркæныны æппæт фадæттæ дæр.

Уæдмæ Хъорнисы хъæуы уыдис райдиан скъола. Лади уырдæм бацыд ахуыр кæнынмæ. Ам фæбæрæг ис, лæппу ахуырмæ иттæг рæвдз кæй у, уый æмæ йæ каст куы фæцис, уæд æй йæ ныййарджытæ акодтой Гуры гимназмæ. Уæдмæ революцийы тæфаг тынгæй тынгдæр хъарын байдыдта фæсивæды зæрдæтæм. Уыцы уылæнтæ æрбанхъæвзтой Гуры гимназмæ дæр æмæ сæ зæрдæргъæвд лæппу йæ зæрдæмæ арф айста. Хъуыды æмæ сыл уынаффæ кодта, кæуыл æууæндыд, уыцы ахуырдзаутимæ. 1917 азы ахуыр кодта Харьковы. Революцион змæлд сусæг-æргомæй активон æгъдауæй куы райтынг ис, уæд ирон хъæбатыр лæппу партизанты къордмæ бацыд æмæ тох кодта паддзахы хицауады ныхмæ.

Хъуыддæгтæ Лади æмæ йе ’мтохгæнджыты фæндиаг кæм ацыдаиккой нырма æмæ йын нал уыдис ахуыры фадат: æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ ам дарддæр кодта йæ революцион куыст. Уæдмæ Ирыстоны сырæзт Националон совет, Лади уыдис ацы советы уæнг æмæ йæ активондæр архайджытæй иу. 1920-æм азы Ручъы расидт æрцыд Советон хицауад, Гæззайы фырт баиу ис революцийы сæрыл тохгæнджытимæ. Растадонты тох нæ фæрæстмæ ис, меньшевиктæ сыл фæуæлахиз сты æмæ сæ Кавказы хæхты фæстæ фæкодтой, фæлæ сæ тох ууыл нæ ныууагътой: сарæзтой революцион комитет æмæ Лади æвзæрст æрцыд ацы комитеты уæнгæй. Фæстæдæр, Цæгат Ирыстоны лигъдæттæ куы сбирæ сты, уæд сын хъуыд æххуыс кæнын: сарæзтой лигъдæтты æрбæстон кæныны къамис æмæ Лади дæр уыд уыцы къамисы сконды. Уыцы рæстæджы Бакойы уагъд цыдис Хурскæсæн бæстæты адæмты фыццаг съезд. Ладийы арвыстой уырдæм делегатæй. Куы ’рыздæхт, уæд та Ирыстоны фæсивæдимæ гæрзифтонгæй ацыдис Бургъустанмæ инæлар Хвостиковы урс бандæтимæ тохмæ.

Лади цардмæ, уавæртæм каст, адæмæн кæм тынгдæр хъæуы балæггад кæнын, цæмæй тынгдæр тыхсынц æмæ сæ йæ сæр кæм куыд зæрдиагдæрæй хъæуы, ахæм цæстæй. Уыцы хæццæ, змæст, тыхст уавæрты адæмæн сæ æнæниздзинад тынг фæцудыдта, хъуыдис сæ медицинон æххуыс, дохтыртæ, медицинон кусджытæ та тынг стæм уыдысты Ирыстоны. Уый бахынцыдта æмæ 1927 азы ацыдис Мæскуымæ, каст фæцис мединститут æмæ уæдæй фæстæмæ куыста Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы дохтырæй. 1940 азы йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Хæсты рæстæджы, суанг 1946 азмæ куыста полчы дохтырæй. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта медицинон ахуыргæнæндоны директорæй.

Аивадон уацмыстæ раджы райдыдта фыссын Лади. Фыста радзырдтæ, публицистон уацтæ, мыхуыр сæ кодта, Джермугъ, зæгъгæ, ахæм фæсномыгимæ периодикон органты. Уæды рæстæджы ирон мыхуырмæ йæ хъус чи дардта, уыдон æхсызгонæй кастысты Ладийы фыст радзырдтæ «Уæйгуыты къæдзæх», «Трибун», «Пехуымпар», «Зикъара», «Зымæгон райсом», «Фæдзæхст» æмæ æндæртæ.

Гæззайы фыртæн йæ оригиналон уацмыстæй къаддæр ахсджиаг нæ уыдысты ирон чиныгкæсæгæн йæ тæлмæцтæ. Уый ирон чиныгкæсджыты тæрхонмæ тынг аив тæлмацæй рахаста уырыссаг адæмон сфæлдыстады иууыл ахсджиагдæр уацмыстæй иу — «Игоры стæры хабар». Æмæ йæ канд ивгæ нæ ракодта, фæлæ ма йын сарæзта комментаритæ, дзырдуат скодта зынæмбарæн рагон дзырдтæн æмæ йæ афтæмæй мыхуырæй рауагъта 1947 азы. Ирон æвзагмæ ма раивта Гоголы «Тарас Бульба», Горькийы роман «Мад», Лермонтовы, Икскулы æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ.

Лади стыр аргъ кодта ирон адæмон сфæлдыстадæн, уымæн æмæ уый у ирон адæмæн сæ истори дæр, сæ аивад дæр æмæ алцы дæр. Зæрдиагæй куыста ирон адæмон сфæлдыстад зонадон æгъдауæй раиртасыныл. Дзæвгар зонадон уацтæ ныффыста Нарты эпосы фæдыл.

Ладийы æрмдзæф бæрæгæй зыны ирон литературæйы, никæимæ хæццæ кæны. Афтæ нæм кæсы æмæ уый, фыссæг цы уыд, уымæй фылдæр уыдис нывгæнæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы фыссæг дæр, кæд ын фыссæджы курдиат æрдзæй лæвæрд у, уæд хъуамæ нывгæнæг уа, хъуамæ ныв кæна дзырдтæй. Фæлæ Ладийы нывкæнынад бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны. Арæхстджын, курдиатджын нывгæнæг йæ цъылынæг кæддагыл иу сæрфт куы ракæны, уæд дзы аззайы, фæрсæрдыгæй йæм бакæсæг дзæбæх кæй фена, кæй рахата, ахæм нывтæ, ахæм сурæттæ. Афтæ у Гæззайы фырты цъылынæг-фыссæн сисы «расæрфт» дæр. Уыцы иу расæрфтæй дзы ахæм фæлгæнцтæ аззайы, æмæ чиныгкæсæджы цæстытæй рахицæн кынын нал фæкомынц. Уый иууыл ирддæрæй зыны йæ радзырд-дзырдтæй конд ныв «Уæйгуыты къæдзæх»-ы. Ам алы гыццыл æви стыр хъуыды дæр у хицæн ныв. Кæсыс æмæ дæм «кæддагæй» куы разындзæнис тугхъулон хæсты быдыр, æниу хæст быдыры нæ, фæлæ хæхты цъассы, къæдзæхты саггæмтты цæуы, фæлæ авторы арæхстдзинадæй уыцы хæхты скъуыдтæ хатт «кæддагыл» разынынц ирд арвы цъæхы хуызæн сыгъдæгæй, быдырæнгасæй. Ацы диссаджы кæддагыл куы фæзыны, карз тохы чи бацыд, ахæм хæстонтæ, куы лидзæг тыхст адæймаг, куы сурæг фыдзæрдæ сырд лæджы сурæты. Æмæ æппæт уыцы нывтæ-сурæттæ куы æрбаиу вæййынц, уæд дзы рауайы «Уæйгуыты къæдзæх».

Сæ хæцæн бынат мæнæ цы хуызæн ныв кæны автор: «Алы къуыпп, дзыхъ æмæ къæдзæх-дурæй сарæзтам фидар хæцæн, æмæ фæлтæргай æхсæм».

Знаджы змæлд-архайд мæнæ цы хуызæн цæстуынгæйæ ныв кæны автор:

Ацы ныв кæсгæйæ, цыма тæппæй тæппмæ уынæм знаджы змæлд, афтæ нæм зыны æмæ йæ уындæй зæрдæ риссы.

Къорды раздзог Цъæхилæн йæ нæмгуытæ куы фесты æмæ йын топп куы ницыуал æфтиаг уыд, уæд æй ныззыввытт ласта, фæлæ автор уый нæ зæгъы: мах æй цæстæй куыд уынæм, афтæ нын æй ныв кæны: дардыл фæхаста йæ цонг æмæ… 

Афтæ фыст у радзырд сæрæй кæронмæ: фыст у нывтæй, дзырдтæй конд нывтæй.

Ахæм уагыл фыст у радзырд «Пехуымпар» дæр. Сидзæр сабийы мад у æлдары бонгусæг, саби та… «Ничи йын уызта йæ авдæн æмæ йын авдæны зарæг хъæлдзæг никуы кодта йæ зæрдæ». Уæддæр байрæзт саби æмæ йæхæдæг дæр ссис æлдары кусæг, æлдары хæринаджы уæлдæйттæ йæ хæлц кæмæн сты, йæ уæлæдарæсы бызгъуыртæ та йæ уæлæ-дарæс йæ куысты мыздмæ, ахæм уæлыгæс. Фæлæ ацы хабæрттæ, радзырдфыссæгæй куыд домдæуы, афтæ фыст не сты, фæлæ хицæн гæппæлтæй нывгонд. Æмæ уымæй уацмыс ноджы тынгдæр хъары зæрдæмæ. Чиныгкæсæг цыма чиныджы нæ кæсы хабæртты, фæлæ сæм йæхæдæг йæхи цæстæй кæсы, афтæ æнкъары йæхи æмæ йæ зæрдæ тынгдæр риссы пехуымпар сабилæппуйы æнæзæрдæмæдзæугæ хъысмæтæй.

Афтæ нывфæлыст фыст у радзырд «Уазæг» дæр. Æцæг ам сюжетон хаххы бæрджытæ фæзынд, фæлæ Лади бынтон йæ къух нæ систа йæ дзырд-тæй аив нывгæнæджы æрмдзæфыл æмæ ныв кæны, Дæргъæфсы Цæгат Ламардоны былгæрон хъæуы Туцаты Зауыры хæдзары цытæ цæуы, уый. (Уацмыс фыст у Икскулы роман «Тыбайы Уацилламæ» гæсгæ). Хæдзары сты Зауыры зæронд куырм ус æмæ чызг Зали. Фæуазæг сæм ис æхсæвыгон, сæ хæдзар сын йæ фæндыры аив цагъдæй чи бахæдзаргъуыз кодта, уыцы зындгонд абырæг Уырысхан. Уæдæй фæстæмæ Уырысхан æмæ Залийы æхсæн цы æнæфæцудгæ уарзондзинад равдылд, уый автор ныв кæны бауырнинаг æмæ зæрдæмæхъаргæ нывтæй, фæлгæндзтæй.

Æрдзы рæсугъддзинад, æрдзы фидыц адæймаджы æнкъарæнтæ уæлвонг æмвæзадмæ куыд исынц, ууыл фыст у радзырд «Уалдзæг æрæввахс». Хадыр æдзух къæдзæхтыл куыд хилы, къуылдымтыл, рæгътыл куыд зилы, алы кæрдæджы халыл, алы бæласы къалиуыл куыд цин кæны, уый йын адæм нымайынц «цъиуты сайдыл», фæлæ сæ Хадыр ницæмæ дары. Уымæн æрдз схай кодта, йæ алыварс цы рæзы, цы зайы, уалдзæджы æрбалæудыл алы зайæг хал куыд цин кæны, ууыл райын, ууыл цингæнаг зæрдæ æмæ дзы райгонд, буц у. Ацы радзырдæй бæрæг у, автор йæхæдæг дæр æрдзмæ тынг хъарм зæрдæ кæй дардта.

Радзырд ныффыссын мондаджы фыст кæй нæу, фæлæ йæ уалдзæджы æрцыдыл йæ цингæнаг æнкъарæнтæ кæй баразæнгард кодтой ахæм дзæбæх аив фæлыст уацмыс ныффыссынмæ, уый дызæрдыггаг нæу.

Афтæ аив, сурæтвæлыст фыст сты, Гæззаты Ладийæн цы цъус уацмыстæ ныффыссын бантыст, уыдон. Цъус та йын, æвæццæгæн, уымæн бантыст æмæ æдзух уыдис царды гуылфæны, цард фылдæр хъару, фылдæр рæстæг кæм домдта, ахæм ран. Аивадон уацмыс фысгæйæ та Лади йæхицæй цас домдта, куыд лæмбынæг куыста алы чысыл ныв скæныныл дæр, уымæй бирæ ныффыссæн нæй. Стæй фыссæджы сфæлдыстадон æнтыстæн нæдæр уæзæй ис барæн, нæдæр дæргъ æмæ уæрхæй. Фыссæджы æнтыст баст у йæ уацмысты аивадон арф бавнæлдæй, се ’нкъарæнджын мидисы зæрдæмæхъаргæ хъомысæй. Уыдæттæй та Ладимæ лаз æрхæссын никæцы чиныгкæсæджы бон бауыдзæн.

Гæззаты Лади, 67 азы йыл цыдис, афтæмæй амардис 1962 азы.




#Article 134: Че Гевара, Эрнесто (4382 words)


Эрнесто Че Гевара (, æххæст ном Эрнесто Гевара, ; 1928 азы 14 июны, Росарио, Аргентинæ — 1967 азы 9 октябры, Ла-Игерæ‎, Боливи) уыдис Латинаг Америкæйы революционер, команданте, 1959-æм азы Кубæйы революцийы архайæг. Латинаг Америкæйы йеддæмæ ма архайдта Республикæ Конгойы. Фæсномыг Че йын радтой кубæйаг растджытæ, уымæн æмæ аргентинæгты ’хсæн ацы æвастхъæр у тынг популярон, æрбахаудис сæм индейæгтæй гуарани, æмæ йæ интонаци æмæ контекстмæ гæсгæ, фæбæрæг кæны куы иу, куы иннæ зæгъинаг. Арæхдæр уый амоны æмбал, æрдхорд.

Эрнесто Гевара райгуырдис 1928-æм азы 14 июны аргентинаг сахар Росариойы, ирландиаг уидæгтæ кæмæн уыдис, уыцы архитектор Эрнесто Гевара Линчы (1900—1987) бинонты ’хсæн. Йæ мады, доньйæ Селийæ де ла Серна ла Льосайы (1908—1965), ’рдыгæй Че Геварамæ уыдис испайнаг уидæгтæ. Йæ мадæн  дард бавæйгæ уыд инæлар Хосе де ла Серна-э-Инохоса. Йæ рæстæджы уыцы инæлар Испанийæн Латинаг Америкæйы  цы цыппар вице-къаролæдтæ уыдис, уыдонæй тæккæ чысылдæрæн — Перуйæн, æвæрд æрцыдис вице-къаролæй. Селийæ йæ хæстæджытæй бын райста провинци Мисьонесы мате-йы («парагвайаг цай») плантаци. Кусджыты уавæр фæхуыздæргæнгæйæ — уыимæ сын æхцайæ райдайгæйæ фидын, Чейы фыд смæстджын кодта сыхаг плантаторты, æмæ сæ бинонтæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ Росариомæ алыгъдысты, уыцы рæстæг Аргентинæйы дыккаг дынджырдæр сахармæ. Уым байгом кодтой йерба-мате цай аразыны фабрикæ. Уыцы сахары сын райгуырд фырт Эрнесто. Дунеон экономикон кризисы тыххæй сæ бинонтæ цасдæр рæстæджы фæстæ раздæхтысты Мисьонесмæ, сæ плантацимæ.

Эрнесто йеддæмæ, уыйы гыццылæй хуыдтой Тэтэ (тæлмацæй «хъыбыл»), хæдзары ма уыд цыппар сывæллоны: Селийæ (сси архитектор), Роберто (адвокат), Анна Марийæ (архитектор), Хуан Мартин (проектгæнæг). Æппæт сывæллæттæ дæр райстой уæлдæр ахуырад.

Дыууæаздзыдæй, 1930-æм азы 2 майы Тэтэйыл сæмбæлд фыццаг æхгæдриуы фæтынг — ацы низ йæ хъыгдæрдта æнæхъæн царды дæргъы. Сывæллоны æнæниздзинад цæмæй фæхуыздæр уа, уый тыххæй бинонтæ афтыдысты провинци Кордовæмæ, уымæн æмæ дзы ацы низы ныхмæ æрæвæрын уыдис сыгъдæг хæххон уæлдæф. Сæ плантаци ауæйгæнгæйæ бинонтæ балхæдтой «Виллæ Нидийæ» Альта-Гарсияйы, денджызы æмвæзадæй дыууæ мин метры уæлдæр æвæрд раны. Фыд райдыдта кусын арæзтады подрядисæгæй, мад та йæ цæст дардта рынчын сывæллонмæ. Фыццаг дыууæ азы Чейæн йæ бон нæ уыд низы тыххæй скъоламæ цæуын æмæ ахуыр кодта хæдзары, алы бон дæр-иу æм уыди низы ныббырстытæ. Уый фæстæ каст фæци фæурæдтимæ (низы тыххæй) астæуккаг скъола Альтæ-Гарсияйы. Æртындæсаздзыдæй Эрнесто бацыд Деан-Фунесы номыл паддзахадон колледжмæ, æмæ йæ каст фæцис 1945 азы. Уый фæстæ бацыд Буэнос-Айресы университеты медицинон факультетмæ. Йæ фыд дон Эрнесто Гевара Линч 1969 азы февралы дзырдта:

Чейы мад æмæ фыды хæдзары уыдис цалдæр мин чиныгимæ библиотекæ. Цыппараздзыдæй Гевара йæ мад æмæ фыды хуызæн тынг фæцахуыр ис кæсыныл, æмæ йæ царды фæстаг бонтæм ацы зæрдæрард нæ ныууагъта. Лæппуйæ кастис алыхуызон чингуытæ: Сальгарийы, Жюль Верны, Дюмайы, Гюгойы, Джек Лондоны, фæстæдæр — Сервантесы, Анатоль Франсы, Лев Толстойы, Достоевскийы, Горькийы, Энгельсы, Ленины, Кропоткины, Бакунины, Карл Марксы, Фрейды. Бакастис уыцы рæстæджы Латинаг Америкæйы популярон чи уыдис, уыцы социалон романты авторты (Сирио Аллегри, Хорхе Икаса, Хосе Эустасио Ривера) чингуытæ, æвдыст дзы æрцыдис индейæгты æмæ кусджыты цард плантациты; аргентинаг авторты уацмыстæ — Хосе Эрнандесы, Сармьентойы æмæ æндæрты.

Æрыгон Эрнесто кастис францаг æвзагыл (йæ гыццылæй æй зыдта) Сартры философон куыстытæ («L’imagination», «Situations I» и «Situations II», «L’Être et le Nèant», «Baudlaire», «Qu’est-ce que la litèrature?», «L’imagie») æмæ сæ иртæста. Уарзта поэзи, йæхæдæг дæр фыста æмдзæвгæтæ. Уарзта Бодлеры, Верлены, Гарсиа Лоркæйы, Антонио Мачадойы, Пабло Нерудайы æмдзæвгæтæ, йæ рæстæджы цæрæг поэт-республикайнаджы Леон Фелипейы фыстытæ. Йæ мæлæты фæстæ «Боливиаг боныджы» йеддæмæ йæ хызыны ссардæуыд къухфыст йæ уарзон æмдзæвгæтимæ. Фæстæдæр Кубæйы мыхуыры рацыд дыууæтомон  æмæ фарасттомон  æмбырдгæндтæ Че Геварайы фыстæджытæй. Тэтэ тыхджын уыдис дырыс зонæдты, фæлæ равзæрста дохтыры фæндаг. Хъазыдис къахпортийæ бынæттон спортивон клуб «Аталайя»-йы, уыдис дыккаг командæйы хъазæг (фыццаджы йæ бон нæ уыд архайын, уымæн æмæ йын æхгæдриуы тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыдис ингаляторæй пайда кæнын). Ноджы æнувыд уыд регбийыл, бæхылбадыны спортыл, уарзта гольф æмæ планеризм, уарзта велосипедыл цæуын (йæ мойаг Чиниинæйæн цы къамтæ балæвар кодта уыдонæй иуыл ныффыста: «Педалы паддзах».

Йæ лæппуйы рæстæджы Чейы уарзон уыдис Чинчинæ (тæлмацгондæй — «дзæнгæда»), Кордовæйы æппæты хъæздыгдæр зæххыхицауы чызг. Чинчинæйы хойы ныхæстæм, æмæ ма æндæр адæмы мысинæгтæм гæсгæ, Че йæ тынг уарзта, æмæ йæ хъавыдис ракурын. Хонгæ изæртæм-иу ’рбацыд зæронд, æвзæр конд дзаумæтты, æнæфастæй, уымæй тынг дих кодта хъæздыг мыггæгты байзæддæгтæй, кæдон дæр йæ уарзоны къух æмæ зæрдæмæ бацахсынмæ тырныдтой, стæй хицæн кодта уæды рæстæджы æрыгон аргентинаг лæппутæ цы фæткмæ гæсгæ дардтой уæлæдарæс, уыимæ дæр. Сæ æмахастдзинæдты бахъыгдардта Чейы фæндон йæ цард раттын хъотырæй рынчын хуссарамерикæгты дзæбæх кæнынæн, ацы хъуыддаджы хъуамæ ацыдаид Альберт Швейцеры фæндагыл, кæцыйы ном тынг бæрзонд æвæрд æрцыдис Эрнестомæ.

Испанийы мидхæст расайдта стыр æхсæнадон резонанс Аргентинæйы. Чейы ныййарджытæ лæггад кодтой Æххуысы комитæт республикон Испанийæн, сæ сыхаг æмæ æмбал та уыди премьер-министыр Негринайы (уыди ацы бынаты Республикæйы басасты бонмæ) хæдивæг Хуан Гонсалес Агильяр, кæцы ралыгъд Аргентинæмæ æмæ æрцард Альта-Гарсияйы. Сывæллæтæ ахуыр кодтой иу скъолайы, стæй колледжы Кордовайы. Чейы мад Селия алы бон сæ хæдтулгæйыл ласта сахармæ. Зындгонд республикон инæлар Хурадо, уазæгуаты уыд Гонсалестæм, арæх-иу уыди Чейы ныййарджыты хæдзары æмæ-иу дзырдта хæсты хабæртты тыххæй, франкистты æмæ немыцаг нацистты архайды тыххæй. Чейы фыдмæ афтæ касти, æмæ уыдон иууылдæр Эрнестойы хъуыдытыл тынг бандæвтой.

Дыккаг дунеон хæсты рæстæг, Аргентинæйы президент Хуан Перон дипломатон æмахастытæ дардта «Сæмæны бæстæтимæ». Чейы ныййарджытæ Перроны режимы ныхмæ арæзт уыдысты. Афтæ Селийæйы æрцахстой Пероны ныхмæ демонстрацийы куы рацыд Кордовæйы. Уый йеддæмæ ма йæ лæг дæр уыди уыцы къорды; сæ хæдзары арæзтой демонстрацитæн сайæн сармадзантæ. Дзæвгар фæныфсхастдæр сты республиконтæ, Советон Цæдис Сталинграды тохы фæуæлахиз, зæгъгæ, уый куы фехъуыстой, уæд.

Биохимийы дохтыр Альберто Гранадосимæ (æмбæлттæ йæ фæсномыгæй хуыдтой Миал), аст мæйы дæргъы 1952-æм азы февралæй — августмæ Эрнесто Гевара балцы æрзылди Латинаг Америкæйы бæстæтыл: Чилийыл, Перуйыл, Колумбийыл æмæ Венесуэлæйыл. Гранадос дзы æхсæз азы хистæр уыд. Рацæугæ уыди провинци Кордовæйы хуссары цы бынат Эрнандо и, уырдыгæй. Фæци фармацевтон факультет, архайдта хъотыр дзæбæх кæныны проблемæйыл. Университеты ма фæци æртæ азы, уый фæстæ йын лæвæрд æрцыд биохимийы докторы ном. 1945-æм азæй райдыдта кусын лепрозорийы, уымæй Кордовæмæ хъуыди 180 километры. 1941-æм азы базонгæ ис Эрнесто Гевараимæ, уæд йыл цыдис æртындæс азы, йæ ’фсымæр Томасы æруаджы — уыдис Эрнестойы æмкъласон колледж Деан-Фуансы. Арæх райдыдта цæуын Чейы ныййарджыты хæдзармæ, мæ сын сæ хъæздыг библиотекæйæ пайда кодта. Дыууæйæ дæр тынг уарзтой кæсын, стæй цы бакастысты, ууыл ныхас кæнын æмæ аятæмæй слымæн сты. Гранадос йе ’фсымæрттимæ арæх тезгъо кодтой хæхбæсты, Кордовæйы алфамбылай цы быннæттæ и, уым. Мусонгтæ-иу арæзтой гом арвы бын æмæ Чейы ныййарджытæ, хæххон уæлдæф йын феххуыс уыдзæн йæ æхгæдриуимæ тохы зæгъгæ, арæх уагътой Геварайы семæ.

Эрнесто медикон факультеты куы ахуыр кодта, уæд йæ бинонтæ дæр Буэнос-Айресы цардысты. Аллергийы иртасæн институты стажировкæ куы кодта, уæд æм йæ цæст дардта аргентинаг ахуыргонд дохтыр Писани. Уыцы рæстæг йæ бинонтæм æхца нæ фаг кодта, æмæ Эрнесто ахуыр кæныны уæлдай ма куыста библиотекæйы. Улæфыны рæстæг Кордовамæ ’рцæугæйæ-иу бабæрæг кодта Альберто Гранадойы лепрозорийы, æххуыс йын кодта фæлварæнтæ æвæрын, хъотыры ныхмæ ног методтæ рабæрæг кæныны охыл. Иу ахæмы куы ’рцыд 1951-æм азы сентябры, уæд йын Гранадос йæ хъуыды схъæр кодта, цæмæй иумæ Хуссар Амеркæйыл балцы ацæуой. Гранадосы фæндыди алыхуызон бæстæты лепрозорийтæ сбæрæг кæнын, сæ куыстимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæвын æмæ, гæнæн ис, чиныг ныффыссын. Эрнесто тынг цымыдисагæй сразы ис, фæлæ ракуырдта, цæмæй фæлæууой цалынмæ йæ радон экзаментæ фæуой, уæдмæ. Уыцы рæстæг фæстаг курсыл ахуыр кодта. Эрнестойы ныййарджытæ цæхгæрмæ не слæууыдысты, фæлæ домæн сæвæрдтой — цæмæй азæй фылдæр ма бафæстиат уа æмæ рауагъды экзаментæм æрыздæха.

Æхсæвиуат-иу бакодтой хъæды кæнæ быдыры, хæринагæн æхца куыстой æнæбары куыстытæй: æхсадтой хæрæндæтты къустæ æмæ мигæнæнтæ, дзæбæх кодтой зæхкусджыты, кæнæ иу фосы дохтыртæй дæр акуыстой, цалцæг кодтой радиоисæнтæ, куыстой уаргъæвæрджытæй, уаргъхæсджытæй кæнæ матростæй. Лепрозориты-иу куы уыдысты, уæд-иу уым сæ коллегæты фæхайджын кодтой сæ фæлтæрддзинадæй; уым-иу фæндагæй дæр бауылæфыдысты. Гевара æмæ Альберто Гранадо нæ тарстысты низы бахæцтæй, æмæ тигъ нæ кодтой сæхи хъотырæй рынчынтыл.

Мачу-Пикчуйæ араст сты хохаг хъæу Уамбомæ, фæндагыл бабæрæг кодтой перуйаг дохтыр-коммунист Уго Песчейы лепрозорий. Уый сæм хорз фæкасти, базонгæ сæ кодта хъотыр дзæбæх кæнынæн ног методтимæ, æмæ сын ныффыста рекомендателон фыстæг стыр лепрозориймæ сахар Сан-Паблойы цур, Перуйы провинци Лоретойы. Сахар Пукальпæйæ цæугæдон Укаялийыл сбадтысты науыл, æмæ бæлцæттæ араст сты порт Икитосмæ Амазонкæйы былтыл. Икитосы бафæстиат сты, Эрнестойы æхгæдриуы ныббырст куы æрцахста, уæд йæ госпитæлы цасдæр рæстæг бахуыссын бахъуыд, уымæ гæсгæ. Сан-Паблойы лепрозориймæ куы бахæццæ сты, уæд Гранадос æмæ Геварайыл тынг бацин кодтой, æмæ сæ æрбахуыдтой рынчынты дзæбæх кæнынмæ лепрозорийы лабораторимæ. Рынчынтæ, цæмæй бæлццæты лæггад истæмæй бафидой, уый тыххæй сын сарæзтой тъиуи (хъæдбаст), æмæ йæ схуыдтой «Мамбо-Танго» цæмæй йыл сæ фæндаджы радон бынатмæ, Амазонкæйыл колумбиаг порт Летисимæ ныххауой.

Альберто Гранадо баззади кусын Венесуэлæйы Каракасы лепрозорийы (мызд йын ныффидар кодта АИШ-ы доллæртæй 800), æмæ уым базонгæ йæ мойаг — Хулияимæ. Чейы иунæгæй хъуыди æрæздæхын Буэнос-Айресмæ. Æнæнхъæлæджы фембæлгæйæ йæ дард бавæййаг хæстæгимæ — бæхты уæйгæнæгимæ, Эрнесто хæдтæхæгыл атахт бæхты къордимæ Каракæсæй Майамимæ, уырдыгæй та хъуамæ Маракайбойы уылты æрыздæхтаид Буэнос-Айресмæ. Фæлæ Майамийы Че бафæстиат мæйы бæрц. Балхæдта Чинчинæйæн хызгонд къаба дæр, фæлæ йæхæдæг Майамийы цард æнæ ’хцайæ, йæ рæстæг æрвыста бынæттон библиотекæйы. 1952 азы августы Эрнесто аст мæйы фæстæ æрыздæхт Буэнос-Айресмæ. Ам йæхи райдыдта цæттæ кæнын фæлвæрæнтæм, стæй фыссын дипломон куыст аллергийы проблемæтыл. 1953-æм азы Гевара райста дохтыр-хирургы диплом дерматологийы. Æфсадмæ йæ нæ фæндыди, æмæ ихон доны ныббыргæйæ йæхимæ æхгæдриуы ныббырст расайдта, æмæ æфсадмæ нæбæзгæ адæймагыл нымад æрцыдис. Медикон ахуырады диплом йæ къухты, афтæмæй хъавыди Каракасы венесуэлаг лепрозориймæ йе ’мбал Гранандосмæ ацæуын, фæлæ цард куыд равдыста, афтæ йæ æрдхордимæ фембæлдзысты афтиддæр 1960 азы Кубæйы.

Эрнесто Венесуэлæмæ араст ис Боливийы сæйраг сахар Ла-Пасы уылты. Цы поездыл рацыд, уый хуынди «æхсыры конвой» (поезд уырæдта аллы ран æмæ-иу дзы фермертæ сывгæдтой се ’хсыры битæдтæ). 9 апрелы 1952 азы Боливийы æрцыд нымадæй 179-æм революци, йæ архайджытæ уыдысты æрзæткъахджытæ æмæ зæхкусджытæ. Цы парти фæуæлахиз ис, уый хуынд «Националон революционон змæлд», йæ сæргълæууæг та уыд президент Пас Эстенсоро. Уыдон снационализаци кодтой къалайы æрзæткъахæнтæ (бафыстой сæ раздæры хицæуттæн фæсарæйнаг компанитæн компенсацитæ), сарæзтой милицæ зæхкусджытæй æмæ æрзæткъахджытæй, бацархайдтой аграрон реформæйыл. Боливийы Че уыди индейæгты хæххон хъæуты, арзæткъхджыты цæрæнрæтты, æмбæлыди хицауады архайджытимæ. Куыста информаци æмæ культурæйы феткъдаруаты, æмæ аграрон реформæйы аразæн ведомствæйы. Бабæрæг кодта индейаг кувæндæтты хæлддзæгтæ Тиауанакуйы, фурд Титикакæйы былтыл, систа дуне къамтæ кувæндон «Хуры дуары»-ы, кæцыйы рагон цивилизацийы индейæгтæ куывтой хуры бардуаг Виракочемæ.

Ла-Пасы Эрнесто базонгæ ис адвокат Рикардо Рохойымæ, уый йæ хуыдта иумæ ацæуын Гватемалæмæ, фæлæ Че сразы и цæуын афтиддæр Колумбийы онг, уымæн æмæ йæ зæрдæйы нырма уыди Каракæсы лепрозориймæ бахауын. Рохо хæдтæхæгыл атахт Перуйы сейраг сахар Лимæмæ, Эрнесто та автобусыл йе ’мцæуæг — аргентинаг студент Карлос Ферерайымæ æрзылдысты Титикакæйы былтыл, æмæ æрхæццæ сты Перуйы сахар Кускомæ, ам Эрнесто йæ фыццаг балцы рæстæг нырид уыди. Арæнгæсты бауырæды фæстæ (байстой сын сæ чингуытæ Боливийы революцийы тыххæй) æрхæццæ сты Лимæмæ, кæм баиу сты Рохоимæ. Лимæйы фестиат кæнын уыди тæссаг политикон уавæрты тыххæй инæлар Одриайы сæргълæууды азты. Балцгæнджытæ — Рохо, Феррер æмæ Эрнесто автобусыл ацыдысты Сабыр фурды былтыл Эквадормæ, æмæ йæ арæнтæм бахæццæ сты 1953 азы 26 сентябры. Гуаякилы визæтæм бацыдысты Колумбийы минæвардонмæ, фæлæ сæ консул бацагуырдта хæдтæхæгмæ билеттæ сæм куыд уа Боготайы онг. Консулмæ тæссаг касти, æртæ фесарæйнаджы автобуцыл æнæхъæн бæстæйы уылты цыд, уымæн æмæ Колумбийы гыццыл раздæр æрцыд хæстон змæст, инæлар Рохас Пинилья баивта сæргълеууæг Лауреано Гомесы. Æмбæлттæм æхца нæ уыд хæдтæхæгыл тæхынмæ, æмæ бацыдысты бынæттон социалистон партийы архайæгмæ æмæ йын бавдыстой Сальвадор Альендейы рекомендацион фыстæг. Уый уылты самал кодтой лæвар билеттæ «Юнайтед фрут компани»-йы пароходмæ Гуаякилæй Панамæмæ.

Рохойы ныхæстæм хъусгæйæ, стæй мыхуыры цы уацтæ фæзындис АИШ-ы ныббырсты тыххæй Арбенсы ныхмæ, уыдон фенгæйæ, Эрнесто араст ис Гватемалæмæ. Арбенсы хицауад парламенты фæрцы закъон сфидар кодта, æмæ уыцы закъонмæ гæсгæ «Юнайтед фрут компани»-йыл чи куыста уыдонæн сæ мызд æрцыдис дыууæ хатты фылдæргонд. Зæххы хицæуттæй экспроприацигонд æрцыдис 554 мин гектары зæххытæ уыдонæй «Юнайтед фрут компани»-йы зæххытæ 160 мин гектары. Гуякилæй Эрнесто арвыста фыстæг Гранадомæ фыстæг: «Саби! Цæуын Гватемалæмæ. Уыйфæстæ дæм ныффысдзынæн.» Панамæйы Гевара æмæ Феррер ныффæстиат сты се ’хца фæуды тыххæй, Рохо дарддæр араст Гватемалæмæ. Гевара та ауæй кодта йæ чингуытæ æмæ бынæттон журналы ныффыста цалдæр уацы Мачу-Пикчуйы тыххæй æмæ Перуйы æндæр историон диссæгты тыххæй. Сан-Хосемæ (Коста-Рикæ) ацыд æмцæуæг уæзласæн хæдтулгæйыл, кæцы фæндагыл тропикон уарыны тыххæй сфæлдæхт, уый фæстæ Эрнесто иу цасдæр зынтæй архайдта йæ галиу къухæй. Сан-Хосемæ бахæццæ сты декабыры райдианты. Уым Эрнесто базонгæ и Венесуэлæйы парти «Демократон архайд» æмæ уыцы паддзахады фидæны сæргълæууæг Ромуло Бетанкуримæ, æмæ сæ хъуыдытæ разындысты бынтон фæйнæхуызон, æмæ ма базонгæ фыссæг Хуан Бошимæ Доминиканæйы Республикæйæ уый дæр фæстæдæр сси бæстæйы сæргълæууæг. Базонгæ ма ис уыцы ран кубæйæгтимæ — Батистайы ныхмæлæуджытимæ.

Гватæмалæйы Эрнесто фембæлд Кубæйæ эммигранттимæ, Фидель Кастройы фарс чи лæууыди, ахæмтимæ, уым уыдысты Антонио Лопес Фернандес (Ньико), Марио Далмау, Дарио Лопас — фидæны яхтæ «Гранма»-йыл балцы архайджытæ. Геварайы уыцы рæстæг фæндыд дохтырæй ацæуын индейæгтæм Гватемалæйы, дарддæр районтæ цы ис, уыдонæй иумæ — Петаны Джунглитæм. Фæлæ Гватæмалæйы хицауад йæ нæ ауагъта, фыццаг, дам, дæ дохтыры диплом азы дæргъы сфидар кæ. Æнæнхъæлæджы куыстытæ, уацтæ газеттæм, чингуыты уæй кæнгæ (кæдон Ильдæйы ныхæстæм гæсгæ арæхдæр уæй нæ кодта фæлæ кæсгæ) уагътой йæ цæрынæн æхца амал кæнын. Гватæмалæйыл зилгæйæ хызынимæ, зонгæ кодта рагон индейаг майяты культурæимæ. Архайдта фæсивæды организаци «Патриотон куысты фæсивæд»-имæ.

Уац ныффысгæйæ «Æз фæдтон Арбенцы æрхауд», Чейæн уæддæр нæ рауад ныллæууын журналистæй.

Уыцы рæстæг Гватæмалæйæ æрцыд Ильдæ Гадеа æмæ смой кодтой. Че уæй кæнын райдыддта рауагъдад «Фондо де культура экономика»-йы чингуытæ, бацыд æхсæвы хъарагъулæй чингуыты равдыстмæ, раздæрау каст чингуытæ. Сахары рынчындоны йæ конкурсмæ гæсгæ райстой куыстмæ æмæ сфидар кодтой аллергион хайадмæ. Касти лекцитæ медицинæйæ Националон университеты, наукон куыстыты райдыдта архайын (зæгъæм, гæдытыл опыттæ æвæрын) кардиологийы Институты æмæ францаг больницæйы лабораторийы. 1956-æм азы 15 февралы Ильдæйæн райгуырди чызг, æмæ йæ схуыдтой мадмæ гæсгæ — Ильдитæ. Че мексикайнаг журнал «Сьемпре»-йы корреспондентæн цы интервью раддта 1959-æм азы сентябры, уым дзырдта:

Кубæйаг публицист æмæ Батистæйы ныхмæлæууæг (фæстæдæр сси социалистон Кубæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр) 
Рауль Роа мысыди йæ мексикаг фембæлд Гевараимæ:

Фидель æмæ Че фæмбæлдысты 9 июны 1955 азы Мария-Антония Гонсалесы хæдзары, Эмпераны уынг, 49, Фиделы фарслæуджыты консперативон фатеры.Фембелды ныхас цыди фидæны хæстон хабæрттæ Ориенты. Фидель фæстæдæр дзырдта Чейæ уыцы фембелды куыд æм фекаст афте уыди «мæнæй бире разæвæрддæр революцион идейеты хицау. Идеологон æмæ теоретикон хабæртты уый мæнæй бире хуыздæр æмбæрста. Мемæ баргæйæ уыд разæвæрддер революционер». Чейен дæр Фидель диссаджы адеймаджы хуызон фекаст æмæ райсоммæ Эрнесто æрцыд фидаргонд балы дохтырæй. Фæстæдæр Аргентинæйы æрцыд радон хæстон æзмæст æмæ Перон йæ бынатæй рахаудта. Эммигранттæн — Пероны ныхмæлæуджытæн фæзындис фадат аздæхын Буэнос-Айресмæ, æмæ уыцы фадатæй спайда кодтой Рохо æмæ æндæр Мехикойы цæрæг аргентинагтæ. Фæлæ Че не сразы ис аздæхыныл, æнувыд уыди фидæны æкспедицийыл Кубæмæ. Мексикаг Арсасио Ванегас Арройомæ уыдис чысыл типографи æмæ уыди зонгæ Мария-Антония Гонсалесимæ. Уыцы типографийы уагъд цыдысты «26 июлы змæлд»-ы фыстæджытæ. Уый йеддæмæ ма Арсасио хъæбысæйхæцæг уæвгæйæ куыста архайджыты физикон цæттæдзинадыл: даргъ фистæг балцтæй, дзю-дойæ, æххуырст æрцыдис легкоатлетикон зал. Арсасио мысыдис: «Уый йеддæмæ ма лæппутæ хъуыстой лекцитæм географийæ, историйæ, политикон уавæры тыххæй æмæ æндæр темæтыл. Иуæй-иу хатт-иу мæхæдæг дæр баззадтæн уыцы лекцитæм байхъусынмæ. Леппутæ ма цыдысты хæсты тыххæй кинонывтæм кæсынмæ».

Испайнаг æфсады булкъон Альберто Байо, франкисттимæ тохы архайег æмæ чиныг «150 фарстайы партизанмæ» ныффыссæг, касти къорды хæстон цæттæдзинадмæ. Фыццаг куырдта мыздæн 100 мины мексикаг песойы (кæнæ 8 мины АИШы доллæртæй), уый фæстæ йæ дыууæ хатты фæкъадтæр кодта. Фæлæ йæ ахуыргæнинагты тыхтыл куы баууæндыд уæд цæ уый дæр нал бацагуырдта фæлæ ма йæ мебелон фабрикæ ауæй кодта æмæ уыцы æхца дæр Фиделы къордæн радта. Булкъон 26 мин америкаг доллæрæй балхæдта гасиендæ «Санта-Роса» сæйраг сахарæй дæрддзæф уыд 35 километры, Эрасмо Риверæйæ Панчо Вильяйы партизанæй, æмæ къорд райдыддта уым цæттæ гæнын. Че къордимæ цæттæгæнгæйæ ахуыр кодта перевязкæтæ кæнын, дзæбæх кæнын стджыты сæстытæ, æмæ иньекцитæ кæнын, æмæ иу ахæмы йын скодтой сæдæ уколы бæрц — иу кæнæ цалдæр уколы аллы къорды архайегæй. Кубæйаг Карлос Бермудес мысыди Чейы:

Мария-Антония мысыди:

Ахстыты тыххæй куырдтой раздæры президент Ласаро Карденас, йæ раздæры денджызон министр Эриберто Хара, кусджыты раздзог Ломбарде Толедано, нывгæнджытæ Альфаро Сикейрос æмæ Диего Ривера, культурæйы архайджытæ æмæ ахуыргæндтæ. Мæй фæстæ Мексикæйы хицауад ссæрибар кодтой Фиделы æмæ иннæ кубæйæгты, фæлæ ма ныууагътой ахстæй Эрнесто Геварайы æмæ кубæйаг Каликсто Гарсийайы, аххосыл сын банымадтой бæстæмæ сусæгæй кæй æрбацыдысты, уый. Ахæстонæй рацæугæ Фидель дарддæр байдыдта экспедици цæттæ кæнын, æхца æмбырд кодта, хæцæнгарз æлхæдта. Архайджытæ цæттæ кодтой чысыл къордтæй бæстæйы аллы рæтты. Шведаг этнографей Вернер Гринæй æлхæд æрцыд яхтæ «Гранма» 12 мин доллæрæй. Мексикаг пъалици æрцахста Чейы уысы дæр фæлæ уæддæр цасдæр рæстæджы фæстæ Че æмæ Ильда уагъд æрцыдысты. Че фæбадти ахæстоны 57 боны. Палицы кусджытæ уæддæр сæ цæст дарддой æмæ иу балæбурддтой хаттæй хатт растджыты нывондгонд фатертæм. Газæттæ фыстой Фидель кæй хъавы аленк кæнын Кубæмæ. Франк Паис æрбаласта Сантьягомæ 8 мин доллæры æмæ хавыди сахары растад сисын. Хъуыддтаг тæссаг кæынын райдыддта, райхъуыст хабар — къорды архайджытæй чидæр хъавы къорды, яхтæ æмæ передатчик ауæй кæнын Кубæйы хицауадæн 15 мин доллæрæй. Фидель фæтагъд коддта йæ æмбырды хабæрттæ, кæмæй æнхъæл уыди уæйгæнæг, уый иннæтæй ахицæн кæнын кодта æмæ порт Туспаны æмбырд кæнын райдайын фадат радта. Франк Паисæн æрвыст æрцыд тел — «Чиныг уæй æрцыд», уый йын æвдыста æмæ растад ныхасгонд рæстæджы кæй хъæуы саразын. Че дохтыры хызынимæ балыгъд хæдзармæ Ильдæмæ, ахъæбыс коддта йæ фынæй чызгæн æмæ ныффыста хæрзбоны фыстæг йæ ныйарджытæм.

Науыл Чейы хъыгдардта æхгæдриу, фæлæ Роберто Роке Нуньес куыд дзуры, афтæмæй иннæты хъæлдзæг кодта. Науы капитанæй æвæрд æрцыд Ладислао Ондино Пино, штурманæй — Роберто Роке Нуньес. Штурмæн иу рæстæджы науæй рахаудта донмæ, æмæ йæ цалдæр сахаты агуырдтой цалынмæ ссардтой, уæдмæ. Яхтæ арæх сæфта йæ фæндаг. Хъуамæ къорд хъæу Никаромæ Сантьягойы цурмæ æрхæццæ уыдаиккой 30 ноябры. Уыцы бон Франко Паисы фарслæуджытæ бацахстой сахары хицауады кусæн бæстыхæйттæ æмæ ракалдысты уынгтæм фæлæ сахар сæ къухты бауыромын сæ бон нæ баци.

Фидæль загъта: «Знаг ныл фæтых ис, фæлæ нæ бындзагъд ныккæнын йæ бон нæ баци. Дарддæр тох кæндзыстæм æмæ рамбулдзыстæм ацы хæст». Гуахиротæ — кубæйаг зæхкусджытæ — зæрдæхæларæй кастысты балы архайджытæм æмæ сæ æмбæхстой сæ хæдзæрдты. Че фыста:

Кубæйаг фыссæг-коммунист Пабло де ла Торрьенте Брау фыста, нырма, дам, XIX-æм æнусы Сьерра-Маэстрæйы хæхты Кубæйы хæдбардзинадыл тохгæнджытæ иу кæй ссардтой æмбæхсæн бынат. «Додой фæкæндзысты, ацы цъуппытыл чи сиса æхсаргард, уыдон. 

Растæг топпимæ айнæг къæдзæхы фæстæйæ дæсы ныхмæ тох кæнынæн фаг у. Пулеметимæ æфсæддон комы нарæджы сбадгæйæ мин адæймаджы бауромдзæн. Хæдтæхджытыл сæ ныфс ма æвæрæд ацы цуппытыл тохæй чи цæуы, лæгæттæ бафснайдзысты растджыты.» Фидель æмæ иннæ архайджытæ ацы бынæтимæ зонгæ не уыдысты. 1957=æм азы 22 январы Аррайо-де—Инфернойы къорд фыццаг ныкъкъуырд радта Санчес Москæрайы каскитосты (Батистæйы салдæттæ) балæн. 28 январы Че ныффыста фыстæг Ильдæмæ, æууæнк адæймаджы уылты бахæццæ Сантьягомæ:

Балæн æххуысгæнæг Æутимио Герра бахаудта хицауады къухты æмæ сын сразы ис Фиделы амарыныл. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд æмæ мард æрцыди. Февралы Чейы æрцахста малярияйы ныббырст æстæй йæ хæдфæстæ æхгæдриуы ныббырст. Иу ахæмы хæст самадтой æмæ зæхкусæг Креспо йæ фæсонтыл рахаста Чейы знагы нæмгуыты бынæй уымæн æмæ йæхи бон цæуын нæ уыд. Че уагъд æрцыд цыдæр фермæйы иу æмбал растæгимæ чи йæм фекастаид ахæмимæ. Сьерра-Маэстрæйы хæхты Че æхгæдриуæй рынчын уæвгæйæ иу арæх баззад фæстæйы искæй хæдзæртты цæмæй балы цыд ма уырома. Арæх иу æй фæдтой чиныгимæ æмæ фыссæн гæххæттимæ йæ къухы. Капитан Марсиаль Ороско мысыди:

Калкисто Моралес фыста: 
 

Капитан Антонио фыста:
 
Зæронд зæхкусæг ус Понсиана Перес мысыди:

Балы архайæг Рафаель Чао дзырдта, Че дам иу никæуыл хъæр кодта æмæ хынджылæг ныхас дæр никуы скодта, фæлæ иу дзургæйæ хъæбæр ныхæстæй пайда кодта, æмæ иу уыди тызмæг «куы хъуыди уæд». Нæхъæн хæсты рæстæджы Че фыста боныг, уыцы боныджы фыстытæй спайда кодта йæ чиныджы «Революцион хæсты эпизодтæ»йы. Цасдæр рæстæджы фæстæ балæн бастдзинад сæвæрын бантыст «26 июлы змæлд»имæ Сантьягойы æмæ Гаванæйы. Балы æвæрæн бынатмæ хæхты иу æрбацыдысты змæлды раздзогтæ æмæ архайджытæ Франк Паис, Армандо Харт, Вильма Эспин, Аиде Санта-Мария, Селия Санчес, балы ифтонгдзинад дзæбæх кæнын райдтыдта. Цæмæй Батистæйы хъусингæнæг, растджытæ дам дæрæн кæй æрцыдысты, уый мæнгдзинад равдисой, уый тыххæй Фидель арвыста Гаванæмæ Фаустино Пересы, цæмæй фæсарæйнаг журналисты æрбаласа. Бал кæм æрбынат коддта уырдæм 1957-æм азы 17 февралы æрбацыд Герберт Метьюз «Нью-Йорк Таймс»ы корреспондент. Уый фембæлд Фиделимæ, æмæ къуыри фæстæ ныммыхуыр кодта репортаж Фиделы æмæ йæ балы архайджыты къамтимæ. Уыцы репортажы фыста «Куыд мæм кæсы афтæмæй инæлар Батистæ дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсы Кастройы растад ныццист кæнынмæ. Йæ бон у йæ ныфс дарын афтиддæр ууыл æмæ салдæтты колоннæтæй иу æнæнхъæлæджы фæмбæлдзæн æрыгон фæтæгыл æмæ йæ штабыл æмæ сæ ныццæгъддзæн.»

Бынæттон зæхкусджытимæ ахастытæ алы хатт дæр лæгъз нæ уыдысты, радиойæ æмæ аргъуанты цыдис коммунизмы ныхмæ пропогандæ. Инирия Гутьеррес мысыди балмæ бацæуыны размæ коммунизмы тыххæй кæй хъуыста афтиддæр тæрсæнгæнæнтæ. Растджытæ цы газæт «Эль Кубано либре (El Cubano libre)» уагътой, уым фыццаг номыры Че фыста: «Коммунисттæ сты хæцæнгарз чи райсы йæ мæгуырдзинадæй куы нал фæфæразы, æмæ уæлдай нæу кæцы бæстæйы у». Цæмæй хуыснæгад æмæ фæллойы тыхист ма парахат кæна æмæ бынæттон адæмимæ ахастытæ ахæм цаутæ ма хъыгдарой уый тыххæй æрцыдис конд къамис дисциплинæ хъахъæнынæн, хæстон трибуналы бартимæ. Æрцыдис дæрæнгонд китайаг Чанджы мæнг революцион абырджыты бал. Че фиппайдта: «Уыцы зын рæстæг хъуыди цæрдæг кæсын революцион дисциплинæмæ æмæ уæгъд районты анархи фидар кæнын ма уадзын». 

Мызды барц у 5 мин песойе 100 мин песомæ; уæлдæр аргъ 100 мин песойы фыст æрцæудзæн Фидель Кастройы сæры тыххæй. Фиппаинаг: æххуысгæнæджы ном баззайдзæн æмбæхстæй».

Пъæлицæйæ тæрсгæйæ Батистæйы ныхмæлæуджытæ цыдысты Сьерра-Маэстрæйы хæхтæм æмæ растджыты рæнхъытæ фылдæрæй фылдæр кодтой. Растджыты къордтæ бахæццæ сты Эскамбрайы æмæ Сьерра-дель-Кристалы хæхтæм, Баракоайы районы дæр архайдтой къордтæ, Революцион директораты, «26 июлы змæлд»ы æмæ хицæн коммунистты дæлбар уыдысты. Октябыры Майамийы политиктæ буржуазон цæстæнгасимæ сарæзтой Сæрибары цæдис, æмæ Фелипе Пасосы схуыдтой рæстæгмæ президент. Рауагътой манифест дзыллæтæм. Фидель не сразы ис ацы «майамиаг пактимæ», АИШы ’рдæм здыхт æм фæкасти. Фидельмæ фыстæджы Че фыста:

Хицауады пропагандæ æрдомдта национ иудзинадмæ уымæн æмæ Кубæйы сахарты парахат кодта растадон змæлд. 1958 азы мартъийы АИШ-ы хицауад сæвæрдта эмбарго хæцæнгарзы æрвыстыл Батистайы æфсæдтæн, фæлæ ма уæддæр цасдæр рæстæг хæдтæхджытæ хæцæнгарзæй æмæ артагæй ифтонг кодтой Гуантанамойы базæйыл. 1958 азы кæроны конституцимæ гæсгæ хъуамæ уыдаиккой президенты æвзæрстытæ. Сьерра-Маэстрайы æргом ничи дзырдта коммунизмы кæнæ социализмы тыххæй, Фидель та æргом цы реформæты тыххæй дзырдта зæгъæм латифундитæ цæмæй мауал уой, транспорты æмæ электрикон компаниты национализаци æмæ æндæр предприятитæ сæ зæрдæмæ цыдысты проамерикаг политиктæн дæр.

Че гевара æнхъæлдта, «æфсымæрон» бæстæтæ йын цыфæнды æххуыс дæр ратдзысты. Фæлæ революцион хицауады министр куы уыди, уæд фæмбæлдты ныхас кодта Китайы æмæ Советон Цæдисы хицауадимæ хæстон æмæ экономикон æххуысы тыххæй, æмæ бафиппайдта куыд æнхъæлдта, афтæ кæй нæу хъуыддаг. Уыцы хабæртты тыххæй загъта йæ хъуыстгонд алжираг раныхасы. Уый уыдис раст тæрхоны ныхас социалистон бæстæты ныхмæ сæ политикæ интернационалон кæй нæу, уый тыххæй. Фаутæ сыл сæвæрдта мæгуырдæр бæстæтæн тыххæй кæй ивын кæнынц товартæ раст империализм дунеон базарты куыд архайы афтæ, уыимæ ма кæй аиуварс кодтой сæхи æмæ кæй не ’ххуыс кæнынц националон сæрибары тохы зæгъæм Конгойæн æмæ Вьетнамæн. Че хорз зыдта Энгельсы хъуыстгонд : «Цас къаддæр у экономикæйы разæнгард, уый бæрц фылдæр тыхми хъæуы ног бæстæарæзтæн». Кæд æмæ 1950-æм æзты райдианы иу хуынджылæгæй йæ фыстæджыты бын æрæвæрдта «Сталин II», уæддæр революцийы уæлахизы фæстæ йæ бахъуыди амонын: «Кубæйы нæй гæнæнтæ сталинаг системæ ныффидар гæнынæн».

Фæстæдæр Че Гевара зæгъдзæн: «Революци куы фæвæййы уæд куыст революционертæ нал фæаразынц. Фæаразынц йæ технократтæ æмæ бюрократтæ. Уыдон та — контревволюционертæ сты».

Че Гевара цы ран ис уый тыххæй дам-думтæ бирæ кодтой 1966—1967-æм æзты. Мозамбичы минæвæрттæ Фрелимойы хæдбардзинады фæдыл змæлды фæхъусын кодтой Чеимæ фæмбæлды тыххæй Дар-эс-Саламы, уым аиуварс кодтой Чейы разæвæрд æххуысы тыххæй сæ революцион проектæн.

Раст разындысты, дам-думтæ Че Геварайы Боливийы партизанты сæргъы чи æвæрдта, уыдон. Фидель Кастройы ныхасмæ гæсгæ боливиаг коммунисттæн æрцыдис зæхх æлхæд базæтæн, уым Че Геварайы амындмæ гæсгæ партизантæ цæттæ кодтой. Геварайы алфемблай Ла-Пасы цы адæм уыди уырдæм сагъд æрцыдис Хайд Тамара Бунке Бидер (хъуыстгонд у фæсномыг «Таня»-йæ дæр), раздæр уыди Штазийы агент. Рене Барьентос фæтарсти хабæрттæй йæ бæстæйы партизантæ кæй æрбынат кодтой, æмæ æххуыс курын райдыдта ЦРУ-йæ. Че Геварайы ныхмæ банысан кодтой архайын барæй партизанты ныхмæ тохгæнын ахуыр ЦРУ-йы къорд.

Геварайы партизанты къорды уыдис 50 архайæджы æмæ архайдта куыд Националон сæрибардзинады æфсад (). Уыдысты хорз ифтыгъд æмæ цалдæр ныббырсты сарæзтой регулярон æфсæдты ныхмæ район Камрийы зын хæххон уавæрты. Фæлæ сентябры боливиаг æфсад ныппырх кодта растджыты дыууæ къорды æмæ иу раздзоджы фæмардта. Тох тынг æнæхатыр кæд уыди уæддæр иу Че дзæбæх кодта ахст салдæттæй цæф чи уыд уыдоны, фæстæдæр та сæ иууылдæр суадзын кодта. Йæ фæстаг тохы рæстæг, Куебрада-дель-Юройы, Гевара фæцæф, йæ хæцæнгарзыл нæмыг сæмбæлд æмæ нал æхста, йæ дамбацайæ суагъта иууылдæр нæмгуытæ. Цæфæй йæ куы æрцахстой, æмæ йæ скъоламæ куы æрбакодтой (уым ЦРУ сарæзта ахст партизантæн ахæстон) уæд дзы федта цалдæр цæф боливиаг салдаты. Гевара куырдта цæмæй сын аххуыс кæна, фæлæ боливиаг афицер не сразы. Чейæн йæхицæн радтой аспирины таблеткæ.

Че Геварайы æрцахсыныл архайдта ЦРУ-йы агент Феликс Родригес. Рæмудзæг схъæр кодта боливиаг æфсæдтæн кæм ис Че Геварайы партизанты бал, æмæ йыл 1967-æм азы 8 октябыры æфсæдтæ æрхъула кодтой, Че Гевара та йæхæдæг ахст æрцыд Куэбрада-дель-Юройы. Родригес куы базыдта Геварайы ахсты тыххæй, уæд уайтагъд фехъусын кодта Ленглимæ ЦРУ-йы штаб-фатермæ штат Вирджинийы.

Барьентос куы базыдта Геварайы ахсты тыххæй уæд уайтагъд дæр æрдомтта цæмæй йæ амарой. Чейы æрбакодтой æрдæгхæлддзаг скъоламæ хъæу Ла-Игерæйы цур, уым æй иу æхсæв фæдардтой. Иннæ бон мард æрцыдис. Марæджы куыст сæххæст кодта боливиаг æфсæдты сержант Марио Теран. Цæмæй официалон верси (ома Че Геварайы æнæ тæрхонæй нæ, фæлæ тохы мидæг амардтой) дызæрдыгхуыз ма зына, уый тыххæй салдаттæн Феликс Родригес нысан радта афтæ æхсын цæмæй зына, Гевара æмæхстыты рæстæг кæй фæмард. Геварайыл уыдис бирæ цæфтæ йæ къæхтыл, фæлæ йæ цæсгом æнæвнæлд хъуамæ баззадаид. Че Геварайæн уыдис фадат цалдæр ныхасы зæгъын мæлæты размæ; дзурынц, загъта йæ марæгæн: «Зонын æй ам мæн амарыны тыххæй дæ. Æхсгæ тæрсаг, афдиддæр адæймаджы амардзынæ». Йæ мард баст æрцыдис вертолётыл æмæ сыхаг хъæу Валлеграндæмæ ласт æрцыдис прессæйæн æвдисынмæ.

Амарды фæстæ Родригес райста Чейы цалдæр дзаумайы, уыдонимæ йæ сахат «Ролекс» дæр, уый фæстæ-иу арæх æппæлыдис журналисттæн ацы сахатæй. Ныр уыцы дзаумæттæй цалдæр æвæрд æсты ЦРУ-йы. Хæстон хирург марды къухтæ куы алыг кодта уæд боливиаг æфсады афицертæ мард аластой абæрæг ранмæ, æмæ йæ фæстæдæр не схъæр кодтой, цы йæ фæкодтой, уый. 15 октябры Кастро радзырдта æхсæнадæн Геварайы мæлæты тыххæй. Геварайы мæлæт нымад æрцыдис уæззау цæфыл социалистон змæлдæн Латинаг Америкæйы, стæй æнæхъæн дунейы дæр. Бынæттон цæрджытæ райдыдтой нымайын Геварайы зæдыл æмæ йæм дзырдтой «San Ernesto de La Higuera», хорздзинæдтæ дзы кургæйæ.

Æппæт дунейыл зындгонд Чейы дыууæхуызон портрет анфас, сси революцион романтикон змæлды символ, фæлæ ныр бирæтæм гæсгæ йæ раздæры мидис фæсæфта æмæ сси китч, фæпайда дзы кæнынц революцийæ тынг дард чи сты, ахæм хабæртты дæр. Сарæзта йæ ирландиаг нывгæнæг Джим Фицпатрик 1960-æм азы, кубæйаг къамисæг Альберто Корда цы къам систа, уымæ гæсгæ. Чейы беретыл зыны Хосе Мартийы стъалы, уый бæрæг кодта командантеты, лæвæрд йын æрцыдис Фидель Кастройæ командантейы номимæ.

Альберто Корда йæ къам æхсæнады хæзна не скодта æмæ ма тæрхонмæ дæр лæвæрдта ацы портрет, хъæбæр нозты рекламæйы кæй фæзындис, уый тыххæй.

Хъуыстгонд зарæг Hasta Siempre Comandante («Команданте кæддæриддæр»), фыст æрцыдис Карлос Пуэблайæ бирæтæ куыд хъуыды кæнынц Че Геварайы мæлæты фæстæ нæ, фæлæ нырма йæ царды рæстæг. Тæккæ хъуыстгонддæр у, Натали Кардон цы верси зары, уый.

Чейы сурæт æрмæст революцион къордты нæ æндæвта, фæлæ ма йæм арæх сæ цæст дардтой литератортæ дæр. Хулио Кортасар ныффыста радзырд «Баиудзинад», уым фыццаг цæсгомæй цæуы радзырд партизантæ цыдæр сакъадахмæ куыд рахызтысты, уыимæ кæд радзырды архайджыты нæмттæ хъуыдыгонд æсты уæддæр дзы базонæн ис кубæйаг революцийы кæцыдæр архайджыты, зæгъæм Кастроты дыууæ æфсымæры. Кæй номæй цæуы дзырд уым та æнцонæй ис базонæн Че Геварайы. Чейы боныгæй цитатæ та хаст æрцыд эпиграфмæ.

Че Гевара фæзыны Виктор Пелевины роман «Generation „П“»-йы.

Советон Цæдисы литератортæ дæр сæ цæст æрдардтой Че Геварамæ. Зæгъæм поэт Дмитрий Павличко, ныр нымад цæуы Украинæйы литературæйы классикыл, ныффыста Кубæйаг революцийы тыххæй æмдзæвгæты цикл. Иу дзы райдайы афтæ:

Хъуыстгонд æсты Евгений Долматовскийы поэмæ «Геварайы къухтæ», «Кубæйаг цикл» Евгений Евтушенкойы. Къорд «Песняры»-мæ ис зарæг «Балладæ Че Геварайыл».

Че Геварайыл сты Ярослав Смеляковы рæнхъытæ:

 




#Article 135: Хетæгкаты Къоста (306 words)


Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста (райгуырдис 1859-æм азы 3 (15) октябры, Нарыхъæуы — амардис 1906-æм азы 19 мартъийы (1 апрелы), Лабæйы) уыдис зынгæ ирон фыссæг, , , нывгæнæг æмæ нывгæрдæг. Нымад цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæгыл.

Къоста райгуырдис Нарыхъæуы. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы, æмæ 1881-æм азы бацыд Бетъырбухы Аивадон академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты.

Къоста райгуырдис Нарыхъæуы, 1859-æм азы 15-æм октябры (кæфты мæйы). Йæ фыд, Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан, уыд Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Габрелы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.

Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй Дзæуджыхъæумæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд Нарыкомы цæрджытимæ алыгъдис Хъобаны облæстмæ, уым Лабæйы хъæуæн бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.

Къостайы царды ахсджиаг бынат бацахста 1889-æм азы Гуымы Хъæрмæдоны Лермонтовы монумент æвæрыны цау. Уæд Къостайы нæ бауагътой йе ’мдзæвгæтæ кæронмæ бафæрсын. 

Æрвыстæй рыздæхгæйæ Къоста байдыдта кусын Стъараполы «Цæгат Кавказы», фæлæ йæ низы тыххæй йæ тыхæтæ фæуд кодтой, æмæ 1901 рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Къоста хайад иста культурон цауты, ныв кодта, фæндыд æй ныв кæныны скъола бакæнын æмæ газет «Хъазыбеджы» редактор суын. Фæлæ уыцы фæндтæ низы тыххæй нæ сыххæст сты.

Къоста амардис 1906-æм азы 19-æм мартъийы, Лабæйы. Фæстæдæр ын йæ ингæн рахастой Дзæуджыхъæумæ, Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуаны кæрттмæ.

Къостайы ном хæссы, кæм амардис, уыцы хъæу Хъæрæсе-Черкесы, Дзæуджыхъæуы стырдæр проспект, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ æндæр бирæ цæрæнрæттæ, уагдæттæ æмæ уынгтæ.




#Article 136: Беслæн (117 words)


Беслæн у Цæгат Ирыстоны сахар, Рахизфарсы районы административон центр. Цæры дзы 36 мин адæймаджы, æмæ уымæ гæсгæ у Цæгат Ирыстоны æртыккаг цæрæгджындæр сахар. Беслæн у республикæйы ахсджиаг транспортон æмæ индустрион центр.

Беслæн бындурæвæрд æрцыдис 1847 азы. Йæ бындурæвæрæг у Алыккаты Беслæн, Дæллаг Хъобанæй ралидзæг. Раздæр ацы бынаты уыдис хъæд, йæ астæу та — обау, ныр æй хонынц Беслæны обау.

Алыккаты Беслæны фæдыл ардæм æрбалыгъдысты: Есенатæ, Тылаттатæ, Хъаныхъуатæ. Уыдоны фæстæ ам æрцардысты Магкотæ, Хъамбегатæ, Бæтæгатæ æмæ æнд., кæцытæ ралыгъдысты Дæргъæвсы комæй. Хъæуы фыццаг ном уыд Алыгкатыхъæу, йæ бындурæвæрæджы мыггагмæ гæсгæ. Фæстæдæр хуындис Тулатово, æлдар Тылаттаты Беслæны номæй. 1950 азы уый сси сахар, йæ ном Беслæн, афтæмæй.

Беслæн у Цæгат Ирыстоны ахсджиаг транспортон æлхынцъ. Сахары цур ис аэропорт «Дзæуджыхъæу».




#Article 137: Гуырдзыстон (229 words)


Гуырдзыстон кæнæ Гуырдзы (, [сакартвело]) у Кавказы æрдæгпрезидентон республикæ. Йæ конституцимæ гæсгæ цы зæххытæ хъуамæ ахса, уыдон цæгаты æмарæн сты Уæрæсеимæ, скæсæны Азербайджанимæ, хуссары Сомихимæ æмæ Туркимæ æмæ ныгуылæны та сын ис Сау денджызмæ ахизæн. Фæлæ уыцы зæххытæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæм сты, уыдонмæ йæ арм нæ дары. Хуссар Ирыстон ис Гуырдзыстоны сидт зæххыты астæуæй, Уæрæсейы æрдыгæй. Абхази та ис йæ сидт зæххыты ныгуылæнæрдыгæй. Гуырдзыстоны хицауады сæйраг сахар у Тбилис (Калак), кæцы, иу милуанæй фылдæр цæрæгимæ, у бæстæйы стырдæр сахар. Йæ закъондæддæг тыхты сахар та у Кутаис. Гуырдзыстоны сидт зæххыты фæзуат у 69 700 квадратон километр, кæдонæй армдард сты 57 200. Цæры дзы 4,5 милуан адæймаджы. Кæд географион æгъдауæй Гуырдзыстоны фылдæр хай Азимæ хауы, уæддæр культурон, экономикон æмæ политикон æгъдауæй Европæмæ арæх цæуы хаст. Гуырдзыстон тырны НАТО æмæ ЕЦ-ы уæнг суын. 

Бæстæйы президент у Саломе Зурабишвили.

Административон æгъдауæй Гуырдзыстоны сконд у ахæм:

Уыдонæй Абхази у, йæ хæдбардзинад ын дыууæ паддзахады кæмæн банымадтой, ахæм ног паддзахад. Уыцы дихмæ гæсгæ Имерет, Цхета-Мтианети, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суан æмæ Мидæггаг Картлимæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл лæууы æндæр ахæм паддзахад — Хуссар Ирыстон.

Гуырдзыстон бынат кæны Фæскавказы. Бæстæйы фæзуат у 69,700 км² (Абхази æмæ Хуссар Ирыстон дæр нымайгæйæ). Гуырдзыстоны ис цалдæр стыргомау цæугæдоны — Къуар, Ингур, Риони æмæ æндæртæ.

Фæстæдæр, Уæрæсейы революци куы æрцыдис, Гуырдзыстон расидти хæдбардзинад, цалынмæ Сырх Æфсад йæ нæ бакодта социалистон паддзахады скондмæ.

Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хай сты растуырнæг чырыстæттæ.




#Article 138: Вашингтон (сахар) (145 words)


Вашингтон () у АИШ-ы сæйраг сахар (1800-æм азæй).
Административон æгъдауæй хауы Колумбийы зылдмæ.

Цæрджыты нымæц: 582 мины бæрц.

Сахар лæууы АИШ-ы цæгат-скæсæйнаг хайы, цæугæдон Потомакы былгæрон. Æмарæн у штаттæ Мэриленд æмæ Виргиниимæ.

АИШ-ы конституци æмæ Резиденцийы закъонмæ гæсгæ Колумбийы Зылдæн ис федеративон паддзахады сæйраг сахары статус.

Раздæр сахарæн разамынд лæвæрдта АИШ-ы Конгресс, фæлæ 1973-æм азы разамынды æххæстбартæ лæвæрд æрцыди сахары хицауадæн — мэр æмæ сахары уынаффæдонæн. Фæлæ уæддæр Конгрессæн ис бар, сахары хицауад кæй сфидар кодта, цыфæнды ахæм официалон акт кæнæ закъон нæ райсын, кæнæ йæм ивддзинад бахæссын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый алкæд сахайрæгты зæрдæмæ нæ цæуы.

АИШ-ы минæвæртты палатæйы () куысты архайы Колумбийы зылды минæвар, фæлæ йын нæй хъæлæс кæныны бар.

Сенаты зылды минæвар нæй. Президенты æвзæрстыты Вашингтоны цæрджытæн ис æвзæрстгæнджыты æртæ хъæлæсы.

Сахайрæгты ’хсæн популярон у штаты æппæт бартæ сахарæн раттыны идейæ, фæлæ Конгресс уыцы фæтк сфидар кæныны резолюцитимæ разы нæ кæны.




#Article 139: Сомих (133 words)


Сомих кæнæ Сомихыстон (сом. Հայաստան []), официалон æгъдауæй Республикæ Сомихыстон ( ()), у Хуссар Кавказы паддзахад. Ис Ныгуылæн Азийы, денджызмæ бацæуæн йæм нæй. Арæнтæ йæм ис Гуырдзыстон, Турк, Азербайджан æмæ Иранимæ. Йæ сæйраг сахар у Ереван. Сомихы зæххыты фæзуат у 29 800 квадратон километр, æмæ йæ цæрджыты нымæц та у 3,3 милуан. Кæд географион критеритæм гæсгæ Азийы ис, уæд культурон æууæлтæй Европæйы паддзахадыл нымад у.

Карабахы конфликты фæстæ Турк æмæ Азербайджан Сомихимæ сæ арæнтæ сæхгæдтой, афтæмæй дунейы бæстæтимæ уæйгæнæн ис æрмæст Гуырдзыстон æмæ Ираны территоритыл.

Паддзахады нырыккон президент у Серж Саргсян (2008-æм азæй). 

Сомихы валютæ у драм. Лыстæгдæр æхца у 10 драмы монетæ.

Сомих у дунейы рагондæр чырыстон паддзахæдтæй иу. Чырыстон дин дзы сси официалон 301-æм азы.

Бæстæйы цардмæ стыр тæваг дарынц сомихаг фæсарæйнаг диаспорæ.

Сомихы ис 11 провинцийы (марзтæ, ):

Сомихы президенттæ:




#Article 140: Гæдиаты Секъа (449 words)


Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа (райгуырдис 1855-æм азы, Æддаг Ганисы — амардис 1915-æм азы 3 августы (21 июлы), Дзæуджыхъæуы) у ирон , ирон аив прозæйы бындурæвæрæг, у бирæ æмдзæвгæты автор.

Секъа райгуырдис Хъуды комы Ганисы хъæуы мæгуыр хæххон бинонты ’хсæн 1855-æм азы. Йæ фыд Куыцыри иучысыл кодта фосы куыст, иучысыл та зæххы куыст. 

Секъайыл æстдæс азы куы сæххæст ис, уæд æй сæ хъæуы сауджын ахуыр кæнын райдыдта гуырдзиагау кæсын æмæ фыссыныл, стæй диакъоны куыстыл. Æстдæсаздзыд лæппуйæ Секъа кусын райдыдта Ганисы аргъуаны диакъонæй. Фæстæдæр уыцы куыст кодта Цæгат Ирыстоны хъæуты дæр: Хъахъхъæдуры (1882–1885), Бæтæхъойыхъæуы (1885), Джызæлы (1886–1908), Хохы Санибайы (1908–1910).

Секъа æдзух куыста йæхиуыл, кастис гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ. Уый æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта XIX æнусы 70-тæм азты кæрон. Йæ уацмысты æвдыста ирон адæмы рагон царды цаутæ, æфхæрд адæмы хъысмæт. Арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй, историон таурæгътæ æмæ æмбисæндтæй.

Революцийы агъоммæ Гæдиаты Секъайы иуæй-иу уацмыстæ мыхуыры зындысты ирон газетты æмæ журналты: «Ирон газет»-ы (Дзæуджыхъæу, 1906 аз, №4) — «Хорз сахат»; газет «Ног цард»-ы — «Айссæ» (Калак, 1907 аз, №17–18), «Фæдис» (№23), «Сагъæстæ» (№46), «Хазбийы фын» (№51) æмæ æндæртæ; газет «Хабар»-ы (Дзæуджыхъæу, 1907 аз, 1-2 номыртæ) — «Санибайы хæхтæ»; журнал «Зонд»-ы (Дзæуджыхъæу, 1907 аз, №1–2) — «Азау»; журнал «Чырыстон цард»-ы — «Чырыстийы „цъупп“» (Дзæуджыхъæу, 1911 аз, январь, 30–31 ф.ф.), «Санибайы авд гæналы» (1911 аз, февраль, 63 ф.) æмæ дæсгай æндæртæ. Секъайы уацмыстæй бирæтæ фæзындысты «Фæсхохаг», зæгъгæ, ахæм фæсномыгæй.

Хицæн чиныгæй фыссæгæн йæ къухы бафтыдис æрмæстдæр иу чысыл æмбырдгонд рауадзын (47 æмдзæвгæйы æмæ æмбисонды): «Ирон фыййау. Гæдиаты Секъайы дзымандытæ» (Дзæуджыхъæу, Суваловы типографи, 1905 аз). Мыхуырмæ цæттæгонд уыдысты æндæр æмбырдгæндтæ: «Ганис» (1906 аз), «Цæсты сыг» (1910) æмæ æндæртæ, фæлæ уыдонæй иу дæр рухс нæ федта. Хицæн чиныгæй Секъайы зынгæдæр прозаикон уацмыстæ фыццаг хатт рацыдысты 1947 азы Дзæуджыхъæуы, Ардасенты Хадзыбатыры комментаритимæ. Æппæты æххæстдæрæй Секъайы уацмыстæ рацыдысты Орджоникидзейы чиныгуадзæн «Ир»-ы 1981, 1988 азты (бацæттæ сæ кодта, разныхас æмæ фиппаинæгтæ ныффыста Мамиаты Надинæ).

Секъайы сфæлдыстад бæстонæй æвдыст у 1991-æм азы чиныгуадзæн «Ир»-ы цы чиныг фæзынди, уым дæр. Чиныгæн разныхас ныффыста Джыккайты Шамил. Уыцы рауагъдмæ бацыдысты фыссæджы фыстæджытæ дæр.

Секъайы зындгонддæр радзырд «Азау» æххæстæй мыхуыргонд не ’рцыдис 1922 азы онг (альманах «Малусæг», ф. 19-31), фыссæджы царды рæстæг фæзынди æрмæст уырыссагау йæхи тæлмацы бетъырбухаг журнал «Жизнь для всех»-ы (1914 аз, апрель, №4, ф. 537–551). Радзырды райдиæн мыхуыргонд æрцыдис журнал «Зонд»-ы дыууæ номыры (1907 аз), фæлæ журнал сæхгæдтой æмæ радзырд кæронмæ рауадзын къухы нæ бафтыд.

Секъа йæ уацмысты æвдисы адæмы тырнындзинад сæрибармæ, рæстдзинадмæ, рухс дунемæ. Хицæн адæймæгты  æвзæр миниуджытæ калы хурмæ — расыгкæнын, давын, æргом дзуры хисты ныхмæ, нымайы йæ адæмыл мæгуырдзинад æфтауæг æгъдауыл. Секъа фауы иннæ ирон зианхæссæг æгъдæутты дæр — ирæд, тугисын, чызг скæфын æмæ æндæр ахæмтæ.

Секъайы диссаджы курдиат, сæйраджыдæр, разындис прозæйы. Йе сфæлдыстады сæйраг бынат ахсынц йæ радзырдтæ-таурæгътæ «Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстауы æлдар», «Айссæ», «Азау» æмæ æндæртæ.




#Article 141: Гæдиаты Цомахъ (155 words)


Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ (райгуырд 1882 азы Хъуды комы, Дæллаг Ганисы) уыд литературон критик, революционер, æхсæнадон архайæг, поэт, драматург, прозаик, тæлмацгæнæг. Райдиан ахуырад райста Джызæлы. Уый фæстæ фондз азы дæргъы (1892-1897) ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы духовон училищæйы. Каст æй куы фæци, уæд ма ноджы æхсæз азы (1897-1903) ахуыр кодта Стъараполы дины семинары.

Гæдиаты Цомахъ 1906 азы 23 июлы уадзын райдыдта ирон æвзагыл фыццаг газет — «Ирон газет». Фæстæдæр æй хицауад уадзын нал бауагъта. Цомахъ дзы мыхуыр кодта уацтæ æхсæнадон-политикон темæтыл. Ацы ран рабæрæг фыссæджы революцион хъуыды. 1906 азы фæстæмæ аздæхт Юрьевмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта. Уæд бацыдис эсерты партийы эстойнаг организацимæ. Йæ политикон архайды æмæ уыцы партийы кæй уыд, уый тыххæй Цомахъы 1908 азы 7 мартъийы æрцахстой. Æртæ азы ахæстоны фæбадт, стæй йæ Сыбырмæ ахастой. Ахæстоны дæр Цомахъ йæ тох, йе сфæлдыстадон куыст нæ уагъта. Йæ «Ахæстоны фыстытæ», зæгъгæ, уыдоны ’хсæн зынгæ бынат ахсынц авд æмдзæвгæйы: «Хуры тын», «Бæлон», «Хæлæг», «Дæ чиныг», «Фын», «Ме фсымæрмæ»,«Æрæхсæв».




#Article 142: Цоциты Уасил (179 words)


Цоциты Семёны фырт Уасил — хæстон тæхæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр. Райгуырдис 1917-æм азы 2 ноябры Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы. Уасил райдианы ахуыр кодта йæ райгуырæн хъæуы Ортъеуы. Уый фæтæ каст фæцис Сталиниры ирон авдазон скъола, стæй йæ йæ мады ’фсымæр Тбилисмæ акодта. Астæуккаг скъолайы ахуыркæнгæйæ, Цоцийы фырт уыцы иу рæстæджы куыста типографы дамгъæвзарæгæй, фæстæдæр та автотранспортон диспетчерæй. Фæстæдæр каст фæци Натлухы аэроклубы курсытæ æмæ дарддæр ахуырмæ ацыд Батайскы тæхджыты скъоламæ. 1938 азы йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæгæнæнтимæ æмæ йæ рарвыстой Сталиниры аэроклубмæ тæхæг-инструкторæй. Цоциты Уасилы къухдариуæджы бын 62 хæххон лæппуйы æртæ-цыппар азы дæргъы Сталиниры аэроклубы базыдтой тæхыны иттæг хорз аивад.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Цоциты Уасил ацыдис Мæскуымæ, Æфсæддон-Уæлдæфон Академимæ ахуыр кæнынмæ. Фæлæ йæ уым хæст æрыййæфта æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ацыдис фронтмæ. Цоциты фырт йæ штурмгæнæгыл ацыд хæстон фæндаг Сталинградæй суанг Берлинмæ. 1942 азы 12 декабры Цоцийы фырт райста йæ фыццаг хæстон хорзæх — Сырх Тырысайы орден. Уый фæстæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы, Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны, Сырх Тырысайы дыууæ орденæй, «Сталинград бахъахъхъæныны тыххæй», «1941-1945 азты Германы фæуæлахизы тыххæй» майдантæй æмæ æндæр хорзæхтæй.




#Article 143: Биазырты Алыксандр (152 words)


Биазырты Харитоны фырт Алыксандр (райгуырдис 1907-æм азы Цæгат Ирыстоны, Æрыдоны — амардис 2003-æм азы 20 июлы) у адæмон сфæлдыстад иртасæг æмæ æмбырдгæнæг, ахуыргæнæг, ирон æвзаджы ахуыргæнæн æмæ методикон чингуыты автор, ирон литературæ æмæ Нарты кадджытæ иртасæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг. 

Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты кусгæйæ Алыксандрæн бирæ бантысти.

Æрнывыл кодта æмæ мыхуыры рауагъта «Ирон адæмон аргъæуттæ» æртæ чиныгæй (1-аг том — 1959 азы, 2-аг том — 1960 азы, 3-аг том — 1962 азы). Чингуыты æдæппæт ис 500 аргъауы.

Æниу, кæуылты у Нарты кадджыты историон сусæгтæ раиртасыныл цы куыст бакодта Алыксандр, уый дæр мыхуыргонд æрцыдысты «Фидиуæджы», «Мах дуджы», «Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты хабæртты», стæй хицæн чиныгæй.

Алыксандр у «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы автор, рауагътой йæ цыппар хатты — 1967, 1969, 1973 æмæ 1976 азты. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Биазыры-фырт бирæ фарстатæн радта дзуапп, Темырболаты, Къостайы, Секъайы, Елбыздыхъойы, Цомахъы, Арсены сфæлдыстадон бынтæ куы иртæста, уæд.

Биазырты Алыксандр амардис 2003-æм азы 20 июлы.




#Article 144: Дзесты Куыдзæг (288 words)


Дзесты Габрелы фырт Куыдзæг (1905—1981) у ирон фыссæг-прозаик, тæлмацгæнæг.

Дзесты Габрелы фырт Куыдзæг райгуырдис 1905-æм азы 12 декабры Хуссар Ирыстоны хъæу Едысы мæгуыр хохаджы бинонты ’хсæн. Фондзаздзыдæй баззадис æнæ фыдæй, хъомыл æй кодта йæ мад Джыккиан Даро. Едысы каст фæцис æртæкъласон скъола, райдиан скъола та — Дзауы. 1920-æм азы Куыдзæг, æндæр хуссайраг лигъдæттимæ, йæ бинонтимæ йæ цæрæн бынат раивта Цæгат Ирыстонмæ. Ам Дзесты бинонтæ æрцардысты Ногиры. Суинаг фыссæджы бахъуыдис батрачы куыст кæнын Дзæуджыхъæуы агуыригæнæн заводы. 1923—1925-æм азты Куыдзæг ахуыр кодта облæсты фыццаг  скъолайы.

Дзесы-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта 1925-æм азы (Бекъойты Дзибкайы хъæппæрисæй цы журнал «Юная Осетия» цæуын райдыдта, уым), фæлæ профессионалон æмæ дæсны фыссæгыл æй нымайæн ис 1930-æм азты райдианæй, журнал «Фидиуæг»-ы йæ радзырдтæ «Хорхæссæг», «Уæхæнæзы радзырд», «Фæстаг аргъау» æмæ æндæртæ мыхуыры куы рацыдысты, уæдæй.

Фыссæджы курдиаты æууæлтæ раиртæста Нигер (Дзанайы-фырт), уый фыста 1932-æм азы:

Дзесты Куыдзæг фæзиан 1981 азы 24 августы.

Дзесты Куыдзæг канд фыссæг нæ, фæлæ ма уыдис уырыссаг æвзагæй иронмæ дæсны тæлмацгæнæг. Йæ тæлмацæй рацыдысты Валентин Катаевы «Полчъы фырт» («Сын полка»), Б. Горбатовы «Æнæбасæттонтæ» («Непокорённые»), Хетæгкаты Къостайы пьесæ «Дуня» æмæ æндæртæ. Фыссæджы иуæй-иу уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг æвзагмæ.

Дзесты Куыдзæг йæ тæккæ цардбаргæ æмæ куыстхъомдæр азтæй фыдæвзарæн лагерты арвыста æнæхъæн æвддæс — уыцы иу мæнг азымы тыххæй йæ фæд-фæдыл æртæ хатты æрцахстой.

Фыццаг хатт æй æрцахстой 1928-æм азы, троцкизмы æндæвдадæй йæ зылынгæнгæ. Уæд Дзесы-фырты ахастой Астæуккаг Азимæ, Чарджоуы сахармæ. Уыцы хастæй æрбаздæхтис 1930-æм азы. 1936-æм азы 24 августы ногæй бахаудис ахæстонмæ æмæ æрвыст æрцыдис лагермæ. Ссæрибар ис æрмæст 1954-æм азы.

Ребилитацигонд æрцыд 1957-æм азы.

Йæ лагерон тухиты тыххæй фыссæг радзырдта йæ чиныг «Зæрдæйы ностæ»-йы. Бирæ азты йын йæ къухфыст æмбæхстæй фæдардта Куыдзæджы бинойнаг Хъариаты Тамарæ. Кæд ирон литературæйы классикæн йæ мысинæгтæ кæронмæ ныффыссын нæ бантыст, уæддæр ацы уацмыс нымайæн ис ирон литературæйы цымыдисагдæр чингуытæй иуыл.




#Article 145: Куадзæн (194 words)


Куадзæн () у чырыстон дины стыр бæрæгбон. Чырыстон уырнындзинадмæ гæсгæ уыцы бон мæрдтæй райгас и Йесо Чырысти æмæ уымæй мæлæтыл фæуæлахиз.

Бæрæгбоны ирон ном фæзынди мивдисæг «ком уадзын»-æй. Уыцы бон чырыстон диныл хæст адæм «ком уадзынц», ома нал дарынц ком.

Ирон адæммæ куадзæн рагæй уыди стыр æмæ хъæлдзæг бæрæгбон.

Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. 325-æм азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг – æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæраг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц. 
Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта. 

Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Куадзæны бон-иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ.




#Article 146: Украинæ (133 words)


Украинæ ( ) у паддзахад Скæсæн Европæйы. Йæ фæзуат у 603 628 км² (Европæйы фæзуатæй 5,7 %), уымæй у Европæйы дыккаг стырдæр паддзахад (Уæрæсейы фæстæ). Цæрынц дзы 46 млн. ад. (2010).

Украинæ уыд Советон Цæдисы республикæ.

Бæстæйы президент у Владимир Зеленский.

Туристон цæстæнгасæй Украинæйы цымыдисаг бынаттæ сты Киев, Львов, Каменец-Подольский æмæ Хъырым.

Украинæйы стырдæр сахартæ сты:
Киев (сæйраг сахар), Харьков, Днепропетровск, Одессæ, Донецк, Запорожье, Львов, Кривой Рог, Мариуполь, Луганск, Николаев.

Киев уыд Рагон Уырысы сæйраг сахар.

Националон сконд (2001-æм азмæ гæсгæ):

Административон цæстæнгасæй Украинæ дихгонд у 24 облæстыл, ис дзы дыууæ сæрмагонд статусы сахары: Киев (бæстæйы сæйраг сахар) æмæ Севастополь. Бæстæйы хуссары æрбынат кодта Хъырымы Автономон Республикæ. Æппæт Украинæйы ис 490 районы, 118 сахарон районы, 22906 цæрæнраны (458 сахары, 884 сахарæнгæс посёлочы æмæ 28564 хъæуы), 10281 хъæусоветы (2006-æм азы 1 майы уавæрмæ гæсгæ).




#Article 147: Челæхсаты Серги (457 words)


Челæхсаты Кимайы фырт Серги (1916—1996), Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Сырх Стъалыйы дыууæ орденæй хорзæхджынгонд. Дзауы районы Карсанты сыхы (Бузалайы) цардис, йæ цардæмбал Карсанты Верæ йæхицæй бирæ раздæр фæзиан, схъомыл кодтой æртæ лæппуйы.

Серги гуыргæ Чеселты ракодта, Дыууæдонастæу 1916 азы зæхкусæг бинонты ’хсæн. Цыппар азы йыл куы сæххæст, уæд райдыдта гуырдзыйы уæды геноцид æмæ Ручъы æфцæгыл йæ ныййарджытимæ ахызт Цæгат Ирыстонмæ. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм 1936 азы æмæ службæ кодта Тбилисы 191 æхсæг полчы, уый фæстæ йæ аивтой Житомиры 146 æхсæг полкмæ 1938 азы. Уыцы аз райдыдта йæ хæстон фæндаг япойнаг самурайтимæ Хасаны цады цур. 1939 азы япойнæгтæ батыдтой Манголты Адæмон Республикæмæ Халхин-Голы цæугæдоны районы, фæлæ сын Челæхсаты Сергийы хуызæн хъæбатыр хæстонтæ стыр ныхкъуырд радтой. Уыцы рæстæджы ма Серги каст фæцис æхсæзмæйон афицеры курсытæ дæр.

Советон-финнаг хæст куы райдыдта, уæд та уым дæр хæцыд чеселттаг салдат æмæ фыццаг хатт знаджы нæмыгæй цæф дæр уыцы тохы фæцис, бахауд госпиталмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст Челæхсайы-фырты æрæййæфта Львовы. Ацы сахар хъахъхъæныны рæстæджы та дыккаг цæф фæцис.

Кæм цы карздæр тохтæ цыд, уымыты фæстæ нæ лæууыд Челæхсайы фырт. Уый дын Цæгат Кавказ, Калининград, Сталинград, Ныгуылæн Украинæ, Польшæ, Мæскуымæ ’ввахс тохты иууыл-иумæ фæцис 4 цæфы. Берлин куы ссæрибар кодтой, уæд та фæндзæм цæф.

Серги цы полчы службæ кодта, уый хъазуат бырстæй иста горæт Нейштадты. Уырдæм æппæты фыццаг Сергийы ротæйы хæстонтæ бацыдысты æмæ дзы уацары ракодтой знаджы 1500 салдат æмæ афицеры, скуынæг кодтой 12 танчы. Серги та уыд 391 æхсæг дивизийы 1024 æхсæг полчы командиры хæдивæг.

Знаджы азарæй цы фондз цæфы бавзæрста, уыдонæй иууыл тынгдæр цæф фæцис 1942 азы 29 ноябры. Госпиталы куы фæхуыссыд, уæд æй йæ Райгуырæн къуыммæ рарвыстой æмæ та куы фæсæрæн, уæд ногæй аздæхт фронтмæ.

Лейтенант Челæхсайы фырт йæ риуыл тæмæнтæкалгæ æрхаста Сырх Стъалыйы дыууæ ордены æмæ авд майданы. Уый уыд 1945 азы июны. Иу Сырх Стъалы дзы райста Берлины тохты.

Хæсты фæстæ цыбыр æмгъуыд йеддæмæ æгуыст нæ фæцис — цалдæр азы уыд Дзауы районы скъолаты æфсæддон ахуырты къухдариуæггæнæг, стæй та хицæн колхозты куыста алыхуызон бæрнон бынæтты. Адæм ын кодтой хорз аргъ. Хицауад ма йын радта рог хæдтулгæ дæр. Йæ дæргъвæтин хæстон фæндæгты тыххæй канд Ирыстоны периодикон мыхуыр нæ фыста, фæлæ ма хицæн хæстон чингуытæ дæр, уыдис ыл радиоалæвæрдтытæ.

Йæ хæстон хабæрттæ ракæныны тыххæй-иу æй арæх фæхуыдтой районы скъолатæм, ауагъта-иу æхсардзинады уроктæ дæр æмæ йæм канд скъоладзаутæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ дæр хъуыстой цымыдисæй.

Серги Кимайы фырт уæлдай тыхстдæр уыд, гуырдзы та ирон адæмæн 1989-92 азты геноцид куы сарæзтой, хæст йæ тæмæны куы уыд, уæд. Ирыстон уæд хæцæнгæрзтæй цух уыд æмæ-иу Дзауы посёлочы асдæр адæймæгтæ — Челæхсаты Серги, Джыгкайты Тотыр, Къозонты Митя, Соттиты Чермен æмæ æндæртæ райцентрмæ рахызтысты сагæйттимæ, суанг-иу уым уыдысты æхсæвыгæтты дæр, фæсивæдæн æвæрдтой ныфсытæ.

Уæлахизы 60 азы бон нал æрæййæфта Серги. Йæ цæфтæ, Ирыстоны маст ыл æртæфстысты æмæ 1996 азы октябры ацыд йæ дзæнæттаг дунемæ.




#Article 148: Гуырдзыбеты Бласка (171 words)


Гуырдзыбеты Бласка,  (райгуырд Мусхъæуы 1869-æм азы 1 мартъийы, амард хæсты быдыры 1905-æм азы 1 июлы) — фыццаг дыгурон поэттæй иу, дыгуронау чи фыста, фыццаг ахæм поэт.

Йæ уацмыстæ йæхи хардзæй уагъта. Дæлæ уыдоны номхыгъд:

Блашкайы сфæлдыстады æппæты зынгæдæр у йæ стихтæй фыст дыууæактон комеди «Æдули» (Æдылы).

Блашка æфсæддон куысты æнувыд уыдис — йæ мæлæт дæр æфсады ссардта. 1905 азы Японы хæстмæ барвæндæй ацыдис, дæлесаулы цины, æмæ июлы фыццаг бон, æфцæг Санвайцзыйы цур атакæйы рæстæг дзыхъмард фæцис знаджы нæмыгæй. Цинкæй табæты Блашкайы мард æрластой йæ райгуырæн хъæумæ, æмæ уым ныгæд æрцыд йæ фыды фарсмæ. Гуырдзыбеты Блашкайы амардыл афæдз куы сæххæст, уæд цы полчъы службæ кодта, уый командир Н. Баратов «Терские ведомости»-йы фыста:

Санвайцзымæ намысджын бабырст дæлесаул Гуырдзыбейы-фыртæн уыдис фæстаг. Гуырдзыбеты Блашкайы марды фæстæ æнæхъæн полкъ дæр фæуыргъуыйау ис. Ацы хæсты фæмард, æдзух тохы цæхæрмæ йæ бæттæнтæ чи тыдта, уыцы афицер. Æртæ хатты йæ нæ уагътон уырдæм, фæлæ нæ ныллæууыд. Йе ’мгæрттæй æфсæрмыгæнгæйæ-иу афтæ дзырдта: „Казначейы хъарм бынаты кæй дæн, уый мæ къæмдзæстыг кæны. Цы хъуамæ ахъуыды кæной ме ’мгæрттæ?“ Æмæ нæ ныллæууыд...




#Article 149: Хъæрæсе-Черкес (119 words)


Хъæрæсе-Черкес (Хъæрæсе + Черкес), официалон ном: Хъæрæсе-Черкесы Республикæ, цыбырæй ХъЧР (; ; ; ; ) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Краснодары край, Кæсæг-Балхъар æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та — Абхази æмæ Гуырдзыстонимæ арæн.

Республикæйы фæзуат у 14 100 км². Йæ сæйраг сахар у Черкесск.

Клухоры æфцæгæй (2781 м) Хъæрæсе-Черкес баст у Абхазимæ. Уыцы ’фцæгыл цæуы, йæ дæргъ 337 километры кæмæн у, Сухумы хæстон фæндаг ().

Республикæйы цæрынц 478 517 адæймаджы, уыдонæй 270 402 (56,6%) — хъæуты.

ХъЧР иу кæны хъæрæсе (цæрджыты нымæцæй 41,0%), хъазахъхъ (уырысимæ 31,6%), черкес (11,9%), абаз (7,8%) æмæ ногъай (3,3%) кæм цæрынц, уыцы территоритæ. Хъæрæсе-Черкесы ис ирон хъæу дæр — Лабæ.

Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы президент у Рашид Темрезов (хъæрæсейаг), хицауады сæрдар у Индрис Кябишев (черкесаг).




#Article 150: Краснодар (366 words)


Краснодар (1920-æм азы агъоммæ Екатеринодар) у сахар Уæрæсейы, Краснодары крайы административон центр. Цæрынц дзы 829,7 мин цæрæджы (2016). Краснодарæй Сау денджызмæ 120 км ис, Азовы денджызмæ — 140 км æмæ Мæскуымæ та — 1300 км. Краснодар æд йæ алфамбылай лæугæ хъæутæ у муниципалон сконд сахар Краснодары мидæг, скондæн ис сахарон зылды статус.

Краснодары сахар у Цæгат Кавказ æмæ Хуссар федералон зылды ахсджиаг экономикон æмæ культурон центр. Хонынц æй Кубаны сæйраг сахар дæр, æмæ  дæр.

РБК куыд фехъусын кодта, 2013-æм азы Краснодар уыдис æппæт Уæрæсейы тæккæ рæзгæ сахар.

Краснодар æрбынат кодта Скæсæйнаг-Европæйаг быдыры, Хъобаны дæлвæзы, Краснодары крайы астæумæ хæстæг, цæугæдон Хъобаны рахиз фарсыл. Сахары рельеф у сабыр, быдираг, ныллæгдæр кæны цæгатырдæм. Денджызы æмвæзадæй Краснодар у 19-32 м бæрзонддæр.

Цæгатæй хуссармæ Краснодар кæны 20,6 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ та — 30,1 км. Горæты фæзуат у 339,31 км².

Краснодар кæм лæууы, уыцы ран зæххæнкъуыстытæй тæссаг у. Тыхджын зæххæнкъуыст сахары никуы уыдис, фæлæ 1978-æм æмæ 2002-æм азты регистрацигонд æрцыдысты 4-5 баллы кæмæн уыд, ахæм зæххæнкъуыстытæ.

Сахары бынат тынг пайдайаг у экономикон цæстæнгæсæй. Сау денджызмæ сахарæй фæндаг у 78 км даргъ.

Красондар лæууы ромыл климаты хуссар арæныл, ис ын континентонæй субтропиконмæ рацæугæ климат (Cfa Кёппены классификацимæ гæсгæ).

Краснодары вæййы даргъ æмæ тæвд сæрд, цыбыр æмæ фæлмæн зымæг, кæцы райдайы январы фыццаг бонты.

Краснодары экологи йæ сæрæн нæу. Æппæты актуалон проблемæ у, хæдтулгæтæ цы фæздæг калынц, уый. Сæйрагдæр магистралтæ кæм цæуынц, уыцы рæтты зианхæссæг буаргъæдтæ сты æдас къæпхæнæй фылдæр.

Уæддæр Æрдзон ресурсты министрадмæ гæсгæ Краснодары уæлдæф у бæстæйы æртыккаг сыгъдæгдæр (500 мин адæймагæй фылдæр кæм цæры, уыцы сахарты хсæн).

Сахары ууылты цæуы Хъобаны цæугæдон, Цæгат Кавказы стырдæр дон. Йæ дæргъ у 870 км, бассейны фæзуат та — 57900 км². Цæугæдоны быдираг хайыл ис цалдæр донæвæрæны.

Ныгуылæн-Кавказаг археологион экспедицийы рардтытæм гæсгæ сахары мидæг ссардæуы меотаг цæрæнраны хæлддзæг, уыцы цæрæнраны адæм цардысты IV-III æнусты нæ эрæйы агъоммæ. Краснодармæ ’ввæхс Хъобаны дон-дон уыдис Боспораг паддахады фидаргонд сахар.

Граждайнаг хæсты рæстæг Екатеринодар уыд Урс Хуссары сæйраг сахар.

Советон Цæдис куы фехæлдис, уæд æппæт Уæрæсейы цæрджыты нымæц кодта къаддæр, фæлæ Краснодары цæрджыты нымæц æрмæстдæр рæзы. Горæтмæ цæрынмæ æрбацæуынц, Цæгаты чи фæкуыста, уыцы адæм.

Иу кæнæ дыууæ хатты сахары администраци не схъæр кодта, милуан цæрæгæй фылдæр горæты кæй ис, уый. Фæлæ цæрджыты сфыстмæ гæсгæ уыцы нымæц адæм нæма цæрынц Краснодары..




#Article 151: Мытищи (312 words)


Мытищи у Уæрæсейы сахар æмæ Мæскуыйы облæсты Мытищийы районы административон центр.

Цæры дзы 162,7 мин адæймаджы. Цæрджыты нымæцмæ гæсгæ у Мæскуыйы облæсты фæндзæм сахар (Балашихæ, Подольск, Химки æмæ Королёвы фæстæ).
Сахар æрбынат кодта Мæскуыйæ 19 км æддæдæр, йæ цæгат-скæсæнырдыгæй, цæугæдон Яузæйы былгæрон. Ярославлы сосавæндагварс æмарæн у Мæскуыимæ æмæ нымад у йæ сателлит-сахарыл.
Мытищи у Мæскуыйы облæсты культурæ, зонад æмæ индустрийы стырдæр артдзæстæй иу. Æфсæнвæндаг «Мæскуы — Ярославль»-ы хаххы æлхынцъ.

Фыццаг хатт Мытищийы хъæуы тыххæй ской чындæуыд 1460-æм азы (XIX æнусæй — Стыр Мытищи). Сахары ном равзæрди дзырд «мыта»-йæ (вариант — «мытная пошлина»). Афтæ хуынди, цæугæдæттæ Яузæ æмæ Клязмæйы ’хсæн ахизæнвæндагыл () цæуæг адæм цы хъалон фыстой, уый.

XX æнусы райдианы Мытищи сси, мæскуыйæгтæ сæрдыгон сæ фæллад кæм уагътой, ахæм популярон ран.

Мытищийы индустрийы сæйраг къабаз у машинæаразынад.
Сæйрагдæр индустрион куыстуæттæ:

æмæ æндæртæ.

Мытищийы ис кæнгæ фæскъæутты зонадон-иртасæн иститут (ЗИИ), бæрцытæбарæн радиогарзæгты ЗИИ (НИИ измерительных радиоприборов). Уыдонæй уæлдай ма дзы кусы Хъæды Мæскуыйы паддзахадон университет, Фæлхасадон кооперацийы Мæскуыйы университет, медицинон училище, машинæаразæн колледж æмæ æндæр ахуырдæттæ.

Культурон кусæндæттæй зынгæдæртæ сты Куклаты театр «Огниво», драмæ æмæ комедийы театр «ФЭСТ», Историон-аивадон музей, нывты галерей, спортивон-ирхæфсæн комплекс «Ихын аренæ „Мытищи“».

Сахары уагъд цæуы газеттæ «Родники» (йæ раздæры ном — «За коммунизм»), «По Ярославке» (2005-æм азæй).

Фæндæгты хыз арæзт у ахæм æгъдауæй æмæ транзитон автотранспортæн нæй ацæуæн сахары центрыл. Уый руаджы иуæй мидкварталты цæуæг машинæты бæрц къаддæр кæны, иннæмæй та къуылымпы чындæуы Мытищийæ Мæскуымæ æмæ Мæскуыйæ Мытищимæ цæуæг транспорты, уымæн æмæ уыдоны бахъæуы цæуын æмраст фæндагыл нæ, фæлæ центры иувæрсты.

Мæскуыйæ сахармæ ис æртæ бацæуæны: Ярославлы сосавæндагыл, Осташковойы сосавæндагыл æмæ МКАД-ы æддаг зилаккы ’рдыгæй, платформæ Перловская кæм ис, уым.

Фæндæгты хыз ныр дæр рæзы, æмæ 2002—2005-æм азты Осташковойы сосавæндагæй Сабырдзинады уынгмæ бахизæн бæрæг уæрæхдæргонд æрцыд. Ныридæгæн фæци арæзт Ярославлы сосавæндагыл эстакадæ Олимпаг проспектмæ.

Сахарыл цæуы, Мæскуы æмæ Мæскуыйы облæсты цæгат-скæсæны цæрæнрæттæ чи бæтты, уыцы æфсæнвæндаг.

Сахары автовагзалæй арæзт æрцыди автобусты маршруттæ Мытищийы районы, стæй æндæр районты цæрæнрæттæм.




#Article 152: Гуымы Хъæрмæдон (109 words)


Гуымы Хъæрмæдон кæнæ Гумы хъæрмæдон () у Уæрæсейы сахар, Стъараполы крайы хуссары, Минеральные Водыйы агломерацийы. Цæрынц дзы 145,8 мин адæймаджы (2017). 2010-æм азы январæй Гуымы Хъæрмæдон у Цæгат Кавказы федералон зылды центр.

Стъараполæй Гуымы Хъæрмæдонмæ ис 196 километры. Гуымы Хъæрмæдонæн йе скæсæны æрбынат кодта Цæгат Кавказы стырдæр базар — «Предгорье» (зындгонд у куыд «Людмилæ»).

Гуымы Хъæрмæдонмæ хæстæг у хох Бестау (1401,2 м). Сахары арæны мидæг ис цалдæр хохы, уыдонæй зындгонддæр у Машук (993,7 м).

Гуымы Хъæрмæдон зындгонд у йæ уæлдæр ахуыргæндæттæй, æдæппæт сты 17, æмæ дзы ахуыр кæнынц 40 мин студенты бæрц. Æппæты зындгонддæр у Гуымы Хъæрмæдоны паддзахадон лингвистикон университет.

Сахары этникон сконд, 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ, у ахæм:




#Article 153: Черкесск (241 words)


Черкесск (, , , ) у Уæрæсейы сахар Хъæрæсе-Черкесы, уыцы республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 122,5 мин адæймаджы (2017).

Сахар у республикæйы ахсджиагдæр экономикон æмæ культурон центр.

Сахар æрбынат кодта республикæйы цæгаты, Хъубаны рахиз фарсыл. Æмарæн у цыппар районимæ: Абазинаг, Адыге-Хаблы, Хъубангæроны æмæ Усть-Джегутайы.

Цæрæнраны фæзуат у 69,8 км².

Сахарæй скæсæнырдæм райдайынц ныллæг рæгътæ 700 метры онг бæрзонд. Сахар лæууы денджызы æмвæзадæй 530 м фылдæр.

Сахары бындур сæвæрдæуы 1825 азы, уый фæзындис куыд хъазахъхъаг станицæ. Йæ ном у туркаг æфсæдты хицау Батал-пашайы фембылды кадæн (1804 азы уырыссаг генерал-майор Иван Германы бал пашайы æфсад ныддарæн кодта). Састы бынаты чи баззадис, уый кадæн цæрæнран куы схонынц, ахæм уæвæр дунейы арæх не ’мбæлы. Хуымæтæг адæм хуыдтой йæ Пашинкæ.

Баталпашинская канд хæстон функцитæ не ’ххæст кодта, фæлæ ма зындгонд роль райста базарады дæр. Сæудаджергæнджытæ дзы ивгæ кодтой хохæгты базайрæгтæ хъуымац æмæ цæххыл.

Мидхæсты заман станицæ байстой инæлæр Шкуройы урс хæстонтæ. Шкуро расидта мобилизаци æмæ чысыл фæстæдæр, 1919 азы 5 январы, йæ къухы бафтыдис Кисловодск байсын. Кисловодскæй Баталпашинскаямæ уый æрбаласта адæмы æмæ станицæйы мидæг кусын байдыдта патронтæ, хъуымац, цырыхъхъытæ уадзæн куыстуæттæ. 1920-æм азы уалдзæджы бæстæ байстой сырхæфсæддонтæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сахар байстой немыц, æмæ 1943-æм азы январы онг оккупацийы уыдис.

Æппæтуæрæсеон цæрджыты сфыстмæ гæсгæ (2010):

Сахары мидæг цæрынц 70 адæмыхаттæй фылдæр.

Сахар Черкесскæн йæ муниципалон скондæн ис сахары зылды статус, уый мидæг ис æрмæстдæр иу цæрæнран, сахар Черкесск.

Бынæттон хиуынаффæйады структурæмæ хауынц:

Клубы уæззаудæр æмбылд уыдис Дзæуджыхъæуы «Алани»-имæ хъазт 2019-æм азы 21 сентябры — 0:5.




#Article 154: Дагъистан (546 words)


Дагъистан кæнæ Дагъыстан (, агъул. Республика Дагъустан, , , , ) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Цæцæн, Хъалмыхъхъ æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та æмарæн у Азербайджан æмæ Гуырдзыстонимæ. Дагъистаны сæйраг сахар у Къаспы денджызы былгæрон порт Махачкала. Йæ сæргълæууæг у Владимир Васильев.

Республикæйы фæзуат у 50,3 мин км².

Дагъистан у бирæнацион бæстæ, цæры дзы дыууын адæмыхаттæй фылдæр. Уыдонæй стырдæр сты солиаг адæм — Дагъистаны цæрджытæй се ’ртыккаг хай.

...æмæ æндæртæ 

Ном Дагъистан зындгонд у XVII æнусæй æмæ нысан кæны «хохы бæстæ» (тюркаг ныхас дагъ «хох» æмæ ирайнаг фæсæфтуан -стан). Ныры Дагъистан хохы бæстæ нал у, уый тыххæй æмæ йæ цæгатаг быдыртæ ахсынц йæ фæзуаты 44%..

Дагъистан æрбынат кодта Кавказы цæгат-скæсæны, Къаспы денджызы былгæрон. Республикæйы цæгаты сты тыгъд быдыртæ, хуссары та — Стыр Кавказы хæхтæ. Дагъистаны дæргъ цæгатæй хуссармæ у 400 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ — 200 км.

Дагъистаны цæгатаг арæн у Стъараполы край æмæ Хъалмыхъхъы республикæимæ. Ныгуылæны республикæйæн ис арæн Цæцæн æмæ Гуырдзыстонимæ, хуссары та — Азербайджаны паддзахадон арæн. Къаспы денджызы фæстæ ис цыппар паддзахады: Хъазахстан, Туркменистан, Иран æмæ Азербайджан. Азербайджанимæ арæн у Уæрæсейы Федерацийы тæккæ хуссардæр ран (41°10' ц. у.).

Скæсæнырдыгæй Дагъистаны территори æхсы Къаспы денджызы дон. Республикæйы цæгаты хус климат у æмæ дзы уый тыххæй бирæ цæугæдæттæ нæй. Хохы та дон фылдæр ис.

Республикæйы астæу кæлынц Терк æмæ Сулак. Æдæппæт Дагъистаны и 6255 цæугæдоны, уыдонæй сæдæ сты сæйрагдæр — сæ дæргъ 25 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæмтæ. Тыккæ зындгонддæр сты Терк, Сулак, Самур, Рубас. Æппæт цæугæдæттæ дæр хауынц Къаспы денджызы бассейнмæ, фæлæ уыдонæй денджызы æййафынц æрмæстдæр 20.

Самур у Дагъистаны дыккаг ахсджиагдæр цæугæдон, йæ бассейны фæзуат у 7,3 мин км². Самуры гуырæн у Рутулы районы. Къаспы денджызы бакæлæн скæны дельтæ. Цæугæдоны дон-дон сараздзысты æртæ ног электрон станцæйы. Самуры дæттæ пайда хæссынц хъæууон хæдзæрадмæ, уымæй хуссарырдæм цæуы Самур-Дербенты къæнæу æмæ Самур-Апшероны къæнæу (уыцы фæстаг цæуы фæсарæнмæ, Азербайджанмæ).

Сулак равзæры æртæ доны — Хъазхъуымыхъхъаг Койсу, Солиаг Койсу æмæ Андийаг Койсу — кæм баиу вæййынц, уыцы ран. Сулачы бассейны фæзуат у 15,2 мин км². Сулакыл лæууынц гидероэлектростанцæтæ — Чиркейаг ГЭС, Миатлины ГЭС, Гельбахы ГЭС, Чирюрты ГЭС-1 æмæ Чирюрты ГЭС-2.

Хæхтæ ахсынц республикæйы 25,5 мин км², йæ рæстæмбис бæрзæнд у 960 м денджызы æмвæзадæй. Дагъистаны бæрзонддæр хох у Базардюзю (4466 м).

Дагъистан у Уæрæсейы тæккæ бирæнацион республикæ. Йæ паддзахадон æвзæгтæ сты уырыссаг æмæ Дагъистаны адæмты æппæт æвзæгтæ. Уыцы æвзæгтæй æрмæстдæр 14 ис фыссынад, æндæртæ сты дзургæ æвзæгтæ. Дагъистаны адæмтæй сæ фылдæр дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды æвзæгтыл (75 %), тюркаг къорды æвзæгтыл (20 %) æмæ уырыссагау (5 %).

Солыйæгты скондмæ нымайынц андо-цезаг адæмты дæр æмæ арчинæгтæ.

XX æнусы 20-æм азты агъоммæ Дагъистаны хохы цæрджыты егъау хай хуыдтой лекъ, быдыры цæрæг хъумыхъхъæгты та — Кавказы тæтæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Дагъистаны цæрджытæ се ’хсæн ныхас кодтой тюркагау (хъумыхъхъагау цæгаты æмæ азербайджайнагау хуссары), рæстæг куы цыдис, æхсæнадæмон æвзаг сси уырыссаг æвзаг, куыд бæстæйы æндæр регионты.

Дагъистаны цæрынц Уæрæсейы пысылмæттæй сæ фылдæр хай. Республикæйы цæрджытæй 96% бæрц пысылмон диныл хаст сты (2,9 млн ад.). Дербентмæ пысылмон дин æрбацыдис VII—VIII æнусы, хохмæ та — фæстæдæр.

Чырыстон рæстуырнæг еклезийы Сыгъдæг Синоды уынаффæмæ гæсгæ сарæзтæуы Махачкалайы епархи (2012 азы), рахицæн æй кодтой Владикавказ æмæ Аланийы епархийæ.

Махачкала, Хасавюрт, Дербент, Каспийск, Буйнакск, Избербаш, Кизляр, Кизилюрт æмæ æндæртæ.

Дагъистаны сконды ис 42 районы æмæ дæс сахары зылды:

Регионы сæргъы сты Дагъистаны сæргълæууджытæ (раздæр президенттæ), кæцыты нысан кæны Уæрæсейы Федерацийы президент.
Сæргълæууджыты номхыгъд:

Бирæ сты дагъистайнаг спортсменты æнтыстытæ, уæлдайдæр хъæбысæйхæсты. Тынг популярон сси футбол дæр.




#Article 155: Галазты Æхсарбег (107 words)


Галазты Хадзымырзæйы фырт Æхсарбег (райгуырдис 1929-æм аззы 15 октябры Хуымæллæджы хъæуы — амардис 2013-æм азы 10 апрелы) уыдис ахуыргонд, Ирыстоны æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг, Цæгат Ирыстоны фыццаг президент (1994—1998).

Галазы-фыртæн йæ фыд, 1905-æм азы гуырд Хадзымырзæ, 1938-æм азы репрессигонд æрцыдис, æмæ цалдæр азы фæстæдæр амардис лагеры. Фæстæдæр реабилитацигонд сси.

Галазты Æхсарбег каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт 1952-æм азы, уый фæстæ 1958-æм азы онг куыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы. 1958-æм азæй куыста Дзæуджыхъæуы, ахуырады системæйы. 1961-æм азæй 1975-æм азмæ уыдис Цæгат Ирыстоны ахуырады министр. 1976-æм азæй 1990-æм азмæ — Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор.

Ис ын дыууæ фырты æмæ иу чызг.




#Article 156: Канадæ (340 words)


 

Канадæ (, ) у Цæгат Америкæйы паддзахад, дæс провинци æмæ æртæ территорийæ арæзт. Ис континенты цæгат хайы, æмæ æмарæн у æрмæст АИШ-имæ, хуссары æмæ ныгъуылæны. Уый йеддæмæ ма йæ доны территоритæ æндзæвынц Дани (Гренланди) æмæ Францы (Сен-Пьер æмæ Микелон) доны территоритыл. Йæ сæйраг сахар у Оттавæ, стырдæр та Торонто. Канадæ, йæ фæзуатмæ гæсгæ у дунейы дыккаг стырдæр бæстæ. Цæры дзы 35 милуан цæрæгмæ æввахс. Канадæйы экономикæ у дунейы размæцыддæр экономикæтæй иу, æмæ дзы бындурон бынат ахсынц æрдзон ресурстæ.

Канадæ у парламентарон системæйыл æрмдаргæ конституцион монархи (къаролад). Ус-къарол Елызаветæ Дыккаг у сæ сæргълæууæг. Канадæ у дунейы æппæтдæр этникон хæццæ æмæ бирæкультурон бæстæйыл нымад, ахæм сси йе стыр иммиграцийы тыххæй, Зæххы къорийы адæмыхаттытæй дзы алыхуызоны ссарæн дæр ис.

Канадæ у дывзагон бæстæ, англисаг æмæ францаг æвзæгтæ сты официалон æвзæгтæ. Канадæйы экономикæ у , бæстон у йæ æрдзон ресурстыл æмæ сæудæджерадыл (уæйкæнад) (сæрмагондæй АИШ-имæ, кæцыимæ Канадæ æмдзыгуыр цæдис кæны колонитæ ма куы уыди æмæ Конфедераци куы сæвзæрд, гъеуæдæй-фæстæмæ).
 
Францаг иртасæг, Сен-Малойы райгуыргæ (ныгæд дæр уым æрцыд, мæгуыр) Жак Картьейæ бындурæвæрд 1534 азы, Канадæ исы йæ гуырæн францаг колонийæ, нырыккон сахар Квебечы бынаты уыд æмæ дзы цардысты бынæттон дзыллæтæ, бæгуыдæр. Англисы колонизацийы периоды фæстæ æртæ бритайнаг колонийы цæдисæй (айразмæ Ног Францы территоритæ кæдон уыдысты) райгуырди канадæйаг конфедераци. Канадæйы хæдбардзинад Иугонд Къароладæй ахицæн ис уæздан æмæ сабыр процессæй 1867-æй - 1982-мæ. 

Нырдуджы Канадæ у федеративон паддзахад, æххæстдзыд 10 провинцийæ æмæ 3 территорийæ. Францаг æвзагыл дзурджытæ фылдæр кæм цæрынц, уыцы провинци у Квебек.

Канадæ у НАТО-йы уæнг.

Бæстæном Канадæ цæуы kanata ныхасæй, кæцы нысан кодта «хъæу», «цæрæнуат», ирокезты æвзагыл, Жак Картье цы фыццаг аборигенон знæмтæ федта æрдæгсакъадах Гаспейы 1535-æм азы, уыдон, куы йын амыдтой фæндаг Стадаконæйы хъæумæ. Картье фæстæдæр æуцы ныхасæй спайда кодта канд сæрмагонд хъæуы схонгæ нæ, фæлæ ма йæ алыварс цы зæххытæ уыд, бынæттон фæтæг Доннаконæйы дæлбар, уыдоны. 1545-æм азæй европæйаг картæтæ æмæ чингуытæ амыдтой ацы регион æмæ Сыгъдæг Лаврентийы цæугæдоны былтæ «Канадæ» ныхасæй. Стæй ма æуцы ном аххæссыд, Британийы Империйæ фæткдаргæ, æндæр территоритыл дæр Цæгат Америкæйы.

Канадæйы ис 10 провинцийы æмæ 3 территорийы. Провинцитæн ис фылдæр автономи, территоритимæ абæргæйæ.

Торонтойы цæрынц бирæ ирæттæ.




#Article 157: Чили (204 words)


Чили, Чилийы Республикæ дæр (
) у паддзахад Хуссар Америкæйы, Сабыр фурды былы дæргъмæ фурд æмæ Андты ’хсæн, раздæры Испанийы колони. Чилийæн ис арæн Перу, Боливи æмæ Аргентинæимæ. Фурды былы дæргъ Чилийы у 6,4 мин километрæй фылдæр.

Чилийы у цæгатæй хуссармæ тынг ивæзт (4300 км), æмæ уымæ гæсгæ ис дзы тынг алыхуызон бæстыхъæд. Бæстæйы цæгаты у дунейы сурдæр æдзæрæгран Атакамæ, хуссарырдæм у фæлмæн бæстыхъæды таг, хуссары та — уазал территоритæ, мит арæх кæм фæуары.

Чили йæхи хæдбар расидтис 1810-æм азы, фæлæ бынтондæр ссæрибар уын йæ къухы нæ бафтыдис 1818 азы онг. Сабыр фурды чи уыдис, уыцы хæсты фæрцы Чили йæ нырыккон цæгаты зæххытæ йæхи бакодта (уæдмæ уыдысты Перу æмæ Боливийы территори), уыцы рæстæгæй хæст кæнæ быцæу бæстæйы никуы уыдис, уыцы регионы иннæ бæстæтæй хъауджыдæр. Æрмæст 1973—1983, 17 азы дæргъы, дзы æлдариуæг кодта инæлар Пиночет, йæ заманы дунейы тугмондагдæр диктатортæй иу.

Ныртæккæ Чили у Хуссар Америкæйы сабыр æмæ хъæздыгдæр паддзахæдтæй иу. Йæ политикон æнæзмæстдзинад æмæ экономикон сæрибардзинад сты раппæлинаг.

Чилийы цæрынц 16,3 милуан адæймаджы (2007 азы аргъгонд).

Чилиæгтæн сæ фылдæр сты католиктæ (70%). Протестантон еклезиты  чырыстон уырнджытæ (лютерантæ, æвдæм боны адвентисттæ, методисттæ æмæ æндæртæ) сты 15%, Иеговæйы æвдисæнтæ — 1%, атеисттæ æмæ агностиктæ сты 8%.

Дины сæрибарадзинад хъахъхъæд у закъонтæй, паддзахад ницы еклезиимæ баст у.




#Article 158: Камерун (190 words)


Камеруны Республикæ (, ) у унитарон республикæ централон æмæ ныгуылæн Африкæйы. Йæ сыхæгтæ сты Нигери ныгуылæнæй, Чад цæгат-скæсæнæй, Централон Африкæйы Республикæ скæсæнæй, хуссарæй та — Габон, Республикæ Конго æмæ Экваториалон Гвиней. Хуссар-скæсæны Камерунæн ис денджызмæ бацæуæн — Атлантикон фурды Гвинейы бакæлæнмæ.

Бæстæ хонынц «Африкæйы миниатюрæ», уый тыххæй æмæ тынг алыхуызон у æрдзæй, культурæйæ, ландшафтæй. Ис дзы денджызы былгæрæттæ, æдзæрæгран, саваннæ, къæвда-хъæдтæ, хæхтæ. Бæстæйы бæрзонддæр хох у Камеруны хох (4040 м).

Камеруны цæрынц дыууæ сæдæйæ фылдæр алыхуызон адæмтæ, æвзагон æмæ культурон къордтæ. Камерун зындгонд сси йæ хигъæдон музыкæйæ, уæлдайдæр макоссæ æмæ бикутси стилтæй, æмæ йæ æнтыстджын футболон командæйæ. Официалон æвзæгтæ сты англисаг æмæ францаг, уый тыххæй æмæ Камеруны зæххытæ кæддæр уыдысты Стыр Британи æмæ Францы дæлбар.

Европæйæгтæ (португайлаг денджыздзаутæ) Камеруны былгæронмæ ’рбацыдысты XV æнусы. Ссардтой дзы тынг бирæ креветкæтæ — æмæ бæстæ дæр афтæ схуыдтой, Рио-душ-Камаронш, ома «креветкæты цæугæдон». Креветкæ ахсын ныр дæр у Камеруны ахсджиагдæр куыстытæй иу.

Камерун, æндæр Африкæйы паддзахæдтимæ абаргæйæ, у стабилон æмæ æдас. Уый фæрцы бæстæмæ гуылф кæнынц лигъдæттæ. Ахæм цæрджыты нымæц у 97 мины бæрц, уыдонæй фылдæр ЦАР æмæ Чадæй. Мидæг тынгад дæр ис Камеруны, англисагау æмæ францагау дзурдыжыты ’хсæн, стæй чырыстон æмæ пысылмон уырнджыты ’хсæн.




#Article 159: Фиджи (115 words)


Фиджийы сакъадæхты Республикæ (фидж. Matanitu Tu-Vaka-i-koya ko Viti, , ) у паддзахад Сабыр фурды архипелагтæйы иуыл.

Фиджийы цæрджытæй 57,2 % (475 739 адæймаджы) сты фиджиаг адæмыхаттæй, бындурон цæрджытæ, 37,5 % (313 798 адæймаджы) та — фиджи-индийæгтæ. Англисаг æмæ фиджиаг сты бæстæйы официалон æвзæгтæ, индийæгты ’хсæн бирæтæ дзурынц ма хиндустанийы, хиндиаг æвзаджы диалектыл (Фиджийы хинди дæр æй хонынц). Фиджийы цæрæг индийæгты нымæц хауы эмиграцийы аххосæй.

Сæ динмæ гæсгæ Фиджийы цæрджытæ сты чырыстон (64,5 %, уыдонæй методисттæ — 35 %, католиктæ — 9 %, «Хуыцыауы æмбырды» уæнгтæ — 6 %, æвдæм боны адвентисттæ — 4 %, æндæр чырыстæттæ — 11 %), индуисттæ — 27,9 %, пысылмæттæ — 6,3 %, сикхæгтæ — 0,3 % (2007-æм азы сфыстмæ гæсгæ).




#Article 160: Габон (117 words)


Габон (), Габоны Республикæ дæр () у Африкæйы ныгуылæны паддзахад Атлантикон фурды былгæрон (былы дæргъ 885 км).

Габон хæдбар паддзахад сси 1960 азы. Уыцы рæстæгæй нырмæ æрмæст дыууæ адæймаджы уыдысты йæ президенттæ: Леон Мба (1961—1967) æмæ Альбер-Бернар Бонго (1973 азы райста пысылмон дин æмæ уæдæй нырмæ хуыйны эль-Хадж Омар Бонго).

Габон у Сау Африкæйы хъæздыгдæр æмæ стабилондæр паддзахæдтæй иу. Ис дзы æрдзон газ æмæ нефты гуырæнтæ, уран, марганец. Уæй кæны нефт (экспорты 80%), хъæд, марганец, уран, æфсæйнаг — экспорт у 7 млрд доллæры аргъ (2007 азы). Ахсджиагдæр æлхæнджытæ сты АИШ (33%), Китай (16%) æмæ Франц (9%)

Импорты аргъ 2007 азы уыд 2,1 млрд доллæры. Габон æлхæны индустрион товартæ æмæ хойрæгтæ Франц (28%), АИШ (19%) æмæ Бельгийæ (6%).




#Article 161: Гайанæ (221 words)


Гайанæ (, зæлы /ɡaɪˈænə/ or /ɡiːˈɑːnə/), кæддæры Бритайнаг Гайанæ, у Хуссар Америкæйы цæгат-скæсæйнаг паддзахад, Атлантикон фурды былгæрон. Гайанæйы сыхаг бæстæтæ сты Венесуэлæ (скæсæны), Бразили (хуссары) æмæ Суринам (ныгуылæны). Бæстæйы фылдæр хай у дайуаг (дзырддаг) — уыцы территоритæм хъавынц Венесуэлæ æмæ Суринам — Венесуэлæйы мыхуыргонд картæтæ скæсæйнаг Гайанæйы территори цæугæдон Эсекибойы онг æвдисынц куыд Венесуэлæйы хайThe Trail of Diplomacy - A Documentary History of the Guyana-Venezuela Border Issue by Dr.Odeen Ishmael 

Гайанæйы зæхх ссардтой испайнаг денджызы цæуджытæ XV æнусы, фæлæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыди. Фæстæдæр Нидерландтæ æмæ Британийы импери ерыс кодтой бæстæ бацахсыныл, рамбылдтой бритайнæгтæ — 1814 азы бæстæ фæци сæ империйы дæлбар.

Ныр цæрджыты 43,5 % сты индийæгтæ, 30,2 % — негртæ, 16,7 % — метистæ æмæ мулаттæ, 9,1 % — индейæгтæ (бындурон цæрджыты байзæддæгтæ), 0,4 % — æндæртæ (2002 азы сфыстмæ гæсгæ). Сæ динмæ гæсгæ дæр афтæ алыхуызон сты: ис дзы бирæ индуисттæ, чырыстæттæ æмæ пысылмæттæ. Гайанæ у Пысылмон Конференцийы цæстдарæг уæнг.

Йæ культурæмæ гæсгæ Гайанæ у Карибы денджызы англисагау дзурæг бæстæтæм (зæгъæм, Ямайкæ, Тринидад æмæ Тобаго) хæстæг. Бæстæйы цæрджытæ денджызмæ хæстæг районты цæрынц (уыдонæй æртыккаг хай — сæйраг сахары), мидæгон территоритæ та лæууынц æнæвнæлдæй, ис дзы хъæддаг царды æппæлинаг алыхуызонад.

Гайанæ у Хуссар Америкæйы иунæг паддзахад, мæлæты тæрхон кæм ма рахæссынц, ахæм. Гомосексуализм дзы фыдракæндыл нымад у æмæ, уымæй кæй фæзылын кæнынц, уыцы нæлгоймæгтæн рахæссынц цæрæнбонмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон.




#Article 162: Кени (154 words)


Кени () у Скæсæн Африкæйы паддзахад Индийы океаны былыл. Колони ма куы уыдис, йæ ном хуындис Британийы Скæсæны Африкæ, Кени та у бæстæйы астæу цы дынджыр хох лæууы, уый ном (кæс Кенийы цъупп, 5199 м).

Кенийæгтæй 22 % цæрынц сахарты. Нæлгоймæгты 90 % æмæ сылгоймæгты 80 % зонынц кæсын æмæ фыссын (2003).

Сæ динмæ гæсгæ кенийæгты фылдæр хай сты чырыстон диныл хаст (протестанттæ 45 %, католиктæ 33 %), бæстæйы ис пысылмæттæ дæр (10 %) æмæ бынæттон динты уырнджытæ (10-12 %).

Урсдзарм бритайнæгтæ æрцардысты Кенийы мидæг раны, кæцы зындгонд сси куыд Урс Уæлвæз (ныры Кенийы Центрон провинци, Найроби æмæ Кенийы цъуппы ’хсæн бæстæ). Урс фермерты нымæц хæццæ кодта 30 минмæ, уыдон фæхъæздыг сты къофи æмæ цай кæнынæй. 1950-тæм азты Мау-мауы растады фæстиуæгæн уыцы фермерты бахъуыдис бæстæйæ ацæуын.

Кенийы райгуырдис АИШ-ы президент Барак Обамайы фыд, уымæй кенийæгтæ тынг сæрыстыр сты. 2008-æм азы 4 ноябры уыдис уылæфæн бон Кенийы, цæмæй кенийаг адæм Обамайы президентады фæдыл бæрæгбон æрвитой.




#Article 163: Никарагуæ (1805 words)


Никарагуæ (), кæнæ Республикæ Никарагуæ () у Централон Америкæйы паддзахад. 

Никарагуæйы атлантикон былгæрон европæйæгтæ ссардтой 1502-æм азы (Христофор Колумбы цыппæрæм балц). 

Уыцы бæстæ испайнæгтæ сæхи бакодтой 1522-æм азы (Хиль Гонсалес Давила). Хуссар-хурныгуылæйнаг зæххытыл (цад Никарагуæ æмæ Сабыр фурды былгæроны ’хсæн цы зæхкъубал ис, уым) цы индейæгтæ (ацтекаг знæмтæй иу) цардис, уыимæ испайнæгтæ саразтой бадзырд, æмæ уыцы знæмы фæтæджы ном — Никарао хуындис — рахуыдтой æгас бæстæ. Фæлæ цæгатаг территоритыл испайнæгтæн цалдæр азы бахъуыди хæцын æндæр индейаг знæмтимæ.

XVI æнусы испайнаг конкистадортæ æрæвæрдтой бындур дыууæ сахарæн: цад Никарагуæйы ныгуылæйнаг былгæрон, Атлантикæйæ донвæндаг кæм фæвæййы — сахар Гранадæйæн, Сабыр фурды былгæрон та — сахар Леонæн. Индейæгты дзæвгар хай ныццагъдæуыди кæнæ амарди, испайнæгтæ семæ кæй æрхастой, уыцы низтæй. Æгас чи баззади, уыцы индейæгтæ райдыдтой хæццæ кæнын испайнаг æрлидзджытимæ.

Никарагуæйы конкистадортæ не ссардтой сыгъзæрин æмæ æвзисты дынджыр голтæ, æмæ уый тыххæй Гранадæ æмæ Леон систы Испанийы аграрон колонитæ. XVI æнусы кæрон плантациты кусынæн Африкæйæ райдыдтой ласын цагъайраг негрты. Фæлæ ахæм кусджытæй Никарагуæйы парахатæй пайда нæ кодтой.

Бæстæйы скæсæнварс — Москитон Былгæроны () æвзæргомау бæстыхъæд æмæ зындзæуæн хъæдтæ кæй уыди, уый фæрцы йæ испайнæгтæ нæ баколонизаци кодтой. Уыйхыгъд уыцы ран æрбынат кодтой, испайнаг наутæ чи стыгъта æмæ ссырдта, уыцы англисаг пираттæ. Англисæгтæ XVII æнусæй, скæсæн былгæроны сæ позицитæ куы бафидар кодтой, уæд райдыдтой цæугæдон Сан-Хуаны рейдты цæуын Никарагуæйы ныгуылæнварсмæ, æмæ уым испайнаг колонитæм æрбабырс-æрбабырс кодтой. Уыцы дуг Москитон Былгæроны цæрджыты нымæц фылдæр кодта, англисаг колонитæй чи ралыгъд, уыцы негрты руаджы. 

Москитийы сæ позицитæ бафидар кæнынмæ тырнгæйæ, англисæгтæ сарæзтой негрты къаролы æвзæрстытæ. Англисæгтæ Москитон Былгæрон сæ армы бын дардтой суанг XIX æнусы æмбисы онг, цалынмæ сæ, Атлантикон æмæ Сабыр фурдтæ иугæнæг канал Никарагуæйы территорийыл аразынмæ чи хъавыди, уыцы америкæгтæ уырдыгæй нæ ацæуын кодтой.

XIX-æм æнусы æмбисæй АИШ æмæ Стыр Британийы ’хсæн райтынг ис, Никарагуæйыл тынгдæр æндавыны сæрвæлтау тох. Уыцы тохæн йæ сæйраг аххосаг уыди — йæ территорийыл дыууæ фурды ’хсæн канал саразын.

Йæ фæстæ цы хицауæдтæ уыд Никарагуæйы, уыдонæй дæр адæм райгон нæ уыдысты, æмæ 2006-æм азы ноябры президентæй ногæй равзæрстæуыд Даниэль Ортегæ. Уый æвзæрстыты райста æппæт хъæлæсты 38,07%.

Никарагуæ у Централон Америкæйы тæккæ стырдæр паддзахад. Йæ фæзуат у 494 мин кв. км. Уæрхмæ у 540 км. 

Паддзахадæн йæ иу фарс æхсы Сабыр фурд. Уыцы фурды былгæроны дæргъ у 320 км. Йе ’ннæ фарс æхсы Карибы денджыз. Йæ былгæроны дæргъ — 480 км. Сурзæххыл цæгаты ’рдыгæй æмарæн у Гондурасимæ (922 км), хуссары ’рдыгæй — Коста-Рикæимæ (сæ иумæйаг арæны дæргъ æдæппæтæй у 1231 км).

Бæстæйы сæйраг сахар у Манагуæ. Никарагуæ у Центрон Америкæйы тæккæ гæзæмæдзæрæгджын  бæстæтæй иу æмæ ацы æууæлмæ гæсгæ уæлдай уадзы æрмæст Белизæн. Никарагуæйы ис бирæ алыхуызон ланшафттæ.

Бæстæйы территори адихгæнæн ис цыппар дынджыр æрдзон облæстыл. Никарагуæйы фылдæр хай ахсы, хуссарырдæм фæнарæгдæр чи вæййы æмæ картæйы морæхуыз æртæкъуымæджы ’нгæс чи у, уыцы облæст — Никарагуæйаг уæлвæз ().

Скæсæнырдыгæй йемæ æмарæн у дыккаг облæст — Москитон былгæрон. Никарагуæйы Карибы былгæрон у цъымараджын æмæ дæлиау æвæрд  ран, æмæ фæци мангровæ хъæдтæ æмæ зындзæуæн джунглиты бын.

Ацы регионæн йæ бæзнаг зæххытæ æмæ сæгъзæрины гуырæнтæ никуы сцымыдис кодтой испайнаг конкистадорты, æмæ уымæн ацы ран ма æнæвнæлдæй баззадысты Колумбы размæйы Америкæйæн характерон чи уыди, флорæ æмæ фаунæйы ахæм фадгуытæ .

Æртыккаг облæстыл нымад у, Фонсекы бакæлæнæй паддзахады хуссар-скæсæнмæ, суанг Карибы былгæронмæ чи æххæссы æмæ бæстæйы хуссар сурзæххон арæны æмдæргъ чи айтыгъд ис, уыцы дæлвæз.

Цыппæрæм облæст — ныгуылæйнаг Никарагуæйы вулканджын зонæ. Бæстæйы ис 19 вулканы, уыдонæй иуæй-иутæ архайгæ.

Никарагуæйæн ис хъæздыг флорæ æмæ фаунæ. Бæлæстæй тæккæ арæхдæр æмбæлынц тулдз, нæзы (бæстæйы ныгуылæйнаг æмæ центрон районтæ), сырх бæлас æмæ каучукдартæ. Тæккæ æмбæлагдæр цæрæгойтæ сты пумæ, оцелот, саг, маймулитæ (цалдæр хуызы), аллигатор, бирæхуызон колибри æмæ тутитæ. Паддзахады æмæ æгас Централон Америкæйы стырдæр цад Никарагуæйы æмбæлынц æдзæхх доны чи цæры, ахæм акулæ (2—3 метры дæргъæн) æмæ кардгæсаг (). Ацы факт æвдисы, раздæр уыцы цад, стæй Никарагуæйы æндæр цадтæ денджызы бакæлæнтæ кæй уыдысты, цалынмæ тектоникон архайд нæ сарæзта, цад фурдæй чи фæхицæн кодта, уыцы Сабырфурдаг быдыр ().

Никарагуæ дихгонд у 15 департаменты æмæ 2 автономон регионыл.

Никарагуæ у президентон республикæ. Паддзахад æмæ хицауады сæргълæууæг у президент. Равзарынц æй фондз азы æмгъуыдмæ.

Закъæттæуадзæг оргæн — иупалатон Национ Ассамблей. Йе сконды ис, æппæтон æмæ комкоммæ ’взæрстыты  5 азы æмгъуыдмæ кæй равзарынц, ахæм 92 депутаты. Уыдонæй 20 — æвзæрст цæуынц æгас бæстæйы, 70 — зылдтæ æмæ автономон облæсттæй, дыууæ депутаты та æвзæрст нæ цæуынц: иу у, айразмæ фондз азы президент чи уыди, уый; иннæ — ныртæккæйы президентæн æвзæрстыты чи фæхæрд, æмæ хъæлæстæм гæсгæ дыккаг бынат чи бацахста, уыцы кандидат.

Ахсджиагдæр политикон партитæ:

Цæрджыты нымæц у 5,8 милуаны (2008-м азы июлы æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ), уыдонæй 54% цæрынц сахарты.

Æрвылаз цæрджыты нымæцыл бафты 1,8%, иу рæстæмбис сылгоймагæн хауы 2,69 сывæллоны (2007). Миграци негативон у (ома, бæстæмæ цас æрбалидзынц, уымæй фылдæр алидзынц): -1,15 мигранты цæрджыты алы минмæ дæр (2007 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ).

Царды рæстæмбис дуг у 71,2 азы.

Негрты Никарагуæйы къорд у Централон Америкæйы стырдæр. Уыдоны ’хсæн ис гарифунæйаг адæмы минæвæрттæ дæр — сæ фыдæлты ’хсæн уыдысты араваккаг адæм, Карибы денджызы сакъадæхты бындурон цæрджытæ.

Паддзахады официалон æвзаг у испайнаг (ис æм бынæттон фонологион хицæндзинæдтæ). Уыимæ пайда кæнынц индейаг æвзæгтæй дæр (æппæты зынгæдæр у мискитойаг æвзаг, дзурынц ыл сæдæ мин адæймагæй фылдæр). Скæсæны былгæрон чи цæры, уыцы негрты ’хсæн æмбæлы англисаг æвзаджы бынæттон здæхтытæ.

Никарагуæйы къуырматæн ис сæхи жестты æвзаг. Уыцы æвзагæн дунейы лингвисттæ стыр цымыдис дарынц, уый тыххæй æмæ 1980-æмты уыцы æвзаг къуырма сывæлæтты ’хсæн йæхæдæг сæвзæрд, æрдзон æгъдауæй. Кæс: Никарагуæйы жестты æвзаг.

Кæсын-фыссын чи зоны, уыдон æдæппæтæй сты 67,5% (2003-м азы æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ).

Цы динтыл хæст сты (1995-æм азы сфыстмæ гæсгæ):

Протестанттæ фылдæр сты скæсæйнаг регионты, «испайнаг» ныгуылæны католикон дин йæ тыхы баззæйы.

Никарагуæйы бæстыхъæд у тропикон æмæ пассатон. Хус периоды (мартъийæ маймæ) боны рæстæмбис температурæ у +24 ... +32°С. Къæвдатæ фылдæр уарынц июнæй октябры онг. Уыцы периоды боны рæстæмбис температурæ у + 26 … +28°С. Сабыр фурды быгæрон æмæ бæстæйы центрон районтæм абалц кæнынæн тæккæ хуыздæр афон у хус æмæ сатæг рагзымæг. Атлантикæйы былгæронмæ цæуæн ис афæдзы дæргъы цыфæнды афон, рыгджын апрель æмæ майæ фæстæмæ.

Никарагуæйы æхцайы иуæг у кордобæ. Лыстæгдæр æхца — сентаво.

Кредитон картæйы фæрцы бафидæн ис Никарагуæйы кæмдæриддæр.
Бæстæйы практикон æгъдауæй парахатæй пайда кæнынц доллæртæй.

Бæстæйæ хæдтæхæгыл атæхыны размæ хъæуы бафидын аэропортон фиддон — 35 доллæры. Вакцинацийы тыххæй сертификат нæ хъæуы. Хæдзарон цæрæгойтæ бæстæйæ аласын æмæ бæстæмæ æрбаласыны тыххæй æнæмæнг хъæуы бавдисын æмбæлон гæххæттытæ, стæй бафидын аласт/æрбаласты бар раттыны тыххæй 20 доллæры. Бæстæмæ æрбаласæн ис: 200 сигареты кæнæ 50 сигарæйы, расыггæнæг нозты 3 литры, къафеттæ кæнæ шоколады 2 килограммы. Уымæй уæлдай ма ис æрбаласæн мини-компьютер, бинокль, фото-, аудио- æмæ видеотехникæ — алы пунктæй фæйнæ иу дзаумайы.

Никарагуæйæгтæ кæнынц хæринæгтæ пырындзæй, бынæттон халсартæй; уыдонæй уæлдай ма кæнынц армадиллы дзидзайæ конд хæринæгтæ. Уазæгдзæрæнты æмæ ресторанты туристтæн цы фæдæттынц, уыцы хæринæгты фылдæр хай конд у денджызы лæвæрттæй. Бæстæйы тæккæ хъуыстгонддæр расыггæнаг нозт у, Флор Де Канья, зæгъгæ, ахæм ром. Никарагуæйæ йæ ласынц дунейы алы рæттæм.

Æхсызгонæй нуазынц пинол — нартхоры ссад æмæ какаойæ конд адджын нозт.

Никарагуæйы алы сахар æмæ хъæу афæдз иу хатт бæрæг кæны йæ хъахъхъæнæг зæды бон. Ахæм бонтæйы иуы (зæгъæм, Сан-Себастьяны сахары январы æмæ Сантьягойы сахары июлы) фенæн ис бирæ алыхуызон рæсугъд фольклорон равдыстытæ, карнавалтæ æмæ маскарадтæ.

Никарагуæйы экономикæйы сæйраг сектор у хъæууон хæдзарад. Йæ экспорты тæккæ ахсджиагдæр товартæ сты хæрзхъæд къофи, стурыфыд, æхсыры продукттæ, тамако, æнæкуыстгонд сыгъзæрин змис, арахис, сæкæры хъæзы æрдæгфабрикат.

Паддзахады импорт цас у, уыйас йæ экспорт 1 млрд. доллæры къаддæр у. Уымæн йæ сæйраг аххос у, инфляци фæкъаддæр кæнынæн ивгъуыд æнусы 90-æм азты æмбисæй сæ национ валютæ доллæримæ абаргæйæ цæмæй зынаргъ уа, ахæм политикæ кæй кæнынц, уый. 

Ахæм политикæ аразынæн йæ материалон бындур у, Дунеон Валютон Фонд (ДВФ; уырыс.: МВФ) Никарагуæйæн цы кредиттæ дæтты, уыдон. 2006-æм азы паддзахады валютæйы резервты бæрц уыди 869 милуан доллæры.

Ахæм политикæйы фæрцы 2004-æм азмæ кордобæйы курс фæфылдæр ис 2,5 хатты, æмæ уыйохыл аласгæ товарты æргътæ тагъд уæлæмæ схызтысты, æрласгæ товарты æргътæ та дзæвгар фæаслам сты. Фæстаг азты бирæ традицион товартæ уадзджытæ фæкъаддæр кодтой сæ товаруагъд, зæгъæм, къофигæнджытæ. Кæд æмæ дунейы базарты къофийы аргъ уæлæмæ цæуы, уæддæр.
Егъаудæр проблемæтæй иу у энергетикæйы уавæр. Электроэнергийы 84% дæттынц хъæрмэлектростанцæтæ (ТЭЦ), кæд æмæ ма 1990-æм азы электроэнергийы æрдæджы бæрц цыди ГеоЭС æмæ гидроэлектростанцæтæй. Нефты æргътæ дынджыр кæй сты, уый фæрцы электроэнерги кæныны ахæм структурæ дæтты инфляци æмæ къуылымпы кæны экономикон рæзт. Зæгъæм, 2007-æм азы инфляцийы бæрц уыди 16,88%, ВВП-йы рæзт та æрмæст 3,7%.

Туризм райрæзти æрæджы, фæлæ уæддæр бæстæйы дыккаг стырдæр экономикæйы къабаз сси. Никарагуæйы президент Ортегæ куыд загъта, туризм хъуамæ фæахъаз уа мæгуырдзинады ныхмæ тохы бæстæйы алы къуымы дæр. Туризмы рæзт æххуыс кæны арæзтад, хъæууон хæдзарад æмæ æндæр къабæзтæн дæр.

Файл:Sandino International Airport.jpg|250px|thumb|left|Рацæразты фæстæ Никарагуæйы сæйраг аэропорт сси Централон Америкæйы хуыздæр
Туристтæ Никарагуæмæ æрбацæуынц йæ хъæздыг хъæддаг цард фенынмæ, йæ бирæ цадтæ æмæ вулканты рæсугъддзинадæй ныфс райсынмæ. Йæхимæ здахынц рагон сахартæ Леон æмæ Грандæйы архитектурæ дæр, цымыдисæг бынæттон культурæ æмæ рæсугъд денджызон былгæрæттæ. 2005 азы дæргъы æдæппæт 803933 туристы сæ фæллад уагътой Никарагуæйы.

Латинаг Америкæйы паддахæдты ’хсæн Никарагуæйæн раппæлæн ис фыдракæндты ныллæгдæр бæрцæй: 100 мин цæрджытæн æрцæуы æрмæст 12 фыдракæнды.

Никарагуæйы зæххы хуылф ис сыгъзæрин, æвзист, æрхуы, вольфрам, зды, цинк, никель, джынасу. 

Уымæй уæлдай ма дзы ссардæуыд, бæрцæй къаннæггомау чи у, ахæм нефт æмæ газы гуырæнтæ. Ныртæккæ ныгуылæйнаг компанитæ архайынц ууыл, цæмæй сын уа нефт æмæ газ кусыны бар, фæлæ сæ къуылымпы кæнынц дыууæ хъуыддаджы. Фыццаджы, сыхаг бæстæтæ экологион уавæр фæфыддæрæй кæй тæрсынц (уæлдайдæр, курортон-туристон къабаз парахат кæмæ у, уыцы Коста-Рикæ). Дыккаджы та, уыцы гуырæнтæ цы территорийыл сты, уыдон дзырддаг кæй сты, ома арæнгæрон быцæуты сæр кæй сты.

Транспортон фæрæзтæ æмæ коммуникациты фылдæр хай сгуппар сты Никарагуæйы ныгуылæны. Автомобилон фæндæгтæ парахатæй аразын райдыдтой 1940-æм азты, æмæ ныртæккæ сæ иумæйаг дæргъ у 20 мин километрмæ æввахс. Фæлæ фæндæгтæн сæ фылдæр хай (16,5 мин км) у æнæ хъæбæр уæлцъарæй. Скæсæйнаг былгæрон афæдз фараст мæйы вæййы къæвдатæ æмæ уый тыххæй уырдыгæй бæстæйы ныгуылæнмæ фæндæгтыл цæуæн нæй, æмæ бынæттон цæрджытæ автотранспорты бæсты пайда кæнынц цæугæдæттæй.

Национ авиакомпани «Аэроникæ»-йы хæдтæхджыты ис тæхæн куыд Никарагуæйы мидæг иу ранæй иннæ ранмæ, афтæ æндæр бæстæтæм дæр. Паддзахады сæйраг сахары аэропорт хуыйны Аугусто Сандинойы номыл. Æдæппæт бæстæйы ис 176 аэропорты, уыдонæй æрмæст иуæндæс аэропортæн ис хъæбæр стæхæн таг.

Кæд æмæ Никарагуæйы фыццаг æфсæнвæндæгтæ фæзындысты XIX æнусы, 2001 азæй фæстæмæ уыдонæй иу километрæй дæр нал пайда кæнынц. Ис егъау арæзтады пълан, кæцымæ гæсгæ æфсæнвæндаг (FERISTSA Railway) цæудзæн АИШ-æй Хуссар Америкæмæ, ома Никарагуæйы зæххытыл дæр.

Сæйраг денджызон порттæ æрбынат сты Сабыр фурды былгæрон: Коринто (Corinto), Пуэрто-Сандино (Puerto Sandino) æмæ Сан-Хуан-дель-Сур (San Juan del Sur).

XX æнусы дыккаг æмбисæй, ССР Цæдисы ахадындзинады фæфылдæры охыл, Никарагуæйы тыхджындæр кæнын райдыдтой галиу политикон идейæтæ. Уыцы хъуыддаг сæвзæрын кодта конфликт Никарагуæ æмæ, диктатор Сомосæйæн æххуыс чи кодта, уыцы АИШ-ы ’хсæн. Ныртæккæйы заман Никарагуæйы тыхджынæй тыхджындæр кæны антиамерикаг змæлд, æмæ уыйохыл бæстæйæн ис æнгом ахастытæ, галиудзаст чи у, уыцы Кубæ, Венесуэлæ, Боливи æмæ æндæр ахæм паддзахæдтимæ.

Фæстаг заман, америкаг æфсады гуырысхойаг архайды охыл, Никарагуæйы разамындæн фæзынди уæрæседзаст зæрдахаст. ССР Цæдисы фехæлдмæ Никарагуæ дардта нæ паддзахадæй 3,5 млрд. доллæрмæ æввахс (алы никарагуæйагыл уади 1000 доллæрæй чысыл къаддæр). Уæрæсе этапгай æппæт хæстæ афæсвæд кодта.

Никарагуæ сси, Уæрæсейы фæстæ, дыккаг ахæм паддзахад, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад официалон æгъдауæй чи банымадта. Уыцы хабар æмбæлон фæткыл фехъуысын кодта бæстæйы президент Даниэль Ортегæ.




#Article 164: Венесуэлæ (240 words)


Венесуэлæ ( []) у паддзахад Хуссар Америкæйы цæгаты, Карибы денджызы былгæрон. Испанийы раздæры колони (1522-æм азæй), Венесуэлæ сси хæдбар паддзахад 1821-æм азы, дæргъвæтин сæрибаргæнæн хæсты фæстиуæгæн.

Сурзæххыл Венесуэлæйæн ис арæнтæ Бразили, Гайанæ æмæ Колумбиимæ. Паддзахады фæзуат у 916.445 км², цæрынц дзы 26,4 милуан адæймаджы. Венесуэлæйы сæйраг сахар у Каракас. Паддзахадон тырысайы хуызтæ сты бур, арвхуыз æмæ сырх: бур нысан кæны бæстæйы бæркад, арвхуыз нысан кæны æхсар æмæ ныфс, сырх нысан кæны Испанийæ хæдбардзинад.

Ныры Венесуэлæйы цæрджытæй фылдæр цæрынц сахарты (85%). Цæрджыты 73% цæрынц, Карибы денджызæй 100 км дарддæр чи не сты, ахæм цæрæнрæтты бæстæйы цæгаты. Кæд Венесуэлæйы зæххытæй æрдæг у Оринокойы хуссарырдæм, уым бæстæйы цæрджыты айдагъ 5% цæрынц.

Экономикæйы сæйраг къабаз у нефт къахын (экспорты 80%, хицауады æфтиагæй æрдæг). Венесуэлæ зындгонд сси куыд, дунейы асламдæр бензин кæм уæй кæнынц, ахæм паддзахад.

Венесуэлæ сси, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы хæдбардзинад чи базыдта, ИНО-йы æртыккаг ахæм уæнг (Уæрæсе æмæ Никарагуæйы фæстæ). Хæдбардзинад базоныны тыххæй фехъусын кодта Венесуэлæйы президент Уго Чавес, Мæскуымæ официалон визиты рæстæг 2009-æм азы 10 сентябры.

Венесуэлæ сыхаг паддзахад Гайанæйы фæзуаты фылдæр хай (Гайанæ Эсекибæ) йæхи хоны. Уыцы арæны быцæу баззад XIX æнусæй, Гайанæ ма Стыр Британийы колони куы уыди, уæдæй. Быцæуаг зæххыты фæзуат у 159,5 мин км2. 1970-æм азæй фæстæмæ, Венесуэлæйы цы картæтæ уагъд цæуынц, уыдонæй æппæтыл Гайанæ Эсекибæ æвдыст у куыд Венесуэлæйы штат, иуæй-иу картæтæ хонынц æй Zona en Reclamación (ома, «фæлгъауинаг бæстæ»).

Уымæй фылдæр Венесуэлæ у цалдæр æхсæнадæмон организациты уæнг, æмæ йын ис уыцы организациты мидæг йæхи минæвæрттæ.




#Article 165: Цæгат Кипр (164 words)


Цæгат Кипр (; официалон ном — Цæгат Кипры туркæгты (туркаг) Республикæ, )  у, йæхи 1983-æм азы чи расидти æмæ Кипры сакъадахы æртыццаг (цæгатаг) хай чи ахсы, уыцы æнæбанымад паддзахад. 1975–1983-æм азты йын уыди ном Цæгат Кипры туркæгты Федеративон Паддзахад ().

Цæгат Кипры хæдбардзинад банымадта, ИНО-йы къорд резолюцимæ гæсгæ уыцы территори æнæзакъонæй оккупаци чи кæны, айдагъд уыцы Турк. Æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ Кипры Республикæ у, 1974-æм азы онг йе скондмæ чи хауди, æгас уыцы территорийы сувереннон хицау.

Цæгат Кипры цæрджыты нымæц у 200 мин адæймагмæ æввахс. Фæзуат — 3355 кв. км. (къаннæг эксклав Коккинæ нымайгæйæ).

Цæгаткипрæгты фылдæр хай сты туркæгтæ. Уыдон дихгонд сты дыууæ коммунæйыл: бынæттон кипраг туркæгтæ æмæ, Туркæй чи æрлыгъди, уыцы чысылазиаг (анатолиаг) туркæгтæ. Цæгат Кипры ма ис бынæттон грекъæгтæ æмæ марониттæ кæм цæрынц, ахæм анклав.

Цæгат Кипры сæйраг сахар у Никосийы (, ) сахары цæгатаг хай.
Цæгат Кипры туркæгты Республикæ Кипры иннæ хайæ хицæнгонд у буферон зонæйæ. Дыууæ хайы чи хицæн кæны, уыцы хахх («Кæрдæгцъæх хахх» — ) хъахъхъæны ИНО-йы сæрмагонд гæрзифтонг тыхтæ.




#Article 166: Византияйы импери (3672 words)


Византияйы импери, Византия, Рум, Урум (, «Ромы импери»); IV æнус—1453-æм аз — Скæсæн Ромы империйы ном ныгуылæйнаг историографийы. Ном «Византияйы импери» (сахар Византиймæ гæсгæ, уый бынаты Ромы император Константин I Цытджын IV-æм æнусы райдайæны бындур сæвæрдта Константинополæн) паддзахад райста ныгуылæйнаг историкты куыстыты нырид йæ сæфты фæстæ. Сæхæдæг сæхи византиæгтæ хуыдтой ромæгтæ — грекъагау «ромейтæ», сæ паддзахад та — «ромаг», «ромейаг» ().

Ныгуылæйнаг ратæдзæнтæ ма хонынц Византияйы импери «Романи» (, ). Йæ царды фылдæр хай ныгуылæйнаг æмдуггæгтæ йæ хуыдтой «грекъаг импери», грекъæгты æлдариуæджы тыххæй культурæйы стæй цæрджыты нымæцы. Рагон Уырысы дæр йæ хуыдтой «Гречъы паддзахад», йæ сæйраг сахар та — «Царьград» (ома «паддзахы сахар»).

Византияйы империйы сæйраг сахар йæ историйы дæргъы æнæсцухгæнгæйæ уыдис Константинополь, астæузаманы егъаудæр сахартæй иу. Тæккæ уæрæхдæр территоритæ импери ахста император Юстиниан I-æмы рæстæджы. Уый фæстæ паддзахад цадæггай йæ зæххытæ сæфта, варвæрон къароладты, æмæ скæсæневропæйаг знæмты ныббырстыты фыдæй. Араббаг тыхæйбайсгæ хæстыты фæстæ импери ма ахста айдагъ Гречъы æмæ Чысыл Азийы территоритæ. IX—XI—æм æнусты цасдæр фæтынджы фæстæ, хъуыддæгтæ раивтой егъау сæфтытæм, бæстæйы хæлд дзуархæсджыты цæфты бын, æмæ бынсæфт сельджукты æмæ османты ныббырстыты фыдæй.

Византияйы империйы этникон сконд уыдис тынг алыхуызон, уæлдайдæр йæ историйы фыццаг этапы: бердзенæгтæ, сомихæгтæ, сириæгтæ, коптæгтæ, дзуттæгтæ, Чысыл Азийы цæрæг эллинизацигонд знæмтæ, фракиæгтæ, иллириæгтæ, дакæгтæ. Территоритæ куы фæцыбырдæр сты (VI æнусы кæронæй), уæд ма иуæй-иу адæмыхæттыты хай баззадис йæ арæнты æддæрдыгæй — уыимæ иу ардæм æрбафтыдысты æмæ æрцардысты æндæр адæмыхæттытæ (готæгтæ IV—V æнусты, славяйнæгтæ VI—VII æнусты, араббæгтæ VII—IX æнусы, печенегтæ, половецæгтæ XI—XIII æнусты æмæ æнд. VI—XI æнусты Византияйы цæрджыты сконды уыдысты этникон къордтæ, кæдонæй фæстæдæр сæвзæрыд италиаг адæмыхатт. Византияйы экономикæйы, политикон царды æмæ культурæйы уæлиуæг кодтой бердзенæгтæ. Византияйы паддзахадон æвзаг IV—VI æнусты латинаг, VII-æм æнусæй æмæ империйы фæцарды кæронмæ бердзенаг.

Ромы империйæ Византия райста хицауиуæджы монархион формæ йæ саргъы императоримæ. VII-æм æнусæй паддзахады сæргълæууæджы арæхдæр хуыдтой автократор æмæ василевс (базилевс). дæргъвæтин рæстæджы æвæрд цыдис раздæры паддзахадон æмæ финансон фæтклæвæрды систæмæ. Фæлæ VI-æм æнусы кæронæй райдыдтой ахъаззаг ивддзинæдтæ. Реформæтæ тынгдæр баст уыдысты хъахъхъæнынадимæ (административон дих фемтыл экзархатты бæсты) æмæ грекъаг культурæйы æлдариуæгимæ (логофеты, стратегы, друнгариы æмæ æндæр хæсæдты баконд). X-æм æнусæй уæрæх кæнын райдыдта феодализм, ацы процесс расайдта феодалон аристократийы минæвæртты паддзахы бадæныл бафидардзинад. Империйы фæстаг бонмæ не ’нцайынц бирæнымæцон растæдтытæ æмæ тох императоры троныл.

Ныгуылæн Ромы Импери сæфты фæстæ 476-æм азы, Скæсæн Ромы Импери ма дарддæр цардис мин азы бæрц, историографийы уыцы рæстæгæй хуындис Византия.

Византияйы æлдариуæггæнæг къласы характерон миниуæг уыдис йæ бæрзонд мобилондзинад. Адæймаджы бон уыдис бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ скæнгæйæ æфсады æмæ бакусгæйæ хæстон кад. Афтæ зæгъæм император Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, уыимæ ма йын уыдис мæлæты тæрхон рахастæуыд, император Лев V Сомихагæй, змæсты тыххæй æмæ йæ æфхæрд фæстæдæрмæ хаст æрцыдис 802-æм азы Ног азы бæрæгбоны тыххæй, Василий I уыд зæхкусæг, уый фæстæ та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис зæхкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.

Кæд Византия æфсад райста Ромы империйæ, уæддæр йæ арæзт хæстæг уыдис эллинон паддзахæдты фалангон системæмæ. Византияйы царды кæронмæ æфсад ссис сæйрагдæр æххуырст, æмæ хицæн кодта ныллæг хæстхъомдзинадæй.

Фæлæ деталты уыдис куыстгонд хæстон фæтклæвæрды æмæ ифтонгкæныны систæмæ, мыхуыргонд цыдысты куыстытæ стратеги æмæ тактикæйыл, уæрæх пайдагонд цыдис алыхуызон техникон мадзæлттæй, зæгъæм знæгты ныххауды тыххæй фехъусынкæнынмæ арæзт цæуы маякты системæ. Зæронд ромаг æфсадæй хъауджыдæр тынг сырæзтис флоты нысаниуæг, уый «грекъаг арты» æххуысæй бацахсы æлдариуæг денджызы. Сасанидтæй фæзмыд цæуы æххæстæй згъæрджын бæхджын æфсад — катафрактаритæ. Уыимæ фесæфынц техникон вазыг æхсæнгæрзтæ, баллистæтæ æмæ катапультæтæ, иуварсгонд æрцыдысты хуымæтæгдæр дурæхсджытæй.

Æфсады æмбырды фемон системæмæ ахызт бæстæйæн фадат радта 150 азы æнтыстджын хæстытæ кæнын, фæлæ зæхкусджыты финансон смæгуырдзинад æмæ феодалтæм дæлбар кæй бацис, уый цадæггай фæныллæгдæр кодта сæ хæцынхъомдзинад. Комплектацийы системæ раивта феодалонмæ, уæздæттæ хъуамæ æфсæддон контингенттæ æрвыстаиккой зæххæй пайдакæныны бартæ сын лæвæрд кæй цыдис, уый тыххæй.

Дарддæр æфсад æмæ флот тынгæй-тынгдæр цæуынц заууатмæ, империйы фæстаг рæстæг та свæййынц сыгъдæг æххуырст сконды. 1453-æм азы Константинополь цæрджыты нымæцимæ 60 мины равæрдта æрмæст 5 минон хи æфсад æмæ 2,5 мины æххуырст. X-æм æнусæй Константинополы императортæ æххуырстой русты æмæ сыхаг варвæрон знæмтæй хæстонты. XI-æм æнусы этникон хæццæ варягтæ уыдысты зынгæ бынатыл уæззау фистæгæфсады, рог бæхæфсад та арæзт цыдис цæугæцардгæнæг знæмтæй.

Викингты балцыты дуг, XI æнусы райдайæны, кæронмæ куы æрхæццæ, уæд æххуырстытæ Скандинавийæ (æмæ ма викингтæй тыхæйбайст Нормандийæ æмæ Англисæй) Зæххастæуы денджызы сæрты баздæхтысты Византимæ. Фидены норвегиаг къарол Харальд Тызмæг цалдæр азы хæцыдис Варягаг гвардийы нæхъæн Зæххастæуон денджызы регионыл. Варягаг гварди хъæбатырæй хъахъхъæдта Константинополь дзуархæсджытæй 1204-æм азы æмæ пырхгонд æрцыдис сахары бацахсты рæстæг.

Паддзахады скондмæ хаудтой хъæздыг зæххытæ бирæнымæцон сахартимæ — Мысыр, Чысыл Ази, Грекъ. Сахарты æрмгусджытæ æмæ сæудæджергæнджытæ иу кодтой корпорацитæм. Корпорацимæ бахауын уыдис привелеги, уырдæм бахизынмæ хъуыдис сæххæст кæнын аллыхуызон домæнтæ. Эпархæй (сахары сæрдар) æвæрд домæнтæ Константинополы 22 корпорацийæн уыдысты X æнусы иугонд уынффæты æмбырдгондмæ — Эпархы чиныгмæ.

Фæтклæвæрды системæ уыд тынг коррупцигонд, хъалонтæ тынг бæрзонд, фæлæ уæддæр Византияйы экономикæ дæргъвæтин рæстæджы уыдис тæккæ хъомысджындæр Европæйы. Базарад цыдис æппæт Ромы раздæры зæххытимæ ныгуылæны, æмæ Индийымæ (Сасанидты æмæ араббæгты сæрты) скæсæны. Араббаг тыхæйбайстты фæстæ дæр импери уыдис тынг хъæздыг. Фæлæ финансон хæрдзтæ дæр уыдысты тынг стыр, бæстæйы хъæздыгдзинад та сиддтис тынг хæлæгдзинад аллыварсцæрджытæй. Базарады цауддзинад (расайдтой, йæ италиаг сæудæджергæнджытæн цы уæлбартæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон), Константинополы бацахст дзуархæсджытæй æмæ османты ныббырст æркодтой финансты кæронгæнæн цауддзинадмæ, æмæ паддзахады æрхаудмæ.

Византиаг зонад паддзахады уæвындзинады æппæт дæргъы уыдис æнгом баст антикон философийымæ æмæ метафизикæимæ. Ахуыргæнды сæйраг архайд уыдис æмхæст фæзойы, уым ахаста стыр æнтыстдзинæдтæм, зæгъæм дæнцæгæн ис æрхæссæн Софияйы стыр аргъуаны сарæзт æмæ грекъаг арты æрхъуыдыдзинад. Уыимæ сыгъдæг зонад зæгъæн ис æмæ размæ нæ цыдис, нæдæр гуырыдис ног теоритæ, нæдæр антикон хъуыдыгæнджыты идейæтæ тынгад кодтой. Юстианины дугæй раст фыццаг миназы кæронмæ наукон зонындзинад баййæфта тыхджын цауддзинад, фæлæ фæстæдæр та византиаг ахуыргæндтæ сæхи равдыстой, уæлдайдæр астрономийы æмæ математикæйы, фæлæ уый рауад персайнаг æмæ араббаг зонады æнтыстытыл æнцойгæнгæйæ.

Византиаг медецинæ уыдис зонады иу æнæбирæ фадыгтæй, кæм антикон рæстæджы хъауджы, уыдис прогресс æвдыст. Византиаг медецинæйы тæфаг йæхи бæрæг дардта куыд араббаг бæстæты, афтæ Сæндидзæны дуджы Европæйы дæр.

Империйы уæвындзинады фæстаг сæдæ азы Византия ахъаззаг фæцис рагон грекъаг литературæйы рапарахатæн Италийы. Уæды рæстæджы астрономийы æмæ математикæйы сæйраг ахуыргæнæн центр сси академи Трапезунды.

Юстиниан I реформæтæ барады фадыгы стыр тæфаг бахастой юриспруденцийы рæзтмæ. Византиаг тугтæрхонон барад уыдис дзæвгарæй ист Уырысæй.

Сæйраг сахары ахасты хъæуындзинад уыдис сидт фыццаджы дæр раздæры сæйраг сахар — Ром — дардæвæрд кæй уыдис паддзахады тæссаг скæсæйнаг æмæ цæгат-скæсæйнаг арæнтæй. Константинополæй хъахъхъæнынад саразын бирæ æнцондæр уыдис, Ромимæ абаргæйæ. Ноджы ма сæйраг сахары аивды аххосæгты фæамонынц Константины диноы зæрдæрардтæ: уый тынгдæр зæрдыл дардта чырыстон дин æмæ нæ уарзта, муртад парахад кæм уыдис, уыцы Ром.

Скæсæн æмæ Ныгуылæн империтыл кæронмæ фæдих сты 395-æм азы, император Феодосий Цытджын куы фæмард. Византияйы сæйраг хъауджыдзинад Ныгуылæн Ромы Империйæ уыдис йæ территорийыл æлдариуæг кæй кодта грекъаг культурæ. Хицæндзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ дыууæ сæдæ азы æмгъуыдмæ паддзахад æххæстæй райста индивидуалон бакаст.

Византия куыд хæдхъом паддзахад сырæзтис 330—518 азты периоды. Уæд Дунайы æмæ Рейны арæнты сæрты ромаг территоримæ хызтысты бирæнымæцон варвæрон, фылдæр гермайнаг знæмтæ. Скæсæны арæнтыл дæр уавæр æнцон нæ уыдис.

V-æм æнусы дыккаг æрдæджы тас æфтауын райдыдта остготты паддзахад, Теодорих ныггæныстон кодта Македони, тæссаг уавæры уыдис Константинополь дæр, фæлæ ацыдис ныгуылæнмæ, бацахста Итали æмæ Ромы хæлддзæгтыл бындур сæвæрдта йæхи паддзахадæн.

Уавæр тынг æнкъуысын кодтой бирæнымæцон чырыстон ерестæ — арианон, несторианон, монофизитон. Ныгуылæны рагæй папад (уырыс. папство), Лев Цытджынæй (440—461) райдайгæйæ, фидар кодта папон монархи, Скæсæны та Александрияйы патриархтæ, уæлдайдæр та Кирилл (422—444) æмæ Диоскор (444—451), фæлвæрдтой сæвæрын папæйы бадæн Александрияйы. Уый йеддæмæ, уыцы змæстыты рæстæг уæлæмæ уæлдон кодтой зæронд националон хъаугъатæ, æмæ нырма цæрæг сепаратистон тенденцитæ; афтæмæй динон конфликттимæ æнгом стыхстысты политикон интерестæ æмæ нысæнттæ.

Византиаг дипломати дæр архайдта цæмæй æппæт иннæ дунейы уæллоз æвæрд æрцæуой империйы престиж æмæ æндæвд. Æхцаты æмæ хорзæхты æнтыстджын уæрсты, æмæ империйы знæгты астæу хæрзарæхстджынæй хъаугъатæ тыды руаджы Византийы дипломати дæлбар кодта варвæрон адæмыхæттыты, кæдон хæтыдысты монархийы арæнтыл. Византияйы æндæвды сферæмæ æфтауыны тыххæй ма парахат архайд цыдис чырыстон дины динамындæй. Миссионерты архайд, Сау денджызы былгæрæттæй Абиссинийы уæлвæзты æмæ Сахарæйы оазисты онг уыдис византиаг политикæйы характерондæр æвдисæнтæй иу.

Хæстон экспанси йæдтæмæ ма Юстинианы иннæ ахъаззагдæр хæслæвæрдтæй иу, уыдис административон æмæ финансон реформæтæ. Импреийы экономикæ уыдис уæззау кризисы, фæткдаруат хъыгдæрд уыд коррупцийæ. Цæмæй фæткдаруат рацарæзт æрцæуа, уый тыххæй император райдыдта æххæст кæнын закъондæттынады кодификаци, стæй реформæты рæнхъ, кæдон проблемæтæ бындурæй нæ аиуварс кодтой, фæлæ уæддæр цыдæр æххуыс фæсты. Нæхъæн империйыл стынг ис арæзтад, Антонинты «сызгъæрин рæстæджыты» рацыдæй егъаудæр. Ног тæмæн акалдта культурæ.

Фæлæ номдзыддзинад æлхæд æрцыдис зынаргъ аргъæй — экономикæ фæхæлд хæстытæй, цæрджытæ смæгуыр сты æмæ Юстинианы ивджытæ (Юстин II (565—578), Тиверий II (578—582), Маврикий (582—602)) сæ цæст сæйрагдæр дардтой нырид хъахъхъæнынадмæ, æмæ рахастой политикæйы здæхт скæсæнырдæм. Юстинианы тыхæйбайсттæ рауадысты тæссонд — VI—VII æнусты кæронмæ Византийæ фæсæфта æппæт ист территоритæ скæсæны, баззад ма йæм уым афтиддæр Хуссар Итали.

Уыцы рæстæджы лангобардты æрбабырст айста Византияйæ Италийы æрдæг, 591-æм азы Персимæ хæсты рæстæг ахст æрцыдис Сомих, цæгаты дарддæр цыдис ныхмæлæуд славяйнæгтимæ æмæ авартимæ, кæдон 560-æм азты æрбынат кодтой Дунайыл. Фæлæ иннæ VII æнусы райдайæны персайнæгтæ хæст ногæй райдыдтой æмæ дзæвгар æнтыстытæ самал кодтой империйы бирæнымæцон змæстыты тыххæй.

Ацы кризисæй импери рацыдис æнгомгонддæрæй æмæ монолитондæрæй, йæ националон сконд сси иугъæдондæр, динон хицæндзинæддтæ баззадысты раздæры афонты уымæн æмæ монофизитон æмæ арианон диныздæхттæ сæйраг дæр парахат уыдысты сæфт Мысыры æмæ Цæгат Африкæйы. VII æнусы кæронмæ Византийы территори хæццæ кодта Юстинианы империйы æртыккæгæм хаймæ. Йæ аппон территоритæ уыдысты грекъæгтæ кæнæ элинизацигонд знæмтæ кæм цардысты уыцы зæххытæ, дзырдтой дзы сæйрагдæр бердзенаг æвзагыл. Уыцы рæстæджы райдыдта славяйнаг знæмты массон миграци Балканы æрдæгсакъадахмæ. VII æнусы апарахат сты Мезийыл, Фракийыл, Македонийыл, Далмацийыл, Истрийыл æмæ Гречъы зæххытыл. Цасдæр нымæц сæ æрцæрын кодтой Чысыл Азийы. Баивта цæрджыты этникон сконд империйы скæсæйнаг хайы дæр, фæзындысты сомихæгты, персайнæгты, сирийæгты, араббæгты цæрæнрæттæ.

VII æнусы æххæстгонд æрцыдысты ахъаззаг реформæтæ фæткдаруаты — эпархиты æмæ экзархатты бæстæ импери дихтæгонд æрцыдис фемтыл, дæлбар уыдысты стратигтæн. Империйы ног националон сконд æркодта уымæ, æмæ грекъаг æвзаг сси официалон, императоры титул дæр райдыдта бердзенагау зæлын — василевс ( Rōmaiōn). Администрацийы рагон латинаг титултæ кæнæ фæсæфынц, кæнæ æрцæуынц эллинизацигонд, сæ бынæтты та фæзынынц ногтæ —логофеттæ, стратегтæ, эпархтæ, друнгаритæ. Æфсады, кæцы фылдæр арæзт уыдис азиатæгтæй æмæ сомихæгтæй, грекъаг æвзаг ссис приказты æвзаг. Æмæ кæд Византийы импери йæ фæстаг бонтæм хаста ном Ромы импери, уæддæр латинаг æвзагæй пайдагонд нал цыдис (афтиддæр ма йыл дзырдтой империйы цалдæр кæронраны, уым ма пайда кодтой адæмон латынæй, уыцы æвзагы бындурыл сæвзæрыдысты румынаг æвзаг Дакийы æмæ далматинаг æвзаг Иллирийы.

Рæстæгмæ стабилизацийы та ногæй раивта кризисты рæгъ — хæстытæ болгайрæгтимæ, араббæгтимæ, æнæрынцайгæ растадтæ. Æппынфæстаг Лев Исавр схызтис куыд Лев III паддзахы бынатмæ, æруырдæдта империйы хæлд æмæ араббæгтæн скъуыдзаггæнаг дæрæн ныккодта.

Æрдæгæнусон æлдариуæджы фæстæ дыууæ фыццаг Исавры скодтой импери хъæздыг æмæ цæрдхуыз, нæ сæ бахъыгдæрдта нæдæр емынæ 747-æм азы нæдæр змæстытæ, кæдон расайдта иконæты ныхмæ тох. Иконæты ныхмæ тохы фарс кæй рахæцыдысты Исавриаг династийы императортæ, уымæн уыдис куыд динон, афтæ политикон фактортæ дæр. Бирæ византиæгтæ VIII æнусы райдайæны зæрдæхудт уыдысты уæлдай мæнгуырнынæдты парахатæй, уæлдайдæр та цы бынат ахста дины иконæтæн табугæнæн, уырнынад сæ диссаджы миниуджытыл; бирæтæ æнхъæлдой уый динæн зиантæ кæй хæссы.

Уыимæ императорты тыхсын кодта аргъуаны рæзгæ хъомысдзинад. Ноджы дæр ма иконæтыл фау æвæргæйæ хицауад зæрдæ дардта араббæгтæм фæхæстæгдæр уын, уымæн æмæ араббæгтæ нывтæ нæ нымадтой. Иконæты ныхмæ тохы политикæ æркодта хъаугъатæм æмæ змæстытæм паддзахады мидæг, уыимæ фæтынгдæр ис дихдзинад Ромы католикаг епархиимæ æмахæстыты. Иконæтæн фæстæмæ кад кæнын райдыдтой VIII æнусы кæрон императрицæ Иринæйы руаджы, уый уыдис фыццаг император сылгоймаг, фæлæ IX æнусы райдайæны иконæты ныхмæ тохы политикæ дарддæргонд æрцыдис.

Императортæй Лев V Сомихагæй (813—820) æмæ дыууæ Фригиаг династийы императортæй Михаил II (820—829) æмæ Феофилæй (829—842) — уыдис дарддæрконд иконæты ныхмæ тохы политикæ. Ногæй дæс æмæ ссæдз азы æмгъуыдмæ импери бахауда змæстыты рæстæгмæ.

Араббæгтимæ хæст, сног ис 804-æм азы, расайдта дыууæ æнкъараг сæфты: æрдæгсакъадах Криты бацахст пысылмон пираттæй (826) æмæ Сицилийы сæфт, байстой йæ цæгатафрикаг араббæгтæ (827), 831-азы сæ къухтæм бахаудта сахар Палермо. Уæлдай тызмæг уыд тас болгайрæгтæй, хан Курум куы фæуæрæхдæр кодта йæ паддзахады арæнтæ Гемæй Карпаттæм. Никифор афæлвæрдта йæ ныддæрæн кæнын Болгаримæ бабырсгæйæ, фæлæ фæстæмæ фæндагыл йæхæдæг дæрæнгонд æрцыдис æмæ фæмард (811), болгайрæгтæ та ногæй бацахстой Адрианополь æмæ æндæр фидæрттæ, æмæ фæзындысты Константинополы къулты бын (813). Крум ныппырх кодта Византийы æфсæдтæ 811 813-æм æзты æмæ бахъавыд Константинополь бацахсын тынг стыр æфсады æмæ хъулаон машинæты æххуысæй. Афтиддæр йæ æвиппайды мæлæт фæххуыс ис империйæн.

Змæстыты фæлтæр фæцис 867-æм азы паддзахиуæг кæнын куы райдыдта македонаг династи. Василий I Македонаг (867—886), Роман Лакапин (919—944), Никифор Фока (963—969), Иоанн Цимисхий (969—976), Василий II Болгархойæг (976—1025) — императортæ æмæ узурпатортæ — радтой империйæн 150 азы тæмæнкалды æмæ хъомысы рæстæг. Саст æрцыдысты Болгари, Крит, Хуссары Итали, æххæст цыдысты æнтыстджын хæстон стæртæ араббæгты ныхмæ арф Сиримæ. Империйы арæнтæ ауæрæх сты Евфрат æмæ Тигрмæ, Сомих Иберийымæ бахаудтой вихантиаг æндæвды сферæмæ, Иоанн Цимисхий бахæццæ Иерусалиммæ.

IX—X æнусты бæрæг нысаниуæг Византийæйæн райдыдтой дарын æмахæстытæ Киеваг Уæрæсеимæ. Фыццаг хатт рустæ сæхи фæбæрæг кодтой Константинополмæ балцæй 860-æм азы, уыцы æнтыстджын балцы тагъд рæстæджы фæстæ æрцыдис афтæ хонгæ Уæрæсейы фыццаг аргъуыд, йæ уавæртæ æмæ бынат бæлвырдгонд не сты. Фыццаг уырыссаг-византиаг базарадон бадзырд хауы 911-æм азмæ, азгайфыст легендæмæ гæсгæ йæ бафысты размæ Царьградыл балцæй цыдис Дæсны Олег. 941-æм азы кънйаз Игорь æрцыдис дæрæнгонд Константинополы къулты бын, фæлæ фæстæдæр сабыр æмахæстытæ сног сты. Уырысы ног хицауиуæггæнæг æхсин Ольгæ, бабæрæг кодта Византийы сæйраг сахар æмæ йыл уым саргъуыдтой. Кънягинйæйы фырт, кънйаз Святослав 970—971 гг. хæцыд Византияимæ Болгарийы сæрыл, фæлæ бавзæрста хæрд император Иоанн Цимисхийæ.

Йæ фырты фæлтæры, киеваг къниаз Владимиры рæстæджы Византийæн бантыстис саргъауын Уæрæсейыл 988-æм азы, уый тыххæй Владимирæн уысæн лæвæрд æрцыдис багрянагмыггаг царевнæ Аннæ, уыд император Василий II хо. Византияйы æмæ Киеваг Уæрæсейы астæу арæзт æрцыдис хæстон цæсдис, æххæстгонд цыдис 1040 æзтæм. Уæрæсемæ православийымæ хъарын æмæ уæрæх кæнын райдыдта ахуырдзинад æмæ византиаг культурæ.

Фæлæ уыимæ райдыдтой сæхи бæрæггæнын лæмæгъдзинады фыццаг миниуджытæ, фæтынгдæр ис феодалон дихдзинад, уæздæттæ, кæдонæн дæлбаргонд уыдысты тынг стыр территоритæ æмæ ресурстæ, арæх æнтыстджынæй ныхмæ æвæрдтой сæхи централон хицауадмæ.

Империйы цауддзинад райдыдта Василий II мæлæты фæстæ, йæ ’фсымæр Константин VIII (1025—1028) æмæ йæ чызыты — фыццаг Зойæйы æмæ йæ ’ртæ лæджы (Роман III 1028—1034, Михаил IV 1034—1041, æмæ Константин Мономах 1042—1054) стæй Феодорæйы (1054—1056) хицауиуæгты рæстæг. Ноджы тынгдæр лæмæгъдзинад фæбæрæг Македойнаг династийы сыскъуыды фæстæ.

Хæстон фæфæлдæхты руаджы паддзахы бадæнмæ схызтис Исаак Комнин (1057—1059); йæ къух исты фæстæ император сси Константин X Дука (1059—1067). Уый фæстæ хицауад райста Роман IV Диоген (1067—1071), уыйы раппæрста Михаил VII Дука (1071—1078); ног растады фæстæ паддзахы худ сæвæрдæуыд Никифор Вотаниатыл (1078—1081). Уыцы чысыл хицауиуджыты рæстæг анархи тынгæй-тынгдæр кодта, æддаг æмæ мидæггаг кризистæ уæззауæй-уæззаудæр уавæры æфтыдтой империйы.

XI æнусы кæрон Итали сæфт æрцыдис норманнты ныббырсты фæстæ, фæлæ сæйраг тас æфтыдта скæсæн — 1071-æм азы Роман IV Диоген дæрæнгонд æрцыдис турк-сельджукты æфсадæй хæстæмбæлды Манцикерты (Сомих), уыцы басастæй Византийæ тынг фæлæмæгъдæр ис. 1054-æм азы официалон æгъдауæй æрцыдис ахастыты аскъуыд чырыстон еклизиты астæу, уый фæдывæр кодта æнæуый дæр æнæбары æмахæстытæ. Иннæ ссæдз азы æмгъуыдмæ турæгтæ бацахстой æппæт Анатоли; империйы бон нæ бацис сæмбырд кæнын фаг æфсад уыдоны бауыромынмæ. Ныфссастæй император Алексей I Комнин (1081—1118) куырдта Ромы Папæйæ 1095 азы цæмæй йын аххуыс кæна æфсад райсыны хъуыддагыл Ныгуылæн Чырыстон дунейæ. Ныгуылæнимæ æмахæстытæ æппынфæстаг æркодтой Константинополы бацахстмæ æмæ бæстæйы хæлдмæ, феодалты растадтæ та ихсийын кодтой паддзахады фæстаг тыхтæ.

Уыимæ Ныгуылæн дæр æфтыддта æнкъарæг тас йæ цытуарзæг политикон пълæнттæй, кæдон фæзындысты фыццаг дзуарон балцы фæстæ, стæй Венецийы экономикон домæнты аххосæй.

Комнинты рæстæг византиаг æфсады сæйраг бынат лæвæрд æрцыдис уæззаухотыхджын бæхæфсадæн — катафрактаритæн æмæ æххуырст æфсæдтæн. Иоанн II Комнин (император:1118—1143 азты) кодта активон экспансион политикæ. Байста туркæгтæй зæххыты хай. Æвæндонæй Антиохийаг кънязадæн æрхæссын кодта вассалон ард (фæлæ фылдæр формалон уыдис). 1142-æм азы Иоанн Комнин хъавыдис ногæй абалц кæнын Антиохимæ цæмæй реалон цæстдард райса антиохийаг кънязадыл, фæлæ йæ мæлæт нæ бауагъта уыцы пълæнттæ сæххæст кæнын. Паддзахады æмæ æфсады фæфидар бауагъта Комнинтæн ныхкъуырд раттын норманнты ныббырстæн Балканты, байсын сельджуктæй Чысыл Азийы егъау хай, сæвæрын суверинитет Антиохийыл. Мануил I Венгрийы æвæндонæй Византийы суверинитет ныффидар кодта (1164), стæй сæвæрдта йæ хицауиуæг Сербийыл. Фæлæ æмтгæй райсгæйæ уавæр зынæй баззад уæддæр. Уæлдай тæссаг уыцы рæстæг уыдис Венецийы уагахаст — кæддæр сыгъдæг бердзенаг сахар ныр ссис империйы ныхмæлæууæг æмæ знаг, стыр конкуренци арæзта Византийы базарадæн. 1176-æм азы византийы æфсад дæрæнгонд æрцыдис туркæгтæй Мириокефалоны. Æппæт арæнтыл Византийæ рахызти хъахъхъæнынадмæ.

Византийы ахаст дзуархæсджытæм уыдис ахæм æмæ сæ разлæудджыты бастой вассалон ардхæрдтæй æмæ се ’ххуысæй хъавыдысты раздахын территоритæ скæсæны, фæлæ ахæм политикæ егъау æнтыстытæ не ’рхаста. Дзуархæсджытимæ æмахæстытæ æдзухдæр фыддæрæй-фыддæр кодтой.

Комнинтæ кæддæриддæр бæллыдысты сæ хицауиуæг Ромыл сæвæрын, æмæ ныппырх кæнын Ныгуылæн импери.

Уæлдайдæр архайдта уыцы бæллицтæ сæххæст кæныныл Мануил I.

Кастис афтæ, цыма Мануил империйæн нæхъæн дунейы кад скодта æмæ Константинополь ссис европæйаг политикæйы центр, фæлæ йæ мæлæты фæстæ 1180-æм азы Византийæ разындис гæныстонгонд æмæ фыдзæрдæ хаст латинæгты æрдыгæй, цы фæнды уысмы дæр цæттæ уыдысты йыл ныххауынмæ. Уыимæ паддзахады цæттæ кодта серезон мидкризис.

Маниулы мæлæты фæстæ сирвæзт адæмон растад Константинополы (1181), расайдта йæ хицауады политикæйымæ æнæразыдзинад, ауыдыдысты италиаг сæудæджергæнджытыл æмæ ныгуылæневропаг рыцартыл. Ныгуылæнимæ æмахæстытæ цæхгæрмæ фæфыддæр сты 1182-æм азы, уæд Константинополы æрцыдис латинты цагъд: массон хæлæт католикаг саудæджергæнджыты бирæнымæцон мæрдæрцыдтимæ. Бæстæйы стынг ис егъау экономикон кризис, фæтынг феодалон дихдзинад, фактикон æгъдауæй провинцты хицæуттæ хæдбар уыдысты централон хицауадæй, ныгæныстон сты сахартæ, слæмæгъ сты æфсад æмæ флот. Ангелты династийы æрфидары фæстæ Кипр, Трапезунд, Фессали фактиконæй сæхи централон хицауады дæлбар нал хуыдтой. Райдыдта империйы хæлд. 1187-æм азы ахицæн Болгари; 1190-æм азы Византийæ банымадта Сербийы хæдбардзинад.

Латины империйы уавæр уыдис æнкъуыст — грекъæгты фыдзæрдæдзинад æмæ болгайрæгты ныббырстытæ йæ тынг слæмæгъ кодтой. Болдуин II цардис Константинополы фæрæзтæй, кæдон ракуырдта папæйæ æмæ Людовик Сыгъдæгæй, уыимæ ма иста фæлындæнтæ аргуæдтæй æмæ моладзандонтæй, æфстау иста венецианаг банкиртæй, кæдонæн ратта бæстæйы æппæт экономикон мадзæлттæ. Нæ йæм уыдис æфсад дæр, гарнизон Константинополы дардтой венецианæгтæ, Латины империйы уæвындзинад баст уыдис — æрбацæудзысты йæм æххуысмæ тæссаг рæстæг европæйæгтæ æви нæ.

Æдтаг тасы рæстæг империйы хъуыдис æнгомдзинад, сабырдзинад æмæ хъомыс. Палеологты эпохæ та уыдис йæдзаг растæдтæй æмæ граждайнаг змæстытæй. Европæйы Византийы тæккæ тæссагдæр знæгтæ разындысты сербæгтæ. Стефан Неманяйы ивджыты — Стефан Урош I (1243—1276), Стефан Драгутин (1276—1282), Стефан Урош Милутин (1282—1321) — Серби ауæрæх кодта йæ территоритæ Болгарийы æмæ Византийы хинцмæ æмæ ссис тæккæ егъаудæр паддзахад Балканты æрдæгсакъадахыл.

Æдзух тынг кодта турк-османты æлхъывд, сæ саргъы уыдысты æртæ зынгæ æфсæдтон хистæры — Эртогрул, Осман (1289—1326) æмæ Урхан (1326—1359). Андроник II цалдæр æнтыстджын фæлварæны скодта сæ бауыромынмæ, фæлæ уæддæр 1326-æм азы Пруссæ сæфт æрцыдис æмæ йæ османтæ скодтой сæ сæйраг сахар. Уый фæстæ фæсæфдæуыд Никей (1329), йæ фæдыл — Никомеди (1337); 1338-æм азы туркæгтæ бахæццæ сты Босформæ æмæ тагъд рæстæджы йæ сæрты ахызтысты византийæгты хуындмæ гæсгæ, уыдон тынг тырныдтой семæ цæдис скæнын цæмæй сын феххуыс уыдаиккой мидæзмæстытæ æрсабыр кæнынмæ. 1352—1354 æзты туркæгтæ бацахстой æрдæгсакъадах Галлиполи æмæ бавнæлдтой Европæйы тыхæйбайсттæм. Ахæм уавæртæ æркодтой уымæ æмæ императортæ райдыдтой курын æххуыс ныгуылæны. Иоанн V-мы (1369) æмæ фæстæдæр Мануил II-мы (1417) бахъуыдис рацаразын баныхæстæ Ромимæ, Иоанн VIII та йæхæдæг араст ис Италимæ (1437) æмæ Флорентийаг соборы бафысста Евгений IV-имæ унийæ, кæцы æнхъæлæн лæвæрдта еклизиты дихæн кæрон æрæвæрынæн (1439).

Фæлæ хуымæтæг цæрджытæ нæ райстой католицизм æмæ уыцы фидыды фæлварæнтæ фæтынг кодтой мидхъаугъатæ.

Фæстагмæ турк-османты тыхæйбайсттæ райдыдтой бæстæйы уæвындзинад тасы æфтауын. Мурад I (1359—1389) бацахста Фраки (1361), уыцы тыхæйбайст Иоанн V Палеолог банымадта (1363), фæстæдæр бацахста Филиппополь, йæ фæдыл та Адрианополь, уырдæм раивта йæ паддзахады сæйраг сахар. Константинополь аллы рдыгæй хибаргонд, хъулагонд æнхъæлмæ кастис мæлæтдзаг цæфмæ. Уæдмæ османтæ фæсты Балканы æрдæгсакъадахы тыхæйбайст. Марицæйы цур ныддæрæн ластой хуссайраг сербты æмæ болгайрæгты (1371); бындур сæвæрдтой колонитæн Македонийы æмæ тасы æфтауын райдыдтой Фессалоники (1374); бабырстой Албанимæ, ныддæрæн кодтой Серби æмæ Косоаг быдыры хæстæмбæлды фæстæ сарæзтой Болгарийæ туркаг пашалык (1393). Иоанн V Палеолог æнæбарыйæ банымадта йæхи туркаг султаны вассалыл, фыста йын хъалон æмæ æрвыста æфсæдтæ Филадельфи бацахсынмæ (1391).
Манголты ныббырст ма радта империйæн æнусы рдæг æмгъуыд æргъæвд.

Баязид I (1389—1402) архайдта ноджы сæрæндæр Византийы ныхмæ. Сæйраг сахар аллырдыгæй æрхъула кодта (1391—1395), æмæ Ныгуылæны фæлварæн Византийæн фæххуыс кæнынмæ куы фæкуыхцы ис Никополы хæстæмбæлды рæстæг (1396), уæд афæлвæрдта Константинополь бацахсын (1397), æмрæстæджы бабырста Морейæмæ. Манголты ныббырст æмæ бæрзæйсæттæн дæрæн кæцы скодта туркæгтæн Тимур (1402), радтой империйæн ссæдз азы æмгъуыд æргъæвд.

Фæлæ 1421-æм аз ы Мурад II (1421—1451) ныббырстытæ ногæй райдыдта. Æнæнтыстæй ныххаудта Константинополыл (1422), бацахста Фессалониктæ (1430), ацы сахар 1423-æм азы венецианегтæ балхæдтой византийæгтæй; йæ æфсадфæтæгтæй иу бахызтис Мореямæ (1423); йæхæдæг æнтыстджынæй архайдта Боснийы æмæ Албанийы æмæ Валахийы паддзахыл хъалон сæвæрдта.

Византийы импери фегуырдис тынг зын уавæрты, Константинополь æмæ йæ цур æвæрд облæст Дерконæй Селимвримæты йæдтæмæ ма йæ къухты уыдис афтиддæр цалдæр аллы рæтты хæлиугонд облæсты — Анхиал, Месемврия, Афон æмæ Пелопоннес. Фæстаг æххæстæй латинæгты къухæй ист куы æрцыдис уæд ссис грекъаг культурæйы центр. Янош Хуньядийы героикон архайдмæ нæ кæсгæйæ, уый 1443-æм азы ныддæрæн кодта туркæгты Яловацы, Скандербегы ныхмæлæудмæ Албанийы нæ кæсгæйæ, туркæгтæ нæсæттгæйæ бæллыдысты сæ нысæнттæм. 1444-æм азы тохæмбæлды Варнæйы бын фескъуыддзаг ис скæсæйнаг чырыстæттыс фæстаг серьезон фæлварæн туркæн ныхмæлæууынæн. Афинаг герцогад сæ дæлбар ссис, кънязад Морея, кæцы турк бацахстой 1446 азы, йæхи банымадта хъалондарыл; дыккаг хæстæмбæлды Косы быдыры (1448) Янош Хуньяди фæхæрд. Баззадис афтиддæр Константинополь — æвадуат фидар, фæлæ уымæн дæр йæ фæстаг бонтæ æрхæццæ кодтой. Мехмед II паддзахы бадæнмæ схизгæйæ (1451) фидарæй разæвæрдта уый бацахсын.

Гыццыл раздæр султан самадта Босфорыл Румелаг фидар (Румелихисар), уый алыг кодта коммуникацитæ Константинополы æмæ Сау денджызы астæу, уыимæ ма арвыста экспедици Морейæмæ цæмæй Мистрейы бердзенаг деспотты бахъыгдара Константинополæн баххуыс кæнын.

Туркаг æфсады ныхмæ, уыдис дзы 160 мин адæймаджы, император Константин XI Драгаш равæрдта афтиддæр 7,5 мин салдатты, кæдоны æртыккæгæм хай уыдысты æндæрбæстæгтæ, византийæгтæ фыдæхæй кастысты Аргъуаны унийæтæм кæдон бафыста император, æмæ сæ тох кæнын нæ фæндыдыис. Уымæ æмæ туркаг артилерийы хъомысмæ нæ кæсгæйæ, фыццаг ныббырст æппæрст æрцыдис 18 апрелы.

Мехмед II-æн бантыстис æрбакæнын йæ флот Сызгъæрин Сыкъайы бухтæмæ æмæ уымæй тасы бафтыдта фидары æндæр хай. Фæлæ та 7 майы штурм дæр æнæнтыстджын разындис. Фæлæ сахарон сыджытбыруйы сыгъдæг Романы дуæртты цур хъуынк айгæрстæуыд. 1453-æм азы 28 май æмæ 29 май астæу æхсæвы райдыдта фæстаг атакæ. Дыууæ хатты туркæгты акъуырдтой; уæд султан аппæрста штурммæ янычарты. Уыцы рæстæг уæззау цæф фæцис генуэзаг Джустиниани Лонго, уый уыдис императоримæ хъахъхæнынады уд, æмæ йæ пост ныууагъта. Уый хъахъхъæнджыты дезорганизаци скодта. Император дарддæр хæцыдис, фæлæ знæгты æфсады хай бацахста зæххы бын цæуæн æмæ ныххаудта хъахъхæнджытыл чылдымы рдыгæй. Константин Драгаш фæмард тохы. Туркæгтæ бацахстой сахар. Константинополы райдыдтой стыгътытæ æмæ лæгмæрдтæ; иу 60 мин адæймаджы бахаудтой уацары.

Цымыдисаг у XVIII æнусы дыккаг æрдæджы Уæрæсейы империйы Екатеринæ II-æмы рæстæджы кæй уыдис Византияйы сæндидзæны проект, афтæ хонгæ «Бердзенаг проект». Уæрæсейы импери уæд хæстыты уыдис Османты империйымæ, æмæ пъланы уыдис туркæгты цæхгæрмæ рамбылды фæстæ æмæ Константинополы бацахсты фæстæ сфæлдисын ног Византийы импери — марионетон Уæрæсейæн бердзенаг паддзахад. Ацы сæндызт Византийы император хъуамæ суыдаид Константин Павлович, номдзыд къниаз, бындар Павел Петровичы фырт, æмæ Екатеринæйы фырты фырт. Вольтер сидтис Екатеринæмæ цæмæй бахæццæ уа Стамбулмæ, ногæй дзы сараза Константинополь, ныппырх кæнын Турк, фервæзын кæнын балкайнаг чырыстæтты. Æмæ радта практикон уынаффæ: цæмæй рагон заманты скъуыхтытимæ æнгæсдæр уа туркæгтимæ тох, уый тыххæй спайда кæнын колесницæтæй.

Фæлæ Константинополь бацахсын нæ бантыстис æмæ фæстæдæр ацы план рохуаты аззадис.




#Article 167: Мадагаскар (159 words)


Мадагаскар (бынæттон цæрджытæ хонынц æй Стыр Сакъадах дæр) у сакъадахон паддзахад Индийы фурды ныгуылæн хайы. Мадагаскар у дунейы цыппæрæм стырдæр сакъадах, йæ фæзуат у 587 мин квадратон километры. Паддзахадмæ хауы, Африкæйы скæсæйнаг былмæ ’ввахс цы чысыл сакъадæхтæ ис, уыдонæй цалдæр. Æдæппæт бæстæйы цæрджыты нымæц хæццæ кæны 20 милуанмæ, сæ адæмыхатмæ гæсгæ сты малагасиаг адæмы алыхуызон дæлкъордтæ, ис Хуссар Азийæ æрбацæуæг адæм дæр.

Мадагаскары ис уникалон æрдз. Дунейы цæрæгойтæ æмæ зайæгойты 5% ис Мадагаскары, уыдонæй 80% ис ссарæн æрмæст уыцы сакъадахыл. Тæккæ зындгонд мадагаскайраг цæрæгой у лемур.

Мадагаскары ис 5 климæтон (бæстыхъæды) зонæйы. Уыдонæй тæккæ карздæр у сакъадахы хуссайраг был: ис дзы сыгъд æдзæрæгран.

Мадагаскары сæйраг æвзæгтæ сты малагасиаг æмæ францаг. Уыдонæй уæлдай ма официалон статус ис англисаг æвзагæн дæр. Сакъадахы цæрджытæ сты æмхæццæ негроидон-монголоидон расæйон къорды. Се ’взагмæ гæсгæ, мадагаскайрæгтæ сæ сакъадахмæ æрбацыдысты, нырыккон Индонези кæм и, уыцы ранæй. Мадагаскайрæгтæ иу адæмыхатт не сты, фæлæ дих кæнынц 18 знæмыл.

XVIII-XIX æнусты Мадагаскар уыдис иугонд хæдбар паддзахад (ууыл кæс Имеринæ).




#Article 168: Тылаттатæ (101 words)


Тылаттатæ кæнæ Тлаттатæ () сты ирон мыггаг.

Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Тлаттатæ, Тугъантæ, Мамсыратæ, Есенатæ, Хъаныхъуатæ равзæрдысты иу фыдæлæй, йæ ном хуынд Камбий. Тлаттатæ æмæ Къуындыхатæ сты Камбийы хистæр фырт Тлатты цæуæт. Æлдаттæ æмæ Тугъантæ уыдысты Камбийы астæуккаг фырт Æлдатты цæуæт. Мамсыратæ, Есенатæ æмæ Хъаныхъуатæ та уыдысты Камбийы кæстæр фырт Знауыры цæуæт. Камбий уыд Тагъайы хистæр фырт. Тагъайы кæстæр фырт та хуынд Сана. Уымæй равзæрд Тхостты мыггаг. Камби æмæ Санайы цæуæт сбирæ сты æмæ фæйнæрдæм фæлыгъдысты: Хъаныхъуатæ æрцардысты Уæллаг Хъобаны, Тлаттатæ — Дæллаг Хъобаны, Есенатæ — Уæллаг Санибайы, Къуындыхатæ — Дæллаг Санибайы, Тугъантæ — Тменыхъæуы. Мамсыратæ, Æлдаттæ æмæ Тхосттæ баззадысты Дæргъæвсы цæргæйæ.




#Article 169: Тыбылты Алыксандр (290 words)


Тыбылты Арсенийы фырт Алыксандр (райгуырдис Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы 1887-æм азы — амардис 1937-æм азы Цхинвалы) у ирон фыссæг, журналист, литературон критик æмæ æхсæнадон архайæг.

 
Советон хицауад куы æрлæууыд Хуссар Иры, уæд Тыбылты Алыксандр дæр æрыздæхт иннæ лыгъдæттимæ, æмæ дардтæр куыстмæ бавнæлдта.

 

Алыксандр тох кодта цæмæй Цхинвалы конд æрцæуа педтехникум. Техникум бакæнынæн хъуыд тых æмæ лæгдзинад. Ахæм тых разынд Алыксандр æмæ фыццаг ирон гимназ цы куырыхон адæмимæ байгом кодта, уыдонмæ. Æмæ сын 1924 азы бантыст Цхинвалы байгом кæнын педтехникум.

Фæстæдæр, 1925 азы ацы «Æхсæнад»-æн лæвæрд æрцыд «Бæстæзонад æхсæнад»-ы ном, 

Афтæ ма Алыксандр дзырдта кæй хъæуы бакæнын музыкалон скъола, домдта хицауадæй, цæмæй арæзт æрцæуа театр. Æмæ 1925-1927 азты арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр.

Цыдæриддæр рацыд Хуссар Ирыстоны фольклорæй 1929 азæй 1936 азмæ, уыдонæн раздзырдтæ æмæ комментаритæ ныффыста Тыбылты Алыксандр. Алыксандр æмæ йе ’мбæлттæ, стæй зонад-иртасæг институты сфæлдыстадон фæсивæд цы стыр æмæ бындурон куыст бакодтой ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмбырд кæныны хъуыддаджы, уымæн йæ фæстиуæг — чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор», кæцы мыхуыры фæзынд 1936 азы. Ацы чиныгæн йæ нысаниуæг бонæй-бонмæ кæны уæрæхдæр æмæ ахадгæдæр.

Алыксандр ирон æвзаджы проблемæтыл цы бирæ уацхъуыдтæ ныффыста, уыдонæн сæ ахадгæдæртæ сты: «Ирон æвзаг», «Цы ’взагыл ахуыр кæнын хъæуы ног скъолаты?», «Ноджы нæ ног графикæйы тыххæй», «Дæсгæйттæй нымад», «Раст фыссыны хъуыддаг», «Ирон пунктуацийы тыххæй», «Ирон орфографийы фарстатæ», «Терминологийы тыххæй», «Иумæйаг литературон æвзаджы тыххæй», «Об осетинской письменности», «Хуссар Ирыстоны диалекттæ» æмæ æндæртæ. Ацы чысыл уацхъуыдты номхыгъд дæр дзурæг у, Алыксандры сгуыхт хъуыддæггæ кæй уыдысты йæ адæмы сæраппонд æмæ уымæн фарнхæссæн. Алыксандры сфæлдыстад æмткæй у ирон зонады райдайæн, æмæ йын уый тыххæй ис стыр нысаниуæг нæ культурон царды историйы.

Тыбылты Алыксандр ма бирæ хорздзинæдтæ æрхастаит Ирыстон æмæ ирон адæмæн, фæлæ йын 1937-æм азы йæ цард æрлыг кодтой æгъатыр дуджы. 1989-æм азæй фæстæмæ Алыкандры ном хæссы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.




#Article 170: Сервантес (726 words)


Мигель де Сервантес Сааведра (испайнагау Miguel de Cervantes Saavedra; райгуырдис 1547 азы 29 сентябры Алькала-де-Энаресы, амардис 1616 азы 23 апрелы Мадриды) уыдис испайнаг фыссæг. Йæ зындгондæр уацмыс у «Цыргъзонд идальго Ламанчаг Дон Кихот».

Сервантес райгуырди 1547 азы сахар Алкалы (Алкала-де-Энарес, Мадриды цур). Йæ рагон уæздан мыггаджы цардæгас ма уыдысты рыцарьты таурæгътæ æмæ фыдæлты номхæссæн сгуыхтыты тыххæй радзырдтæ.

Йæ фыд Родриго де Сервантес уыди хирург. Бинонтæ мæгуыр кæй уыдысты, уый тыххæй суинаг фыссæг райста кадавар ахуыр, фæлæ сывæллоны бонтæй фæцалх чингуытæ кæсыныл, уæлдайдæр æмдзæвгæтæ, уыимæ ма йæм сæвзæрди æфсæддон цардмæ тæлæн. 1571-æм азы, Испани æмæ Турчы ’хсæн хæст йæ тынгыл куы уыди, уæд Сервантес бацыди Дон-Хуан Австриаджы æфсадмæ службæ кæнынмæ. Лепанты хæстæмбæлды архайгæйæ, йæхи равдыста æхсарджын хæстонæй, æмæ цыппар хатты фæцæф ис.

Æнæхъæн зымæг Мессины рынчындоны фæсади, стæй ацыди, испайнæгтæн бирæ фыдæбæттæ чи ’рхаста, уыцы туниссаг стæры. Уырдыгæй раздæхти цæттæ политикон цæстæнгас æмæ зондахастимæ, æмæ араст и ног стæры — Алжирмæ. Фæндагыл йæ туркæгтæ уацары бакодтой æмæ афтæмæй бахауди Алжирмæ. Уым æндæр уацайраг испайнæгтимæ бавзæрста бирæ фыдæбæттæ. Алжиры уæвгæйæ, Сервантес йе ’ппæт хъарутæй архайдта йе ’мзæххонты ’хсæн сæ фыдыбæстæмæ уарзондзинад цырын кæныныл, стæй ссæрибар кæныны пълантæ аразыныл. Уыцы архайды фæрцы уацайраг испайнæгты ’хсæн Сервантес сси тæккæ популярондæр æмæ дзырддзæугæдæр адæймаг, фæлæ уыйхыгъд сæ пысылмон хицæуттæ йæм æнувыддæрæй райдыдтой хъус дарын. Уыдон дзæбæх æмбæрстой сæ уацайрагæн цавæр ахадындзинад ис, æмæ сæ зæрдæ дардтой йе ссæрибар кæнынæн сын бирæ æхца кæй бафиддзысты. Кæй къухы бахауди, уыдоны ’рдыгæй йæм цырддзаст хъусдард кæй уыди, уый фæрцы йе ’ппæт пълантæ æмæ фæндтæ фæсыкк-иу сты. Арæх мæлæтмæ ма йæ æрдуйы бæрц хъуыди. Афтæмæй фæцарди суанг 1580-æм азмæ, цалынмæ йæ иу моладзан, къупецæгтæй æхца сæмбырдгæнгæйæ, не ссæрибар кодта, уæдмæ.

Иннæ æртæ азы Сервантес ноджы архайдта стæрты (Португалийы), фæлæ йæ æфсæддон куыст фæлмæцын кæнын райдыдта, æмæ службæйæ бынтон рацыди. Афтæмæй йын цæмæй цæра, уый нæ уыди.

Æфсæддон службæйæ куы суæгъд, уæд райдыдта йæ литературон куыст. Йæ фыццаг уацмыс — пастораль «Галатея»-йы фæстæ ныффыста бирæ драмон пьесæтæ, фæлæ сæм уыйбæрц кæсæг нæ фæци, уымæн æмæ уæды рæстæг театрдзаутæ фылдæр хъус дардтой, Сервантесы загъдау, «католикон паддзахад йæхи чи бакодта», уыцы Лопе де Вегæйы сфæлдыстадмæ.

Цæрæн фæрæзтæ самал кæнынмæ «Дон Кихот»-ы фидæны автор 1585-æм азы бацыди интендантты службæмæ, æмæ йын бабар кодтой Испанийы æфсад — «Æнæбасæтгæ Армадæ»-йæн провиант æлхæнын. Уыцы хæстæ æххæст кæнгæйæ, Сервантес бирæ зиантæ бавзæрста, æмæ ныллæууыди ног бынаты — райдыдта æлхæнын провиант индиаг флотæн, фæлæ сæудæджеры курдиат йæм кæй нæ уыди, стæй хъуыддагæнувыд кæй нæ разынди, уыйадыл ам дæр бæллæхтæ бавзæрста, суанг ма йæ тæрхондонмæ радтой, æмæ цасдæр рæстæг ахæстоны фæбадти. Уыцы азты фыссæг бирæ хъуæгтæ баййæфта.

Фæлæ уæддæр, утæппæт цаутæм нæ кæсгæйæ, уый нæ уагъта йæ фыссыны куыст, кæд мыхуыры уал ницы уагъта, уæддæр. Йæ рахау-бахаутæ йын фесты, испайнаг цард йын алывæрсыгæй чи равдыста æмæ йын йæ фидæны куыстæн хъæздыг æрмæг чи бацæттæ кодта, ахæм фæрæз.

Уæдæй фæстæмæ, суанг йæ амæлæты бонмæ, Сервантес нæ ныууагъта йæ литературон куыст: 1604-æм æмæ 1616-æм азты ’хсæн мыхуыры рацыди «Дон Кихоты» дыккаг хай, йе ’ппæт новеллæтæ, бирæ драмон уацмыстæ, поэмæ «Парнасмæ балц» æмæ ныффыста, йæ амæлæты фæстæ бонырухс чи федта, уыцы роман «Персилес æмæ Сигизмондæ».

Сервантес суанг йæ амæлæны бонмæ нæ ныууагъта йæ фыссыны куыст. Йæ мæлæтмæ ма цалдæр боны уыди, афтæ фыссæг сси моладзан. 1616-æм азы 23-æм апрелы фыссæг амарди доннизæй.

Сервантесы тæккæ хуыздæр биограф Шаль радта фыссæгæн ахæм характеристикæ: «Рог æмæ сæнтты цæуаг поэт уæвгæйæ, уымæн нæ фаг кодта æрвылбоны хъуыддæгты чи хъæуы, ахæм арæхстдзинад. Уый ницы самал кодта нæдæр йæ хæстон балцытæй, нæдæр йæ уацмыстæй».

Сервантес амарди Мадриды. Уырдæм æрцыди Вальядолидæй йæ мæлæты бонæй чысыл раздæр. Бирæ азты дæргъы йæ ингæны бынат уыди æбæрæг, уымæн æмæ йæ цыртыл фыст ницы уыди. Цыртдзæвæн йын сæвæрдтой æрмæст 1835 азы æмæ йæ пьедесталыл ныффыстæуыд латинагау: «Сервантес Сааведра Михаилæн, испайнаг поэтты паддзахæн».

Йæ дунеон ахадындзинад æнцайы фыццаджыдæр йæ роман «Дон Кихот»-ыл. Уыцы уацмысы йæ бирæхуызон æмæ бирæвæрсыг гений йæхи æххæстæй равдыста. Сервантес роман ныффыссын куы сфæнд кодта, уæд йæ зæрды уыди, уæды рæстæг тынг чи сбирæ, уыцы рыцарон романтыл сатирæ саразын. Уый тыххæй ма бæлвырдæй фыссы «Пролог»-ы. Фæлæ куыдфæстæмæ, фыссæг (чи зоны, йæхæдæг æххæст не ’мбæрста, афтæмæй) сатирæйæ рахызти адæймаджы зæрдахасты арф психологион анализмæ.

Цыбырæй уацмысы мидис у ахæм: идальго Алонсо Киханæйы, рыцарьты тыххæй чингуытæ парахатæй бакæсгæйæ, бауырныдта, цы фыст дзы ис, уыдон сеппæт дæр æцæгдзинад кæй у, æмæ йæ æрфæндыди цæугæцардгæнæг рыцарь суæвын. Йæхи схуыдта Дон Кихот Ламанчаг, зæхкусæг Санчо Пансæйæ скодта йæхицæн хотыхдар, æмæ афтæмæй араст ис сгуыхтагур.

Хъыгагæн, Сервантесы æнæмæлгæ роман ирон æвзагмæ тæлмацгонд нæма ’рцыдис.




#Article 171: Задæлески Нана (343 words)


Задæлески Нана, ирон диал. Задæлесчы Нана у ирон адæмы цытджын нана, тæтæры ныббырсты рæстæджы сывæллæтты ирвæзынгæнæг.

Нанайы таурæгъмæ гæсгæ, алантæ бирæ рæстæджы хъал кæмæй уыдысты, уыцы сæрибардзинад сын фæстагмæ рацыдис стыр фыдбылызмæ. Алы хæстыты чи бахсæст æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ чи нæ хаста, уыцы адæм равзæрстой мæлæт цагъары царды бæсты.

Дыууиссæдз азы фæстæ ма фæндагон историк Иосиф Барбаро фыста, бынæттон адæмы аланты тъæпæны кæй нал федта. Аланты бæстæйæ рауадис заууат тыгъд быдыр, кæцыйы парахатæй фенæн уыдис æрмæстдæр алайнаг обау-ингæнтæ. Адæмæй ма цы армыдзаг аирвæзт, уыдон сæхи бафснайдтой бæрзонд, æвадат хæххон кæмттæ æмæ лæгæтты. Уыцы бæрзæндтыл сарæзтой хъæутæ æмæ уым фæцардысты цалдæр æнусы.

Тимуры ныббырсты заманы хабæрттæ ирон адæмæй рох нæ уыдысты. Лæвæрдтой сæ фыдæй фыртмæ таурæгътæ æмæ зарджыты хуызы. Уыдонæй сæ зындгонддæр у «Задæлесчы Нанайы кадæг». Уыцы иумæ, у адæмы сæфты фæдыл зæрдæрыст хъарæг дæр. Фæлæ йæ сæйраг нысан у мæгуыр сидзæр сывæллæтты ирвæзынгæнæг Нанайæн æнустæм кад скæнын.

Алайнаг сылгоймаг сидзæр сывæллæттæй ма чи аирвæзт, уыдоны æртымбыл кодта, æмæ сæ знæгтæй æмбæхсгæйæ, æхсæвыгæтты акодта хæхбæстæм. Афтæмæй бахызтысты æфцæджы сæрты, æмæ Задæлесчы æрцардысты. Фæхаста сæ кæрдæджытæй æмæ хъæды зайæгойтæй. Куы рахъомыл сты, уæд скодтой бинонтæ, фæцыдысты фæйнæрдæм. Уыдонæй рацыдысты бирæ хъæутæ æмæ мыггæгтæ.

Нана адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ, куы амард, уæд ын йæ хæдзарæй скодтой кувæндон. Æмæ уæдæй абонмæ Задæлескы алы аз дæр сусæны мæйы æртыккаг сабаты фæкæнынц йæ бæрæгбон. Куывд цæттæ кæнынц радыгай æртæ хæдзары. Уыцы æртæ хæдзары фæйнæ фысы саккаг кæнынц бæрæгбонмæ, сфыцынц бæгæны, рауадзынц арахъ. Бæрæгбон цæмæй аив, рæсугъд ацæуа, уый тыххæй се ’ппæт хъарутæй дæр бацархайынц. Чызг кæй хæдзары райгуырд, уый кувæндоны акæны кусарт. Бæрæгбоны хистæр ракувы сывæллæтты, рæзинаг фæлтæры цардамонды тыххæй, бафæдзæхсы сæ Нанайыл, цæмæй æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой, царды гуыргъахъ фæндæгтыл макæд фæкæлой. Балцы цæуынмæ чи фæхъавы, уыдон мысайнаг æмæ чъиритæ схæссынц кувæндонмæ, хистæр сылгоймаг скувы, цæмæй амондджын фæндагыл ацæуой, сæ къах дæр макæм бакъуырой, фæстæмæ сæ хæдзæрттыл дзæбæх, æнæнизæй сæмбæлой. Задæлескы Нанайы бæрæгбон фыццаджыдæр баст у сылгоймагимæ, фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, йæ хорз фидæнæн.

Цавæр уыдис Задæлесчы Нана, куыд хуындис йæ ном æмæ цы мыггагæй уыдис, уый бæрæг нæу.
Фæлæ Задæлески Нана адæмы зæрдæты баззадис æнусмæ. 




#Article 172: Галковский, Дмитрий Евгенийы фырт (191 words)


Дмитрий Евгеньевич Галко́вский у нырыккон уырыссаг фыссæг, историк æмæ публицист.

Райгуырдис 1960 азы 4 июны Мæскуыйы. Йæ фыд уыдис заводы инженер, мад куыста хуыйæгæй. Дыууæ ныййарæгæн дæр сæ фыдæлтæ рацыдысты хъæууон сауджынты бинонтæй. 1977-æм азы каст фæцис 51-æм немыцаг сæрмагонд скъола. Скъола фæуыны фæстæ æртæ азы (1977—1980) фæкуыста Лихачёвы номыл заводы джиппыуадзæн корпусты рыгтæахсæг кусæнгæрзтæ . Уый фæстæ куыста лаборантæй Малиновскийы номыл бронетанкон æфсæдты Академийы (1980-æм азы). Цæмæй æфсадмæ акæнынæй хызт уа, уый тыххæй 1978-æм азы цалдæр мæйы фæхуыссыдис Кащенкойы номыл рынчындоны. Йæ царды ацы цау нывгонд æрцыдис йæ автобиографион пьесæ «Фæрæтæй конд кас» («Каша из топора»)

Каст фæцис Мæскуыйы паддзахадон университеты философион факультеты изæрон хайад (1980—1986). Йæ ахуыры профилон къабаз уыдис фæсарæйнаг философийы истори. Дипломы темæ: «Мæлæт æмæ хиамарыны мотивты анализ Платоны сфæлдыстады».

Дмитрий Галковский у философион роман «Æнæкæрон къуырцдзæвæн»-ы («Бесконечный тупик», М., 1997, 1998, 2008) автор. Уымæй уæлдай ма ныффыста радзырдтæ, пьесæтæ æмæ публицистон уацтæ.

Сарæзта советон поэзийы антологи «Уткоречь. Антология советской поэзии» (Псков, 2002).

Рауагъта дыууæ публицистон чиныджы: «Пропагандæ» (1990—1997 азты уацты æмбырдгонд, Псков, 2003) æмæ «Магнит» (2001—2004 азты уацты æмбырдгонд, Псков, 2004).

Уым фыссы уацтæ алыхуызон темæтыл. Йæ блогы тæккæ ахадгæдæр сты мæнæ ахæм темæтыл фыст уацтæ:




#Article 173: Æнæкæрон къуырцдзæвæн (172 words)


Роман «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» арæзт у эссейæ (йæ сæргонд радта романæн йæ ном) æмæ эссейæн фыст 949 фиппаинагæй. Романы сæйраг хай у эссе нæ, фæлæ уыцы фиппаинæгтæ. Чиныг равзæрди фыссæджы боныгæй. Алы фиппаинаджы мидæг ис æрвитæнтæ иннæ фиппаинæгтæм, уыцы фиппаинæгты та — æрвитæнтæ аннæ фиппаинæгтæм, æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй чиныгкæсæг чиныг кæсгæйæ цæуы æрвитæнтæм гæсгæ иу фиппаинагæй иннæ фиппаинагмæ æмæ арфдæр ныгъуылы уацмысæн йæ къуырфытæм. Æмæ уый тыххæй автор йæ чиныг схуыдта «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» («Бесконечный тупик»), ома кæрон скæнæн кæмæн нæй, фæуæн кæмæн нæй ахæм къуырцдзæвæн (къуымау), лабиринт, «тупик». Уацмысы номы ма ис фæсномыг, аллегорион хъуыды. Уыцы хъуыды æвæрд ис романæн йæ мидисы. Цыбырæй зæгъгæйæ, эссе æмæ фиппаинæгты сæйрагдæр темæтæ сты Уæрæсе, уырыссаг истори, культурæ æмæ литературæ. «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» у номдзыд уырыссаг культурæйы аллегорион ном. Автор йæ чиныг фысгæйæ, чиныгкæсæг та чиныг кæсгæйæ ныгъуылынц уырыссаг культурæйы æгæрон фурды. «Æнæкæрон къуырцдзæвæн»-ы тæккæ æмбæлагдæр нæмттæ сты Розанов, Достоевский, Ленин, Набоков, Гоголь, Чехов æмæ æндæртæ.

Уæрæсейы бирæ зынгæ критиктæ æмæ литературæ иртасджытæм гæсгæ «Æнæкæрон къуырцдзæвæн» у XX æнусы уырыссаг литературæйы тæккæ ахсджиагдæр æмæ ахадгæдæр уацмыстæй иу.




#Article 174: Достоевский, Фёдор Михаилы фырт (210 words)


Достоевский, Михаилы фырт Фёдор () (райгуырдис 1821 азы 30 октябры (11 ноябры) Мæскуыйы — амардис 1881 азы 28 январы (9 февралы) Бетъырбухы) у зындгонд уырыссаг фыссæг æмæ хъуыдыгæнæг.

Йæ фыд Андрейы фырт Михаил уыд дохтыр æмæ куыста рынчындоны мæгуыртæн. Йæ мад Фёдоры чызг Мария (йæ чызгон мыггаг Нечаева) уыд сæудæджерты мыггагæй. Фёдор уыд авд сабитæй дыккаг сывæллон.

Иу æнхъæлцмæ гæсгæ Фёдоры фыды къабæзты зæхмулк уыд Белоруссийы. Уыцы зæхмулк 1506-æм азы кæфты мæйы æхсæзæм боны, фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй, æлдарæй райста бардарын Ртищев Иваны фырт Данилæ. Уæдæй фæстæмæ Ртищев æмæ йæ бындартæ хуындысты куыд Достоевский бинонтæ.

Фёдорыл фынддæс азы куы сыххæст, уæд йæ мад тарнизæй амард æмæ фыд арвыста йæ дыууæ хистæр фырты Фёдоры æмæ Михаилы (кæцы фæстæдæр фыссæг сси) Костомаровы пансионатмæ Бетъырбухмæ. 1837-æм аз сси фыссæгæн ахъаззаг датæ. Уый уыд йæ мады мæлæты аз, Пушкины (кæй сфæлдыстадимæ уый уыд зонгæ йæ сывæллоны бонтæй) мæлæты аз, уый æддейы 1837-æм азы Фёдор ралыгъд Бетъырбухмæ. 1839-æм азы фыссæгæн фехъусын кодтой йæ фыды амарды тыххæй: хъазайраг зæхкусджытæ Михаилы амардтой.

Достоевский æфсæддон службæйæ ауагъды иу аз агъоммæ фыццаг хатт ратæлмац кодта æмæ мыхуыры рауагъта Бальзакы «Евгения Гранде» (1843). Афæдз фæстæдæр рацыд йæ фыццаг уацмыс «Мæгуыр адæм», æмæ уайтагъд Фёдор сси разагъд фыссæг. Виссарион Белинский стыр аргъ скодта ацы уацмысæн. Фæлæ иннæ чиныг «Цæрмыстыгъд» сымбæлд нембарыныл.




#Article 175: Бах, Иоганн Себастьян (119 words)


Иоганн Себастьян Бах (; 1685-æм азы 31 мартъийы Эйзенахы, Саксен-Эйзенах — 1750-æм азы 28 июлы Лейпцигы, Саксони) у номдзыд немыцаг композитор, бароккойы дугы минæвæр, фортепианойы æмæ органы виртуоз. Иуæй-иу иртæсджытæ йæ хонынц историйы стырдæр композиторæй. Йæ куыстытæ тынг тæфаг дардтой ног композиторты фæлтæртыл, зæгъæм, Бетховен æмæ Моцартыл.

Йæ царды дæргъы Бах ныффыста 1000 сфæлдыстады фылдæр алы музыкæйы жанры оперæйы æддæмæ, фæлæ æппæтæй зындгонддæр сты йæ органы куыстытæ. Æндæртæ та йæ марды онг зындгонд уыдысты æрмæст музыкæйы уарзæгты къаннæг зылдты, йæ марды фæстæ та цыдæр рæстæгы бынтондæр рох уыдысты.  Стæй, бирæ дæсазы сæрты фæстæ, Венæйы классикон скъолайы композитортæ йæ куыстытимæ кусын куы райдыдтой æмæ Феликс Мендельсон йæ фæлдисонд «Matthäus-Passion» Берлины куы равдиста, уæд дзыллæйæн йæ Бахы интерес дæр сæндидзын райдыдта.




#Article 176: Медведев, Дмитрий Анатолийы фырт (165 words)


Медведев Анатолийы фырт Дмитрий (; райгуырдис 1965-æм азы 14 сентябры Ленинграды) у политикон æмæ паддзахадон архайæг, юридикон зонæдты кандидат, 2008-æм азы 7 майæй — 2012-æм азы 7 майы онг уыдис Уæрæсейы æртыккаг президент, уыцы азы 8 майæ 2020-æм азы 16 январы онг та уыдис хицауады сæрдар. Йæ кармæ гæсгæ у Уæрæсейы тæккæ æрыгондæр сæргълæууæг (1917-æм азæй ныры онг).

Райгуырдис Ленинграды, каст фæцис скъола, университеты райста юристы дæсныйад. Куыста сахары администрацийы æмæ кастис лекцитæ Бетъырбухы паддзахадон университеты юридикон факультеты. 1999-æм азæй фæстæмæ кусы Мæскуыйы.

Медведев у уырыссаг. Йæ фыдæлтæ, мады мыггагæй æмæ фыды мыггагæй дæр, уыдысты Курсчы губернæйы зæхкусджытæ. Йæ фыд — Афанасийы фырт Анатолий (1926—2004) — Ленсоветы номыл Ленинграды технологион институты профессор. Йæ мад — Вениамины чызг Юлия (р. 1939) — филолог, ахуыргæнæгæй куыста Герцены номыл Педагогон институты, фæстæдæр та — куыд музейы экскурсиамонæг.

Дмитрий Медведев активонæй пайда кæны интернетæй. Ис ын видеоблог. Кæд йæхæдæг комментаритæм дзуапп нæ дæтты, йæ администрацийы кусджытæ комментаритæ кæсынц æмæ интернеты пайдагæнджытæ ныридæгæн иуæй-иу хатт Медведевы блогмæ бахæссынц сæ хъæстытæ.




#Article 177: Æрхонкæ (151 words)


Æрхонкæ, раздæры ном Къардон (, Архонка дæр) у Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы станицæ Джызæлдоны былтыл, кæддæры Орджоникидзейы районы административон центр. Цæрынц дзы 7,8 мин адæймаджы (2005).

Станицæйы бындур сæвæрдтой Малороссиаг хъазахъхъаг полчъы хъазахъхъæгтæ 1838-æм азы. XIX æнусы дзы куыста æмбæрзæн агуритæ уадзæн завод, цæугæдоныл цалдæр куыройы.

Станицæйы æфсæддонты ’хсæн уыдысты Георгийы дзуары æртæ æххæст кавалеры: Сергей Богомаз, Илларион Бондарев, Стефан Калашников. Революцийы фæстæ архонскæйæгтæ хæцыдысты большевикты ныхмæ. 1920 азы станицæйы атаман Павел Василенко кæдæмдæр фесæфти æмæ фæстæдæр большевикты цур скуыста. 1920 азы 18 январы хъазахъхъ равзæрстой Григорий Кикоть куыд сæ ног атаман. Афтæмæй Кикоть сси Æрхонкæйы фæстаг атаман. Уыцы азы 24 мартъийы сырхæфсæддонтæ байстой станицæйы.

Станицæйы цæрджытæй 70% сты уырыссæгтæ (сæ фылдæр хъазахъхъаг равзæрдæй), 27% — ирæттæ, 3% — иннæтæ.

Æрхонкæйы ис Культурæйы хæдзар, сывæлæтты музыкалон скъола, библиотекæ æмæ Спорты галуан.

Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ хъахъхъæнынц сæ зарæджы традицитæ: ис дзы дыууæ зындгонд коллективы — Хъазахъхъаг адæмон хор æмæ Хъазахъхъаг зарæджы ансамбль «Станицæ».




#Article 178: Мамсыраты Темырболат (1446 words)


Мамсыраты Осмæны фырт Темырболат (райгуырдис 1845-æм азы, Мамсыратыхъæуы — амардис 1899-æм азы, Турчы, Батманташы) уыдис фыццаг ирон поэт.

Темырболат райгуырдис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты ’хсæн. Осмæн йæхæдæг уыди дæргъæвсаг. 1818-æм азы йын инæлар Ермоловы дзырдæй зæххы хай радтой Джызæлдоны был, æмæ йæ дæлбар адæмимæ ралыгъд уырдæм. Хъæу схуыдтой Осмæны номæй.

Фыссæг æмæ литературæиртасæг Гæдиаты Цомахъ Темырболаты райгуырды азыл нымадта 1845. Филолог Æлборты Барысбимæ гæсгæ та поэт райгуырди 1843 азы. Фылдæр филологтæм хуыздæр фæкасти дыккаг датæ. Афтæмæй та Цомахъ растдæр уыди. Уый сбæрæг кæнынæн ахъаз фæцис историон зонæдты кандидат Берозты Батырадзы уац. Батырадз фыста: «XIX æнусы 50-æм азты архивæй ист гæххæттытæм гæсгæ сбæлвырдгæнæн ис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты азхыгъдтæ. Уыцы гæххæттытæм гæсгæ 1859 азы Темырболатыл сæххæст 14 азы («Мах дуг», 1971, № 2).

Цæгат Ирыстоны Центрон Паддзахадон архивы (291 фонд, фыццаг номхыгъд, 9-æм хъахъхъæнæн иуæг, 123 сыф) цы гæххæтытæ ссардæуыд, уыдонæй иуы уыдис ацы документ:

Дарддæры гæххæттыты та (291 фонд, фыццаг номхыгъд, 9-æм хъахъхъæнæн иуæг, 1-27 сыф) ис курдиат ныффыссыны рæстæг, ома 1859 азы 30 майы, Осмæны сывæллæттæй кæуыл цас цыд, уый. Хистæр фырт Дзамболатыл сæххæст 20 азы, астæуккаг Темырболатыл — 14, кæстæр Хъамболатыл та — 8 азы.

Афтæмæй Темырболаты райгуырды аз у 1845.

Паддзахы инæлар Куындыхаты Муссæ (Темырболаты фыдыфсымæр) агитацийы руаджы Цæгат Кавказы хæххон адæмты (ир, цæцæн, мæхъхъæл, кæсæджы) сардыдта сæ райгуырæн уæзæг ныууадзыныл æмæ «се ’мдингæнæг æфсымæртæм» Туркмæ алидзыныл. Уыцы алидзæг адæмимæ Туркмæ уыдис Мамсыраты Темырболат дæр.

Темырболат Туркмæ æнæбары кæй афтыд, уымæн фыццаджы-фыццаг æвдисæн сты йе ’мдзæвгæтæ. Ис æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Хъæрджынты Гагуыдз (йæ кой ма кодтам) фыста:

Ацы нымæц («иу-25 азы») раст нæу: поэтæн йæ фæстагдæр æмдзæвгæтæй иуыл ис датæ — 1898 аз. Афтæмæй нымайгæйæ поэт Турчы фæцарди 35 азмæ æввахс. Чи зоны, Гагуыдзы уацы дæр «35» фыст уыд, æмæ рæдыд газет æруагъта.

Профессор Æлборты Барысби æмæ иннæ ахуыргæндтæм гæсгæ Темырболат Турчы цæргæйæ ус не ’рхаста (æцæгæлон бæстыл, дам, мæ хъæстæ нæ уадзын). Бауырнинагдæр сты журналист Мамсыраты Мураты ныхæстæ. Уый Турчы уыди 1971 азы æмæ фыссы, Темырболаты дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы ист кæм сты, ахæм дыууæ къамы йын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Ноджы йын алы къамыл дæр ныффыстой, чи дзы кæцы у æмæ Темырболатæн цы хæстæг æййафынц, уый. Поэты зæнæгæй æгас ничиуал у, цæры ма дзы æрмæст йæ цотыцотæй иу: Яшар. Мурат зæгъы:

Темырболаты амæлæты аз бæлвырд зындгонд нæу. Фыссæг Гæдиаты Цомахъ ын йæ амарды азыл нымайы 1898, Æлборты Барысби æмæ иннæ ахуыргæндтæ та — 1899.

Октябры революцийы размæ Темырболаты æмдзæвгæтæ Туркæй хæццæ кодтой йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Иу æмдзæвгæ дзы — «Сагъæстæ» — сси адæмон зарæг, фыццаг хатт æй мыхуыры рауагъта акад. Миллер Всеволод («Осетинские этюды», ч. I, М., 1881, стр. 105). Ахуыргонд ирæттæй бирæтæ æнхъæлдтой, йæ автор инæлар Къуындыхаты Муссæ кæй у. Фæлæ 1922 азы Дзæуджыхъæумæ æрцыд Муссæйы фырт, Советон Уæрæсеимæ цæдис скæныны фæдыл Турчы миссийы сæрдар Къуындыхаты Бечыр (Бекир-Бей-Сами) æмæ загъта, зæгъгæ, «Сагъæстæ» у йæ фыды хойы лæппу Мамсыраты Темырболаты фыст. Бечыр йемæ æрласта Темырболаты иннæ æмдзæвгæтæй цалдæр. Мыхуыр уыдысты французаг дамгъæтæй. Хъаныхъуаты Иналыхъ сæ уырдыгæй рафыста æмæ дзы иу копи радта Æлборты Барысбийæн. Фæстæдæр Барысби ныффыста чиныг Темырболаты тыххæй æмæ йын ныммыхуыр кодта йе ’мдзæвгæтæ дæр иронау æмæ уырыссаг æвзагыл дæлрæнхъон тæлмацæй («Первый осетинский поэт Темирболат Османович Мамсуров». Владикавказ, 1926). Къопийы фыццаг фарсыл фыст ис: «Ирон зарджытæ. Ныффыста Мамсыраты Темырболат. Турчы, Анатолийы, Батманташ, 1868—1898 азты».

Æлборты Барысбийы фæстæ Темырболаты æмдзæвгæтæ Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй рацыдысты уырыссагау — Хуссар Иры чиныгуадзæны (1946). Сæ тæлмацгæнæг уыдис Е. Гегелашвили, разныхасы автор — Биазырты Алыксандр.

Поэты уацмыстæ сæ мадæлон æвзагыл иумæ æмбырдæй фæзындысты æрмæстдæр 1965 азы — уæд дæр Цхинвалы. Чиныг бацæттæ кодта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Джусойты Нафи. («Ирон зарджытæ», Цхинвал, 1965).

Æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы, фæлæ сыл бæлвырдæй зыны сæ авторы бæрзонд курдиат — йæ зæрдæйы хъару, йæ уды ныфс, йæ æнæкæрон уарзт ирон дзыллæмæ, фыдæлты зæхмæ. Æцæгæлон бæстæм йæ сæр чи фесæфта, уыдонæн уым сæ хал, сæ бæндæн фæхауд. Æнæбон, æнæбарæй кæй цардысты, канд уый нæу Темырболаты уæззау хъуырдухæнты аххосаг. Поэт-патриот æмбары, йе ’мтуг адæмæй райгуырæн уæзæгыл чи баззад, уыдон дæр бæллиццагдæр уавæры кæй не сты, кæй хъæрзынц хæдхæцæг паддзахы æфсондзы бын. Уымæ гæсгæ катайгæнгæ зæгъы: «Нæ ис æмæ нæ бæстæ мах Залымæн ныууагътам, рахастам ма нæ сæртæ» Æмдзæвгæ «Дыууæ ’мбалы»). Ацы зæрдыуагыл æмбæлæм «Авдæны зарды» дæр:

Æлборон куыд фыссы, афтæмæй «Авдæны зард» дæр «Сагъæстау» адæм истой дзыхæй-дзыхмæ, зарыдысты йæ. Саламты Мæхæмæт дзы (кæс ацы чиныджы кæрон фиппаинæгтæм) Барысбийæн ахæм рæнхъытæ æрымысыд («донайдзауты» ныхæстæй кæй бахъуыды кодта, уыдон):

Темырболат йæ алыварс цы галиу митæ æмæ æгъатырдзинад уыдта, уыдоны ныхмæ иудадзыг æхсонвидар кæм уыдаид, æмæ-иу ахæм заман йæ фæстаг скаст уыдысты — бар-æнæбары—йæ дин, йæ хуыцау... Уымæ гæсгæ зын бамбарæн не сты «Сагъæсты» мæнæ ацы рæнхъытæ:

Поэт æууæнды, «иунæг хуыцау сабыр» кæй у, «иу хатт махмæ дæр кæй ракæсдзæн, уымæн æмæ «мæгуыры дуа хъабыл у»...
Темырболат йæ царды фылдæр хай æцæгæлон бæстæйы арвыста æмæ хорз базыдта, йе ’мбæстон адæмæй чи цы гæнæг уыд, уый. Йæ инæлар мадыфсымæр Турчы ’фсады нымад лæг уыди, стыр паддзахадон бынæттæ ахста. Уымæ гæсгæ Темырболатæн, ахуыр æфсæддон лæгæн, курдиатджын адæймагæн, хорз фадат уыди размæ рацæуынæн, карьерæ скæнынæн. Фæлæ поэт йæ сæрмæ не ’рхаста Турчы ’фсады уæвын, æнæуынон ын цы хицауад уыд, уымæн кæстæриуæггæнæг ныллæууын. Йæ дзыллæйы æцæг хъæбул уæвгæйæ, уый мæстæлгъæдæй фыссы, лæджы ном цæсты чи ’фтауы, мулчы, карьерæйы азарæй йæ намысыл йæ къух чи исы, ахæм худинаггæнджытыл («Чъынды лæг», «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Ме ’мгармæ» æмæ æндæр æмдзæвгæтæ). Иу дины руаджы кæйдæр зæххыл нæ амонд ссардзыстæм, зæгъгæ, афтæ хъуыдыгæнгæмæ йæ бæстæ чи ныууагъта, уыцы адæм ног бынаты «къæрдтæ, дихтæ баисты», кæмæн дзы йæ «цин ысхызт уæлæмæ», сси «стыр хицау», чи рагъ ыскодта йæ хорæй æмæ йæ нæдæр хæргæ кæны, нæдæр дзы искæмæн дæтты. Иннæтæ «дзугтæ скодтой чызджытæй», «сæ мулк, се ’хсар, сæ намыс æргом ысси хæрзмæллæг». Аннæтæ систы уæйгæнджытæ:

Сæ тематикæйæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц æмдзæвгæтæ «Хæрæг» æмæ «Амонд». Хæснагæн иу нæмыг дæр кæм нæ лæууыд, йæ хæлдтытæй зæрдæ кæмæн рыст, уыцы голлагæн æваст, куыд фæзæгъынц, йæ амонд хæрæгыл абадти: хонын æй райдыдтой «голджытæн сæ. хуыздæр». Поэт уайдзæф кæны цыбырзонд æмæ цæстмæхъус адæмæн, чи цы у, уый йæ номæй кæй нæ хонынц, уый тыххæй: «Кæй сисынц уæларвмæ, кæй æркæнынц сæ быны». Голладжы «амонд» мæнг у, бирæ нæ ахæсдзæни, фæлывд адæм абон хуыздæр кæй хонынц, уыцы хæлд голлаг сомбон уæддæр йе ’цæг бынат ссардзæни, чи зоны, къæхтæсæрфæн дæр суа. Ацы аллегорион фæлгонц цæмæйдæрты æрвадиуæг кæны И. А. Крыловы æмбисонд «Голладжы» персонажимæ. Уым дæр голлаг дуаргæрон дзæгъæл æппæрстæй лæууыди, лæггадгæнджытæ йыл-иу сæ къæхтæ дæр асæрфтой. Фæлæ — диссаг! — æнæнхъæлæджы йæ хъул сах абадт, аргъ кæнын ын райдыдтой. Цæмæн? Йæ хицау æй... æхцайæ байдзаг кодта, стæй йæ нывæфтыд чырыны бафснайдта. Голладжы кой æгас горæтыл айхъуысти, цæвиттон, уырыс цæйау акæнынц, «из грязи в князи», уыйау рауад йæ хъуыддаг. Крыловы æмбисонды дарддæр цытæ æрцыд, уыдон кой нал кæндзыстæм. Темырболаты «Голлаг» хуымæтæгдæр у (æниу нæм æмдзæвгæ æнæхъæнæй не ’рхæццæ, æмæ бæлвырд хатдзæгтæ кæнын зын у): Сæйраг хъуыддаг бæрæг у: Темырболат йæхи равдыста дæсны психологæй. Галиу дунейы, «сæ зонд цæст кæмæн нæ уыны», ахæм адæмы ’хсæн хорзмæ, раст тæрхонмæ, хуызæн уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Гæвзыкк уæвгæйæ бынæттæм, кадмæ, хорзæхтæм чи бæллы, йæхицæй чи феппæлы, иу ахæм «хæрæджы» тыххæй Темырболат зæгъы: «Дæ саргъ куы уаид сызгъæрин, лыг куы уаиккой дæ хъустæ, бæх дæ уæддæр нæ хонин», уымæн æмæ: «Хæрæг йæ сæрæй бæрæг у». Зæрдыл æрлæууы Державины ныхас: «Осел останется ослом, хотя осыпь его звездами».

Æлгъаг «голджытæн» æмæ «хæрджытæн» Темырболат сæ ныхмæ æвæры лæджы ном, лæджы фарн: «Мæнæн мæ ниат æргом у: мæ уд æмæ мæ фæллой нæ адджын бæстæн нывонд у». Æмæ æрлæууыди мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фарсмæ: «Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын».

Раст уыцы азты сæ бæстæн, сæ адæмæн сæ сомыйы ныхæстæ кодтой нæ иннæ дыууæ разагъды лæджы — Къоста æмæ Секъа дæр. Темырболаты, Къостайы æмæ Секъайы поэзийы хæстæгдзинады тыххæй фыстой Нафи («История осетинской литературы». Том 1. Тбилиси, 1980) æмæ Дзуццаты Хадзы-Мурат («Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй». Тбилиси, 1979). Къоста зыдтаид Темырболаты æмдзæвгæтæй цыдæртæ, зæгъы Хадзы-Мурат, уымæн æмæ йын йæ уацмысты уынæм фыццаг ирон поэтæй реминисценцитæ. Зæгъæм, Темырболатмæ: «Къæрдтæ, дихтæ баистæм»—Къостамæ: «Иугай ныйистæм»; Темырболатмæ: «Сæфы, сæфы нæ фæстаг» — Къостамæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг» æмæ а.д. Ахæм параллельтæ кæны Нафи дæр Темырболат, Къоста æмæ Секъайы хицæн уацмысты ’хсæн. Чи зоны, æнгæс рæнхъытæ нæ фыццаг поэттæм сæхи ’гъдауæй райгуырдысты. Ууыл гуырысхо кæны Хадзы-Мурат дæр: «Сæ дыууæйы дæр (Темырболат æмæ Къостайы. — X.К., Хъ.Æ.) сдзурын кодта адæмы трагикон уавæр, уымæ гæсгæ сæ поэзийы сæйраг лейтмотив у хъарæг, сæ дыууæ дæр риссынц æмæ кæрзынц адæмы уæззау рис æмæ æвидийгæ хъизæмарæй».

Рауайы афтæ: иу цъитийæ райгуырынц егъау цыхцырджытæ, къæдзæхты бын фæхицæнтæ вæййынц, бирæ рæстæг сæ алчи хибарæй фæцæуы, стæй та фæстагмæ уæлзæххыл кæрæдзи ссарынц. Ахæм цъитидæттау у сæ хъысмæт Темырболат, Къоста æмæ Секъайæн. «Æмæ стъалы стъалыимæ дзуры», — Лермонтовы ацы ныхас дæр цыма нæ фыццаг поэттыл æрцыди: лæгæй-лæгмæ зонгæ нæ уыдысты, фæлæ сæ дзуринаг — иу, дардмæ дæр æмбæрстой кæрæдзи. Сæ поэзийæн дæр ис иу бынат — сæ дзыллæйы зæрдæйы.




#Article 179: Сомихаг æвзаг (106 words)


Сомихаг æвзаг () у скæсæйнаг индоевропæйаг æвзæгтæй иу, ис æм иумæйаг миниуджытæ балтаг, славяйнаг æмæ ирайнаг æвзæгтимæ.

Индоевропæйаг æвзæгты ’хсæн у тæккæ рагондæр фысгæ æвзæгтæй иу. Сомихаг алфавит сарæзта Месроп Маштоц 405—406 азты. Фыццаг журнал сомихагау — «Аздарар» («Уацхæссæг») — мыхуырæй рацыд Мадрасы (Инди) 1794-æм азы.

Рагон сомихаг тæлмацты фæрцы аирвæзтысты иуæй-иу рагон бердзенаг тексттæ. Сомихаг уацфыстытæ сты Кавказы историйы иртасынæн тынг ахъаззаг.

Сомихаг æвзаджы фонологийы ис 6 хъæлæсон фонемæйы æмæ 30 æмхъæлæсон фонемæйы.

Дыууæ сомихаг диалектон къордæй иу (скæсæйнаг, «ашхарабар») у нырыккон Сомихы паддзахадон æвзаджы бындур. Ныгуылæн диалекттыл дзурынц диаспорæйы сомихæгтæ АИШ æмæ Европæйы.

Нырыккон литературон сомихаг æвзаджы бындурæвæрæг уыд Абовян Хачатур, фыссæг æмæ этнограф.




#Article 180: Хуссар Ирыстоны хæст (2008) (117 words)


Хуссар Ирыстоны дыккаг хæст (уырыссагау æй фæхонынц Фондзбонон хæст дæр, гуырдзиаг историографи йæ хоны Уæрæсейы-Гуырдзыйы хæст) уыд 2008-æм азы сæрды. 7 августы æхсæвыгон гуырдзиаг салдæттæ бабырстой Цхинвалмæ. Уыдон парахатæй пайда кодтой артиллери æмæ танктæй, уыцы бабырсты рæстæг амардысты Цхинвалы цæрджытæй бирæ, хæлд кæнæ сыгъд æрцыдысты бирæ амаддзæгтæ.

Уæрæсейы æфсад æмæ хуссар-ирыстойнаг æфсæддонтæ бырстой размæ, байстой Гур æмæ ныппырх кодтой Гуырдзыстоны æфсаддон базæтæй бирæ.

Уыцы хæсты фæдыл Уæрæсейы Федераци (йæ президенты барамындтытæй) Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинад банымадта.

Уыцы республикæты цы Тбилисы дæлбар территоритæ ма уыдысты (Ленингоры район, Цхинвалы районы гуырдзиаг хъæутæ æмæ «Уæллаг Абхаз»), уыдон бынæттон хицауæдтæм бахаудысты. Афтæмæй 2008-æм азы сæрды фæстæ Гуырдзыстоны кæддæры автономитæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз сæ советон рæстæджы арæнтæм бацыдысты.




#Article 181: Уæллаг Мызур (149 words)


Уæллаг Мызур у хъæу Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы, Урсхохы рæбын. Рагон заманы, Мызуры посёлочы (Æрыдоны галиу фарсыл) фæзынды размæ хуындис Мызур. Йæ фарсмæ цы чысыл хъæутæ уыди, уыдонимæ та æмбырдæй — Стыр Мызур. Ис дзы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ — зæппæдзтæ, мæсгуытæ, 1890 азы арæзт аргъуан.

Уæллаг Мызуры цы сывæлæттæ цæрынц, ахуырмæ Мызуры посёлокмæ фæцæуынц.

Æрыдоны доны галиу фарсæй фæндагмæ бæрзонд къæдзæхы сæрæй коммæ æмæ Уæлладжыры бирæ хъæутæм зынынц авдуæладзыгон дыууæ мæсыджы. Уыдон сты Стыр Мызуры цæрджытæ Дзуццатæ æмæ Таматы хъахъхъæнæн мæсгуытæ.

Стыр Мызуры алыварс чысыл кæмтты, уæлвæзты æмæ хæхты рæбынты апырх сты Мызуры æхсæнады хъæутæ: Ксурт, Ногхъæу, Сахæгкатæ, Сулартæ, Гусойтæ, Мызур, Уæллаг хъæу æмæ Дæллаг хъæутæ.

Ам, Стыр Мызуры, Мызуры, Уæллаг хъæуы æмæ Дæллаг хъæуты цардысты Сидæмоны, Цъæхилы æмæ Цæразоны къабæзтæ: Зæнджиатæ, Сохитæ, Гæлæутæ, Хацъæтæ, Таматæ, Бутатæ, Къодотæ, Сулартæ, Мæрзойтæ, Габолатæ, Гадзалтæ, Таболтæ, Хохтæ, Саулатæ, Елойтæ, Хæмæтæтæ, Гусойтæ, Дзиуатæ, Быгъуылтæ, Æфсæрæгтæ, Тогызтæ, Хацъæтæ, Багъратæ, Габысатæ, Сæлбитæ, Бицъотæ, Дзуццатæ.




#Article 182: Уæлладжыргом (104 words)


Уæлладжыргом, Уæлладжыры ком, Уæлладжыр ис Цæгат Ирыстоны, цæугæдон Æрыдоны дæргъмæ. Уыцы комы цæуы Уæлладжыры фæндаг, ис дзы ирон адæмы истори æмæ культурæйы фенддæгтæ.

Уæлладжыргом райдыдта Алагиры сæрмæ æмæ фæци Буроны.

Уæлладжыры æхсæнад у Цæгат Ирыстоны æхсæнадæй иу. Уæлладжырæгты скæсæйнаг сыхæгтæ сты куырттатæгтæ, ныгуылæйнаг сыхæгтæ — дыгур, сæ хуссайраг сыхæгтæ та — туалтæ. Уæлладжыры æхсæнад Ирыстоны нымад уыдис æппæты рагондæр æхсæнадыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, иннæ ирон æхсæнадты бындурæвæрджытæ сты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæугæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, фæстæдæр æгас Ирыстоныл чи апырх æмæ йæ алы къуымты чи æрцарди, уыцы рагфыдæлтæ рацыдысты ирон адæмы рагфыдæл Ос-Бæгъатырæй æмæ хæссынц йæ фыртты — Сидæмон, Цæразон, Хъусæгон, Цъæхилон æмæ Æгъуызы нæмттæ.




#Article 183: Аланды сакъадæхтæ (122 words)


Аланды сакъадæхтæ (Аландтæ) (, ) сты Балты денджызы архипелаг, 1921 азæй у Финляндийы автономон провинци. Аландты сæйраг сахар у Маарианхаминæ (Мариехамн).

Сакъадæхтыл цæрынц 26 мины адæймаджы, уыдонæй 10,7 мины — сæйраг сахар Маарианхаминæйы. 6 мины сакъадахы сты æдзæрæг, цæрджытæ ис æрмæст 60 сакъадахыл.

Автономийы официалон æвзаг у шведаг.

Аланды сакъадæхтæ сæ статус райстой 1921-æм азы, Финлянди æмæ Швецийы ’хсæн кризис куы уыди, уæд. Уый фæстæ Аландтæ сты автономон бæстæ, ис сæм сæхи интернет-домен (.ax), сæхи посты маркæтæ, сæ лæппуты Финляндийы æфсадмæ нæ хонынц. Сæ статусмæ гæсгæ Аландтæ сты æнæфсад, никæй æфсæддонтæ дзы ис.

Кæд Аландтæ сакъадахон территори сты, уыдонæн тынг хорз бастдзинад ис Швецийы сæйраг сахар Стокгольм æмæ Туркуимæ (Финляндийы стырдæр сахартæй иу). Алы бон дæр цалдæр егъау быраны Маарианхаминæйы портмæ бацæуынц.




#Article 184: Моцарт, Вольфганг Амадей (103 words)


Йоганн Хризостом Вольфганг Теофил Моцарт (немыцаг æвзагыл Joannes Chrysostomus Wolfgangus Theophilus Mozart  ; райгуырдис 1756-æм азы 27 январы Зальцбурджы, амардис 1791-æм азы 5 декабры Венæйы), кæнæ Вольфганг Амадей Моцарт, у разагъд австриаг композитор, инструменталист æмæ дирижёр. Гайдн æмæ Бетховенимæ у Венæйы классикон скъолайы зынгæдæр минæвар.
Инструмменттæй цагъта æмæ музыкæ фыста фондзаздзыдæй. 1781-æм азы æрцарди Венæйы æмæ тагъд рæстæджы сси уыцы сахары хуыздæр пианист. Уым ныффыста йæ оперæ «Аскъæфт сералæй» (), кæцыйы фыццаг равдыст æрцыдис 1782-æм азы 16 июлы; оперæ театрдзауты зæрдæмæ тынг фæцыди æмæ уымæй Моцарт зындгонд сси куыд композитор дæр.

Моцарт фæрынчын Прагæйы 1791-æм азы æмæ уыцы аз 5 декабры фæмард 35-аздзыдæй.




#Article 185: Мæсыг (134 words)


Ирон мæсыг (бирæон нымæц: мæсгуытæ) — дурамад цалдæруæладзыгон иргъæвон агъуыст. Йæ бындур у квадрат æнгæсæн.

Фыццаг уæладзыг арæх у дурæйдзаг, цæмæй мæсыг фидардæр лæууа æмæ йæ бын скъахыны фадат нæ уа, уый тыххæй. Дыккаг уæладзыджы арæзт вæййы мæсыгмæ бахизæн. Мæсыджы сæр тъæпъæн, æмæ дурæй æмбонд (арæх дæндагимæ йæ алы тигъыл). Тъæпæн цар уыди пайда уымæй, æмæ ууыл лæугæйæ, алырдæм фæлгæсыны фадат лæвæрдта. Ирыстоны ис фенæн ацы классикон типæй уæлдай ма æндæртæ.

Фылдæр мæсгуытæн уыдис хъахъхъæнæн нысантæ. Амад-иу æрцыдсты, стратегион вазыгджын бынæттыл æмæ афтæ, цæмæй дзы æндæр дыууæ мæсыджы зына. Знаджы бабырст фенгæйæ, ахæм мæсыгæй лæвæрдтой сигнал артæй кæнæ фæздæгæй иннæ мæсгуытæм, кæцытæ йæ æрвыстой дарддæр.

Ирыстоны иргъæвон агъуыстыты æндæр хуызтæ: фидар, гæнах (чъырын), иргъæвон сис.

Урстуалты ис хъæу Саумæсыг; Тырсыгомы — Бурмæсыг; Джинаты комы — Мæсыгджын; Захъхъайы — Хусмæсыг; Къуыдаргомы — Мæсыгуат æмæ Стырмæсыг.




#Article 186: Африкæ (134 words)


Африкæ у æхсæз континенттæй иу æмæ æхсæз дунейы хæйттæй иу. Континеты фæзуат у 30 065 000 км², ома æппæт дунейы сурзæххы 20,3%. Африкæйы ис 53 паддзахады, 4 ма сты æнæбанымад. Африкæйы цæрынц иу миллиард адæймаджы бæрц.

Африкæ лæууы Европæйæ хуссарырдыгæй æмæ Азийæ хуссар-ныгуылæнырдыгæй. Африкæйы ныгуылæйнаг былгæрон æхсы Атлантикон фурд, скæсæны та — Индийы фурд. Африкæ æмæ Европæйы ’хсæн ис Зæххастæуы денджыз, Африкæ æмæ Азийы ’хсæн — Сырх денджыз æмæ Суэцы къанау.

Африкæйы цæгаты ис дунейы стырдæр æдзæрæгран — Сахарæ. Уыцы ранæй хуссарырдыгæй хъæдтæ æмæ саваннæтæ сты фылдæр.

Африкæйы зындгонддæр цæрæгойтæ сты жираф, зебрæ æмæ пыл.

XV æнусæй фæстæмæ Африкæ уыдис колонизацигонд. 1900-æм азмæ æгас континет дихгонд уыди европæйаг бæстæты ’хсæн — стырдæр колонитæ байстой Стыр Британи, Франц, Герман, Бельги æмæ Итали. Деколонизацийы процесс райдыдта æрмæст Дыккаг дунеон хæсты фæстæ.

Африкæ иртасæг зонад хуыйны африканистикæ.




#Article 187: Алантæ (264 words)


Алантæ, алайнæгтæ кæнæ аллонтæ уыдысты сæрмæттаг равзæрды цæугæцардгæнджыты знæмты цæдис, дзырдтой цæгат-скæсæн ирайнаг къорды алайнаг æвзагыл. 

I-æм æнусы алайнагтæ ныгуылæнмæ æрбабырстой Централон Азийæ æмæ дзы хицауиуæг бынат райстой æндæр сæрмæтты æхсæн. Аммиан Марцеллин куыд фыста, афтæмæй уыцы рæстæджы æндæр сæрмæттæг знæмтæ сæ хицæн нæмттæ ныууыагътой æмæ иууылдæр райдыдтой сæхи алайнæгтæй хонын.

Адæмты Стыр гоцы рæстæджы гуннтæ сæ ныппырх кодтой æмæ асырдтой Скæсæн Европæйаг быдыртæй. Уыцы рæстæджы алайнæгтæ сæхи адих кодтой дыууæ къордыл. Иу къорд ацыдис дарддæр Ныгуылæн Европæмæ æмæ дзы бирæ хæстыты фæстæ цалдæр рæтты æрцæрын кодта. Уыцы алайнæгтæ бындур сæвæрдтой цалдæр къаролад æмæ паддзахадтæн, се ’хсæн уыдысты Алайнæгты æмæ вандалты къаролад Цæгат Африкæйы æмæ Алайнаг паддзахад Испанийы (409-426).
 
Алайнæгты æндæр къорд алыгъдис Цæгат Кавказмæ. Цæгат Кавказы зæххытыл алантæ сарæзтой рагфеодалон паддзахад — Алани (Аланыстон). Уыцы паддзахад стыр бавæрд ныккодта Кавказы историмæ, уыдысты йæм тыхджын политикон æмæ династион бастдзинадтæ Византи, Гуырдзыстон æмæ Хазары каганадимæ, базайраг бастдзинадтæ Иран, Киевы Уырыс æмæ араббаг бæстæтимæ. Аланыстоныл цыдис Стыр Зæлдаг фæндаг. Алантимæ баст у Салт-Маяцы археологион культурæ æмæ бирæ хæлд сахартæ (Архыз, Уæллаг æмæ Дæллаг Дзылат) æмæ ингæнтæ (Бæлта, Цыми, Гæлиат, Змейкæ æмæ æнд.) Цæгат Кавказыл. 

Аланыстон хæлд æрцыдис XIII æнусы тæтæр-мангойлæгты бырсты аххосæй. Ацы бырсты фæстæ алæйнагты иу хай ацыдис Венгримæ æмæ сын венгриаг паддзах Бела IV Арпад æрцæрыны бар радта, афтæмæй уыдон райдийæн радтой ястæн. XIV æнусы Тамерланы ныббырсты аххосæй алайнæгтæн фесæфтысты се ’ппæт быдыраг зæххытæ æмæ сæ цæрджыты фылдæр хай. Ацы ныббырстæй сæхи чи фервæзтой, уыдон Кавказы хæххты баззадысты æмæ радтой райдийæн нырыккон ирæттæн.

Аланты байзæддæгтыл нымад сты ирæттæ æмæ ястæ.

Æмæ æртæ Салт-Маяцы 8-æм кæнæ 9-æм æнусы хуызæгтæн уыдысты yDNA-тæ G, J2a-M410 æмæ R1a-z94.




#Article 188: Ирæд (279 words)


Ирæд () у къайады ныхмæ исбон дæттыны æгъдау. Ирæд Ирыстоны уыдис Цæгат Кавказы æппæты стырдæртæй, XIX æнусы ирæд фыстой стыр æмæ лыстæг сыкъаджын фосæй. Сæ нымæц-иу хæццæ кодта дæсгæйттæм æмæ суанг фондзыссæдзгæйттæм дæр, ноджы лæвæрдтой зынаргъ дзаумæттæ, хъуамæ се ’хсæн æнæмæнг уыдаид зынаргъ хæцæнгæрзтæ, егъау æрхуы æгтæ. Ирæды æхца æрæмбырд кæнынæн бирæ азтæ хъуыдис, уый аххосæй нæлгоймæгтæ ус æрæгмæ куырдтой, лæг-иу йæ усæй бирæ хистæр уыдис, стæй чызджыты скъæфгæ дæр уый тыххæй кодтой. Скъæфын та-иу арæх туг расайдта.

Нырыккон иртасæг Дзуццаты Хасан хъуыдымæ гæсгæ, уыцы æрæнæвæрдтæ уавæр нæ хуыздæр кодтой.

Ирон адæмæн стыр трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. Газет «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры. 
Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйае, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахаем уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“

æмæ дарддæр:

Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау.

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыди Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.

Ныр Ирыстоны ирæд нал исынц. Лæппуйы бинонтæ сцæттæ кæнынц фидауæггаг æхца — фидауæггаг цы æхца сæвæрынц, уый у мысайнаг, дыууæ мыггаджы кæй бафидыдтой, кæй бахæстæг кодтой, уый тыххæй.




#Article 189: Габысаты Хъамболат (169 words)


Габысаты Ибрагимы фырт Хъамболат (райгуырд Хъахъхъæдуры 1930-æм азы) у Дзæуджыхъæуы спорты клуб «Локомотив»-ы хицау. Спорты мастер, УСФСР-йы сгуыхт тренер, ЦИ АССР-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы физикон культурæ æмæ спорты отличник, Уæрæсейы олимпаг змæлды рæзтмæ бавæрæны тыххæй риуылдаргæ нысан хæссæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, фæллойы æмæ спорты ветеран, кадджын æфсæнвæндаггон. Майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджынгонд (2007). 

Цымыдиссаг уый у, æмæ тренировкæтæ кæнын райдыдта 26-аздзыдæй. Уый размæ хъахъхъæдуйраг лæппу гауызмæ никуы рацыд. Æфсады баслужбæ кæнгæйæ (уыд Китайы), Ирыстонмæ сыздæхт æмæ сси Вагæттæ цалцæггæнæн заводы кусæг. Уæд, 1958 азы, райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ сгарын, цыппар азы фæстæ та сси профессионалон тренер. Суанг 2000 азмæ фæкуыста Хъамболат тренерæй. Йæ хъомылгæнинæгты ’хсæн дунеон къласы спорты мастертæ, Европæйы чемпионтæ Бигъаты Барис, Сокаты Тимур, ССР Цæдисы чемпионтæ æвзонгты ’хсæн Гæджынаты Витали æмæ Калоты Арон, дунейы чемпион фæсивæды ’хсæн Плиты Алик æмæ бирæ æндæр фæсивæд.

Йæ райгуырæн хъæу Хъахъхъæдуры стыр спорткомплекс куы сарæзтой, уæд Хъамболат æм æхсæз мæйы, мызд нæ агургæйæ, горæтæй дыууæрдæм фæцыд æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты секци скусын кодта. Фæлæ спорткомплекс басыгъд æмæ ныр дæр нæ кусы.




#Article 190: Махъоты Ацæмæз (126 words)


Махъоты Владимиры фырт Ацæмæз (райгуырдис Беслæны 1957-æм азы) у композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы директор.

Схъомыл ис Беслæны, йæ мад куыста уыцы сахары 1-æм скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

Махъоты Ацæмæз ахуыр кодта Ленинграды æмæ Ереваны консерваториты. 1986-æм азæй дæс азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны драмон театры, 1996-æм азы фæстæ уыдис уыцы театрæн йæ аивадон разамонæг.

Махъойы-фырт ныффыста цыппар симфонийы, оперæ «Алантæ», концерт «Азы хроникæ», балет «Планетæты парад», æртæ мюзиклы, сæдæ зарджытæй фылдæр æмæ æндæр музыкалон уацмыстæ.

Беслæны бæллах куы ’рцыди, уый 50 боны фыста ног симфони, «Мæ фыдыбæстæ Беслæн», зæгъгæ. Уыцы симфони фыццаг хатт хъуыстгонд уыди Дзæуджыхъæуы 2005-æм азы. Симфонийы хъуысынц сылгоймаджы хъæлæс æмæ Цæлыккаты Феликсы æмдзæвгæтæ.

Ис ын æртæ чызджы.




#Article 191: Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ (111 words)


Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ (облæст) (, ) уыдис ирон адæмы автономи Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы. Йæ сæйраг сахар уыд Цхинвал (1936 — 1961 йæ ном уыд Сталинир). Гуырдзыстон Советон Цæдисæй куы рацыдис, уæд Хуссар Ирыстон дæр рацыдис Гуырдзыстоны скондæй.

Гуырдзыстон большевиктæ куы бацахстой 1921-æм азы, уый фæстæ 1922-æм азы 20-æм апрелы сырæзтис Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ ГССР-ы мидæг. Автономон бæстæйы арæнтæ æвзæрст уыдысты ирон адæм Гуырдзыстоны цы зæххытыл цардысты, уымæ гæсгæ. Фæлæ уæддæр кæцыдæр зæххытæ, кæм цардысты фылдæр ирæттæ, нæ бахаудтой автономон бæстæмæ. Уыдон сты: Тырсыгом, Хъуды ком, «Триалеты Ирыстон». Автономи кæй уыдис, уый тыххæй дзы уыдис бар дзурын æмæ ахуыр кæнын ирон æвзагыл, фæлæ официалон æвзæгтæ уыдысты гуырдзиаг æмæ уырыссаг.




#Article 192: Фареры сакъадæхтæ (327 words)


Фареры сакъадæхтæ (Фарертæ) (, [фёрьяр] — «Фысы сакъадæхтæ»; ) у Цæгат Атлантикæйы 18 сакъадахы къорд, Норвеги, Исланди æмæ Стыр Британийы ’хсæн. Фарертæ сты Данийы автономон регион. Хиуынаффæйад 1948 азæй. Фарерты сæйраг сахар у Торсхавн.
Архипелаг ис æнгом традицион бастдзинад Исланди, Норвеги, Шетланды сакъадæхтæ, Оркнейы сакъадæхтæ æмæ Гренландимæ. 

Ирландийы моладзæнтæ зыдтой Фареры сакъадæхты тыххæй 500-æм азмæ æввахс. 700 æмæ 800 азты астæу Шотландийæ рацæуæггæгтæ арцардысты сакъадæхты. Викингтæ куы бахæццæ сты Фареры сакъадæхтæм IX æнусы райдайæны, уæд шотландиæгтæ сакъадæхтæй ацыдысты.

XIV æнусы кæронмæ Фареры сакъадæхтæ уыдысты Норвегийы провинци. Стæй Фарертæ систы Данийы æмæ Норвегийы иумæйаг паддзахады территори, стæй 1815 азы Дани сси Фарерты иунæгон бардарæг. Сакъадæхты цæрджытæ сты скандинаваг адæм; фарераг æвзаг у рагон норвегаг æвзаджы байзæддаг.

Фæстæдæр адæмы ног æрфарст сбарæг кодта, Данийы сконды кæй баззайын фæнды, ахæм цæрджыты æмбисæй чысыл фылдæр уыд. Парламенты делегаци ацыд Копенгагенмæ ныхас кæнынмæ. 1948 азы бадзырдмæ гæсгæ Фареры сакъадæхтæ райстой арæнгонд суверенитет, йæ æддаг политикæ у Данийы бар.

Фарертæ сты Шенгены бадзырды уæнг. Уырдæм бацæуынæн Уæрæсейы граждæнты хъæуы даниаг минæварады визæ исын.

Архипелаг 18 сакъадæхтæй у:

Сакъадæхты цæрынц 48 500 адæймаджы. Уыдонæй:

Фарерты раны фæрцы архипеладжы сæйраг транспорт у денджызон.
Паддзахады иунæг аэропорт у Воар сакъадахы. Фарерты сæйраг уæлдæфон ласæг у Авиакомпани Atlantic Airways.
Æнæсцух рейстæ: Ставангер, Осло (Норвеги), Копенгаген, Ольборг, Биллунн (Дани), Рейкьявик (Исланди), Абердин, Шетланды сакъадæхтæ (Шотланди) æмæ Лондонмæ.

Архипелаг ис кадавар зайæгхал: арктикон зайæгойтæ, хъæддаг дидинджытæ, кæрдæджытæ, хъуына æмæ хъуынабын.

Фареры сакъадæхты бæстыхъæд у ромыл денджызон (сатæг зымæг æмæ сатæг сæрд). Архипелагыл ис 260 къæвдаджын бонты афæдзы дæргъы.

Фареры сакъадæхтæ ма хъуыстгонд сты китдзуаны традицийæ. Урсфарс дельфинтæ æмæ æндæр гайтæ (киттæ) марынц сæ дзидза æмæ сæ сойы тыххæй, афæдзы дæргъы 950 гриндæйы (Globicephala melaena) бæрц марынц, сæ фылдæр сæрды. Фарерæгтæ куыд бамбарын кæнынц, китдзуан у сæ традицион царды ахсджиаг хай, цæрæгойты хъахъхъæнджытæ та уыцы традици критикæ кæнынц куыд тугдзых æмæ нæхъæугæ.

Фарерты традицион хæринæгты бындур у фысыфыд, картоф, кæсаг æмæ гайы дзидза. Фысыфыд у фарераг адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу.
Фарерты ис иунæг бæгæныхсидæн Föroya Bjór (уый кусы 1888 азæй).




#Article 193: Ельцин, Борис Николайы фырт (136 words)


Борис Николайы фырт Ельцин (1 февралы 1931 азы, хъæу Буткæ Свердловсчы облæсты — 23 апрелы 2007 азы, Мæскуы) уыд советон æмæ Уæрæсейы политик, Уæрæсейы Федерацийы фыццаг президент (1991-2000).

Ельцин райгуырдис Уралы хъæуы, зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ разгæ бонтæ арвыста Пермы облæсты сахар Березникийы. Уым каст фæцис астæуккаг скъола. Æфсадмæ йæ нæ басидтой, уый тыххæй æмæ йæ армы дыууæ æнгуылдзы нæ уыд.

Ельцин студент куы уыд, тынг уарзта волейбол, сси спорты мастер. 1955-æм азы каст фæци Уралы политехникон университет, æмæ инженер-аразæг сси (йæ дипломон куысты темæ уыд «Телеуынынады мæсыг»). 1955-1968 азты куыста арæзтады. 1968-æм азæй куыста партион архайæгæй, 1985-æм азæй — Мæскуыйы.

Ельцины критиктæ йæ зылын кæнынц, уый 1991-æм азы Беловежьейы бадзырдыл кæй йæ къух æрфыста, уый тыххæй. Беловежьейы бадзырды аххосæй, дам, Советон Цæдис фехæлдис, Хуссар Ирыстон æмæ æндæр рæтты быцæутæ сирвæзтысты, дуне та дыууæполюсонæй иуполюсон сси.




#Article 194: Хъуыран (158 words)


Хъуыран ( — al-qur'ān) у Пысылмон дины сæйраг сыгъдæг чиныг, араббаг æвзагыл фыст.

Хъуыраны 114 сурæйы (ома сæргонды) ис, стырдæртæй чысылдæртæм арæзт сты. Сурæты хицæн фразæтæ хуыйнынц аяттæ. Æдæппæт Хъуыраны дзырдты нымæц у 77934, тæккæ стырдæр сурæйы, дыккагæмы, ис 286 аяты, чысылдæрты та (103-аг, 108-æм æмæ 110-æм) — фæйнæ 3 аяты. Хъуыраны фыццаг сурæ, «Аль-Фатихæ», зындгонд у куыд «Хъуыраны мад»; пысылмон адæмы куыд уырны, уыцы сурæйы мидæг у æппæт Хъуыраны хъуыды.

Уæрæсейы импери стыр ахъаз кодта Хъуыран парахат кæнынмæ. 1787 азы Екатеринæ II-ы указмæ гæсгæ Зонæдты академийы типографи мыхуырæй рауагъта Хъуыраны араббаг текст, цæмæй сыгъдæг чиныг лæвар парахат уа пысылмон уæрæсейæгты ’хсæн. 1789—1798 азты Бетъырбухы ма ныммыхуыр кодтой Хъуыраны фондз рауагъды. Уый фæстæ типографийы араббаг шрифт (хорз шрифтыл йæ нымайынц) ахæстой Хъазанмæ. Уым 1802 азæй 1859 азы онг куыста дунейы фыццаг пысылмон типографи, æмæ дзы ныммыхуыр кодтой 150 мин экземпляры Хъуыран.

Пысылмон дунейы фæзынди, Хъуыран чи æмбарын кæны, ахæм стыр литературæ. Уымæн йæ араббаг ном у тафсир ().




#Article 195: Æмхæццæ контролон къамис (373 words)


Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны фæдыл Æмхæццæ контролон къамис (ÆККъ) 
арæзт æрцыдис 1992 азы 24 июны, Дагомысы сразыдзинæдты бын политиктæ сæ къухæрфыстæ куы æрæвæвæрдтой, уæд.

Йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй фæрсты баныхасмæ гæсгæ ÆККъ-йы арæзт æрцыдысты
Æмхæццæ тыхтæ сабырад æрфидар кæнын æмæ барвæтк хъахъхъæныны тыххæй. Æмхæццæ тыхты арæзт æрцыдис æфсæддон хъусдарджыты Æмхæццæ къорд, кæцы æрывнæлдта йæ разылæууæг хæстæ æххæст
кæнынмæ.

Уæрæсейаг-гуырдзиаг Сразыдзинады ахсджиаг у, фæрстæ сæхимæ хæс кæй исынц экономикон санкцитæ æмæ блокадæтæй нæ пайда кæнын, сæрибар фæндагыл товарты, лæггæдты æмæ адæмы змæлдæн ныхдуртæ нæ аразын, афтæ ма исынц хæс сæхимæ, цæрджытæн гуманитарон æххуыс бакæнынæн уавæртæ аразын.

ÆККъ-ы куысты хайад исы Гуырдзыстоны ЕÆÆО-йы Мисси. Йе сконд æмæ йæ компетенцимæ гæсгæ
ÆККъ-йы хæс у, дæсгай мин адæймæгты уавæримæ æмæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн кæрæдзимæ ахастытæ бæстон кæныны сабырадон процесс æнтысгæйæ æххæст кæнынимæ баст бирæ практикон фарстытæ скъуыддзаг кæнын.

ÆККъ-ы уæвынады рæстæджы ауагъд æрцыдысты ÆККъ-ы Æмсæрдæртты 51 рабадт æмæ фембæлды, кæцыты ист цыдысты ахсджиаг уынаффæтæ конфликтгæнæг фæрсты барадхъахъхъæнæг оргæнты æмархайды æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы сабырад æмæ барвæтк хъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты архайды тыххæй, экономикæ æмæ ныпырхгонд адæмон хæдзарад сæндидзын кæныны, афтæ ма лигъдæтты æмæ æвæндонæй йæ цæрæнбынат фæивæг адæймæгты фæстæмæ раздахыны фарстыты фæдыл.

Къухдариуæггæнæг: Цоциты Барис Елиозы фырт — РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министр.

Кокойты Тарзан Аршакы фырт — РХИ-йы Парламенты Сæрдары
хæдивæг, ÆККъ-ы уæнг;

Коцты Константин Карлены фырт — РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, ÆККъ-ы хуссарирыстойнаг хайы Æмсæрдары хæдивæг;

Цгъойты Мераб Ильяйы фырт — РХИ-йы юстицийы министр, ÆККъ-ы уæнг;

Плиты Анатоли Сограты фырт — РХИ-йы Арбитражон тæрхондоны Сæрдар, ÆККъ-ы уæнг;

Гаглойты Иринæ Юрийы чызг — РХИ-йы информаци æмæ мыхуырады фæдыл паддзахадон комитеты сæрдар, ÆККъ-ы уæнг;

Медойты Димитр Никъалайы фырт — РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, ÆККъ-ы уæнг;

Гаглойты Роберт Хизбийы фырт – Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директор, РХИ-йы Парламенты депутат, ÆККъ-ы уæнг;

Тыбылты Леонид Харитоны фырт — ÆККъ-йы хуссарирыстойнаг хайы Æмсæрдары аппараты къухдариуæггæнæг, ÆККъ-ы уæнг;

Плиты Алан Солтаны фырт — РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры
хæдивæг, ÆККъ-йы уæнг;

Елбачиты Алан Мухарбеджы фырт — РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, ÆККъ-ы уæнг;

Уалыты Валери Павелы фырт — РХИ-йы мидхъуыддæгты министрады Цхинвалы районон управленийы хистæр, ÆККъ-йы уæнг;

Гаглойты Руслан Зауыры фырт — РХИ-йы хъахъхъæнынады æмæ уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады штабы хистæры хæдивæг, ÆККъ-ы уæнг.

Республикæ Хуссар Ирыстон, г. Цхинвал, Хетæгкаты Къостайы уынг, 1. ÆККъйы хуссарирыстойнаг хай.

Интернеты сайт: 




#Article 196: Цæгат Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæ (167 words)


РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæ нымад сты паддзахадон арæзтады, экономикæйы, зонады, культурæйы, аивады, хъомылады, ахуырады, адæмы æнæниздзинад, цард æмæ барты хъахъхъæнынады хæрзаудæн архайды сæрмагонд æнтыстдзинæдты, фæллойадон сгуыхтдзинæдты æмæ РЦИ – Аланийы раз æндæр æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхджын кæныны фæткы уæлдæр хуызыл.

РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхджын кæныны фæткы барадон æмæ организацион бындуртæбæлвырд кæны закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй» (2007 азы 15 августы).

Паддзахадон хæрзиуджытæ хорзæхджынгонд адæмæн дæттынц кадджын уавæры схорзæхджын кæныны тыххæй РЦИ – Аланийы сæргълæууæджы æмбæлгæ Указ тыхы бацæуыны бонæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ. Радон паддзахадон хæрзиуæгæй схорзæхджын кæнæн ис РЦИ – Аланийы раз æнтыстдзинæдты тыххæй хæрзиуæг фæстаг хатт радтыны бонæй паддзахадон хæрзиуæгæй амæйразмæ схорзæхджын кæныны цауæй æппынкъаддæр фондз азы фæстæ.

РЦИ – Аланийы Кады грамотæйæ хорзæхджын кæнынц, æхсæнадон, куыстадон æмæ наукон архайды, культурæйы, литературæйы æмæ аивады райрæзты чи фесгуыхт, уыцы кусæндæтты кусджыты æмæ коллективты, адæмты æхсæн сабырдзинад æмæ хæлардзинад фидар кæныны хьуыддагмæ æвæрæн бахæссыны, фидауынгæнæг куысты разæнгардæй архайыны тыххæй.

Цæгат Ирыстоны закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй» ис бакæсæн ирон сайтты, уыдоны ’хсæн:




#Article 197: РЦИ — Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сгуыхт кусæг (102 words)


Кадджын ном «РЦИ – Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй цæрæнуæтты-коммуналон къабазы куыстуæтты, кусæндæтты æмæ иугæндты æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, уыцы дæсны кусджытæн адæмæн цæрæнуæтты æмæ коммуналон лæггæдтæ æххæст кæныны, коммуналон хæдзарады æнæкъуылымпы куыстæн, дон сыгъдæг кæныны æмæ донæй æфсадыны куыстæн, тæвдгæнæн æмæ рухсгæнæн службæйæн, цæрæнуæтты фонд бахъахъхьæнынæн фадæттæ саразыны, æнæнхъæлæджы уавæрты фæстиуджытæ аиуварс кæныны, кадрты цæттæкæнынады къæпхæн фæуæлдæр кæныны хъуыддаджы сгуыхтдзинæдты, стæй куыстады автоматизацийæ æмæ фæллойы механизацийæ пайда кæныны фæдыл зæрдиаг архайды тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».




#Article 198: Алексий II (124 words)


Патриарх Алексий II (йæ æнæхъæн ном у Ридигер Михаилы фырт Алексей ; райгуырдис 1929-æм азы 23 февралы Таллины — амардис 2008-æм азы 5 декабры Мæскуыйы) уыдис Уырыссаг православон еклезийы епископ, Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы патриарх (1990-æм азæй 2008-æм азмæ).

Райгуырд рагон немыцаг уæздан мыггагæн (Ридигертæ кæнæ та Рюдигертæ, ). Йæ фыдæлтæ православон аргъуыд райстой XVIII æнусы. Сывæллон ма куы уыди, фæндыди йæ сауджын суæвын. Фынддæсаздзыдæй скуыста Нарвæйы архиепископы иподиаконæй. 1947-æм азæй ахуыр кодта Ленинграды дины академийы. Академи каст фæуыны фæстæ куыста Эстонийы.

Уырыссаг æвзаджы йеддæмæ хорз зыдта эстойнаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

Алексийы мæлæты фæстæ йæ бынатыхъахъхъæнæг сси Кирилл (Гундяев), Смоленск æмæ Калининграды митрополит, Сыгъдæг Синоды иугæндзон уæнг. Фæстæдæр равзæрстой йæ патриархы бынатмæ — æмæ 2009-æм азы фыццагæм февралæй у Мæскуы æмæ Æппæт Уæрæсейы Патриарх.




#Article 199: РЦИ — Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг (108 words)


Кадджын ном «РЦИ – Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй æлдæр ахуыргæнæндæтты, сывæллæтты рæвдауæндæтты, сидзæрдæтты, æппæт хуызты скъолаты, сывæллæтты æмæ фæсивæды скьолаты, æвзонг натуралистты æмæ техникты станцæты, стæй ахуырады кусджыты дæсныйады къæпхæн уæлдæр кæныны институтты æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, стæй рæзгæ фæлтæр хъомыл æмаз ахуыр кæныны куысты æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, амынд кусæндæтты уыцы ахуыргæнджытæн, хъомылгæнджытæн, специаписттæ æмæ кусджытæн.

Ном «РЦИ — Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг» фидаргонд кæмæн у, кадджын ном «РЦИ — Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг» радтынмæ ахæм кусджыты не ’вдисынц.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».




#Article 200: РЦИ — Аланийы адæмон артист (102 words)


Кадджын ном «РЦИ – Аланийы адæмон артист» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй, ролтæ хъазыны куысты иттæг стыр æнтыстдзинæдтæ кæй кьухы бафтыд, ахадгæ аивадон фæлгонцтæ, спектаклтæ, кино- æмæ теленывтæ чи сарæзта, Ирыстоны аивады рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, адæмы удвæрнон æмæ культурон къæпхæны рæзтæн ахъаз чи кæны, стæй кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт артист», кæнæ аивæдты сгуыхт архайæджы» ном кæмæ ис, театры, телеуынынады, радиохъусынады, цирчы æмæ эстрадæйы ахæм артисттæн æмæ режиссёртæн, оркестрты æмæ ансамблты дирижёртæн, музыканттæн, солисттæн æмæ хормейстертæн.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».




#Article 201: Кады Нысан (Цæгат Ирыстон) (103 words)


Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы майдантæ «Ирыстоны Намысæн» æмæ «Кады Нысан» нымад сты уæлдæр паддзахадон хæрзиуджытыл.

Майдан «Кады Нысан»-æй адæмы хорзæхджын кæнынц, адæмы цард бæлвырд фæхуыздæр кæныны фадат кæй фæрцы уыд, паддзахадон, куыстадон, наукон-иртасæн, социалон-культурон, æхсæнадон æмæ хæрзаудæн архайды уыцы стыр æнтыстдзинæдты, дæсны кадртæ цæттæ кæныны, рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны, стæй закъонад æмæ барадон фæтк хъахъхъæныны хъуыддагмæ æвæрæн бахæссыны тыххæй.

РЦИ – Аланийы майдан дарынц риуы галиу фарсыл, æмæ адæймагмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ ССР Цæдисы ордентæ æмæ майдантæ кæд ис, уæд æй бафидар кæнынц уыдоны фæстæ.

Майдантæ дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ — Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».




#Article 202: Урс эмиграци (103 words)


Урс эмиграци (кæнæ Уырысы урс эмиграци, кæнæ Фыццаг уылæны эмиграци), зæгъгæ, афтæ хуындæуы, (1917—1922)-æм азты Уæрæсейы мидхæсты тыххæй цы бирæ адæм фæсарæнтæм афтыд, уыдоны. Эмигранттæн сæ фылдæр алыгъдысты Уæрæсейæ 1919 азы фæстæ. Уæрæсейы хуссары (Кавказы дæр) урс хæстонтæ лыгъдысты фæсденджызмæ — Стамбулмæ, уырдыгæй та æндæр бæстæтæм. Мингай уырыссаг мигранттæ æрцардысты Берлин æмæ Парижы.

Алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ эмигрантты иумæйаг нымæц уыд 700 мин адæймæгтæй (Нациты Лигæйы официалон бæрæггæнæн) 5 милуан адæймаджы онг.

Урс эмиграцийы Уæрæсейæ ацыдысты бирæ ирæттæ дæр. Уыдоны ’хсæн Байаты Гаппо, уый ацыд Берлинмæ æмæ уым уагъта чингуытæ ирон æвзагыл, тæлмац кодта Библи; æмæ Гæздæнты Гайто, уый эмиграцийы ссис зындгонд уырыссаг фыссæг.




#Article 203: Дзауы æхсæнад (118 words)


Дзауы æхсæнад уыд æхсæнад Хуссар Ирыстоны. 

Дзауы комы, Стыр Леуахийæн йæ астæуккаг кæлæны дарддæр æрбынат уыди дзæвгар хъæубæстæ, кæцыйæн йæ сæйраг хъæу уыди Дзау. Йæ алыварс æрбынат кодтой сыхаг хъæубæстæтæ æмæ сæ бæстæгтæ цардысты Леуахийы бассейны цы кæмттæ æмæ быдыртæ ис, уыдоны мидæг. Æнæуый та цардысты Хъæргæнагдон æмæ Пронейы кæмтты. Ацы сыхæгты ’хсæн сæйраг бынат ахста Чеселты хъæубæстæ, кæцы æрбынат уыди Пацъайы комы. 

Цæгат фæрсырдыгæй Дзауы хъæубæстæ арæн кодта къуыдайрæгтимæ, туалтимæ æмæ урстуалтимæ, скæсæнырдыгæй — чысайнæгтимæ, ныгуылæн æмæ хуссарырдæм та гуырдзы цардытты.

Дзауы æхсæнады кондмæ цыдысты уыдысты Гуфта, Залда, Стырфæз, Ортъеу, Джер, Гудис, Тли, Сохтæ, Хъола.

Бирæнымæцон æмæ номдзыд Дзауы мыггæгтæй зæгъæн ис Бекъойтæ, Бестаутæ, Гæбæратæ, Гаглойтæ, Джиотæ, Къæбыстæ, Коцтæ, Хъуылымбегтæ, Мæргъитæ, Пæррæстатæ, Санахъотæ, Тедетæ, Харебатæ, Цыхуырбатæ, Цоцитæ.




#Article 204: Рио-де-Жанейро (125 words)


Рио-де-Жанейро (,  «январы цæугæдон») у Бразилийы сахар, йæ раздæры сæйраг сахар (1764-1960), Бразили æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг стырдæр сахар æмæ сахарон агломераци (Сан-Паулуйы фæстæ).

Рио-де-Жанейро зындгонд у йæ карнавалæй æмæ туристон былгæрæттæй (Ипанемæ æмæ Копакабанæ). Æндæр зындгонд фенддæгтæ сты Чырыстийы егъау статуй Корковадойы хохыл, Мараканæйы стадион æмæ æндæртæ.

Кæд Рио-де-Жанейро рагæй бирæ туристтæ йæхимæ сайы, уæддæр у Бразилийы проблемæджындæр сахартæй иу. Иннæ проблемæты ’хсæн ис уæззау фыдракæндты бæрц æмæ мæгуыр кварталтæ («фавелæтæ»). Уыцы æууæлты бынæттон полицæ дæр архайы æнæхатырæй, æрмæст 2007-æм азы дæргъы æппæт штаты полицæйы кусджытæ рамардтой 1330 адæймаджы, 2006-æм азы та — 1063. Уыцы нымæц комментатортæ абарынц АИШ-ы статистикæимæ — 2006-æм азы æппæт уыцы паддзахады полицæйы кусджытæ амардтой 347 адæймаджы. Рио-де-Жанейройы рæстæмбис полицæйы кусæгæн йæ афæдзы мызд у R$10,488 (6000 америкаг доллары бæрц).




#Article 205: Брут (747 words)


Брут кæнæ Брутæ (кæддæры Санатыхъæу, Æлдараты хъæу) у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы хъæу.

Рубайты Барисы раиртæстмæ гæсгæ, æппæты фыццаг (1830 азы) хъæу æрбынат кодта, ныртæккæ кæсагдарæн цадæн йæ донмарæн кæм ис, уый рахиз фарс. Ныртæккæ дæр хуыйны Хъæууат, хауы Заманхъулы зæххытæм. Цад цы фæзуат ахсы, уый раздæр хуындис Атагъа, уыди тынг цъымараджын дæлвæз, задис дзы, фистæгæй ацæуæн кæм нæ уыд, ахæм бæрзонд хъамыл, хæмпæлгæрдæг æмæ стыр хæрисбæлæстæ.

Цæрæнбынат равзарыны амидингæнджытæ уыдысты Санаты мыггаджы исбонджындæртæ. Фыццаг æрцæрджытæ дæр (сæ дæлбар адæмимæ), уыдон уыдысты, æмæ хъæуæн йæ фыццаг ном уыд Санатыхъæу, уырыссагау Шанаево. Ныртæккæ ахæм ном хæссы, йæ зæххыл чи ис, уыцы æфсæйнаг фæндаджы чысыл станцæ.

Цæрæнбынат бæллиццаг нæ уыд. Иуæй дзы, цъымара доны арæхæй, нуазыны дон нæ уыд, иннæмæй та йæ бацæуæн фæндæгтæ нæ бæззыдысты, стæй адæмы тынг тыхсын кодтой цъымарайы къогъотæ. Уымæ гæсгæ, адæм сæ цæрæнбынат раивтой уæлдæр ранмæ, фæндаджы цурмæ, æмæ пайда кæнын райдыдтой цъайы донæй. Райдайæны ам хуыснæгæй тынг тæссаг уыд, æмæ цæрджытæ сæ исбон бахъахъхъæныны охыл арæзтой бæрзонд бырутæ. Уый уагыл сæ сыхаг хъæуты цæрджытæ хонын байдыдтой Брутæ (ома, «Бырутæ»). Фæстæдæр хъæуæн йæ ном уырыссагау фыссын куы бахъуыд, уæд кæйдæр аххосæй кæройнаг дамгъæ æппæрст æрцыд æмæ хъæуыл баззади ном — Брут.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй ирон адæмæн сæ цæрæнбынæттæ хохæй быдырмæ раивыны уынаффæ рацыди 1782 азы райдайæны. Уæдæй фæстæмæ хъæутæн зæххытæ уарыны бар алы рæстæджыты лæвæрд уыд инæлæрттæ П.П. Нестеров æмæ И.А. Вревскийы къамистæн, стæй Дзæуджыхъæуы комендант булкъон Широковæн. Куыд дзурынц, афтæмæй булкъон Санаты Индрис уыдонимæ уыди хорз зонгæ, уæлдайдæр И.А Вревскиимæ, арæх-иу уазæгуаты уыдысты сæ кæрæдзи хæдзæртты (Ныртæккæ Индрисы хæдзары бынаты цæрынц Къодойтæ). Гуырысхойаг нæу, Санаты булкъон-иу йæ хæлары иттæг хорз кæй сбуц кодта, уый, фæлæ ма уымæй уæлдай хъæуы разагъды лæгтæн бамбарын кодта, зæгъгæ, ацы уазæгæн исты хорз ракæнут æмæ уын зæххытæн сæ дзæбæхдæртæ ратта. Уыдон ын куывд сарæзтой æмæ йын уым кады нуазæнимæ балæвар кодтой сызгъæрин хъама æмæ рон. Уый афтæ райгондæй баззад æмæ сын бар радта сæ зæххыты арæнтæ сæхицæн сбæрæг кæнынæн.

Уыцы рæстæджы зæххæй цыбыркъух адæмæн ахæм бар Хуыцауы лæварæй зынаргъдæр уыд, æмæ уыдон дæр бацархайдтой: хуссар-ныгуылæнырдыгæй арæн бацыди Хъахъхъæдуры сæрты, æфсæйнаг фæндаджы фале дзæвгар бауад, аздæхти Беслæныхъæуырдæм æмæ чысыл станцæйæ уæлдæр, фæстæмæ æфсæнвæндаджы сæрты æрбахизгæйæ, æрбацыд Хуымæллæджы бынты Бруты хъæуысæрмæ. Уырдыгæй аздæхт Зилгæйырдæм æмæ, ныртæккæ Цæлыккмæ цы фæндаг цæуы, уый рахизфæрсты бахæццæ къуыбыртæм. Уым та галиуырдæм аздæхт æмæ, Заманхъул Хæтæлтæ цы зæххытæ хонынц, уыдон рæбынты æрхæццæ, хъæу фыццаг хатт кæм æрбынат кодта, уырдæм.

Цыбыр ныхасæй, революцийы фæстæ, колхозон арæзтады рæстæджы, стæй ма æрæджы дæр уыцы зæххытæй лæвæрд æрцыд Хъахъхъæдурæн, Хуымæллæгæн, Заманхъулæн. Уыдоныл æрæнцадысты совхозтæ «Цæлыкк» æмæ «Брут», стæй Къостайыхъæуы дæле цы Цымыти ис, уый. Афтæмæй ма абон Бруты Санайы-фырты номыл колхоз уыцы зæххытæн ахсы æрмæст сæ дæсæм хайы бæрц.

Хъæуы 1830 азы цал хæдзары æрбынат кодта, уый бæрæг нæу, фæлæ дзы 1866 азы уыд 92 хæдзары, ссæдз азы фæстæ (1886 азы) 132, 1900 азы — 147. Уыцы рæстæджы Уæрæсейы, зæххытæй парахатæй кæм пайда кодтой, уыцы рæтты сын се ’мбис хуым кодтой, иннæ та уагътой зæрæстон, мæр баулæфа, зæгъгæ. Афтæ кодтой брутæгтæ дæр, фæлæ ахæм гыццыл хъæу утæппæт зæххытæн се ’мбис дæр йæ бон бакусын нæ фæрæзта, æмæ зæхх бирæ кæмæ уыд, уыдон сæ æмбисыл кусынмæ лæвæрдтой иннæ хъæуты цæрджытæн (тыллæгæн йе ’мбис уадзын хъуыд зæххы хицауæн). Сæхицæн ма-иу ныууагътой, æнцонæн кæй бакуыстаиккой, ахæм фæзуæттæ. Йæ зæххытæ иууылдæр æмбисыл кусынмæ чи лæвæрдта, ахæмтæ дæр уыд. Уыдон сæхæдæг кусгæ нæ кодтой, æрмæст сæ цæст дардтой, сæ хуымтæ сын куыд кусынц, уымæ. Ахæмтæ уыдысты хъæуы исбонджындæртæ, æнæ уæнгдых куыстæй алцыдæр кæмæн уыд. Ахæм «уæлгоммæ хуысджытæ» Бруты уыд иннæ хъæутæй фылдæр. Уæлгоммæ хуысджыты ном та сыл хæлæггæнгæйæ сæвæрдтой, сæ хуымтæ сын чи куыста, уыдон.

Бæрæг куыд у, афтæмæй паддзахы заманы бирæ зæххыты хицæутты нымадтой уæздæттыл. Уыцы ном цыди фыдæй-фыртмæ цыфæнды куыстыл хæст уæвгæйæ дæр. Хохæй быдырмæ ралидзыны размæ дæр Санаты мыггаджы уыди уæздæттæ, фæлæ ныр бирæ зæххыты хицау куы баисты, уæд сæ нымæц фæфылдæр. Уыдоныл ма бафтыди уæздан лæгтæ Æлдаттатæй, Дзантиатæй, Къуындыхатæй, Мамсыратæй, Тугъанатæй, Хъаныхъуатæй. Уыйас уæздан лæгтæ æндæр хъæуты нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ Брутыл рагæй фæстæмæ æвæрд æрцыд, фæсномыджы хуызæн, дыккаг ном — Уæздæттыхъæу. Уæздан уæвын фæндонæй нæ уыд; бирæ зæхх, фос æмæ æндæр исбонæй уæлдай ма адæймагмæ хъуамæ уыдаид паддзахы хицауадæй сæрмагонд æвдисæндар — уæзданы гæххæтт. Æнæ уымæй уæздæтты æхсæнады уæнг уæвæн нæ уыд. Хъыгагæн-иу, арæх афтæ дæр рауад, æмæ мадызæнæг æфсымæртæй чидæр уыди уæздæттæй, иннæтæ та нымад уыдысты сау адæмыл.

Брутæй рацыд бирæ номдзыд адæм: поэт, «Мах дуджы» редактор Хъодзаты Æхсар, инæлар Царахаты Салам, фыссæг Хъаныхъуаты Инал, хъæбысæйхæцджытæ Наниты Пётр, Демыраты Эльбрус æмæ Æлдаттаты Ибрагим; этнограф, профессор Мысыкаты Мæхæмæт, профессор, историк Берозты Тотырадз, скульптор Санаты Барис æмæ æнд.




#Article 206: Наркомани (156 words)


Наркомани (бердзенаг дзырдтæ νάρκη /narkē/ «джых, фынæй» æмæ μᾰνία /mania/ «мондаг, тырнындзинад») у хроникон низ, кæцыйы расайы наркотиктæй пайда кæнын. Наркоманийæн ис цалдæр фазæйы æмæ фæд-фæдыл февзæргæ синдромтæ: 1) ивд реакцийы синдром, 2) психикон дæлбарады синдром, 3) физикон дæлбарады синдром æмæ 4) хроникон наркотизацийы фæстиуджыты синдром.

Иугонц Нациты Организацийы иртæстмæ гæсгæ, дунейы тæккæ парахатгонд наркотикон буаргъæд у каннабис (гæнæй конд наркотиктæ), уымæй пайда кæнынц 150 милуан адæймаджы бæрц. Уый фæстæ рапарахат амфетамины рæнхъы стимулятортæ (метамфетамин, амфетамин æмæ экстази), 40 милуан адæймаджы бæрц. 30 милуан адæймагæй къаддæр пайда кæнынц кокаинæй, 15 милуанæй къаддæр — опиаттæй (героин, морфин, опий æмæ æндæртæ), уыдоны ’хсæн 10 милуан пайда кæнынц героинæй.

Документы саргъмæ гæсгæ, Уæрæсе у Европæйы стырдæр героины базар. Наркотиктæй чи пайда кæны, ахæм удгоймæгты нымæц у 3-4 милуаны, уыдонæй æртыккаг хай — героины пайдагæнджытæ. Уæрæсейаг официалон статистикæмæ гæсгæ, 2007 азмæ наркоманты нымæцы саргъ у 360 мин адæймаджы (диспансерты регистрацигонд чи сты). Æцæг наркоманты нымæц уымæй æртæ хатты фылдæр у.




#Article 207: Станицæ (107 words)


Станицæ кæнæ хъаллæ () у хъазахъхъаг хъæуы традицион ном. Æцæг, станицæ уыд административон иуæджы ном, уый тыххæй æмæ иу станицæмæ цалдæр цæрæнраны хауæн уыди (станицæйы хутæртæ æмæ посёлоктæ).

Нырыккон Уæрæсейы 379 станицæйæ бирæтæ хъазахъхъаг хъæутæ нал сты. Зæгъæм, бæстæйы тæккæ стырдæр станицæ Орджоникидзевскæйы цæрджыты фылдæр сты мæхъхъæл æмæ цæцæн. Мæхъхъæлы Республикæ æмæ Краснодары крайы станицæтæй бирæ сты егъау, чысылдæр сахартæй стырдæр: зæгъæм, станицæ Каневскæйы цæры 45 мин адæймаджы, Орджоникидзевскæйы та — 60 мин адæймаджы бæрц.

Цæгат Ирыстоны станицæтæ сты Горæтгæроны районы — Æрхонкæ, Кировы районы — Змейкæ, Дыгуры районы — Джермецыкк, стæй Мæздæджы районы цыппар — Луковскæй, Мусхъæу, Павлодольскæй, Терскæй.

Станицæтæ ис Уæрæсейы Федерацийы мæнæ ахæм субъектты:




#Article 208: Ивд реакцийы синдром (234 words)


Ивд реакцийы синдром () у наркоманийы (уыимæ алкоголизмы дæр) фыццаг синдром: наркотикæй пайда кæныны формæ ивы, æгæр стыр дозæйæ хъахъхъæнæг реакцитæ сæфынц, ивы буаргъæдмæ быхсынад æмæ расыгдзинады хъæд фендæр вæййы.

Иуæй-иу хатт буаргъæдæй пайда кæнынæй рынчын рахизы регулярон пайда кæнынмæ. Наркомийы цалдæр хуызы (уыдоны ’хсæн алкоголизм) дæттынц циклæй пайда кæныны формæ (фырнозт, уый фæстæ цалдæр боны æнæ нозт). Пайда кæныны формæ ивынмæ фадæт дæттынц хъахъхъæнæг реакциты сæфт æмæ буаргъæдмæ быхсынады ивд.

Наркоманийæ рынчыны организм кусыны æндæр принциптæм рахизы, æмæ наркотикон буаргъæды раздæры дозæ нал у токсикон, нæ домы хъахъхъæнынад. Уымæн ирд дæнцæг у, фыррасыг алкоголиктæн омынвæнд кæй нæ вæййы, уый. Æндæр наркотикты хъахъхъæнæг сигналтæ сты цармы дудын, хидкæнынад, хæкъуырццæг, комыдæттæ, зæрдæхæццæ, омынад, сæрзилæн — ацы симптомтæ, низ куы размæ кæны, нал фæзынынц наркотикæй мæлæтдзаг интоксикацийы дæр.

Буаргъадмæ быхсынады ивд у наркоманийы сæйрагдæр симптомтæй у. Наркоманийы æппæт формæты дæр быхсынад рæзы, стæй чысылгай хауы. Низы тæмæны наркоманæн хъæуы райдайæн дозæйæ цалдæр хатты стырдæр дозæ (опиатты тугдадзинты куы уадзынц, уæд 100-200 хатты стырдæр). Уыцы дозæтæ нормалон адæймагæн сты мæлæтдзаг, наркоманæн та æрмæст дæттынц физикон æмæ уды хорздзинады æнкъарæн.

Ивд реакцийы синдромы фæстаг зыны расыгдзинады хъæды ивд. Адæймаг наркотикон буаргъæд регуляронæй куы фæлхас кæны, хъахъхъæнæг реакцитæ куы фесæфтысты æмæ та наркотикмæ быхсынад куы райрæзти, уæд расыгдзинады хъæд дæр фендæрхуызон и. Наркоманæн наркотик раздæр цы тыхджын æнкъарæнтæ лæвæрдта, уыдон нал вæййынц ахæм. Æппæт наркотиктæ дæр, максималон быхсынады фазæйы æмæ фæстæдæр дæттынц æрмæст хорздзинады æнкъарæн, хи организмы æнæниздзинады хъард.




#Article 209: Цæгат Атлантикæйы бадзырды организаци (112 words)


НАТО (; , OTAN) у Цæгат Атлантикæйы бадзырды организаци, хæстон-политикон блок, фæзындис 1949-æм азы. НАТО-йы дыууæ официалон æвзаджы сты англисаг æмæ францаг. Организацийы штаб-фатер æрбынат кодта Брюсселы (Бельги).

НАТО 1949-æм азы арæзт куы æрцыдис, уæд æй Советон Цæдис банымадта, йе ’дасдзинад ын чи халы, ахæм хъуыддагыл. 1954-æм азы Берлины АИШ, Стыр Британи, Франц æмæ Советон Цæдисы æддаг хъуыддæгты министртæ куы æрæмбырд сты, уæд советон минæвæрттæн загъдæуыд, НАТО æрмæст хъахъхъæнæн организаци кæй у. Уæд Советон Цæдис бахаста ахæм фæндон, зæгъгæ, иугæр НАТО айдагъ хъахъхъæнæн организаци у, уæд Советон Цæдис дæр уырдæм бацæуа, фæлæ уыцы хъæппæрисыл натойæгтæ не сразы. Уæд Советон Цæдис сарæзта, йæ политикæимæ разы чи уыдис, уыцы паддзахæдты блок — Варшавæйы бадзырд.




#Article 210: Ортега, Даниэль (329 words)


Хосе Даниэль Ортега Сааведра () у Никарагуæйы политик, 1979-æм азы Сандинистон революцийы фæтæгтæй иу. 1985—1990-æм азты уыди Никарагуæйы президент. 2006-æм азы ноябры Ортегайы ногæй равзæрстой паддзахады президентæй.

Даниэль Ортега райгуырдис 1945-æм азы Никарагуæйы чысыл сахар Ла-Либертады интеллегентон бинонты ’хсæн. Йæ фыд Даниэль Ортега æмæ йæ мад Лидия Сааведра уыдысты режимы ныхмæлæуджытæ, йæ мад ахæстоны дæр фæбадти, уымæн уарзоны фæстæджытæ кæй разындысты, æмæ уый тыххæй — пъæлицæмæ гæсгæ уыдон уыдысты шифврокæгонд политикон директивæтæ.

Астæуккаг скъола фæуыны фæстæ Даниэль барад ахуыр кодта авторитетджын Центронамерикаг университеты сахар Манагуæйы. Революцион куыст кæнын райдыдта фынддæс азы йыл куы цыдис, уæд. Уæд ма йæ фыццаг хатт æрцахстой Сомосæты режимы сусæг пъæлицæйы кусджытæ (1960-æм азы ноябры). 1962-æм азы Даниэль бацыди Национ Ссæрибары Сандинистон Фронты рæнхъытæм.

Сандинистон революци куы фæуæлахиз, уæд Ортега æрлæууыдис Нацийы рацарæзты хицауады сæргъы. 1980-æм азæй, Советон Цæдис æмæ Кубæйы æххуысæй, хицауад райдыдта Никарагуæйы аразын социализм. ССР Цæдисæй Даниэль Ортега райста 50 танчы (Т-54), 125 милуан доллæры. Уымæй уæлдай ма Советон Цæдис баххуыс кодта сандинисттæн дипломатон æгъдауæй, стæй æрбарвыста 250 æфсæддон уынаффæгæнæджы. 1981-æм азы мартъийы Даниэль Ортегайы равзæрстой Фронты Разамынддæттæг советы координаторæй. 1982-æм азы, АИШ-ы æххуысæй антисандинистон партизанты архайд кæй фæактивондæр ис, уый охыл Ортегайы хицауад бæстæйы сфидар кодта, 1988-æм азы онг йæ тыхы чи уыди, ахæм сæрмагонд уавæр (чрезвычайное положение).

Сандинисттæ куы фæхæрд сты, уæд Ортега загъта, разы кæй баззади, «сандинистон революци советон æмæ кубæйаг модельты механикон халдих» кæй нæ фæци, æмæ «бæстæ сæндидзын æмæ райрæзын кæнынæн, стæй сæхсæнадонгæнинаг хæзнатæ саразынæн æмхæццæ экономикæ æмæ политикон плюрализмæй» кæй спайда кодта.

Даниэль Ортега архайдта 1996-æм æмæ 2002-æм азты президентон æвзæрстыты фæлæ дыууæ хатты дæр фæхæрд ис рахизонты кандидаттæн. 2002-æм азы æвзæрстагъоммæйы кампанийы хорзыл банымадта хицæн сæрмæмулк (частная собственность) æмæ егъау капиталмæ, æмæ расидти: «Мæ зондахаст фендæрхуызон æмæ мæ ивгъуыд мын зонды хос фæцис. ... Команданте Ортега нал ис».

Даниэль Ортега 2006-æм азы 5 ноябры Никарагуæйы президентон æвзæрстыты райста хъæлæсты 38% æмæ сси бæстæйы президент. Йæ сæйраг ныхмæлæуджытæ уыдысты Никарагуæйы либералон альянсы сæргълæууæг Эдуардо Монтеалегре æмæ консерватор Хосе Рисо. Фыццаг райста хъæлæсты 29%, дыккаг — 26,2%.




#Article 211: Цыбырты Христофор (146 words)


Цыбырты Тадиозы фырт Христофор уыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты директор, стæй, уыцы институт университет куы сси, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор.

Цыбырты Христофор райгуырд 1908 азы Хуссар Ирыстоны, Чеселтгомы. 12 азы йыл куы сæххæст, уæд гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссарыл арт бандзæрстой, æмæ Христофоры бинонтæ дæр фæлыгъдысты Цæгатмæ, æрбынат кодтой Ногиры. Скъола каст куы фæци, уæд Христоформæ фæзынди Хъобангоммæ Джызæлдоны гидроэлектростанцæйы арæзтадмæ ацæуыны фæнд. Йемæ ахуыдта хъæуы лæппутæй цалдæры. Уыцы аз (1927), арæзтады кусгæйæ, бацыди фæскомцæдисы рæнхъытæм.

Христофоры тыххæй Мæхæмæтты Ахуырбег, ЦИПУ-йы уæды ректор, 1998 азы фыста: «Цыбырты Христофоримæ царды фæзилæнтæ æмæ фæхæрдгæнæнты цы бирæ мингай адæймæгтæ фембæлд, уыдон ииуылдæр хорз зыдтой æмæ зонынц, уый кæй уыдис раст, сыгъдæгзæрдæ фæллойгæнæг. Уæлæнгæйтты куыстытæ, ам тъæпп — уым тъæпп никуы уарзта. Цыфæнды хъæугæ хъуыддаджы дæр-иу бавæрдта йæ зонд, йæ зæрдæ, йе ’нæниздзинады къæртт. Уартæ Хъобангомы адæмæн рухс радтыныл удуæлдайæ куы куыста, уæдæй фæстæмæ».

Цыбырты Христофор фæзиан 1975 азы 25 декабры.




#Article 212: Беджызаты Чермен (128 words)


Беджызаты Дауыты фырт Чермен райгуырдис 1898-æм азы 23 декабры Урстуалты Едысы хъæуы. Ахуыр кодта Гуры (дины ахуыргæнæндон, 1908—1914), стæй Калачы (дины семинар, 1914—1917). 1915 азы, 17 азы ыл куы цыдис, уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ.

Чермен активонæй архайдта Хуссар Ирыстоны революцион змæлды, 1918—1920 азты уыд Ручъы парторганизацийы разамонæг. Хуссар Ирыстоны советон хицаудзинад куы æрфидар, уæд куыста бирæ бæрнон бынæтты — уыдонимæ газет «Хурзæрин»-ы редакторæй, зонадон-иртасæн институты директоры хæдивæгæй, Гуырдзыстоны фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдарæй, журнал «Фидиуæджы» редакторæй æмæ æндæрты.

Чермены сфæлдыстад бирæвæрсыг у. Ирон литературæйы зынгæ бынат æрцахстой йæ уацаутæ «Бирæгътæ» æмæ «Мæсгуытæ дзурынц», драмæтæ «Чи кæй» æмæ «Октябры тырысайы бын», йæ боныг «Ссыгъди цард», радзырдтæ «Æртæ фæкасты» æмæ «Уад асаста гæды бæлас», очерктæ «Колхæдзарад», «Ихдзагъд» æмæ æндæртæ. Ирон поэзийы аккаг бынат æрцахстой Чермены фыст поэтикон уацмыстæ дæр.




#Article 213: Зæнджиаты Бæбу (179 words)


Зæнджиаты Касайы фырт Бæбу уыдис ирон фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, ахуырады кусæг.

Зæнджиаты Бæбу райгуырдис 1869-æм азы Мызуры. Революцийы фæстæ куыста Алагиры фабрикон-заводон астазон скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Уый руаджы баззадысты Алагиры аргъуаны Къостайы конд зæдты нывтæ, аргъуаны сæйраг агъуыст. Уыцы агъуысты Бæбу сарæзта æрдззонæн музей. Равæрдта дзы Ирыстоны хъæддаг цæрæгойты, мæргъты быдыргътæ æмæ зайæгойты хуызтæ — алкæй бынмæ дæр дзы фыст уыд йæ ном ирон æмæ уырыссагау. Уыимæ сæрмагондæй куыста цæрæгойты, мæргъты æмæ зайæгойты ирон нæмтты дзырдуатыл.

Зæнджиайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ, баснятæ, æмбырд кодта ирон адæмон сфæлдыстад. Аив тæлмац кодта уырыссаг фысджыты уацмыстæ. Уый ратæлмац кодта Лев Толстойы уацаутæ «Хъазахъ» æмæ «Хадзы-Мурат», Максим Горькийы уацымыстæ «Челкаш» æмæ «9-æм январы», А. Неверовы уацау «Ташкент — город хлебный», Дж. Свифты «Гулливеры бæлц». Йæ бирæ æндæр куыстытæ, иртасджыты куыд уырны, фесæфстысты, тæлмацгæнæджы куы æрцахстой оргæнтæ репресситы рæстæг, уæд.

Цгъойты Хазбийы хъуыдымæ гæсгæ:

Бæбу ма архайдта Цъæйы фæлладуадзæн хæдзæртты арæзтадыл. Сæрмагондæй æхца бакусынмæ ацыдис Сыбырмæ, фæстæмæ куы сыздæхтис, уæд йæхи хардзæй сарæзта хъæдын хæдзæрттæ, балхæдта сынтæджытæ, хуыссæнтæ. Уыимæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта, тархъæн низтæ куыд дзæбæх кæнгæ сты, уый амонæг чысыл чингуытæ.




#Article 214: Никарагуæ (цад) (179 words)


Никарагуæ () у паддзахад Никарагуæйы тæккæ стырдæр æдзæхх цад.
Йæ равзæрдæн ис тектоникон аххосаг. Йæ фæзуат у 8264 кв. км, æмæ уымæ гæсгæ у Латинаг Америкæйы дыккаг стырдæр цад (фыццаг у цад Титикакæ). Дунейы цадтæй та, йæ фæзуатмæ гæсгæ, ахсы 20-æм бынат. Никарагуæ цæугæдон Типитапæйы фæрцы баст у цад Манагуæимæ.

Никарагуæ у дунейы иунæг ахæм æдзæхх цад, акулæтæ кæм цæры. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ацы факт æвдисы, раздæр цад денджызы бакæлæн кæй уыди, цалынмæ тектоникон архайд нæ сарæзта, фурдæй йæ чи фæхицæн кодта, уыцы Сабырфурдон быдыр (Тихоокеанская равнина).

Никарагуæйæгтæ йæ хонынц Lago Cocibolca кæнæ Mar Dulce (ома Адджын денджыз). Æмæ æцæгæйдæр денджызæй хъауджыдæр у æрмæст уымæй æмæ йæ дон æдзæхх кæй у, стæй цæугæдонæй фурдимæ баст кæй нæу. Денджызау цады дæр вæййы, скæсæйнаг дымгæтæ кæй сыстын кæнынц, ахæм тыхджын уылæнтæ. Цады ис цалдæр чысыл архипеладжы, зæгъæм, Ометепе (Ometepe) æмæ Солентинаме (Solentiname). Рæстæгæй-рæстæгмæ цады вæййы тыхджын уаддымгæтæ.

Цад баст у Карибы денджызимæ цæугæдон Сан-Хуанæй, æмæ уый тыххæй цадгæрон чи æрбынат кодта, уыцы сахар Гранадæйы ис нымайæн атлантикон портыл, кæд æмæ йæхæдæг Сабыр фурдмæ хæстæгдæр у.
Раджы заман цады архайдтой пираттæ дæр.




#Article 215: Никарагуæйы къанау (104 words)


Никарагуæйы къанау, зæгъгæ, афтæ хонынц Карибы денджыз æмæ Сабыр фурды ’хсæн, Никарагуæйы территорийыл аразынвæнд кæй кæнынц, уыцы къанауы проект. Испайнагау Canal de Nicaragua.
Трассæ хъуамæ цæуа цæугæдон Сан-Хуан æмæ цад Никарагуæйыл.

Ахæм къанау саразыны идейæ фæзынди раджы, фæлæ æппынфæстагмæ фурдты ’хсæн донвæндаг сарæзтæуыд Панамæйы территорийыл (кæс: Панамæйы къанау). Ныр Никарагуæйы хицауады фæнды цæмæй ахæм къанау арæзт æрцæуа йæхи территорийыл, Панамæйаг «аналог»-ы альтернативæйæн. Ног къанау уыдзæн Панамæйы каналæй арфдæр, нырыккон наутæн дзы наудзу кæнын æнцон уыдзæн.

Даниэль Ортегæ 2008-æм азы декабры Мæскуыйы куы уыд, Уæрæсейы хицауад официалон æгъдауæй Никарагуæйы фарс æрлæууыд уыцы проекты аразыныл æмæ фехъусын кодта, Уæрæсе дæр кæй уа проекты реализацигæнæн консорциумы, уый.




#Article 216: Франк, Леонгард (279 words)


Леонгард Франк () у немыцаг фыссæг. Райгуырдис сахар Вюрцбургы 1882-æм азы 4-æм сентябры. Фæзиан ис Мюнхены 1961-æм азы 18-æм августы.

Леонард Франк райста аивадон ахуыр Мюнхены. Йæ ахуыры сæр уыди нываивад æмæ графикæ. Суанг ма рауагъта литографиты альбом 1913-æм азы. Франк уыди пацифизмдзаст адæймаг æмæ уый тыххæй Фыццаг дунеон хæсты нæ архайдта æмæ алыгъди фæсарæнмæ. 1915—1918-æм азты фæцарди Швейцарийы. Уым фыссæг рауагъта, «Адæймаг хорззæрдæ у», зæгъгæ, уыцы чиныгмæ чи бацыди, ахæм антихæстон новеллæты цикл, æмæ 1920-æм йæ схорзæхджын кодтой Клейсты номыл премийæ. Берлинмæ раздæхыны фæстæ Леонард Франк кодта сæрибар артисты цæрдтытæ, профессийæн та равзæрста фыссæджы архайд. 1933-æм азы литераторы ногæй бахъуыди бафснайын йæ сæр фæсарæнты. Франк алыгъди Францмæ. Немыцаг æфсад уырдæм куы бацыди, уæд ацыд АИШ-мæ. Америкæйы фæцарди суанг 1950-æм азмæ. Уыцы аз фыссæг раздæхти йæ райгуырæн бæстæм.

Экспрессионизмы тæвагæй фыссæг йе ’ргом здæхта æхсæнадон темæтæм дæр. Суанг ма йæ фыццаг роман «Абырджытæ»-йы ирдæй райхъуысти æхсæнадон ахастыты критикæ.

Франкы пацифистон зондахаст æвдыст æрцыд, «Адæймаг хорззæрдæ у» чи хуыйæ радзырдты æмбырдгонд, зæгъгæ (1918). Литераторы æмдугонтæн ацы чиныг сси хæсты ныхмæ манифест.
Паддзахад радзырдты æмбырдгонд уæй æмæ хæлиу кæныны бар нæ радта, фæлæ уæддæр ацы чиныг æмæ уацау «Аххосаг»-æн аккаг аргъ счынди — фыссæг сси Клейсты номыл премийы лауреат.
Франкæн хæстæг уыди æнæкълас æхсæнады идейæ, стæй, йæ бындур ног æгъдауджын удгоймаг кæмæн уыди, ахæм æфсымæрдзинад.

Леонард Франк у бирæ романтæ, новеллæтæ, киносценаритæ, пьесæтæ æмæ очеркты автор.
Фыссæджы уацмысты миниуджытæ сты: хæрзаив арæзт композици, «сойджын» æвзаг, тыхджын эмоцитæй ифтыгъд уавæртæ.

Йæ уацмысты зындгонддæртæ сты романтæ «Буржуа» (1924), «Оксенфурты нæлгоймæгты квартет» (1927), «Æртæ милуанæй æртæ гоймаджы» (1932), «Матильдæ» (1948), «Йесойы ахуыргæнинæгтæ» (1949), уацау «Михаэлы æрбаздæхт» æмæ æндæртæ.

Йе ’взонджы бонты хабæрттæ Франк радзырдта «Галиуырдыгæй, зæрдæ кæм ис, уым» (1952), зæгъгæ, уыцы автобиографион чиныджы.




#Article 217: Буаргъæд (300 words)


Классикон зонады хъуыдымæ гæсгæ материйы уæвынæн ис дыууæ физикон формæйы: буаргъæд æмæ быдыр. Буаргъæд у, æнцойады массæ кæмæн ис, материйы ахæм формæ. Æппæт буаргъæдтæ дæр сты корпускулæтæй (ома хайыгтæй) арæзт.

Хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ, молекулæтæ, ионтæ æмæ радикалтæй арæзт чи у, уыцы буаргъæдтæ. Ранымад хайыгтæ та арæзт сты элементарон хайыгтæй: электронтæ, протонтæ, нейтронтæ æмæ æндæртæй.

Сыгъдæг буаргъæдты ’хсæн равзарæн ис хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Фыццæгтæ арæзт сты иухуызон химион элементтæй. Дыккæгты сконды ис цалдæр химион элементы.

Хуымæтæг буаргъæдтæ нæй хæццæгæнæн æмбарынæдтæ «атом» æмæ «химион элемент»-имæ. Химион элемент у, йæ аппæн бæрæг æвæрццæг ифтыгъдæг кæмæн ис, ахæм атомты тип. Æппæт химион элементтæн ис сæрмагонд бынат (бæлвырд атомон номыримæ) Менделеевы элементты Периодон системæйы. Элементы фæткон номыры нысаниуæг æмæ уыцы элементы атомы аппы нысаниуæг сты æмхуызон, ома химион элемент у, иу фæткон номыр кæмæн ис, уыцы атомты æмдзыгуыр. Хуымæтæг буаргъæдтæ сты химион элементты хибарæй уæвыны формæ.

Алы элементæн (ифстагæй фæстæмæ) уайы цалдæр хуымæтæг буаргъæды (химион терминтæй: аллотропон формæйы). Уыцы хуымæтæг буаргъæдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц се скондмæ гæсгæ (зæгъæм, атомон туаггуыр О, æнæуый туаггуыр О2 æмæ озон О3) кæнæ сæ кристаллон хызæджы арæзтмæ гæсгæ (зæгъæм, элемент æвзалыгуырæн (С) уайы дыууæ хуымæтæг буаргъæды: алмаси æмæ графит). Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæг буаргъæдтæ вæййынц иуатомон æмæ бирæатомон.

Вазыгджын буаргъæдтæн ис ма æндæр ном: химион баиугæндтæ, уымæн æмæ ацы буаргъæдтæ фæзынынц хуымæтæг буаргъæдтæ химион реакцийы фæрцы куы баиу вæййынц, уæд.

Хуымæтæг буаргъæдтæ сты вазыгджын буаргъæдты химион реакцийы фæрцы уæнгтæ кæныны фæстаг формæтæ. Вазыгджын буаргъæдтæ, цы хуымæтæг буаргъæдтæй арæзт вæййынц, уыдоны миниуджытæ нæ бахъæхъхъæнынц (фесæфынц сæ).

Ныры заман æмбарынæдтæ «синтез» æмæ «анализ»-ы æвæрд ис уæрæхдæр мидис. Хъæугæ буаргъæд реакцион хæццæйæ рахицæнгæнæн куы уа, уæд æй кæй фæрцы самалгæнæн ис, уыцы цыфæнды химион процесс хуыйны синтез. Анализ у, буаргъæды (кæнæ буаргъæдты хæццæйы) хъæдон æмæ бæрцон сконд чи раиртасы, уыцы химион процесс. Хъæдон æмæ бæрцон анализтæ сты аналитикон химийы хæйттæ.




#Article 218: Кортес, Эрнан (129 words)


Фернандо Кортес Монрой Писарро Альтамирано (, райгуырдис Медельины, Бадахосы провинци, 1485-æм азы — амардис Кастильеха-де-ла-Куэстæйы, Севильяйы провинци, 1547-æм азы 2 декабры), зындгонддæр у куыд Фернандо, Эрнандо, Фернан кæнæ Эрнан Кортес () — испайнаг конкистадор, тыхæй байста Мексикæ æмæ ацтекаг паддзахад ныддæрæн кодта. Паддзах Карл V ын радта маркизы титул ().

Эрнан Кортесы царды хабæртты тыххæй ратæдзæнтæ сты кадавар, уый тыххæй историктæн зын у ацы ахсджиаг историон адæймагæн аргъ скæнын.

Кортес райгуырд мæгуыр испайнаг уæзданы хæдзары. Йæ къухы бафтыдис Саламанкæйы университетмæ бацæуын, фæлæ дыууæ азы йеддæмæ дзы нæ фæахуыр кодта. Йæ ахуыры рæстæг базыдта латинаг æвзаг æмæ барады тыххæй цыдæртæ (уый йæ фæстæдæры фыстæджытæй зыны).

Фыццаг наутыл бацыдысты Юкатаны былмæ, стæй цæугæдон Табаскойы донæфтæнмæ. Уырдыгæй сурзæххыл цыдысты бæстæйы астæумæ, ссардтой сæхицæн цæдисонтæ æмæ 16 августы бацыдысты ацтекты сæйраг сахар Теночтитланмæ.




#Article 219: Шахмæттæ (302 words)


Шахмæттæ — уæлыстъол логикон хъазт, кæцы йæхи мидæг æмиу кæны аивад, зонад æмæ спорты элементтæ. Ацы хъазт бирæ рæстæджы дæргъы нымад цыди æрмæст уæлдæр æхсæнады ирхæфсæныл (ома, уæздæтты хъазтыл). Сæвзæрди æхсæзæм æнусы Индийы æмæ-ма абоны онг дæр ахсджиаг бынат ахсы хъæзтыты ’хсæн.

Фæхъазынц дзы дыууæйæ бæлвырд уагæвæрдтæм гæсгæ. Æрвылаз æххæстгонд цæуынц бирæ æхсæнадæмон æмæ æндæр ерыстæ шахмæттæй. Бирæты цæстæнгасмæ гæсгæ шахмæттæ ахъаз сты зонды куыст, мысæн æмæ сфæлдыстадон хъуыдыйады рапарахатæн.

Ал-Бируни йæ чиныг «Инди»-йы ныффыста рагон цымыдисаг таурæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ шахмæттæ ’рхъуыды кодта иу индиаг брамин. Æмæ йе ’рымысты тыххæй раджайæ ’рдомдта ницæййаг мызд: йæ ног хъазты хъазæн фæйнæгыл цал бацыдаид, уал мæнæуы нæмыджы. Фыццаг чырæджы хъуамæ æвæрд æрцыдаид иу нæмыг, дыккаджы — дыууæ, æртыккаджы — цыппар æмæ а.д. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй æнæхъæн дунейы дæр уыйбæрц мæнæу не ’рæмбырд уыдаид. Рауади дзы уыйбæрц, æмæ дзы байдзаг кæнæн уыдаид, 180 км³ бæрцуат кæмæн ис, ахæм хордон.

Ныр-ма йæ чи зæгъдзæн, уыдис уыцы хъуыддаг, æви нæ, фæлæ шахмæттæ Индийы кæй сæвзæрдысты, уый у бæлвырд.

Æхсæзæм æнусы райдианы цæгат-хурныгуылæйнаг Индийы сæвзæрди, шахмæттæм хæстæгдзинад чи дары, ахæм хъазт — чатурангæ, зæгъгæ. Хуызæй хъазт уыди шахмæтты хуызæн, фæлæ сæ хицæн кодта дыууæ миниуæгæй: хъазджытæ уыдысты дыууæ нæ, фæлæ цыппар (хъазыдысты дыууæгæйттæй къай къайы ныхмæ); хъазты цыд баст уыди хъазæн хъулты æхстимæ. Алы хъазæгæн дæр дæлбариуæг кодтой фæйнæ цыппар фигурæйы (ладья, бæх, пыл, паддзах) æмæ фæйнæ цыппар пешкæйы. Бæх æмæ паддзах цыдысты шахмæтты куыд цæуынц, афтæ, фæлæ уæдыккон ладья æмæ пыл сæ нырыккон æрвадæлтæй уыдысты бирæ лæмæгъдæр. Ферзь дзы бынтон нæ уыдис. Хъазт рамбулынæн хъуыдис знаджы æфсад ныццæгъдын.

VI-VII æнусы ног хъазт базыдтой арабб. Уыдон чатурангæйы уагæвæрд раивтой: хъазыдысты-иу дыууæйæ, дыууæ паддзахæй та иу сси ферзь, хъазæн хъултæй дæр нал пайда кодтой. Æрымысыдысты мат, куыд хъазты кæрон.

Араббаг дунейы шахмæттæ тынг рапарахат сты, 847 азы фæзынди фыццаг чиныг шахмæтты теорийы тыххæй (йæ авторы ном уыд Аль-Алли).




#Article 220: Ал-Бируни (143 words)


Абу Райхан Мухаммад ибн Ахмад ал-Бируни (Кят, 973 азы 4 сентябры — Газна, 1048 азы 9 декабры) Хорезмы зынгæ ахуыргонд, фыста истори, географи, филологи, астрономи, математикæ, геодези, минералоги, фармакологи æмæ зонады æндæр къабæзтыл дæр.

Йæ ахуыргæнæг уыд математик æмæ астроном Ибн Ирак. Гурганджы эмир Кят куы байста, ал-Бируни кусынмæ ацыд Реймæ, уым куыста ал-Ходжандиимæ. Стæй куыста Гурганы, æмæ уырдыгæй раздæхти Хорезммæ. Хорезмы куыста хорезмшахтæ Али (997—1009) æмæ Мамун II цур. Стæй, султан Махмуд Газневи Хорезмы зæххытæ куы бацæхста, ал-Бирунийы хъуыд султанимæ кусын. Султан Махмудимæ балцы куы ацыд, уæд цалдæр азы дæргъы царди Индийы æмæ уыцы бæстæйы тыххæй ахсджиаг чиныг ныффыста.

Йæ фыццаг чиныг уыди «Хронологи, кæнæ ивгъуыд фæлтæрты цыртдзæвæнтæ» (1000 аз). Уыцы чиныджы сыфтыл ныхас кæны къæлиндары алыхуызон системæтыл, стæй аразы егъау хронологион таблицæ, суанг Библийы патриархты рæстæгæй.

Йæ куыстытæй 45 сты астрономийы тыххæй, уыдонæй сæйраг у «Мас‘уды канон астрономи æмæ стъалыты тыххæй».




#Article 221: Стресснер, Альфредо (218 words)


Альфредо Матиауда Стресснер (; райгуырд 1912 азы 3 ноябры Энкарнасьоны, Парагвай — амардис 2006 азы 16 августы Бразилиайы, Бразили) уыд Парагвайы президент (диктатор) 1954 азы 15 августæй 1989 азы 3 февралмæ.

Стресснер уыд бавариаг эмигрант æмæ бынæттон сылгоймаджы фырт. 1929 азы, 17-аздзыдæй, уый бацыдис æфсадмæ æмæ 1931 азы ссис лейтенант. Боливийы ныхмæ Чакойы хæст (1932-1935) куы уыди, уæд службæ кодта артиллерийы. 1948 азы сси Латинаг Америкæйы æрыгондæр инæлар, 1954 азæй та — Парагвайы хотыхджын тыхты командæгæнæг. Уыцы азы 5 майы паддзахадон фæфæлдæхты сæргъы æрлæууыдис æмæ йæхи схуыдта Парагвайы ног президент.

Иннæ диктатортæй хъауджыдæр, Стресснер йæ бæстæйы кодта æвзæрстытæ. Афтæ йæ президенты бынатмæ равзæрстой 1958, 1963, 1968, 1973, 1978, 1983 æмæ 1988 азты. Уымæн æдзух хъæлæс кодтой æвзæрджытæй 80% фылдæр — гъе уый тыххæй йæ зылын кæнынц мæнг æвзæрстытæ аразыныл.

Стресснер уыдис æнувыд антикоммунист, æмæ уымæй ссис Америкæйы Иугонд Штатты лымæн. Суанг ма Вьетнаммæ йе ’фсад арвитын æй фæндыдис, коммунизмы ныхмæ хæцынмæ.

Кæд Стресснер даргъ æмгъуыд йæ бæстæйы сæргъы уыд, уæддæр йæ къухы нæ бафтыд амæлæты бонмæ президент уын. 1989 азы 3 февралы йæ хæстæг хæлæр Андрес Родригес паддзахадон фæфæлдæхты фæрцы ссис ног президент. Стресснеры бахъуыдис йæ райгуырæн бæстæйæ алидзын, æмæ уæд æрцарди Бразилийы сæйраг сахары. Уый куы тынг базæронд ис, уæд Парагвайы хицауады куырдта, цæмæй йæ бауагъдтаиккой, кæм райгуырдис, уым амæлын, фæлæ йæ нæ бауагътой. Баныгæдтой йæ Бразилийы.




#Article 222: Сомоса Дебайле, Анастасио (168 words)


Анастасио Сомоса Дебайле (; райгуырдис 1925-æм азы 5 декабры — амардтой йæ 1980-æм азы 17 сентябры) уыд Никарагуæйы 44-æм æмæ 45-æм президент. Куыд Национ гвардийы командæгæнæг, уый уыд бæстæйы сæргъы 1967 азæй 1979 азы онг. Анастасио Сомоса Дебайле уыд Сомосаты мыггаджы фæстаг минæвар, уыцы мыггаг Никарагуæйы æлдариуæг кодта 1936 азæй.

Йæ фыд æмæ йе ’фсымæры хуызæн, Анастасио Сомоса хицауиуæг кодта АИШ-ы экономикон æмæ хæстон æххуысыл æнцæйгæ. Йæ гвардийы уыд 12 мин хæстоны. Историмæ бацыд куыд дунейы тугдзыхдæр диктатортæй иу, æрмæст йæ репресситæй амардысты 180 мин адæймаджы бæрц, уыимæ ма мингай адæм амардысты низтæ æмæ стонгæй.

Сандинистты революци куы фæуæлахиз, уæд Сомоса сусæгæй афтыд Парагваймæ, уымы диктор Альфредо Стресснермæ. Уыцы ран бирæ нæ фæцарди — сандисттæ йæ ссæрдтой æмæ амардтой Парагвайы сæйраг сахар Асунсьоны уынгтæй иуы 1980 азы 17 сентябры. Фыццаг йæ хæдтулгæ базукæйæ фехстой, стæй хæстæгдæр бацыдысты æмæ автоматтæй фехстой Сомосайы. Балæбурджытæй иу дзыхъмард фæци, æндæртæ фæтары сты. 2001 азы куыд рабæрæг, Сомосайы амардтой сандистты тæрхонмæ гæсгæ Аргентинæйы Адæмы Революцион Армийы уæнгтæ, сæ сæргъы уыд Энрике Горриаран Мерло.




#Article 223: Дарио, Рубен (105 words)


Рубен Дарио (, æххæстæй йæ ном уыд Félix Rubén García Sarmiento; 18 январы 1867 — 6 февралы 1916) уыд Никарагуæйы поэт, зындгонд журналист æмæ дипломат, испайнаг модернизмы бындурæвæрæг.

Уый райгуыры Метапæйы, Никарагуæйы чысыл сахары (йæ ныртæккæйы ном у Сьюдад-Дарио), коммерсанты бинонты ’хсæн. Рубен кæсын базыдта 3-аздзыдæй, æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 12-аздзыдæй (зындгонд у, 1879-æм азы кæй ныффыста, уыцы сонет).

Уый бирæ балц кодта Централон æмæ Хуссар Америкæйы, бирæ азты дæргъы царди Парижы.

Йæ зындгонддæр чингуытæ сты «Sinfonia en gris mayor», «Sonatina», «Cancion de otono», «Azul», «Cantos de vida y esperanza» æмæ æндæртæ. Йæ политикон æмдзæвгæтæ систы сандинистты пропагандæйы хотых, хуымæтæг адæм разæнгард кодтой америкаг империализмы ныхмæ.




#Article 224: Блуфилдс (116 words)


Блуфилдс у Никарагуæйы сахар, Атлантикон Хуссары сæйраг сахар, Москитон былгæроны стырдæр цæрæнран æмæ Карибы денджызыл Никарагуæйы ахсджиагдæр порт. Блуфилдсы цæры 45 547 адæймаджы (2005). Сахар лæууы Блуфилдсы бакæлæны былыл, цæугæдон Эскондидойы денджызмæ æфтæныл.

Блуфилдсмæ бæстæйы æндæр регионтæй нæй æрбацæуæн, хæдтæхæг кæнæ науыл йеддæмæ. Никарагуæйы цæрджытæй сæ фылдæр кæм цæры, уыцы ныгуылæн регионтæ æмæ Карибы былгæроны ’хсæн ис тар тропикон хъæд æмæ цъымаратæ.

Дам-думтæм гæсгæ, Блуфилдсы экономикæ у кокаины транспортировкæимæ баст. Кокаин фæхæссынц-иу Колумбийæ АИШ-мæ, тагъддзу чысыл бæлæгъты. Арæнгæстæ ахæм бæлæгъмæ куы балæбурынц, уæд наркотикласджытæ сæ голлæгтæ денджызмæ аппарынц. Денджызы гуылфæнтæ фæхæссынц уыцы «хæзнатæ» Москитон былгæроны ’рдæм, Блуфилдсы регионмæ. Иу килограммы аргъ у 3500 доллæры, бынæттон хъæуккаг, иу ахæм зынаргъ голлаг ссаргæйæ, йе ’нæхъæн цардæн æхца бакусы.




#Article 225: Сомоса (123 words)


Сомоса уыд, Никарагуæйы 1936 азæй 1979 азмæ æлдариуæг чи кодта, уыцы мыггаг.

Мыггаджы æртæ диктатортæ уыдысты:

Куыд рабæрæг, афтæ диктаторты фыдæлтæй иу уыд Анастасио Бернабе Сомоса, къæрных æмæ марæг. Йæ фæсномыг уыд Анастасио Авд кæлмæрзæны, уый тыххæй æмæ, дам, кæлмæрзæнтæ дюжины ’рдæг дæр фаг не сты йæ къухæй туг ныссæрфынæн. Фæстæдæр, 1849 азы уыцы тыхгæнæджы æрцæхстой æмæ йæ цæджындзыл ауыгътой.

Уыцы фыдгæнæджы дыууæ фырты — Луис æмæ Анастасио — кæмдæр фæрынчын сты сифилисæй. Низ сæ мæгъзтæ куы хордта, афтæмæй иу хылы рæстæг кæрæдзи фехстой дамбацатæй, сæ дыууæ дæр уыцы цæфтæй амардысты.

Сæ иуы фырт, уый дæр Анастасио, сифилисæй рынчын райгуырд. Уый тыххæй хъомысджын адæймаг дзы нæ рауæд æмæ йæ цард фæци сæрмагонд рынчындоны. Уыцы лæгæй райгуырд Анастасио Сомоса Гарсиа, Сомосаты диктаторты династийы бындурæвæрæг.




#Article 226: Москитон былгæрон (124 words)


Москитон былгæрон () у мискитойаг адæмы номæн хуынд æрдзон бæстæ Централон Америкæйы Карибы денджызы былгæрон. Бирæ рæстæг (1655—1860) æм бритайнаг интерестæ хъахъхъæнæг хицæн паддзахад уыди, фæлæ йæ 1894 азы байста Никарагуæйы хицауад. 1960 азы Æхæснадæмон юстицийы тæрхондон Москитон былгæроны цæгатаг хай радих кодта Гондурасæн. Москитон былгæроны фылдæр хай баззæд Никарагуæйы. Регионы стырдæр сахар у Блуфилдс, Атлантикон Цæгаты автономон регионы центр.

Москитон былгæроны цæрынц Никарагуæйы 118 мин адæймаджы, уыдонæй 57% сты мискито,  22% креолтæ (африкаг-европæйаг къайæдты байзæддæгтæ), 15% метистæ (индейаг-европæйаг), 4% сумойаг адæм (индейаг), 1% гарифунæйаг адæм (индейаг-африкаг), 0,5% чинтæ æмæ 0,5% рамæйæгтæ (индейаг).

Бынæттон цæрджытæн сæвзæрди хигъæдон культурæ; дзурынц, испайнаг æвзаджы йеддæмæ, англисаг æвзаджы здæхтытыл, мискитойаг, сумойаг æмæ æндæр æвзæгтыл.

Блуфилдсæй 70 километры æдде чи сты, уыцы Нартхоры сакъадæхтæ (Корн сакъадæхтæ) æппæлинаг курорт сты.




#Article 227: Къухамындтыты æвзаг (165 words)


Къухамындтыты æвзаг кæнæ Жестты æвзаг у, къуырма адæм цы ’взагæй пайда кæнынц, уый. Зæлты æвзæгты хуызæн, къухамындтыты æвзаджы дæр ис, хицæн нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм чысылдæр элементтæ (фонемæты хуызæн сæ схуыдтой херемæтæ, бердзенаг дзырдæй χείρ «арм»). Уыцы элементты ’хсæн канд къухамындтытæ (жесттæ) не сты, фæлæ цæсгомы æнгас дæр и.

Къухамындтыты æвзæгтæ зæлты æвзæгтимæ баст не сты. Зæгъæм, Герман æмæ Австрийы дзурынц иумæйаг немыцаг æвзагыл, фæлæ дзы ис дыууæ фæйнæхуызон къухамындтыты æвзаджы. Уыимæ уырыссаг къухамындтыты æвзаг францаг æмæ америкаг къухамындтыты æвзæгтæм хæстæг у, ис сæм иумæйаг уидаг — аббат де л’Эпейы (Abbé de l’Epée) къухамындтыты системæ.

Къухамындтыты æвзæгтæ къуырма сывæлæттæн ахуыр кæнынц сæрмагонд ахуыргæндæтты. Къуырма адæймаг, æндæр къуырматимæ куы нæ дзуры, уæд, гæнæн ис, æмæ бынтон æгомыг байрæзы. Уый тыххæй ахæм адæймæгтæн тынг ахсджиаг у, сæ хуызæн зонгæтæ сæм куыд уой æмæ сæхицæн сæрмагонд ахуырад куыд райсой, уый.

XX æнусы Сандинистты революцийы фæстæ Никарагуæйы цалдæр азы дæргъы фæзынд æмæ стыхджын ног къухамындтыты æвзаг — Никарагуæйы къухамындтыты æвзаг. Уый иртасынц дунейы лингвисттæ, æвзаг куыд фæзыны, уый базонынæн.




#Article 228: Дзæуджыхъæуы троллейбус (101 words)


Дзæуджыхъæуы троллейбус — троллейбусон транспорты системæ Дзæуджыхъæуы, куыста 1977-æм азæй 2010-æм азы онг.

Пъланмæ гæсгæ троллейбус хъуамæ скуыстаид 1975 азы, фæлæ системæйы объекттæ цæттæ уыдысты æрмæст 1976 азы, уыцы аз троллейбустæ дæр æрбарвыстæуыд. Троллейбусты шофыртæн практикæ уыди Астраханы. Фыццаг троллейбус уынгты рацыди 1976 азы 29 декабры. 1977 азы 1 февралæй регулярон ранывæзтмæ гæсгæ цæуынц ныры онг.

Джызæлмæ дæр хъуамæ цыдаид Дзæуджыхъæуы троллейбус, фæлæ уыцы пълан нæ фæрæстмæ. Цы цæджындзтæ сæвæрдæуыд, уыдон 1999 азы ракъахтой æмæ арвыстой Цхинвалмæ — уым троллейбусон хыз ногæй скусын кæнын.

Кæддæры 6 маршрутæй Дзæуджыхъæуы баззадис æрмæст маршрут №2. 2010-æм азы 9 августæй фæстæмæ уый дæр нал кусы.




#Article 229: Карамидас, Алинæ (140 words)


Алинæ Карамидас (йæ дыккаг мойы мыггаг), «Нана Алинæ» дæр (; ? — 1969, Хуссар Африкæйы Республикæ) мæнгномрайсæг, йæхи хуыдта император Николай II-ы чызг (бæлвырдæй нæ загъта, уыдонæй чи уыд, фæлæ æнхъæлдæуы Мария). Æцæг, æндæр мæнгномрайсджыты хъауджыдæр йæ хабар никуы схъæр кодта, æрмæст сусæгæй радзырдта сыхагон сывæллæттæм, паддзахы чызг кæй у, уый. Йæ царды хабæрттæ ничи зыдта, ницы бæлвырдгæнæн гæххæттытæ йæм уыди, стæй пъæлицæйæ-иу тынг тарсти.

Йæ амæлæты фæстæ, кæмæн паддзахы чызджы кой кодта, уыцы сывæллæттæй иу, Габриэль-Луис Дюваль, «Нана Алинæйы» хъуыддаг айхъуысын кодта. Фæндыди йæ, цæмæй сылгоймаджы стджытæй ДНК-анализ дæр скæной, фæлæ уымæл боныхъæды аххосæй биологон æрмæг сси нæбæзгæ. Алинæ Карамидасы сæргæхц раиртасыны фæдыл ахуыргæндтæ рахæстой хатдзæг, уый, дам, княжнæ Марияйы хуызæн у, фæлæ бæлвырд зæгъын ницы уыд сæ бон.

Фæстæдæр, 2007-æм азы июлы æцæг Марияйы буары байзæддаг Уралы ссæрдæуы, Романовы мыггаджы æндæр стæгдартæм ’ввæхс. Уымæн бæлвырдгæнæн разынди ДНК-анализ дæр.




#Article 230: Æлборты Феликс (157 words)


Æлборты Шалвæйы фырт Феликс (1935-æм азы 8 сентябры, Цхинвал — 2005-æм азы 28 июны) уыдис зындгонд ирон композитор.

Композитор, ахуыргонд æмæ æхсæнадон кусæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг, Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны аивады сгуыхт архайæг, лæвæрд ын æрцыд Г. Свиридовы номыл майдан - Æлборты Феликс ма уыимæ куыста адæмон аивады фарстатыл. 

Бирæ азты дæргъы концерттæ лæвæрдта куыд дирижёр, пианист, органист. Йе стыр курдиат æмæ йæ уæздандзинад æй скодтой адæмæн уарзон. Уæлдай зынгонд æмæ зæрдæмæдзæугæ сты йæ уацмыстæ кинонывтæ «Ах, любовь», «Во всём виновата Залина»-йы, оперæ «Фатимæ», бакуыста  «Мæхæмæты зарæг»-ыл, бирæ зарджытæ æмæ цæгъдтытæ æрæмысыд ирон фæндырæн. Уымæй уæлдай ма ныффыста Хуссар Ирыстоны гимн. Стыр куыст бакодта ирон адæмы музыкалон аивады фарстатыл, йæ бындурыл рацыд чиныг «Музыкальная культура осетин». 

Феликс бирæ скодта Ирыстоны музыкалон аивыды райрæзтæн. Йæ цард снывонд кодта йæ уарзон Ир æмæ йæ уарзон сфæлдыстадæн. 2005-æм азы уæззау низ æмæ æвирхъау мæлæт ын аскъуыдтой йæ цард, фæлæ йæ аивад æмæ йæ ном рох нæ уыдзысты.




#Article 231: Гæбæраты Илья (674 words)


Гæбæраты Гаврилы фырт Илья райгуырд Хуссар Ирыстоны. Зындгонд ирон композитор.

Чысылæй йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Галаты Барис æмæ Тугъанты Махарбег. Сæ иу æй ахуыр кодта музыкæйыл, иннæ та ныв кæныныл. 1943-45-æм азты Хуссар Ирыстоны хихъæппæрисон музыкалон къордтæн уыд сæ сæргълæууæг. 

Уыд Уæрæсейы æмæ Ирыстоны аивады сгуыхт кусæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг та сси 1954-æм азы.

Гæбæраты Илья уыд, национ классикон музыкæйы райрæзтыл чи архайдта, уыдонæй иу. Ныффыста бирæактон оперæтæ «Азау» æмæ «Олланæ», зарджытæ «О, нана» æмæ «Песня моя, Иристон», фыццаг ирон романстæ. Йæ уацмыстæ ис схонæн лирикон, ис дзы арф хъуыды, хъуысынц дзы адæмон аивады зæлтæ. 

Йæ Фыццаг симфони ныффыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатырты ном ссарынæн. 1960-æм азы Мæскуыйы Ирон аивад æвдисæг бонтæ куы цыдысты, уæд ацы уацмысæн скодтой стыр аргъ. Зындгонд композитор Григорий Шантырь фыста, зæгъгæ, йæ фыццаг зæлтæй йæхимæ ’лвасы йæ диссаджы зæрдæмæдзæугæ мелодийæ.

Адæмты миддуне, сæ цард æмæ зондахастæн музыкалон ныв саразынæн Илья равзæрста рапсодийы жанр. Цы цыппар рапсодийы ныффыста («Зилгæ», «Æфсати», «Нæртон симд»), уыдоны бындуры æвæрд æрцыдысты æмæ бæрæг дарынц ирон адæмон аивады фæлгонцты миниуджытæ. Уымæй дарддæр йæ алы уыцмысæн дæр ис адæмон бындур. Йæхирдыгонау, зæрдиагæй бакуыста адæмон цæгъдтытæ «Ханты цагъд», «Зилгæ», «Æфсати», «Нæртон симд»-ыл. 

Йе ’ртыккаг симфони «Испания в огне» (Федерико Гарсиæ Лоркæйы ныхæстæм гæсгæ) ахсы йæ сфæлдыстады ахсджиагдæр бынат. Ныхæстæ æмæ зæлтæ баиугæнгæйæ йын бантыст сæ хъуыды фæарфдæр кæнын. Æвзæрдзинады ныхмæ тохы æрлæууыны фарста дзы у сæйраг мидис.

Кæд симфони йедзаг уыд тызмæг æмæ знæт æвдисæг зæлтæй, уæддæр тынг фæцыди адæмы зæрдæмæ йæ тыхджын æмæ райдзаст фæлгонцтæй. 

Ильяйы дыууæ оперæ «Азау» æмæ «Орлана»-йы амонд фæрæстмæ ис. Фыццаг сценæйыл æвæрд æрцыд æртæ хатты (1968, 1982, 1992), дыккагæн та стыр аргъ скодтой Мæскуыйы сценæйыл. 

Йæ оперæтæ хъæздыг сты речитативтæй, вокалон хæйттæй (ариозо, зарджытæ, балладæтæ), моно- æмæ дуэтон архайдтытæй. Сæ драмон бындур у бирæвæрсыг, æвдыст дзы цæуы ахсджиаг, зын равзарæн чи у, ахæм фарстатæ. Уарзондзинадæй дарддæр (Азау æмæ Таймуразы ’хсæн, Олланæ æмæ Амраны) ма сæ ис адæмон, эпикон, социалон сюжеттæ.

Фыццаг хатт Ирыстоны музыкалон аивады фæзындысты национ вокалон интонаци, ирд фæлгонцтæ, рæзын фадат кæмæн ис, ахæм драматургийæ.

Илья æнкъардта ныхасы мидис, уарзта æмæ хорз зыдта Европæйы поэзи, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон фысджыты аивад. Поэзи йæ разæнгард кодта романстæ æмæ вокалон циклтæ фыссын. Йæ дыууæ уарзондæр темæйы — лирикон æмæ граждайнаг — систы  йæ уацмысты сæйраг дыууæ хайы. Ныхæстæ æмæ зæлтæ тынг рæсугъд сбадтысты кæрæдзиуыл цикл «Нежность»-ы. Цыппар романсы æвдыст цæуынц æрыгон сылгоймаджы алыхуызон уды ´нкъарæнтæ иу боны мидæг: «Вечер», «Порыв» (æхсæв), «На рассвете», «На рассвете» (бон).

Гæбæраты Илья фыста музыкæ спектакльтæ æмæ кинотæн. Уыдоны ’хсæн Ирон театры ирддæр спектакльтæ «Медея», «Черная девушка», «Сармат и его сыновья», «Первый удар», «Арман», «Сослан Царазон», «Любимая песня», «Цветок и кинжал», Полковник Ксанти» стæй Уырыссаг театры «Слышишь, Анна», «Антигона», «Коста». 

Оперæтæ: «Азау» Гæдиаты Секъайы радзырдмæ гæсгæ, «Орлана» В. Икскулы радзырд «Святой Илья горы Тбау», «Бонвæрнон».

Музыкалон комеди «Фыййауы уадындз».

Вокалон-симфонион кантатæ «Мы за мир» Джусойты Нафийы ныхæстæм (1951); поэмæ «Человеку» Ш. Муассайы ныхæстæм (1961); радиопоэмæ «Твоих оград узор чугунный» Н. Басанинайы ныхæстæм гæсгæ (1963); цикл «Моя Родина» Джусойты Н., Калоты Х., Токаты А., Капутикян С., Верлена П., Мистраль Г.-йы ныхæстæм гæсгæ (1985-1989).

Оркестрæн — 1-аг Симфони (1960), 2-аг Симфони Еврипиды трагеди «Медея»-мæ (1986), 3-аг Симфони хуыйны «Исания в огне», фыст æрцыд Гарсиæ Лоркæйы æмдзæвгæмæ (1976), Симфони «Нарт Батраз» (1949), поэмæ «О труде» (1956), «Героическая увертюра»(1953), «Молодежная» (1958), «Сын Иристона» (1959).

Вокалон, хортæн — «Песни борьбы» (1957), цикл «Незабываемое» Заксенхаузены ныхæстæм гæсгæ (1961), цикл «Нежность» финаг фысджыты ныхæстæм гæсгæ (1962), Р. Гамзатовы æмдзæвгæтæм гæсгæ (1963), «Семь детских песен» М. Кремайы ныхæстæм гæсгæ (1963), романстæ «Джук-тур» Къостайы æмдзæвгæтмæ гæсгæ, «Горы спят» — Н. Бесанинайы, «Сын» — Д. Риды, зарджытæ «Фаецжуын дагм» - Тохаты М., «О, нана» — Цæгæраты Г., поэмæ «Алолай», «Песнь моя, Иристон».

Спектакльтæм фыст музыкæ:  «В один осенний вечер» (1963), «Медея» (1965), «Черная девушка» (1966), «Любимая песня» (1967), «Горящее сердце» (1967), «Сармат и его сыновья» (1967), «Змея и скрипка» (1967), «Орфей спускается в ад» (1968), «Кровавая Свадьба» (1969), «Первый удар» (1969), «Амран» (1970), «Виндзорские проказницы» (1971), «Цветок и кинжал» (1973), «Сослан Царазон» (1975).

Музыкæ кинотæм «Пузырек с чернилами» (1959), «Сын Иристона» (1959), «Жизнь, ставшая легендой» (1969), «Чермен» (1979), «Мелодии гор», «Владимир Тхапсаев».




#Article 232: Русинаг адæм (111 words)


Русинæгтæ () у хохы цæрæг скæсæйнаг-славяйнаг этникон къорд. Уыдон дзурынц русинаг æвзагыл (иуæй-иу хатт нымад у уырыссаг кæнæ украинаг æвзаджы диалектыл).

Русинæгты этнологион статус у дайуаг. Украинæйы ныгулæны, русинæгты стыр хай кæм цæры, уыдон нымад сты украинаг адæмы дæлкъордыл, кæд русинæгтæй алчидæр ууыл разы нæу, уæддæр. Словакийы та русинæгтæ нымад сты хицæн адæмыл, ис сæм чысылдæр адæмы сæрмагонд статус. Венгри æмæ Словаки русинæгтæн дæттынц «фæсарæйнаг æмбæстонты» статус, уымæй фæзыны уыцы бæстæтæм æнцонæй бацæуыны фадат.

Украинæйы русинæгтæ тырнынц автономимæ. 1991 азы 1 декабры Фæскарпаты облæсты цæрджытæй 78% схъæлæс кодтой, цæмæй облæст уа «сæрмагонд хиуынаффæйады территори»; Украинæ, кæд уыцы референдумæй йæхæдæг хæдбар сси, йæ Фæскарпаты фæстиуæг игнор кæны, облæсты статус ивынмæ нæ хъавы




#Article 233: Диас, Адольфо (243 words)


Адольфо Диас (; райгуырдис 1875 кæнæ 1877-æм азы Коста-Рикæйы — амардис 1964-æм азы Коста-Рикæйы сахар Сан-Хосейы) уыд Никарагуæйы 54-æм æмæ 61-æм президент — 1911-æм азы 9 майæй 1917-æм азы 1 январы онг æмæ 1926-æм азы 14 ноябрæй 1929-æм азы 1 январы онг. Кусын райдыдта куыд АИШ-ы компани «La Luz y Los Angeles Mining Company»-йы нымæрдар. Уыцы компани Никарагуæйы скæсæны къахта сыгъзæрин.

Куыд АИШ-ы компанийы нымæрдар, уый, АИШ-ы интерестæй, баххуыс кодта либералон президент Хосе Сантос Селайæ раппарынæн. Селайæ АИШ-æн тынг æнæуынон фæци, Япон æмæ Германæн Никарагуæйы каналы саразыны пъан куы разæвардта, уæд.

Диас президент куы сси, уæд æй бахъуыди пайда кæнын АИШ-ы денджызон фистæгæфсады æххуысæй Бенхамин Селедоны либералон сыстады ныхмæ. Диасы хицауады хъахъхъæнынады министр Луис Менæ дæр растджыты фарсмæ рацыд. АИШ-ы денджызон фистæгæфсад 1912-æм азы октябры растджыты балты ныссæста, Бенхамин Селедон та фехстæуыд. Уыцы цауæй 70 фæстæмæ сандинисттæ радтой Селедонæн «сæрибары сæрвæлтау хъизæмаргæнæг» æмæ «национ хъæбатыры» ном.

Америкаг æфсæддонтæ уыцы рæстæгæй фæстæмæ Никарагуæйы баззадысты дæс азмæ, бынæттон цæрджыты тынг тыхсын кодтой. Уыцы æххуысæн Диас афтæ бузныг уыди æмæ 1914-æм азы бафыста Брайан-Чаморройы бадзырд — уымæ гæсгæ АИШ æнустæм райста Никарагуæйы зæххыл дыууæ фурды ’хсæн канал аразыны эксклюзивон бар, стæй кæмфæндыдæр йæ æфсæддон базæтæ аразыны бар. Уыцы бадзырд АИШ-ы дæр схуыдтой стигъаг æмæ хынджылæггæнæг. Йæ президентон æмгъуыд куы фæци, Диас цалдæр азы дæргъы АИШ-цы царди.

Диас та, йæ дыккаг æмгъуыд куы фæцис, уæд сызгъæрин къахыныл-иу чысыл ацархайдта, стæй ацыдис АИШ-ы цæрынмæ. Царди Нью-Йорчы, Майамийы æмæ Ног Орлеаны, стæй ралыгъдис Коста-Рикæмæ, æмæ уым амардис 1964-æм азы.




#Article 234: Чаморро, Виолетæ (137 words)


Виолетæ Чаморро (; райгуырд 1929 азы 18 октябры Ривасы сахары) у Никарагуæйы хистæр фæлтæры политик, 1990—1997 азты уыцы паддзахады президент. Уый æвзæрст куы æрцыд, уымæй сси Никарагуæйы фыццаг ус-президент æмæ Цæгат Америкæйы дыккаг (уый размæ Гаитийы ма уыди ус-президент).

Виолетæ Чаморро у хъæздыг зæхджын никарагуæйаг мыггаджы минæвæр, йæ мыггагæй XIX æнусы дæр цалдæр президенты æмæ дæсгай политиктæ уыд. Ахуыр кодта АИШ-ы, фæлæ йæ фыды низы аххосæй раздæхти Никарагуæмæ 1947 азы.

Сомосæты клан хицауиуæг куы кодта, Виолеттæ Чаморро уыд оппозицион журналист. Куыста газет «Ла-Пренсæ»-йы. Сандинисттæ куы фæуæлахиз сты, уæд дæр Чаморро разы нæ уыд, цалынмæ йæхæдæг президент сси, уæдмæ. Зæгъæн и, æмæ нырыккон Никарагуæйы фыццаг президент уыд, Сомосæты диктатурæ æмæ сандинистты революцион хицауады фæстæ.

Виолетæ Чаморро сарæзта йæхи фонд (Fundación Violeta Barrios de Chamorro), уыцы организаци æххуыс кæны ныхасы сæрибарæн, суинаг журналисттæ разæнгард кæны, тох кæны мæгуырдзинады ныхмæ




#Article 235: Сомоса Портокарреро, Анастасио (176 words)


Анастасио Сомоса Портокарреро (райгуырд 1951 азы) у Никарагуæйы фæстаг диктатор Анастасио Сомоса Дебайле æмæ йæ АИШ-æй хаст ус Хоуп Портокарреройы хистæр фырт. Сомосаты фæткмæ гæсгæ хъуамæ йæ фыды фæстæ хицауиуæг райстаид, фæлæ революци тагъддæр æрцыдис.

Ахуыр кодта Гарварды, хæстон дæсниад райста Стыр Британийы.

Анастасио Сомоса Портокарреро зылынгонд у, кæй командæгæнæг уыд, уыцы бал адæймаджы бартæ бирæ кæй хæлдта, ууыл. Революци куы ссыгъди, уымæн йæхи идейæ уыд растæг адæмы сæрмæ, сахарты мидæг, бомбæтæ калын. Национ Гварди, йæ разæнгардæй, амардта 30 мин адæймаджы бæрц.

Æндæр Сомосатимæ Анастасио дæр алыгъдис фæсарæнмæ, цардис Лондоны, Парижы, Гватемалæйы. Æндæр Сомосатæ Никарагуæмæ раздæхын куы байдыдтой, уæд Анастасио Сомоса Портокарреройы дæр фæндыди æрбацæуын, фæлæ ныры онг йæ фыдыбæстæ нæ бабæрæг кодта. Уыцы пъланты тыххæй 2000-æм азы æргомæй загъта сандинистон раздзог Даниэль Ортегæ: «Ахæм визит тæссаг у. Ис ма бирæ адæм, амарын æй кæй фæнды». Йæ фыды амардтой 1980 азы, революцийы уæлахизæй æрмæст иу азы фæстæ.

Усæн райста Марисæ Селаско Оберхольцеры (Marisa Celasco Oberholzer), уый та йын ныййардта иу чызг — Хоуп Сомоса Селаско (Hope Somoza Celasco), æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ Анастасиойæн ма ис дыууæ фырты.




#Article 236: Фонсекæ Амадор, Карлос (122 words)


Карлос Фонсекæ Амадор (; 1936 23 июны — 1976 7 ноябры) уыд никарагуæйаг революционер, «Национ Ссæрибары Сандинистон Фронты» бындурæвæрджытæй иу, профессор, революцион змæлды теоретик.

Фонсекæ райгуырд Матагальпæйы, Никарагуæйы цæгат-ныгуылæны. Йæ фыд, Карлос Фаусто Амадор, уыд бонджын къофигæнджыты мыггагæй. Цалынмæ йæ фырт астæуккаг скъоламæ цæуын байдыдта, нæ базыдта, йæ фыд кæй у, уый. Фонсекæйы мад уыдис мæгуыр гæрзтæхсæг сылгоймаг Хустинæ Фонсекæ (), Амадорæй басывæрджын æнæкъайадæй. Карлос Фонсекæ йæ мады тынг уарзта, уымæн цыт кодта. Кæд æмæ испайнаг традицимæ гæсгæ йæ ном хъуамæ фыстаид Амадор Фонсекæ (фыды мыггаг, уый фæстæ та мады мыггаг), йæхи фыста æдзух куыд Фонсекæ Амадор (мады мыггаг фыццаг бынаты).

Леоны университеты куы ахуыр кодта, бацыд Никарагуæйы социалистон партимæ (); йемæ чи ахуыр кодта, уыдон дæр разæнгард кодта уыцы партимæ бацæуынмæ.




#Article 237: Димитров, Георгий Михаилы фырт (193 words)


Георгий Димитров (; райгуырдис 1882-æм азы 18 июны, Болгарийы Перничы облæсты хъæу Ковачевци — амардис 1949-æм азы 2 июлы, Мæскуымæ ’ввæхс Барвихæ) — зындгонд болгайраг политик, коммунист. Коммунистон Болгарийы уый уыд Ленинау аргъуыцаг. Йæ амæлæты фæстæ йæ марды буар бавæрдтой, сæрмагондæй уымæн кæй сарæзтой, уыцы мавзолейы.

Æрмгусæджы фырт, 12-аздзыдæй скуыста типографийы (1894). 1901-æм азы сси мыхуыргæнджыты профцæдисы нымæрдар, 1902-æм азæй уыд Болгайраг кусджыты социал-демократон партийы уæнг, 1903-æм азæй — йæ большевикон хайы. 1913—1923 уыд болгайраг парламенты депутат. 1923 азы Болгарийы уый уыд Сентябры æдгæрзтæ растады разамонджыты ’хсæн. Растад куы нæ фæрæстмæ, уæд афтыд фæсарæнмæ, Болгарийы та йын фæсаууонмæ рахастæуыд амарыны тæрхон.

Хæст куы фæцис, уæд раздæхт йæ бæстæмæ. 1946-æм азы ссис Министрты советы сæрдар æмæ йæ амæлæтмæ разамынд лæвæрдта бæстæйæн. Бæстæйы хицау куы уыдис, уæд кодта Советон Цæдисмæ хæстæг уæвыны политикæ. Уыимæ ма уыдис тынг æнувыд, хуссар-славяйнаг адæмты федераци скæныны (ома Югослави æмæ Болгари баиу кæныны) идейæйыл.

Димитровы ном хæссынц æртæ бæстæйы æртæ сахары: Болгарийы Димитровград (ног сахар у), Сербийы Димитровград (кæддæры Цариброд) æмæ Уæрæсейы Димитровград Ульяновсчы облæсты (кæддæры Мелекесс). Дзæуджыхъæуы, республикæйы хицауады бæстыхайы фæстæ, 2010-æм азы ноябры онг лæууыдис Димитровы кадæн монумент — болгайраг сахар Кырджалийы лæвар; ис Димитровы номæн уынг дæр.




#Article 238: Бургасы облæст (160 words)


Бургасы облæст () у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы денджызгæрон облæст, у бæстæйы тæккæ стырдæр (7 748,1 км²). Цæрынц дзы 422 458 адæймаджы.

Скæсæны облæсты арæн у Сау денджызы былгæрон, ныгуылæны сыхаг у Сливены æмæ Ямболы облæстытæ, цæгаты — Варнæйы æмæ Шумены облæстытæ, хуссары та — Турчимæ паддзахадон арæн.

Афæдзы рæстæмбис температурæ у 13 °C.

Бургасы облæсты экономикæ размæцыдыл нымад у, уымæ хауы æппæт Болгарийы ÆМП-ы 5,22%. Бургасы ис порты комплекс — уыимæ нефты æмæ кæсæгахсджыты наулæууæнтæ — уыцы портмæ ласынц бæстæйы импорт æмæ экспорты 74%.

Æхсæнадæмон аэропорт Бургасмæ æрбатæхынц туристтæ сæ фæллад уадзынмæ. Облæсты денджызгæрон лæууынц бирæ курорттæ, сæ фылдæр змисджын пляжтимæ. Уыдонæй тæккæ зындгонддæр у егъау комплекс Хурджын был (). 2008 азы, фæллад уадзынмæ Бургасы облæстмæ чи ’рбацыдысты, ахæм уæрæсейæгты нымæцмæ 38% бафтыд; æдæппæт уыдысты 40 мин адæймаджы бæрц.

Облæсты экономикæйы сконды канд туризм æмæ транспорт рæзмæцыд не сты, фæлæ индустри дæр. Нефтехими æмæ нефты ракуыст промышленнон кондады ахсынц 70%. Æндæр къабæзтæ сты хæринаг æмæ сæн уадзæн индустри, текстилуафæн кондад.




#Article 239: Варнæйы облæст (107 words)


Варнæйы облæст () у Болгарийы дыууын аст облæстæй иу. Облæсты автомобилон код — B. Облæст лæууы бæстæйы хуссар-скæсæны. Йæ скæсæны у Сау денджыз, æмарæн у Бургасы облæст, Добричы облæст æмæ Шумены облæстимæ.

Варнæйы облæсты фæзуат у 3820 км² (æдæппæт паддзахады фæзуатæй 3,44 %), цæрынц дзы 495 056 адæймаджы (æдæппæт Болгарийы цæрджытæй 6,1 %). Варнæйæгтæ, Болгарийы рæстæмбис нымæцтимæ абаргæйæ, гуыргæ кæнынц фылдæр, мæлгæ та — къаддæр.

Цæрджыты разт азмæ гæсгæ:

Цæрджыты этникон сконд: болгайрæгтæ — 85,3 %, туркæгтæ — 8,1 %, цигайнæгтæ — 3,3 %. Экономикæйы активон цæрджыты хай — 56 %, кæд æмæ бæстæйы астæуккаг у 46 %.

Облæсты ис генералон консулæдтæ — Польшæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы.




#Article 240: Видины облæст (112 words)


Видины облæст () у Болгарийы облæст бæстæйы Цæгат-Ныгуылæн регионы. Æмарæн у Серби æмæ Румыниимæ, йæ цæгаты цæуы Дунай — Хуссар Европæйы ахсджиагдæр транспортон фæндæгтæй иу (Рейн — Майн — Дунай). Видин у, Дунайы цыдмæ гæсгæ куы цæуай, Болгарийы фыццаг цæугæдоны порт.

Видины облæст ахсы фæзуат 3033 км², цæрынц дзы 121 465 адæймаджы. 1960-æм азты фæстæ цæрджыты нымæц кæны къаддæр. Амы адæм лидзынц бæстæйы стырдæр сахартæм — уæлдайдæр Софиямæ. Рæсугъд æмæ сабыр облæст у, æмæ уый тыххæй уымæ дæр æрбацæуынц адæм, сæ фылдæр — ацæргæ пенсиисджытæ. Уымæй рæзы цæрджыты растæмбис кар.

Облæсты бæрзонддæр бынат у Миджуры хох, Сербиимæ арæныл у. Уырдæм сцæуæн и æрмæст арæнгæсты барлæвæрдæй.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 11 хъæубæстæйыл:




#Article 241: Габровойы облæст (151 words)


Габровойы облæст () у Болгарийы облæст бæстæйы центры. Йæ сконды 4 хъæубæстæйы ис: Габрово, Севлиево, Дряново æмæ Трявнæ.

Административон центр — сахар Габрово.

Облæсты территорийы фæзуат у 2023 км², цæрджыты нымæц — 137 461. Куыстхъом адæмæй 5,6% сты æгуыст.

Афæдзы растæмбис температурæ — 10 °C. Иуæй-иу ран хæхтæ митæй æмбæрзт баззайынц афæдз 110 боны дæргъы. Хъæддаг æрдз у хъæздыг, уымæн цуанонтæ æрбацæуынц Габровойы облæстмæ суанг фæсарæнтæй дæр.

Облæсты сæйраг индустрийы къабæзтæ сты арæзтад, къахæн индустри, раконды индустри. Промышленнон артдзæст у Севлиевойы хъæубæстæ (кондады 52,5%). Хъæууон хæдзарад облæсты нæ райтынг, уый тыххæй æмæ хæххон у, бæзнаг мæр дзы кадавар.

Ахсджиаг экономикæйы къабаз у туризм дæр. Цуан кæнынмæ æмæ историон фенддæгтæ фенынмæ æрбацæуынц бирæ адæм.

Болгари æмæ Уæрæсейы истори тынг ахсджиаг фарс уыд Шипкæйы æфцæджы хъахъхъæнынад (1877 азы дыккаг æмбис) — уыцы æфцæг Габровойæ 22 км хуссарырдæм у. Æрвылаз 3 мартъийы Шипкæйы æфцагыл болгайраг патриоттæ мысынц, Болагрийы хæдбардзинады сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны нæмттæ.




#Article 242: Добричы облæст (229 words)


Добричы облæст () у Болгарийы Цæгат-Скæсæйнаг регионы облæст, йæ сæйраг сахар у Добрич (раздæры Толбухин).

Облæсты скæсæйнаг арæн у Сау денджызы былгæрон, цæгаты æмарæн у Румыниимæ, хуссары — Варнæйы æмæ Шумены облæстытимæ, ныгуылæны та — Силистрæйы облæстимæ.

Облæсты фæзуат у 4 719,7 км² (уымæй 12,3% хæхтæ), цæрынц дзы 215 217 адæймаджы. Облæсты ис 215 цæрæнраны, уыдонæй 6 — сахартæ.

Уæлæмхасæн аргъ экономикæйы къабæзтæм гæсгæ 2004 азы уыд ахæм (млн левы):

Добричы облæсты ис бирæ бæзнаг зæххытæ, уый тыххæй дзы, Болгарийы æндæр облæстытимæ абаргæйæ, зæххы куыст размæцыд у. Уæлдайдæр бирæ дзы мæнæу æмæ æндæр хоры культурæтæ садзынц (базылд зæххы 54,7%), стæй зетиджын культурæтæ дæр (29%).

Облæсты индустрийы сæйраг нысан у хъæууон хæдзарады продукттæ бакусын: бынæттон куыройтæн æрвылбон уадзæн ис 200 тонны ссад, æппæт бæстæйы макъаронтæй 35% уадзынц Добричы облæсты. Ис дзы æхсыры куыстуæттæ дæр, кæнынц цыхт, туаг æхсыр, нæлхæ æмæ æндæр æхсыры продукттæ. Облæсты ис Болгарийы стырдæр маргъдарæн фабрикæ. 

Уыимæ ма Добричы облæсты уадзынц дарæс, къахыдарæс, текстиль, трикотаж, хъæдæрмæг, аразæн æрмæг æмæ а. д.

Облæсты траспорты бастдзинадæн стыр ахъаз у порт Балчик, стæй та сыхаг облæстыты: Варнæйы стыр денджызон порт, Силистрæйы Дунайы порт. Варнæйы æхсæнадæмон аэропорт у Добричæй 47 километры. Облæсты зæххыл мидæг Болгарийæ Румынимæ цæуы æфсæнвæндаг. Автомобилон фæндаг E-87 бæтты арæнгæсты пост Дуранкулак румынаг-болгайраг арæныл арæнгæсты пост Малко-Тырновоимæ (болгайраг-туркаг арæн Бургасы облæсты хуссары).

Балчик æмæ Каварнæ сты денджызон курорттæ. Сæ пляжтæ хуссарырдæм здæхт сты — Болгарийы ахæмтæ бирæ нæй.




#Article 243: Кырджалийы облæст (308 words)


Кырджалийы облæст () у облæст Болгарийы хуссары. Административон центр у сахар Кырджали. Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3 216 км², ома бæстæйы территорийы 2,9 %.

Кырджалийы облæст æмарæн у:

Паддзахадон арæн облæсты разтæн стыр ахъаз у арæны сæрты æмгуыстад аразынæн. Облæсты территорийыл цæудзæн Æппæтевропæйаг транспортон къæлидор №9: Хельсинки — Бетъырбух — Мæскуы — Псков — Киев — Любашевкæ — Кишинёв — Бухарест — Русе — Димитровград — Маказæ — Александруполис. Уыцы къæлидоры рацарæзт у облæсты администрацийæн хуыздæр фидæны ныфс.

Кырджалийы сахарæй Пловдивы аэропортмæ фæндаг у 100 км даргъ; хæстæгдæр порт, Бургасмæ, — 255 км; Грекъимæ арæныл арæнгæсты пост «Капитан Андреево»-мæ — 133 км. Ног хæстæгдæр арæнгæсты пост — Маказæ — 2011-æм азы октябрæй цæттæ у, фæлæ нæма кусы, уый тыххæй æмæ грекъаг фарсæй фæндаджы арæзтад нæмæ фæци карз кризисы аххосæй.

Облæсты ис зды æмæ цинчы æрзæт, къахынц æй. Облæсты цæрджытæ кусынц ма хъæдæрмæджы, згъæркуысты, текстилы, дарæсы, тамакойы æмæ æндæр индустриты.

Историон фенддæгтæ æмæ Скæсæйнаг Родопыты рæсугъд æрдз фæдат дæттынц туризмæн дæр. Облæсты бон у æдæппæт 900 туристты бæрц æрхонын.

Облæсты цæрджыты нымæц 2008 азы 15 июлмæ — 173 417 адæймаджы.

Сахар Кырджалийы йеддæмæ (50 868 цæрæджы) облæсты ис æндæр цыппар сахары: Ардино (4439 цæрæджы), Джебел (3292 цæрæджы), Крумовград (5605 цæрæджы) æмæ Момчилград (9306 цæрæджы). Уыимæ ма Кырджалийы облæсты территорийыл ис 465 хъæуы.

Кырджалийы облæст у, туркаг адæм цæрджыты фылдæр хай кæм сты, Болгарийы иунæг ахæм территори. Бынæттон турк сты 105 мины бæрц, ома цæрджыты 63,6% (сахар Кырджалийы — 62%).

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у авд хъæубæстæйыл:

Болгайраг Адæмон æмбырды (парламенты) Кырджалийы облæсты депутаттæ сты фондз, уыдонæй алчидæр туркаг адæмыхаттæй:

Уыдонæй Али æмæ Доган æвзæрст сты фыццаг хатт, æндæртæ раздæры æрсидтыты дæр æвзæрст уыдысты.

Кырджалийы облæст уыд автономон Скæсæн Румелийы сконды, цалынмæ 1886-æм азы нæ бацыд Османты империйы сæйраг зæххытæм Топханейы бадзырдмæ гæсгæ. Фæстæдæр хæдбар Болгарийы паддзахад уыцы зæххытæ фæстæмæ райста XX æнусы райдиан Балканы хæстыты фæстиуæгæн.




#Article 244: Кюстендилы облæст (151 words)


Кюстендилы облæст () у Болгарийы Хуссар-Ныгуылæн регионы облæст. Йæ административон центр у сахар Кюстендил.

Облæсты цæрынц 155 907 адæймаджы (2008 азы 15 июлмæ).

Цæгаты облæст æмарæн у Перничы облæстимæ, скæсæны — Софияйы облæстимæ, хуссары — Благоевграды облæстимæ, ныгуылæны та — Серби æмæ Македониимæ.

Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3084,3 км² (Болгарийы фæзуатæй 2,7 %).

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у фараст хъæубæстæйыл:

Кюстендилы сахары йеддæмæ облæсты ма ис æндæр 6 сахары — Бобов-Дол, Бобошево, Дупницæ, Кочериново, Рилæ æмæ Сапарева-Баня. Æдæппæт цæрæнуæтты нымæц у 182.

Кюстендилы облæсты лæууы болгайраг нацийы сæйрагдæр кувæн бынæттæй иу — Рилæйы моладзандон. 1983 азы ЮНЕСКО йæ рахуыдта дунейы культурæйы хæзна. Хæххон моладзандоны алфамбылай цы зæххытæ и, уыдоныл 1986 азы арæзт æрцыд заповедник «Рилы моладзандоны хæхтæ» (3676,5 га).

Облæсты ис, сæ бæрзæнд 2000 метрæй фылдæр кæмæн у, дæсгай ахæм цъуппытæ: Голям купен (2731 м), Чернæ полянæ (2716 м), Рилец (2713 м), Поповæ капæ (2704 м) æмæ æндæртæ.




#Article 245: Пловдивы облæст (131 words)


Пловдивы облæст () у Болгарийы Хуссар-Централон регионы облæст. Йæ административон центр у сахар Пловдив (376 501 цæрæджы).

Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 5972,89 км².

Сахар Пловдивы йедтæмæ, облæсты ма ис æндæр 17 сахары — Асеновград (55 405 цæрæджы), Баня (3626 цæрæджы), Брезово (2002 цæрæджы), Калофер (3274 цæрæджы), Карлово (26 158 цæрæджы), Клисурæ (1317 цæрæджы), Кричим (9039 цæрæджы), Куклен (6266 цæрæджы), Лыки (2751 цæрæджы), Первомай (15 312 цæрæджы), Перуштицæ (5354 цæрæджы), Раковски (16 287 цæрæджы), Сопот (10 011 цæрæджы), Садово (2454 цæрæджы), Стамболийски (12 333 цæрæджы), Сыединение (6098 цæрæджы), Хисаря (8013 цæрæджы). Уыимæ ма облæсты территорийыл ис 197 хъæуы.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 18 хъæубæстæйыл:

Облæсты зæххытыл цæуынц Европæйы ахсджиаг фæндæгтæ — транспортон коридор № 4 (Европæ — Ази) æмæ транспортен коридор № 8 (Бургас — София — Тиранæ).




#Article 246: Сливены облæст (131 words)


Сливены облæст () у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы облæст. Йæ административон центр у сахар Сливен (95,4 мин ад.).

Облæст лæууы хæхтæ Стара-Планинæйы хуссарырдæм. Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3544,066 км², ома æппæт Болгарийы территорийы 3,19 %. Уыцы зæххæй хъæууон хæдзарады зæххытæ сты 52 %, цæрæнуæтты зæххытæ — 3,5 %, хæххон районтæ — 40 %.

Облæст æмарæн у:

Дæрддзæгтæ:

Бургасы æхсæнадæмон аэропорт у Сливены облæстмæ хæстæгдæр, æмæ йæ цæрджытæ уымæй пайда кæнынц.

Облæсты цæрынц 218 474 адæймаджы. Сахар Сливены йеддæмæ, облæсты ма ис æндæр фондз сахары — Нова-Загорæ, Кермен, Шивачево, Котел æмæ Твырдицæ. Уыимæ ма Сливены облæсты территорийыл ис 113 хъæуы.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у цыппар хъæубæстæйыл: Котел (21 195 цæрæджы), Нова-Загорæ (43 141 цæрæджы), Сливен (130 226 цæрæджы) æмæ Твырдицæ (14 607 цæрæджы). Цæрджыты æнгомдзинад у 59 ад./км² (2006).




#Article 247: Смоляны облæст (106 words)


Смоляны облæст () у Болгарийы хуссары хæххон облæст. Йæ административон центр у сахар Смолян (32 824 цæрæджы), лæууы болгайраг сæйраг сахар Софияйæ хуссар-ныгуылæнырдæм.

Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3193 км².

Смоляны облæст æмарæн у

Сахар Смоляны йеддæмæ облæсты ис ма æндæр авд сахары — Девин (7090 цæрæджы), Доспат (2527 цæрæджы), Златоград (7808 цæрæджы), Мадан (6929 цæрæджы), Неделино (4784 цæрæджы), Рудозем (4058 цæрæджы), Чепеларе (5664 цæрæджы). Уыимæ ма Смоляны облæсты территорийыл ис 234 хъæуы.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 10 хъæубæстæйыл:
 

Смоляны облæст у цымыдисæг хæххон регион. Ис дзы Болгарийы зымæгон туризмы зынгæдæр артдзæст курортон комлпекс Пампорово. Архитектурон æмæ историон фенддæгтæ дæр дзы бирæ ис.




#Article 248: Софияйы облæст (150 words)


Софияйы облæст () у ныгуылæн Болгарийы облæст. Йæ административон центр у паддзахады сæйраг сахар София, фæлæ уыцы сахар облæсты дæлбар нæу, ис æм хицæн административон иуæг — Софияйы сахары облæст.

Софияйы облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 7059 км². Облæст у хæххон, лæууы, Софияйы алфамбылай цæфхады хуызæн цы хæхтæ и, уыдоныл. Уыцы хæхты къахынц æрхуыйы æрзæт, Пирдопы та кусы æрхуыйы комбинат, кæцы Европæйы стырдæрыл нымад у.

Софияйы облæст æмарæн у:

Облæсты ис 18 сахары — Божуриште (4970 цæрæджы), Ботевград (22 104 цæрæджы), Годеч (4604 цæрæджы), Долна-Баня (4812 цæрæджы), Драгоман (3419 цæрæджы), Елин-Пелин (7045 цæрæджы), Етрополе (11 687 цæрæджы), Златицæ (5364 цæрæджы), Ихтиман (13 792 цæрæджы), Копривштицæ (2537 цæрæджы), Костенец (7344 цæрæджы), Костинброд (11 824 цæрæджы), Момин-Проход (1757 цæрæджы), Пирдоп (8105 цæрæджы), Правец (4555 цæрæджы), Самоков (28 150 цæрæджы), Своге (8512 цæрæджы), Сливницæ (7602 цæрæджы). Уыимæ ма Софияйы облæсты территорийыл ис 265 хъæуы.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 22 хъæубæстæйыл:




#Article 249: Стара-Загорæйы облæст (168 words)


Стара-Загорæйы облæст () — облæст Болгарийы централон хайы, ацы бæстæйы 28 облæстытæй иу, йæ фæзуатмæ гæсгæ 5-æм. Сæйраг сахар — Стара-Загорæ, цæрджытæ — 371 917 адæймаджы (2008 азы 16 июнмæ гæсгæ).

Облæсты фæзуат — 5151 км². Регистрацион код — СТ

Куыд æппæт бæстæйы, афтæ Стара-Загорæйы облæсты дæр цæрджыты нымæц къаддæр кæны. Уымæн йæ аххосты ’хсæн сты интенсивон миграци æмæ чысыл гуырынад.

Стырдæр сахартæ сты Стара-Загорæ (183 мин) æмæ Казанлык (90 мин).

Стара-Загорæйы облæсты лæууы бæстæйы стырдæр бæгæныуадзæн завод — «Загорка», кусынц дзы 800 адæймаджы. «Загорка» уадзы Болгарийы бæгæныйæ 30%. Æндæр куыстуæтты ’хсæн тамакойы комбинат «Слънце — БТ — Стара Загора», макаронтæуадзæн завод «Загария», хойраджы индустрийæн машинæтæаразæн завод «Хранинвест — Хранмашкомплект», згъæры конструкциты завод æмæ æндæртæ.

Облæст у хъæууон хæдзарады ахсджиаг регион. Садзынц дзы мæнæу, техникон культурæтæ, халсартæ, сæнæфсир. 1950 азæй фæстæмæ дарынц фысвосы бынæттон хуыз — лыстæг къуымбил дзы райсынмæ.

Стара-Загорæ у Хуссар Болгарийы ахсджиагдæр транспортон æлхынцъытæй иу. Ууыл цæуы æфсæнвæндаджы къабаз Русе — Подковæ.

Стара-Загорæйы облæстмæ ис сæрмагонд культурон æмæ экономикон бастдзинад уæрæсейаг Самарæйы облæстимæ (1999 азæй).




#Article 250: Багдад (121 words)


Багдад (Багъдад) ( [багъдад]) у Ирачы стырдæр æмæ сæйраг сахар. Цæрынц дзы 6,5 милуан адæймаджы, араббаг дунейы дыккаг стырдæр сахар. Сахар лæууы цæугæдон Тигрыл.

Кæд æмæ араббаг сахар у рагзаманæй, йæ номы фæзынд баст у ирайнаг æвзæгтимæ. Астæуккаг персайнаг æвзаджы уыд вазыгджын дзырд bag «хуыцау» + dād «лæвæрд», ома «хуыцауы лæвæр», «хуыцау кæй балæвæр кодта». Æндæр персайнаг верси у дзырдбаст Bāgh-dād «лæвæрд дыргъдон». Бынаты ацы ном фæзынди пысылмон заманы агъоммæ.

Багдадæй 90 километры хуссарырдæм лæууы рагон Вавилоны хæлддзæгтæ.

Бирæ культурон хæзнатæ басыгъдысты Багдады, 2003 азы хæсты рæстæг сахар арты амæттаг куы баци, уæд. Уыдоны ’хсæн Националон Библиотекæйы рагон чингуытæ. Багдады зоопарчы цы 700 цæрæгойы цардысты, уыдонæй æгасæй баззæд æрмæст 35 — æндæртæ давд æрцыдысты кæнæ та стонгæй амардысты, æнæцæстдардæй куы баззадысты.




#Article 251: Арубæ (156 words)


Арубæ () у сакъадахон бæстæ Карибы денджызы хуссары, Венесуэлæйы былгæронмæ хæстæг (29 км). Арубæйæн ис сæрмагонд статус Нидерландты къаролады сконды. Бæстæйы фæзуат у 193 км², цæрынц дзы 105 мин адæймаджы — ома 544 цæрæджы алы квадратон километрæн. Бæстæйæн ис йæхи валютæ (арубæйаг флорин) æмæ интернеты домен (.aw).

Экономикæйы бындурон къабæзтæ сты æртæ: туризм, нефты ракуыст æмæ сындздидинæг рæзынкæнынад.

Туристтæй фылдæр æрбацæуынц АИШ æмæ Канадæйæ. Америкаг туристты нымæц фæкъаддæр и, 2005 азы майы Арубæйы æрыгон Натали Энн Холлоуэй куы фесæфти, уæдæй. Уæд Алабамæйы хицауад (чызг уырдыгон уыд) АИШ-ы цæрджыты разæнгард кодта Арубæмæ нал цæуын. Ныры онг дæр чызджы не ссардтой. Натали сакъадахы йæ фæллад уагъта скъола каст фæуыны фæстæ, æмæ, дам, æмкъласонтæ тынг бирæ кæрз нозт фæнызтой. Æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ, чызджы фæндыди йæ ныййарджыты хæдзарæй алидзын.

Арубæйы цæрджытæ дзурынц нидерландаг æвзагыл æмæ сæхи бынæттон æвзагыл — папьяментойыл. Папьяменто у креолаг æвзаг, йæ бындуры ис испайнаг æмæ нидерландаг æвзæгтæ. Папьяментойыл цæуынц бынæттон газеттæ, ис ыл Википедийы хайад дæр.




#Article 252: Сан-Стефанойы бадзырд (150 words)


Сан-Стефанойы бадзырд уыд фидыды бадзырд, кæцыйыл сæ къух æрфыстой Уæрæсейы æмæ Османты империты минæвæрттæ 1878-æм азы 3 мартъийы Сан-Стефанойы цæрæнраны Стамбулмæ ’ввахс. Ууыл фæци 1877—1878 азты уырыссаг-туркаг хæст.

Сан-Стефанойы бадзырд бæлвырд кодта Румыни, Серби æмæ Черногорийы хæдбардзинад. Уыимæ ма Балканты фæзынд ног паддзахад — Болгари. Уæды Болгарийы территори уаид нырыкконæй дæр дзæвгар стырдæр (кæс картæ). Бадзырдмæ гæсгæ Болгари дыууæ азы дæргъы уыд уæрæсейаг разамынды бар, уый фæстæ та сси Туркæн хъалонтæ фидæг автономон кънйазад.

Уæрæсемæ бахаудысты осмайнаг провинцитæ Хъарс, Батум æмæ Ардаган.

Сан-Стефанойы фæстиуæг тынг аивта Берлины конгрессы уынаффæ (1878-æм азы июнь). Берлины конгресс Болгарийы æмæ Черногорийы зæххытæ тынг фæчысылдæр кодта, Болгарийы ссæрибары æууæлтæ та бынтон фендæрхуызон сты — ахастон сæрибар райста бæстæйы æрмæст цæгатаг хай, хуссар (Скæсæн Румели) æмæ цæгат (Болгарийы Кънйазад) баиу сты æрмæст 1885-æм азы фæззæджы. 1908-æм азы 22 сентябры, æвзонг турчы революцийы фæдыл, Болгари расидтис йæ паддзахадон хæдбардзинады тыххæй æмæ уыцы бонæй нырмæ у хæдбар паддзахад.




#Article 253: Болгайраг æвзаг (221 words)


Болгайраг æвзаг (Български език, IPA ) у болгайраг адæмы мадæлон æвзаг. Уый у хуссар къорды славяйнаг æвзаг. Дзурынц ыл 9 милуан адæймаджы (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — 11 милуанæй фылдæр).

Болгарийы мидæг болгайраг æвзаг «бирæцентрон» æвзагыл нымад у — ис ын, дам, æртæ литературон формæйы: болгайраг, македойнаг æмæ банатаг. Сыхагон Македонийы сæхи æвзаг нымайынц хицæн æвзагыл, кæд æмæ болгайраг æвзагмæ тынг хæстæг у, уæддæр.

Болгари уыд кириллон алфавитæй фыццаг пайдагæнæг паддзахад. Рагондæр кириллон фыст болгайраг паддзах Самуилы бардзырдмæ гæсгæ конд у 993-æм азы, ссардтой йæ Македонийы XIX æнусы кæрон.

Болгайрагау фыстæуы кириллон алфавитæй, уырыссаг абетæйæ хъауджыдæр болгайраг алфавиты нæй дамгъæтæ Ё, Э, Ы (ома, алфавиты раст 30 дамгъæйы ис); дамгъæ Ъ та нысан кæны хъæлæсон мыр , ирон /ы/-мæ хæстæг. Мæнæ уыцы алфавит æмæ йæ дамгъæты транскрипци:

Болгайраг клавиатурæ уырыссаг клавиатурæйы æнгæс нæу, уый тыххæй æмæ æндæр принципмæ гæсгæ конд у (хъæлæсонтæ дзы сты галиуырдыгæй, æмхъæлæсонтæ та æппатæй — рахизырдыгæй):

Болгайраг æвзаг иннæ славяйнаг æвзæгтæй цæмæй хицæн кæны:

Нырыккон болгайраг æвзаг лæууы адæмон æвзаджы бындурыл, стыр тæваг ын дардта аргъуаны славяйнаг æвзаг (рагон болгайраг дæр æй хонынц), стæй уырыссаг литературон æвзаг. Уый тыххæй болгайраг æвзаг, йæ лексикæмæ гæсгæ, уырыссаг æвзагмæ у хæрз хæстæг, кæд æмæ иу æвзæгты дæлкъорды не сты, уæддæр.

Кæд тюркаг дзырдтæ болгайраг æвзагæй барæй-иу аивтой, уæддæр дзы бирæ баззадис, уыимæ арæх дзырдтæ дæр (зæгъæм маса «фынг» у туркаг дзырд).




#Article 254: Байкал (171 words)


Байкал у егъау æдзæхх цад Уæрæсейы, Скæсæн Сыбыры хуссары, ЮНЕСКО-йы хъахъæд объект. Байкал у дунейы арфдæр цад æмæ стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Цады цæры бирæ зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, уыдонæй фылдæр хай сты эндемиктæ (ома, æндæр рæтты чи нæ цæры, ахæмтæ). Бынæттон цæрджыты традицимæ гæсгæ, Байкал йе стырдзинады охыл хонынц «денджыз», кæд зонадон цæстæнгасæй денджыз нæу, уæддæр.

Байкал лæууы Азийы астæу, Уæрæсейы Иркутсчы облæст æмæ Бурятийы ’хсæн. Цад адæргъ ис хуссар-ныгуылæнæй цæгатырдæм, æддаг бакастæй у егъау æрдыны хуызæн; йæ дæргъ у 636 км, йæ уæрх та 25—80 км. Доны уæлцъары фæзуат у 31,5 мин км², æмæ йæ ацы бæрæггæнæнмæ гæсгæ у дунейы стырдæр цадты ’хсæн æхсæзæм.

Цады рæстæмбис æрфад у 730 метры, æмæ уымæ гæсгæ дзы ис 23 мин км³ бæрц хæрзхъæд æдзæхх дон
(дунейы æвæрдтытæй 22 %). Цадты 'хсæн бæрцуатæй æрмæст Къаспы денджыз Байкалæй стырдæр цад у, фæлæ йæ дон цæхджын у.

Байкалмæ æфты 336 цæугæдоны, уыдонæй стырдæртæ сты Селенгæ, Уæллаг Ангара æмæ Баргузин. Цадæй ракæлы æрмæстдæр иу цæугæдон — Ангара.

Цадыл ис 27 сакъадахы, уыдонæй стырдæр у Ольхон (730 км²).




#Article 255: Хуыгатæ (153 words)


Хуыгатæ (, ) сты стырдæр ирон мыггæгтæй иу.

Цыдæр таурæгътæм
гæсгæ, сæ равзæрд цæуы Мамысонæй. Уырдыгæй сæ рагфыдæл Гуылар афтыдис Къуыдаргоммæ. Гуыларæн уыдис æртæ фырты: Коцой, Теблой, Зассе æмæ Хуыга. Фæстæдæр уыдон Къуыдаргомы фесты хицæн мыггæгтæ: Коцойтæ, Теблойтæ, Зассетæ æмæ Хуыгатæ. Иннæ версимæ гæсгæ, Гуылар йæ фырттимæ æрбацыдис Ручъы комæй:

Фыццаг хъæу, уыдон кæм æрцардысты се ’рвадæлтимæ, уыди Часавал. Уый æрбынат кодта тæккæ Хуыгаты хохы рæбыны. Иннæ Хуыгатæ ацыдысты дæлæмæ æмæ бындур æрæвæрдтой Æхсæрджыны комы мидæг сæ дыккаг хъæу — Æхсæрджынæн. Æртыккаг хъæу, Хуыгатæ кæм ’рцардысты, æрбынат кодта Часавалы бакомкоммæ ’мæ йæ ном уыди Шеубан. Стæй Рацъы хохы рагъы цæгатаг къуылдымы цур равзæрдис Хуыгаты цыппæрæм хъæу — Хæрдысæр. Уый фæстæ Хуыгатæ сарæзтой сæ фæстаг хъæу — Мыртгæджын. Ацы хъæу лæууыдис скæсæйнаг кæроны Дуалы нарæг хохы хизæны, Сембулы хъæуы цур. Афтæмæй, Хуыгатæм уыди фондз хъæуы. Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уымæй фæстæмæ уыдон æндæр кæмттæм лидзын райдыдтой: Рацъ, Дзауы ком, Цхинвал, Къахет, Гурмæ ’мæ æнд.




#Article 256: Пловдив (514 words)


Пловдив () у Болгарийы хуссары сахар, Пловдивы облæст æмæ Хуссар-Централон регионы административон центр. Æрбынат кодта Уæллаг Фракиаг дæлвæзы, цæугæдон Марицæйы фæйнæфарс. У æфсæнвæндæгты æлхынцъ. Сахарыл цæуынц ахсджиаг автофæндæгтæ.

Цæрджыты нымæц — 377 754 (2009-æм азы февралы).

Пловдив у Европæйы рагондæр сахартæй иу, уыцы ран фыццаг цæрæнрæттæ фæзындысты 6 мин азы амæй размæ (ома у Ром æмæ Афинæтæй рагондæр). Сахары фыццаг ном уыд фракиаг — Эумолпиадæ (Эумолпиас).

Нæ эрæйы агъоммæ 342-æм азы сахар байста паддзах Македойнаг Филиппы æфсад, паддзах æй схуыдта Филипполис. Фæстæдæр сахар бацыд Ромы империйы скондмæ, кæцыйы уыд Фракийы провинцийы сæйраг сахар æмæ хуынди Тримонтиум (ома, «Æртæ хохы сахар»). Уымæн æвдисæн сты уыцы рæстæджы амаддзæгты бирæнымæцон хæлддзæгтæ.

VI æнусы Пловдив славянаг знæмты дæлбар фæци æмæ 815-æм азы бацыд Фыццаг Болгайраг паддзахады скондмæ. Уыцы афон сахар хуынди Пылдин. Фæстæдæр сахары æлдариуæг кодтой куы болгайраг, куы та византиаг хицæуттæ. 1364-æм азы та йæ байста Оттоманы импери.

Туркаг дæлбариуæг уæвгæйæ сахар (турк ын радтой ног ном — Фелибе, македойнаг паддзах Филиппы номæй) сси базарады артдзæст. Ам рапарахат болгайраг ныхмæлæуд дæр. 1878-æм азы азы Пловдив сси æрдæгхæдбар провинци Скæсæйнаг Румелийы сæйраг сахар, цалынмæ уыцы бæстæ 1885-æм азы Болгарийы скондмæ нæ бæци растады фæстиуæгæн, уæдмæ. Уыцы цау Болгарийы историографимæ бацыдис куыд Баиугæнд ().

Пловдив у Софияйы фæстæ бæстæйы дыккаг стырдæр индустрион æмæ культурон центр. Лæууы ахсджиаг хъæууонхæдзарадон районы астæу. Хойраджы индустри, рог индустри, машинæаразынад, химион индустри æмæ хуызджын згъæркуыст сты экономикæйы сæйраг къабæзтæ.

Пловдив у Балкайнаг æрдæгсакъадахы рæсугъддæр æмæ цымыдисагдæр сахартæй иу, Болгарийы «культурондæр сахар». 200 бæстыхайæ фылдæр сты ЮНЕСКО-йæ хъахъхъæд историон объекттæ.

Рагзаманæй Пловдивы баззадысты ромаг форум, стадион, театр, базиликæ, термæтæ, æхсæнадон æмæ цæрæн амаддзæгтæ. Ныртæккæ рагон театр у реставрацигонд æмæ дзы арæзт цæуынц алыхуызон равдыстытæ.

Рагон сахары алфамбылай баззад фракиаг æмбонд. Æмбонды фæле — рагон сахары нарæг уынгтæ, XV—XIX æнусты агъуыстытæ æд хъæдын нывæфтыдтæ.

Туркаг æлдариуæджы заманæй баззадысты дыууæ мæзджыты — «Имарет» æмæ «Джумая», стæй Европæйы рагондæр сахаты мæсгуытæй иу (XVI æнус).

Сахары историимæ базонгæ уæвæн ис цалдæр бынæттон музейы, уыдонæй раппалинаг сты, 1917-æм азы кусын чи райдыдта, уыцы Этнографион музей, стæй Археологион музей (кусы 1882-æм азæй фæстæмæ).

Уæрæсейы зындгонд у, 1954-æм азы Пловдивы Бунарджичы обауыл кæй сæвæрдтой æмæ йæ бæрзæнд 11 метры кæмæн у, уыцы монумент «Алёшæ». Монумент сæвæрдтой, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг Болгарийы чи фæмарди, уыцы советон салдæтты кадæн. Монумент Константин Ваншенкинæн радта зарæг ныффысыны идейæ — уымæй фæзынди уыцы хæсты тыххæй уырыссаг æвзагыл популярондæр зарджытæй иу — «Алёшæ» (). Зарæджы фæстаг рæнхъытæ сты ахæм: «Хохы сæр лæууы Алёшæ, Болгарийы уырыссаг салдат». 1989-æм азы онг уыцы зарæг уыд Пловдивы гимн, ныр дæр бынæттон хистæр цæрджытæй бирæтæ йæ зонынц.

Сахары зынгæдæр ахуырдæттæ сты Пловдивы университет, Хъæууонхæдзарадон университет, Медицинон университет, Музыкæ, кафт æмæ аивæдты академи æмæ æндæртæ

Пловдив у болгайраг футболы ахсджиаг артдзæст, хъазынц дзы цыппар профессионалон клубы — «Ботев» (1912-æм азæй), «Марицæ» (1921), «Локомотив» (1936) æмæ «Спартак» (1947).

Боксæй æхсæнадæмон турнир «Странджæ»-мæ 1949-æм азæй фæстæмæ æрвылаз æрбацæуынц боксёртæ бирæ бæстæтæй. 2007-æм азы турниры архайдтой 96 спортсмены 20 бæстæйæ.

Пловдивы сахаргæрон æрбынат кодта бæхты спорты клуб «Аркан» æмæ бæхы спорты базæ «Хан Крум».

Сахарæй 12 км хуссар-скæсæнырдæм, Асеновградмæ фæндаджы цур æрбынат кодта Пловдивы æхсæнадæмон аэропорт. У бæстæйы цыппæрæм ахсджиагдæр аэропорт.

Пловдивæн ис æфсымæрон ахастытæ 21 сахаримæ




#Article 257: Бургас (132 words)


Бургас (,  — Пиргос) у Болгарийы денджызы былгæроны дыккаг стырдæр сахар (Варнæйы фæстæ) æмæ бæстæйы цыппæрæм. Йе ’мном облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц — 305 900 адæймаджы. Сахарæй Софиямæ у 385 км, Пловдивмæ — 267 км, Варнæмæ — 133 км. У ахсджиаг транспортон æлхынцъ (автовокзал, вагзал, порт, аэропорт).

Бургасы кмет (мэр) у Димитыр Николов (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ)) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Сахары ис Турчы генералон консулад, стæй Белорусси, Румыни, Уæрæсе æмæ Украинæйы цыты консулæдтæ.

Бургасы ис дыууæ университеты:

Асен Златаровы номыл университеты сконды ис æртæ колледжы: Туризмы колледж, Техникон колледж æмæ Медицинон колледж.

Бургасы денджызон портмæ ис бæстæйы стырдæр уæргъты зилдух (ома, бæстæйы ахсджиагдæр порт у). Кусын байдыдта 1903 азы 18 майы.

Бургасы хорз бæстыхъæд у: фæлмæн зымæг æмæ тæвд сæрд. Бургасы бакæлæн ныййих кодта æрмæст 1928 азы.




#Article 258: Асеновград (113 words)


Асеновгра́д (; 1934 азмæ — Станимакæ) у сахар Болгарийы хуссары Пловдивы облæсты, Пловдивæй 19 км æдде. Уый у облæсты дыккæгæм стырдæр сахар æмæ Асеновграды хъæубæстæйы административон центр.     

Сахары мидæг æмæ йæ алфамбылай бирæ аргъуантæ æмæ моладзандонтæ ис, уый тыххæй Асеновграды иуæй-иу хатт хонынц Чысылдæр Иерусалим. Сахары цур лæууы Болгарийы дыккаг стырдæр моладзандон — Сыгъдæг Мадымайрæмы Бачковски моладзандон. Уыцы моладзандоны бындур сæвæрдтой 1083-æм азы дыууæ гуырдзиаг лæджы — Григол Бакуриани (византиаг æфсæддон) æмæ йе ’фсымæр Абазий.

Асеновграды цæрынц, иннæ болгайраг сахартимæ абаргæйæ, бирæ туркæгтæ (цæрджытæй 20%-ы бæрц), кусы иу мæзджыт, иу мæзджыт ма аразынц.

Асеновград æмæ Пловдив кæрæдзийы ’рдæм рæзынц, æмæ сомбоны иу агломераци уыдзысты.

Асеновградмæ ис æфсымæрон кæнæ сæрмагонд æххæстытæ мæнæ уыцы сахартимæ:




#Article 259: Габрово (143 words)


Габрово у централон Болгарийы сахар, бæстæйы географион центрмæ ’ввæхс. Габровойы облæсты административон центр. Лæууы цæугæдон Янтрæйы дыууæ былыл.

Цæрджыты нымæц 2008 азы декабрьмæ уыд 66 175 адæймаджы.

Болгарийы ссæрибары фæстæ (1878) Габрово размæцыд промышленнон артдзæст сси, суанг «болгайраг Манчестер» дæр æй хуыдтой. Ныры Габровойы сæйраг экономикæйы къабæзтæ сты рог индустри æмæ машинæаразынад. Æгуыстад дзы, æндæр сахартимæ абаргæйæ, ныллæгдæр у (куыстхъом цæрджытæй 3,5%).

Габрово нымад у юморы болгайраг артдзæстыл, æвылаз дзы вæййынц юморы фестивальтæ. Сахары фендтæгтæй иу у юмор æмæ сатирæйы музей.

Болгари æмæ Уæрæсейы истори тынг ахсджиаг фарс уыд Шипкæйы æфцæджы хъахъхъæнынад (1877 азы дыккаг æмбис) — уыцы æфцæг Габровойæ 22 км хуссарырдæм у. Æрвылаз 3 мартъийы Шипкæйы æфцагыл болгайраг патриоттæ мысынц, Болагрийы хæдбардзинады сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны нæмттæ.

Сахары цур у этнографион хъæу-музей Етар.

Габровойы хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) у Томислав Пейков Дончев (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ — ГЕРБ) æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.




#Article 260: Ямбол (106 words)


Ямбол () у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы сахар цæугæдон Тунджæйы фæйнæфарс, Ямболы облæсты административон центр. Цæрджыты нымæц у 83 584 адæймаджы (2008-æм азы декабры). Ямбол у регионы стырдæр сахартæй иу.

Ямболæй Сау денджызы былгæронмæ у 77 километры. Сахары бæстыхъæд у æхсæн континенталон. Июлы рæстæмбис температурæ у 23,2 °C, январы — 0,2 °C.

Ямболы хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) у Георги Иванов Славов (1965-æм азы гуырд, Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ — ГЕРБ), æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Ямболы баззад Болгарийы иунæг агъуыст базар (безистен). Уыцы бæстыхай арæзт æрцыд 1509-æм азы.

Ямболы ис дыууæ стыр парчы.

Сахары арæныл ис Сыгъдæг Невæйы Александры XIX æнусы аргъуан — нымад у болгайраг-уæрæсейаг хæлæрдзинадæн фыццаг монументыл.




#Article 261: Силистрæ (108 words)


 
Силистрæ (историон нæмттæ сты Доросто́л, Дристр,  , Дуростор, ) у цæугæдоны порт Болгарийы цæгат-хурыскæсæны, Дунайы былгæрон. Силистрæйы цур аразын байдыдтой Дунайы сæрты ног хид Румынимæ (уый уыдзæн æртыккаг хид Болгари æмæ Румынийы ’хсæн, уый тыххæй хуыйны Дунайы хид III, ).

Силистрæйы бынаты лæууыд рагон ромаг сахар Дуросторум (бындурæвæрд 29-æм азы), Мезийы провинцийы сæйраг сахар.

X æнусы уыцы сахар уыд уырыссаг историйы ахсджиаг цауты бынат дæр. 969-æм азы Дрыстыр (Сислистрæйы уæды ном) байстой Киевы кънйаз Святославы æфсад. Фæстæдæр, 972-æм азы, Святослав Силистрæйы хæцыдис византиаг императоры ныхмæ.

XIX æнусы та, 1854-æм азы, уæрæсейаг æфсæдтæ, сæ сæргъы фельдмаршал Паскевич-Ереванский, афтæмæй æрхъула кодтой Силистрæйы фидар. Уыцы ’фсады уыд уырыссаг фыссæг Лев Толстой.




#Article 262: Балчик (113 words)


Балчик () у цæгат-скæсæйнаг Болгарийы сахар Сау денджызы былгæрон. У Добричы облæсты туризмы артдзæстæй иу. Цæрынц дзы 13 065 адæймаджы. Уырнджытæй фылдæр хай сты православон, сахары кусынц 4 аргъуаны.

Балчик цы регионы æрбынат кодта, уый зындгонд у куыд Хуссар Добруджæ.

Балчик у болгайраг революционер Наско Боевы райгуырæн сахар. Уым ма райгуырдысты актёртæ Веселин Ранков æмæ Красимир Ранков. Нырыккон болгайраг фысджытæ Петрушкæ Костова æмæ Дианæ Трифонова цæрынц уым.

Балчикæн йæ историон нæмттæ сты:

Балчик у Болгарийы æртыккаг стырдæр порт Бургас æмæ Варнæйы фæстæ. Портмæ фæцæуынц астæуккаг асы пассажирон æмæ уæзласæн наутæ.

Экономикæйы бындур у туризм. Фæлладуадзæг адæмæн сæ фылдæр сты Уæрæсе, Украинæ, Чехи æмæ Скандинавийæ. Æндæр ахсджиаг экономикæйы къабæзтæ сты хъæууон хæдзарад æмæ транспорт.




#Article 263: Обзор (187 words)


Обзор у Болгарийы Бургасы облæсты Несебыры хъæубæстæйы курортон сахар Сау денджызы былгæрон. Лæууы Варнæ æмæ Бургасы ’хсæн цы фæндаг у, ууыл.

Цæрджыты нымæц — 2118 адæймаджы (2008 азы декабрмæ).

Сахарыл цæуы 3 мин азы. Фыццаг йæ бынаты уыд фракиаг хъæу Навлахос. Стæй йæ бынаты бердзенаг колонисттæ сарæзтой ног сахар Гелиополис (ома «Хуры сахар»). Ромаг баисты фæстæ нæ эрæйы агъоммæ фыццаг æнусы сахары фæзынд Юпитеры аргъуан, æмæ уый тыххæй сахарæн дæр радтой ног ном — Теополис («Хуыцау сахар»). Уыцы рагон аргъуаны хæлддзæгтæ баззадысты ныры онг сахары астæу.

Ромаг импери дыууæ хайыл куы ныддих и, уæд Теополисы уыд византиаг императорты сæрдыгон резиденци. Фæстæдæр болгайрæгтæ сарæзтой уыцы ран фидар Козяк. Осмайнаг импери болгайраг зæххытыл æлдариуæг кæнын куы райдыдта, уыцы раны лæууæг хъæу хуынди Гёзекен (туркагау нысан кæны «Афæлгæст»). 1936 азы сахары ном раивтой болгайраг æмнысан дзырдмæ — Обзор. 1984 азы 9 сентябры Обзорæн радтой сахары статус.

Обзор курортон бынат сси 1934 азы. Сахары пляжы дæргъ у 8 километрæй фылдæр, хæстæг сты Стара-Планинæйы хæхтæ. Хохы ис дзæбæхгæнæн суадæттæ.

Бынæттон кметады кметы хæстæ æххæст кæны Кирил Стоянов (хибар) 2007 азы æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Хъæубæстæйы кмет у Николай Димитров (хибар) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.




#Article 264: Хисаря (127 words)


Хисаря () у Болгарийы Пловдивы облæсты сахар, йе ’мном хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц у 7997 адæймаджы (2008 азы декабры).

Хорз бæстыхъæд æмæ суардæттæ адæмы сæхимæ ластой рагзаманæй. Нæ эрæйы агъоммæ V-IV æнусты уыцы бынаты уыди фракиаг хъæу. Уыцы хъæуæй баззадысты хæлддзæгтæ. Ромæгтæ Фраки куы байстой 46-æм азы, уæд суадæтты цур сæвæрдтой ног цæрæнуаты бындур. 293 азы император Диоклетиан цæрæнуатæн радта сахары статус, æмæ уæдæй ромæгтæ сарæзтой фидар æмбонд — йæ бæрзæнд уыд 13 метры онг. Сахар хуынди, цытуарзæг императоры кадæн, Диоклетианопол.

Чырыстон дин Ромы паддзахадон дин куы сси, уæд Диоклетианапол дæр сси ахсджиаг чырыстон артдзæст, епископы бадæн. Уыцы заман (IV-V æнустæ) уыд Фракийы провинцийы æртыккаг стырдæр сахар — Филипопол (ныры Пловдив) æмæ Бероейы (Стара-Загорæ) фæстæ.

Хъæубæстæйы кмет (хицау) у Георги Пирянков (хъæппæрисджын комитет) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.




#Article 265: Хуыгаты Геор (155 words)


Хуыгаты Доментийы фырт Геор (райгуырдис 1922-æм азы 21 апрелы Цæгат Ирыстоны Ногиры — амардис 2005-æм азы) уыдис ирон драматург. 

Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола.

Йе ’взонджы бонты Хуыгайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ. Ахæм сфæлдыстад ахъаз фæци йæ сæйраг профессийæн. Йæ фыццаг уацымыстæ уыдысты æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ, 40—50-æм азты мыхуыры цыдысты журнал («Мах дуджы»). Георы æмдзæвгæ «Дыууæ фыстæджы» музыкæмæ авæрдтой — уый сси популярон зарæг, цыма адæмон зарæг, æмæ бацыди ирон адæмон сфæлдыстады антологимæ.

Фæстæдæр Хуыгаты Геор йе ’ргом раздæхта тæлмацгæнæджы куыстмæ. Ратæлмац кодта, Ирон театры сценæйыл æнтысджынæй кæй хъазыдысты, ахæм цалдæр дæс классикон æмæ нырыккон пьесæйы. Уыдоны ’хсæн Еврипиды, Шекспиры, Бомаршейы, Гоголы, Островскийы, Л. Толстойы, Горькийы æмæ Чеховы уацмыстæ.

Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сарæзтæуыд, Дзæуджыхъæуы æрвылаз æнтыстджынæй чи цæуы, уыцы  Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй».




#Article 266: Припять (сахар) (114 words)


Припять () у Украинæйы Киевы облæсты æдзæрæг сахар, йе ’мном цæугæдоны былгæрон. Сахары бындур сæвæрдæуы 1970-æм азы 4 февралы, йæ цæрджытæ дзы ацыдысты (эвакуацигонд æрцыдысты) 1986-æм азы 27 апрелы Чернобылы аварийы фæстиуæгæн.

Сахар аразын байдыдтой, цæмæй дзы цæрой Чернобылы атомон электростанцæйы кусджытæ. Уымæй Припять сси Советон Цæдисы фарæстæм «атомы сахар» (). Электростанцæйы йеддæмæ æндæр промышленнон куыстуæттæ дæр дзы уыдысты, æппæты зынгæдæр — радиозавод «Юпитер».

Цæрджыты фæстаг сфыстмæ гæсгæ (1985-æм азы ноябрь) сахары цардысты 47 мин 500 адæймаджы, 25 адæмы хаттæй. Æрвылаз уыдоныл-иу æфтыд 1500 адæймагæй фылдæр (аст сæдæйы бæрц — ноггуырдтæ). Проектмæ гæсгæ сахары хъуамæ æрцæрой 75—78 мин адæймаджы, фæлæ уыцы пълан нæ фæрæстмæ.

Припять уыд æфсæнвæндагон æлхынцъ (станцæ Янов) æмæ цæугæдоны науты лæууæн.




#Article 267: Хуыцаубон (119 words)


Хуыцаубон у къуырийы бонтæй иу, сабат æмæ къуырисæры ’хсæн.

Рагон иудейаг традицимæ гæсгæ къуырийы фыццаг бон уыд хуыцаубон, фæстаг бон та — сабат (æвдæм бон). Нырыккон дунейы паддзахæдтæй фылдæр хуыцаубон нымайынц къуырийы фæстаг боныл (ISO 8601 стандартмæ гæсгæ дæр афтæ у) æмæ дзы фæлладуадзæн бон у.

Израиль æмæ иуæй-иу пысылмон паддзахæдты хуыцаубон у хуымæтæджы куыстбон.

Чырыстон дины еклезитæй фылдæрмæ хуыцаубон у кувыны бон (куадзæн дæр уымæн хауы). Фæлæ Рагон фæдзæхсты чиныджы цы дæс амынды ранымад сты, уыдоны ’хсæн иу (цыппæрæм) уырнджытæй домы сабаты дæргъы кувын, куыстæй та хи иуварс кæнын. Уыцы домæны фæдыл фæзындысты, сабат сæйраг кувæнбоныл чи нымаййынц, ахæм чырыстæттæ дæр — уыдонæй тæккæ зынгæдæр æвдæм боны (ома, сабаты) адвентисттæ.

Уæрæсейы Федерацийы фæлладуадзæн бонтæ сты сабат æмæ хуыцаубон.




#Article 268: Къахет (283 words)


Къахет (: [къахети]) у административон регион æмæ историон бæстæ Скæсæн Гуырдзыстоны, Иор æмæ Алазаны доны уæлкæлæнтты. Йæ сæйраг сахар у Телау.

VIII æнусы онг уыди Картлийы паддзахады. XIII æнусæй бацыд Гуырдзыйы паддзахадмæ. XV æнусы дыккаг æрдæгæй уым равзæрди Къахеты паддзахад. 1762-æм азæй уыди Картли-Къахеты паддзахады. 1801-æм азы бацыд Уæрæсейы империмæ.

Къахеты ис 10 сахары:

Цæрынц дзы гуырдзиæгтæ, ирæттæ, цæцæйнæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ æндæр адæмыхаттытæ. Къахеты дыууæ хъæуы — Ульяновкæ æмæ Свободное — цæрынц Гуырдзыстоны малакантæй фылдæр хай.

Къахеты чысылдæр адæмтæ арæх хъаст кæнынц, уыдонмæ паддзахад æмæ сæ алфамбылай цæрджытæ хъомыс кæй дарынц, уый тыххæй.

Къахеты экономикæйы ахсджиагдæр къабаз у хъæууон хæдзарад. Уый у бынæттон цæрджыты æфтиæгты сæйраг гуырæн. Хъæууон хæдзарад бынæттон индустримæ дæтты хомаг дæр.

Къахет радихгæнæн ис дыууæ физикон-географион регионыл:

Хъæууон хæдзарады сæйраг къабаз у сæнæфсиры æмæ сæндуцыны куыст. Гуырдзыстоны æппæт сæнæфсирдæтты фæзуатæй йе ’рдæг у Къахеты сæнæфсидæттæ. Æрвылаз Къахеты æмбырд кæнынц сæнæфсир 120—150 мин тоннæйы.

Къахеты регионы ма садзынц мæнæу, нартхор æмæ хъæбæрхор. Афæдзмæ сæ иумæйаг тыллæг у 120—160 мин тоннæйы. Сонхурайы тыллæджы фылдæр хай æмбырд кæнынц Дедоплисцкаройы районы.

Къахеты хорз рæгъæд кæнынц алтъами, чылауи, æрыскъæф æмæ æндæр дыргътæ. Аслам дыргътæ сты дыргъгуысты индустрийы бындур.

Регионы ис хорз хизæнуæттæ дæр.

Къахеты ис дыууæ сæйраг транспортон магистралы: æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндаг. Уыдон цæуынц Гуырдзыстоны центрæй Азербайджанмæ. Паддзахадон нысаниуæджы фæндæгты дæргъ у 580 километры. Паддзахæдты ’хсæн чи цæуынц, ахæм фæндæгты дæргъ у 120 км. Афсæнвæндаджы дæргъ у 150 км.

Уыимæ ма Къахеты ис 6 аэродромы, фæлæ уыдонæй кусы æрмæст иу — Телауы чи у, уый.

Регионы алы цæрæнуæты дæр ис электрон тых, æхсæв-бонæй. Иу боны дæргъы исынц 18-20 мегаватты.

Къахеты кусынц цыппар гидроэлектростанцæйы. Уыдонæй ногдæр æмæ стырдæр у Хадоры ГЭС, йæ генераци у 25 мегаватты бæрц. Хадоры гидроэлектростанцæ скуыста 2004-æм азы китайаг инвестициты фæрцы.




#Article 269: Буль, Пьер (125 words)


Пьер Буль () — францаг фыссæг.

Пьер Буль райгуырдис Авиньоны 1912-æм азы 20 февралы. Æхсæзаздзыдæй райдыта ахуыр кæнын лицейы райдиан къласы. 1920-æм азы йæ фыд Эжен Буль цæугæдон Ронæйы былгæрон Илоны балхæдта зæххы фадыг. Уыцы бынат сси Пьеры уарзондæр хъазæн ран. Æхсæз азы фæстæ йæ фыд фæзиан.

Хæсты фæстæйы азты Францы зын уыди куыст ссарын æмæ Буль ногæй араст ис Малайзимæ, плантациты кусынмæ. Уый фæстæ Пьер фæци цасдæр рæстæг Камеруны. 1949-æм азы та раздæхти фæстæмæ Францмæ æмæ дзы фæцарди йæ амæлæты бонмæ.

Пьер Буль фæзиан ис 1994-æм азы 30 январы Парижы.

Фыссын Пьер Буль райдыдта уацары, лагеры ма куы уыди, уæд. Уым йын уыди боныг, æмæ уыцы боныджы фыстытæ фæстæдæр фесты йæ бирæ уацмысты бындур. Йæ фыццаг чиныг, роман «Уильям Конрад», фыссæг рауагъта 1950-æм азы.




#Article 270: Тотраты Руслан (164 words)


Тотраты Хадзыбатыры фырт Руслан (райгуырдис 1936-æм азы 28 сентябры, амардис 2015-æм азы 7 майы) у ирыстойнаг уырыссаг фыссæг.

Тотраты Руслан райгуырдис 1936-æм азы 28 сентябры Дзæуджыхъæуы. Фæстæдæр бинонтæ æрцардысты Курсчы облæсты Рыльскы районы (). Уым 1954-æм азы Руслан фæци каст астæуккаг скъола æмæ уыцы аз бацыди Хойраджы индустрийы Мæскуыйы технологион институтмæ. Каст æй фæци 1960-æм азы æмæ инженеры дæсныйад райсгæйæ райдыдта кусын Орджоникидзейы мелькомбинаты механикæй. 1961-æм азы Тотрайы-фырт йæ куысты бынат раивта Орджоникидзейы электронон æрмæджыты зонадон-иртасæн институтмæ æмæ фæкуыста дзы инженер-конструкторæй 1967-æм азы онг.

Уацмыстæ фыссын æмæ сæ периодикон мыхуыры уадзын Тотраты Руслан райдыдта 1960-æм азы. Уырыссаг æвзагыл ныффыста къорд радзырды, аргъауы, роман «Любимые дети». Уымæй уæлдай ма у Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиойы аивадон киноты сценариты æмæ сывæллæттæн фыст пьесæ «Силач, богач и сирота Дзиго»-йы автор.

Фыссæджы сфæлдыстады ахсджиагдæр бынат ахсы роман «Любимые дети».

Тотраты Русланы литературон архайды зынгæ бынат ахсы тæлмацгæнæджы куыст. Уырыссаг æвзагмæ раивта бирæ ирон прозаикон уацмыстæ. Уыдоны ’хсæн сты Дзесты Куыдзæджы, Богазты Умары, Гуыцымæзты Алешы æмæ æндæр ирон фысджыты уацмыстæ.




#Article 271: Хаджеты Таймураз (171 words)


Хаджеты Таймураз (райгуырдис 1945-æм азы 1 мартъийы Ногхъæуы — амардис 1996-æм азы) уыдис ирон поэт, тæлмацгæнæг.

Йе ’цæг ном у Джусойты Григорийы фырт Таймураз. У зындгонд ирон фыссæг æмæ литературæиртасæг Джусойты Нафийы кæстæр æфсымæр.

Хаджеты Таймураз райгуырди 1945-æм азы 1 мартъийы Хуссар Ирыстоны Ногхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæци 1964-æм азы Цхинвалы. Ахуыры фæстæ йæм фæсидтысты Советон Æфсадмæ. Службæ кодта сахар Батумы, арæнгæсты хæйтты.

Йе ’мдзæвгæтæ уагъд цыдысты куыд бынæттон, афтæ центрон периодикон мыхуыры, 1968-æм азæй. 1979-æм азы поэт сси ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнг. 1985-æм азы Хаджейы-фырт райдыдта кусын, Фæскомцæдисы Цæгат Ирыстоны обкомы цур æрыгон автортæн цы иугонд уыди, уымæн йæ сæргълæууæгæй.

Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Фараст барæджы» рухс федта 1973-æм азы азы Цхинвалы. Фæстæдæр ма рауагъта иу-авд чиныджы Цхинвалы, Дзæуджыхъæуы æмæ Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Йæ уацмысты æххæстдæр æмбырдгонд «Фæсизæр» рацыди 1995-æм азы йæ 50 азы юбилеймæ Дзæуджыхъæуы.

Мæнæ ахæм аргъ скодта Таймуразы сфæлдыстадæн зындгонд ирон поэт æмæ публицист Хъодзаты Æхсар:

Зæрдиагæй архайдта поэт, æндæр адæмты сфæлдыстадимæ ирон чиныгкæсæджы базонгæ кæныныл дæр — тæлмац кодта дунейы æмæ Уæрæсейы поэтты уацмыстæ.




#Article 272: Болгарийы Фыццаг паддзахад (229 words)


Болгарийы Фыццаг паддзахад у, Балканы æрдæгсакъадахыл чи уыдис, болгайраг адæмы уыцы фыццаг паддзахады традицион ном. Уыцы паддзахад фæзындис 681-æм азы æмæ фехæлдис 1018-æм азы.

Уыцы рæстæг Азовы денджызы цур фæзынди Стыр Болгари (Фанагори уыд йæ сæйраг сахар) — рагболгайраг адæмы фыццаг паддзахад, цалдæр тюркаг адæмы чи иу кодта, ахæм. Рагболгайрæгтæ цæугæцард кодтой, æмæ нырыккон адæмтæй бирæтæм зыны уыцы рагон знæмты тæваг. Уыцы паддзахад бирæ нæ ахаста, йæ фыццаг хан Кубрат куы амард, уыимæ йæ ханад дæр ныддихтæ. Кубраты фырттæй иу, Аспарух, ныгуылæнырдæм ацыд æмæ фæс-Днепры æмæ, бынæттон славяйнæгты æмцæдисæй, 681-æм азы сарæзта дзы ног болгайраг паддзахад — историографийы йæ хонынц Болгарийы Фыццаг паддзахад. Дунайы донæфтæны ног паддзахадæн бантыст суанг Византийыл фæуæлахиз уын, æмæ уæдæй Византийы импери болгайрæгтæн фыста хъалон. Ног паддзахады сæйраг сахар сси Плискæ (нырыккон Болгарийы Шумены облæсты у).

Болгарийы Фыццаг паддзахады цардысты рагболгайрæгтæ, славяйнæгтæ æмæ фракиæгтæ. Уыдон иу адæм систы (славяйнаг болгайрæгтæ кæнæ хуымæтæджы болгайрæгтæ) æмæ славяйнагау дзурын байдыдтой.

IX æнусмæ Болгарийы скондмæ бацыд Авайраг каганаты зæххытæ.

Симеоны фæндыд Византийы импери фехалын æмæ йæ сæргъы слæууын. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, йæ амæлæты фæстæ та йæ дыккаг фырт Петр йæхи импери фехæлдта. Болгари къаннæг кæнын байдыдта, ууыл Византи æмæ венгриæгтæ куы уæлахиз кодтой, уæд. Фæстаг тыхджын басаст уыд Киевы кънйаз Святославы балц — Игоры фырт Святослав байста суанг болгайраг сæйраг сахар дæр. Уæдæй фæстæмæ Болгари нал уыд хæдбар, йæ сæйраг хай (нырыккон Болгари) бацыдис Византийы империйы скондмæ.




#Article 273: Пъанкъисы ком (286 words)


Пъанкъисы ком () у ком Гуырдзыстоны Ахметъайы районы, Къахеты цæгатварс, æмарæн у Цæцæн æмæ Дагъистанимæ. Æрбынат кодта Алазаны доны гуырæнмæ хæстæг. Ацы комы дæргъ у 18 км, уæрх та — 2—3 км.

Ацы комы цæрджыты нымæц æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ у 10000—15000 адæймаджы. Уыдонæй сæ фылдæр сты кистæгтæ (цæцæйнæгтимæ) æмæ гуырдзиæгтæ: гуыдан, ачъайрæгтæ æмæ æнд. Уыдонæй уæлдай ма дзы цæрынц ирæттæ (500-1000 цæрæджы), фæлæ сæ нымæц кæны бонæй-бонмæ къаддæр.

Пъанкъисы ис бирæ хъæутæ, уыдонæй стырдæртæ сты Джохъоло, Думастур, Дуис, Цъинубан, Пыхсджын (Пичховани), Корет, Омало, Сакъобиано, Дзибахеви, Астæуккаг æмæ Дæллаг Халацъан. Сæйраг хъæу у Ахметъа (у районы центр дæр).

XIX-æм æнусы фыццаг æмбисы Цæцæны Кистæгты хъæубæстæйæ Пъанкъисмæ рагоц кодта (диг. диал.) цæцæйнæгты иу хай. Ныртæккæ сæ хонынц кистæгтæ. Сæ нымæц Пъанкъисы у 7000 адæймаджы. Уыдон цæрынц цалдæр хъæуы: Джохъоло, Дуис, Омало, Биркиани, Сакъобиано, Дзибахеви æмæ, раджы гуырдзиæгтæ фылдæр кæм уыдысты, уыцы хъæутæ (Астæуккаг æмæ Уæллаг Халацъан).

XVIII-æм æнусы кæроны Къахетмæ Хуссар Ирыстонæй æрлыгъдысты ирæттæ, Картли-Къахеты паддзахады лекъаг æмæ солиаг абырджыты æрбабырстытæй хъахъхъæнынмæ. Фæстæдæр (XIX-æм æнусы астæу) уыдоны иу хай алыгъдысты Пъанкъисмæ дæр. Уыдонæн Пъанкъисы уыди, гуырдзиæгты ’хсæн кæм цардысты, ахæм цалдæр хъæуы (Думастур, Корет).
 
XX-æм æнусы райдайæны (1901—1910-æм азты) Къуыдаргом, Чысангом æмæ Леуахийы комæй ирæтты иу хай алыгъдысты Пъанкъисмæ æмæ дзы бындур æрæвæрдтой 7 хъæуæн: Думастур, Корет, Пыхсджын, Къуцъахта, Аргох, Дæллаг Халацъан æмæ Цъинубанæн. 
XX-æм æнусы 80-æм азты райдайæны комы царди 2000 ирон бинонтæй фылдæр. 1990-æм азы, З. Гамсахурдиа Гуырдзыстоны Президентæй æвзæрст куы æрцыдис, уæд ирæттæ райдыдтой лидзын уырдыгæй Цæгат Ирыстонмæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæм. Цæцæны фыццаг хæсты фæстæ цæцæйнæгтæ Пъанкъисы куы æрцардысты, уæд ирæттæ бынтон ацыдысты сæ хъæутæй. Æрмæст хъæутæ Пыхсджын æмæ Коретийы ма баззади иуæй-иу ирон бинонтæ).

Цæцæны дыууæ хæсты фæстæ Пъанкъисы æрцардысты цæцæйнæгтæ. Уыдон цæрынц кистаг æмæ раздæры ирон хъæуты. Сæ нымæц у 2000—5000 адæймаджы.




#Article 274: Рацъ (125 words)


Рацъ () у Гуырдзыстоны хъæууон историон бæстæ Рионы доны уæлкæлæны. Æрбынат кодта  Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суаны регионы. Йæ сæйраг сахар у Он.

Уым цæрынц рацъæттæ (гуырдзыйы дæлкъорд), Оны ма цæрынц дзуттæгтæ (уирæгтæ) (гуырдзиаг дзуттæгтæ). 

Цæгат-ныгуылæны Рацъ арæн кæны Суан (Сари) æмæ Лечхумимæ; цæгат-скæсæны та Кавказы сæйраг рагъæй хицæнгонд у Цæгат Ирыстонæй. Йæ хуссары ис Рацъы хохы рагъ, уый фæстейы æрбынат кодта Имерет. Скæсæны æмарæн у Хуссар Ирыстонимæ.

Раджы уым уыдис æлдарад (Рацъы ерыстауад), уыдис Имереты паддзахады дæлбар. 1465-æм азæй 1769-æм азы онг уым хицауиуæг кодтой ерыстаутæ Чхеидзетæ. Рацъ 1810-æм азы бахауд Уæрæсейы империйы скондмæ. Ацы рæстæджы уый уыди Кутаисы губернæйы уезд. 

Гуырдзыстоны административон-территориалон дихмæ гæсгæ Рацъ хауди Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суаны регионы Он æмæ Амбролауры районтæм. Рацъы дæр ис Хванчкарайы хъæу, «Хванчкарайы» сæн кæм кæнынц.




#Article 275: Пиросмани, Нико (336 words)


Пиросманишвили Асланы фырт Николай () у XX æнусы зындгонддæр гуырдзиаг нывгæнджытæй иу. Райгуырдис 1862-æм азы Къахеты Мирзааны хъæуы зæхкусæджы бинонты.

Нывгæнæг раджы баззадис сидзæрæй, æмæ йæ сæхимæ райста, йæ фыд мæлæты размæ кæмæ куыста, уыцы сылгоймаг. Нико куы схъомыл, уæд хъавыдис байгом кæнын йæхи равдыстæгтæаразæн æрмадз. Фæлæ йын уымæй ницы рауадис æмæ райдыдта кусын уромæн кондукторæй æфсæнвæндаджы станцæйы. Уый фæстæ базар кодта дуканийы. Уалынджы ног XX æнусы райдайæны Нико райдыдта ныв кæнын равдыстæгтæ хæрæндæттæ, дуканитæ, трактиртæ æмæ сæндæттæн. 

Нико уыди хæдахуыр нывгæнæг, æмæ йæ сфæлдыстады стиль нываивады хуыйны примитивизм. Фæстæдæр Пиросмани йæ нывтæ фæуæй кодта Къуары галиу былгæрон мæгуыр сыхты.  Рæхджы йын фæзынди йæхи меценаттæ дуканиты хицæутты ’хсæн.

Йæ зæрдахаст уыди ныхмæдзыд æмæ фæлдурæджджын, æмæ уымæн Нико фæцалх карз нозтыл.
Иуæй-иуты зæрдыл нывгæнæг баззади бирæдзураг адæймагæй, иннæтæ дзырдтой, зæгъгæ, Нико æхгæдзæрдæ адæймаг уыди.

XX æнусы райдайæны æппæт Калачы толты сæ къултæ Никойы цъылинæгæй саразгæ уыдысты. Йæ царды Пиросмани уыдис зыбыты иунæг æмæ йæ бирæтæ нымадтой сæлхæрыл. 
Фыццаг Æппæтдунейон хæсты рæстæджы Уæрæсейы сфидар кодтой «хус зaкъон» æмæ уый охыл Калачы бирæ хæрæндæттæ æрцыдысты æхгæд. Уыцы рæстæг Пиросмани уыди æгуыст æмæ æнæхца.

Йæ сфæлдыстадимæ дзыллæты базонгæ кодтой 1912-æм азы мæскуыйаг нывгæнджытæ Илья æмæ  Кирилл Зданкевичтæ. Уыдон сæхæдæг йæ нывтæ фыццаг хатт федтой трактир «Варяг»-ы къултыл æмæ сæ бафæндыди фембæлын Никоимæ йæхиимæ. Фæстæдæр, 1913-æм азы Мæскуыйы сарæзтæуыд нывгæнджыты-неопримитивистты равдыст «Мишень». Уым æндæр нывгæнджыты нывты ’хсæн æвдыст æрцыди, Илья Зданевич Тбилисæй кæй æрбаласта, Никойы уыцы цалдæр нывы.

Пиросманийы нывты сюжетты ’хсæн сæйрæгдæртæ сты бæрæгбон, минас, адæм, цæрæгойтæ, рæсугъд чызджытæ, æрдз æмæ æндæртæ. Нико сфæлдыста диссаджы сурæттæ: кæртгæс, хæринæггæнæг, зæхкусæг йæ сывæлæттимæ, рæсугъд чызджытæ. 

Йе сфæлдыстады тыххæй-иу Нико арæх афтæ дзырдта:
 «Æдзард чызджыты куы ныв кæнын, уæд сын се ’ндæрджытæ æвæрын ацы сау царды сау фоныл, фæлæ уыимæ ма сын ис а цардмæ уарзондзинад  сæ алыварс дидинджытæ æмæ сæ уæхсчы цур цъиу. Æз ныв кæнын уыцы чызджыты урс гобанæмбæрзæнтыл уымæн æмæ сын хатыр кæнын æмæ сын барын сæ тæригъæдтæ».

Пиросмани йæ цæргæ-цæрæнбонты фæцарди мæгуырæй æмæ амарди 1918-æм азы кæцыдæр калакаг дæлхæдзары низ æмæ æххормагæй. Йæ ингæн кæм ис, уый бæрæг нæу.




#Article 276: Балкайнаг цæдис (188 words)


Балкайнаг цæдис (Балканы лигæ дæр) у Болгари, Серби, Грекъ æмæ Черногорийы хæстон-политикон цæдис Турчы ныхмæ арæзт Балканы хæстыты рæстæг (1912—1913).

Италийы-турчы хæст (1911—1912) куы фæци, Балканы бæстæты хицæуттæ бамбæрстой, сæ ныхмæлæууыны æрхайд баиу кæнын кæй хъæуы, уый. Уыцы хъуыды, Уæрæсейы империйы разæнгардæй, 1912-æм азы 13 мартъийы сси Болгари æмæ Сербийы ’хсæн кæрæдзийы хъахъхъæныны тыххæй бадзырд. Уый хуызæн бадзырдтыл фæстæдæр сæ къухтæ æрфыстой Грекъ æмæ Черногорийы хицæуттæ дæр. Афтæ сæвзæрди балканы бæстæты альянсты хыз, Турчы (æмæ фактон æгъдауæй Австро-Венгрийы) ныхмæ.

Италиимæ хæсты фæстиуæгæн Турчы паддзахад тынг фæлæмæгъдæр, уыдис дзы мидæг быцæуттæ дæр. Уымæй пайда кæнгæйæ, 1912-æм азы 8 октябры Черногори расидти Турчы ныхмæ хæст. 13 октябры æндæр цæдисон паддзахæдтæ дæр Туркмæ бадардтой ультиматумтæ, стæй 17 октябры расидтысты хæст. Афтæ Балканы Фыццаг хæст райдыдта.

Уыцы хæсты Балкайнаг цæдисы æфсæдтæн бантыст осмайнаг æлдариуæгæй европæйаг зæххытæ ссæрибар кæнын.

Фæлæ цæдисы æнтыстдзинад дард нæ ахæста — райдыдтой цæдисонты ’хсæн быцæуттæ Македони æмæ Добруджæ дихкæнынады тыххæй. Уымæй райдыдта Дыккаг Балкайнаг хæст: Болгари æрбабырста Грекъ æмæ Сербимæ, уыцы дыууæйæн та баххуыс кодтой Румыни æмæ Турк. Болгари фембылды, хæсты фæстиуæгæн уый бахъуыди æндæр паддзахæдтæм раттын ахсджиаг сахар Одрин (ныр дæр Турчы), Хуссар Добруджæ æмæ æндæр зæххытæ.




#Article 277: Балканы хæстытæ (116 words)


Балканы хæстытæ у, Фыццаг дунеон хæсты тæккæ агъоммæ Балканы æрдæгсакъадахыл цы дыууæ хæсты рацыдысты, уыдоны иугæнæг ном. Хæстыты фæстиуæгæн Турчы бахъуыд йæ европæйаг зæххытæй стырдæр хай Балканы цæдисы паддзахæдтæм раттын.

Балканы Фыццаг хæст уыд сæрибаргæнæг тох османты æлдариуæджы ныхмæ. Балканы цæдисы паддзахæдтæ (Болгари, Грекъ, Серби æмæ Черногори) фæуæлахиз сты æмæ ног зæххытæ кæрæдзийы ’хсæн дих кæнын байдыдтой.

Уыцы рæстæг цæдисонты ’хсæн райдыдтой быцæуттæ — æмæ Балканы Дыккаг хæст ныггуыпп кодта. Уыцы хæсты фæстиуæгæн Болгарийы бахъуыд, йæ ныхмæ цы паддзахæдтæ хæцыдысты, уыдонæй алкæмæндæр зæхх раттын. Османты империйы скондмæ фæстæмæ бацыд сахар Одрин (Эдирне).

Фæстæдæр Балканы æрдæгсакъадахыл арæнтæ ивтой Фыццаг æмæ Дыккаг дунеон хæсты фæстæ. Алы хатт дæр мингай бынæттон цæрджыты æндæр ран æрцæрын кодтой, сæ адæмыхаттмæ гæсгæ.




#Article 278: Балканы Фыццаг хæст (167 words)


Балканы Фыццаг хæст у Балканы цæдисы (Болгари, Серби, Грекъ æмæ Черногорийы) хæст Османты Турчы ныхмæ (1912—1913), Балканы хæстытæй иу.

Италиимæ хæсты фæстиуæгæн Турчы паддзахад тынг фæлæмæгъдæр, уыдис дзы мидбыцæуттæ дæр. Уымæй пайда кæнгæйæ, 1912-æм азы 8 октябры Черногори расидти Турчы ныхмæ хæст. 13 октябры æндæр цæдисон паддзахæдтæ дæр Туркмæ бадардтой ультиматумтæ, стæй 17 октябры расидтысты хæст. Афтæ райдыдта Балканы Фыццаг хæст.

Уыцы хæсты Балканы цæдисы æфсæдтæн бантыст османты æлдариуæгæй европæйаг зæххытæ ссæрибар кæнын.

Балканы Фыццаг хæст ныфс лæвæрдта бирæ адæмæн, Балканы регионы æдде дæр. Афтæмæй уырыссаг композитор Василий Агапкин Балканы хæсты цауты фæдыл 1912-æм азы ныффыста йæ номдзыд марш «Славяйнаг сылгоймаджы хæрзбон» (). Агапкин уыцы маршæй ссардта, сæ хæстæджытæ фронтмæ кæмæн ацыдысты, æппæт уыцы славяйнаг сылгоймæгты ном. Тамбоваг композиторы марш ныртæккæ у Тамбовы облæсты гимн.

Балканы Фыццаг хæст куы фæци, цæдисонтæн сæ бон нæ разынд кæрæдзийы ’хсæн ног зæххытæ байуарын æмæ та райдыдта ног хæст, Балканы Дыккаг хæст, Болгарийы йæ хонынц Цæдисонты ’хсæн хæст дæр (). Уый куы фæци (1913), уæд 1914-æм азы райдыдта Фыццаг дунеон хæст.




#Article 279: Балкайнаг æвзæгты цæдис (100 words)


Балкайнаг æвзæгты цæдис у индоевропæйаг æвзæгты къорд, кæцыйы уæнгтæ иу къабазæй не сты, фæлæ се ’хсæн сæвзæрди бæрæг иудзинад. Уыцы иудзинады разындытæ ссардæуыдысты сæ фонологион, морфологион, синтаксикон, лексикон, дзырдарæзтон æмæ фразеологион æмвæзты.

Цæдисы уæнгтæ сты албайнаг, иуæй-иу славяйнаг, ромайнаг æвзæгтæ æмæ, къаддæр бæрцы, бердзенаг æвзаг.

Дæнцæгæн, балкайнаг æвзæгты гуырынон æмæ дæттынон хауæны формæтæ фемхуызон сты. Иухуызон сты бынаты æмæ арæзты разæгъæнтæ:

Балкайнаг цæдисы æвзæгты фесæфти мивдисæджы æбæлвырд формæ (инфинитив). Мæнæ уыцы æвзæгтыл фыст фразæ «Мæн фæнды фыссын»:

Финнаг славист Йоуко Линдстедт разæвæрдта балкайнаг миниуджыты барæн — «балканизацийы индекс». Йæ иртæстмæ гæсгæ, æппæты «балкайнаггонддæр» æвзаг у македойнаг (йæ индекс у 12):




#Article 280: Сослан-Дауыт (Цæразон) (144 words)


Сослан-Дауыт () у Тамар успаддзахы мой, Гуырдзыстоны паддзах æмæ Гуырдзыстоны хъомыс йæ тæмæны куы уыди, уыцы заманы гуырдзиаг æфсады разамонæг.

Йæ райгуырæн бон бæрæг нæу; амардис 1207-æм азы.
Иуæй-иу гуырдзиаг хроникæтæм гæсгæ, Сослан уыди Багратионты ирон къабазæй. Иннæ таурæгътæ дзурынц, йæ мыггаг Цæразонтæ рагон аллон паддзахон мыггаг кæй уыди. У аллон паддзах Джадароны фырт.

Вахушти Багратионимæ гæсгæ уый уыди Гиуæрги Фыццаджы фырты Деметрейы байзæддаг, ома уыди Багратионтæй. Гиуæрги Фыццагмæ (1014-1027) уыди дыууæ фырты фæйнæ усæй — Баграт IV æмæ Деметре. Фæстæдæр Гиуæрги æрцарди Константинополы. Ацы факттæ раст зынынц «Гуырдзыстоны хроникæйы» (Матиане Картлиса). Деметремæ баззади æнахъом фырт Дауыт æмæ йæ фыды мад йæ ахаста Ирыстонмæ. Уым Дауыты йæхимæ райста Цæразонты аллон паддзах æмæ уый радта йын йæ чызг. Дауыты фырт Атон сси аллон паддзахæй, æмæ Сослан-Дауыт уыди Атоны фыртыфырт.

Тамары цур уавгæйæ Сослан бирæ хæрзты бацыди гуырдзиаг паддзахадæн. Бирæ азты уый фæтох кодта Гуырдзыстоны знæгтимæ.

  




#Article 281: Вахушти Багратиони (216 words)


Вахушти Багратиони () (1695 кæнæ 1696, Тбилис — 1758, Мæскуы) уыдис Гуырдзыстоны паддзахы фырт,  æмæ .

У Вахтанг VI-æмы фæрссаг фырт. Схъомыл Гуыдзыстоны паддзахы æгъдауыл фырттимæ æмæ династийы уæнджы бартæй пайда кодта. 1717-æм азæй 1724-æм азы онг Гуырдзыстоны архайдта политикон царды. 1722-æм азы августы-ноябры, йæ фыд æмæ йе 'фсымæр се ’фсадимæ Гандзайы Уæрæсейы император Пётрмæ куы æнхъæлмæ кастысты, уæд уый уыдис Картлийы паддзахады разамонæг. 1724-æм азы нысæнгонд æрцыдис Дæллаг Картлийы æфсæдты сæйраг командæгæнæгæй.

Уый у гуырдзиаг феодалон историографийы стырдæр минæвар. Йæ 1745-æм азы фæуд сæйраг куыст «Картлис цховреба» (Гуырдзыстоны цард) сси гуырдзыйы ивгъуыды критикон иртасынады фыццаг фæлтæрæн. Ацы куыстæн ис дыууæ хайы: историон æмæ историон-географион. Гуырдзыстоны истори æмæ географийы тыххæй бирæ æргъаг хабæрттæ фыст кæм ис, уыцы текстмæ æфтыд уыдис хронологион æмæ генеалогион таблицæтæ, стæй, иттæг дæсны конд чи уыдис, ахæм картæтæ. «Картлис цховреба»-йы сæйраг политикон идейæ — Гуырдзыстоны дихтæдзинадыл фæуæлахиз æмæ иухицауады сарæзт — феодалон уавæрты уый уыдис прогрессивон идейæ.

Вахуштийы куыстытæ (фыццаджыдæр историон географийы номссард йæ архайды хай) бирæ хæттыты мыхуыргонд цыдысты гуырдзиаг æмæ æндæр æвзæгтыл.

Вахушти ныгæд у Донской моладзандоны.
Йæ ном хæссы Гуырдзыстоны зонæдты академийы Географийы институт.

Вахуштийы ус уыдис ерыстауы чызг Мариам Абашидзе. Уыдис сын дæс сывæллоны.
Йæ хистæр фырт — Иоанне (амардис 1781-æм азы) уыдис инæлар æмæ Сыгъдæг Гиоргийы VI-æм къæпхæны ордены кавалер (бадзырд № 302 1778-æм азы 26 ноябры).




#Article 282: Сабыр фурд (128 words)


Сабыр фурд (Сабыр океан дæр) у дунейы æппæты стырдæр æмæ арфдæр фурд. Йæ фæзуат у 178 620 млн. км². Йæ алфамбылай сты Еврази, Австрали, Цæгат æмæ Хуссар Америкæйы континенттæ, хуссары та — Антарктидæ.

Сабыр фурд адæргъ и 15,8 мин км цæгатæй хуссарырдæм æмæ 19,5 мин км скæсæнæй ныгуылæнырдæм. Йæ рæстæмбис арф у 3984 метры. Йæ арфдæр бынат у дунейы арфдæр дæлдон бынат — Марианаг тæрф (-10 994 м). Йæ фæзуатмæ гæсгæ Сабыр фурд у дунейы æппæт сурзæххы бирæ фылдæр.

Сабыр фурд фыццаг чи федта, ахæм европæйаг уыдис испайнаг конкистадор Нуньес де Бальбоа. 1513-æм азы уый йе ’мбæлццонтимæ цæхгæрмæ рацыдис Панамæйы зæхкъубæл æмæ æнæзонгæ фурды был ссардта. Ног денджызæн де Бальбоа радта Хуссар денджызы ном ().

Сабыр фурд у тынг ахсджиаг транспортон бастдзинадæн, уый ууылты ласынц уæзтæ дунейы алы рæттæм.




#Article 283: Борис III (149 words)


Борис III уыд Болгарийы паддзах 1918-æм азы 3 октябрæй 1943-æм азы 28 августы онг. Паддзах Фердинанд I-æмы фырт æмæ паддзах Симеон II-æмы фыд. Борисы фыд Фердинанд I паддзахы бынатæй ацыд, Болгари Фыццаг дунеон хæсты куы фембылды, уый фæстæ — ома Борис йæ фыды амæлæты агъоммæ сси паддзах.

Паддзах Борис райгуырд 1894-æм азы 30 январы, йе ’ххæст ном у Борис Клемент Роберт Мария Пий Станислав Сакскобургготски. Йæ католикон аргъуыды фыд уыд Ромы папæ Лев XIII, йæ растуырнæг аргъуыды фыд та — Уæрæсейы император Николай II. Борис III сси нырыккон Болгарийы (Болгары æртыккаг паддзахады) фыццаг растуырнæг паддзах.

Болгари гитлерон Германы сателлит кæд уыди, уæддæр паддзах Борисæн йæ къухы бафтыд Советон Цæдисæн хæст нæ расидын, скæсæйнаг фронтмæ йе ’фсад не ’рвитын, стæй болгайраг дзуттæгты 50 мины мæлæтæй фервæзын кæнын.

Паддзах амард 1943-æм азы æнæнхъæлæджы, Гитлеримæ йын цы фембæлд уыди, уый цалдæр боны фæстæ. Йæ бынатмæ уæд бацыд йæ 6-аздзыд фырт Симеон II.




#Article 284: Малакантæ (277 words)


Малакантæ () сты, растуырнæг еклезийæ чи рахицæн ис, ахæм чырыстон уырнджыты къорд æмæ уырыссаг адæмы этнографион дæлкъорд. Малаканты змæлд сæвзæрди XVIII æнусы Тамбовы алфамбылай хъæуты: уымы зæхкусджытæ базыдтой фыссын-кæсын æмæ, Библийы цы бакастысты, уый сæ дисы бафтыдта — сæ заманы растуырнæг аргъуаны фæткæй афтæ дард сæм фæкастис — æмæ, Библи куыд æмбæрстой, уымæ гæсгæ сæхи дин аразын байдыдтой. Малакайнаг дины зынгæдæр парахатгæнæг уыд Семён Уклеин. Уæрæсейы империйы малакантæ нымад уыдысты тæссаг сектæйыл, æмæ уый тыххæй сæ депортаци кодтой бæстæйы ног арæнтæм хæстæг — Сыбыр, Хуссар Украинæ æмæ Фæскавказмæ. XX æнусы райдиан малаканты нымæц уыд 1,2 милуан адæймаджы, уыдонæй фылдæр хай цардысты Фæскавказы (суанг Арараты хуссарырдæм Хъарсы облæсты дæр).

Малакантæ хуыйы фыд нæ хæрынц, карз нозт нæ нуазынц, иконæтæн табу нæ кæнынц, сыгъдæджытæ сæ дин нæ нымайы. Кувынц æрмæст Хуыцаумæ. Малакантæ еклези не сты, фæлæ динон змæлд, — нæй сæм аргъуаны иерархи, сауджынтæ, æппæт кувæн хæдзæрттæн нæй иухуызон фæтк.

Малаканты стыр хъæу уыди Дзæуджыхъæуы сконды, Терчы галиу фарсыл. Ныр дæр адæм уыцы бынат хонынц Малаканкæ (Малаканты сых). Малканкæйы ма ис малаканты кувæн хæдзар, æрæмбырд дзы-иу вæййынц малакайнаг уырнджытæ.

XX æнусы райдиан, Фыццаг дунеон хæсты агъоммæ, мингай малакантæ цæрынмæ ацыдысты Мексикæ æмæ АИШ-ы ныгуылæн былгæронмæ. Ныр дæр Сан-Франциско æмæ Лос-Анджелесы цæрынц малакантæ, ис сæм сæхи кувæн хæдзæрттæ.

Уæрæсейы империйы Хъарсы облæсты цы малакантæ цардысты, уыдон 1921—1923 азты бахъуыд уыцы ранæй ралидзын, сæ зæхх фæстæмæ Турчы дæлбар кæй бахауд, æмæ уый тыххæй. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыди, уыцы адæмæн æнæсаст зæххыл æрцæрыны бар радта, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты, Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр и, уыцы ранмæ.

Нырыккон Сомихы цæры 5—10 мины бæрц малакантæ, уыдонæй Ереваны — 2000, Фиолетовойы — 1500, Лермонтовойы — 800, Таширы районы — 400 адæймаджы.




#Article 285: Сæна (хъæу) (108 words)


Сæна (, [стъепанцъминда]; 2007-æм азы онг  — [хъазбеги]) сахарæнгæс посёлок Гуырдзыстоны цæгаты. Йæ уылты цæуы Арвыкомы фæндаг, 2009-æм азы ноябрæй ногæй дзы ласынц уæргътæ Фæскавказ æмæ Уæрæсейы ’хсæн. Сæна у Хъазыбеджы (Сæнайы) районы административон центр.

Æрбынат кодта Сæнайы хохрæбын, Арвыкомы фæндаггæрон. Цæугæдон Терчы гуырæнмæ ’ввахс. Уæрæсеимæ цы арæн ис, уымæй 11 км хуссардæр.

Посёлок цы ран ис, уый денджызы æмвæзадæй у 1750 метрæй бæрзонддæр.

Сæнайæ райдайынц сæ балц, Сæнайы хохмæ чи хизы, уыцы хохдзаутæ.

Посёлок у туристон артдзæст. Æрвылаз дæр Сæнайы æмæ комы вæййы туристтæ Германæй, Нидерландтæй æмæ Европæйы æндæр бæстæтæй.

Сæнамæ бацæуæны цур, трассæйæ 1–2 км æддæдæр ис, газджын суарæй дзаг чи вæййы, ахæм æнæсæр гом бассейн.




#Article 286: Хæбуз (125 words)


Хæбуз () у, адæймагæн тынг тæссаг чи у, ахæй хæцгæ низ. Дунейы алы адæмæн дæр уыд стыр азары аххос, ирон адæм хæбузы хуыдтой дзуар, стырдзуар дæр (уымæн хæстæг сты иуæй-иу æндæр адæмтæн хæбузы нæмттæ — зæгъæм, хуссар славяйнæгтæ хонынц æй богине, ома, усхуыцау).

Низ чи расайы, уыцы вирустæ вæййынц дыууæ хуызы: Variola major (уымæй чи фæрынчын, уыдонæй 20—90 % мæлынц) æмæ Variola minor (мæлынц 1—3 %). Хæбузæй чи рынчын уыди, уыцы адæймæгтæй бирæтæ куырм кæнынц, иууылдæрæн сæ цармыл баззæйынц ностæ.

Хæбузы ныхмæ æдасæй æфтауын фыццаг базыдта Эдуард Дженнер XVIII æнусы кæрон. Уый пайда кодта хъуджы хæбузы æрмæгæй. Уæдæй европæйаг бæстæты хæбузы ныхмæ æфтауын байдыдтой парахатæй, æмæ уыцы тæссаг низ баззад æрмæст Ази æмæ Африкæйы (уым XX æнусы дæргъы дæр хæбузæй амарди 300 милуан адæймаджы бæрц).




#Article 287: Гуырдзыстоны адæмон кафты ансамбль (136 words)


Гуырдзыстоны адæмон кафты ансамбль  у Гуырдзыстоны хореографион коллектив.

Ансамбль арæзт æрцыд 1945-æм азы Тбилисы.

Ансамблы фыццаг разамонджытæ æмæ йæ солисттæ уыдысты Советон Цæдисы адæмон артисттæ Нинæ Рамишвили æмæ Илья Сухишвили.

Ансамблы репертуары ис Гуырдзыстоны æппæт районты адæмон кæфтытæ æмæ театрализацигонд сюжетон спектакльтæ гуырдзиаг адæмон музыкалон инструменттæй цæгъдтытимæ. 

Ансамблы куыстой Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артисттæ М. Мхеидзе, В. Купарадзе, Г. Сурвиладзе, Н. Лордкипанидзе, Ш. Барамидзе, В. Каландадзе, И. Такайшвили.

Ансамблы репертуары ис ахæм кæфтытæ: «картули» (), сылгоймæгты кафт «самаиа» () æмæ бирæ æндæртæ.

Ансамбль гастрольты уыди бирæ рæтты, куыд Советон Цæдисы афтæ  фæсарæнты дæр: Польшæ, Румыни, АИШ, Финлянди, Франц, Чехословаки, Австри, Болгари, Венгри, Дани, Итали, Венесуэлæ, Колумби æмæ Кубæмæ.

Гастрольты ансамбль цæуын райдыдта 1948-æм азы. 1967-æм азы ансамбль æвдыста йæ аивад Миланы театр «Ла Скалайы» сценæйыл. Ацы концерты тыххæй газеттæ афтæ фыстой:

Ныр ансамблæн разамынд дæтты Тенгиз Сухишвили.




#Article 288: Багратион, Пётр Иваны фырт (170 words)


Багратион Иваны фырт Пётр (, 1765—1812) — Уæрæсейы инфантерийы инæлар, кънйаз, 1812-æм азы Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыр. 

Багратионы мыггаджы равзæрд цæуы Адарнасе Багратионæй; 742—780-æм азты уый уыд рагон Гуырдзыстоны провинцийы (мхаре) — Тао — Кларджеты ерыстау (ныр Турчы сконды у), йæ фырт Ашот Куропалат (амардис 826-æм азы) сси Гуырдзыстоны паддзах. Фæстæдæр Гуырдзыстоны паддзæхты династи фæдих æртæ къабазыл, хистæр къабазы хæххытæй иу (Багратионтæ) бацыдис Уæрæсейы кънйазты мыггæгты номхыгъдмæ.

Кавказы дивизийы булкъонæй. Йæ  фырт  Иван Багратион (1730—1795) дæр уырдæм ацыдис йæ фæдыл. Иван службæмæ бацыдис Хъызлары хъаллæйы  комендантон командæмæ. 

Бирæ автортæ куыд фыссынц, афтæмæй Пётр райгуырдис 1765-æм азы Хъызлары, фæлæ архивон æрмæджытæм гæсгæ зæгъæн ис, Пётр Калачы кæй райгуырдис, уый. Йæ фыды петицитæм гæсгæ Пётры ныййарджытæ Иверийы ерыстауадæй Хъызлармæ æрлыгъдысты æрмæстдæр 1766-æм азы декабры, Гуырдзыстон Уæрæсейы империйы скондмæ бацæуыны агъоммæ . Йæ æрыгон азтæ Багратион арвыста Хъызлары.

Службæ райдыдта Астраханы фистæгæфсæддон полчъы. Фыццаг хатт тох кодта 1783-æм азы хæстон экспедицийы Цæцæны. 1785-æм азы уацары райста Сих Мансуры æфсад. 

Амардис Бородинойы тохы фæстæ 1812-æм азы 24 сентябры. 1839-æм азы ногæй ныгæд æрцыдис Бородинойы быдыры.




#Article 289: Люксембург, Розæ (109 words)


Розæ Люксембург (, , æцæг ном Rosalia Luxenburg — Розали Люксенбург; райгуырдис 1870/71? азы 5 мартъийы — амардис 1919 азы 15 январы Берлины) уыдис Германы революционеркæ, европæйаг коммунистон змæлды зынгæдæр уæнгтæй иу.

Люксембург райгуырдис 1870 азы (æндæр верситæм гæсгæ 1871-æм) 5 мартъийы Уæрæсейы империйы сконды чи уыдис, уыцы Польшæйы Люблинæй скæсæнырдæм цы сахар Замостье (Zamość) ис, уым. Уый уыд дзуттаг сæудæджеры бинонты фæндзæм сывæллон. Каст фæци Варшавæйы чызджыты гимназ, ахуыр кодта хорз.

Розæйы зондахаст фæстæдæр зындгонд сси куыд люксембургизм. Йæ зындгонддæр цитатæтæй иу у, Уæрæсейы революцийы тыххæй кæй ныффыста, ахæм: «Сæрибар æдзухдæр у, æндæр хуызы чи хъуыды кæны, уыдоны сæрибар».

Розæ Люксембурджы кадæн хуыйны Дзæуджыхъæуы историон центры уынгтæй иу.




#Article 290: Гудиашвили, Ладо (450 words)


Гудиашвили Давиды фырт Ладо (; райгуырдис 1896 азы 18 мартъийы Тбилисы (Калачы) — амардис 1980 азы 20 июлы) у XX æнусы зынгæдæр гуырдзиаг нывгæнджытæй иу.

Ладо Гудиашвили райгуырдис 1896-æм азы Тбилисы, æфсæнвæндаджы станцæйы кусæджы бинонты. 14-аздзыдæй бацыди аивадон училищемæ. Ацы ахуырдон каст фæуыны фæстæ куыста скъолайы нывгæныны ахуыргæнæгæй. 1915-æм азы йæ райгуырæн сахары сарæзтæуыд, Гуырдзыйы аивады архайджыты ’хсæн йæ ном зындгонд чи скодта, уыцы фыццаг сæрмагонд равдыст. Гудиашвили сси, гуырдзиаг интеллектуалтæ хионыл кæй банымадтой, ахæм адæймаг. Нывгæнæг базонгæ ис, Паоло Яшвили кæй сарæзта, уыцы символист-поэтты къорд «Æрвцъæх сыкъатæ»-йы уæнгтимæ; архайдта, гуырдзиаг архитектурæйы æвдисæйнæгтæ чи ахуыр кодта, уыцы археологион экспедициты; халдих кодта бирæ рагон фрескæтæ. Ладо уыциу рæстæг куыста нывгæнæг æмæ графикæй. 1919-æм азы кæй сарæзтæуыд, гуырдзиаг аивады уыцы равдысты æвдыст æрцыди Гудиашвилийы фæндзай ныв æмæ акварелæй фылдæр.

Ладо æмбæрста, гуырдзиаг аивады дарддæры рæзтæн фæсарæйнаг аивадимæ бастдзинæдтæ кæй хъæуы, æмæ уымæн 1919-æм азы, нывгæнджытæ Давид Какабадзе æмæ Шалвæ Кикодзеимæ иумæ ацыдысты, уæды заман дунеон аивады ардзæстыл нымад чи уыди, уыцы Парижмæ.

Гудиашвили фæцарди Парижы æхсæз азы, йæхи нывтæ арæх алыхуызон равдыстыты æвдисгæйæ. 1925-æм азы Францы рацыди, æнæхъæнæй Ладойы сæфлдыстадыл фыст чи уыди, критик Морис Реналы уыцы чиныг.

Парижы цæргæйæ Ладо дардта бастдзинæдтæ бирæ нывгæнджытимæ, уыдоны ’хсæн Пабло Пикассо, Морис Утрилло, Амедео Модильяни, Игнасио Сулоагæ, Михаил Ларионов æмæ Наталия Гончароваимæ.

Гудиашвилийы равдыстытæ арæзт цыди канд Парижы нæ, фæлæ ма Марселы, Лионы æмæ Бордойы, гæццыл фæстæдæр та Лондоны, Ромы, Брюсселы, Амстердамы, Берлины æмæ Нью-Йорчы.
Кæд Европæйы нывгæнæг нымад уыди æнтыстджыныл, уæддæр йын зын уыди йæ райгуырæн бæстæйæ дард цæрын æмæ 1925-æм азы раздæхти фæстæмæ Калакмæ.

Гудиашвили æгас ма уыди, афтæмæй йæ куыстытæ хаст æрцыдысты алыхуызон зындгонд музейтæм, уыдонимæ — Скæсæны адæмты аивады Мæскуыйы Паддзахадон музеймæ æмæ Гуырдзыстоны аивæдты Тбилисы Паддзахадон музеймæ.

Нывгæнæг фæзиан 1980-æм азы июлы, цыди йыл 84 азы. Баныгæдтой йæ Мтацминдайы.
Тбилисы багом чындæуыд Ладо Гудиашвилийы музей-хæдзар.

Нывгæнæг йæхæдæг йæ сфæлдыстад æмæ йæ стилы тыххæй лæмбынæг никуы дзырдта æмæ хуыздæрæн-иу радта хæрз хуымæтæг дзуаппытæ.

Ладо Гудиашвилийы сфæлдыстады цæвиттойнаг миниуæг у йæ нывты техникон æмæ жанрон алыхуызондзинад. Ладо ныв кодта сойæ, гуашæй, акварелæй, арæзта къулнывтæ, графикæнывтæ, пайда кодта æмхæццæ техникæйæ. Йæ нывты ’хсæн ис портреттæ, пейзажтæ, историон, аллегорион, мифологион æмæ политикон нывтæ, эпикон æмæ лирикон куыстытæ, фæлæ уæддæр йæ стиль зынбазонæн нæу.

Гудиашвили, стæм хатт йеддæмæ, натурæйæ нæ ныв кодта. Уымæн æвдисæн у, йæ нывты ’хсæн натюрмортты нымæц чысыл кæй у.

Йæ нывты арæхдæр æмбæлынц адæймаджы (фылдæр хатт сылгоймаджы) æмæ цæрæгойы сурæттæ. Йæ лирикон нывты фенæн ис бæхы, хъуазы кæнæ маргъы; эпиконты та — арсы, маймулийы кæнæ, аргъæутты чи æмбæлы, ахæм кæфхъуындарты. Нывгæнæг хаста цæрæгойты суанг портреттæм дæр. Зæгъæм, Пиросманийы портреты ис газель, Галинæ Улановæйы портреты та — хъуаз.

Ладо уыди дæсны график æмæ йæ нывты арæхсджынæй æвдыста змæлд. Уый уæлдай бæрæгæй зыны йæ графикон куыстыты æмæ, чингуытæн кæй сарæзта, уыцы нывты.




#Article 291: Гидроэлектростанцæ (111 words)


Гидроэлектростанцæ (ГЭС) у, доны цыды хъаруйæ (энергийæ) электрондых чи амал кæны, ахæм электростанцæ. Гидроэлектростанцæтæ аразынц цæугæдæттыл, уымæн кæнынц донмарæн æмæ донуат.

Цæмæй ГЭС-ы куыст ахадгæ уа, уымæн хъæуы æххæст кæнын дыууæ сæйрагдæр æууæлы:

ГЭС аразынæн ахъаззаг у нарæг комы рельеф (уымæй донуаты фæзуат чысылдæр вæййы, стæй донмарæн дæр цыбырдæр).

ГЭС-тæ цы электроэнерги дæттынц, уый, иннæ электростанцæты энергиимæ абаргæйæ, у дзæвгар асламдæр.

ГЭС-ы генератортæ бафтауæн æмæ рафтауæн ис тагъд рæстæджы — уый тыххæй ГЭС-тæй пайда кæнынц, электроэнергийы изæрыгон пайдакæнынады (ома æхсæвыгон дон донуаты æмбырд кæнынц, фæлхас куы рæзы, уæд генератортæ скусын кæнынц).

Электростанцæты иннæ хуызтимæ абаргæйæ, ГЭС-тæ къаддæр тæваг дарынц æрдзыл, уæлдайдæр уæлдæфыл.

Уæрæсейы хъомысджындæр гидроэлектростанцæ у Саяны-Шушенскоейы ГЭС (скуыста 1978-æм азы).




#Article 292: Таджикаг æвзаг (332 words)


Таджикаг æвзаг (забони Тоҷикӣ, иуæй-иу хатт хонынц æй персайнаг æвзаджы диалект —  фарси-тоджики) у таджикаг адæмы æвзаг, Таджикистаны паддзахадон æвзаг æмæ Афгъанистаны регионалон æвзæгтæй иу. Уыимæ ма дзурынц ыл Узбекистаны иуæй-иу районты (Самарканд, Бухара æмæ сæ алфамбылай зæххытæ) æмæ Афгъанистаны цæгаты.

Таджикаг æвзаг у ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæй иу. Раздæр, куыд регионы культурæйы артдзæстыты æвзаг, уый стыр тæваг дардта, йæ цуры цы æндæр æвзæгтæ уыди, уыдоныл — æппæты зынгæдæр узбекаг æвзагыл æмæ иуæй-иу чысылдæр æвзæгтæм, уыдонимæ, ирайнаг æвзæгтæй ирон æвзагмæ тæккæ хæстæгдæр чи у, уыцы ягънобаг æвзагмæ.

Таджикаг æвзаг æндæр персайнаг æвзаджы здæхтытæй фæиппæрд XV-æм æнусы æмæ уый тыххæй дзы баззадысты, Иран æмæ Афгъанистаны æвзæгты цы грамматикон миниуджытæ фесæфтысты, уыдон. Ираны персайнаг æвзагимæ абаргæйæ, таджикаг æвзагмæ чысылдæр араббаг дзырдтæ бахауди — ирайнаг æвæрды дзырдтæ сты фылдæр. Уæддæр ныры онг Иран æмæ Таджикистаны цæрджытæн сæ кæрæдзийы ныхас æнцонæмбарæн у.

Нырыккон таджикаг алфавит арæзт у кириллон алфавиты бындурыл (1940-æм азæй):

Таджикаг грамматикæйы æрмæстдæр ис дыууæ хауæны: номон æмæ комкоммæйы (иварон) хауæн. Уыцы дыккагæн йæ кæрон у -ро: Рустамро задам «Рустамы ныццавтон». Æппæт æндæр ахастытæ æвдыст цæуынц разæвæрдты фæрцы: китоб «чиныг», аз китоб «чиныгæй», ба китоб «чиныгмæ», чун китоб «чиныгау» æмæ афтæ дарддæр.

Нæмтты бирæон нымæцы кæрæттæ сты -ҳо æмæ -он. Удон номдарты бирæон нымæцы кæрон у -он, кæрон -ҳо фенæн ис алыхуызон дзырдтимæ — удонтæ æмæ æнæудонтимæ. Зæгъæм, иууон нымæцы дзырд асп-æн («бæх») бирæон нымæцы формæ у куыд аспон, афтæ аспҳо дæр. Кæрон -он фенæн ис æнæудон номдартимæ дæр — зæгъæм, буары хæйтты формæтæ сты даст — дастон «арм — æрмттæ», чашм — чашмон «цæст — цæстытæ».

Миногонтæ номдарты фæстæ æвæрд сты (ирон хъуыдыйады дзырдты равæрдæй хъауджыдæр) æмæ номдаримæ баст сты изафеты кæронæй. Китоб «чиныг», китоби хуб «хорз чиныг» — изафеты кæрон -и æвдисы, номдары фæстæ йæ бæрæггæнæн дзырд кæй цæуы, уый. Бирæон нымæцы изафеты кæрон цæуы нымæцæвдисæг кæроны фæстæ: китоб-ҳо-и хуб «хорз чингуытæ».

Миногоны бæрцбарæнтæ сты ахæм: 

Цæсгомон номивджытæ сты ахæм:

Дыккæгæм цæсгомы номивæг шумо фæзæгъынц иу адæймагæн дæр (уырыссаг æвзаджы куыд у, афтæ).

Таджикаг бындурон лексикæйы тыххæй цыдæртæ базонæн и мæнæ ахæм таблицæйæ:




#Article 293: Грамматикæ (203 words)


Грамматикæ ( «дамгъæты аивад») у, æвзаджы грамматикон арæзт чи иртасы, æвзагзонынады ахæм къабаз. Уыцы æвзагыл раст æмæ мидисджын дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ куыд аразгæ сты, уый у грамматикæйы иртасинаг. Æвзаджы сконд грамматикæ сфыссы иумæйаг грамматикон уæгæвæрдты.

Грамматикон арæзт æвзагæй æвзагмæ иухуызон нæу. Зæгъæм, испайнаг хъуыдыйад «me gustan los coches rápidos» иронау зæгъæн ис «тагъд хæдтулгæтæ мæ зæрдæмæ цæуынц». Ирон хъуыдыйады мивдисæг (цæуынц) у хъуыдыйады кæрон (йæ фылдæрхаттон бынат), испайнаг хъуыдыйады та — номивæджы фæстæ (me gustan); иронау миногон (тагъд) лæууы номдары раз (тагъд хæдтулгæтæ), испайнагау та — номдары фæстæ (coches rápidos). Ома, хъуыдыйады мидæг дзырдты рæнхъæвæрд испайнаг æмæ ирон æвзæгты бынтон æндæрхуызон у.

Дзырдæй-дзырдмæ тæлмац, æнæ грамматикон ивд, суанг хæстæгдæр æвзæгты ’хсæн скæнæн нæй. Зæгъæм, дыгурон хъуыдыйад «Ба мæ домдта» иронау нæй зæгъæн уыцы хуызы уый тыххæй æмæ цыбыр номивæг «мæ» мивдисæг æмæ йæ разæфтуаны ’хсæн сæвæрæн нæй, ома раст у æрмæст «Бадомдта мæ».

Нырыккон грамматикæйы методтæ фæзындысты рагон Индийы, индиаг грамматисттæй зынгонддæр у Панини (нæ эрæйы агъоммæ дыккаг æнус). Æмбарынæдты системæ æмæ бирæ терминтæ фæзындысты рагон Грекъ æмæ Ромы (Аристотель, стоиктæ, александриаг скъола, Варрон). XX æнусы райдианы онг æвзæгты сконд сфыссынæн ахуыргæндтæ пайда кодтой латинаг æвзаджы æмбарынæдтæй — суанг Всеволод Миллеры ирон æвзаджы грамматикæйы ис латинаг хауæнты нæмттæ æмæ латинаг грамматикæйы тæваг.




#Article 294: Донмарæн (138 words)


Донмарæн у, доны цыд чи гæрæн кæны, донуат аразынæн ахæм сæрмагонд амаддзаг. Донмарæн хонынц, дон нæ бауадзынæн цы амаддзæгтæ аразынц, уыдон дæр (Нидерландты денджызы был æмæ æндæр рæтты). Уымæй донмарæнтæ дих кæнынц, дон чи уадзынц æмæ дон чи нæ уадзынц, ахæм дыууæ къордыл.

Цæугæдæттыл донмарæнтæ аразынц, цæмæй доны цыд контролгонд уа (зæгъæм, къæвдаджын рæстæг дон æмбырд кæны донуаты, донмарæны дæлдæр доны æмвæз æдзухдæр иухуызон вæййы). Донмарæны раз æмæ йæ дæлдæр цы æмвæзты хицæндзинад сæвзæры, уый ахъаззаг у электрон тых кусынæн — донмарæны мидæг кæнæ йæ цуры аразынц гидроэлектростанцæ. Донуаты цы бирæ дон æрæмбырд вæййы, уымæй пайда кæнынц наудзыд нывылдæр кæнынæн стæй, хус регионты, быдыртæм дон уадзынæн дæр.

Дунейы бæрзонддæр у хæххон Таджикистаны Нуречы донмарæн (йæ арæзтад фæци 1980-æм азы). Уымæн йæ бæрзæнд у 300 метры. Нуречы ГЭС цы электрон тых дæтты, уый у æппæт бæстæйæн фаг (домæны 98%).




#Article 295: Номдар (173 words)


Номдар у, предмет чи нысан кæны æмæ фарстатæн «чи? цы?» чи дзуапп дæтты, ахæм дзырдты хуыз (ныхасы хай). Номдар у сæйраг лексикæйы категоритæй иу. Хъуыдыйады мидæг номдар фылдæр хатт вæййы сæйрат кæнæ æххæстæгæнæны ролы.

Номдар нысан кæны предмет уыцы дзырды уæрæх æмбарæны: дзауматæ (стъол, рудзынг), гоймæгтæ (сывæллон, ус), буаргъæдтæ (ссад, дон), цæрæгойтæ æмæ организмтæ (гæды, кæсаг, вирус), факттæ æмæ цаутæ (ныхас, зынгсирвæзт, æрхæндæг), миниуджытæ, архæйдтытæ, уавæртæ.

Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд. Иумæйаг нæмттæ сты, бирæ иумыггаг предметты нæмттæ чи нысан кæнынц, уыдон (гæды, тетрад). Сæрмагонд номдартæ сты, иугай предметты нæмттæ чи амонынц, уыдон (Мæскуы, Япон, Уырызмаг). Ирон, уырыссаг æмæ бирæ æндæр æвзæгты сæрмагонд нæмттæ фыссынц стыр дамгъæйæ.

Ирон æвзаджы номдар хицæн кæнынæн ис æрмæст семантикон æмæ синтаксикон бындур — грамматикæты фыссынц номы категорийы тыххæй. Иу дзырдæн, йæ хъуыдыйады ролмæ гæсгæ, ирон æвзаджы уавæн и миногон æмæ номдар:

Номдарæн ис грамматикон категоритæ, æвзагæй-æвзагмæ иухуызон не сты. Зæгъæм, ирон æвзаджы номдартæн ис нымæц æмæ хауæны категоритæ. Уырыссаг æвзаджы уыцы категориты йеддæмæ ис ма æрды категори дæр. Китайаг æвзаджы та нæдæр нымæцы категори, нæдæр хауæнтæ ис.




#Article 296: Хъарс (453 words)


Хъарс () у скæсæйнаг Турчы сахар, Сомихы арæнмæ хæстæг, Хъарсы зылды административон центр.

Хъарсы алфамбылай бæстæйы бæстыхъæд у хæрз карз. Мит дзы уары афæдз 50 боны, зæххыл баззæйы 100 боны. Ныллæгдæр регистрацигонд температурæ у -36,9 °C.

Æмбисонды Хъарсы фидар у, ирон дзургæ сфæлдыстады арæх чи æмбæлы, ахæм ран. Уыцы рагон фидары хæлддзæгтæ ныр дæр лæууынц Хъарсы сæрмæ обауыл. Фидары систæ баззадысты Багратидты Сомихы дугæй, фæлæ йæ нырыккон формæ фидар райста XIII æнусы, Закариды династийы рæстæг. Æндæр версимæ гæсгæ фидар амад æрцыд султан Мурад III-æмы рæстæг (XVI æнус) Персы ныхмæ хæцынæн (æнæмæнг уый у, осмайнæгтæ фидар кæй рацæразтой, уый).

Хъарсы фидар зындгонд сси, XIX æнусы дæргъы Уæрæсейы æфсадæй цы бирæ æртыхстыты бахаудта, уыдоны фæрцы. Уыдонæй зынгæдæр у 1855-æм азы æртыхст, Хъырымы хæсты рæстæг.

Ныртæккæ фидар кусы куыд музей. Хъарсы фенддæгты ’хсæн у фидары мæсгуытæ, мæзджыт æмæ Джелал Бабайы мавзолей.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Хъарс уыди сомихаг æлдæртты йæхи династийы сæйраг сахар, Вананды регионы артдзæст. IX æнусы уый бацыд Багратидты Сомихмæ, суанг уыцы паддзахады сæйраг сахар уыд (928—961).

Уый фæстæ цыдæр хæдбар тюркаг эмиртæ æлдариуæг кодтой уыцы раны, стæй 1534-æм азы Хъарсы байста Османты импери. Осмайнæгтæ сахары фидар рацæразтой афтæ хорз, æмæ сын бантысти персайнаг Надир-Сахы æртыхст бафæразын (1731).

Уый фæстиуæгæн 1878-1881 азты 82 минæй фылдæр пысылмон уырнджытæ ралыгъдысты мидæггаг Туркмæ, уыдонæй 11 мины бæрц Хъарсæй. Уыцы иу рæстæг бирæ грекъæгтæ æмæ сомихæгтæ æрбалыгъди сахармæ Османты импери æмæ Фæскавказæй. 1892-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Хъарсы облæсты цардысты: уырыссæгтæ (7%), грекъæгтæ (13,5%), курдæгтæ (15%), сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), карапапахæгтæ (азербайджайнæгтæм хæстæг этникон къорд; 14%) æмæ туркменæгтæ (5%). Уырыссаг æрбалидзджыты ’хсæн удимингай малакантæ æмæ духобортæ, уый тыххæй æмæ сæ пехуымпартæм гæсгæ Арараты алфамбылай, дам, сæвзæрдзæн ног адæймагад.

Уæрæсейаг дугæй сахары баззадис, сæ архитектурæйы миниуджытæй Дзæуджыхъæу æмæ æндæр кавказаг сахарты æнгæс чи сты, бирæ ахæм хæдзæрттæ. Сахар тынг райрæзтис: 1878-æм азы дзы цардис 8,7 мин адæймаджы, 1914-æм азы та — 54 мин (ома уæды Дзæуджыхъæуы æмиас уыди).

Уыцы змæст рæстæджы хъарсаг цæрджытæй бирæтæ æндæр рæттæм лидзын байдыдтой, уыимæ Дзæуджыхъæумæ дæр ралыгъдысты бирæ малакантæ æмæ грекъæгтæ. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыдис, уыцы адæмæн радта æнæсаст зæххытыл æрцæрыны бар, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр и, уыцы ранмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ у уыцы паддзахады сконды. Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ Советон Цæдисы æддаг хъуыддæгты министр Вячеслав Молотов туркаг минæвармæ загъта, Хъарсы алфамбылай зæхх фæстæмæ раттын хъæуы, зæгъгæ. Дыууæ паддзахады гæрзджын быцæумæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой, фæлæ хæст не ’рцыдис, сахар баззадис Турчы сконды.

Хъарсы облæсты Турк æмæ Сомихы ’хсæн цы арæн ис, уый Турчы Республикæ сæхгæдта 1993-æм азы 4 апрелы, сомихаг гæрзифтонг тыхтæ Уæлхох Карабах куы байстой, уый тыххæй. Уæдæй нырмæ арæн æхгæд у. Бынæттон администрацийы тынг фæнды арæн ногæй байгом кæнын, Хъарсы мэр Наиф Алибейогълуйы ныхæстæм гæсгæ уый стыр ахъаз уаид регионы экономикæ сæндидзын кæнынмæ.




#Article 297: Чавчавадзе, Александр (257 words)


Чавчавадзе (Чъавчъавадзе) Гарсеваны фырт Александр уыд зындгонд гуырдзиаг поэт-романтик, политикон æмæ æфсæддон архайæг.

Поэт райгуырдис Бетъырбухы 1786-æм азы.

Йæ фыд кънйаз Гарсеван Чавчавадзе — йæ заманы зæнгæ политикон архайæг, 18 азы дæргъы уыди гуырдзиаг паддзæхтæ Иракъли II æмæ Георги XII-ы минæвар Уæрæсейы. Фæзиан и 1811-æм азы æмæ ныгæд æрцыд Бетъырбухы Александр Невскийы моладзандоны.

Александры мад Мария (Майа) Авалишвили нымад уыди æвæджиауы рæсугъд æмæ иттæг ахуыргонд сылгоймагыл. Фæцарди Мария 1836-æм азмæ, ныгæд æрцыд Къахеты, моладзандон Шуамтайы.

Александр уыди Гарсеван æмæ Марияйы иунæг сывæллон. Ахуыр кодта суинаг поэт Бетъырбухы тæккæ хуыздæр приватон пансионтæй иуы (1795–1799-æм азты).
Мадæлон æвзаг æмæ литературæ сахуыр кодта йæ мады фæрцы. Фæстæдæр йæ ахуыргæнæг сси йæ мадыфсымæр Георгий Авалишвили — зындгонд географ, драматург æмæ тæлмацгæнæг.

Александр Чавчавадзе æхсарæй архайдта уырыссаг-персаг æмæ уырыссаг-туркаг хæстыты. Фесгуыхти фидæрттæ Диадин, Топрах-кале æмæ Баязеты байстыты.

Фæслужбæ кодта Чавчавадзе суанг инæлар-лейтенанты цин райсыны онг.

Александр Чавчавадзе йæ цардæй ахицæн 1848-æм азы 6 ноябры, æнæнхъæлæджы чи ’рцыд, ахæм æнамонд цауы тыххæй: тарст бæхты æрсабыр кæнынмæ бæхтæрæгæн æххуыс куы кодта, уæд йæ коляскæйæ рахауди æмæ дурастæрдыл йæ сæр ныццæвгæйæ дзыхъмард фæци.
Баныгæдтой йæ Къахеты, рагон моладзандон Шуамтайы, сæ мыггагон зæппадзы.

Александр Чавчавадзе у фыццаг гуырдзиаг романтиктæй иу.
Йæ иуæй-иу æмдзæвгæтæй сарæзтæуыд, популярон чи ссис, ахæм зарджытæ.
Чавчавадзе ма уыди дæсны тæлмацгæнæг. Гуырдзиаг æвзагмæ ратæлмац кодта Расины, Вольтеры, Саадийы, Пушкины æмæ æндæрты уацмыстæ

Чавчавадзе уыди йæ заманы Гуырдзыстоны тæккæ ахуыргонддæр адæймæгтæй иу. Гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзагæй уæлдай уый зыдта францаг, немыцаг, туркаг æмæ персайнаг æвзæгтæ. Йæ калакаг хæдзар уыди, уырыссаг æмæ гуырдзиаг аивады зынгæ архайджытæ кæм зонгæ кодтой æмæ æмбæлыдысты кæрæдзиимæ, ахæм культурон артдзæст.




#Article 298: Грекъаг ном (182 words)


Грекъаг адæмы традицимæ гæсгæ фыццаг сывæллонæн дæттынц йæ фыды ныййарджыты нæмттæ, иннæ сывæллæттæн та — æндæр хионты нæмттæ. Уæддæр ног нæмттæ дæр дæттынц — уымæн хорз фадат у, грекъаг æвзаджы цы бирæ нæмттæ ис, уыдон.

Сылгоймаджы нæмттæм æдзухдæр сæ кæроны и хъæлæсон -а кæнæ -и.

Грекъаг нæмттæй бирæ популярон систы æндæр адæмттæм, уыдонимæ ирæттæм дæр.

Грекъаг мыггаджы нæмттæй сæ фылдæр сты фыдæлы номимæ баст (патронимиктæ). Фæлæ дæсныйад æмæ равзæрды бынатимæ баст мыггæгтæ дæр стæм не сты.

Сылгоймагæн йæ мыггаджы ном у йæ фыд кæнæ йæ лæджы мыггаджы номы гуырынон хауæны формæ. Уый у нырыккон фæтк, рагон традицимæ гæсгæ сылгоймæгтæн уыд мыггаджы сылон формæ — зæгъæм, византиаг мыггаг Палеологос æмæ йæ сылон формæ Палеологина.

Абоны бон сылгоймаг моймæ куы цæуы йæ мыггаджы ном нал ивы, кæд æмæ æхсæнады уымæй пайда кæнын йæ бон вæййы, уæддæр. Сылгоймæгтæн баззайы сæ фыды мыггаджы ном (кæнæ дывæр ном).

Иуæй-иу мыггæгты нæмтты раз ис морфемæ Папа- — уый амоны, ацы мыггаг сауджынæй кæй равзæрди. Æндæр разæмхасæн хæйттæ сты Архи- «хицау», Мастро- «сæудæджер», Конто- «цыбыр», Макро- «стыр», Хондро- «ставд», Геро- «зæронд», Палео- «зондджын» æмæ æндæртæ.

Арæхдæр фæсæмхасæн хæйттæ сты:




#Article 299: Финнаг ном (201 words)


Финнаг адæмы нæмттæ сæ структурæмæ гæсгæ æндæр европæйаг адæмты нæмтты системæты æнгæс сты. Финнаг номы ис гоймагон ном æмæ мыггагон ном. Гоймаджы ном фыссынц разæй. Хауæны формæты тасындзæг кæнынц æрмæст мыггагон нæмттæ, гоймагон ном баззайы номон хауæны: Toivo Lehtinen (Тойво Лехтинен) — Тоіvо Lehtiselle (Тойво Лехтиненæн) æмæ афтæ дарддæр.

Цавд хауы дзырды фыццаг уæнгмæ.

Финнаг нæмтты ’хсæн ис æппæтевропæйаг нæмттæ: Maria, Helena, Antero — Андрей, Matti — Матвей æмæ æндæр ахæмтæ. Ис финнаг лексикæйы ист нæмттæ дæр: Arvo «цыт», Marja «гагадыргъ», Urho «хъæбатыр». Иуæй-иу нæмттæ сты мифологийæ ист: Ilmari, Kalevi, Tapio.

Иуæй-иу сывæллæттæн дæттынц дыууæ-æртæ номы.

Финнаг адæмы мыггагон нæмттæ фыссын байдыдтой æрмæст XIX æнусы кæрон, уый тыххæй æмæ уый агъоммæ хъалон истой хъæуæй — паддзахады хъуыдысты æрмæстдæр хъæуты бæлвырд нæмттæ. 

Нæмтты тыххæй закъон йæ тыхы бацыдис æрмæст 1921-æм азы, Финлянди хæдбар паддзахад куы уыди, уæд. Алы финнаджы уæд бахъуыдис йæ бынæттон сауджынмæ æрбацæуын æмæ йæхицæн мыггаг райсын. Уый тыххæй бирæ финнаг нæмттæ сты ардзы темæйыл: æппæты халиугонд у Виртанен (virta «цæугæдоны цыд») æмæ Ниеминен (niemi «æрдæгсакъадах»).

Финнаг уæздæттæн уыдис шведаг равзæрды мыггæгтæ, уыдонæй бирæтæ сæхицæн райстой финнаг нæмттæ. Афтæ нывгæнæг Axel Gallen сси Аксели Галлен-Каллелæ, поэт Einar Lönnbohm сси Эйно Лейно, Финляндийы æвдæм президент Юхо Паасикиви раздæр уыд Johan Hellsten.




#Article 300: Испайнаг ном (266 words)


Куыд æндæр католиктæн, афтæ испайнæгтæн дæр ис бирæ нæмттæ дæттыны традици. Зæгъæм, поэт Рубен Дариойæн æцæгæй дыууæ номы уыди — Феликс Рубен (Félix Rubén).

Испайнаг традицимæ гæсгæ æххæст номы мидæг фыссынц æрмæст фыды мыггаг нæ, фæлæ мады мыггаджы ном дæр. Мойджын сылгоймæгтæ уыцы дыууæ мыггаджы фæстæ афтæуынц сæ лæджы мыггаг дæр (de раздзырдимæ, ирон гуырынон хауæны аналог). Зæгъæм, Никарагуæйы ус-президент Виолетæ Чаморройы æххæст ном у Виолетæ Барриос Торрес де Чаморро (Violeta Barrios Torres de Chamorro), ома йæ фыд Барриосы мыггагæй уыд, йæ мад — Торресы мыггагæй, йæ лæг та — Чаморройы мыггагæй. Уый тыххæй иуæй-иу газетты фыссынц æй Виолетæ де Чаморро, Виолетæ Барриос де Чаморро æмæ афтæ дарддæр. Раздзырд де иуæй-иу хатт аппарынц, сылгоймагæн йæ лæгимæ бастдзинад бахахх кæнын куы фæнда, уæд — Виолеттæ Чаморро, стæй Аргентинæйы президент Хуан Пероны дыууæ усы: Евæ Перон æмæ Исабель Перон.

Иуæй-иу сылгоймæгтæн разыны уымæй дæргъвæтиндæр мыггæгтæ. Зæгъæм, Хоуп Портокарреро Дебайле де Сомосæ де Бальдокки йе ’ххæст номы фæстаг мыггаг райста, дыккаг хатт моймæ куы цыди, уæд.

Никарагуæйаг революционер Карлос Фонсекæ Амадор, бонджын лæг Карлос Амадоры æддæкъайадон фырт, йæ мады цытæн йæ мыггаг фыды мыггагæй раздæр фыста. Уымæй зындгонд фæци куыд Карлос Фонсекæ (испайнаг текстты цыбыргондæй фыссынц иу ном æмæ æрмæст фыды мыггаг).

Фыд æмæ мады мыггæгты ’хсæн иуæй-иу хатт фыссынц бæттæг y «æмæ»: Хосе Ортега-и-Гассет (José Ortega y Gasset). Фæлæ уый нымад у зæронд традицийыл.

Йæ мады мыггаг кæмæн æнахуырдæр у, уыдон иуæй-иу хатт уыцы мыггагæй зындгонд свæййынц. Зæгъæм, поэт Федерико Гарсиæ Лоркæ зындгонд у куыд Федерико Лоркæ (Гарсиæтæ æгæр бирæ куы сты) æмæ Испанийы премьер-министр Хосе Луис Родригес Сапатеро — куыд Сапатеро (Родригестæ дæр тынг бирæ сты Испанийы).




#Article 301: Цæгат-кавказаг æвзæгтæ (131 words)


Цæгат-кавказаг æвзæгтæ сты абхазаг-адыгъейаг æмæ  нахаг-дагъистайнаг æвзæгтæ иугæнæг къорд. Уыцы къорды æвзæгтыл дзурынц 3,5 милуан адæймаджы бæрц.

Цæгат-кавказаг къорд иуæй-иу лингвисттæ разæвæрынц уый тыххæй æмæ, ныхас кæууыл цæуы, уыцы æвзæгты ’хсæн ис лексикон æмцаутæ. Цæгат-кавказаг иудзинады теорийыл чи хæцы, уыдонæй зынгæдæр у Уæрæсейаг иртасæг Сергей Старостин — уыцы гипотезæ сфидар кæнынæн уый рауагъта цæгат-кавказаг æвзæгты этимологион дзырдуат (1994).

Цæгат-кавказаг æвзæгтæ сæ равзæрдмæ гæсгæ иу къорд кæй сты, уыцы гипотезæйы ныхмæ баззайынц бирæ лингвисттæ. Уыдон куыд хъуыды кæнынц, лексикон æмцаутæ сты, уыцы æвзæгтæ даргъ рæстæг кæрæдзийы сыхæгтæ кæй уыдысты, æрмæст уый æвдисæг (уыимæ уыцы æмцаутæ бындурон дзырдуаты не сты). Сæ фонетикæмæ гæсгæ дыууæ æвзæгты къорды иухуызон бынтондæр не сты, зæгъгæ. Уыцы ахуыргæндтæ хуыздæрæн исынц цæгакт-кавказаг æвзæгтæ дыууæ хицæн къордтыл нымайын, се ’хсæн цы иухуызондзинæдтæ и, уыдон та сты кавказаг æвзæгты цæдисы миниуджытæ.




#Article 302: Фламандаг регион (199 words)


Фландри () кæнæ Фламандаг регион () у Бельгийы цæгатаг регион. У федерацийы субъект.
Историон литературæйы уыцы номæй ма хуыдтой, ныртæккæ чи нал ис, уыцы Фламандаг герцогад. Хъæуы ма бафиппайын уый æмæ Фландрийы æмæ Фламандаг герцогад территоритæ æмхуызон не сты. Зæгъæм, Фламандаг герцогады сконды уыди ма ахæм зæххытæ, ныртæккæ Францмæ (Францы Фландри) æмæ Нидерландтæм (Зеландийы Фландри) чи хауы, уыдон.

Фландри дихгонд у фондз провинцийыл:

Провинцитæ та сæхæдæг дихгонд сты муниципалитеттыл.

Брюселы сахары зылд () у, Фламандаг Брабанты арæнты мидæг чи ис æмæ Фламандаг зылдмæ чи нæ хауы, ахæм анклав. Фæлæ уæддæр Брюссель у Фландрийы сæйраг сахар. Уыимæ ма Фландрийы хицауады дæлбар сты, нидерландаг æвзагæй пайда чи кæны, Брюсселы уыцы кусæндæттæ (скъолатæ, культурон уагдæттæ).

Бельги федераци куы сси, уæд Фландри нымад æрцыд, хи хицауад, парламент æмæ бюджет кæмæн ис, ахæм автономон субъектыл. Регионы иунæг официалон æвзаг у нидерландаг, кæд æмæ цалдæр муниципалитеты административон хъуыддаджы гæххæтыты ис пайдагæнæн францаг æвзагæй дæр.

Фламандийы парламент () æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æппæтон æмæ комкоммæйы ’взæрстыты фæрцы (æвзарыны бар ис æрмæст Фландрийы æдзух чи цæры, Бельгийы уыцы æмбæстонтæн). Фламандаг парламент аразы регионы хицауад.

Фландрийы райгуырдысты æмæ фæцардысты бирæ зындгонд нывгæнджытæ, уыдонимæ Рубенс, Якоб Йорданс, Адам ван Норт, Ф. Снейдерс, Ян Брейгель, Ван Дейк æмæ æндæртæ.




#Article 303: Роттердам (206 words)


Роттердам () у Нидерландты дыккаг стырдæр сахар. Цæрынц дзы 600 мин адæймаджы бæрц (2007), йæ алфамбылай цæрæнрæттимæ — 1,1 милуан.  Сахар лæууы цалдæр цæугæдæттæ æмæ каналты былтыл, уыдонæй стырдæр у цæугæдон Маас — Европæйы ахсджиаг доны траспорты фæндаг.

Уый у стыр транспортон, æфсæнвæндагон æлхынцъ æмæ порт. Роттердамы порт у Европæйы тæккæ стырдæр, 2004-æм азы онг уый уыдис дунейы стырдæр (уæргъты бæрцуатмæ гæсгæ).

Фашистты æфсад Нидерландтæм бырсын байдыдта 1940-æм азы майы. Нидерландаг æфсад карзæй хъахъхъæдта Роттердамы сахар. Уыцы ныхмæлæуд ныссæндынæн немыц æркалдтой бомбæтæ Роттердамыл, уый уыд 1940-æм азы 14 майы. Сахар егъау зиан баййæфта: 24 мин амæддзæгтæ хæлд æрцыдысты 15 минуты дæргъы. 800 адæймаджы бæрц дзыхъмард фесты, 80 минæй фылдæр систы æнæхæдзар, Роттердамы зæронд центр хæлддзаг фестадис.

Уыцы цау у сахары историйы зынгæдæр трагеди. Роттердамы центры лæууы мысæн мæсыг, уый мидæг æвæрд дзæнгæрæг алы бон дæр цæгъды бомбакæлæн 1940-æм азы куы райдыдта, уыцы иу рæстæг.

Роттердамы цæрджыты æрдæгæй фылдæр сты эмигранттæ — сæ фылдæр Суринам, Турк æмæ Æввахс Скæсæнæй. Роттердамы бургомистр (мэр) сси Ахмед Абуталеб — Ныгуылæн Европæйы фыццаг мэр, Европæйы æдде чи райгуырд æмæ йæ динмæ гæсгæ пысылмон чи у, ахæм. Абуталеб райгуырдис 1961-æм азы Мароккойы, æхсæрдæс азы йыл куы цыди, уæд йæ ныййæрджытæ йæ семæ райстой Нидерландтæм.

Роттердамы у Æппæтдунеон эсперантойы ассоциацийы сæйраг къантор ().




#Article 304: Осмайнаг æвзаг (204 words)


Осмайнаг æвзаг (осмайнагау: لسان عثمانی — lisân-ı Osmânî, ) у, Осмайнаг империйы паддзахадон чи уыди, уыцы æвзаг. Хауы тюркаг æвзæгты огузаг дæлкъордмæ.

Кæд æмæ осмайнаг æвзагæн йæ бындур у тюркаг, уæддæр, йæ лексикæйы 70% уыдысты араббаг æмæ персайнаг дзырдтæ. Стæй уыимæ арабизмты фылдæр хай æрбафтыди персайнаг æвзаджы фæрцы. Лексикон хицæндзинæдтæй уæлдай ма осмайнаг æвзаджы пайда кодтой хицæн араббаг æмæ персайнаг грамматикон конструкцитæй.

Уымæн XIX æнусы æмбисмæ осмайнаг æвзаг тынг хицæн кодта адæмон туркаг диалекттæй (иннæрдыгæй та сыл æндавгæ кодта).

Пайда кодтой араббаг алфавитæй (персайнаг фыссынадæн цы модификацитæ ис, уыдонимæ).

XIX æнусы æмбисæй (Танзиматы фæстæ) арæзт цæуын райдыдта ногосмайнаг æвзаг. Уый уыди хæстæгдæр адæмон æвзагмæ, стæй йæм æрбафтыди бирæ дзырдтæ ныгуылæны европæйаг æвзæгтæй.

Туркаг республикæ куы сарæзтæуыд (1924), уæд кодификацигонд æрцыд нырыккон туркаг литературон æвзаг, 1928-æм азæй та райдыдтой пайда кæнын латинаг алфавитæй, æмæ осмайнаг æвзаг цардæй ацыди. Турчы уæлдæр ахуырдæттæй фæлдæр ахуыр кæнынц осмайнаг æвзаг куыд предмет, бæстæйы истори хуыздæр æмбарынæн тынг ахъаззаг у.

Нырыккон туркаг æвзаг сарæзтæуыд XX æнусы райдианы кодификацигонд адæмон диалектты бындурыл æмæ нæу осмайнаг æвзаджы комкоммæйы фæдон.

Фæлæ цалдæр æнусыл æххæссæг осмайнаг фысгæ традици тынг бандæвдта диалекттыл.
Осмайнаг æвзагæй хъауджыдæр нырыккон туркаг æвзаджы араббаг-персайнаг дзырдты бæсты парахатдæрæй пайда кæнынц тюркаг неологизмтæй, стæй ма осмайнаг æвзаджы бæрæг фылдæр уыди вазыгджын дзырдтæ.




#Article 305: Бараташвили Николоз (394 words)


Бараташвили Мелитоны фырт Николоз () — зындгонд гуырдзиаг поэт-романтик. Райгуырдис Тбилисы 1817-æм азы 15 (27) декабры. Йæ бинонтæ уыдысты номдзыд, фæлæ мæгуырмæ æрцæуæг кънйазты мыггагæй.

Йæ фыд Мелитон зыдта уырыссаг æмæ цалдæр кавказаг æвзаджы, æмæ службæ кодта чиновникæй Ермолов æмæ Паскевичы администрациты. Йе ’мдуггæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Мелитон уыди мæстыгæр æмæ рæузæрдæ адæймаг. Фæстагмæ лæг ’рцыд мæгуырмæ, æмæ йæ æнæфыст хæсты уаргъ æрæнцади йæ бинонтыл. Николозы хъысмæтыл фæбæрæг ис йæ фыды æнамонд уавæр.

Поэты мад Евфимия (Ефимия) — поэт Григол Орбелианийы хистæр æмæ уарзондæр чызг — уыди хорзудыхъæдджын адæймаг æмæ Николоз йæ туджы рахаста йæ ныййарæджы уæздан миниуджытæ.

Николозы мад уыди йæ фыццаг ахуыргæнæг. Поэты фыццаг чингуытæ уыдысты Псалтырь, Часослов æмæ Евангели. Йæ иуæй-иу æмдзæвгæты стиль æмæ лексикæ бæлвырд æвдисынц, Бараташвили иттæг хорз кæй зыдта раггуырдзиаг литературæйы уацмыстæ.

Дæсаздзыд Татойы (бинонтæ йæ буцæн афтæ хуыдтой) радтой Уæздæтты тбилисаг училищемæ. Ахуырдон 1830-æм азы сси гимназ. Уæды заман йæ удыхъæдыл тынг бандæвта зындгонд æхсæнадон-политикон архайæг Соломон Додашвили æмæ æндæр педагогтæ.
Николоз уыди зæрдæргъæвд ахуырдзау, уыди хъæлдзæг æмæ цæрдæг, стæй, æвдисæнтæ куыд дзурынц, уыди цыргъзонд æмæ кафаг.

Гимназистты зæрдæмæ цыди литературæ, уарзтой кæсын Байроны, Гетейы, Мицкевичы, Пушкины, уагътой къухфыст журнал «Тифлисы гимназы дидинæг».

Йæ лæппуйы бонты Бараташвили фæсахъат кодта йæ къах æмæ йæ цæрæнбонтæм баззади къуылыхæй. Уыцы цау, æнæуый дæр æнкъараг лæппуйы, скодта мæстыгæнаг.

Цæмæй йæ рынчын æмæ хæрзмæгуырмæ æрцæуæг фыдæн ахъаз фæуа, уымæн 18-аздзыд Николоз райдыдта кусын чиновникæй Кавказы тæрхондæтты уæлдæр уагдонмæ — Тæрхон æмæ бафхæрды экспедицимæ.

Æнамонд разынди Николозæн йæ хион цард дæр. Поэт бауарзта Екатеринæ Чавчавадзейы (Грибоедовы усы хо) æмæ куыд йын фæкасти йæ уарзт уыди æмзæрдиуæг, фæлæ йæ уарзон чызг хуыздæрæн равзæрста Мегрелы æлдариуæггæнæг кънйазы.

Нахичеваны уезды хицауæй азырдæг фæкуыста, афтæмæй 1844-æм азы йæ раивтой ног ахæм бынатмæ сахар Ганджамæ. Уым Николоз рæхджы фæрынчын фыдхъæд тæфсæгæй. Фæзиан уыцы низæй 1845-æм азы 9 (21) октябры 27-аздзыдæй.

Бавæрдтой йæ, Ганджайы фидары цы аргъуан уыд, уый кæрты.
Æрмæст æнусы ’мбисы фæстæ, 1893-æм азы йæ буар баныгæдтой ног ран — Тбилисы. Вагзалы раз æрæмбырд ис цалдæр мин адæймаджы æмæ худаистæй загътой рухсаг. Табæт суанг Дидубийаг уæлмæрдтæм фæхастой къух-къух. Бараташвилийы уæлингæн Илья Чавчавадзе скодта йæ зындгонд раныхас.

Службæйæ уæгъд рæстæг нывонд кодта литературон куыстæн.
Æдæппæтæй поэт ныффыста æрмæст 36 æмдзæвгæйы æмæ историон поэмæ «Гуырдзыстоны хъысмæт», фæлæ уыцы уацмыстæй дæр Бараташвили сси гуырдзиаг дзырдаивады номдзыддæр минæвæрттæй иу.

Бараташвилийы лирикæйы æххæстдæр хуызæгыл нымад у æмдзæвгæ «Мерани». Ирон æвзагмæ йæ иттæг дæсны раивта зындгонд ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæрги.

(Æфсургъ)




#Article 306: Черчесты Георги (104 words)


Черчесты Георгий (1934–1996) — ирыстойнаг фыссæг æмæ партион архайæг. Йæ уацмыстæ фыста уырыссаг æвзагыл.

Райгуырдис сахар Орджоникидзейы 1934-æм азы 27 октябры.
Каст фæци Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы факультет (1959). СЦКП-йы уæнг 1962-æм азæй. Цæгат Ирыстоны АССР-йы культурæйы министр (1976—84 азты), 1980-90 азты республикон Уæлдæр советы депутат.

Ныффыста къорд романы, уыдоны ’хсæн: «Заповедь», «Испытание», «Прикосновение», «Противоборство». «Под псевдонимом „Ксанти“», «Месть», «Приговор» æмæ æндæртæ.
Прозаикон уацмысты уæлдай ма у цалдæр пьесæйы автор: «Великий убийца», «Полковник Ксанти», «Похищенная», «Поберегись, Дзибуш!» æмæ æндæрты.

Черчесы-фырт ма зындгонд у йæ киносценариты фæрцы («Жизнь, ставшая легендой», «И оглянулся путник»).

Фæзиан ис 1996-æм азы 11 декабры.

Фыссæджы фырт Алан дæр фыссæг у.




#Article 307: Ереван (503 words)


Ереван ( ) у Сомихы сæйраг сахар. Уый у паддзахады стырдæр сахар. Цæрынц дзы 1 075 100 ад.

Ереваны чи цæры, [jerevanciner], уыдонæй фылдæр хай дзурынц скæсæн-сомихаг æвзаджы еревайнаг диалектыл. Ацы диалекты ис бирæ дзырдта рагон сомихаг æвзаг грабарæй, диалектмæ зынгæ тæваг хæццæ кодта персайнаг æмæ уырыссаг æвзæгтæй. Сомихаг диаспорæйы цæрджытæй дунейы иннæ ратты сæ фылдæр дзурынц ныгуылæн-сомихаг æвзагыл. Мингай сомихæгтæ ралыгъдысты Ереванмæ регионы иннæ бæстæтæй (Ирак, Иран, Турк, Грекъ, Сири) советон дуджы фыццаг азты, 1921-æм азæй 1936-æм азы онг; уый руаджы Ереван сси иуадæмон сахар, иннæ советон республикæты хъауджыдар.

Ереван æрбынат кодта Арараты лагъз быдыры цæгат-скæсæны, Сомихы уæлвæзы астæу. Сахар цы платойыл лæууы, уый æртæ фарсæй æхгæд у хæхтæй — йæ цæгат-ныгылæны ис Арагацы хох, цæгаты — Канакеры хæхтæ, скæсæны та — Гегамы хæхтæ. Хуссарырдæм Ереваны фæз ныллæгдæр кæны цæугæдон Араксы ’рдæм, уый фæстæ та фенæн ис Арараты дыууæ цъуппы.

Ереваны рельеф тынг алыхуызон у, æмвæзады ивдтытæ сты 400 метры онг. Сахары ууылты аив комы мидæг кæлы Разданы цæугæдон.

Ереваны генералон план сарæзта архитектурæйы академик Александр Таманян 1924-æм азы. Таманяны планы нымады сты рельефы хицæндзинæдтæ æмæ, сахары цы дымгæтæ арæхдæр вæййынц, уыдон дæр.

Ереваны климат у хус континенталон, рæстæмбис температурæ у 11,8 °C, сæрды +25 °C, зыæджы та −4-5 °C, æппæты фылдæр +42 °C, æппæты къаддæр −31 °C. Европæйы сæйраг сахарыт ’хсæн Ереваны ис стырдæр хъауджыдардзинад сæрды æмæ зымæджы рæстæмбис температурæты ’хсæн.

Ереваны бындурæвæрдыл нымад у Урартуйы фидар Эребунийы арæзтад паддзах Аргишти I-æмы барамындмæ гæсгæ. Нæ эрæйы агъоммæ 782 азы ардæм Сомихы уæлвæзы иннæ регионтæй ласт арцыдысты 6600 уацайраджы. Эребунийы ном та, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, баст у этноним эри-имæ. Эребуни уыдис ныры Ереваны хуссайраг кæроны. 

Сомихаг таурæгътæм гæсгæ Ереваны ной уыд библийаг Нойы хъæрахст «Еревац!» (Мæнæ уый!), Ной Арараты цъупп куы федта доны уæле, уæд. XVII æнусы балцгæнæг Жан Шарден фыссы: «Эривань, сомихæгты ныхæстæм гæсгæ, у дунейы рагондæр сахар. Уыдон куыд фæзæгъынц, Ной йæ мыггагимæ æрцардис донивылды агъоммæ, уый фæстæ та дæлæмæ ныццыдис хохы цъуппæй». Таурагъон верси у адæмон этимологийы дæнцæг, кæй зæгъын æй хъæуы.

Сомихаг астæузаманы ратæдзæнты Ереваны фыццаг кой цæуы 607-æм азы. 660-æм азы сахар араббæгты дæлбар баци. Фæстæдæр сомихаг хибардзинад куы рацарæзтой, Ереван æмæ йæ алфамбылай зæххытæ уыдысты Багратидты Анийы паддзахады.

XIII æнусы Ереваны райгуырдис поэт Тертер Ереванци.

XIV æнусы сахары цардысты 15-20 мин адæймаджы, фæлæ 1387-æм азы æрбацæуæг манголт æфсæд сахар ныппырх кодтой, ууыл йæ чиныджы фыссы уыцы цауы æмдугон Григор Хлатеци (1349—1425)

Манголтæ сахары уагътой сæхи згъæрæхца, фыстой дзы сахары ном дæр. Манголты фæстæ сахары хицаутæ систы туркомантæ Кара-Коюнлу æмæ Ак-Коюнлу, уыдоны рæстæг Ереван уыд ахсджиаг культурæйы артдзæст.

Фыццаг уырыссаг-персайнаг хæсты рæстæг уырыссаг æфсæд Эриваны (Ереваны) фидар цалдæр хатты райсыныл архайдтой, æмæ уый æрмæстдæр Паскевичы къухы бафтыд (æмæ уый тыххæй уый райста Эриваны кънйазы кадджын ном); Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ Эриваны ханад Уæрæсейы империйы скондмæ бацыдис. 1828-æм азы уырыссаг паддзахы бардзырдмæ гæсгæ кæддæры Эриваны ханад æмæ Нахичеваны ханад баиу кодтой æмæ схуыдтой Сомихы облæст, кæцыйæн йæ сæйраг сахар сси Эривань (1849-æм азæй — Эриваны губернæ).

Туркманчайы бадзырдмæ гæсгæ сомихаг адæмыхатты цæгатаг Персийы цæрджытæ ралыгъдысты Уæрæсейы зæххытæм, æртæ мæймæ 8 мин сомих мыггагæй фылдæр æрцардысты Сомихы облæсты зæххыл, уыцы-иу рæстæг пысылмон цæрджытæ ралыгъдысты Персимæ.




#Article 308: Поти (192 words)


По́ти () у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, регион Мегрели æмæ Уæллаг Суаны, Сау денджызы порт. Сахары цæрынц 41 465 адæймаджы (2014).

Æппæтцæдисон цæрджыты сфыстмæ гæсгæ (Советон Цæдисы фæстаг сфыст уыдис) Потийы цардис 50 922 адæймаджы.

Потийы бынаты цы сахар рагзаманты лæууыдис, Фазис зæгъгæ, уыдис регионы рагондæр сахартæй иу. Грекъаг географ Страбон сбæлвырд кодта, ацы сахар Рионийы цæугæдон æмæ Палеостомийы цады ’хсæн Сау денджызы былгæрон кæй лæууы, уый. Сахар хæлд æрцыдис, фæлæ дыууæ сæдæ азы фæстæдæр рагон грекъ дзы сарæзтой сæудæджергæнæн гæнæх. Аммиан Марцеллины рæстæджы ма дзы уыдис 400 салдаты гарнизон.

IV æнусы Фасисы куыста Колхиды академи, хуынди ма Уæлдæр риторикон скъола. Ахуыр дзы кодтой грекъ æмæ гуырдзы, сæ дыууæ æвзагыл дæр. Лæвæрдтой дзы риторикæ, философи, физикæ, математикæ, логикæ æмæ æндæр предметтæ.

Поти сахары ном сси VII æнусы.

Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæг Поти сси стачкæтæ æмæ растæдты бынат.

Поти нымад у Гуырдзыстоны ахсджиагдæр экономикон регионтæй иуыл. Йæ порт у Сау денджызы стырдæртæй иу, уый у Гуырдзыстоны сæйраг денджызон порт. 2008-æм азы апрелы паддзахад ауæй кодта порты акцитæй 51% араббаг компани Ras Al Khaimah Investment Authority-æн (ИАЭ)

Уый йедтæмæ сахары кусынц иуæй-иу промышленнон куыстуаттæ (нæуцæлцæггæнæн æмæ æндæртæ).

Потийы кусы Валериан Гунияйы номыл паддзахадон драмон театр.




#Article 309: Цъхъалтъубо (190 words)


Цъхъалтъубо () у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, Цъхъалтъубойы районы административон центр; лæууы Кутаисæй цæгат-ныгуылæнырдыгæй 9 километры æддæдæр.

Цæры дзы 11 281 адæймаджы (2014 аз).

Сахары ис æфсæнвæндаджы станцæ.

Цъхъалтъубо у бальнеологион курорт. Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1926-æм азы. Йæ сæйраг æрдзон дзæбæхгæнæн фактор у, сæ физикон-химикон миниуджытæм æмбал зын ссарæн кæмæн ис, ахæм термалон (33–35 градусы) суардæттæ.

Советон заман курортæн уыди æппæтцæдисон статус, арæзт дзы æрцыди цалдæр дынджыр санаторийы.
Сахары ис футболон клуб «Самгурали». Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1945-æм азы.

Цъхъалтъубойы курорт саразыны фыццаг проект конд цыди 1932–40 азты (архитектор — Н. П. Северов). 1950–51 азты генералон пъланмæ гæсгæ (архитектортæ И. Заалишвили и В. Кедиа) курорт хъуамæ арæзт цыдаид  схемæйы хуызы.

ССР Цæдисы фехæлды агъоммæ Цъхъалтъубойы куыстой цалдæр комбинаты æмæ заводы.

Сахар лæууы Колхидæйы дæлвæзы скæсæйнаг къуылдымджын кæроныл, цæугæдон Цъхъалтъубойы атагъайы. Сахармæ цæгат-скæсæнырдыгæй æнгом хæстæг сты Стыр Кавказы Самгуралы æфцæджы къабæзтæ.

Сахары алфамбылай цы къуылдымтæ ис, уыдоныл зайынц сыфтæрджын хъæдтæ (тулдз, тæрс, фатхъæд) æмæ æнусонцъæх цъыхырытæ. Курорты парчы зайы субтропикон флорæйы зайæгойты 100 хуызы.

Цъхъалтъубойы бæстыхъæд у субтропикон уымæл. Зымæг у фæлмæн æмæ саузым. Январы рæстæмбис температурæ у +5 C°. Сæрд дзы вæййы тынг хъарм æмæ хурджын, августы рæстæмбис температурæ у +24 C°.




#Article 310: Персайнаг æвзаг (2055 words)


Персайнаг (персаг) æвзаг кæнæ фарси ( — zabân-e fârsi) — æвзæгты индоевропæйаг бинонты ирайнаг къабазы, дзурджыты нымæцмæ гæсгæ, тæккæ ахсджиагдæр æвзаг; у Ираны официалон æвзаг.

Персайнаг æвзаджы варианттæ сты Афгъанистаны (дари, æндæр ном — фарси-кабули) æмæ Таджикистаны (таджикаг æвзаг) паддзахадон æвзæгтæ. Æмбæлы ма Пакистаны. Персайнагау дзурæг иуæй-иу этникон къордтæ ма ис Персы бакæлæны бирæ бæстæты: Бахрейны, Иракы, Оманы, Йемены æмæ æндæрты.
Персайнагау дзурджыты нымæц у 115 милуанмæ ’ввахс: Ираны — 65 млн (бæстæйы цæрджыты 90%), Таджикистаны — 7 млн, Афгъанистаны — 34 млн, Узбекистаны цæрæг таджикæгтæ — 7 млн, стæй, дарийыл чи дзуры, уыцы 2 млн пакистайнаджы.

Персайнагау чи дзуры, уыдон æрвылбоны хуымæтæджы царды, стæмтæй фæстæмæ, литературон æвзагæй пайда нæ кæнынц, фæлæ уыимæ, диалектты ’хсæн ис уыйбæрц бирæ хъауджыдзинæдтæ æмæ сæ ис схонæн хицæн æвзæгтæ.

Персайнагау фыссынæн пайда кæнынц, араббаг фыссынады бындурыл чи сарæзтæуыд, ахæм персайнаг алфавитæй. Ис дзы, араббаг æвзаджы не ’мбæлæг мыртæ чи ’вдисы, ахæм цалдæр дамгъæйы.
Æвзаджы лексиконы ис иттæг бирæ араббагæй æрбафтæг дзырдтæ.

Рагперсайнаг æвзаг æмбæлыди Ираны хуссар-ныгуылæны нæ эрæйы агъоммæ I æнусы, æмæ уыди Ахменидаг паддзахады сæргълæуджыты мадæлон æвзаг. Уыцы ’взагæн пайда чындæуыд цуркфыст (клинопись). Уæды заман ма парахат уыди, рагперсайнагæн хæстæг чи æййафта, уыцы авестæйаг æвзаг.

Астæуперсайнаг æвзаг (æндæр ном — пехлеви) уыдис рагперсайнаджы фæдон æмæ æмбæлыди нæ эрæйы I æнусы; уыди Сасанидты паддзахады официалон æвзаг. Араббæгтæ Иран куы бацахстой (VII æнус), уæд ма уымæй пайда кодтой Ираны зороастрийæгтæ æмæ Индийы цæрæг парсæгтæ. Фыссынæн пайда кодтой арамейаг графикæйы варианттæй.

Ногперсайнаг æвзаг зындгонд у IX æнусæй, æмæ фыссынæн пайда кæны цъус бандæрхуызонгонд араббаг алфавитæй. Иран пысылмон куы ссис, уæдæй фæстæмæ, исламыл хæст бæстæты, персайнаг нымад у дыккаг ахсджиагдæр литературон æвзагыл. Уыцы æвзагыл сфæлдыстæуыд Ираны æстæузаманы классикон дзырдаивад (Фирдоуси, Рудаки, Гафиз, Омар Хайам), æмæ ныронг уыцы уацмысты хъæд нымад у персайнаг æвзаджы фæзминаг дæнцæгыл.

Персайнаг æвзагæй пайда кодтой канд Ираны нæ, фæлæ ма Хæстæг Скæсæны, Хуссар Кавказы, Астæуккаг Азийы, Индийы.

Йæ миназыккон историйы дæргъы ногперсайнаг æвзагыл тынг бандæвта араббаг æвзаг (классикон поэтты уацмыстыл ма уыйбæрц нæ зынди): араббагæй активонæй æфтыди канд дзырдтæ нæ, фæлæ ахадгæ дзырдаразæг модельтæ, грамматикон бæрæггæнæнтæ, æнæхъæн фразæтæ æмæ формулæтæ. Уæлдай бæрæгæй араббаг тæваг зыны официалон æмæзонадон æвзаджы. Суанг ма дзæвгар сæрысуангон дзырдтæ араббаг тæваджы охыл фæивтой сæ фонетикон сконд (зæгъæм, æвзагæн йæхи ном раздæры pârsi райста ног хуыз: fârsi).
XIX æнусы персайнаг æвзагмæ æфтын райдыдтой дзырдтæ францаг æмæ англисаг æвзæгтæй.

Нырыккон литературон персайнаг æвзаг классиконæй зынгæ хицæн кæны æппæт лингвистон æмвæзæдтыл: фонетикæйы, морфологийы, синтаксисы, лексикæйы.

Ныртæккæйы æвзагон процессты ’хсæн бафиппайæн ис ахæм здæхт: литературон æмæ хуымæтæджы ныхасы æвзæгтæ кæнынц кæрæдзимæ хæстæгдæр. Уыцы миниуæг бæрæг-бæлвырд зыны, XX æнусы райдианæй фæстæмæ кæй ныффыстæуыд, ирайнаг фысджыты уыцы уацмысты.

Литературон персайнаг æвзаг у Ираны официалон æвзаг æмæ скъолайы предметтæ кæуыл ахуыр кæнынц, ахæм æвзаг. Персайнаг æвзаджы бирæ диалекттæ кæй ис, стæй сæ фылдæр (уыдонимæ тегерайнаг диалект дæр) литературон æвзагæй дард кæй лæууынц, уыйадыл зæгъæн ис æмæ ахуыргонд персайнæгтæн сæ фылдæр сты дывзагонтæ.

Диалекттæй уæлдай ма Ираны æмбæлынц æндæр ирайнаг (мазендерайнаг, гиляйнаг æмæ æнд.) æмæ тюркаг (азербайджайнаг, туркеменаг, кашкайаг æмæ æнд.) æвзæгтæ. Уыцы æвзæгтыл дзурджытæн дæр сæ фылдæр сты дывзагонтæ. Тынг арæх фæйнæхуызон диалекттыл дзурæг æмæ кæрæдзи не ’мбарæг ирайнæгтæн литературон æвзаг ахъаз фæвæййы лингва-франкæ-йы хуызы.

Ирайнаг съолаты ма æнæмæнг ахуыргæнинаг предмет у, ныр дæр персайнагыл чи æндавы, уыцы араббаг æвзаг.

Персайнаг æвзаг хауы ирайнаг æвзæгты хуссар-ныгуылæйнаг къордмæ, æмæ дзурджыты нымæцмæ гæсгæ у тæккæ арæхдæр æмбæлæг ирайнаг æвзаг. Уыцы къорды иннæ дыууæ стыр æвзаджы — таджикаг æмæ дари — арæх нымайынц персайнаг æвзаджы варианттыл, уыцы æртæ æвзаджы кæрæдзимæ тынг хæстæг кæй сты (уæлдайдæр сæ литературон формæтæ).

Персайнаг æвзаджы бæрæгæй зыны, индоевропæйаг æвзæгтæн характерон чи сты, уыцы миниуджытæ:

Уыимæ персайнаг æвзаджы ногдзинæдтыл банымайæн ис ахæм миниуджытæ:

Ареалон тæваг кæуыл фæбæрæг ис, æвзаджы уыцы къабæзтæ сты:

Уыимæ мивдисджыты системæйы, æмтгæй райсгæйæ, хъахъхъæд сты индоевропæйаг хиæдтæ.

Грамматикон нысаниуджытæ æвдисынмæ гæсгæ персайнаг æвзаг бахæссæн ис, синтезмы элементтæ кæмæн ис, ахæм аналитикон æвзæгтæм: мивдисджыты уæлиуæг кæнынц синтетикон формæтæ, грамматикон нысаниуджытæ та æвдыст цæуынц фылдæр хатт разæфтуанты фæрцы.

Классикон персайнаг æвзаджы хъæлæсонтæ фонологион æгъдауæй дихгонд уыдысты дæргъвæтинтæ æмæ цыбыртыл. Нырыккон æвзаджы уыцы дихдзинад нал ис, æмæ йæ бæсты хъæлæсонтæ хицæн кæнынц сæ æнæфæцудгæдзинадмæ гæсгæ.

Фæцудгæ (кæнæ лæмæгъ) хъæлæсонтæ сты /e/, /æ/, /o/; æнæфæцудгæтæ (тыхджынтæ) та — /ɒ/, /u/, /i/.
Лæмæгъ хъæлæсонтæ тыхджынтæй хицæн кæнынц уымæй æмæ сæм редукци æмæ фонетикон фæивдтытæ арæхдæр кæй вæййы.

Персайнаг æвзаджы ис ма дыууæ дифтонгы — /ou/ и /ei/.

Фонемæтæ /p/, /t/, /k/ арæхдæр хъуысынц куыд аспираттæ, уæлдайдæр цавдон хъæлæсонты æмæ сонорон æмхъæлæсонты раз куы вæййынц, уæд, стæй ма дзырды кæрон: pul [pʰul] «æхца», tup «пурти» [tʰup].

/k/ æмæ /g/ палатизацигонд фæвæййынц дзырды кæрон æмæ раззаг рæнхъы хъæлæсонты раз: gorg [gorgʲ] «бирæгъ».

Зылангон æмхъæлæсонтæ дзырды кæрон æзылангон нæ фестынц.
Фонемæ /ʁ/-йæн (транслитерацийы: q) ис дыууæ аллофоны: фрикативон [ʁ] æмæ æвиппайдон [ɢ].
Æвиппайдон вариант фылдæр хатт æмбæлы дзырды райдианы. Хурхон æвиппайдон /ʔ/ æмбæлы араббагæй æрбайсгæ дзырдты.

Персайнаг цавд у дыкомпонентон: тыхон (динамикон) æмæ тоникон. Цавд фылдæр хатт хауы фæстаг уæнгыл: xâneh «хæдзар», xânehâ «хæдзары (мидæг)». Æнæцавдон дзырды кæрон фылдæр хатт вæййынц грамматикон бæрæггæнæнтæ (зæгъæм, изафет), стæй хайыгтæ. mi- æмæ be-, зæгъгæ, уыцы разæфтуантæй цы мивдисæгон формæтæ райдайынц, уыдонæн сæйраг цавд вæййы разæфтуаныл, фæрсагон та — цæсгомон кæроныл: míravàm ‘æз цæуын’.

Дзырды уæнгты сæйраг хуызтæ сты ахæм:
CV — do ‘дыууæ’, to ‘ды’; CVC — dud ‘фæздæг’, mâr ‘калм’; CVCC — mast ‘расыг’, sabr ‘быхсынад’, goft ‘загътон’; VCC — ârd ‘ссад’, asb ‘бæх’; VC — âb ‘дон’, az ‘от, из’; V — u ‘уый.

Цацæг куыд дзырд, афтæ морфемæйæн дæр райдианы нæй уæвæн ахæм структурæйæн: CCV, уацæг ахæм типы æрбайсгæ дзырдты æвæрд æрцæуы хъæлæсон протезæ /e/ кæнæ /o/: estekân (уырыссаг «стакан»), doroške (уырыссаг «дрожки»).

Персайнаг æвзаг у флективон-аналитикон. Флексийы байзайæггæгтæ фылдæр æмбæлынц мивдисæджы. Фæлæ уыдонæй уæлдай ма дзы ис бирæ ног аналитикон формæтæ.
Ном цæй фæрцы æвдыст цæуы, уыцы дыууæ фæрæзы сты:

Æрды категори персайнаг æвзаджы нæй.

Нæмттæ персайнаг æвзаджы дихгонд цæуынц номдартæ, миногонтæ, номивджытæ æмæ нымæцонтыл.
Номдарæн ис нымæцы æмæ бæрæгдзинад/æбæрæгдзинады категоритæ.

Миногонæн ис бæрцбарæн категори (абаргæ — суффикс –tar ‘-дæр’, уæлахизон — -tarin: bad ‘æвзæр’ — badtar ‘æвзæрдæр’ — badtarin ‘иууыл æвзæрдæр’).

Цæсгомон номивджытæн ис цæсгомы категори.

Æппæт нæмттæн характерон сты аналитизм æмæ чысылнымæц аффиксты агглютинативон хуыз.
Хауæны категори персайнаг æвзаджы нæй, фæлæ дзы пайда кæнынц изафетон бæрæггæнæн (-е). Уыцы бæрæггæнæн номджын къорды бæлдат кæны (маркирует) сæйраг дзырд:
ketâb-e mâdar ‘мады чиныг’; ketâb-e mâdar-e Amin ‘Амины мады чиныг’; šâh-e bozorg ‘цытджын паддзах’.

Бирæон нымæц æвдыст цæуы æрмæст номдарæн. Уыцы категорийæн дыууæ бæрæггæнæны:

Араббаг æвзагæй æрбафтæг дзырдтæн фылдæр хатт хъахъхъæд вæййы араббаг бирæон нымæцы бæрæггæнæнтæ: entehâbât — ‘æвзæрстытæ’.

Амонæн номивджытæн дæр номдартау вæййы бирæон нымæцы формæ. Миногонтæн ахæм формæ нæй. Цæсгомон номивджытæн нымæц æвдыст цæуы лексикон æгъдауæй.

Уæзданы формæйы номивæг man («æз») хатгай ивд æрцæуы ахæм номивæгыл: bande (بنده); номивæг «ânhâ» («уыдон») та ахæмыл: išân (ایشان).

Персайнаг æвзаджы нæй æлвасон номивджытæ. Уыдоны бæсты пайдагонд цæуы изафет: medâd-e u («йæ кърандас»), кæнæ номивæгон энклитикæтæ: medâdam («мæ кърандас»).

Персайнаг у номинативон æвзæгтæй иу. Хъуыдыйады мидæг дзырдты нормалон рæнхъæвæрд у SOV: ahmad dust-am-râ mibinad ‘Ахмæд уыны мæ хæлары’. Инверсийы цаутæ ис дзургæ ныхасы, стæй фольклор æмæ поэзийы.
Хъуыдыйады мидæг дзырдты растравгон рæнхъæвæрд у ахæм:

фыццаг бынаты — сæйрат кæнæ афоны фадатон дзырд; фæстаг бынаты — цæсгом æмæ нымæцмæ гæсгæ сæйратимæ æмбаст чи у, уыцы зæгъинаг.

Комкоммæйы æххæстгæнæн фæсæвæрд «râ»-имæ кæнæ æнæ фæсæвæрдæй æвæрд æрцæуы бæттæн мивдисæджы хæдразмæ (хатгай та уымæй фæхицæн вæййы кæнæ фæрссаг æххæстгæнæнæй, кæнæ фадатон дзырдæй):u in ketâbhâ va daftarhâ-râ be šomâ midahad ‘уый ацы чингуытæ æмæ тетрæдтæ дæтты сымахæн’, man nâme minevisam ‘æз фыссын писмо’.

Бæрæггæнæн æвæрд цæуы, йæ кæроны изафетæвдисæг [–е] кæмæн ис, уыцы бæрæггæнинаг дзырды фæстæ: šahr-e zibâ ‘рæсугъд сахар’, xodnevis-e barâdar ‘æфсымæры хæдфысгæ ручкæ’.

Кæд дзырдæн ис цалдæр миниуæгæвдисæг бæрæггæнæны, уæд уыдон цæуынц кæрæдзи фæдыл æмæ фæстагæй фæстæмæ, алкæмæн вæййы изафетæвдисæг.

Номивджытæ æвæрд вæййынц бæрæггæнинаг дзырды раз.

Æмткæй зæгъгæйæ та, персайнаг æвзаджы синтаксисон бастдзинæдтæ æвдыст цæуынц ахæм хуызты руаджы:

Персайнаг æвзаджы диалекттæ ныридæгæн фаг нæма сахуыр кодтой æмæ уый охыл сæ æххæст номхыгъд саразæн нæй. Фылдæр ахуыргонд æрцыди, æндæрты ’хсæн сæйраг бынат чи ахсты, уыцы тегерайнаг диалект. Зындгонд ма сты Керманы, Исфаганы, Новганы (Мешхед), Бирдженды, Систаны, Себзевары диалекттæ. Диалекттæ æмæ диалектты къордтæ дихгонд цæуынц сæ лексикон-грамматикон æмæ фонетикон миниуджытæм гæсгæ. Литературон æвзагæй иуæй-иу диалекттæ уыйбæрц дард лæууынц æмæ сæ схонæн ис хæцæн æвзæгтæ.
Тегерайнаг диалект тыхджынæй æндавы аив литературæ, хабархæссæг фæрæзтæ, кино æмæ театры æвзагыл. Зæгъæн ис æмæ сæйраг сахары диалект у нырыккон персайнаг æвзаджы дзурыны нормæ.
Тегерайнаг диалект æмæ литературон æвзагæн ис иу фонемон сконд, фæлæ фонемæтæй куыд пайдагæнгæ у, уымæ гæсгæ кæрæдзийæ бæрæг хицæн кæнынц.

Диалекты арæхдæр æмбæлынц, литературон [æ]-йы бæсты кæмæй пайда кæнынц, уыцы мыр [е], стæй бæттæн мивдисæг [-ast].

Æмхъæлæсонты системæйы миниуджытæй иу у /l/ æмæ /r/-ы æмивд.

Бирæон нымæц арæзт цæуы фæсæфтуан [-â]-йы фæрцы.

Диалекты æмæ литературон æвзаджы мивдисæджы цæсгомон кæрæттæ иу не сты — бирæ мивдисджытæн ис æлвæст флекситæ.

Дзурыны æвзаг бæрæг хицæн кæны литературонæй.
Се ’хсæн ис хъауджыдзинæдтæ канд фонетикæйы нæ, фæлæ морфологийы æмæ синтаксисы. Уымæй уæлдай ма персайнагау дзургæйæ (уырыссагæй хъауджыдæр) фылдæр хатт нæй пайдагæнæн литературон стилæй, уымæн æмæ арæх уый охыл ныхас вæййы æнæраст æмбæрст (зæгъæм, телефонæй дзургæйæ).

Тæккæ арæхдæр æмбæлæг агъуал — æмхъæлæсонтæ [m] æмæ [n]-йы фæстæ дæргъвæтин [â] ивд æрцæуы [u]-йыл: Irân — Irun, Tehrân — Tehrun, bârân — bârun.

Бæттæн мивдисæг ast æмæ æртыккаг цæсгомы иууон нымæцы мивдистджыты кæрон –ad рахизы кæрон (-e)-мæ: bârân mibârad — bârun mibâre (уаргæ кæны, уары), dorost ast — doroste (раст у, æцæг у), U javâni ast — javuniye (уый æрыгон у).

Кæрон (-e) кæнæ (-a)-йыл чи фæуд кæны, уыцы дзырдты фæстæ –ast рахизы (-ass)-мæ: U tešne ast — U tešnass (уый фæнды дон нуазын, дойны йын у).

Ифтындзæггæнинаг бæттæн мивдисæг баиу вæййы номдаримæ æмæ райсы цæсгомон кæроны хуыз:
Man danešju hastam — danešjuyam (Æз дæн студент), ânhâ tehrâni hastand — tehruniyand (Уыдон сты тегерайнæгтæ).

Бирæон нымæцы дыккæгæм цæсгомы мивдисæджы кæронæн дзурыны æвзаджы фæзыны кæрон -in:
Cherâ diruz telefon nakardin? (Знон мæм телефонæй цæуылнæ æрбадзырдтат?)
Æвзаджы тæккæ æмбæлагдæр фондз мивдисджытæн нырыккон афоны бындурæн (уидагæн) дзурыны æвзаджы ис цыбыргонд формæ — иу æмхъæлæсон мыр кæнæ къайад «хъæлæсон-æмхъæлæсон»:

goftan — g (дзурын), dâdan — d (дæттын), raftan — r (цæуын, «уходить»), šodan — š (кæнын, «делаться, становиться»), âvardan — âr (хæссын, «приносить»). Bahâr barf ab mišavad — bahâr barf ab miše (Уалдзæджы мит тайы), in râ âbejo miguyad — in râ âbejo mige (Уый йæ хоны бæгæны).

Фæдзæхстон здæхæны бирæ мивдисджытæн ис цыбыргонд формæ.

Фæсæвæрд «râ» дзурыны æвзаджы райсы ахæм формæ: «ro», кæнæ фесты дзырды кæрон «-o» (кæд хицæнгæнинаг номдар фæуд кæны æмхъæлæсоныл, уæд). Дæнцæг:

Man râ bebakhš — Mano bebakhš (Ныббар мын).

Хъыгагæн, ныридæгæн персайнаг æвзаджы академион грамматикæтæ æмæ дзырдуæттæ арæзт нæма æрцыди. Ираны кæй фыссынц, фарсийы уыцы грамматикæтæ фæдихгæнæн ис дыууæ типыл: иутæ сты, астæузаманæй чи цæуы, классикон поэтты æвзаджы афыст кæныны уыцы традицитæ дарддæргæнæг чингуытæ, иннæтæ — европæйаг модельтыл чи æнцайы, нырыккон æвзаджы ахæм афыстытæ.

Уæрæсейы персайнаг æвзаджы (куыд классикон, афтæ нырыкконы) грамматикæтæ сарæзтой Залеман æмæ Жуковский, Бертельс, Жирков, Ю. А. Рубинчик æмæ æндæртæ.

Ныгуылæн Европæйы арæзт персайнаг грамматикæты ’хсæн тæккæ зынгæдæртæй иуыл нымад у, францаг иранист Жильбер Лазар кæй сарæзта, уый.

Персайнаг æвзаджы стырдæр дзырдуат сарæзта Деххода. Кæд æмæ йæ лексикæйы иу хай дугивгъуыд фæци, уæддæр ныры онг Ираны нымад у фæзминаг стандартыл.

Персайнаг фыссынады бындуры ис араббаг алфавит. Æдæппæтæй персайнаг фыссынады ис 32 дамгъæйы: 28 араббагæй æрбайсгæ дамгъæйы æмæ 4 — оригиналонтæ, араббаг æвзаджы чи нæй, ахæм мыртæ æвдисынæн.
Фыссыны аздæхт — рахизырдыгæй галиуырдæм.

Персайнаг æвзаджы дамгъæтæ нæ дих кæнынц стыртæ æмæ гыццылтыл. Бирæ дамгъæтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц æрмæст диакритикон нысæнтты фæрцы.

Цалдæр дамгъæйы, гæнæн ис æмæ нысан кæны иу мыр, иу дамгъæ та — цалдæр мыры.
Нырыккон персайнаг фыссынады ма ис ахæм хицæндзинад: персайнагау фысгæйæ арæх пайда кæнынц, насталик, зæгъгæ, уыцы фыссыны фæткæй (традицион насхæй уæлдай). Араббаг бæстæты уый нымад у дугивгъуыд фæткыл; Иранæй скæсæнырдæм, уæлдайдæр Пакистаны, насталик у тæккæ пайдагонд фыссыны фæтк.

Персайнаг алфавитæй ма пайда кæнынц æвзаг дарийыл фысгæйæ, 1930-æм азы онг та уыди таджикаг æвзагæн дæр.

Тынг актуалон у персайнаг орфографийы фарста. Сæйрагдæр, проблемæ уый мидæг ис æмæ араббаг графикæ нæ арæхсы æмбæлон хуызы равдисын индоевропæйаг æвзаджы æууæлтæ æмæ не ’вдисы цыбыр (лæмæгъ) хъæлæсонтæ (ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæй фæстæмæ). Уый охыл æвзаджы ис бирæ омографтæ.
Уыдонæй уæлдай ма ис къорд æндæр лыггæнинаг фарстайы:

æмæ афтæ дарддæр.

Нæдæр сихы хицауад, нæдæр исламисттæ тырныдтой сæ фыссынад латинаг бындурмæ раивынмæ кæнæ орфографи рацарæзынмæ. Латинизацийы фарслæуджыты архайд абаргæйæ активон уыди æрмæст 1930-æм азты.

Цыфæндыйæ дæр орфографиийы карзæй æххæстгонд цæуы къорд принципы. Хæрз стæм уавæртæй фæстæмæ, дæргъвæтин хъæлæсонтæ фысты æвдыст цæуынц хицæн нысæнттæй (алиф, вав, йод), цыбыртæ та (уыдонимæ изафетон кæрон -е/-уе дæр) — фысты бæрæг нæ кæнынц. Æмхъæлæсонтæ фысгæ сты фонетикон æгъдауæй, фæлæ иуæй-иу мыртæн уайы цалдæр фæйнæхуызон дамгъæйы (уый фылдæр хауы араббагæй æрбайсгæ дзырдтæм; хатгай та бахъæуынц омонимтæ кæрæдзийæ иртасынæн).




#Article 311: Бокарёв, Евгений Алексейы фырт (203 words)


Бокарёв Алексейы фырт Евгений уыд зынгæ советон лингвист, дагъистайнаг æвзæгтæ иртасæг, йæ заманы тæккæ æххæстдæр чи уыдис, ахæм уырыссаг-эсперантойаг (рауагъдад «Энциклопедия», 1966) æмæ эсперантойаг-уырыссаг (1974) дзырдуæттæ саразæг.

Уыдис лингвист Бокарёв Анатолийы æфсымæр.

Райгуырди 1904-æм азы Стъараполы губернæйы Средне-Егорьевскоейы хъæуы. Ныртæккæ ацы цæрæнран хауы Ростовы облæстмæ.

Ахуыр кодта Темир-Хан-Шурайы сахары (ныртæккæ сахар Буйнакск Дагъистаны). Октябры революцийы фæстæ йæ ныййарджытæ раздæхтысты фæстæмæ Средне-Егорьевское-мæ, æмæ астæуккаг скъола Евгени каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы, 1922-æм азы.

Æрсидтысты йæм флотмæ, æмæ 1941-æм азы июнæй 1946-æмы июньмæ фæслужбæ кодта.
Хæсты рæстæджы, 1944-æм азы бацыдис Коммунистон партийы рæнхъытæм. 1946-æм азы демобилизацийы фæстæ нысангонд æрцыд Æвзаг æмæ Хъуыдыгæныны Институты сæйраг зонадон кусæгæй, 1950-æм азы та, институт сликвидацийы фæстæ Евгений Бокарёв райдыдта кусын ахæм бынаты ССР Цæдисы зонæдты академийы Æвзагзонынады институты.

Фæзиан 1971-æм азы 11 мартъийы Мæскуыйы.

Бокарёв бирæ сарæзта цæмæй ССР Цæдисы эсперанто ахуыр кæныны хъуыддаг æнæзакъоныл нымад мауал уа. 1962-æм азы Фæсарæйнаг бæстæты адæмтимæ хæлардзинад æмæ культурон бастдзинæдты советон æхсæнæдты цæдисы цур сарæзтæуыд Советон эсперантистты æхсæнадæмон бастдзинæдты къамис. Бирæ рæстæджы дæргъы уый уыди эсперантистты иунæг ахæм организаци. Къамисы саразынæй лæгæн йæ амæлæты онг Евгений Бокарёв уыдис йæ сæрдар.

Иу рæстæджы советон лингвистикæйы райтынг ис «æрдзон» æмæ «скæнгæ» æвзæгты тыххæй дискусситæ. Уыдоны активонæй архайдта Бокарёв дæр. Уыдис уыцы æвзæгты ныхмæвæрды ныхмæ.




#Article 312: Фæснæл (129 words)


Фæснæл кæнæ Дæллаг Фæснæл, дыгуронау Фæснæли Æрдозæ (Фæснæлы Æрдуз) у хъæу Дыгургомы.

Фæснæли æрдозæн ма ес æндæр нæмттæ дæр, хонунцæ ма ’й «Дæллаг Фæснæл», «Дууæ дони» æма «Къанторæ». Аци æртæ номемæй сæ еуебæл Дигоргоми цæргутæй еске бафæрсæ, æма дин байамондзæнæй еци еу рауæнмæ — Фæснæли Æрдозæмæ.

Фæснæли Æрдози бунат æй æндзæри, дууæ комей æхсæн, æ рахес фарс уайуй Сонгути дон, æ галеу фарс ба — Сарди дон (аци дон дæлдæр æфтуйуй Сонгути донбæл).

Æрдози алли фарс ци уæлмæрдтæ, циртдзæвæнтæ æма обæйттæ ес, етæ бæззунцæ æвдесæнæн, ами рагон рæстæгути дæр адæмтæ ке цардæнцæ, уой туххæй.

Уæлдæр ранимад кустуæттæ Фæснæлæй ку раеуварс æнцæ, уæд ма ами цæргæ байзадæнцæ æртæ бийнонти, æндæр си цæрæг нæбал адтæй. Фал 1950-1980 æнзти ба и дууæ æрдоземæ дæр фæрсаг гъæутæй æрлигъдæнцæ беретæ æма абони дæр цæрунцæ.




#Article 313: Лингва-франкæ (121 words)


Лингва-франкæ () у, цардархайды иуæй-иу къабæзты кæмæй пайда кæнынц, этникон къордты ’хсæн коммуникативон бастдзинæдтæ аразыны ахæм фæрæз.

Дæнцæгæн æрхæссæн ис Африкæйы кæмæй пайда кæнынц, уыцы æвзæгтæ суахили æмæ хауса.
Арæх лингва-франкæ-йы ахадындзинад вæййы пиджинтæн. Лингво-франкæ-йæ пайдагæныны къабæзтæ куы рауæрæх вæййынц, уæд гæнæн ис æмæ феста койне.

Астæузаманы Зæххастæуы денджызы регионы равзæрди, сæйрагдæр араббаг æмæ туркаг сæудæджергæнджытæ европæйæгтимæ (Хæстæг Скæсæны сæ хуыдтой «франктæ») дзурынæн кæмæй пайда кодтой, ахæм хæццæ (пиджинизацигонд) æвзаг. Йæ нæмттæй иу уыди «сабир» (абар: латинаг sapere — «æмбарын»). Йæ бындуры уыди италиаг æмæ провансайлаг лексикæ, фæлæ ма йæм æрбафтыди дзырдтæ испайнаг, грекъаг, араббаг, персайнаг æмæ туркаг æвзæгтæй. Æвзагæй пайда кодтой суанг XIX æнусы онг.

Уыцы æвзаг хуыдтой «лингва-франкæ». Фæстæдæр уыцы дзырдæн фæзынди æндæр нысаниуæг — адæмты ’хсæн бастдзинады фæрæз.




#Article 314: Дыгурон диалект (233 words)


Дыгурон диалект (дыгурон æвзаг), дыгуронау дигорон диалект (дигорон æвзаг) у ирон æвзаджы дыууæ диалекттæй иу. Уый у дыгурæтты диалект.

Диалектæн ис йæхи фысгæ нормæ, аив литературæ æмæ периодикон мыхуыр. Дыгурон диалектыл ахуыр кæнынц Æрæфы æмæ Дыгуры районты райдайæн скъолаты ахуырдзаутæ.

Дыгуронау чи фыста, уыдонæй зынгонддæр у поэт Малиты Геуæргийы ном.

Советон Цæдисы 1937-æм азы онг дыгурон хицæн æвзагыл нымадтой, уыдысты дзы чингуытæ æмæ сæрмагонд дыгурон алфавит. 1937-æм азы журнал «Революция и национальность»-ы 5-æм номыры рацыд уац «Против буржуазно-националистической клеветы», йæ автор Бæдоаты Хъ.. Уыцы мыхуырон раныхас арæзт уыд Х.М. Мугуевы ныхмæ, дæрæн кодта йæ уац «Социалистическая Северная Осетия». Уый та амынд журналы афæдз раздæр фæзынд. Бадоев Мугуевы азымджын кæны æмæ йæ «контрреволюцион буржуазон националистты» æмрæнхъ æвæры йæ уацы Цæгат Ирыстоны æртæ адæмыхатты — ирæтты, дыгурæтты æмæ туаллæгты — кæй афыссы, уый тыххæй. Бæдоаты Хъазыбегмæ гæсгæ ирæттæ, дыгурæттæ æмæ туаллæгтæ сты кæрæдзийы æмбарынхъом адæмыхатт æмæ зæгъы, кæй никæй бон суыдзæн (Мугуевы ’рдæм дзырдæппарæн) «иумæйаг» адæмыхатты æмæ литературон æвзаджы рæзты раз цæлхдуртæ сæвæрын. Уацы ма, Мугуевы ныхмæ дзурыны аууæты, автор бафтыдта дыгурæтты ныхмæ æнæкомкоммæ, фæрссаг дзырдæппарæнтæ æмæ критикæ:

Уыимæ бирæтæ куыд æнхъæлынц, афтæ ацы уацы дыгурон æвзаг, диалект, алфавит, фыссынад æмæ литературæ «контреволюцион» хуынд иу ран дæр не ’рцыдысты. Уыцы термин уацы æмбæлы æрмæст «буржуазон националистты» афыссгæйæ, уыдоны æмрæнхъ советон активист Мугуевы æвæргæ. «Буржуазон националисттæ» та Бæдоаты Хъ. уацы рахуыдта, номæй-номмæ, Цæлыккаты Ахметы, Бекойты Дзибкайы, Байаты Гаппойы, Къосираты Сæрмæты, Кочиты Бидзинайы, Хъубатиты-Болаты Агуыбечыры, Дзесты Куыдзæджы.




#Article 315: Бæройты Михал (123 words)


Бæройты Михал (райгуырд Джызæлы 1919-æм азы, фæзиан Дзæуджыхъæуы 1994-æм азы 11 февралы) — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, æфсадæй рацыд 1970-æм азы инæлар-майоры цины.

Бæройы-фырт Ленинграды фронты тохы бацыд 1941-æм азы августы. Уæд уыдис бастдзинады взводы командир. Блокадæйы азты иудадзыгдæр уыд раззагдæр хаххыл.

Хæсты рæстæг æдæппæт цыппар хатты цæф æрцыди, цалдæр хатты райста контузи. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы дыууæ ордены, Александр Невскийы орден, Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны дыууæ æмæ 2-аг къæпхæны иу орден, Сырх Стъалыйы орден æмæ 18 майданы (уыдонимæ «Æхсæрдзинады тыххæй», «Ленинград хъахъхъæныны тыххæй» æмæ «Ирыстоны намысæн»).

Бæройты Михалы ном хæссы Джызæлы скъола-интернат, уыцы ахуырдоны 2008-æм азы сæвæрдтой Бæройы-фырты бюст, хъæуы уынгтæй иуæн лæвæрд æрцыд инæлар-майор Бæройты Михалы ном, Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый къулыл ис йæ номарæн къæй.




#Article 316: Уæрæсейы Зæрин цæг (106 words)


Уæрæсейы Зæрин цæг () у, рагон уырыссаг сахартæ чи иу кæны, ахæм туристон маршрутты къорд. Зæрин цæгмæ цы цæрæнрæттæ хауынц, уыдон мидæг баззадысты архитектурон æмæ культурон фенддæгтæ, кусынц традицион дысныйæдты æрмæдзтæ.

Зæрин цæджы сæйраг аст сахары сты: Сергиев Посад, Переславль-Залесский, Ростов Великий, Ярославль, Кострома, Иваново, Суздаль æмæ Владимир. Уыдонæй фылдæр номхыгъдмæ фæхæссынц цалдæр сахары (Гороховец, Муром æмæ æндæртæ), фæлæ уый дайуаг фарста у. Маршруты рæттæ сты Уæрæсейы æхсæз облæсты территорийыл, йæ сконды сты Владимиры, Ивановойы, Костромайы, Мæскуыйы, Тверы æмæ Ярославлы облæстытæ.

Уæрæсейы Зæрин цæг, зæгъгæ, уыцы термин чи æрымысыд, уый уыди литератор Юрий Бычков — уыцы сæргондæй уый ныффыста цалдæр уацхъуыды газет «Советская Россия»-йæн 1967-æм азы.




#Article 317: Шота Руставели (249 words)


Шота Руставели (, (1172—1216) — у XII æнусы гуырдзиаг паддзахадон архайæг, поэт, эпикон поэмæ  «Стайыцармдарæджы» автор. 

Йæ цардвæндаджы хабæрттæ фаг бæрæг не сты. «Руставели» йæ хонын райдыдтой, æвæццæгæн, уый тыххæй æмæ Шота райгуырди Рустауы хъæуы. Иуæй-иу æвдисæйнæгтæм гæсгæ, уый уыди иу номджын мыггагæй æмæ уыди Рустауы моурауæй дæр. «Стайыцармдарæджы» уый афтæ йæхи тыххæй бæлвырд кæны, цыма уый у месхаг. Ахуыр кодта Гречъы, уый фæстæ сси Тамары хæзнагæс (ууыл амоны 1190-æм азы актыл йæ ард къухæрфыст).

Гомеры поэмæтæ, Платоны философи, персайнаг æмæ араббаг литературæимæ зонгæ уæвгæйæ, Руставели йæ царды бонтæ æххæстæй снывонд кодта литературон архайдæн æмæ ныффыста гуырдзиаг астæузаманон литературæйы сæйраг æвдисæйнаг — поэмæ «Стайыцармдарæг».

Шота амарди гуырдзиаг моладзандоны Иерусалимы. Гуырдзиаг митрополит Тимофей (XVIII æнус), гуырдзиаг паддзæхтæ Иерусалимы кæй сарæзтой, уыцы сыгъдæг Дзуары аргъуаны-иу федта Руставелийы ныв æмæ йæ ингæны цырт. Фæлæ ацы версийы йеддæмæ иртæсджытæн ис бирæ æндæртæ, зæгъæм ахæм: Руставели, кæд æмæ Тамары уарзта, уæддæр хæстæг бакодта кæцыдæр Нинойы æмæ йæ чындзæхсæвы хæд фæстæ райста хæслæвæрд Тамарæй — фæтыхгонд шахæй лæвæрд цыдæр персайнаг поэмæ гуырдзиаг æвзагмæ ратæлмац кæнын. Æмæ Шота ацы хæслæвæрд куы сæххæст кодта, уæд ын цы хорзæх раттын хъавыдысты, ууыл бавдисæн кодта. Æмæ дыууæ къуырийы фæстæ йæ ссардæуыд æгуысæр мардæй. Æнæуый ис бирæ айхуызæн таурæгътæ.

Руставелийы поэмæ иртæстой бирæ ахуыргæндтæ, фæмæ ныры онг ма дзы ис бирæ раиртасинаг сусæгдзинæдтæ. Зæгъæм, поэмæйы ссардæуыд цалдæр астæузаманон персайнаг поэмæйы сюжеттæ.
Иуæй-иу ахуыргæндтæ æнхъæлынц цыма поэмæйы сæйраг геройы Автандилы сурæты æмбæхсы Дауыт-Сослан, ус-паддзах Тамары мой. Поэмæйы ис ахæм дзырдтæ:

Ацы дæнцæг æвдисы æмæ Дауыт-Сослан, æвæццæгæн, поэмæйы авторыл йæ тæфаг дардта. 




#Article 318: Бенгайлаг æвзаг (137 words)


Бенгайлаг æвзаг кæнæ бенга́ли (, [baŋla]) у бенгайлаг адæмы æвзаг, индоариаг æвзæгтæй иу. Дзурынц ыл Бенгалийы регионы (Бангладешы æмæ Индийы штат Ныгуылæн Бенгалийы), уымæй фылдæр бенгалæгтæ цæрынц Индийы штаттæ Ассам, Бихар æмæ Ориссæйы. Æдæппæт дзурджыты нымæц у 215 милуаны бæрц, уымæй у дунейы 6-æм æмæ Индийы 2-æм стырдæр æвзаг.

Æвзаджы рагондæр дуг уыдис X—XII æнусты. XIX æнусы кæронмæ, Бенгайлаг сæндидзæны рæстæг, фæзынди ног бенгайлаг æвзаг, адæмон ныхасмæ хæстæгдæр чи уыд, ахæм. Инди æмæ Пакистан дины критериймæ гæсгæ дихгонд куы ’рцыди, уæд Бенгалийы скæсæны (Скæсæйнаг Пакистан, стæй Бангладеш) бенгайлаг æвзаджы фæзындысты йæхи хицæндзинæдтæ, дзæвгар фылдæр дзы пайда кæнынц араббаг æмæ персайнаг дзырдтæй.

Бенгайлаг æвзаг æмæ маратхаг æвзаджы баззад, санскритæй чи фæзындысты, фылдæр ахæм дзырдтæ.

Бенгайлаг фыссынад у, æндæр Индийы æвзæгты æнгас, брахмийы фыссынады бындурыл æмæ хуыйны бонгаккхор. Уыцы фыссынадæй пайда кæнынц иуæй-иу æндæр æвзæгтæ — зæгъæм, ассамаг æвзаг.




#Article 319: Сих Мансур (220 words)


Сих Мансур, æцæг ном Ушурма (1765-æм аз — 1794-æм азы 13 апрелы) — у æфсæддон, XVIII æнусы кæроны Цæгат-Скæсæн Кавказы хохæгты разамонæг, 1785-æм — 1791-æм азты Кавказы хæсты зынгæдæр архайджытæй иу, цæцæны адæмон хъайтар.

Райгуырд 1765-æм азы (иннæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ — 1760-æм азы) Алдыйы хъæуы, Цæцæны. Йæ царды тыххæй бæлвырд æвдисæйнæгтæ ныры онг бæрæг не сты.
Уыди цæцæйнаг, йæ мыггаг уыди Елистанжхойы тейпæй. Мансуры фыд Шаабаз уыди Елистанжийы хъæуæй. Цасдæр рæстæг йæ бинонтæ цардысты Хаттунийы хъæуы, стæй æрцардысты Алдыйы хъæуы æмæ Ушурма уым райгуырдис.

Йæ æрыгоны бонты-иу дагъистайнаг моллойы разамындæй Мансур ахуыр кодта Хъуыран. Таурæгътæм гæсгæ, ахуыры рæстæг-иу æм хъуыстис хохæгты баиу кæнынмæ сидæг æнахуыр хъæлæстæ.

XVIII æнусы кæрон Ушурма цæцæйнæгты æхсæн райдыдта амонын йæхи пысылмон ахуырад. Уый сæм сидтис Уæрæсейы империимæ ныхмæ хæстмæ. Булкъон Де Пиерийы разамындæй Мансуры æрцахсынмæ æрвыст æфсадыл (2000 адæймаджы) Алдыйы хъæуы фалдзус (1785-æм азы 6 июлы) фæуæлахиз сты Мансуры хæстонтæ. Уыцы хæстæмбæлд Де Пиерийы æрбамардтой. Уацайрæгты æхсæн разынди, фæстæдæр 1812-æм азы Фыдыбæстæйы хæсты хъайтар чи ссис, уыцы адъютант Багратион.

Йæ архайды сæйраг нысаныл Мансур нымадта цагъайрад, æлдæрттæ æмæ тугисыны æгъдауимæ тох кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, цæцæн хъуамæ сæхи æгъдæутты бæсты райсой шариаты пысылмон æгъдæуттæ.

Амардис Шлиссельбурджы гæнахы, ахæсты дзы уæвгæйæ. Иннæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæзиан Соловецкий (Соловкиты) моладзандоны 1794-æм азы 13 апрелы.

Мансуры равзæрды иу версимæ гæсгæ уый уыдис цæцæйнаг нæ, фæлæ италиаг авантюрист Жан-Батист Боэтти.




#Article 320: Деххода, Али Акбар (187 words)


Али Акбар Деххода ( — Ali Akbar Dehkhodâ), 1879–1959, 9 мартъи, Тæхраны) — ирайнаг лингвист, фыссæг æмæ политик. Ныффыста, милуан дзырдмæ ’ввахс кæм ис (æдæппæтæй 15 томы), персайнаг æвзаджы ахæм дзырдуат. У æмбисæндты чиныг саразæг (т. 1–4; рацыди 1929–1931 азты).

Райгуырдис сахар Казвинæй рацæуæг бинонты. Йæ фыд фæзиан, лæппуйыл 10 азы куы цыди, уæд. Деххода каст фæци колледж политологийы дæсныйадыл. Уым уæлдай æнтыстджынæй йæхи равдыста æвзæгтæ зоныны.

Активонæй архайдта политикон хъуыддæгты, уыди Меджлисы Тегеран æмæ Керманæй депутат Меджлисы.
Фæстæдæр куыста Тегераны университеты цур Юридикон скъолайы сæргълæууæгæй.

Ираны Деххода æмæ йæ тохæмбæлттæ Мирза Джахангир Хан æмæ Гасем Хан дыууæ азы дæргъы мæхуыры уагътой хи газет, цалынмæ йæ сих Мохаммад Али-сах нæ сæхгæдта, уæдмæ.
Дехходайы бахъуыди йæ сæр бафснайын Европæйы. Уым уæвгæйæ уый дарддæр фыста йæ уацтæ. Фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм раздæхти 1911-æм азы, Али-сахы куы раппæрстой, уæд. Уыцы аз Деххода сси Меджлисы депутат.

Йæ публицистон æмæ политикон архайды уæлдай ма Деххода йæхицæн скодта ном францаг æвзагæй литературон тæлмацты фæрцы. Уыдоны ’хсæн Монтескьейы чиныг «Закъæтты моны тыххæй» («De l'esprit des lois») дæр.

Деххода 1933-æм азæй уыди Тæхраны профессор. 40-æм азты райдианы та сси Ираны æвзаг æмæ литературæйы академийы уæнг.




#Article 321: Насх (103 words)


Насх () у, араббаг фыссынадæй чи пайда кæны, уыцы æвзæгтыл фыссыны сæйраг æмæ тæккæ популярондæр фæтк (шрифтты мыггаг).

Насх араббаг бæстæты парахатæй ахæлиу ис XV æнусы æмæ аиуварс кодта, йæхицæй гуырахстджындæр æмæ вазыгджындæр чи уыди, уыцы сулюс. Насхмæ рафыстой Хъуыран, хадистæ æмæ æндæр пысылмон уацмыстæ.

Нæ рæстæджы, раджы кæддæр калиграфион стилыл чи нымад уыди, уыцы насх сси, ныртæккæ æппæт араббаг бæстæты фыссынæн кæмæй пайда кæнынц æмæ скъолаты кæй ахуыр кæнынц, ахæм растравгон æмæ тæккæ хуымæтæгдæр шрифт.

Компьтерты дæр араббагау фыссынæн насх у стандартон шрифт.

Насхы бындурыл сарæзтæуыд, Иран æмæ Пакистаны арæхдæр кæмæй пайда кæнынц æмæ араббаг бæстæты дугивгъуыдыл нымад чи у, уыцы насталихъ.




#Article 322: Гамсун, Кнут (183 words)


Кнут Гамсун (; 1859—1952) у норвегиаг фыссæг; Нобелы премийы лауреат (1920 аз). Йæ æцæг ном — Кнуд Педерсен ().

Гамсун райгуырдис 1859-æм азы 4 августы Гудбрандсдалены комы приход Веге-йы. Уыди хъæууон хуыйæг Педер Педерсены цыппæрæм сывæллон. Бинонтæ цардысты мæгуырæй. Кнут фарастаздзыдæй куыста йæ фыдыфсымæры къанторы. Фæстæдæр райдыдтой йæ бæлццоны царды азтæ (1873-æм азæй). Хæтгæ царды рæстæг Гамсун раивта цалдæр куысты, иу заман та цасдæр рæстæг фæци Америчы. Фыссын Кнут райдыдта 17-аздзыдæй. Йæ фыццаг чиныг (Den Gaadefulde. En kjærlighedshistorie fra Nordland) рухс федта 1877-æм азы.

Германы Гитлер хицауиуæг йæ къухмæ куы райста, стæй фæстæдæр, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг дæр æдзух немыцаг культурæ пропагандæ чи кодта æмæ англосаксаджы ныхмæ чи дзырдта, уыцы Гамсун æргомæй слæууыди нацисттæ æмæ Квислингы режимы фарс. Уый тыххæй йæ, хæст фæуыны фæстæ, радтой тæрхонмæ куыд гадзрахатæй рацæуæг, афтæ. Фыссæг хызт æрцыд ахастоны бамидæг кæнынæй, карджын кæй уыди, уый охыл, фæлæ уæддæр æй фæивар кодтой. Хæсты фæстæ Гамсун цасдæр рæстæг фæцарди зæрæдты хæдзары, 1950-æм азы та сыздæхти Нёрхольммæ.

Йæ фырт Арилд хæцыди бархионты 5-æм дивизи SS «Wiking»-ы () рæнхъыты Скæсæны фронты.

Гамсун ныффыста романтæ (30-æй фылдæр), уацаутæ, пьесæтæ, радзырдтæ, публицистон чингуытæ, æмдзæвгæтæ.




#Article 323: Джавахишвили, Иванэ Алыксандры фырт (120 words)


Иванэ Алыксандры фырт Джавахишвили (; 1876 азы 11 (23) апрелы — 1940 азы 18 ноябры; Тбилис) — гуырдзиаг историк, ССР Цæдисы Зонæдты Академийы академик, йæ ном чи хæссы, уыцы ахуырдон — Тбилисы университеты бындурæвæрæг.

Райгуырдис гуырдзиаг кънйæзты бинонты. Каст фæци Бетъырбухы университеты скæсæйнаг æвзæгты факультет (1899). 1901–1902 азты стажировкæ кодта Берлины университеты. 1902-æм азæй сомихаг-гуырдзиаг филологийы кафедрæйы приват-доцент.

Йæ ахуыргæнæг Н.Я. Марримæ архайдта Синаймæ кусæн балцы. Уым ахуыргæндтæ иртæстой раггуырдзиаг къухфыстытæ.

Уыцы азты ма уыциу рæстæг уыди Гуырдзыстоны историон-этнографион æхсæнады сæрдар (1925-æм азмæ).

Джавахишвили уыди Фæллойы Сырх Тырысайы ордены кавалер. Йæ амæлæты фæстæ та йæ саккаг кодтой Сталины премийæ (1947).

Ахуыргонд ныгæд æрцыд Тбилисы паддзахадон университеты парчы.
Джавахивилийы ном хæссы Тбилисы паддзахадон университет, стæй Гуырдзыстоны Зонæдты Академийы цур Историйы институт.




#Article 324: Африканистикæ (192 words)


Африканистикæ у, Африкæйы адæмты æмæ бæстæты истори, экономикæ, литературæ, æвзæгтæ, аивад, дин, философи, этнографи, стæй æрмæгон æмæ монон культурæйы æвдисæйнæгтæ чи иртасы, уыцы зонадон дисциплинæты æмдзыгуыр.

Уæрæсейы зонадон традицимæ гæсгæ африканистикæмæ хауы, Сахарæйы хуссардæр цы африкæйаг бæстæтæ ис, уыдон (ома Африкæйы араббаг бæстæтæ иртасы ориенталистикæ).
Астæузаманты Африкæ иртасынмæ дынджыр хай бахастой араббаг ахуыргæндтæ, сæудæджергæнджытæ æмæ бæлццæттæ, зæгъæм, Аль-Масуди, Аль-Идриси, Ибн Хальдун, Африкайаг Лев æмæ æндæртæ. Уыдон балцы уыдысты Цæгат, Ныгуылæн æмæ Скæсæн Африкæйы. Сæ куыстытæ, мидафрикæйаг фысгæ æрмæг кæй нæй, уый охыл нымад сты астæузаманы Африкæйы историйы тыххæй зонæнты иунæг ратæдзæнтæ.

Ног заманы Африкæ иртасыны хъуыддаг баст уыди, европæйæгтæ континетмæ куыд æгъдауæй æмæ куыд арф цыдысты, уыимæ. 1795-æм азы сарæзтæуыд Лондоны географион æхсæнад, 1821-æм азы та — Парижы географион æхсæнад. Уыдон дæр зынгæ хайбавæрд бахастой Африкæ иртасыны хъуыддагмæ.

Уæды заманы зынгонддæр бæлццæттæ уыдысты М. Парк, Д. Ливингстон, Г. Барт, Г. Швейнфурт, Р. Кайе, А. Булатович.

XIX æнусы кæронæй Европæйы университетты (Берлины университеты 1887-æм азæй фæстæмæ) æмæ сæрмагонд скъолаты (колониалон администрацийæн кадртæ чи цæттæ кодта, уыдоны) райдыдтой ахуыр кæнын африкæйаг æвзæгтæ.

Уæрæсейы Федерацийы суинаг африканисттæ ахуыр кæнынц мæнæ ацы ахуырдæтты:

æмæ иуæй-иу æндæрты.

Бæстæйы сæйрагдæр иртасæн центр у Уæрæсейы зонæдты академийы Африкæйы институт.




#Article 325: Суахили (130 words)


Суахили (суахилиагау: kiswahili) у бантуйаг æвзæгтæй сæ иууыл стырдæр, стæй Африкæйы континенты тæккæ зынгæдæр æвзæгтæй иу. У бирæхуызон этникон къорды ’хсæн бастдзинады фæрæз æмæ уый охыл ахæлиу ис Скæсæн æмæ Центрон Африкæйы территорийыл (Индийы фурды былгæронæй Заиры центрон облæстытæм, æмæ Сомалийæ Мазамбикмæ).

Суахили у паддзахадон æвзаг ахæм бæстæты: Танзанийы, Республикæ Кенийы æмæ Угандæйы. Æвзагæй ма парахатæй пайда кæнынц Руандæйы, Бурундийы, Замбийы, Малавийы, Коморы сакъадæхты æмæ Мадагаскары.
Æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ суахилийыл куыд мадæлоныл дзурынц 2,5–5 милуан адæймаджы. Ноджы 50–70 милуан адæймаджы пайда кæнынц суахилийæ куыд дыккаг æмæ æртыккаг æвзагæй.

Дж. Гринбергы генетикон классификацимæ гæсгæ бантуйаг æвзæгтæ хаст сты нигейраг-конгойаг бинонты бенуэ-конгойаг къордмæ.
М. Гасприйы мидклассификацимæ гæсгæ суахили хауы G42-къордмæ:
Бантоидон/Хуссайраг/Нарæг (Къаннæг) банту/Центрон/G.

Суахили у иунæг ахæм африкæйаг æвзаг, Африкæйы цæдисы кусæн æвзаджы статус лæвæрд кæмæн уыди (2004-æм азæй фæстæмæ).




#Article 326: Фатеры цæрæг (фильм, 1976) (119 words)


Бонзонгæ адæймаг, къанторы кусæг Трелковский сфæнд кодта йæ цæрæн бынат аивын æмæ æрбынат кæнын ног хæдзары. Уый охыл баххуырста фатер, фыд-зæрдæ цæрджытæ кæм ис, ахæм фатерджын хæдзары.
Фыццаг хатт хæдзармæ куы æрбацыди, уæд æм дуаргæс сылгоймаг фæхабар кодта, уыцы фатеры айразмæйы цæрæг йæхи рудзынгæй кæй æрæппæрста.

Трелковский æрцардис хæдзары æмæ куыд дарддæр, афтæ фылдæр зонгæ кодта йæхи амарæг сылгоймаджы царды хабæрттимæ. Æппынфæстагмæ Трелковский йæхи афтæ дарын райдыдта, цæмæй уыцы æнамонд æрыгон сылгоймаджы хуызæн уа, куыд йæ бакастмæ гæсгæ, афтæ йæ кæнонтæм гæсгæ. Балхæдта парик, къаба, былтæахорæн помадæ, æмæ изæры йæ хæдзары иунæгæй уæвгæйæ-иу скодта уыцы дарæс. Боны фæстагмæ нæлгоймаг бамбæрста йæ сыхбæстæ фыд-зæрдæ адæм кæй сты, æмæ райдыдта сæ азымы дарын сылгоймаджы мæлæтæй.

Кинонывы кæроны Трелковский йæхи раппары рудзынгæй.




#Article 327: Рулофс, Сандрæ (111 words)


Сандрæ Элизабет Рулофс (; райгуырди 1968-æм азы 23 декабры, Тернезен, Нидерландтæ) у Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвилийы ус. 2008-æм азы январæй ис æм дыууæ граждандзинады — нидерландаг æмæ гуырдзыстойнаг.

Уæлдæр ахуыр райста фæсарæйнаг æвзæгты институты Брюсселы æмæ адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты Страсбурджы.

Михаил Саакашвилиимæ базонгæй ис 1993-æм азы, Страсбурджы, адæймаджы барты Æхсæнадæмон институты, цыран касти курс «Адæймаджы бартæ». Фæстæдæр, уыцы азы, Сандрæ æрцарди Нью-Йорчы, цыран куыста Колумбаг университеты æмæ нидерландаг бартæхъахъхъæнæг фирмæйы.

Йæ мадæлон нидерландаг æвзагæй уæлдай ма Сандра Рулофс зоны гуырдзиаг, францаг, англисаг, немыцаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.

Михаил Саакашвилийæ Сандрæйæн райгуырд дыууæ фырты: Эдуард æмæ Никъолоз.

Сандрæ Рулофс ныффыста, мыхуырæй 2005-æм азы чи рацыд, уыцы чиныг «Гуырдзыстоны фыццаг леди. Идеалисткæйы радзырд».




#Article 328: Мосарабаг æвзаг (133 words)


Мосарабаг æвзаг ( ;  [муса́раби]; равзæрди араббагæй:  [муста`риб], «сараббаг уæвæг, арабизацигонд, дзырдæй-дзырдмæ: «араббагæй арæзт») — ибериаг-ромайнаг æвзæгтæй иу; кæддæр æмбæлыди, араббæгтæ Пиренейы æрдæгсакъадахы цы хайыл æрфидар сты, уым.

Ацы æвзаг ныридæгæн сыскъуыди, растдæр зæгъгæйæ та батади тугхæстæг йын чи уыди, уыцы испайнаг æмæ португайлаг æвзæгты фалдзусы.

Мосарабаг æвзаг уыди мосарабæгты мадæлон æвзаг. Мосарабæгтæ, зæгъгæ, ахæм номæй хонынц, Пиренейы æрдæгсакъадахыл араббæгтæ сæ армы бын цы территоритæ дардтой, уыдоныл кæддæры цæрæг чырыстон ромайнæгтæ. Уыдонæй бирæтæ, кæд æмæ чырыстæттæй баззадысты, уæддæр райстой бирæ скæсæйнаг æгъдæуттæ, цардыуаг, зыдтой араббаг æвзаг, суанг ма уый иуæй-иутæн сси мадæлон. Уыцы æууæлты фæстиуæгæн мосарабаг æвзаджы сахадыдта араббаг лексикæ æмæ грамматикæйы тæваг. Мосарабæгтæ сæ ромайнаг æвзагыл фыссынæн пайда кодтой араббаг алфавитæй.

Реконкистæйы рæстæг мосарабаг æвзаджы уавæр кодта лæмæгъæй лæмæгъдæр: дзурыны фæрæзæн фылдæр пайда кодтой испайнаг æмæ португайлаг æвзæгтæй, фыссыны та — латинагæй.




#Article 329: Мистраль, Фредерик (167 words)


Фредерик (Фредери) Мистраль (, , 1830 азы 8 сентября, Майян — 25 марта 1914, Майян) — провансайлаг поэт æмæ филолог.

Къорд къаннæг пьесæйы окситайнагау сфæлдисыны фæстæ Мистраль ныффыста, чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæуыл сæмбæлдысты æмæ Францы академийы преми чи райста, йæ уыцы номдзыд хъæууон поэмæ «Мирей» («Miréio», 1859-æм азæй францаг тæлмацимæ). Фæстæдæр автор сюжеты бындурыл сарæзта, Шарль Гуно музыкæ кæуыл ныффыста, уыцы оперон либретто («Mireille»).

Поэмæйы æвзаг æвæрд æрцыд окситайнаг æвзаджы литературон нормæйы бындурæн.

Литератор ма ныффыста ахæмуацмыстæ: поэмæ «Calendeau, pou é mo nouveau» (1867), æмдзæвгæты æмбырдгонд «Lis isclo d’or» (1875), æмдзæвгæтæй фыст уацау «Nerto» (1884), трагеди «Reino Jano» (1890), поэмæ «Pouèmo dóu Rose» (1897), æмдзæвгæты чиныг «Oulivado» (1912) æмæ æнд.
Фредерик Мистраль у окситайнаг æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты автор. Ацы дзырдуат («Lou Tresor dou félibrige» — «Фелибрижы хæзнадон», 1879—1886) у окситайнаг æвзаджы хъæздыг æмбырдгонд.

Мистраль уыди, «Revue félibrienne»-йы саразджытæй иу. Ацы мыхуыры оргæн тох кодта Провансы хæдбындур æгъдæуттæ бахъахъхъæныл.

Мистралы 1904-æм азы схорзæхджын кодтой литературæйы Нобелы премийæ — «Адæмы зæрдæ рæстæй чи æвдисы, уыцы уацмысты ног æмæ оригиналондзинады тыххæй».




#Article 330: Испанийы æвзæгтæ (173 words)


Испани у полиэтникон бæстæ. Уым кастилиæгтæй фæстæмæ ма цæрынц каталойнæгтæ, галисиæгтæ, баскæгтæ, окситайнæгтæ, астуриæгтæ, арагойнæгтæ, валенсиæгтæ. Уыдоны иу хай дзурынц сæ мадæлон æвзæгтыл (кæм фылдæр, кæм къаддæр). Валенсиæгтæ дзурынц каталойнаг æвзаджы диалектыл (йæ официалон ном — валенсиаг æвзаг). Каталойнаг æвзагыл ма дзурынц Балеары сакъадæхты.

Франкойы режимы заман бæстæйы чысыл этникон къордтæ цыдысты тыхассимиляцигонд, фæлæ уæддæр уыцы адæмты æвзæгтæ нæ сыскъуыдысты, иуæй-иутæн та фæстаг цалдæр дæс азы дæргъы райтынг ис æндидзыны дуг.
Фæлæ Испанийы ис, æбæллиццаг хъысмæт кæмæн разынди, ахæм æвзæгтæ. Зæгъæн ис æмæ ныридæгæн сыскъуыди арагойнаг æвзаг. Арагойнагау ма дзурынц æрмæст цалдæр хъæуы.

Ассимиляци тынг фæбæрæг ис провинци Наваррæйы цæрæг баскæгтæм, фæлæ Баскæгты бæстæйы баскаг æвзагæн ис фидар позицитæ.

Испанийы зынгæ ахæлиу сты араббаг æмæ бербераг æвзæгтæ — Африкæйы Испанийæн цы дыууæ сахары ис, уыдоны, стæй бæстæйы стырдæр сахарты бирæты. Уымæй фылдæр бæстæмæ æрбацæуынц бирæ румынаг кусджытæ, Румыни Европæйаг Цæдисмæ куы бацыд, уыцы рæстæгæй, — уыдон дзурынц румынагау. Европæйы хъæздыгдæр адæм Испанийы хуссар былгæронмæ æрбацæуынц-иу сæ фæллад уадзынмæ, уыдонæй иуæй-иутæ дзы æдзух цæрынц, фæзыны сæм иувзагон цæрæнрæттæ, суанг иу чысыл финнаг цæрæгран дæр.




#Article 331: Гелаты моладзандон (136 words)


Мады Майрæмы моладзандон Гелаты (Кутаисы цур) — Гуырдзыстоны тæккæ зынгæдæр астæузаманон моладзандон. Динон æмæ культурон царды артдзæст. XVI æнусы дыккаг æмбисæй 1814-æм азы онг уыди католикосы резиденци. 1994-æм азы хаст æрцыд, ЮНЕСКО-йы дæлбазыр чи ис, уыцы Дунеон хæзнадонмæ.

Моладзандоны бындур æрæвæрдта Дауыт Аразæг 1106-æм азы. Йæ амæлæты фæстæ йын ам скодтой йæ зæппадз. Моладзандоны сæйраг аргъуан кæронмæ арæзт æрцыд 1125-æм азы, стæй уый фæстæ ма фондз азы йæ фæлыстой, æгас Фæскавказы хуыздæрыл нымад чи у, уыцы мозаикæйæ. Уæды заманты моладзандон уыди Гелаты академийы цæрæнран.

XIII æнусы моладзандоны ансамбльмæ бафтыдæуыд Сыгъдæг Никъала æмæ Сыгъдæг Георгийы аргъуантæ, стæй æртææддæгуæлæ дзæнгæрæгдон.

Моладзандоны къулнывтæ арæзт цыдысты æндæр æмæ æндæр дугты — XII æнусæй XVIII æнусмæ. Уыдонæй уæлдай цымыдисагдæр сты паддзæхты нывтæ.

Раздæр моладзандоны уыди бирæ зынаргъ иконæтæ æмæ практикон аивады дзаумæттæ, фæлæ сæ советон заман уырдыгæй райстой æмæ байуæрстой музейтыл.




#Article 332: Соловьёв, Леонид Василийы фырт (141 words)


Леонид Василийы фырт Соловьёв (1906–1962) — советон уырыссаг фыссæг, сценарист, Ходжа Насреддины тыххæй дилогийы автор.

Леонид Соловьев райгуырдис 1906-æм азы 6 (19) августы Ливаны сахар Триполийы. Йæ фыд уыди Императоры Палестинæйы православон æхсæнады цæгат-сириаг скъолаты инспекторы æххуысгæнæг.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Соловьев куыста газет «Красный флот»-ы æфсæддон уацхæссæгæй. Йæ фронтон радзырдтæ æмæ очерктæ бацыдысты цалдæр æмбырдгондмæ — «Стыр фæлварæн» (1943) æмæ «Севастополы дур» (1944). «Иван Никулин — уырыссаг матрос» (1943), зæгъгæ, уыцы уацаумæ гæсгæ фыссæг сарæзта, 1944-æм азы æмном киноныв кæуыл систой, уыцы сценари.

Йæ «Ходжа Насреддины тыххæй уацау»-ы дыккаг хай — роман «Зæрдæскъæфт принц» («Очарованный принц») ныффыстæуыд лагеры æмæ 1950-æм азы кæронмæ уыди цæттæ.

Соловьев нæ ныууагъта йæ куыст кинематографийы къабазы — 1950-æм азты кæроны ныффыста, 1959-æм азы киноныв «Шинель» кæуыл систой, уыцы сценари (Николай Гоголы уацмысмæ гæсгæ).

Фыссæг фæзиан ис 1962-æм азы 9 апрелы Ленинграды. Ныгæд æрцыдис уæлмæрдтæ «Красненькое»-йы.




#Article 333: Курдистан (206 words)


Курдистан () у, цæрджыты ’хсæн курдæгтæ фылдæр хай (абсолютонæй кæнæ абаргæйæ) кæм сты, Евразийы хуссар-ныгуылæны уыцы этногеографион облæст (бæстæ). Терминæй фыццаг хатт спайда чынди XII æнусы — уæд нысан кодта ныртæккæйы Ирайнаг Курдистаны иу хай (Ардалан). Ныры дуджы Курдистанæй хонынц ахæм территори: цæгатаг уæрхад — 34 æмæ 40 градусы ’хсæн, скæсæйнаг дæргъад — 38 æмæ 48 градусты ’хсæн; ныгуылæнæй скæсæнмæ облæст адæргъ ис 1000 километрыл, цæгатæй хуссармæ та у 300–500 км дæргъæн. Курдистаны иумæйаг фæзуат у 450 мин кв. километрмæ ’ввахс (Турчы — 200 мин кв. километрæй фылдæр, Ираны — 160 мин кв. километрæй фылдæр, Иракы — 75 мин кв. км, Сирийы — 15 мин кв. км).

Курдистан у курдæгты фыдыбæстæ, уым цæрынц адæмы фылдæр хай, фæлæ ис бирæгомау ахæм курдæгтæ, Курдистанмæ нæ хауæг зæххытыл чи цæры. Цалдæр сæдæ мин курдаджы цæры Ираны скæсæны, провинци Хорасаны, милуанмæ ’ввахс цæры раздæры Советон Цæдисы территорийыл, Израилы цæрынц, курдæгтимæ чи сæмхæццæ ис, уыцы 150 мин дзуттаджы, милуанмæ ’ввахс цæрынц эмиграцийы — уыдонæй фылдæр хай Ныгуылæн Европæйы (сæйраджыдæр Германы), фæлæ ис ахæмтæ, АИШ-ы, стæй Америкæйы æндæр бæстæты æмæ Австралийы чи цæры.

Иннæрдыгæй та Курдистаны территорийыл цæрынц æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ: араббæгтæ, туркæгтæ, персайнæгтæ, сомихæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ ассирийæгтæ; XX æнусы æмбисы онг Курдистаны цардис дзæвгар ахæм дзуттæгтæ, фæстæдæр Израилмæ чи сэмиграци кодта. 




#Article 334: Ходжа Насреддин (120 words)


Ходжа Насреддин кæнæ Молло Насреддин у скæсæйнаг фольклоры сатирикон персонаж. Ходжайы тыххæй зындгонд сты мингай анекдоттæ Астæуккаг Ази æмæ Хæстæг Скæсæны, йæ хабæртты кой фехъусæн ис æгас евроазиаг континенты алы рæтты, суанг Китайы дæр.

Йæ удысконды баиу сты куыд хинæйдзаг, куырыхон æмæ хъазаг адæймаджы миниуджытæ, афтæ æнæхин æмæ æнæнтысты æууæлтæ.

Йæ ном зындгонд ссис анекдотты фæрцы. Фæстæдæр Ходжайыл фыст æрцыди æнæхъæн романтæ æмæ уацаутæ (П. Миллины «Насреддин æмæ йæ бинойнаг», Гафур Гулямы «Балы аппæй конд хæрдоджытæ» æмæ æнд.). Уырыссагау чи кæсы, уыдоны ’хсæн зындгонддæр у Леонид Соловьёвы дилоги «Ходжа Насреддины тыххæй уацау» (йе сконды ис дыууæ романы — «Сабырад халæг» æмæ «Зæрдæскъæфт принц»). Ацы чиныг тæлмацгонд æрцыд дунейы дæсгай æвзæгтæм, æмæ нымад у Ходжайы тыххæй фыст уацмысæй сæ хуыздæртæй иуыл.




#Article 335: Мешхед (198 words)


Мешхед ( — машха́д) — сахар Ираны цæгат-скæсæны, провинци Хорасан-Резавийы административон центр. Цæрджыты нымæц — 2,5 милуан адæймагæй фылдæр (ацы нымæцмæ гæсгæ цæрæнран у бæстæйы дыккаг сахар). Сахар æмæ сахаргæрæтты иумæйаг фæзуат у 27000 квадратон километрæй фылдæр.
Мешхед æрбынат кодта Ираны сæйраг сахар Тегеранæй 90 км æддæдæр. Сахармæ хæстæг ис хæхбæстæ Хезер-Дарре æмæ Гаре-Даг, денджызы æмвæзадæй 980 метрæй бæрзонддæр.

Мешхет у шииттæн табуйаг сахар. Уым ис, Ираны пысылмæттæн уæлдай табуйаг чи у, уыцы Имам Резайы Мавзолей. Æрвылаз Мешхедмæ æрцæуынц 20 милуан динбæлццон (паломник) æмæ туристмæ ’ввахс.
Мешхедæн йæ историйы дæргъы уыди ахсджиаг политикон, культурон æмæ динон артдзæсты нысаниуæг. 818-æм азы, Тусмæ хæстæг, Санабады хъæуы фæзиан шиитты 8-æм имам Али бен Муса ар-Рида (Ираны йæ хонынц — Имам Реза), халиф ал-Мамунæйы сиахс. Таурæгъмæ гæсгæ, марджы фæрцы йæ амардта Багдады тæккæ популярондæр халифтæй иуы, Харун Ар-Рашиды фырт. Резайы хъизæмайраг амарды бынат (араббагау — машхад) табуйаг у пысылмæттæн, уæлдайдæр шииттæн. Йæ мардæвæрæны бынаты цасдæр рæстæг фæстæ сарæзтæуыд Имам Резайы мавзолей. Фæстæдæр, сахар Тусы фехæлды дуджы, Синабады хъæу райдыдта рæзын æмæ стырдæр кæнын, æмæ фæстагмæ сси сахар Мешхед. Фыццаг хатт дзырд «машхад»-æй сахары номæн спайда кодта X æнусы географ ал-Мукаддаси. Араббаг бæлццон Ибн Баттутæ та XIV æнусы фыста «сахар Машхад ар-Рида»-йы тыххæй.




#Article 336: Мечиев, Казим Беккийы фырт (180 words)


Кязим Беккийы фырт Мечиев (; 1859 — 15 мартъийы 1945) — балхъайраг поэт, балхъайраг литературæйы бындурæвæрджытæй иу.

Кязим Мечиев райгуырдис уæлхох балхъайраг хъæу Шикийы, ныртæккæйы Кæсæг-Балхъары республикæйы территорийыл. Йæ фыд Бекки уыдис хуымæтæг æрмгусæг — адæм æй хорз зыдтой йæ къухдæсныйы руаджы. Уыди йын аст сывæллоны. Кязим æрдзæй рахаста къуылых, фæлæ уæддæр йе ’фсымæрты æмрæнхъ æххуыс кодта йæ фыдæн куырдадзы. Уымæй уæлдай ма суинаг фыссæг, фыццаг бынæттон эфендимæ, фæстæдæр хæстæгдæр æмæ стырдæр хъæу Безенгийы, ахуыр кодта араббаг æвзаг æмæ чингуытæ кæсын. Уый фæстæ Кязим адарддæр кодта йæ ахуыр Лескены медресейы. Ам йæ ахуыры сæр уыдысты шариаты бындуртæ, пехуымпарты цардафыстытæ, пысылмон дины истори. Медресейы ма райста географи æмæ астрономийы райдайæн зонæнтæ, базонгæ ис араббаг поэзиимæ, сахуыр кодта скæсæйнаг стихамад. Сахуыры фæстæ Кязим сыздæхти йæ райгуырæн хъæумæ æмæ райдыдта фæстæмæ кусын куырдадзы. Мечиев, дингæнаг адæймаг уæвгæйæ, нæ ныууагъта кæсын дины чингуытæ æмæ скæсæйнаг поэтты уацмыстæ.

Йæ царды дæргъы Кязим æртæ хатты скодта хадзы, уыди балцыты Хæстæг Скæсæны.

Фыссæг фæзиан ис æцæгæлон бæсты 1945-æм азы 15 мартъийы, Хъазахстаны Талды-Курганы облæсты. Ныгæд дæр уым æрцыд. 1999-æм азы йæ мард раластой Кæсæг-Балхъармæ æмæ баныгæдтой Налцыччы.




#Article 337: Явæйаг æвзаг (116 words)


Явæйаг æвзаг (Basa Jawa, Basa Jawi) у дзурджыты нымæцмæ гæсгæ (75 милуанæй фылдæр) тæккæ стырдæр австронезиаг æвзаг. Æмбæлы сакъадах Явæйыл, стæй Индонезийы цалдæр æндæр сакъадахыл.

Кæд явæйагау дзурынц Индонезийы цæрджыты дзæвгар хай (индонезиæгты æмбисмæ æввахс), уæддæр ныры рæстæг æвзагæн нæй официалон статус (Индонезийы паддзахадон æвзаг у индонезиаг). Раздæр явæйаг уыди Голландиаг Ост-Индийы официалон æвзаг.

Явæйаг æвзаг зындгонд у нæ эрæйы I миназонæй фæстæмæ. Райдианы фыссынæн пайда кодтой, йæ бындуры индиаг, фæстæдæр араббаг, фæстагмæ та латинаг дамгъæтæ кæмæн уыди, ахæм уæнгон (силлабикон) фыссынадæй. Ныртæккæ, стæм хаттæй фæстæмæ, пайда кæнынц латинаг алфавитæй.

Индонезийы литературæты ’хсæн явæйаг у тæккæ рагондæр æмæ хъæздыгдæр.

Банюмасайнаг диалект иуæй-иу лингвисттæ нымайынц хицæн æвзагыл, уымæн æмæ куыдфæстæмæ йæм фæзынди дзæвгар хицæндзинæдтæ лексикæйы æмæ фонологийы.




#Article 338: Фадзайты Арсен (166 words)


Фадзайты Сулейманы фырт Арсен (райгуырдис 1962-æм азы 5 сентябры, Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы, Цыколайы хъæуы) у нырыккон уæрæсейаг паддзахадон æмæ политикон архайæг, спортсмен. Паддзахадон Думæйы цыппæрæм æмæ фæндзæм æрсидты депутат. Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион æмæ дунейы æхсæз хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Ахуыр кодта Цыколайы астæуккаг скъолайы. 1985-æм азы каст фæци Узбекистаны физикон культурæйы паддзахадон институт сахар Ташкенты, 1997-æм азы та — Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. 1993–1996-æм азты уыди ЦСКА-йы командæйы сæргълæууæг æмæ Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты иугонд командæйы сæйраг тренер. 1996-æм азæй уыди Уæрæсейы хъалонты пъæлицæйы федералон службæйы Цæгат Ирыстоны хайады хицауы хæдивæг.

Ныртæккæ у парламенты Хæдбар паддзахæдты æмбалады (СНГ) хъуыддæгтæ æмæ æмзæххонтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг.

Фадзайты Арсен у усджын, ис ын дыууæ сывæллоны.

Фадзайты Арсен у уæгъдибар хъæбысхæсты дыууæ хатты олимпаг чемпион (1988, 1992), æхсæз хатты дунейы чемпион (1983, 1985, 1986, 1987, 1990, 1991), цыппар хатты Европæйы чемпион (1984, 1985, 1987, 1988), цыппар хатты хорзæхджын æрцыд Дунейы хъалацæй (1983, 1985, 1986, 1989). ССР Цæдисы сгуыхт тренер. Фадзайы-фырт у хорзæхджын ахæм ордентæ æмæ майдантæй:




#Article 339: Белуджаг æвзаг (114 words)


Белуджаг æвзаг (балучи, балочи) у белуджаг адæмы æвзаг. Хауы ирайнаг æвзæгтæм (цæгат-ныгуылæйнаг къорд). Æмбæлы Пакистаны, Ираны, Афгъанистаны, Туркменийы, Оманы æмæ Араббы Иугонд Эмиратты.

Мадæлон кæмæн у, уыцы адæймæгты нымæц у 7,5 милуанæй фылдæр, уыимæ Пакистаны — 6 милуанмæ æввахс, Ираны — 1–1,2 милуаны, Афгъанистаны — 200 мины, Оманы — 130 мины, ИАЭ-йы — 100 минмæ æввахс, Туркменийы — 38 мины.

Белуджаг æвзаг дихгонд у дыууæ бындурон диалектон къордыл — ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнагыл.
Пакистаны æмæ Афганистаны цæрæг белуджæгтæ пайда кæнынц, йæ бындуры араббаг графикæ кæмæн ис, ахæм фыссынадæй. Белуджаг текстты тæккæ рагондæр æвдисæйнæгтæ фыст æрцыдысты XVIII æнусы. ССР Цæдисы 1930-æм азты фæлвæрдтой пайда кæнын латинаг алфавиты фæрцы, 1990-æм азты райдианы Туркменийы та — кириллицæйы фæрцы.




#Article 340: Ираны административон дих (139 words)


Иран административон æгъдауæй дихгонд цæуы провинцитыл — остантыл ( [ostān], бирæон нымæцы  [ostānhā]). Алы провинцийы сæргъы ис инæлар-губернатор (остандар, ). Монархийы заман остандарты сæ бынатмæ нысан кодта сах, ныртæккæ та уыдон нысангонд æрцæуынц Мидхъуыддæгты министрады, стæй сæ сфидар кæны Исламон республикæйы президент.

Ныры рæстæг каст цæуынц, Ираны административон дихмæ ивддзинæдтæ чи бахæсдзæн, ахæм проекттæ. Уыдонмæ гæсгæ арæзт хъуамæ æрцæуой ног остантæ: Талыш (Гилян æмæ Ардебилæй), Альборз (Тæхранæй), Тебес (Йездæй), Астæуккаг Азербайджан (Ныгуылæн æмæ Скæсæн Азербайджанæй), Эрдестан (Исфаханæй); уымæй уæлдай ма цалдæр останы хъуамæдихгонд æрцæуой ног остантыл: остан Систан æмæ Белуджистаны бæсты хъуамæ уа дыууæ останы: Систан æмæ Белуджистаныл, Фарсы бæсты — Ныгуылæн æмæ Скæсæн Фарс. Стæй ма проектты ис Тæхранæй саразын сæйраг сахары зылд.

Остантæ сты административон-территориалон дихы уæлдæр æмвæзады иуæгтæ. Уыдонæй дæлдæр æмвæзадыл сты шахрестантæ (æдæппæтæй 324 шахрестаны). Шахрестантæ та дихгонд цæуынц районтыл (бахш) — æдæппæтæй 740 бахшы.




#Article 341: Хъызылбаштæ (143 words)


Хъызылбаштæ, кызылбаштæ (тюркагау амоны «сырхсæр», ,  Qizilbāsh, ) — XV—XVI æнусты Иран, Анатоли æмæ Азербайджаны чи хатти, ахæм тюркаг цæугæцардгæнæг знæмты иугонд. Кæд сæ фылдæр тюркагау дзурæг адæм уыдысты, уыдоны ’хсæн уыд æндæр адæмты минæвæрттæ дæр — талышæгтæ, лурæгтæ, курдæгтæ æмæ æндæртæ.

Хъызылбаштæ, шииттæ уæвгæйæ, 12 шиитон имамы мысынæн дардтой, 12 рæдæнг таджы кæуыл уыди, ахæм сарыхътæ (сырхсæртæ, зæгъгæ, дæр сæ уый охыл схуыдтой). Уыди ма сын ахæм кæнон: дастой сæ сæртæ æмæ зачъетæ, æнæдастæй айдагъ бецыкк æмæ даргъ рихитæ ныууадзгæйæ.

Хъызылбаштæ æрбангом сты, сæ сихты резиденци Ардебилы кæмæн уыди, уыцы суфиаг орден сефевийы алыварс. XV æнусы дыккаг æмбисы уыдон, сæ сæргъы ардебилаг сихтæ, афтæмæй арæзтой стигъæн бабырстытæ Гуырдзыстонмæ.

Хъызылбашты элитæ æлдариуæг кодта Ираны суанг XVI æнусы кæронмæ, ома сах Аббас Фыццаджы реформæты онг. Уымæ гæсгæ Сефевидты Ираны арæх хуыдтой «хъызылбашты паддзахад» (зæгъæм, уæды заманы уырыссаг документты).

Хъызылбаштæ сты азербайджайнаг адæмыхатты компоненттæй иу.




#Article 342: Ираны географи (614 words)


Иран ис хуссар-ныгуылæн Азийы, Хæстæг æмæ Астæуккаг Скæсæны арæны фæйнæфарс. Цæгатырдыгæй йæ былгæрон æхсы Къаспы денджыз, хуссарырдыгæй — Персы æмæ Оманы бакæлæнтæ. Сурзæххыл Иран æмарæн у авд паддзахадимæ: Азербайджан, Сомихыстон, Афгъанистан, Ирак, Пакистан, Туркменистан æмæ Туркимæ. Уымæй уæлдай ма паддзахад дих кæны Къаспы денджызы акватори Уæрæсе æмæ Хъазахстанимæ, Персы бакæлæн — Кувейт, Сауды Арави, Катар, Бахрейн æмæ Араббы Иугонд Эмираттимæ, Оманы бакæлæн — Оманимæ.

Йæ территорийы фæзуатмæ гæсгæ Иран ахсы 17-æм бынат (1 648 000 км²). Бæстæйы цæгаты Гилян, Мазендеран æмæ Голестаны тæрфытæ, хуссар-ныгуылæны та Хузестаны тæрфытæ нæ нымайгæйæ, Ираны территори у денджызы æмвæзадæй 900 метрæй бæрзонддæр.

Цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ адæргъ ис къæдзæхрагъ Загрос.

Хусхæссаг бæстыхъæд æмæ хохджын рельефы тыххæй Иранæн нæй фаг доны ресурстæ. Бæстæйы ис зыбыты иунæг наудзæуæн цæугæдон — Карун.

Дынджырдæр цад — Урмия — ис Ираны цæгат-ныгуылæны.

Иран хъæздыг у къахгæ хæзнатæй, уæлдайдæр æвзалыдонгуыртæй (русск. углеводороды). Нефты æвæрæнты бæрцмæ гæсгæ Иран ахсы æртыккаг бынат, æрдзон газы — дыккаг. Иран ма хъæздыг у æвзалы, æфсæнæрзæт, марганец æмæ цинчы æвæрæнтæй.

Ираны территорийы фылдæр хай æмбæрзт у хæхтæй. Хæхты сæйраг рагъ у Загрос. Уый адæргъ ис цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ 1500 километрыл. Загросы ис, сæ бæрзæнд 3000 м фылдæр кæмæн у, ахæм цалдæр цъуппы. Иу ран (Фарсы) та — 4000 метрæй уæлдæр цъуппытæ. Иннæ дынджыр къæдзæхрагъ, Эльбурс (ивддзаггæнæн нæй Кавказы хох Эльбрусимæ), æрбынат кодта Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ. Эльбурсы ис Ираны бæрзонддæр цъупп — хуыст вулкан Демавенд (денджызы æмвæзадæй 5610 метры бæрзонддæр).

Загрос æмæ Эльбурсы ’хсæн фæзуатыл ис Централон плато. Денджызы æмвæзадæй нымайгæйæ, йæ рæстæмбис бæрзæнд у 900 метры. Платойы скæсæйнаг хай æмбæрзт у дыууæ стыр цæхдзастæй (русск. солончак): Деште-Кевир æмæ Деште-лут. Ацы территори, цалдæр оазисæй фæстæмæ, у æдзæрæг.

Ираны ис æрмæст дыууæ стыр дæлвæзы: Хузестаны быдыр (хуссар-ныгуылæны) æмæ Къаспы былгæройнаг дæлвæз (цæгаты). Фыццыг у Месопотамы дæлвæзы иу хай æмæ Ираны территорийыл адæргъ ис 120–160 километрыл, Загросы къæдзæхрагъы онг. Ацы дæлвæз денджызы æмвæзадæй 3–5 км бæрзонддæр никуы вæййы.
Къаспы былгæройнаг дæлвæз адæргъ ис денджызы былгæроны дæргъмæ 640 километрыл, йæ уæрх та 40 километрæй стырдæр нæ вæййы. Иуæй-иу рæтты былгæройнаг хахх Эльбурсы хохрæбынæй цæуы 2 км æддæдæр.
Персы æмæ Оманы бакæлæнты былгæрæттыл дæлвæзтæ нæй, уымæн æмæ Загрос хæццæ кæны комкоммæ былгæройнаг хахмæ.

Ираны нæй стыр цæугæдæттæ, ис дзы æрмæст иунæг наудзæуæн дон — Карун. Уый гуыры Загросы æмæ фылдæр кæлы бæстæйы хуссар-ныгуылæны, Хузестаны территорийыл. Цæугæдонылдзог транспорт пайдагонд цæуы сæйраджыдæр сахартæ Ахваз æмæ Хорремшехры ’хсæн, Карун цæугæдон Арвандрудмæ кæм бакæлы, уыцы 180-километрон фадыгыл. Каруны иумæйаг дæргъ у 950 км. Иннæ ахадгæ цæугæдæттæ сты Кархе, Дез æмæ Заянде.

Бирæ чысыл æмæ цыбыр цæугæдæттæ ис Ираны цæгаты, уæлдайдæр Мазендераны. Уыдон иууылдæр гуырынц Эльбурсы æмæ бакæлынц Къаспы денджызмæ. Централон Ираны цæугæдæттæ донарæх вæййынц æрмæст, хæхты мит куы тайы, уыцы рæстæг, афæдзы фылдæр хай та уыдон басур вæййынц.

Афæдзы дæргъы чи никуы басур вæййы, бæстæйы уыцы донуæттæй иу у цæхджын цад Урмия Хуссар Азербайджаны. Æниу, йæ цæххарæхы тыххæй удæгас организмтæ дзы нæ цæрынц. Ираны иннæ цадтæ: Бахтаган, Гавхуни, Нейриз, Паришан, Неор, Саве. Цалдæр чысыл цады ма ис бæстæйы скæсæны — Систан æмæ Белуджистаны, Афгъанистан æмæ Пакистанимæ цы арæн ис, уымæ хæстæг. Ираны цы цыбырнымæц æдзæхх цадтæ ис, уыдон æрбынат кодтой Эльбурсы хохрæбын, Тæхранæй цæгатырдыгæй.

Ираны уæлиуæг кæны ариадон бæстыхъæд. Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ территорийыл ис субтропикон бæстыхъæд.

Бæстæйы цæгаты зымæджы температурæ арæх вæййы æппæрццæг, июлы та хатгай схизы 30 градусмæ. Афæдзмæ рæстæмбис нымадæй уымæл ныгуылæйнаг облæстыты æруары 1700 мм, хусхæссаг скæсæйнаг облæстыты та — 680 мм. Сæрды æдзæрæгрæтты температурæ арæх вæййы 40 градусæй уæлдæр. Ираны ныгуылæны, Загросы хæхты зымæджы фылдæр хатт вæййы æппæрццæг температурæ, стæй ма дзы арæх вæййаг сты тыхджын митуæрдтытæ æмæ дымгæтæ.

Персы æмæ Оманы бакæлæнты былгæрæттæ сты æнтæф æмæ уымæл тропикон бæстыхъæды зонæйы. Уымы зымæгон температурæ у +16...18°С, сæрдыгон — +24…30°С. Абаргæйæ дзы афæдзмæ æруары бирæ дæлдзырæттæ (русск. осадки): хæхты фæхстыл 1000 миллиметрмæ ’ввахс, быдырбæсты — 600 миллиметры онг.




#Article 343: Мумбаи (255 words)


Бомбей (1995-æм азæй Мумбаи) (, , ) у сахар Индийы ныгуылæны, Аравийы денджызы былгæрон. Йæ цæрджыты нымæц у 13,6 милуанæй фылдæр, уымæй у Индийы стырдæр сахар. Мумбаи у штат Махараштрæйы административон центр.

Бомбейы цæрынц 13,6 милуан адæймагæй фылдæр. Йæ алфамбылай цы чысылдæр цæрæнрæттæ и, уыдонимæ уыцы нымæц 20 милуанмæ схæццæ æмæ сси дунейы цыппæрæм стырдæр сахарон агломераци (Токио, Нью-Йорк æмæ Мехикойы фæстæ).

Сæ адамыхаттмæ гæсгæ Бомбейы цæрджыты æрдæг сты маратхæгтæ, цыппæрæм хай та — гуджаратæгтæ. Бомбеймæ кусынмæ æрбацæуынц адæм Индийы алы регионæй, уый тыххæй дзы алыхуызон адæмыхатт æмæ дины минæвæрттæ цæрынц. Алы 1000 нæлгоймагæн хауы æрмæст 933 сылгоймаджы, уый тыххæй æмæ дзы бирæ рæстæгмæ кусджытæ цæрынц, сæ фылдæр налгоймæгтæ.

Сæ динмæ гæсгæ бомбейæгтæ сты индуисттæ (68%), пысылмæттæ (17%), буддисттæ (4%), чырыстæттæ (4%) æмæ æндæртæ.

Кæрæдзийы ’хсæн Бомбейы цæрджытæ дзурынц, бамбаийа-хинди, зæгъгæ, ахæм хæццæ æвзагыл. Уый у хиндийы æнцондæргонд здæхт æд бирæ англисаг, гуджаратаг æмæ маратхаг дзырдтæ (æмæ æнæхъæн фразæтæ). Популярондæр индиаг фильмты геройтæ уыцы здæхтыл дзурынц.

Бомбей у Индийы кинойы артдзæст. Бомбейы цы кинотæ исыны фæрæзтæ ис, удонæн ис иумæйаг ном Болиивуд (америкаг Голливуды хуызæн). Æрвылаз Болливуд исы 150-200 ног фильмы.

Бомбей цы сакъадæхтыл лæууы, уыдон 1534-æм азы Португали байста Гуджаратæй. Португайлæгтæ бынæттон цæрджыты чырыстон динмæ æргъуыд кæнын райдыдтой.

Фæстæдæр, 1661-æм азы, Португали уыцы сакъадæхты къорд балæвæр кодта Англисы къарол Карл II-æн куыд португайлаг принцессæ Екатеринæ де Брагансæйы чындзы дзаума.

Нырыккон Бомбейы бындур сæвæрдæуы 1672-æм азы. Сакъадæхты фыццаг бритайнаг губернатор сси Джордж Оксенден. 1784-æм азмæ сакъадæхтæ баиу уыдысты донмарæнтæ æмæ соса фæндæгтæй.

Сахары рæвдз рæзт баст уыди бæмбæджы сæудæджеримæ — уæлдайдæр АИШ-ы мидхæсты рæстæг (1861—1865).




#Article 344: Фаррохзад, Форуг (126 words)


Форуг Фаррохзад (1935-æм азы 5 январы, Тæхран — 1967-æм азы 14 февралы) — ирайнаг поэтессæ æмæ кинорежиссёр. Райгуырдис булкъон Мохаммад Багер Фаррохзады бинонты. Скъолайы ахуыр кодта 9-æм къласмæ, уый фæстæ ахуыр кодта нывкæнынад æмæ нывæфтыд хуыд кæнын æрмгуысты скъолайы. 17-аздзыдæй моймæ ацыди зындгонд сатирик Парвиз Шапурмæ. Бинойнагимæ æрцардысты Ахвазы. Иу аз фæстæ райгуырдис йæ иунæг фырт Камьяр.

Фаррохзады сфæлдыстад æмæ царды хабæрттæ арæх сайдтой ныхмæвæрд аргълæвæрдтæ — Ираны толахъхъ уайдзæфаг у, стæй уыимæ фыссæг æргомæй уыди сылгоймæгты бартæ фæфылдæры фарс. 1958-æм азы цалдæр мæйы фæци Европæйы, уым базонгæ ис кинопродюссер Эбрахим Голестанимæ. 1962-æм азы Фаррохзад систа киноныв Тебризы сылгоймæгты лепрозорийы тыххæй. Фæстæдæр райста хъомыл кæнынæн иу хъотырджын сылгоймаджы лæппуйы.

Форуг Фаррохзад фæмарди автомобилон бæллæхы.

Йе ’фсымæр, зарæггæнæг æмæ политикон активист Ферейдун Фаррохзад амардæуыд Бонны 1992-æм азы.




#Article 345: Ленингор (132 words)


Ленингор (, [ахалгори]) у хъæу Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы. Гуырдзыстоны юрисдикцимæ гæсгæ Ленингоры ног ном у Ахалгори æмæ уый у Ахалгорийы районы центр. 

Рагон рæстæгæй Чысангомы зæххытыл цардысты тæтæр-манголæй æрлидзгæ аллон адæм, XIII æнусæй. Кавказы къæлиндармæ гæсгæ 1910 азы Ахалгур у хъæу Душеты уезды 690 цæрæгимæ, сæ фылдæр сты сомихæгтæ.

Советон рæстæджы Ленингоры ирон адæм фылдæр кодтой, фыццаг скъола ацы хъæуы уыд æрмæст ирон æвзагыл. Индустриалон куысты æмæ алы æндæрхуызон кусæн бынæты руаджы хъæуы фылдæр адæм фæзынд ирæттæ, гуырдзийæгтæ, сомих, уырыссæгтæ, тæтæйрæгтæ æмæ  иннæтæ. 2008 азы хæсты рæстæджы, Ленингоры гуырдзиаг администраци, 1992-2008 азты онг кæцы уыд, фæлыгъд сæ пъалицæимæ, хъæуы баззад фылдæр ирон адæм, гуырдзийæгты фылдæр фæлыгъдысты Гуырдзыстонмæ лигъдæтты статусимæ. Фæлæ аз фæстæ, 2009 азы, фæстæмæ здæхын байдыдтой.

Ленингор ис Чысандонæн галиу фарс, Алеуы рагъы ныгуылæн къуыбырыл, денджызы æмвæзæй 800 метры уæлдæр.




#Article 346: Адыл-Гирей Кешев (209 words)


Кешев Кучукы фырт Адыл-Гирей (1840 (1837-?) — 1872) уыди абазаг фыссæг æмæ æхсæнадон-политикон архайæг.

Адыл-Гирей райгуырдис Черкесы, Кешевты хъæуы (æрбынат кодта ныртæккæйы Карачаевскы цур) абазаг æлдары бинонты æхсæн. Райдайæн ахуырад Адыл-Гирей райста пысылмон динон скъолайы.

Уæдмæ ахæссæн ис Кешевы литературон сфæлдыстады райдайæн. Йæ фыццаг мыхуыргонд уацмыстæ уыдысты радзырдтæ «Хъæуы арвыст дыууæ мæйы », «Зинты ахуыргæнинаг» , æмæ «Быдыргъ».

 Мæ уæлдæр ахуыр фæуыны фæндонмæ нæ кæсгæйæ, университеты цы ног фæткойтæ сфидар чындис, уыдоны тыххæй мæ бон нæу университеты баззайын. Мæ хæсыл нымайын Уæ Уæлдæрдзинадæн уый тыххæй фехъусын кæнын, æмæ Уæ курын, цæмæй бадзырд радтат мæн кавказаг ахуыргæнинæгты нымæцæй рацух  кæныны æмæ мæ райгуырæн бæстæмæ ацæуынæн æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæныны тыххæй.

Ацы курдиатджын фыссæг æмæ рухстауæджы редакторон архайд дæтты йæ дунемæбакасты анализæн хъæздыг æрмæг. Адыл-Гирей Кешевы фæстæ баззадис, журналистикæмæ æрбацыды размæ цы ныффыста, ахæм уыцы цалдæр аивадон уацмысы. Газеты куыстæн хъуыдис дзæвгар рæстæг æмæ уый тыххæй бамбарæн ис, Кешев йæ литературон сфæлдыстадыл цæй тыххæй нал архайдта, уый.

Йæ литературон уацмысты А.-Г. Кешев æвдисы хохæгты цард, сæ зæрдæйы уаг, се ´гъдæуттæ æмæ зæрдæскъæфт фæвæййы хуымæтæджы адæмæй. Уый фыста уырыссагау, фæлæ йе стилæн ис æргом адæмон мидис, кæцы черкесаг ныхасы хæдуæвындзинад иттæг хорз дæтты.

Йæ цыбыр царды дæргъы Кешев æхсæнадæн уыйас сарæзта, æмæ йæ ном æрлæууыдис XIX æнусы зындгонддæр адыгаг æхсæнадон-политикон архайджыты цур.




#Article 347: Авестæ (139 words)


Авестæ (, астæуперсайнаг æвзагыл Abastāg — «кодекс, уагæвæрд», рагперсайнаг æвзагыл Upastāka) у рагирайнаг дины литературон æвдисæйнаг (цыртдзæвæн). У, зороастризмыл хæст чи уыди, уыцы рагон мидянæгтæ æмæ персайнæгты, стæй ныртæккæйы парсæгтæ æмæ гебрæгты сæйраг табуйаг чиныг. Тæккæ нымаддæр версимæ гæсгæ Авестæ ныффыстæуыд нæ эрæйы агъоммæ I миназоны. Чиныджы текст кодификацигонд æрцыд Сасанидты заман (нæ эрæйы III—VII æнустæ).

Иу таурæгъмæ гæсгæ Авестæйы текст фесæфта Александр Македойнаг, фæстæдæр та йæ зороастриаг дзуарылæгтæ, куыд æй бахъуыды кодтой, афтæ ногæй сарæзтой.

XVIII æнусы æмбисы францаг ахуыргонд Анкетиль Дюперрон (1731–1805) араст ис Индимæ, цыран 1755–1761-æм азты ныффыста æмæ ратæлмац кодта, зороастриаг дзуарылæгтæй иу йын кæй радзырдта (комуннæйы фæндоны сæрты ахизгæйæ), Авестæйы уыцы текст. Уымæн ма йæ къухы бафтыд иуæй-иу къухфыстытæ. Ахуыргонд сæ Европæмæ фæстæмæ цæугæйæ раласта йемæ æмæ францагмæ тæлмацæй ныммыхуыр кодта хи комментаритимæ.

Авестæ уырыссаг æвзагмæ фыццаг хатт ратæлмац кодта Каэтан Коссович 1861-æм азы.




#Article 348: Загрос (115 words)


Загрос () у нырыккон Ираны тæккæ стырдæр хæххон системæ. Йæ иуæй-иу къæдзæхкъабæзтæ æххæссынц Иракы территоримæ.

Загрос адæргъ ис 1500 километрæй фылдæрыл — провинци Курдистаны (Иракы арæнгæрон) суанг, Ормузы донкъубалмæ, цыран Раззаг Ази æмæ Аравийы æрдæгсакъадахы ’хсæн æрмæст 50 км. Хæхтæ айтыгъд сты цæугæдон Тигры дон-дон, стæй Персайнаг бакæлæны æмдæргъ. Загросы бæрзонддæр хох у 4500 метры бæрзæндæн æмæ æрбынат кодта сахар Исфаханмæ хæстæг. Ширазæй хуссардæр загросаг хæхтæ рæстæмбис нымадæй сты уыцы цъуппæй 1000 метры ныллæгдæр.

Геологион æгъдауæй Загрос у, Пиренейтæ, Альпæтæ, Карпаттæ, Балканы хæхтæ æмæ Эльбурсау миоцены чи фæзынди, ахæм æвзонг даргъджын хæхты системæ. Скæсæны Загросæй уыцы евразиаг рагъ дарддæр кæнынц Гиндукуш, Каракорум æмæ Гималайтæ. Ацы рагъ цы облæстытыл цæуы, уыдонæн сæ фылдæры арæх сты зæххæнкъуыстытæ.




#Article 349: Малиты Васо (279 words)


Малиты Геуæргийы фырт Васо (1938-2017) у зындгонд ирон поэт æмæ прозаик.

Малийы-фырт райгуырдис 1938-æм азы 14 февралы Мустыздæхы хъæуы (Цæгат Ирыстон) зындгонд ирон поэт Малиты Геуæргийы бинонты. Астæуккаг скъола каст фæци райгуырæн хъæуы, уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон факультеты (1957–1961). Ахуыры фæстæ куыста газет «Рæстдзинад»-ы литературон кусæгæй, телеуынынады студийы редакторæй. 1969–1970-æм азты Малийы-фырт ахуыр кодта Уæлдæр литературон курсыты Мæскуыйы.

Курсытæ каст фæуыны фæстæ Васо раивта цалдæр куысты бынаты — уыди рауагъдад «Ир»-ы хистæр редактор, фæстæдæр — Республикæйы чиныгуарджыты æхсæнады сæрдар.

Васойы литературон курдиат раргом ис, скъоладзау ма куы уыд, уæд. Йæ фыццаг æмдзæвгæ рухс федта 1955-æм азы газет «Рæстдзинад»-ы. Уæдæй фæстæмæ йæ радзырдтæ æмæ æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты республикæйы газетты, журнал «Мах дуг»-ы, литературон альманах «Северная Осетия»-йы; йæ цалдæр æмдзæвгæйы бацыдысты æрыгон ирыстойнаг поэтты æмбырдгондмæ («Фат æмæ æрдын»). 1965-æм азы фыссæджы новеллæтæ æмæ уацау рацыдысты хицæн чиныгæй («Мæйрухс æхсæв»). Йæ новеллæты Васо тырны алыхуызон адæймæгты хъæсмæттæ раргом кæнынмæ, адæймаджы рæсугъддзинад æмæ хъару равдисынмæ. Чиныгмæ хаст чи æрцыди, йæ уыцы уацау «Кæйдæр тетрадæй»-ы автор сфæлдыста йæ æрыгон æмдугонты сурæттæ.

Романтикон поэмæ «Пэя»-йы равдыстæуыд, йæ адæмæй чи фæиппæрд æмæ æрмæст йæхион амонды кой чи кодта, ахæм адæймаджы бауарзæг чызджы трагеди.

Поэмæ «Æнусæй æнусмæ» у, ирон поэттæ Ленины ном кæмæй ссардтой, уыцы уацмыстæй сæ тæккæ стырдæртæй иу. Арæзт у пролог, цалдæр монолоджы æмæ эпилогæй. Поэмæйæн ис романтикон ахаст.
Йæ иннæ поэмæ фыссæг схуыдта, рухс, рæсугъ æмæ хорздзинад чи амыдта, ахæм рагирон номæй — «Роксанæ».

Мораль æмæ уды сыгъдæгдзинад сты Малийы-фырты дарддæры уацмысты бындур. 1970–80-æм азты мыхуыры рацыдысты, йæ сфæлдыстады зынгæ бынат чи бацахста, ахæм чингуытæ: чиныг «Гуйман» (уырдæм бацыдысты не ’мдугонтыл фыст уацаутæ æмæ радзырдтæ), пьесæты æмбырдгонд «Ацырухс» (1980) æмæ фыссæджы бирæазон фæллойы фæстиуæг — роман «Сурмейы хæдзар» (1974).




#Article 350: Триест (201 words)


Триест (, , , ) у Италийы сахар, Фриули-Венеци-Джулийы административон центр. Æрбынат кодта Венецийы бакæлæны былгæрон.

Цалдæр æнусы дæргъы Триест уыди Австрийы (1867-æм азæй — Австри-Венгрийы) ахсджиагдæр порттæй иу, уыцы империйы фыццаг æфсæнвæндаг дæр баста Венæ æмæ Триест (1857). Уыцы заман уый уыди Хуссар Европæйы хъæздыгдæр сахартæй иу. Дзæвгар райтынг дзы аивад дæр.

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Триест бахауд Италийы скондмæ. 1918-1920 азты сахары хицауиуæг кодтой Итали æмæ Австри иумæ.

Кæд сахары цæрджытæй фылдæр хай италиæгтæ уыдысты, уæддæр Италийы сконды триестæгты цард нæ фæхуыздæр и. Стыр империйы сæйргадæр портæй уый сси арæнгæрон сахар, уый йеддæмæ Италийы бирæ хуыздæр æвæрд порттæ куы и.

Италийы йæ тыхы бацыд фашизм. Уыцы æууæлты стыхджын адæмты ’хсæн тынгад, 1920-æм азы 13-æм апрелы фашистты къорд басыгътой словенæгты æмбырдгæнæн хæдзар «Народни дом». Æнусы райдиан сахары цæрджытæй цæппæрæм хай чи кодтой, уыцы словенæгтæ сахарæй ацæуын байдыдтой.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ Триест æд алфамбылæйттæ сси Иугонд Нациты Организацийы дæлбар сæрмагонд статусы территори — Триесты Сæрибар Территори. Хицауиуæг дзы кодтой АИШ æмæ Стыр Британийы æфсæддонтæ. Æрмæст 1954-æм азы октябры Триесты Сæрибар Территори ныддих кодтой Итали æмæ Югославийы ’хсæн — Триест ногæй сси Италийы хай. Дыууæ паддзахады ’хсæн арæн ныффидар 1975-æм азы Осимойы бадзырдмæ гæсгæ, ныртæккæ у Словени æмæ Италийы ’хсæн арæн.




#Article 351: Ираны экономикæ (123 words)


Ираны экономикæ националон кондады бæрцмæ гæсгæ дунейы ахсы 15-æм бынат, æмæ Ныгуылæн Азийы, стæй ОПЕК-ы паддзахæдты ’хсæн у тæккæ стырдæр.

Пысылмон революцийы æнæгуырысхойаг æнтыстытæй сты ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы райрæзт. Ног хицауад бирæ æхца хардз кодта зонады къабазæн, цæмæй ныгуылæйнаг специалисттæ ивд æрцæуой хионтыл, стæй æнахуыргонддзинад сыскъуынынæн. Уыимæ ныртæккæ дæр ирайнаг экономикæйы егъаудæр проблемæтæй иу у æгуыстдзинады æмвæзад.

Рапарахат ис автомобильтæаразыны къабаз, стæй дырыс машинæаразынад. Цæмæй куыстады къабаз тагъддæр райрæза, уымæн хицауад активонæй кæны куыстуæтты приватизаци. 2000-æм азты нал фаг кодтой экономикæ ифтонг чи кæны, уыцы нефтгуысты хъарутæ æмæ уый охыл сæвзæрди электроэнергийы дефицит æмæ Иран райдыдта æлхæнын тынг бирæ бензин фæсарæнты. 2007-æм азмæ, бæстæйы цы хардзгонд чи цыди, уыцы бензины 40% уыди æрбаласгæ. Ахæм уавæр банывыл кæнынæн хицауад аразы алыхуызон мадзæлттæ.




#Article 352: Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг (132 words)


Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг () уыди æнæпаддзахадон æфсæнвæндаг, кæцыйы фылдæр хай ныртæккæ у Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы сконды. Æфсæнвæндаг аразтой 1888-æм азæй 1918-æм азы онг (фæстæдæр йæ ном ын раивтой).

Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг сбаста Ростов-Доныл æмæ Владикавказ (Дзæуджыхъæу), фæстæдæр уый бахæццæ Петровскмæ (Махачкала), Стъараполмæ, Царицынмæ (Волгоград). Уыцы егъау æфсæнвæндагон системæйы дæргъ уыди 2511 км (1913-æм азы), уыимæ дывæндагон фадгуытæ — 684 км, куыстой дзы 795 паровозы, 19 525 товарон вагоны æмæ 827 пассажирон вагоны. Æфсæнвæндаджы сконды цы цыппар стыр æрмадзы куыстой, уыдон ныр дæр кусынц — уыдонæй иу у Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод.

Фæндагыл нефты гуырæнтæ кæй уыдысты, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндагыл дурæвзалыйы бæсты паровозты артагæн нефт судзын байдыдтой.

Æфсæнвæндаг стыр ахъаз фæци регионы экономикон рæзтæн. Фæндаг цы цæрæнрæттыл цыди, уыдон райрæзыдысты æмæ фæстагмæ фесты сахартæ.

Фæндагæн специалисттæ цæттæ кæнынæн Дзæуджыхъæуы 1902-æм азæй кусы æфсæнвæндаджы техникум.




#Article 353: Сомихаг диаспорæ (104 words)


Сомихаг диаспорæ у сомихаг адæмы фылдæр хай, Сомих æмæ Уæлхох Карабахы æдде чи цæрынц, уыдон. Сомихæгтæ æдæппæт нымæц у 8—10 милуан адæймаджы, уыдонæй сомихаг паддзахæдты цæрынц 3,3 милуан æмæ 130 мин. Сомихаг диаспорæйы нымæц у 8 милуан адæймаджы бæрц.

Сомихаг диаспорæ фæзынди, сомихæн сæхи паддзахад куы дæрæнгонд æрцыд 1375-æм азы, уæд. Уыцы диаспорæ дзæвгар фæфылдæр XX æнусы сомихæгты геноциды фæстæ. Уæд бирæ сомихæгтæ ралыгъдысты Скæсæйнаг Европæмæ, Балкайнаг æрдæгсакъадахмæ, Æввахс Скæсæны бæстæтæм.

Сомихæгты стырдæр къорд (Сомихы фæстæ) цæры Уæрæсейы, сæ фылдæр — Цæгат Кавказ æмæ Мæскуыйы. Зынгæ сомихаг диаспорæ рагæй ис Цæгат Ирыстоны дæр; кусы дзы сомихæгты культурон æхсæнад «Эребуни», Дзæуджыхъæуы центры лæууы Сомихаг аргъуан.




#Article 354: Омар Хайям (450 words)


Гиясаддин Абу-ль-Фатх Омар ибн Ибрахим аль-Хайям Нишапури (), Омар Хайям (1048-æм азы 18 майы, Нишапур — 1113-æм азы 4 декабры) уыди номдзыд персайнаг поэт, математик, астроном, философ.

Омар Хайям æгас дунейæн зындгонд у йæ цыппаррæнхъонты (рубаиты) фæрцы. Фæлæ ма уый басгуыхти канд дзырдаивады нæ, фæлæ цардархайды æндæр къабæзты дæр. Алгебрæйы ахуыргонд сарæзта кубон æмбæрцæдты классификаци æмæ сæ райхæлдта конусон лыгуæтты руаджы. Ираны ма зонынц Омар Хайямы æндæр хъуыддаджы тыххæй — уый сарæзта, европæйаг къæлиндаримæ абаргæйæ бæлвырддæр чи у æмæ XI æнусæй кæмæй пайда кæнынц, ахæм къæлиндар.

Омар Хайям райгуырдис Ираны провинци Хорасаны, сахар Нишапуры. Йæ фыд уыдис халагъудгæнæг. Уыдис ма йын кæстæр хо Аишæ. Астаздзыдæй Омар зæрдывæрдæй зыдта Хъуыран, ахуыр кодта математикæ, астрономи, философи. Дыууадæс азы йыл куы сæххæст ис, уæд ссис Нишапуры медресейы сохта. Уым Хайям æнтыстджынæй сахуыр кодта медицинæ æмæ пысылмон барад æмæ ссис хаким, ома дохтыр. Фæлæ йæ медицинон практикæ уыйбæрц йæхимæ не ’лвæста. Ахуыргонд фылдæр æргом здæхта математикæ æмæ астрономимæ — ахуыр кодта Сабит ибн Куррайы чингуытæ, стæй бердзенаг математикты уацмыстæ.

Хайям, сывæллон уæвгæйæ, баййæфта сельджукты ныббырстытæ Централон Азийы. Уæды заман фæмардис бирæ адæм, уыимæ бирæ ахуыргæндтæ.

Омарыл æхсæрдæсаз азы куы цыдис, уæд рыны азарæй амардис йæ фыд, фæстæдæр — йæ мад. Омар ауæй кодта йæ фыды хæдзар æмæ æрмадз æмæ араст ис Самаркандмæ. Уыцы заман а сахар нымад уыдис Скæсæны зонадон æмæ культурон артдзæстыл. Самарканды Хайям ссис иу медресейы сохта, фæлæ дискусситы архайгæйæ, уый цалдæр раныхасы бафтыдта дисы уымы адæмы йæ зондæххæстæй æмæ йæ уайтагъд скодтой ахуыргæнæгæй.

Уыцы заманы иннæ стыр ахуыргæндтау Омар дæр бирæ нæ фæстиат кодта иу сахары. Самарканды цыппар азы фæцæрыны фæстæ Хайям æрбынат кодта Бухарайы æмæ райдыдта кусын сахары чиныгдæтты. Бухарайы цы дæс азы фæцис, уый рæстæг ахуыргонд ныффыста математикæйы цыппар бындурон трактаты.

Уалынмæ амардысты, армдарæн Хайямæн чи кодта, уыцы Мæликк-сах æмæ визир Низам ал-Мулк, æмæ 1092-æм азы фæцис йæ царды исфахайнаг дуг. Ахуыргонды фæаххосджын кодтой æнæдин хъуыдытæ парахат кæнынæй. Æндæр гæнæн йын нæ уыд æмæ Омар рафардæг ис сельджукты сæйраг сахарæй.

Ахуырлæг амардис 1113-æм азы йæ райгуырæн Нишапуры.

Хайям математикæмæ хай бахаста, «Ал-джебрæ æмæ ал-мукабæйы проблемæты райхæлдтыты тыххæй трактат», зæгъгæ, йæ уыцы уацмысæй. Ацы чиныджы радзырдæуыд канд квадратон æмбæрцæдты райхæлды тыххæй нæ, фæлæ ма кубонты дæр. Хайямы агъоммæ зындонд уыдис Архимеды геометрион метод: æбæрæг нымæц нывгонд чындис, дыууæ конусон лыгуæттæ кæрæдзи кæм æрлыг кæнынц, уыцы стъæлфы хуызы. Хайям скодта бындур уыцы методæн, сарæзта æмбæрцæдты типты классификаци, стæй конусон лыгуæтты тип равзарыны алгоритм. Уымæй уæлдай ма равдыста æвæрццæг уидæгты нымæц æмæ сæ асты аргъ. Хъыгагæн, Хайям нæ бафиппайдта, кубон æмбæрцадæн гæнæн ис æмæ уа æртæ буаргъæдон уидаджы.
Омар цы къæлиндар сарæзта, уымæй Ираны пайда кæнынц 1079-æм азæй фæстæмæ.

Омар Хайямы кад дунейыл анхъæвзта йæ бирæнымæц æмдзæвгæты руаджы. Поэты цыппаррæнхъонтæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ æвзæгтæм. Ирон æвзагмæ сæ раивта зындгонд фыссæг Дзасохты Музафер.




#Article 355: Айни, Садриддин (145 words)


Айни (; йе ’цæг ном: Садриддин Саид-Муродзода) (1878—1954) уыди таджикаг фыссæг, æхсæнадон архайæг, ахуыргонд.

Айни райгуырдис Бухарайы облæсты Гиждуваны районы, Соктарийы хъæуы. Йæ фыд уыди æрмгусæг — арæзта куыройыфыд. Йæ фыдыфыд та уыди молло.
Садреддиныл æхсæз азы куы цыди, уæд æй йæ фыд радта мызджыты цур скъоламæ. Фæлæ ахуыргæнæг æнахуыргонд кæй уыди, уый охыл фыд ракодта лæппуйы уырдыгæй æмæ йын бынат скодта хъæуы моллойы ус чызджыты ахуыр кæнынмæ кæй дардта, уыцы скъолайы. Фæлæ уæддæр Айни скъола каст фæуыны фæстæ нæ зыдта нæдæр кæсын, нæдæр фыссын. Кæсын-фыссын ын бацамыдта, Бухарайы чи ахуыр кодта, уыцы Сайид-Акбар.

Джадидтæм хæстæг кæй уыди, уый охыл 1915-æм азæй хицæуттæм фыссæг нымад уыди гуырысхойагыл, йæ фæдыл зылдысты æмæ йæ бахъуыди хи æмбæхсын. Уымæ нæкæскæйæ, 1916-æм азы Айни æнæнхъæлæджы нысангонд æрцыд мударисы бынатмæ, Бухарайы стырдæр мæзджыттæй иу Хиёбоны, фæлæ уый не сразы ис.

Айни у таджикæгты националон сфæлдыстады антологи («Таджикаг дзырдаивады дæнцæгтæ») саразæг.




#Article 356: Рудаки (123 words)


Абу Абдаллах Рудаки (, æндæр версимæ гæсгæ Абуль Хасан) (860-æм азмæ ’ввахс, Панджрудак, ныртæккæ Таджикистаны ис — 941) — персайнаг поэт.

Нымад у персайнаг-таджикаг классикон поэзийы бындурæвæрæгæй. Æрыгон ма уыди, афтæмæй йæхицæн кад скодта куыд зарæггæнæг æмæ музыкант-рапсод. Таурæгъмæ гæсгæ, æрдзæй куырм рахаста, фæлæ уæддæр райста хорз схоластикон ахуыр, зыдта араббаг æвзаг. 40 азæй фылдæр уыди Бухары хицæуты цур поэтты къорды сæргъы. Афтæмæй сси стыр кад æмæ мулчы хицау. Йæ мæлæтæй чысыл раздæр йæ цæрæн бæстæйæ æрцыд тард æмæ амарди мæгуыргурæй.

Йæ литературон бынтæй нæм æрхæццæ сты минмæ æввахс дыууæрæнхъоны. Æнæхъæнæй аирвæзти касыдæ «Бæгæныйы мад» (933) æмæ автобиографион «Зæрыбонтыл одæ», стæй 40 цыппаррæнхъоны. Йæ иннæ уацмыстæ нæ дугмæ æххæстæй не ’рцыдысты — уыдонæй баззади æрмæст скъуыддзæгтæ.

Ныртæккæ Рудакийы ном хæссы Душанбейы сæйраг проспект.




#Article 357: Шииттæ (142 words)


Шииттæ ( [шиа] «фарсхæцджытæ, къорд, фракци, парти») у цалдæр пысылмон здæхты (шииттæ-дыууадæсонтæ, алавиттæ, друзтæ, исмаилиттæ æмæ æнд.) иумæйаг ном. Уыцы здæхтытыл хæст дингæнджытæм гæсгæ имам уæвыны, стæй уммæйы сæргъы уæвыны бар ис æрмæстдæр пехуымпар Мæхæмæты фæдонтæн. Фæлæ фылдæр хатт шииттæй хонынц уыдоны сеппæты нæ, фæлæ сæрмагондæй дыууадæсон шиитты (). Уыдон сæ нымæцмæ гæсгæ сты пысылмон дины дыккаг стырдæр здæхт (суннитты фæстæ). Ацы здæхты дингæнджытæм гæсгæ пехуымпар Мæхæмæты закъонон бындартæ сты айдагъ Али ибн Абу Талибы сæйраг хаххы фæдонтæ.

Ныртæккæ шиитты алыхуызон коммунæты дингæнджытæ цæрынц, зæгъæн ис æмæ æппæт пысылмон бæстæты. Шииттæ сты Ираны, Азербайджаны æмæ Ирачы цæрджыты фылдæр хай, стæй уыцы здæхтыл хæст сты бирæ адæймæгтæ Ливаны, Йемены, Бахрейны. Таджикистаны Хæххон Бадахшаны автономон облæсты цæрджыты фылдæр хай сты исмаилитаг шииттæ.

Уæрæсейаг шиитты нымæц у цъус. Уыдон сты: лекъæгты æмæ даргинæгты чысыл хай Дагъистаны, стæй нæ бæстæйы чи цæры, уыцы азербайджайнæгтæн сæ фылдæр.




#Article 358: Хазары каганад (306 words)


Хазары (Хъазары) каганад (650―969) ― у хазайраг цæугæцардгæнджытæ кæй бындур æрæвæрдтой, уыцы астæузаманон паддзахад.

Каганад контроль кодта Разкавказ, Дæллаг æмæ Астæуккаг Поволжье, нырыккон Цæгат-Ныгуылæн Хъазахстан, Скæсæн Европæйы хъæдбыдыртæ æмæ æндæр рæттæ.

Хазары каганады артдзæст æрбынат кодта нырыккон Дагъистаны былгæроны (Семендер), фæстæдæр та йæ бынат аивта нырыккон Астарханы цур чи уыди, уыцы сахар Итилмæ. Хазайрæгты дыууæ сæйраг сахарæн сæ бынæттæ нырмæ дæр бæрæг не сты. 

Каганады истори йæхимæ здахы ахуыргæндты æргом йæ уникалондзинады фæрцы: каганад у, иудейаг дин паддзахадон кæм уыди, ахæм иунæг æнæдзуттаг паддзахад æнæхъæн историйы дæргъы. Каганады хицауиуæггæнæг элитæйы хай (бектæ ― Буланидтæ) суанг X æнусмæ — Каганады хæдбарады сæфты онг кодтой иудейаг дин. Хуымæтæг адæмы æхсæн иудаизм арф нæ ныффидар.

Цымыдисаг фактæй зыны Каганады политикон сконд: динон хицауад уыди каганты (рагон хазайраг мыггаг Ашинты байзæддæгты) къухты, фæлæ æцæг хицауиуæг кодтой бектæ. Йæ хæдбар историйы дæргъы Каганад хицауиуæг уыди бектæ-Буланидтæй, кагантæ та æрвыстой сæ тюркаг муртаккаг дин æмæ сæ паддзахады сын æгъдау лæвæрдтой цыма æрдæг-Хуыцауттæн. Уæдыккон азфысджытæ, дунеон динты минæвæрттæй уæвгæйæ, арæх-иу фиппайдтой æмæ Каганады мидæг алыхуызон конфесситы минæвæрттæ цардысты æнæ кæрæдзиимæ знагдзинадæй. Хазары каганад у дзуттаг æхсæнад кæм равзæрдис æмæ ныффидар, ахæм рæттæй иу. Уый минæвæрттæ Каганады сæфты фæстæ алыгъдысты Европæмæ æмæ бацыдысты ашкеназиты кондмæ.

Астæузаманон араббаг-персайнаг, славяйнаг, бердзейнаг, гуырдзиаг, сомихаг æмæ латинаг æвзагыл цы фыстæуыди, уыцы азфыстыты Каганад бæрæг æвдыст цæуы куыд Скæсæйнаг Европæйы паддзахад-гегемон. Каганады æддагон политикæйы бындур уыди сыхаг бæстæты байст: хазар кодтой стæрон бабырстæ Фæскавказ, Цæгат Кавказ, скæсæн-славяйнаг знæмты цæдисты зæххытæм æмæ алыхуызон цæугæцардгæнæг адæмыхæттытæм. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы тох кодтой арабимæ. Фæстæдæр Каганады æддагон политикæ арæзт цыди æхсæнадæмон базарады руаджы: Каганад æрбынат кодта сæйраг базарадон фæндæгты цур. Хазар джиппыуагътой сæхи æвзист æхца, фæлæ ацы фарста нырма у иртасинаг.

Каганад куыд сæрибар паддзахад фесæфт 966-æм (æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ — 969-æм) азы уырыссаг кънйаз Святославы балæбурды охыл. Уый фæстæ Хазары каганад цалдæр дæсазы дæргъы уыди дæлбар, стæй куыд политикон уæвæг ахицæн ис.




#Article 359: Абд аль-Кадир (220 words)


Абд аль-Кадир (æххæст ном: Сиди эль-хаджи Абд-эль-Кадер Удед-Магиддин, ; 1808 азы 6 сентябры — 1883 азы 26 майы, Дамаск) араббаг эмир, Францы ныхмæ хæсты алжираг знæмты фæтæг, ахуыргонд, поэт.

У Ораны рагон æмæ номдзыд марабутаг мыггагæй рацæуæг. Ахуыр кодта Маскары, йæ сæргъы аль-Кадиры фыд, номджын Сиди-эль-Магиддин, кæмæн уыди, уыцы динон скъола Хетнейы. Йæ æвæджиау курдиæттæ, диныл æнувыддзинад, ахуырдзинад æмæ гæрзарæхсты руаджы Абд аль-Кадир йе ’взонджы карæй уыдис хъуыстгонд.

Йæхи гуырысхогæнаг алжираг дейы цæстдардæй суæгъд уæвыны охыл аль-Кадир алыгъдис Мысырмæ. Уым лæг фыццаг хатт базонгæ ис европæйаг цивилизациимæ. Мысырæй аль-Кадир хадзыйы цыд акодта Меккæмæ æмæ сыздæхти йæ райгуырæн бæстæмæ эль-хадзыйы номимæ. Уыцы заман францæгтæ, туркæгты асургæйæ, бакодтой Алжир сæхи. Францæгты ныхмæ растадысты бирæ араббаг знæмтæ.

Францы йын сарæзтой фæлмæн æмæ кадджын цæстдард, æмæ афтæмæй дзы царди йæ хæстæджытимæ, цалынмæ йæ Наполеон Æртыккæгæм нæ рауагъта æмæ пенси снысан кодта, уæдмæ. 1852-æм азы 21 декабры уый ацыди цæрынмæ Бурсæмæ, фæстæдæр та — Дамаскмæ, цыран 1860-æмы сæрды сдзырдта, карз æлхъывд чи цыди, уыцы чырыстæтты сæрыл. Уæдæй фæстæмæ йæ цард уыди сабыр æмæ æнæхъыгдард. Æцæг, рæстæгæй-рæстæгмæ аль-Кадир араст-иу ис  , кувынмæ. Иу хатт ма хадзыйы цыд акодта Меккæмæ, 1867-æм азы абæрæг кодта Дунеон равдыст Парижы, 1869-æмы ноябры та уыди Суэцы каналы байгомы уазæг.

Абд аль-Кадир ныффыста иттæг цымыдисаг динон-философон уацмыс, кæцы Дюга раивта араббагæй францагмæ ахæм сæргондимæ: «Rappel à l’intelligent; avis à l’indifférent» (Париж, 1858).




#Article 360: Абд аль-Кадиры растад (123 words)


Абд аль-Кадиры растад, зæгъгæ, афтæ хуындæуы, 1832—1847 азты Алжиры, сæ сæргъы Абд аль-Кадир афтæмæй, Францы ныхмæ цы адæмон тох уыдис, уый.

Растадæн йæ разæууæл  уыдис уый æмæ 1830-æм азы францæгтæ уæды Алжир колонизаци кæнын кæй райдыдтой. Фыццаг растадысты провинци Ораны араббаг-бербераг знæмтæ 1832-æм азы майы. Растады фæтæгтæй иу сси Абд аль-Кадир. Уымæн бантысти баиу кæнын, уый размæ алыхуызон социалон къордтыл дихтæ чи уыдис, уыцы знæмты. Уыдон равзæрстой аль-Кадиры эмирæй. Растады рæстæг тохгæнджытæ сарæзтой паддзахад (эмирад), сæ сæйраг сахар уыди Маскар, афтæмæй. Хæст уыдис иттæг карз æмæ тугкæлæн, францæгтæ цалдæр хатты фембылды сты æмæ 1834-æм азы февралы сфидар кодтой араббæгтимæ фидыды бадзырд.

Рæстæгмæ фидыды рæстæг Абд аль-Кадир скодта цалдæр реформæйы: административон (эмират дихгонд æрцыдис цалдæр облæстыл), экономикон, тæрхондæтты æмæ хъалонты. Паддзахад уагъта хи æхца.




#Article 361: Башибузуктæ (147 words)


Башибузуктæ (; başı — сæр, bozuk — хæлд, дзырдæй-дзырдмæ: сæрхæлд) — афтæ хуыдтой, Османты империйы заман чи уыди, уыцы туркаг иррегулярон фистæгæфсады балтæ.

Башибузукты æххуырстой Османты паддзахады хæстæргомдæр знæмты ’хсæн, фылдæр Албанийы æмæ Чысыл Азийы.

Ацы æфсæддонтæн хицауадæй лæвæрд цыди хæцæнгæрзтæ æмæ хæлц, фæлæ мызд нæ истой. Башибузучы хотых уыди ахæм: æхсаргард, 3 метры дæргъæн арц, стæй иуæй-иутæн ма уыди дамбаца æмæ хъама.

Европæйы паддзахæдты ныхмæ хæстыты башибузуктæн сæ бон нæ уыди аккаг ныхкъуырд дæттын. Уыдоны сорганизаци æмæ бакоммæгæс кæнæн ницы амалæй уыди, суанг ма уый нæ бантысти, сæрмагондæй ууыл чи архайдта, уыцы европæйаг инæлартæн (францаг инæлар Юссуф, англисаг Битсон).

Башибузуктæй сабырцæрæг адæм цы стыгъдтытæ æмæ тыхмитæ æвзæрстой, уыдонæн кæрон скæнынæн туркаг регулярон æфсæдтæн-иу арæх бахъуыди сæ хæцæнгæрзтæ сын байсын.

Æххæстæй сæ æгъатырдзинад æмæ фыдмитæм æмхицдзинад уыдон равдыстой Болгарийы Апрелы растад ныссæсты рæстæг, стæй фæстаг уырыссаг-туркаг хæсты (1877–1878 азты).

Афтæмæй се ’нæхатырдзинады охыл башибузуктыл сбадти фидиссаджы гакк.




#Article 362: Батумы ботаникон парк (164 words)


Батумы ботаникон парк (бæласдон) () у Гуырдзыстоны стырдæр ботаникон парк, йæ фæзуат у 111 га. Ис Батумæй 9 км æддæдæр, æфсæнвæндаджы станцæ Кæрдæгцъæх сынæджы () цур.

Батумы ботаникон парчы бындур æрæвæрдта уæрæсейаг ботаник æмæ географ Андрей Николаевич Краснов (инæлар П.Н. Красновы æфсымæр) 1880-æм азы, официалон æгъдауæй та байгом чынди 1912-æм азы 3 ноябры. Йæ сæйрагдæр нысаныл Краснов нымадта ахæм: хæдзарады бæзгæ субтропикон зайæгойты уымы бæстыхъæдыл сфæлтæрын кæнын æмæ сæ райдайын зайын кæнын Уæрæсейы хуссар районты.

Гуырдзыстоны Советон тыхбар куы сфидар ис, уæддæр парк дарддæр рæзыд. ССР Цæдисы хицауады 1925-æм азы 30 июлы уыннафæмæ гæсгæ Батумы ботаникон парк нымад æрцыд, Сау денджызы былгæрон субтропикон культуртæ (цай, цитрусонтæ æмæ æнд.) чи рæзын кæндзæн, паддзахады уыцы бындурон зонадон уагдоныл.

XXI æнусы райдианы парчы уыди 9 флористон хайады:

Парчы цардæгас зайæгойты коллекцийы ис 5 мин хуыз, мыггаг æмæ формæйæ фылдæр, уыимæ бæлæстæ æмæ цъыхырыты 2 мин хуызмæ æввахс.

Парчы ис 5 зонадон хайады:

Батумы ботаникон парк раздæр уыди Гуырдзыстоны зонæдты академийы дæлбар, фæлæ 2006-æм азæй у хæдбар уагдон.




#Article 363: Уæртджын хæфсыты цад (101 words)


Уæртджын хæфсыты цад () у, Тбилисæй хуссар-ныгуылæнырдыгæй æртæ километры дæрддзæгæн, Мтацминдæйы хохы цæгатвахс чи ис, уыцы цад. Ахæм номæй йæ схуындæуыд, раздæр дзы уæртджын хæфсытæ бирæ кæй уыди, уымæ гæсгæ.

Цадмæ кæлы чысыл цæугæдон Варазис-Хевийы (Къуары фæрсагдон) иу дыс. Цад денджызы æмвæзадæй у 686,7 метрæй бæрзонддæр, йæ фæзуат у 0,034 км². Цады иуыл арфдæр раны æрфад у 2,6 м.

Уæртджын хæфсыты цад у тбилисæгтæ æмæ сахары уазджыты уарзон фæлладуадзæн ран, йæ алфамбылай ис нывыл арæзт пляж.

Цадмæ бацæуæн ис автовæндагыл кæнæ канатвæндаджы фæрцы Уæлахизы парчы ’рдыгæй.

Цадмæ хæстæг, ныгуылæнырдыгæй æрбынат кодта Гуырдзиаг адæмон архитектурæйы музей — æнæцар гом этнографион музейон комплекс.




#Article 364: Андиаг адæм (135 words)


Андиæгтæ (, ) сты адæм хæххон Дагъистаны ныгуылæны, Ботлихы районы Цæцæнимæ арæны цур.

Андиæгты историон артдзæст ис Андийы рагъы хуссарвæхстыл, цæугæдон Андийы Хъойсуйы галиу фæрссагдæттæ кæм кæлынц, уыцы рæтты. Географион, культурон  æмæ æвзагон барæнтæм гæсгæ Андийы бæстæ дихгæнæн ис Уæллаг æмæ Дæллаг Андийыл.

Андиæгтæ дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды  андиаг-цезаг дæлкъорды андиаг æвзагыл. Андиæгты æхсæн пайда чындæуы солиаг æвзаг — хъуыддагкæнынад æмæ ахуырады мидæг, уырыссаг æвзаг — куыд æхсæнадæмон ныхасгæныны фæрæз (солиаг æвзаджы «зонæйы» æдде), ахуырад  æмæ хъуыддагкæнынады дæр. Андиаг æвзагæн фыссынад нæма сфæлдыстæуыд, фæлæ ис се 'взагыл тексттæ: Ног фæдзæхст æмæ æндæртæ.

Уырнæг андиæгтæ сты пысылмæттæ-сунниттæ (уыдон сты Кадырийаг тарикаты иунæг минæвæрттæ дагъистайнаг хæххон адæмыхæттыты 'хсæн), фæлæ XIV æнусы онг сæ фылдæр уыдысты чырыстæттæ (райстой йæ гуырдзыйæ Тамар успаддзахы рæстæджы).

Андийы традицион дæсныйад у фосдарын æмæ нымæт уæрдыны куыст. Дæллаг андийаг хъæуты рæзын кæнынц алыхуызон дыргътæ. 




#Article 365: Андиаг æвзаг (162 words)


Андиаг æвзаг () — у андиаг адæмы æвзаг.

Андиаг æвзагыл дзурынц Дагъистаны Ботлихы районы цалдæр хъæуы: Анди, Гагатли, Миарсо, Муни, Кванхидатль, Зилойы, стæй сахартæ Махачкала æмæ Хасавюрты.

Андиаг æвзаг у андиаг æвзæгтæй иу. Уымæн ис уæллаг-андиаг (хъæутæ Анди, Гагатли, Риквани, Зило) æмæ дæллаг-андиаг (Муни, Кванхидатль) диалектты къорд ныхасыздæхтытæ. Диалектты мидæг ис мырон (уæллаг-андиаг диалекты нæй мыр «кьI») æмæ морфологион (цæвиттон, дæллаг-андиаг диалекты ис æртæкъласон системæ) хъауджыдзинæдтæ.

Андиаг æвзаджы ис номон къласы фондзуæнгон системæ, Рикванийы ныхасыздæхты та — æхсæзуæнгон; ис ма аффективон хауæны форманты конды мидæг къласон æвдыстæгтæ: 
рахицæнгæнæн ис локализацийы 7 серийы, æнæуый та нысан «мидæг» нымæцы миниуæгмæ гæсгæ (иуон нымæц - «ла/-а», бирæон нымæц - «-хъи», дæнцæгæй: «гьакъу-ла» (хæдзары мидæг), фæлæ «гьакъоба-хъи» (хæдзæртты мидæг); мивдисæджы нымæцы æвдыстæуы аблаутæй: «имуво воцци в-усон» (фыд æрвады ссардта), фæлæ «имуво воццул в-осон» (фыд æрвадæлты ссардта).

Андийы хъæуы ныхасыздæхты ис хъауджыдзинæдтæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ныхасы.
Дæнцæгæй: «дин» (æз), «мин» (ды), «гьекIа» (адæймаг), сылгоймæгтæ та дзурынц: «ден»,  «мен»,  «гьекIва».

Андиаг æвзагæн ис хигъæдон фыссынад кириллон алфавиты бындурыл.




#Article 366: Россини, Джоаккино Антонио (166 words)


Джоакино Антонио Россини (; 1792—1868) уыди италиаг композитор, динон æмæ камерон музыкæйы, стæй 39 оперæйы автор.

Россини райгуырдис 1792-æм азы 29 февралы итайлаг сахар Пезаройы. Йæ ныййарджытæ уыдысты музыканттæ (фыд уыди трубач æмæ валторнист, мад та — зарæггæнæг). Йæ сабибонтæй Джоакино ахуыр кодта зарын, стæй чембало æмæ скрипкæйыл цæгъдын, касти музыкæйы теори. Рæсугъд хъæлæсы хицау уæвгæйæ сывæллон зарыди аргъуаны хорты, оперон театры та уыди хоры дирижер æмæ аккомпаниатор. 1806–1810-æм азты Россини ахуыр кодта музыкæ Болоньяйы музыкалон лицейы. Уым йæ ахуыргæнджытæ уыдысты В. Каведаньи (виолончель) æмæ С. Маттеи (контрапункт).

Йæ фыццаг оперæ («Вексель на брак») композитор ныффыста 1810-æм азы. Дарддæры азты Джоакино иудадзыг фыста оперæтæ Венецийы æмæ Миланы театртæн.

Лицей каст фæуынæй 6 азы куы рацыди (1816 аз), уæд Россини ныффыста (20 бонмæ) йæ зындгонддæр уацмыс — оперæ «Сивильяйы хилдасæг», Бомаршейы пьесæмæ гæсгæ.

Джоакино Россини фæзиан 1868-æм азы 13 ноябры Парижмæ хæстæг сахар Пассийы. 1887-æм азы йæ марды буар раластой Флоренцимæ æмæ уым баныгæдтой.

Россинийы ном хæссы, йæ ныстуанмæ гæсгæ йæ райгуырæн сахары кæй сарæзтой, уыцы консерватори.




#Article 367: Индийы фурд (107 words)


Индийы фурд (океан) у Зæххы къорийы фурдты æртыккаг стырдæр. Зæххæн æмбæрзы йæ донцъары 20%.

Цæгатырдыгæй арæнгонд у Азийы континентæй, ныгуылæнырдыгæй — Аравийы æрдæгсакъадах æмæ Африкæйæ, скæсæнырдыгæй — Индокитай, Зонды сакъадæхтæй, хуссарырдыгæй — Хуссар фурдæй.
Индийы æмæ Атлантикон фурдты ’хсæн арæн цæуы скæсæн дæргъады 20 градусыл, Индийы æмæ Сабыр фурдты арæн — скæсæн дæргъады 147 градусыл.

Индийы фурды тæккæ цæгатагдæр стъæлф ис Персы бакæлæны, цæгат уæрхады 30 градусмæ æввахс.
Индийы фурд у 10000 км уæрхæн. Йæ фæзуат у 73 556 000 км² (Сырх денджыз æмæ Персы бакæлæн нымайгæйæ), бæрцут — 292 131 000 км³.

Индийы фурды æрбынат кодтой сакъадахон бæстæтæ — Мадагаскар, Комораг сакъадæхтæ, Сейшелтæ, Мальдивтæ, Маврикий, Шри-Ланка.




#Article 368: Персы бакæлæн (129 words)


Персы бакæлæн ( [халиджэ парс]) у Иран æмæ Аравийы æрдæгсакъадахы ’хсæн бакæлæн. Ормузы донкъубалæй баст у Оманы бакæлæнимæ, Аравийы денджызимæ æмæ Индийы фурдимæ. 1960-тæм азтæй иуæй-иу араббаг паддзахæдтæ рæгъмæ æрхæстой бакæлæны ном баивыны идейæ: араббагау æй райдыдтой Араббы бакæлæн хонын ( ). Ацы ном араббаг дунейы æдде нæ рапарахат ис, Иугонд Нациты Организаци æмæ æндæр организацитæ дарддæр пайда кæнынц раздæры номæй.

Персы бакæлæны былгæрон ис ахæм паддзахæдтæ: Оман, Араббы Иугонд Эмираттæ, Сауды Арабб, Катар, Бахрейн, Кувейт, Ирак æмæ Иран. Персы бакæлæнмæ кæлынц цæугæдæттæ Тигр æмæ Евфрат.

Персы бакæлæны регион нефтарæх кæй у, уый охыл ын ис тынг ахсджиаг геополитикон ахадындзинад. XX æнусы кæрон регионы цыдысты дыууæ стыр хæсты: Иран æмæ Ирачы ’хсæн хæст (1980—1988) æмæ Персы бакæлæны хæст (1991).

Гидрологион, гидрохимион æмæ æндæр æууæлтæм гæсгæ Персы бакæлæн у денджыз.




#Article 369: Хъырымы тæтæр (110 words)


Хъырымы тæтæр кæнæ хъырымтæтæр (хъырымтæтæйрæгтæ; хъырымы тæтæйрагау qırımtatarlar) сты, Хъырымы чи равзæрди, уыцы адæм. Дзурынц, алтайаг æвзæгты бинонты тюркаг къордмæ чи хауы, уыцы хъырымтæтæйраг æвзагыл.

Хъырымтæтæйрæгты фылдæр хай цæрынц Хъырымы æрдæгсакъадахыл (260 минмæ æввахс), стæй ма цæрынц Турчы, Узбекистаны (150 минмæ æввахс), Румынийы (24 мины), Болгарийы (3 мины), Уæрæсейы. Турчы цы хъырымтæтæйрæгтæ цæрынц, уыдоны нымæц бæлвырд бæрæг нæу, уымæн æмæ уыцы паддзахады æппæт цæрджытæ нымад сты туркæгтыл æмæ уый охыл этникон сконды бæрæггæнæнтæ мыхуыргонд нæ цæуынц.

Хъырымтæтæйрæгты фылдæр хай сты суннитон пысылмæттæ (хæст сты ханафиты мазхабыл).

Хъырымтæтæйраг адæмы æртæ субэтникон къорды сты татæгтæ (уыцы адæмы фылдæр хай, татаг адæмимæ сæ ивддзаггæнæн нæй), ялыбойу æмæ ногъай (ногъайаг адæмимæ сæ ивддзаггæнæн нæй).




#Article 370: Ирон национ ахуырады концепци (320 words)


Ирон адæмон ахуырады концепци () у, ЮНЕСКО-йы  дæлбазыр Цæгат Ирыстоны  педагогтæ ахуыры æппæт къæпхæнтæн кæй сарæзтой, уыцы ахуырадон программæты æмдзыгуыр.
 

Ирон национ ахуырады концепци райстæуыд Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрадæй  2004-æм азы 23 апрелы. Концепцийы нысан у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны территоритыл ахуырадон системæйы ног хуызы сарæзт ахуырады бирæвзагон бындурыл. Концепци хъуамæ райсой РЦИ—А æмæ РХИ-йы ахуырадон уагдæттæ, уый сфæлварыны фæстæ. Концепцийы автортæ сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты профессортæ Хъамболты Тамерлан, Бзарты Руслан æмæ Алинæ Левитская.

Концепцийы бындурон хъуыды уый мидæг ис, æмæ ирон национ скъола арæзт цæуы бирæвзагондзинад æмæ бирæкультурондзинады принциптыл. Программæмæ гæсгæ ахуыры æвзæгтæ сты ирон æмæ уырыссаг, кæй ахуыр кæнынц, уыцы æртæ æвзаджы та сты: ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг. Концепцимæ гæсгæ ирон национ скъолайы модель арæзт цæуы ахæм принципыл æнцайгæйæ: «Ирыстон — Уæрæсе — дуне». Моделы нысан у ахуыргæнинæгтæн бауарзын кæнын Уæрæсейы культурæ, уый фæрцы та — дунейы адæмты культурæ. Уымæй уæлдай æхсджиагдæр нысæнттæй иу у хъахъхъæнын ирон æвзаг, куыд паддзахадон.

Полилингвалон ахуыры моделæн ис дыууæ варианты: ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон.

Фыццаг вариантмæ (ирон-уырыссаг) гæсгæ райдайæн кълæсты ахуыртæ хъуамæ райдайой мадæлон æвзагыл, уырыссаг ахуыр хъуамæ цæуа куыд ахуыргæнæн предмет. Фæлæ алы урочы дæр ахуырдзау базоны ног терминтæ уырыссагау дæр. Стæй æртыккаг къласæй райдайгæ, уроктæ сабыргай райдайынц дæттын дыууæ æвзагыл: ирон æмæ уырыссагау.

Цыппæрæм къласы та уырыссаг æвзаг ноджы фæфылдæр вæййы. Фæндзæм къласы ахуыры предметтæ сæ фылдæр райдайынц уырыссагау, фæлæ аст предметы ахуыр цæуынц иронау суанг скъолайы кæронмæ: ирон æвзаг, ирон литературæ, нываивад, музыкæ, дунеон аивадон культурæ, Ирыстоны истори, Ирыстоны географи æмæ ирон адæмы традицион культурæ.

Полилингвалон модель саразæг Хъамболты Тамерланмæ гæсгæ «æнæмæнг скъоладзаутæ ахæм системæйы ахуыргæнгæ, сæ мадæлон æвзаг базондзысты бындуронæй æмæ йæ æцæг литературон формæйæ. Англисаг æвзаг дæр ацы варианты ахуыр кæндзысты иронау». («Рæстдзинад», 2010 азы 18 мартъи)

Дыккаг вариант (уырыссаг-ирон) та арæзт у афтæмæй, цæмæй йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уыцы сывæллæттæ сæ ахуыртæ райдайой уырыссагау, ирон æвзаг ахуыргæнгæйæ куыд ахуыры предмет. Фæлæ уырыссагау ахуыргæнгæйæ, ацы сывæллæттæ хъуамæ базоной алы предметты терминтæ иронау дæр.




#Article 371: Стерлитамачы район (155 words)


Стерлитамачы район () у муниципалон район Башкортостаны Республикæйы сконды. Районы администраци у Стерлитамачы, фæлæ уыцы сахар йæхæдæг у хицæн муниципалон иуæг — «сахарон зылд Стерлитамак».

Муниципалон районы фæзуат у 2227 км². Ис дзы 111 цæрæнраны, уыдонæй стырдæртæ: Куганак, Наумовкæ, Рощинский, Загородное æмæ Отрадовкæ.

Район у хъæздыг саумæр зæххытæй, хъæды фæзуат 5,1% у.

Районы экономикæйы тыхджындæр къабæзтæ сты хор тауын, хурмæзилæг, картоф æмæ халсартæ рæзын кæнын. Дарынц дзы стур, хуытæ æмæ мæргътæ.

Хъæууонхæдзарадон зæххытæ ахсынц 186,1 мин га (районы 83,6 %), уымæй 142,5 мин га сты хуымтæ.

Культурæйы сæйрагдæр артдзæст у районы Культурæйы галуан, 1991-æм азæй у хъæу Загородныйы. Уый йедтæмæ кусынц 29 культурæйы хæдзары, дæс хъæууон клубы.

Районы цæрджыты ’хсæн райтынг ис аивадон хæдархайд. «Адæмон коллективы» хуындад райстой уырыссаг зарæджы хор «Родники» («Суадæттæ»), чувашаг зарæджы ансамбль «Парне» («Лæвæр»), тæтæйраг зарæджы ансамбль «Ядкарь», кафты коллектив «Миляш», уырыссаг зарæджы ансамбль «Уральская рябинушка» («Уралы цъуй»), тæтæйраг зарæджы ансамбль «Гузель», уырыссаг зарæджы ансамбль «Рязаночка», мордоваг этнографион ансамбль «Вастома» («Фембæлд»).




#Article 372: Морозини, Франческо (120 words)


Франческо Морозини (; 1619 26 апрелы — 1694 6 январы) — Венецийы 108-æм дож.

Райгуырдис, Республикæйæн æртæ дожы чи радта, ахæм дзырддзæугæ венециаг бинонты. Сæ мыггаджы цыппæрæм дож ссис Франческо. Уый бахъуыдис дож уæвын, Турчы Стыр хæст (1676–1699) йæ тæмæны куы уыдис, уæд.

Æвзонгæй Морозини снывонд кодта йæхи æфсæддон хъуыддæгтæн, архайдта туркæгты ныхмæ хæстон быцæуты Эгейы денджызы.

Морозини хæсты рæстæг, 1667–1669-æм азты лæвæрдта разамынд Республикæйы флотæн Эгейы денджызы. Уыцы заман йын уыди Венецийы тыхты капитан-инæлары цин. Сакъадах Криты Кандийыл туркæгтæ куы æрхъула сты, уæд лæг уыдис сахары хъахъхъæнджытæн разамынддæттæг. 1669-æм азы сахар æнæбары туркæгтæн куы радтой, уæд, фæстæмæ Венецимæ раздæхгæйæ Франческо Мрозинийы фæаххосджын кодтой тæппуддзинад æмæ гадзрахатæй, фæлæ рæхджы бонты йæ æххæстæй сраст кодтой.

Франческо Морозини амардис æнæзæнæгæй 1694-æм азы.




#Article 373: Выборг (112 words)


Вы́борг (, , ) у Ленинграды облæсты сахар, Выборджы районы административон центр. Цæрджыты нымæц 2009-æм азы 1 январмæ у 77766 адæймаджы, 2008-æм азы дæргъы уыцы нымæц 171 адæймагæй фæфылдæр и. Гатчинæйы фæстæ Выборг у Ленинграды облæсты дыккаг стырдæр сахар.

Выборг кæд стыр сахар нæу, уæддæр дзы ис бирæ фенддæгтæ, уыдоны ’хсæн Выборджы гæнах, Алвар Аалтойы библиотекæ, парк Монрепо, Сахаты мæсыг æмæ сæдæгай æндæртæ. Сахармæ æрбацæуынц бирæ туристтæ, сæ фылдæр — Уæрæсейы æндæр регионтæй æмæ Финляндийæ.

Октябры революцийы фæстæ Финлянди расидтиc йæ хæдбардзинад, ууыл советон хицауад сразы ис. Афтæмæй Выборг сси ног паддзахады ахсджиагдæр сахартæй иу. Зымæгон хæсты фæстиуæгæн 1940 азы Выборг бацыдис Советон Цæдисы скондмæ, йæ финнаг цæрджытæ æппæтæй ралыгъдысты Финляндийы мидрегионтæм.




#Article 374: Уттар-Прадеш (190 words)


Уттар-Прадеш (; ; Uttar Pradesh «Цæгаты бæстæ») у Индийы цæгаты штат, йæ цæгат арæн у Индийы арæн Непалимæ. Штаты сæйраг сахар у Лакхнау, стырдæр сахар — Канпур. Æндæр стыр сахартæ сты Агрæ, Алигарх, Айодхья, Варанаси (Бенарес), Горакхпур. Цæрджыты нымæц у 166 млн адæймаджы — уымæй у Индийы штатты ’хсæн стырдæр.

Уттар-Прадеш у дунейы стырдæр административон иуæг цæрджыты нымæцмæ гæсгæ, æрмæст фондз паддзахады цæрджыты нымæц у Уттар-Прадешæй стырдæр: АИШ, Бразили, Индонези, Китай æмæ Инди йæхæдæг.

Кæсын-фыссын чи зоны, уыдоны нымæц у, æндæр штаттимæ абаргæйæ, ныллæг — нæлгоймæгтæй 70%, сылгоймæгтæй 43% (2001-æм азы). Штаты зындгонддæр уæлдæр ахуыргæнæндон у Аллахабады университет.

Штат Уттар-Прадеш иттæг ахсджиаг у Индийы культурæйæн — сахар Варанаси (Бенарес дæр æй хонынц) у индусаг уырнджытæн табуйаг. Сахар Агрæйы та лæууы дунейы зындгонддæр амаддзæгтæй иу — мавзолей Тадж Махал.

Нырыккон хиндийы литературон формæйы бындур сси, Уттар-Прадешы ныгулæны цы хариболийы диалектыл дзурынц, уый.

Уттар-Прадешы зæххыл XIX æнусы уыдис бритайнаг провинци Агрæ æмæ Ауды кънйазад. 1858-æм уыдон иугонд æрцыдысты, уæдæй фæстæмæ хуыдтой сæ «Агрæ æмæ Ауды иугонд провинцитæ», 1902-æм азæй та хуымæтæджы «Иугонд провинцитæ». Инди хæдбар куы сси, уæд штатæн радтой йæ ныры ном (йæ уæды сконды нырыккон Уттаракханды штаты зæххытæ дæр уыдысты).




#Article 375: Базоркин, Идрис Муртузы фырт (561 words)


Идрис Муртузы фырт Базоркин (; 1910 азы 15 июны, Терчы облæсты Назраны зылды Базоркинойы хъæу — 1993 азы 31 майы, Мæхъхъæлы Республикæ, Назран) уыди мæхъхъæлон советон фыссæг, поэт æмæ драматург; фыста уырыссаг æвзагыл.

Идрис райгуырдис Базоркинты мыггаджы хъæу Базоркинойы (æндæр ном — Мочко-юрт). Ацы хъæуы бындур æрæвæрдта фыссæджы фыдыфыды æфсымæр Базоркин Мочко (ныртæккæ — Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Черменыхъæу).

Базоркинты мыггаг хауы, хæххон Мæхъхъæлы Эги-Калы хъæуæй чи рацыдиc, уыцы Газдиевты ахилмæ.
Фыссæджы фыдыфыд Бунухо уыди, паддзахы æфсады инæлар чи сси, ахæм фыццаг мæхъхъæлæттæй иу. Йæ æхсæз фырты куы рахъомыл сты, уæд райстой уæды заманмæ гæсгæ хорз ахуыр, фæстæдæр систы мæхъхъæлон интеллегенцийы минæвæрттæ. Идрисы фыд Муртуз-Али (Бунухойы æртыккаг фырт) уыди паддзахы æфсады инæлар, æмæ революцийы фæстæ, мидхæсты рæстæг ног режимы фарс кæй нæ уыди, уый охыл афтыди Персимæ æмæ уым 1924-æм азы амарди. Фыссæджы мад Греттæ уыди, францаг уидæгтæ кæмæн уыди, уыцы швейцариаг инженер де-Гратцейы чызг. Йæ фыд куыста Дзæуджыхъæуы. Греттæ бауарзын кодта суинаг фыссæгæн уырыссаг æмæ ныгуылæн-европæйаг культурæ. Сылгоймаг амардис Дзæуджыхъæуы, 1923-æм азы. Афтæмæй Идрис баззадис зыбыты сидзæрæй.

Райдианты Идрис ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы цæттæгæнæн къласы, фæлæ фæсреволюцион змæстыты фыдæй йæ ахуыр адарддæр кодта йæ райгуырæн хъæуы медресейы.

Идрис Базоркины ахуыргæнджытæй иу уыди профессор-лингвист Немировский. Йæ зæрды уыди, цæмæй студент равзæрстаид æвзагзонынады къабаз. Уымæн Идрисы бахъуыдаид ныууадзын йæ литературон архайд æмæ æххæстæй хи снывонд кæнын æвзæгтæ иртасынæн. Фæлæ суинаг фыссæг не сразы ис, уымæн æмæ уæдмæ йæхицæн скарста, йæ цард дзырдаивадимæ кæй сбæтдзæн. 1930-æм азы, педагогон техникум каст фæуыны фæстæ Базоркин бацыди Цæгат Кавказы педагогон институты (Дзæуджыхъæу) æхсæнадон-литературон хайадмæ. Уыцы азты Идрис фыста радзырдтæ, пьесæтæ, æмдзæвгæтæ, уацтæ.

Грознайы уыцы заман райдыдта кусын Цæцæн-Мæхъхъæлы театралон студи. Йæ кусджытæ (уыдонимæ Базоркин дæр) æрвыст æрцыдысты стажировкæмæ Шота Руставелийы номыл Тбилисы паддзахадон театрмæ. 1935–1938-æм азты литератор куыста Орджоникидзейы, педагогон рабфачы завучæй (ахуырады хайады хицау).

Фрунзейы оперæ æмæ балеты театры ма куы куыста, уæд Идрис цæст дарын райдыдта фидæны зындгонд хореограф Махмуд Эсамбаевы фыццаг къахдзæфтæм. Фæстæдæр Базоркин ныффыста, кафæджы цардвæндаг йæ бындурæн кæмæн райста, ахæм очерк «Труд и розы». Ацы уацмысмæ гæсгæ сарæзтæуыд, «Я буду танцевать!», зæгъгæ, уыцы кинонывы сценари. Фильм систæуыд 1963-æм азы студи «Азербайджанфильм»-ы. Махмуд Эсамбаев дзы ахъазыди йæхæдæг йæхи; уымæй уæлдай дзы ахъазыдысты зындгонд артисттæ Тæбæхсæуты Владимир, Лейлæ Абашидзе æмæ æндæртæ.

Йæ боныджы литератор ныффыста: «1963-æм азы 15 февралы, мæ литературон „ивгъуыдæн“ кæрон скæнгæйæ, дыууæ томы мæхъхъæлонау рауадзгæйæ, иу — уырыссагау, æмæ фильмы хъуыддаг сæххæстгæнгæйæ, райдыдтон систематизаци кæнын романæн æмбырдгонд æрмæг».
Йæ роман-эпопей Базоркин фыста Дзæрæхы комы йын цы дачæ уыди, уым. Чиныг сси йæ царды сæйраг фæллой.

Йæ роман мыхуыры кæд рацыдис, уыцы 1968-æм азы фыссæг раивта йæ цæрæнбынат Орджоникидземæ.
Райдианы фæзынди ахæм цæстæнгас, зæгъгæ, роман «Дугты талынгæй» () у мæхъхъæлон адæмы царды энциклопеди, фæлæ автор йæхæдæг ахæм хъуыдыимæ разы нæ уыди: «А чиныг нæу мæхъхъæлон адæмы ивгъуыд сæдæ азы царды энциклопеди. Ныхас дзы цæудзæн адæймаджы райрæзтыл, историйы ахсджиаг цауты уавæры дыууæ характеры кæрæдзиимæ куыд тох кæнынц, ууыл...»

Йæ æндæр уацмыстау ацы роман дæр Базоркин ныффыста уырыссаг æвзагыл, æмæ уымæн ныронг у быцæуаг ахæм фарста, зæгъгæ, кæцы литературæмæ хауы ацы чиныг — уырыссаг æви мæхъхъæлонмæ.
Романæн стыр аргъ скодтой ахæм критиктæ куыд Джусойты Нафи, Хæдæрцаты Азæ, Удзият Далгат, Григорий Ломидзе æмæ æндæртæ.

Фыссæджы зæрды уыди адарддæр кæнын роман. Йæ хъуыдымæ гæсгæ эпопей хъуамæ арæзт уыдаид æртæ хайæ: фыццаг — «Из тьмы веков» — фæуд кæны 1918-æм азы хабæрттæй; дыккаг (йæ рагагъоммæйы ном — «Обитатели башен») хъуамæ фæуд кодтаид 1941-æм азы цаутыл, æртыккаджы («Тайна замка Ольгеты») ныхас цыдаид 1958-æм азы размæйы цауты тыххæй.




#Article 376: Волгæ (102 words)


Волгæ кæнæ Идыл, дыгурон вариант: Дидил (нарты кадджыты Нарты стыр дон, Адылы дон дæр, , , , , ) у Уæрæсейы Европæйаг хайы ахсджиагдæр цæугæдон, дунейы стырдæр цæугæдæттæй иу, Европæйы тæккæ стырдæр. Йæ цыды фылдæр хай у наудзæуæн, рагæй ын ис егъау транспортон нысаниуæг.

Волгæйы дæргъ у 3530 км (донмарæнты арæзтады агъоммæ — 3690 км). Бассейны фæзуат — 1360 мин км². Волгæйы гуырæн у Валдайы уæлвæзыл, Тверы облæсты, денджызы уæлвæзæй 229 м уæлдæр. Цæугæдон æфты Къаспы денджызмæ (уый у егъау цæхджын цад, денджызы уæлвæзæй 28 метры ныллæгдæр).

Наудзæуæн къанæуттæ Волгæйы бæттынц Балты æмæ Урс денджызтимæ, цæугæдон Донимæ, уымæй та — Азовы денджызимæ.




#Article 377: Вьетнамы хæст (201 words)


Вьетнамы хæст (, ), Индокитайы дыккаг хæст дæр, у Вьетнамы историйы æмгъуыд, XX æнусы дæргъвæтиндæр æмæ карздæр хæстытæй иу. Уыцы хæст стыр тæваг дары АИШ æмæ Вьетнамы нырыккон культурæмæ.

Дыккаг дунейы хæсты агъоммæ Вьетнамы территори уыд Францы Индокитайы колонийы хай. 1944-æм азы Вьетнам сси Японы дæлбар территори. Хæст куы фæци, уæд бынæттон патриоттæ бæстæйы хæдбардзинадыл хæцын райдыдтой. Уæд Франц рарвыста Вьетнаммæ экспедицион корпус æмæ хуссар Вьетнамы территоритæ фæстæмæ баиста. Уыцы хæст адаргъ и 1954-æм азмæ. 1954-æм азы фæрстæ бафыстой Женевæйы фидыд, кæцымæ гæсгæ цæгат Вьетнам сси хæдбар Вьетнамы Демократион Республикæ.

Цæгат Вьетнамы хицæуад уыд коммунистон, æмæ уый тыххæй АИШ-ы политиктæ уыцы ног бæстæмæ знæджы цæстæй кастысты. Фыццаг, АИШ æххуыс кодта Францæн, стæй, Женевæйы фидыд йæ тыхы куы бацыд, уæд АИШ-ы политиктæ сфæнд кодтой Францы бæсты коммунизмы ныхмæ тох адарддæр кæнын.

Уыцы Индокитайы дыккаг хæст дихкæнæн ис æртæ периодыл:

АИШ-ы йеддæмæ Вьетнамы Демократион Республикæйы ныхмæ тох кодтой æндæр паддзахæдты æфсæдтæ: Австрали, Ног Зеланди, Хуссар Корей, Таиланд æмæ Хуссар Вьетнам. Цæгатæн дæр æндæр паддзахæдтæ æххуыс кодтой — уæлдайдæр Советон Цæдис, КАДР æмæ Китайы Адæмон Республикæ.

Хæсты фæстиуæгæн цæгаты тыхтæ фæуæлахиз сты, фæсарæйнаг хæстонтæ ацыдысты, Вьетнам иугонд æрцыд. Хуссар Вьетнамы стырдæр сахар Сайгон иугонд Вьетнамы схуыдтой Хошимин — номдзыд раздзог Хо Ши Мины номыл.




#Article 378: Кастильоне, Бальдассаре (119 words)


Бальдассаре Кастильоне, Новиларæйы граф, (Castiglione; 1478—1526) уыди итайлаг фыссæг.

Райгуырдис Мантуймæ хæстæг, службæ кодта æндæр æмæ æндæр итайлаг паддзæхтæм, уыди Урбинаг герцоджы минæвар Генрих VII Англисагмæ (1506) æмæ Людовик XII-мæ. 1525-æм азы Ромы папæйы нунцийæ æрвыст æрцыд Испанимæ.

Кастильонейы сæйраг уацмыс у диалогтæ «Галуанылæджы тыххæй» (уырыс. «О царедворце», «О придворном»). Уым фыссæг равдыста идеалон галуанылæджы тип, стæй уæздан æгъдæуттæй æмæ йæ заманы итайлаг æхсæнады цыргъзонд дзымандытæ. А чиныг ныффыссынæн Кастильонейы сразæнгард кодта Урбинойы уæздан æмæ ахуыргонд кæрт.

Уацмысы фыццаг редакци цæттæ уыди 1516-æм азы. Фæстаг (æртыккаг) мыхуыргонд æрцыд Венецийы 1528-æм азы, Альдæ Мунцийы бындарты типографийы. Фæстæдæр чиныг ратæлмац кодтой бирæ æвзæгтæм æмæ Кастельонейы ном сси зындгонд Италийы æмæ æндæр бæстæты.

Кастильоне фыста канд итайлагау нæ, фæлæ ма латинагау дæр.




#Article 379: Лависс, Эрнест (257 words)


Эрнест Лависс (, 1842 17 декабрь— 1922 18 август) уыди францаг историк. Уыди Францаг академийы уæнг. Каст фæци Нормалон скъола, куыста ахуыргæнæгæй Нансийы лицейы, фæстæдæр та Парижы, уыди Парижы филологон факультеты астæузаманы историйы кафедрæйы Фюстель де Куланжы хæдивæг, фæстæдæр сси ног историйы профессор.

Пруссийы историйы тыххæй ныффыста ахæм куыстытæ: «La Marche de Brandebourg sous la dynastie ascanienne» (1875), «Études sur l’histoire de Prusse» (1879), «La jeunesse du grand Frédéric» (1891), «Le grand Frédéric etc.» (1893) «Trois Empereurs d’Allemague: Guillaume I-er, Frédéric III, Guillaume II» (1888).

Франц æмæ Германы астæузаманы историйы тыххæй къорд уацы Лависс ныммыхуыр кодта «Revue des deux Mondes»-йы.

Альбер Дюмон æмæ Лиаримæ иумæ Лависс куыста Францы уæлдæр ахуырады реформæйыл, дзырдта, фæлварæнтæ (экзаментæ) æгæр зын кæй уыдысты, уый ныхмæ, лæуд уыди Германы университетты хуызæн ахуырдæттæ саразыныл, уыди, Париж, Лион, Бордо, Монпелье æмæ æндæр сахарты кæй сарæзтæуыд, уыцы студентон æхсæнæдты фарс.

Лависсы педагогон куыстытæ æмбырдгонд сты æртæ чиныджы: «Questions d’enseignement national» (П., 1885), «Études et étudiants» (П., 1890) и «À propos de nos écoles» (П., 1895).
Æнтыстджын уыдысты йæ ахуыргæнæн-историон чингуытæ. Фриманы «Историон географи»-йæн цы разныхас ныффыста, рауагъдæуыд хицæнæй ахæм сæргондимæ: «Vue générale de l’histoire politique de l’Europe» (1890; фæстæдæр йæ ратæлмац чынди уырыссагмæ).

Лависс Рамбоимæ уыдысты Æппæтиумæйаг истори рауадзыны хъуыддаджы сæргъы. Рауагъд хуынди «Histoire générale du IV siècle à nos jours» æмæ мыхуыргонд цыди 1893-æм азæй. Редактортæ Лависс æмæ Рамбо сарæзтой чиныджы иумæйаг пълан, хицæн сæргæндтæ та фыстой æндæр æмæ æндæр специалисттæ.

Лависсы чингуытæ æмæ йæ университетон курсытæ скодтой популярон йæ ном фæсивæды ’хсæн; ахуыргонд æвзæрст æрцыд Францы студентты цæдисы сæрдарæй (Association des étudiants de France).




#Article 380: Хуссар Парк (599 words)


Шоу хъуыстгонд у йæ нырыккон дунейы цауты афæлгæсты фæрцы. Алы серийыл архайд цæуы дыууæ къæпхæнæй: фильмы автортæ фыццаг æрхъуыды кæнынц серийы иумæйаг концепци æмæ йæ сюжет, дыккаг та — премьерæмæ къуырийæ къаддæр — деталтæй йæ æххæст кæнынц æмæ уый руаджы тагъддæр реакци кæнынц алыхуызон хабæрттыл. 

Ныридæгæн эфиры фæзынди дыууадæс сезоны æмæ ныртæккæ цæттæгонд цæуы æртындæсæм сезон. Æстæм сезонæй райдайгæйæ, ног сезонтæ уагъд цæуынц дыууæ этапæй: сæ иу æрдæг рацæуы уалдзæджы, иннæ та — фæззæджы. Ныры рæстæджы сериал скæнджыты контракт даргъгонд æрцыд 2011-æм азы онг, ома 13-æм сезоны фæстæ рацæудзæн дыууæ сезоны фылдæр..

Уæрæсейы мидæг ацы филмы æвдыст цæуы MTV Россия-йы каналы æмæ телеканал 2×2-йы. Фыццаг дыууæ сезоны æмæ метрæйдзаг филм уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Дмитрий «Goblin» Пучков. Сериалы премьерæ Уæрæсейы æвдыст æрцыд канал «РЕН-ТВ» -йы. Филмы фыццаг ном дзы уыди «Фыдцъылыз сахар „Хуссар Парк“» () — ацы серитæн фонограммæ сарæзтæуыд «РЕН-ТВ»-йы каналы заказмæ гæсгæ, текст кастысты актёртæ: Александр Клюквин æмæ Людмилæ Гнилова, ныртæккæ MTV-йы «Хуссар парчы» фонограммæйыл кусынц «каналы хъæлæстæ» — Евгений Рыбов æмæ Мария Трындяйкина. 

Сериалы истори райдыдта 1992-æм азы: Колорадойы Университеты дыууæ студенты, Паркер æмæ Стоун, сарæзтой цыбырметражон мультфильм «Цыппурсы дауæг». Уыцы æгæр æнæхсæст конд фильмы архæйдтой фидæн «South Park»-ы лæппуты прототиптæ. Кæд нырыккон сериалы афтæ нæу, уæддæр уыцы сериал-прототипы фидæн Эрик Картманы хуыдтой Кенни, фæлæ персонажты ’хсæн уыдис фидæн Кенни Маккормикы прототип дæр — апельсинхуыз басылыхъ кæуыл уыди, ахæм лæппу. Дыууæ кæрæдзи æнгæсæн лæппуйы та систы Стэн Марш æмæ Кайл Брофловскийы прототиптæ. Мультфильмы сюжет у ахæм: цыппар лæппуйы, сæхæдæг кæй сарæзтой, уыцы митын лæджы сæрыл акодтой кæлæнгонд худ, уый райгас ис æмæ райдыдта архайын лæппуты амарыныл. Дыууæ хъайтары амæлынц æмæ сæ иуы тыххæй хъуысы, фæстæдæр зындгонд чи сси, уыцы фразæ «Уыдон амардтой Кеннийы!».

Видеофрагмент сси тынг популярон, уыимæ Интернеты фæрцы дæр; æнæуый, фильм Джордж Клунийы зæрдæмæ тынг фæцыди. Уый адыл райдыдта сериалы саразыны идейæйыл ныхас — фыццаг канал Fox, стæй та Comedy Central'имæ, кæм 1997-æм азы 13-æм августы æвдыст æрцыди сериалы премьерæ.

Фыццаг сери хуынди «Картман æмæ хордзоны зонд» (), йæ премьерæ уыди 1997-æм азы 13-æм августы. Уый ногæй скондæуыд райдийæн серийæ, кæцы фæстæдæр рацыди DVD'йы. Уыцы эпизоды уæдмæ фæзынди къорд персонажы, кæцытæ фæстæдæр эпизодты систы иудадзыгон хъайтартæ (сæйраг хъайтарты йеддæмæ, уыдон сты Шеф, мисс Крабтри, мистер Гаррисон, афицер Барбреди), æмæ цалдæр характерон деталы (Кеннийы мæлæт, Венди Тестабургеры чи фены, уыцы омгæ Стэн, Шефы зарæг сылгоймæгты тыххæй). Фыццаг Стоун æмæ Паркер хъавыдысты саразын æрмæст æхсæз эпизоды. Цалынмæ йын йæ заставкæ нæ фæивдтой 4-æм сезоны, уæдмæ ма-иу дзы «Цыппурсы дауæг»-æй кадртæ уыди. Сериалы райдианæй алы сезоны, кæд уæлæнгай, фæлæ райдыдтой пароди кæнын алыхуызон телешоутæ, чингуытæ, фильмтæ; иудадзыгон пародион цаутæ ныр онг сты «Хуссар Парчы» сæйраг бындуртæй иу.

Сериалæн музыкалон темæ ныффыстой къорд Primus-ы архайджытæ: Стоун æмæ Паркер сты ацы къорды фанаттæ группы, æмæ уыдон арвыстой фыстæг Лес Клэйпулмæ «Цыппурсы дауæджы» копийы иумæ. Фæстæдæр Primus фæзындысты эпизод «Шефы æххуысы», 11-æм сезоны сери «Guitar Queer-o»'йы та хъуысы сæ зарæг «Кæсæг ахсæг Джон» ().

Фильм уыдиc, æнæхъæн азы дæргъы кæй фæкодтой, ахæм куысты фæстиуæг. Фильмы фыццаг ном уыдиc «South Park: All Hell Breaks Loose», фæлæ, Паркер æмæ Стоунмæ гæсгæ, Америкæйы киноассоциаци æрлæууыдис йæ номы мидæг дзырд «hell», зындоны ныхмæ, баивын æй кодта дызæрдыггаг, фæлæ фыццаг бакастæй хуымæтæгдæр чи уыдис, уыцы дзырдыл. Фæлæ уый фæстæ Ассоциацийы минæвæрттæ ацы информациимæ не сразы сты.
Кинонывы миниуджытæ уыдысты мюзикл, (фильмы мидæг пародигонд æрцыдысты Диснейы мюзиклтæ) политикон сатирæ æмæ æнæуæздан, æвзæр юмор (уый райста рейтинг R, уый тыххæй æмæ уым æвдыст æрцыдысты бирæ фыдмитæ æмæ дзы спайда чынди дзæвгар æлгъыстытæй). Сюжеты бындур уый мидæг ис, æмæ Хуссар Парчы цæрæг ныййарджыты руаджы Терренс æмæ Филлипы фильмы сывæллæттæй æркаст иваргонд æрцыди æмæ америкæгты 'хсæн Канадæйы тыххæй фыдæхы рæзын райдыдта. Уыдон йеддæмæ фильмы æвдыст цæуынц Сайтан æмæ Саддам Хусейны фæлварæн дуне байсынмæ.




#Article 381: Хуссар Китайы денджыз (140 words)


Хуссар Китайы денджыз у æрдæгæхгæд денджыз Хуссар-Скæсæн Азийы, æрдæгсакъадах Индокитай æмæ сакъадæхтæ Калимантан, Палаван, Лусон æмæ Тайваны ’хсæн. Хауы Австрали-Азийы зæххастæуы денджызы бассейнмæ, Индийы æмæ Сабыр фурдты ’хсæн.

Йæ фæзуат у 3 537 289 км², иууыл арфдæр ран — 5560 м.

Уæлцъар доны температурæ февралы вæййы цæгаты 20 °С, хуссары та 27 °С, августы температурæ схизы 28–29 °С-мæ æгас фæзуатыл. Доны цæххы бæрц у 32-34 ‰. Сæрдыгон æмæ фæззæджы арæх вæййы тайфунтæ.

Китайæ, Японийæ æмæ Уæрæсейæ Сингапуры донкъубалмæ чи цæуы, уыцы наутæ Хуссар Китайы денджызы сæ цыд аразынц Сæйраг денджызвæндагыл. Ацы фæндаг у тæккæ цыбырдæр æмæ æдасдæр.
Сæйраг денджызвæндагыл наудзугæнджытыл цы фактортæ æндавы, уыдонæй сæйрагдæр у муссонтæ, стæй сæ тынг хъыгдарынц тайфунтæ.

Хуссар Китайы денджызы стырдæр бакæлæнтæ сты Тонкины (Бакбо) æмæ Сиамы бакæлæнтæ.
Дынджыр сакъадах — Хайнань.

Денджыз хъæздыг у биологон ресурстæй. Амалиуæджы кæсæгтæ сты тунец, сельдь, сардинтæ æмæ æнд.




#Article 382: Едыс (104 words)


Едыс (, ) у Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хъæу. Ис Урстуалты.

Едысы, æвæццæгæн, XV æнусы æрцардысты Беджызатæй дыууæ æфсымæры. Уыдон æрлыгъдысты Цæгат Ирыстонæй Дæргъæвсы комӕй Хынцæджы хъæуæй. Æрбаййæфтой йæ æдзæрæгæй. Йæ хъæдты уæлвæзты бирæ уыд алыхуызон сырдтæ æмæ мæргътæ. Ивгъуыд æнусы æстайæм азты дæр ма Едысы цардысты 25 хæдзары, — фыста «Рæстдзинад»-ы газеты Беджызаты Амилбар — Беджызатæ уыдысты 7 хæдзары, Басатæ — 3, Дзестæ — 3, Дзукъатæ — 2, Мамиатæ — 2, Мæхъитæ — 2 æмæ Гугкатæй — 1 хæдзар. Едысы æппæт Урстуалтæн уыд хъæууон совет, астæуккаг скъола, аргъуан. Сæ сæйраг бæрæгбон — Тбау-Уацилла.

Цардысты дзы Беджызатæ, Дзестæ, Дзукъатæ, Гугкатæ, Басатæ, Мæхъитæ, Мамитæ, Абегатæ.




#Article 383: Сурам (155 words)


Сурам () у сахарæнгæс цæрæнран (посёлок) Гуырдзыстоны; у зындгонд курорт.

Сурам æрбынат кодта, Гуырдзыстон ныгуылæн æмæ скæсæн хайыл чи дих кæны, уыцы Лихы рагъы хуссарварс. Баст у районы центр Хашуримæ æфсæнвæндаджы фæрцы.
Астæузаманы (XII–XIII), стратегион Сурамы æфцæгмæ хæстæг чи уыди, уыцы цæрæнранæй скодтой дынджыр фидар. Уыцы фидар ныронг у уыцы регионы сæйрагдæр фенддæгтæй иу.

Уыцы фидар саразыны тыххæй таурæгъ радзырдта йæ уацмысы фыссæг Даниэл Чонкадзе (1830–1860), фæстæдæр чиныгмæ гæсгæ режиссёр Сергей Параджанов систа киноныв «Сурамы фидары тыххæй таурæгъ» (1984).

XII—XV æнусты Сурамы хицæуттæ уыдысты, сæхицæн мыггаг Сурамели чи райста, уыцы ерыстаутæ. XVII—XVIII азты фидар рацарæзтæуыд æмæ пайдагонд цыди Гиви Амилварийæ персы ныхмæ хæстæмбæлдтыты, фæстæдæр амаддзаг уыди Уæрæсейы æфсады базæ уырысы-турчы хæсты (1768–1774-æм азты).

Гуырдзыстон Уæрæсейы империйы скондмæ бацæуыны (1801) фæстæ Сурам парахат кæнын райдыдта куыд курорт.

Сурамы фенддæгтæй иу у Мады Майрæмы æмæ Сыгъдæг Георгийы аргъуантæ.
Цæрæнраны ис цалдæр санаторийы.

Советон заман Сурамы уыди авджы тарæйы, сæны æмæ консервгæнæн заводтæ. Посёлочы ма амал кодтой дзæнхъадур.




#Article 384: Олимпиус инферно (фильм) (689 words)


Фильм райдайы режиссёр æмæ сценаристы ныхасæй: сценарист режиссёрмæ дзуры, «тыхджын» сюжет Хуссар Ирыстоны хæсты тыххæй аивадон фильмы исынæн кæй ис. Дарддæр цæуы «фильмы мидæг фильм», кæцыйы нывæст цæуы йæ уыцы сюжет.

Майкл — у æрыгон энтомолог АИШ-æй. Женя та — æрыгон журналист Уæрæсейæ. Уыдон, кæддæр, иумæ ахуыр кодтой скъолайы. Ныр та сæ дыууæ цæуынц Хуссар Ирыстонмæ. Майкл цæуы уырдæм æхсæвон гæлæбуты стæм хуызы тыххæй фильмы исынмæ. Женя та — уымæн æмæ йын Майклы фыд бауынаффæ кодта, цæмæй Женя йæ лæппумæ фæкæса. Уыдон Ирыстонмæ куы бахæццæ сты, уæд бынæттон цæрджытæй иу, Æхсар, сси уазджыты фæндагамонæг; æнæуый, Ирыстоны радзурынц ахæм хабар: гуырдзиæгтæ, дам, сæ хъæутæй цæуынц. Бынæттон цæрджытæ æнхъæлынц æмæ сæ хъæуы æмæ æнæхъæн республикæйы дæр цыдæр æрцæуа. Архайд цæуы 2008-æм азы 7-æм августы изæры.

Изæры 'рæгмæ Женя æмæ Майкл æвæрынц быдыры видеокæмерæтæ, уыдон цæмæй исой стæм æхсæвон гæлæбу — Olympius Inferno'йы; быдыры рацу-бацу кæнгæйæ, уыдон фембæлынц гуырдзиаг æфсадыл, хæстонтæ сæхимæ исынц фильмы сæйраг хъайтарты æмæ базонынц æмæ Майкл кæд уырыссаг у, фæлæ у АИШ-ы бæстаг.
Майклы рауадзынц, уый домы, цæмæй Женяйы дæр рауадзой, зæгъгæ, уый йæ усаг у. Стæй уыдон алидзынц. Ссарынц сæ камерæтæ æмæ фенынц, пленкæйыл кæй систæуыд, уыцы стæм гæлæбу, уымæй дарддæр видеойы фæзынди гуырдзиаг æфсæдты балæбурд. 
Уыцы видеоты тыххæй сыл райдайы гуырдзиаг хæстонты «цуан». Уый фæстæ Майкл æмæ Женя цæуынц Цхинвалмæ, уырыссаг сабыргæнджытæм.

Цхинвалмæ цæугæйæ, уыдон фембæлынц бынæттон цæрджытыл, кæцытæ дзурынц, Цхинвалыл, дам, бомбæтæ æппарынц. Ирæтты 'хсæн иу лæппу ис, уый фæнды тох кæнын гуырдзыимæ, фæлæ йæ мад æй нæ уадзы. Сæйраг хъайтартæ куы ацæуынц иннæрдæм, уæд лæппуйы мад йæ рауадзы, цæмæй уый Женя æмæ Майклæн феххуыс кæна.
Дарддæр лæппу ацæуы Цхинвалмæ, Женя æмæ Майкл та ауыдтой журналистты хæдтулгæйы. Уыдон уыдысты америкæгтæ. Лæппу æмæ чызг журналисттæм куы 'рбахæццæ сты, уæд фехъуыстой иу уацхæссæгæй, Уæрæсе Гуырдзыстонмæ, зæгъгæ, балæбурда. Женя уæд дзуры, æмæ йын ис Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ кæй балæбурдта, уый тыххæй æвдисæйнæгтæ. Журналисттæ сæ видеотæ сæхицæн айсынц æмæ ацы рæстаджы фæзыны, уый размæ сæйраг хъайтартæн фæндагамонæг чи уыди, уыцы ирон лæппу. Уый нæмы журналистты æмæ Майклæн йæ видео фæстæмæ радты. Уый фæстæ се 'ртæ дæр цæуынц журналисттæй кæй байстой, уыцы хæдтулгæйæ Цхинвалмæ.  

Уыдон кæмæ бахæццæ сты, ацы Цхинвалы кæроны контроль кæнынц гуырдзиаг хæстонтæ. Женя æмæ Майкл англисагау сæм дзурынц æмæ уыдон, дам, америкаг журналисттæ сты, кæцытæ цæуынц репортаж исынмæ Цхинвалмæ. Фæлæ сæ уромынц æмæ баракмæ кæнынц. Лæппу та хæдтулгæйы аззайы. Ацы рæстаг хæстæттæм дзуры сæ сæргълæууæг  (кæцы «цуан» кæны Женя æмæ Майклмæ). Хъайтартæ æмбарынц, кæй сæ базыдтой æмæ алидзынц хины руаджы. Лæппу та хæстæттæм фехсы æмæ амæлы.

Уалынджы Майкл æмæ Женя, Цхинвалы уæвгæйæ, бынæттон цæрджытимæ цæуынц уырыссаг æфсæддон рынчындонмæ, иу рынчын лæппуйы ласынмæ.
Сæ хæдтулгæйы сын гуырдзиæгтæ та уромынц. Хæстонты 'хсæн ис сæргълæууæг, кæцы сæ домы, цæмæй йын раттой балæбурды видеоимæ диск. Женя дзуры, зæгъгæ, диск ын нæй, æмæ хæстон ракæны хæдтулгæйæ иу зæронды æмæ йæ амарынмæ хъавы. Уымæй, сæ иу ус дæтты ацы диск гуырдзиæгтæн. Хæстонтæ йæ сафынц. Фæлæ иу хæстон бамбары Майкл æмæ Женямæ дисчы халдих кæй ис. Уый рауадзы Майклы ирæттимæ; Женя та баззайы хæстонтимæ.

Майкл аласы лæппуйы рынчындонмæ, йæхæдæг та цæуы быдырмæ, йæ дисчы халдих кæм бамбæхст, уыцы ранмæ. Уым Майкл ауыдта гуырдзиаг хæстоны. Уый хъавы Женяйы амарынмæ, Майкл йын ноутбук дисчы халдихимæ куы нæ ратта, уæд. Майкл ын йæ дæтты. Фæлæ гуырдзиаг æхсы Женямæ æмæ йæхæдæг амæлы Æхсарæй, кæцы йæ сæфт хъæуы тыххæй йæ туг райста. Майкл аласы Женяйы рынчындонмæ.

Уымæй фæстæмæ ацыди цалдæр рæстæджы. Рынчындоны уæвгæйæ, Женя иу фæсарæйнаг телеуынæн каналы уыны Майклы. Уый фæнды бавдисын гуырдзиаг хæстæтты балæбурды тыххæй видео. Фæлæ экраны æвдыст цæуы æрмæст гæлæбу Olympius Infernoйы тыххæй эпизод. Майклыл худынц æмæ уый студийæ ацæуы. Уалынджы Женяйы уатмæ рацæуы Майкл æмæ йын лæвар кæны дидинджытæ.

Уый фæстæ «фильмы мидæг фильм» фæци. Ногæй хъуысынц режиссёр æмæ сценаристы хъæлæстæ. Режиссёр дзуры, зæгъгæ, фильмы сюжет «тынг» у. Æцæг, зæгъы, фильмы Женя хъуамæ баззайа æгасæй.

Фильмы цалдæр хайы арæзтгонд сты реалон факттыл. Уыдоны тыххæй дзырдæуы ацы кинонывы: «08.08.08. Æмрас эфиры цæуæг хæст»  (): афроамерикæгтæ гуырдзиаг æфсæдты æхсæн, мард ирæтты буæртты бын гранатæтæ, сонт гуырдзиаг салдат танкыл, кæцы фехсы хæдтулгæ. Фильмы кæроны америкаг телеканалы амонæг Майклæн бар нæ дæтты, цæмæй уый хæсты тыххæй растдзинад зæгъа, афтæ дæр куыд канал Fox News'ы эфиры йæ амонæг хъыгдардта Кокойты Амандæйæн дарддæр дзурын, «Ацы хæст райдыдта Саакашвили», зæгъгæ, йæ уыцы ныхасы фæстæ.




#Article 385: Лабæ (цæугæдон) (114 words)


 

Лабæ (абазагау амоны «лæдзæг») у цæугæдон Цæгат Кавказы, у Хъобаны цæугæдоны галиу фæрсагдон. Гуыры, дыууæ доны — Стыр æмæ Чысыл Лабæ кæм баиу кæнынц, уым. Ацы дыууæ доны та гуырынц Стыр Кавказы Сæйраг рагъы цæгатвахсыл.

Посёлок Мостовскойы дæлдæр цæугæдоныл цæуы Адыгей æмæ Краснодары крайы ’хсæн административон арæн.

Лабæйы дæргъ (Стыр Лабæимæ) у 347 км, Чысыл Лабæимæ баиуæй донæфтæны онг — 214 км. Бассейны фæзуат у 12 500 км². Донæфтæнмæ хæстæг былтæ сты уырдыгаив, доны цыд у сабыр.

Лабæмæ дон цæуы цалдæр хуызы: митæй, цъитийæ æмæ къæвдайæ.
Лабæ дон ныссæлы декабры кæрон, фæлæ æрвылаз нæ, стайы та февралы кæрон — мартъийы райдиан.
Сæйраг фæрсагдæттæ сты Чамлык (рахиз) æмæ Фарс (галиу).

Лабæйы донæй пайдагонд цæуы донхæрæгæн.




#Article 386: Зынцъар (132 words)


Зынцъар () у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы.

Бызæй чысыл мидæгдæр Æрыдоны доны рахиз былыл дæргъæццон уæлвæзы йæхи айтыгъта Зынцъары хъæу. Ис дзы æмбисонды дыргъы цæхæрадæттæ. Ацы чысыл уæлвæз раджы заманы уыдис Урсдоны комы цæрджыты уæрдæтты бынат. Быдырæй-иу цы хоры къæрмæг кæнæ лыстæг товартæ æмæ хæдзары дзаумæттæ баластой, уыдон-иу цалынмæ хæрдмæ æккойæ, бæх кæнæ хæрæгуаргъæй хастой, уæдмæ-иу уыдысты алкæмæн йæ уæрдоны. Сæрдæй, зымæгæй алкæмæн йæ уæрдон уыдис ацы уæлвæзы. Цæмæй сæ цæлхытæ ма хус кодтаиккой, уый тыххæй-иу сæ бамбæрзтой кæрдæгæй кæнæ цъыхырытæй. Бирæтæн уыдис æмбæрзт уæрдондæттæ. Фæстагмæ дзы фæзындис цæрджытæ.

Сæ хуымзæххытæ: Æхсины хуым, Булахъхъы хуссар, Ханайты хуымтæ. Сæ уыгæрдæнтæ æмæ сæ фосхизæнтæ Цæрукъаты зæхх, Алардыйы фæз, Черчесты зæхх, Хъæрæуы рагъ æмæ Мадзаты зæххытæ — æнæбары æфсæстой цæрджыты.

Цардысты дзы Хъайттатæ, Уататæ, Дзидздзойтæ, Кæсæбитæ, Уырымтæ, Бицъотæ, Пагæтæ, Черчестæ, Цæрукъатæ, Ханайтæ.




#Article 387: Цымыти (Алагиры район) (105 words)


 

Цымыти у рагон ирон хъæу Куырттаты комы, Уæллаг Фыййагдонмæ ’ввахс. Ныры рæстаджы дзы дыууæ мыггаджы йеддæмæ ничи цæры. Административон цæстæнгасæй Цымыти хауы Алагиры районы Фыййагдоны хъæууон цæрæнранмæ.

Фыстытæм гæсгæ, 1854-æм азы Цымытийы уыдис 53 хæдзары æмæ 434 цæрæджы. Цымыти уыдис Куырттаты комы стырдæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иу. Иннæ хъæуты хуызæн Цымытийы ис бирæ историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ: мæсгуытæ, гæнахтæ, зæппæдзтæ, кувæндæттæ.

Мыггæгтæн сæ фылдæрæн уыдис мæсгуытæ: Габысатæм, Цæгæратæм, Æгкацатæм, Басатæм, Талханатæм, Гаппуатæм, Елуатæм, Цехъотæм, Мамыхъатæм, Гуымецъатæм, Дзускуатæм æмæ Хъаратæм — фæйнæ иу.

Хъæуы ис дыууæ уæлмæрды, ныр дæр ма æнæхъæн чи у, ахæм зæппæдзтæ. Кувынмæ хъæуы цæрджытæ дзы баззадис, уыдонмæ — Тыхосты, стæй Дзиридзуары кувæндæттæм.




#Article 388: Гæлиат (333 words)


Гæлиат, дыгуронау Гæлиатæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы.

Гъæу æвæрд æй зилди гъæутæн сæ цæгатварс, Сонгути дони рахес фарс, Узи тегъи фæсте, Уорс хонхи буни. Сæ цæрæг хæдзæрттæ адтæнцæ уæлиндзæсæртæ, сæ фæрстæ ба — дорæй даст. Адтæй си галауантæ еуæй-еу рагон цæргутæн, уæдта цæрæн æма тугъдон мæсгутæ. Абони уалæнгæ ма еци мæсгутæй хуæздæр уавæри байзадæнцæ: Цæрати мæсуг — Цирохси сæри, Гæдзаути мæсуг — гъæуæн æ хонсар фарси бæрзонд тегъæбæл, Езети мæсуг — хонсарæрдиги, гъæумæ ци над æрцæуй, уой фарсмæ мæскъи. Лæгъуздæр уавæри ба ма æрæййафтан Битути мæсуги, уой бунат ба æй Гæдзаути мæсуги буни тегъæбæл. 

Мæсгутæй алкæбæл дæр ес рагон таурæхътæ. Уонæй еу таурæхъмæ гæсгæ, Къодоти мæсуг ке хонунцæ, е, дан, Къодоти нæ адтæй, фал адтæй Цæрати. Цæратæ ’й исдастонцæ, Къодотæ ба си æрцардæнцæ, халери незæй Цæрати муггаги адæм сæ еугурдæр ку фæццæгъдуни æнцæ, уæд. Таурæхъ лæмбунæгæй финст æрцудæй аци æрмæги Къодотæ æма Цæрати муггæгти хæццæ. Гæдзаутæ æма Езети мæсгутæ ке хонунцæ, уонæн дæр, дан, сæхе нæ адтæнцæ, фал, ке адтæнцæ, уой ба бæлвурдæй абони неке зонуй. Цуппæрæймаг мæсуг ба æцæгæй дæр адтæй Баделиати Баделий фурт Битуй, æма, уой байзайæггæгтæ Битутæ гъæуæй будурмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд син сæ хæдзæртти æрцардæнцæ Зæгæлти бийнонтæ, æма ма си абони дæр цæрунцæ, сæ хестæрти цæуæтæй ка исæнтæстæй, уони цæуæти цæуæт — Зæгæлти Геуæргий (Уæркий) фурттæ Зоря æма Матвей сæ бийнонти хæццæ.

Гæлиати гъæуæн æ хорнигулæнæрдиги Узи къулдунбæл ес берæ рагон циртдзæвæнтæ: обæйттæ æма циртитæ, дзиуарæ, уæдта Авд дзиуарей ковæндонæ. Гъæуи ма уонæй уæлдай адтæй ковæндæнттæ: гъæумæ хæстæг — Фæрон æма Цæгатæрдигæй иннæ Къулдуни бæрзондбæл ба — Нæл изæди ковæндонæ. Гъæуи алли фарс дæр ма ес никкидæр рагон уæлмæрдтæ æма обæйттæ, уæдта ковæндæнттæ.

Гæлиати гъæуи туххæй ахургонд В.Ф. Миллер финста: 

Таурæхътæ, уæдта 1886 æма 1913-аг æнзти æрфинстити бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ Гæлиатæ æма Цирохси гъæути цардæнцæ муггæгтæ: Абæгатæ, Арсæгтæ, Бæлæутæ, Бесолтæ, Бериатæ, Битутæ, Габистæ, Гæдзаутæ, Гамахартæ, Гæлæбутæ, Гагкотæ, Гапбатæ, Гасинтæ, Гибизтæ, Годизтæ, Гокъотæ, Гугæлтæ, Гуссаутæ, Дзилихтæ, Дзалатæ, Езетæ, Зæгæлтæ, Зохъотæ, Кацантæ, Коцойтæ, Къодотæ, Мæрзойтæ, Миндзайтæ, Мулукатæ, Мулдзугкатæ, Медойтæ, Охъазтæ, Саууойтæ, Салхъазантæ, Толастæ, Хъалатæ, Хъазибегтæ æма Цæратæ.




#Article 389: Мæцутæ (417 words)


Мæцутæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Аци æрдозæ æвæрд æй Дигори æртæ комей астæу Нари гъæумæ хæстæг, Айгомуги æма Ирæфи уайгæ дæнтти æхсæн. Æ йасæ уодзæнæй фондз десятиней бæрцæ. Æрдози ес рагон уæлмæрдтæ, обæйттæ æма циртдзæвæнтæ, фал си кæци адæми хæттитæ æвæрд æрцудæнцæ, уæдта сæ ка байвардта, етæ ба кæронмæ бæрæггонд нæма æрцудæнцæ.

Нарти адæмæн, дан, Мæцути æрдози адтæй Устур нихæс, ами Нарти адæм унаффитæ æма тæрхонтæ федар кодтонцæ, ардигæй цудæнцæ балцитæмæ дæр. Мæцути æрдози Нарти Сосланæн адтæй уолæфæн бунат, къела, æ бæхæн саргъ æма æ куййæн тæгæна (дортæй арæзт). Сосланæн, дан, æ къæхтæ дæр Ойнони цалх ами ралух кодта. Еци цалх ма хонунцæ Балсæги, кенæ Барсæги цалх дæр. Еци цалх адтæй, æнæ устур бæлахæй кæмæй нæ райервазтайдæ лæг, уæхæн цалх. Нарти Сослани дæр еци Ойнони цалх рамардта. Æ мард ба, дан, æвæрд æй æхецæн даст обаййи Мæцути æрдози. Адæмтæй абони дæр беретæ æууæндунцæ, æнгъæл æнцæ, цума æцæгæйдæр Нарти Сослани мард аци обаййи æвæрд æй, уотæ.

Нари гъæуи рагон цæргутæ Нарти Сослани изæди бунати исæвардтонцæ, кувдтитæ ин кодтонцæ анз еу хатт сæрди мæйи Мæцути æрдози, Сослани обаййи цори. Кувди бунат фæстæдæр Нари адæм Мæцутæй сæ гъæумæ хæстæгдæр раййивтонцæ. Дууæ синхей æхсæн дзиуарæ исаразтонцæ. Еци дзиуари ихæлддзæгтæ абони дæр фæййинун æнгъезуй.

Мæцути æрдозæ Дигоргоми рагон цæргути царди медæгæ ахæста политикон æма социалон æгъдауæй устур бунат. Куд Дигори коми гъæути центр, уомæ гæсгæ ардæмæ рæстæгæй-рæстæгмæ æмбурд кодтонцæ гъæути æвзурст лæгтæ. Ами еци лæгтæ рахæссиуонцæ знæгтæй сæхе багъæуай кæнуни туххæй, уæдта царди уавæртæ фæххуæздæр кæнуни туххæй унаффитæ, тоггинтæ си федаун кодтонцæ, тæрхон кодтонцæ цардихалгутæн.

Мæцути æрдози бундорон цæрæг некæд адтæй, фал си скъола арæзт ку æрцудæй, ку си райгон кодтонцæ бастдзийнади къанторæ, тукан, тукæнтти скълæдтæ, уæдæй фæстæмæ си рæстæгмæ цæридæ æма цæрунцæ скъолай ахургæнгутæ, скъоладзаутæ, уæдта иннæ уагдæнтти косгутæ.

Мæцути æрдози берæ адæмтæ зонунцæ, фал æй хуæздæр ба базудтонцæ, 1987 анзи уоми сагъд ку æрцудæй циртдзæвæн Устур Фидибæсти тугъди 1941-1945 æнзти Дигори коми гъæути цæргутæй немуцаг фашистти нихмæ тохгæй æ цард ка равардта, еци фондз сæдей бæрцæ æригон фæсевæдæн, уæд. Циртдзæвæн игон кæнуни бони Мæцути æрдозæмæ æрцудæнцæ берæ адæмтæ Иристони гъæутæй, нæ бæсти алли рауæнтæй. Аци циртдзæвæн адæми цæсти кадгин æй. Ами Дигоргоми гъæути фæсевæди æхсæн цæуй гъомбæлдзийнади куст. Алли анз дæр 9-аг Майи Уæлахези Бони ардæмæ æрæмбурд унцæ фæсевæд, скъоладзаутæ. Фæсевæд ардигæй ранæхстдæр унцæ Æфсади рæнгъитæмæ. Киндзи хунди дæр циртдзæвæнбæл лæхъуæн æма кизгæ байвæрунцæ деденгутæ.

Дигори комæй кадæр фæццæуй æндæр рауæнмæ кенæ ба и коммæ ка æрбацæуа, уонæн сæ фæндаг фæууй циртдзæвæни цорти, æма имæ æнæ баздæхгæ нæ фæуунцæ — сæ къохтæ ибæл байвæрунцæ, фæззæгъунцæ син: «Рохсаг...»




#Article 390: Згъил (270 words)


Згъил () у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.

Мамысонгомы рæбинаг хъæу Згъилы фыццаг æрцæрæгыл нымад уыдис Уæлладжыры комы Нæзыджынæй балидзæг Челды. Бирæ рæстæджы хъал Челдытæ, комы цæрджытæй сæхи бæрзонддæр кæныныл архайгæйæ, сæхи хуыдтой Цæразонтæй. Хъæу азæй азмæ рæзти. Челдытæ фылдæрæй фылдæр кодтой. Фæстагмæ сыл бафтыдис Моураутæй, Кæмæдзатæй æмæ Дзугатæй фæйнæ хæдзарвæндаджы.

Челдыты 2 мæсыджы æмæ Моурауты мæсыг уыдысты сæ зæрдæдарæн фидæрттæ.

Хъæуы цæрæн фадæттæ, Мамысонгомы æппæт хъæутимæ абаргæйæ, уыдысты бирæ фадатджындæр. Згъилы хъугом, Джебетъайы, Суары фæзы, Хориты, Хъыцойты, Лæгъуызты æмæ Басоты хуымтæ уыдысты сæ бæркадхæссæг. Сæ сæрвæттæ: Къубалæджы фæз, Къозы ком, Джебетъайы ком, Згъилы фæз æмæ Бебеты ком уыдысты цалдæр хъæуы фаг.

Хæстæг æмæ æнцонгуыст уыдысты сæ уыгæрдæнтæ: Худисæн, Хъæбæрхал, Хæрисджын, Къозыком, Додонастæу, Булкъатæ æмæ Джебетъа.

Æмбисонд сты Згъилы суæрттæ; Къубалæджы суарыл саразæн ис куырой, уымæй уæлдай Къартайы, Згъилы æмæ Сæгуытты суæртты хæрзаддзинад дардыл у хъуыстгонд.

Хъæу æвæрд у лæгъз быдыры. Цæст не ’ххæссы йæ хуымзæххытыл, йæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнты стыр фæзтыл, сугджын адæгтыл æмæ кæрдæгджын кæмттыл.

Сæ фосхизæнты, сæ хосгæрстыты, сæ бирæ зæххытыл алы куыстыты рæстæг сæ цуры уыдысты хæрзад æмæ хæрзхъæд Бубы дон, Къозы дон, Зымæгон дон æмæ Уилæн дурты дон. Згъилы комы, Дзуары комы æмæ Бебеты комы дæттæ. Се ’ппæт баиу сты Згъилы раз æмæ сæ равзæрд Мамысонгомы дон. Згъилыл уыдис сæ фæндаг Мамысоны, Булкъаты, Хъефселты, Къозы æмæ Зымæгон æфцджытыл фистæгæй кæнæ саргъы бæхыл цæуæг адæмæн.

Хъæуæн йæ ныхмæ, Мамысоны доны рахиз фарс, ис стыр уæлмæрд. Уæлладжыры æмæ Туалгæмтты æппæт хъæуты уæлмæрдтæй хицæн кæны йæ цыртытæй. Ам ис 2-3 метры бæрзæндæн цъæх къæйтæй цыртытæ. Фылдæр ингæнтыл ис фæлдæхт стыр къæйтæ. Цыртытыл фыст нæй, кæд æмæ кæмæн сагъд æрцыдысты, уый.

Цардысты дзы Челдытæ, Моураутæ, Дзугатæ, Хъаммæрзатæ.




#Article 391: Луар (174 words)


Луар у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы, Уыналы комæй Æрхоны комы ’хсæн.

Уыналы комæй Æрхоны комы æхсæн ис Луары чысыл ком. Ардæм, Луары хъæумæ, Æрхоны комæй æрлыгъдысты æртæ æфсымæры — Цого, Къадза æмæ Æлбор. Уайтагъд Къадза балыгъд Туалгоммæ, Æлбор — Хуссар Ирыстонмæ æмæ скодтой мыггæгтæ Къадзатæ æмæ Æлбортæ. Адæмон æмбисондмæ гæсгæ, Фатта æмæ Наджи Бæрзонд адагæй Дæй æмæ Цъусмæ куы лыгъдысты, уæд хъæуы хистæртæ æрæмбырд сты ныхасмæ æмæ бауынаффæ кодтой: Наджийæн раттæм усæн, куыройы сывæллонæй кæй ссардтам æмæ буцæн кæй схъомыл кодтам, уыцы чызджы. Наджи чызгæй ус не скодта. «Балæвар» æй кодта йе ’рдхорд Цогойæн.

Уыдонæй Луары равзæрдысты Цогойтæ. Цогойтимæ ма Луары цардысты Бесатæ, Слохтæ æмæ Цыбыртæ. Фæстæдæр фæцыдысты фæйнæрдæм, æмæ Луар æдзæрæгæй баззад. Сæ бæрзонд мæсгуытæ æвдисынц кæддæры цардуарзаг адæмы фæд. Суг амал кодтой Сæгъæргæвдæн ададжы. Сæ кадавар хуымзæххытæ уыдысты: Балыбыны хуым, Болийы хуым, Сæныччы хуым, Къардиуы сæр æмæ Уæлдзуар, Ходы æмæ нæууы уыгæрдæнтæ, Тæтæры рагъ, Уары дарæн, Хъарм адаг, Хъомхизæн æмæ Сæгъæргæвдæн адæгтæ уыдысты сæ уыгæрдæнтæ æмæ сæ сæрвæттæ. Пайда кодтой Чехсыры хуымы суадонæй.

Цардысты дзы Цогойтæ, Бесатæ, Слохтæ, Цыбыртæ.




#Article 392: Черим Нахушев (249 words)


Нахушев Хачимы фырт Черим (; райгуырдис Баксаны сахары) у уæрæсейаг зарæггæнæг; зары адæмон æмæ эстрадон зарджытæ кæсгон-черкесаг, уырыссаг, ирон æмæ абазаг æвзæгтыл.

Баксаны астæуккаг скъола фæуыны фæстæ бацыдис Цæгат Кавказы аивæдты паддзахадон институтмæ.

Зарын райдыдта институтмæ бацæуыны агъоммæ. Черимæн йæхи загъдау, курдиат йæм ссардта йæ мад Раисæ (фæзиан 2005-æм азы).

Нахушевы зарджытимæ аудиокассетæтæ фыццаг фæзындысты 90-æм азты райдайæны. Уый зарыдис зындгонд кæсгон зарджытæ; уыдон заргæйæ Черим пайда кодта нырыккон аранжировкæтæ æмæ импровизацийæ. Уалынджы йæ ном сси зынгонд Хъæрæсе-Черкес, Адыгей æмæ Кæсæг-Балхъары цæрджыты ’хсæн, æмæ ныридæгæн зындгонд у æнæхъæн Цæгат Кавказы æмæ уый æдде (черкесаг диаспорæйы Турк æмæ Æввахс Скæсæны).

Йæ сценæмæ фæндаг Черим райдыдта куыд кæсгон адæмон зарджытæ чи зарыдис, ахæм артист (тохы, хъайтарты зарджытæ, лирикон æмæ æнд.). Цагъдысты йын кæсгон адæмон инструменттæй — щичепшин, бжамий, кæсгон фæндыр æмæ æнд. Бæрæг бынат йе сфæлдыстады ахсы тохы зарæг.

Афтæмæй, йæ рагон репертуары жанр схонæн ис этникон (адæмон) зарæг. 

Йæ фæстаг репертуар у алыхуызон: эстрадон зарæг, зарæг уырыссаг æвзагыл, стæй, йæ миниуæг кæсгон адæмон æмæ нырыккон поп-музыкæйы инструментты æмдзыгъуыр кæмæн у, ахæм этно-поп. 
Нахушевы иу зарæджы () хъуысы сомихаг дудук — цæгъды та йын зындгонд музыкант Дживан Гаспарян. 

Нахушевæн музыкæ фыссынц композитортæ Анзор Хаупа æмæ Мурадин Думанов. Цæгъдынц Тимур Лосанов (фæндыр), Зубер Евагов (щичепшин), Анзор Увыж (бжамий). Аранжировкæтæ фыссы Анзор Хаупа, йæ продюссер та у Амур Успаев.

Ныридæгæн Нахушев рауагъта æртæ альбомы. Уыдонæй дыууæйæн презентаци уыдис 2006-æм азы.

Альбомы дыууæ зарæгæн режиссёр Бæдоаты Алан систа клиптæ.

Йæ бинойнаг у Лианæ Нахушева (ус ракуырдта 2004-æм азы) æмæ сын ис чызг æмæ лæппу.




#Article 393: Сатъат (166 words)


Сатъат у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.

Зæрæмæгæй чысыл фалдæр, дæлвæндаг, Æддаг æмæ Мидæггаг Сатъаты, доны был Тъæпæн хъæуы цардысты æфсымæртæ: Туатæ, Къæбыстæ, Уалытæ æмæ Харебатæ. Фæстæдæр, XVI æнусы Къæбыстæ, Уалытæ æмæ Харебатæ зæххагур ацыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрцардысты, Дзауы районы Хуыцъейы. Уырдыгæй Къæбыстæ алыгъдысты Сыгъдтæм, Уалытæ Чысангоммæ Зонкъары хъæумæ.

Фалдæр, уæлвæндаг, къæдзæхы фидарыл сæ лыстæг мæсыджы алыварс æрбатымбыл сты Цæргæстæ. Ацы цалдæр хъæуæн сæ иумæйаг ном у Сатъат. Туаты 3 мæсыджы дзы хæдзæртты астæуæй сæхи гæзæмæ æвдисынц.

Сæ хуымзæххытæ — Æддаг хъугом, Къапиты цæгат, Лыстæг адаг æмæ Цæргæсты хуымтæ — сæ алыварс. Цæргæсты ададжы дон æмæ Бобайы суадон — сæ цуры, Мамысонгомы дон — сæ быны. Куырæйттæ — хæстæг.

Туаты сæрвæт. Ракъадаг, Пушы ком, Авдæнуæттæ, Гæмæхтæ æмæ Хæйрæджджын адаг — сæ хосгæрст æмæ сæ фосхизæнтæ.

Сатъаты комкоммæ Пушы хъæуы цардысты Мамиатæ, Мецъытæ æмæ Цæргæстæ.

Сæ хуымзæххытæ, сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ уыдысты Пешы комы. Сæ куырæйттæ — Мамысоны доны был. Мецъытæ Пушмæ балыгъдысты Мызурæй, Мамиатæ та — Нарæй.

Цардысты дзы Туатæ, Къæбыстæ, Уалытæ, Харебатæ, Цæргæстæ.

 




#Article 394: Темирканов, Юрий Хатуйы фырт (201 words)


Темирканов Хатуйы фырт Юрий (; 1938-æм азы 10-æм декабрь, Налцыкк, Кæсæг-Балхъар) — у советон æмæ уæрæсейаг дирижёр, ССРЦ-ы адæмон артист. Ссæдз азты дæргъы фылдæр у Уæрæсейы сгуыхт коллектив Бетъырбухы филармонийы академион симфонион оркестры æнæивгæ разамонæг.

Ахуыр кодта Ленинграды консерваторийы цур музыкалон скъолайы скрипкæ æмæ альты кълæсты, стæй та ― консерваторийы Илья Мусины оперон-симфонион дирижёрты къласы. Консерватори каст фæуыны азы (1965) Темирканов дебют скодта Ленинграды оперæ æмæ балеты чысыл театры Джузеппе Вердийы «Травиатæ» оперæ сæвæрынæй. Иу азы фæстæ фыццаг бынат ахсы Дирижёрты II-аг Æппæтцæдисон конкурсы Мæскуыйы, æмæ 1968-æм азы райдайы разамынд дæттын Ленинграды филармонийы академион-симфонион оркестрæн. 1976-æм азæй 1988-æм азы онг Темирканов у Кировы номыл оперæ æмæ балеты театры аивадон разамонæг æмæ сæйраг дирижёр.

Евгений Мравинскийы мæлæты фæстæ, 1988-æм азы Темирканов сси Уæрæсейы сгуыхт коллектив Бетъырбухы филармонийы академион симфонион оркестры аивадон разамонæг æмæ сæйраг дирижёр. Ацы коллективимæ дирижёр кусы абоны онг.

Темирканов арæх кусы фæсарæйнаг оркестртимæ: 1980-æм азы уый Лондоны бацахста Къаролы филармонион оркестры æрбахонгæ дирижёры бынат, æмæ 1992-æм азæй фæстæмæ 1998-æм азы онг уый уыдис уыцы оркестры сæйраг дирижёр. Темирканов кæимæ куыста, уыцы æндæр коллективты ’хсæн сты Балтиморы симфонион оркестр, Данийы симфонион оркестр æмæ æндæртæ.

Темиркановы дирижёрон æрмдзæфы зыны стыр эмоционалондзинад, арфдзинад. Темиркановы репертуары ис Чайковскийы симфонитæ, Стравинскийы балеттæ æмæ æндæр уацмыстæ.




#Article 395: Къуындыхаты Муссæ (212 words)


Куындыхаты Алхасты фырт Муссæ (; 1818-æм аз, Хохы Саниба — 1889-æм аз, Эрзерум) — Уæрæсейы инæлар-майор, Турчы дивизион инæлар. 

Муссæ райгуырдис 1818-æм азы уалдзæджы, ирон æлдар Алхасты бинонты. Уый уыди йæ фыдæн йæ фæндзæм фырт. Муссæйыл дыууадæс азы куы цыдис, уæд æй райстой Бетъырбухмæ куыд амынæт, уым каст фæцис Павлы æфсæддон училище. Сси корнет Кавказы Хицæн корпусы сконды чи уыди, уыцы кавалерийы цур. Николай Фыццагимæ чегъре цыдис йæ Цæгат Кавказы балцы. 1841-æм азы сси капитан.

Хъырымы хæсты рæстæджы Муссæ, дæлбулкъон уæвгæйæ, разамынд лæвæрдта хохаг бæхджын полкæн, кæцыимæ Фæскавказы архайдта туркæгты ныхмæ операцийы. Фæстæдæр сси булкъон.

У Сыгъдæг Гиуæргийы IV-æм къæпхæны, Сыгъдæг Владимиры I-аг къæпхæны бантимæ, Сыгъдæг Аннæйы I-аг, II-аг æмæ III-аг къæпхæнты кавалер, Сыгъдæг Станиславы II-аг къæпхæны кавалер, ноджы ма уымæн уыди Австрийы Леопольды кавалерийы дзуар.

Куындыхаты Муссæ амидин кодта пысылмон ирæтты, цæцæйнæгты æмæ карабулакæгты Туркмæ алидзынмæ. 1865-æм аз мартъийы райдайæны фондз мин хохæгтæ, сæ сæргъы Къуындыхайы-фырт афтæмæй, араст сты Туркмæ. Арвыкомы фæндагыл, стæй Гуырдзыстоны зæххытыл фæцæугæйæ 22-æм июны ныххæццæ сты Хъарсмæ. Уыимæ Туркмæ ацыдысты йæ фырттæ Аслæмбег æмæ Бечир, йе ’фсымæртæ Афæхъо æмæ Хъазыбулат.

Сси Турчы бæстаг, лæвæрд ын æрцыдис пашайы титул æмæ дивизион инæлары бынат. 

Йæ царды фæстаг азтæ арвыста Эрзерумы, уым фыццаг командæ кодта бынæттон гарнизонæн, стæй та службæйæ хи суæгъд кодта. Ныгæд æрцыдис сахар Эрзерумы Харманлийы мæзджыты цур.




#Article 396: Токаты Гогки (374 words)


Токаты Ахмæты фырт Гогки (райгуырдис 1913-æм азы, Цæгат Ирыстоны Сечеры хъæуы — амардис 2005-æм азы 25 ноябры, Англисы графад Суррей) уыдис советон æмæ бритайнаг ахуыргонд, ракетодинамикæ æмæ космонавтикæйы специалист.

Гогки райгуырдис 1913-æм азы Терчы облæсты Дзæуджыхъæуы зылды Сечеры хъæуы, мæгуыр ирон бинонты ’хсæн. 1920-æм азы райдианы бинонтæ æрцардысты ног зæххытыл, Ставд-Дурты хъæуы (ныртæккæ — Цæгат Ирыстоны Кировы район) бындур кæм æрæвæрдæуыд, уым. Йæ фыд Токаты Ахмæт уыди зæхкусæг, амардис 1917-æм азы.

Токайы-фырты мысинæгтæм гæсгæ, лæппу иунæг бон дæр нæ ахуыр кодта скъолайы. 1924-æм азы Гогки бацыдис Фæскомцæдисы рæнхъытæм. 1928-æм азы та сси коммунист. Йæхæдæг фæстæдæр куыд загъта, афтæмæй уæды азты уый уыди «æрыгон фанатик».

Хæсты райдианæй службæ кодта бомбæкалæг авиацийы, фæлæ рæхджы йæ райстой фронтæй Мæскуымæ, ракетæтæ кæныны къабазы кусынмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Токайы-фырт куыста сусæг проекттыл æмæ уыциу рæстæг касти лекцитæ Мæскуыйы цалдæр техникон ахуырдоны. 1947-æм азы йын лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны цин, æмæ уыцы аз æй экспертон къамисы иннæ уæнгтимæ арвыстой командировкæйы Скæсæн Берлинмæ — уым бæрæг кодтой, окупацийы советон зонæмæ чи бахауди, уыцы немыцаг ахуыргæндтæ-ракетæгæнджыты.

СМЕРШ æй æрцахсынмæ кæй хъавы, уый æнæнхъæлæджы базонгæйæ, Токайы-фырт йæ бинойнаг Азæимæ афтыди оккупацийы англисаг зонæмæ. Берлины бритайнаг сектормæ куы бацыдис, уæд ракуырдта политикон лигъдоны статус. 1947-æм азы йын лæвæрд æрцыд бритайнаг паспорт æмæ ног ном — Грегори Токати (уый размæ документты фыста «Григорий Токаев»), уый фæстæ цалдæр мæйы бритайнаг бæрæгдзаутæ æмбæхстой Гогкийы советон агенттæй. Советон Цæдисы ахуыргондæн фæсаууонмæ рахастой 25 азы рæстмæгæнæн-фæллойгæнæн лагеры фæбадыны тæрхон.

Токайы-фырт йæ рæстæджы ныффыста йæ алыгъды тыххæй чиныг. Йæ хабæрттæм сцымыдис сты чиныгуадзджытæ, фæлæ Токайы-фырты биографийы дзæвгар æрмæджытæ ныронг дæр сты сусæггонд.

Стыр Британийы гражданин куы сси, уæд Токайы-фырт куыста паддзахады сусæг уагдæтты. 1960-æм азæй, Нортхэлнтон, зæгъгæ, уыцы Уæлдæр технологийы колледжы касти лекцитæ аэронавтикæйыл, 1961–1975-æм азты уыди колледжы сæргълæууæг, профессор (1967). Англисы зонадон архайдимæ Гогки æмрæстæджы касти лекцитæ АИШ-ы, Голландийы, Турчы, Ираны, Нигерийы университетты.

Авиацион проекттыл архайды уæлдай, Токайы-фырт фыста публицистон уацтæ. Йæ публицистикæйы критикæ кодта советон режим (сæрмагондæй, уыди советон биологон хæцæнгæрзтæ аразыны ныхмæ, стæй Европæйы мидæг уыцы паддзахады политикæйы ныхмæ) æмæ уый охыл йæм сызнаг сты бритайнаг галиуонтæ ().

АИШ-ы Нью-Мексикойы штаты Лос-Аламосы зылды æрæвæрдæуыд ахуыргонды бронзæ бюст ахæм фыстимæ: G. A. Tokaty.

Лондоны цур университетон сахаргонды уынгтæй иуæн рардæуыд Токайы-фырты ном.
Ситийы университеты Лондоны лорд-мэр (уыциу рæстæг у ацы ахуырдоны ректор) æрвылаз дæтты Токаты Гогкийы номыл стипенди.




#Article 397: Бразилийы импери (188 words)


Бразилийы импери () уыдис нырыккон Бразилийы территорийыл паддзахад, йæ сæргъы император Педру I æмæ йæ фырт Педру II. Импери сæвзæрди 1822-æм азы, æмæ йæ республикæмæ аивтой 1889-æм азы.

Наполеоны æфсад Португали куы баистой, португайлаг къарол Жуан VI йæ бинонтимæ ралыгъди Бразилимæ — Португалийы ахсджиагдæр колонимæ. Къарол царди Рио-де-Жанейройы 1821-æм азы онг. Уыцы рæстæг уый йæхæдæг Бразилийы статус фæбæрзонддæр кодта — йæ къаролады ног ном сси Португали, Бразили æмæ Альгаврæйы Иугонд Къаролад (1815). Жуан VI Лиссабонмæ куы цыди, уæд йæ фæстæ ныууагъта йæ фырт Педруйы — уый сси Бразилийы вице-къарол регент.

Уыцы иу аз Португалийы парламент, Бразилийы статус ногæй фæныллæгдæр уа æмæ йæ автономи аиуварс уа, ахæм уынаффæ рахæста. Португалийæ Бразилимæ æрбацыдысты æфсæддонтæ уыцы уынаффæ сæххæст кæнынæн. Бразилийы цæрджытæ растадысты, уыцы растадæн разамынд лæвæрдта регент Педру йæхæдæг — Португалийы парламентмæ уый ныффыста, адæм мæ курынц сæрибарыл тох кæнын, зæгъгæ.

Португали йæ кæддæры колонийы хæдбардзинадыл сразы æрмæст 1825-æм азы.

Бразилийы импери уыдис, цагъарад чи аивта, Америкæйы фæстаг ахæм паддзахад. Цагъарад аивыны тыххæй закъон зындгонд сси куыд Сыгъзæрин закъон, уый скуыста 1888-æм азы. Уый фæстæ импери бирæ нæ бафæрæзта — æмæ 1889-æм азы император йæ тронæй аппæрст æрцыд, Бразили сси республикæ.




#Article 398: Зæххастæуденджызон бæстыхъæд (145 words)


Зæххастæуденджызон бæстыхъæд (кæнæ Зæххастæуы денджызы регионы бæстыхъæд) у Зæххастæуы денджызы алфмабылай территориты типикон чи у, ахæм бæстыхъæд (климæт). Арæх æмбæлы континентты ныгуылæйнаг былгæрæттыл, экваторæй цæгатырдыгæй æмæ хуссарырдыгæй, йæ уæрхад 30° æмæ 45° кæмæн у, уыцы рæтты. У субтропикон бæстыхъæды хуыз.

Зæххастæуы денджызы бассейны уæлдай, зæххастæуденджызон бæстыхъæд ма ис ахæм рæтты: Калифорнийы дзæвгар хайы, Хуссар Африкæйы Республикæйы провинци Ныгуылæн Кейпы, Чилийы ныгуылæйнаг хайы, Ныгуылæн Австралийы былгæрон районты æмæ Хуссар Австралийы æрдæгсакъадах Эйры.

Амынд зонæты æдде иуæй-иу ран æмбæлы ма, зæххастæуы бæстыхъæдмæ хæстæг чи у, ахæм микроклимат.
Сурзæххыл заххæастæуденджызон бæстыхъæд, уæрхад куыд уæлдæр кæны, афтæ рахизы фурдон () æмæ денджызгæроны () бæстыхъæдтæм.

Перты (Австрали) сæрд вæййы æнтæф æмæ хус (суткæйы иууыл бæрзонддæр температурæ у 30 °C, баддзæгты () бæрц декабрь-февралы у 34 мм), зымæг та уымæл æмæ уазалгомау (суткæйы иуыл бæрзонддæр температурæ у 8 °C, баддзæгты бæрц июнь-августы у 450 мм). Уый у зæххастæуденджызон бæстыхъæды типикон дæнцæг.




#Article 399: Етим Эмин (103 words)


Етим Эмин (йе ’цæг ном у Магомед-Эмин, Севзиханы фырт (Етим тæлмац кæны куыд «Сидзæр»); 1838-æм аз, Цилингы хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Курахы район — 1884-æм аз, Ялцугары хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Сулейман-Стальскийы район) уыди лекъаг поэт æмæ лекъаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг.

Райгуырдис тæрхоны лæджы бинонты ’хсæн. Медресейы сахуыры фæстæ райдыдта кусын йæ фыды бæсты тæрхондоны, фæлæ рæхджы йæ бахъуыди ныууадзын уыцы бынат. Етим Эмин уыди фыццаг ахæм лекъаг, йæ мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссын чи райдыдта (араббаг дамгъæтæй). Йе сфæлдыстады ис куыд граждайнаг («1877-æм азы растад», «Хæлæрттæн», «Дунейæн»), афтæ лирикон уацмыстæ дæр. Эмин сфидар кодта лекъаг поэзийы ног формæтæ, уыдонимæ астуæнгон силлабикон рæнхъ æмæ рефренон рифмæ.




#Article 400: Бæдоаты Алан (151 words)


Бæдоаты Алан (райг. 1981-æм аз 10-æм январы) — у украинаг режиссёр æмæ клипмейкер. Зынгонд сси Уæрæсе æмæ Украинæйы популярон зарæггæнджытимæ æмгуысты руаджы — уыдонæн Алан иста видеоклиптæ. Æнæуый куыста фæсарæйнаг артисттимæ. Æгас дунейы зындгонд сси йæ фыццаг æххæстметражон фильм «OrangeLove»'йы фæстæ; ацы фильм райста преми фестивал «Kinoshock 2006»-ы хуыздæр режиссёры куысты тыххæй.

Бæдоайы-фырт райгуырдис 1981-æм азы 10-æм январы Цæгат Ирыстоны Беслæны хъæуы, схъомыл та сахар Горловкæйы, Украинæйы Донецчы облæсты.

Ахуырдон каст фæуыны фæстæ, режиссёр кусын райдыдта музыкалон видеойы жанры. Уый фæстæ украинаг продюсер Юрий Никитин бафиппайдта Аланы æмæ уыдон раидыдтой иумæ кусын. Ацы куысты фæстиуæг уыди  видеоклип  Иринæ Билыкы зарæг «Мит»-æн (). Ныридæгæн Алан систа 250 видеоклипæй фылдæр.

Æппæтдунейон зынынад райста йæ фыццаг æххæстметражон фильм «Оренджлавы» () 2006-æм азы рацыды фæстæ «Оренджлав» («OrangeLove»). Каннаг фестивалы, кæцыйы йæ киноныв æвдыст æрцыд конкурсы æдде, европæйаг критиктæ йæ схуыдтой украинаг кинематографы фыццаг æцæг фильм. Афтæ дæр «Оренджлав» райста преми фестивалы «Kinoshock 2006» хуыздæр режиссёры куысты тыххæй.




#Article 401: Фаулз, Джон Роберт (118 words)


Джон Роберт Фаулз (; 1926-æм азы 31 мартъийы, Ли-он-Си, графад Эссекс — 2005-æм азы 5 ноябры, Лайм-Реджис, графад Дорсет) уыди англисаг фыссæг, романист æмæ эссеист. У постмодерны литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.

Райгуырдис æнтыстджын сигарæтæуæйгæнæджы бинонты ’хсæн.

Каст фæци престижджын скъола Бедфорды. Ахуыры рæстæг йæхи равдыста арæхстджын спортсмен æмæ курдиатджын ахуырдзауæй. Скъола фæуыны фæстæ бацыди Эдинбурджы университетмæ, фæлæ 1945-æм азы, Дыккаг дунеон хæсты фæудмæ ма чысыл хъуыдиc, афтæмæй ныууагъта ацы ахуырдон æфсæддон службæйы сæраппонд. Дыууæ азы денджызон фистæгæфсады фæслужбæйы фæстæ Фаулз ныууагъта йæ æфсæддон карьерæ æмæ бацыди Оксфорды университетмæ. Йæ специализаци уыди францаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

Фаулзы сæйраг уацмыстæ систы зындгонд æгас дунейы, уыдонмæ гæсгæ систæуыд, чингуытæ чи фæпопулярондæр кодта æмæ сæ коммерцион æнтыстæн ахъаз чи фæци, ахæм кинонывтæ.




#Article 402: Пизæйы мæсыг (209 words)


Пизæйы мæсыг () у дзæнгæрæгджын мæсыг, у Пизæйы сахары Санта-Мария Ассунтæйы аргъуаны ансамблы хай. Мæсыджы арæзтад фæци 1360-æм азы. Амаддзагæн радтой «Хаугæ мæсыджы» ном. Зындгонд та сси, къулгонд кæй у æмæ уый охыл цыма «хаугæ» кæны, уыйау кæй зыны, уый тыххæй.

Мæсыгæн йæ бæрзонддæр фарсы ’рдыгæй йæ бæрзæнд у 56,7 метры, ныллæгдæр фарсы ’рдыгæй та — 55,86 метры. Бынæй мæсыджы уæрх у 4,09 метры, уæлейы та — 2,48 м.

Амаддзаджы массæ ахуыргæндтæм гæсгæ у 14453 тоннæйы. Мæсыджы ныртæккæйы фæкъулы бæрц у 5° (ома æмуырдыг хаххæй фæиуварс 4,9 метры). Мидмæсыджы асинæн ис 294 къахæвæрæны.

Мæсыг арæзтой æртæ этапæй. Райдыдтой йæ аразын 1173-æм азы 9 августы, дыууæ хатты дæргъвæтин рæстæгмæ куыст урæд кæй уыди, уый фыдæй куыст ныддаргъ 1360-æм азмæ, ома агъуыст саразынæн æдæппæтæй бахъуыди 200 азы. Мæсыг у католикон аргъуан Campo dei Miracoli-йы (диссæгты быдыр) дзæнгæрæгдон. Проекты автор бæрæг нæу.

Раздæр нымад уыди, зæгъгæ, мæсыг къулгонд кæй у, уый æвæрд уыди проекты мидæг, фæлæ ныртæккæ ацы верси банымадæуыд æнæрастыл. Мæсыг спроект чынди «вертикалонæй», фæлæ аразыны рæстæг райдыдта къул кæнын.

Куыд йæ фæкъулы, афтæ йæ хæдхуыз архитектурæйы фæрцы мæсыгмæ, йæ сарæзтæй фæстæмæ, уыди лæмбынæг цæстдард. Иудадзыгдæр инженертæ архайдтой мæсыг фæфидардæр кæныныл. Зæгъæм, цалдæр хатты ивд æрцыдысты йæ хæлгæ колоннæтæ. Ныртæккæ фылдæр æххæстгонд цæуынц, бындур чи хъуамæ бафидар кæна, ахæм зæххыбыны куыстытæ.




#Article 403: Уæхъæц (366 words)


Уæхъæц, дыгуронау Уæхъæцæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Уæхъæци гъæу æвæрд æй Сонгути дон æма паддзахи надæн сæ галеу фарс, Галаузи донæн ба — æ рахес фарс. Гъæу æй Мæхчески æма Къамати гъæутæмæ 2-3 километри идарддæр Хонсар æрдæмæ.

Уæхъæци гъæуæн æ Хонсар æрдигæй ес бæрзонд къулдун (Узунæги тегъæ), идарддæр ба Сау хонхи бæрзæндтæ. Еци хонх зумæги бæнтти хор нихгæнуй, æма гъæуи æрдæг дууæ къуæрей дæргъци фæууй æнæ хор.

Политикон æма социалон æгъдауæй Уæхъæци гъæу рагон рæстæгути ахæста устур бунат. Раздæр рæстæгути гъæуи ном адæм худтонцæ «Авд Уæхъæци», зæгъгæ, уой туххæй æма адтæй авд гъæуей унаффæгæнæн бунат (Нихæс). Ами гъæутæй æрвист хестæр лæгтæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрæмбурд уиуонцæ æма си тæрхонтæ хастонцæ адæми цард хуæздæр кæнуни туххæй, лух си кодтонцæ тугъдон фарстатæ æма æндæртæ. Фиццагдæр, дан, «Авд Уæхъæци» хестæртæ рахастонцæ унаффæ, цæмæй тог райсуни бæсти тоггинтæ тоги цитæ кодтайуонцæ зиангун муггагæн, — е ба адтæй бафедауни бæрæггæнæн дууæ муггагей æхсæн.

Уæхъæци гъæу Дигори коми æй тæккæ рагондæр гъæутæй сæ еу. Уой туххæй бæрæггæнæнтæ æнцæ рагон мæсгутæ, уæдта гъæуи алли фарс уобæйттæ, рагон уæлмæрдтæ æма циртдзæвæнтæ.

Гъæуи астæу ци дууæ устур мæсуги ес, уонæй сæ еуей Цакъоти адæм сæхе хонунцæ, иннæ адæм ба зæгъунцæ, зæгъгæ, дан, еци мæсуг исаразтонцæ Туйгъантæ, Цакъотæ ба си æрцардæнцæ, Туйгъантæ будурмæ ку фæллигъдæнцæ, уæд уой фæсте. Миндзайти мæсуг ке хонунцæ адæм, е дæр Миндзайти нæ адтæй, æндæр кедæр адтæй, фал, ке мæсуг адтæй, ка ’й исаразта, е ба абони уалæнгæ дæр бæрæггонд нæма æрцудæй.

Уæхъæци цæргути уавæртæ Тъæпæн Дигори Хонсари гъæути цæргути уавæртæй адтæнцæ дзæвгарæ хуæздæр. Сæ нæдтæ адтæнцæ хуарз, алли афони дæр си зилдæй уæрдун. Аразæн гъæдæ æма согбæл дæр уони хузæн нæ тухстæнцæ, гъæдæ сæмæ адтæй хæстæг. Сæ хумзæнхитæ дæр адтæнцæ гъæумæ хæстæг, уæдта ниллæгути, хуæздæр рауæнти. Фал се ’гуæрдæнтæ æма сæ фонси хезнитæ ба адтæнцæ идард æма зин уавæрти, фал уæддæр уони фæрци сæ бон адтæй фонс дарун: листвонс (фустæ, сæгътæ), уæдта гъоцитæ, косунмæ ба — галтæ, бæхтæ æма хæргутæ.

Дигори иннæ гъæути цæргути хузæн Уæхъæци гъæуи цæргутæ дæр сæ фиддæлти æгъдæуттæн сæ хуæздæрти фæнзтонцæ. Устурдæр æма кадгиндæр ковæндæнттæбæл нимадтонцæ Узунæги дзиуари æма Тухуæстæги ковæндæнттæ. Æууæндтæнцæ Хуцаубæл æма изæдтæбæл. 

Уæхъæци гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Амилахуантæ, Гæзæнтæ, Дзидзойтæ, Кæлухтæ, Миндзайтæ, Митцитæ, Таматæ, Туйгъантæ, Хадатæ, Хубатæ, Хъараонтæ, Хъиргъутæ, Хъойбайтæ, Цакъотæ, Цъугкитæ æма Цъебойтæ.




#Article 404: Ганди, Соня (140 words)


Соня Ганди (; райгуырд 1946-æм азы 9 декабры Италийы сахар Лусианæйы) — Индийы зындгонддæр политиктæй иу, Индийы националон конгрессы ныры раздзог (1998-æм азæй), Индийы раздæры премьер-министр Раджив Гандийы идæдз ус.

Райгуырд Италийы куыд Соня Антония Майно (йæ гæххæттытæм гæсгæ Эдвиге Антония Альбинæ Майно, ). Йæ ныййарджытæ — Антонио æмæ Паола Майно. Соняйы фыд Дыккаг дунеон хæсты рæстæг советон уацары бахауд. Уый фæстиуæгæн стыр нымд кодта уæрæсейаг истори æмæ культурæйæн, æмæ уый охыл йе ’ртæ чызгæн радта уырыссаг нæмттæ. Антонио фæмард 1983-æм азы, Соняйы мад æмæ йæ дыууæ хойы ныр дæр цæрынц Италийы, Орбассанойы цур.

Индирæ Гандийы фæндыди, цæмæн йæ фæдыл йæ кæстæр фырт Санджая Ганди цæуа. Раджив Ганди уæд граждайнаг авиацийы тæхæгæй куыста. 1980-æм азы та, Санджай куы фæмард, Раджив активонæй политикон архайдыл ныллæуыд. Йæ мад куы фæмардтой 1984-æм азы, уый сси бæстæйы премьер-министр.

Соня Гандийы тыххæй ис цалдæр чиныджы:




#Article 405: Тиб (486 words)


Тиб у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Мамысонгомы. 

Зæрæмæгæй 6—7 километры фалдæр Тибы зæхмæ иу уалдзæг Уæлладжыры комæй уынæг бацыдысты Кучи æмæ Боци. Фæзылдысты хуымты бынæттыл, уыгæрдæнтыл æмæ сæрвæттыл, федтой хъæдтæ æмæ дæттæ. Бынат сæ зæрдæмæ тынг фæцыди æмæ сæ бæрцыты цы хоры нæмгуытæ бахастой, уыдон байтыдтой хуымы бынæттæн равзæрст зæххыты. Æвзар фæзыныны афон куы ’рхæццæ, уæд сæм бæрæггæнæг бацыдис Кучи.

Æвзартæ куы федта, фæстæдæр ставд, нæрст æфсиртæ куы радтой, уæд дзы йæхицæн цæрæн бынат æркодта. Йæ мæсыг æмæ йæ хæдзæрттæ ныууагъта Стыр Мызуры йæ сыхæгтæн æмæ нæуджытæ аразын райдыдта Тибы стыр быдыры.

Ныууагътой Боцитæ æмæ Гусойтæ Ногхъæу, Мызур æмæ Суларты ’хсæн сæ чысыл хъæу æмæ балыгъдысты Тибмæ. Æрцахстой стыр хъугом æмæ дзы æрцардысты хицæнæй. Ам сырæзт Боцитыхъæу иуæй иннæ бæрзонддæр цыппар мæсыгимæ.

Тиб сси адæмæн уарзон цæрæн бынат æмæ йæм алы рæттæй лидзын байдыдтой алы мыггæгты минæвæрттæ. Æрцардысты дзы 9 мыггаджы авд хицæн хъæутæй; Тибы — Кучитæ, Икъотæ æмæ Багатæ; Нагъорайы — Джергатæ; Уелты — Гоцъойтæ, Тедетæ, Къадзтæ æмæ Айлартæ; Боциты хъæуы — Боцитæ; Тимцъынайы, Тадиты æмæ Уанты дæр — Кучитæ.

Алы хъæуы дæр уыдис мæсгуытæ, фæлæ азты дæргъы æдзæрæгæй æрцыдысты хæлддзаг уавæрмæ. Боциты цыппар мæсыгæй ма иу, Гомелайы мæсыг, у æнæхъæн.

Уелты цы 5 мæсыджы уыдис, уыдонæй ма лæууы Къадзты мæсыг. Ахæм уавæры ис Тадиты хъæуы Кучиты мæсыг дæр. Ацы æртæ мæсыджы æрæмбæрзын æмæ бахъахъхъæнынæн бирæ фæрæзтæ бæргæ нæ хъæуы. Уый стыр лæвар уаид фидæны фæлтæртæн.

Иннæ 18 мæсыджы: Боцитыхъæуы — Боциты 3, Уелты 4, Къадзты, Тедеты, Гоцъойты æмæ Айларты мæсгуытæ. Тибы Кучиты 6 æмæ Багаты мæсыг, Нагъорайы Джергаты мæсыг, Тимцъынайы Сыхайты, Сæхмæтты æмæ Бабайты 3 мæсыджы. Хæдзæртты хæлдтыты æхсæнæй уæлæмæ нал зынынц æмæ Тибы 7 хъæуы бакастæй зæрдæ уазал кæны.

Тибы авд хъæуы уыдысты дон æмæ зæйæ æдас рæтты. Сæ хуымзæххытæ, куырæйттæ æмæ дон уыдысты сæ алывæрсты. Суары фæзы Тибы зындгонд суар се ’ппæты дæр æфсæста.

Тиб куыд рæзти, афтæ сси Мамысонгомы культурон æмæ административон центр. Ам уыдис Тиб-Мамысоны приходы иумæйаг къæнцылар, райдайæн скъола, дукани æмæ посты хай. 1859-æм азы арæзт аргъуан.

Сæ хуымзæххытæ уыдысты Тибы хъугом, Уелты фæз, Боциты хъугом, Уантæ, Силохтæ, Тимцъынайы хъугом, Сæхмæтты, Бæгъуыты, Блиты æмæ Джергаты хуымтæ.

Суг ластой Дзуары, Лæгуынты, Тымбыл, Чъырададжы, Стыр æмæ Къадзты хъæдтæй, Бæласы æмæ Цады сæртæй.

Хос карстой Бæгъуыты, Халацъайы, Арсы, Къадзты æмæ Сыхайты уыгæрдæнты, Бароны комы, Тецъы фæтæны, Къадзайы æмæ Чъыры адæгты, Бæххизæн æмæ Зруджы рæгътыл.

Сæ фосхизæнтæ уыдысты Суары фæз, Дуарау, Нагъора, Лиайы къул, Скæсæн, Бадзойы цъыфтæ, Гуылхæрæн æмæ Халацъа.

Сæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ дард, фæлæ парахат уыдысты Зруггомы, Халацъагомы, Тимцъынайы, Ракъададжы, Къæйты æмæ Суары кæмтты.

Коммунистон парти æмæ Советон хицауады стыр аудындзинады фæрцы 1966-æм азы Тибы райдыдтой бæрæггæнæн æмæ ныззилыны куыстытæ æмæ ныронг стонын кодтой суары 20 алыхуызон гуырæнæй фылдæр.

Уыдонæй иу разынд Трусковецкы суарæй хуыздæр, æмæ йæм бæстæйы алы кæрæттæй цæуын байдыдтой адæм æмæ, цатырты цæргæйæ, дзæбæх кæнынц ахсæнты, уыргты æмæ игæрты низтæ.

Тибы суæртты ахадындзинад у æгæрон бирæ, уымæ гæсгæ 11-æм фондзазоны райдыдтой Тибы санатори аразын.

Цардысты дзы Кучитæ, Боцитæ, Айлартæ, Тедетæ, Икъотæ, Гоцъойтæ, Къадзтæ, Багатæ, Джергатæ, Гамахартæ.




#Article 406: Медельин (108 words)


Медельин () у Колумбийы дыккаг стырдæр сахар. Медельины бындур сæвæрдæуыд 1616-æм азы йе ’мном цæугæдоны былгæрон; фыццаг уыд æрзæткъахджыты цæрæнран æмæ хуынди Сан-Лоренсо-де-Абуррæ, 1675-æм азæй та — Вилья-де-Нуэстрæ-Сеньора-де-ла-Канделария-де-Медельин.

Медельин хонынц «Колумбийы индустрион сæйраг сахар», стæй «Хæхты сæйраг сахар», «Дидинджыты сахар», «Диссаджы хъæу», «Æвзист къус» æмæ «Æнусон уалдзæджы сахар». Уыцы фæстаг ном ын радтой йæ бæстыхъæдæй — сахар æрбынат кодта хохы (1500 м) æмæ уый тыххæй дзы æдзух вæййы зæрдæмæдзæугæ уазалгомау боныхъæд.

XX æнусы дæргъы Медельин зындгонд сси куыд наркотик уæйгæнджыты къорд «Медельины картелы» артдзæст. Картелы раздзог Пабло Эскабары куы фехстой 1993-æм азы декабры, уæдæй нырмæ Медельины фыдкад сæфы.

Медельин у, метройы системæ кæм и, Колумбийы иунæг ахæм сахар.




#Article 407: Къаспы дæлвæз (207 words)


Къаспы дæлвæз у, Къаспы денджызы цæгатаг былгæрæттыл чи æрбынат кодта, уыцы дæлвæз.

Къаспы дæлвæзимæ цæгатырдыгæй æмарæн у Иумæйаг Сырт, ныгуылæнырдыгæй — Волгæйы дæлвæз æмæ Ергени, скæсæнырдыгæй — Уралы уæлвæз æмæ Устюрт. Дæлвæзы фæзуат у 200 мин кв. километрмæ æввахс. Денджызы æмвæзадæй у 149 метрæй бæрзонддæр, дæлвæзы хуссайраг хай у фурды æмвæзадæй дæлдæр (−28 м).

Къаспы дæлвæз у лæгъз уырдыгаив уæлцъар: куыдхæстæгдæр денджызмæ, афтæ цадæггай къул кæны. Дæлвæзыл ис цалдæр къуылдымы — Индеры хæхтæ, Стыр Богдо, Чысыл Богдо æмæ æндæртæ.

Къаспы дæлвæзыл кæлынц ахæм цæугæдæттæ: Урал, Волгæ, Терк, Хъуым æмæ æндæртæ. Чысыл цæугæдæттæ (Стыр æмæ Чысыл Узень, Уил, Сагиз) сæрдыгон бахуыскъ вæййынц æмæ фæхицæнтæ вæййынц цалдæр агауыл. Уыдонæй та рауайы цадтæ — Камыш-Самарæйы цадтæ, Сарпины цадтæ.

Къаспы дæлвæз кæм æрбынат кодта, уым ис цалдæр дынджыргомау тектоникон структурæйы (Къаспы синеклизæ, Ергенийы фæхæрд, Ногъайы æмæ Терчы къуырфытæ).

Бæстыхъæд у хус, континенталон. Рæстæмбис температурæ: январы −14° цæгаты, æмæ −8° хуссары (денджызгæрон); июлы та уыцы рæтты: +22°, +23°. Баддзæгтæ: хуссар-скæсæны — 150–200 мм, цæгат-ныгуылæны — 350 мм-ы онг. Арæх вæййы хус дымгæтæ.

Къаспы дæлвæзы арæх æмбæлынц цæхдзæстытæ.

Дæлвæзæй пайдагонд цæуы хизæнуатæн.

Волгæ-Ахтубæйы поймæйы дарынц бахчатæ, кæнынц дыргъ æмæ халсары куыст.

Дæлвæзы цы Къаспы нефтгазджын провинци ис, уым амал кæнынц нефт æмæ æрдзон газ. Цадты та амал кæнынц цæхх (Баскунчак, Эльтон æмæ æнд.).




#Article 408: Талышы хæхтæ (138 words)


Талышы хæхтæ ( Kuhāe Tālesh, , ома «талышаг хæхтæ», талышаг адæмы номæй) сты, æхсæнхæххон агаутæй хицæнгонд чи сты, уыцы æртæ къæдзæхы: Сæйраг донхатæн рагъ, Пештары æмæ Буровары рæгътæ. Æрбынат кодтой Азербайджаны хуссар-скæсæны тæккæ кæрон æмæ Ираны арæйнаг районты.

Сæ дæргъ у 100 км, бæрзонддæр цъуп — 2477 метры (хох Кюмюркёй).

Талышы хæхты скæсæнвахс зайынц субтропикон уæрæхсыфджын хъæдтæ, 600 метры бæрзæндыл сæ раивынц тæрсытæ, уæлхох ран та — уыгæрдæн; хæхты ныгуылæнвæхстыл зайынц ксерофитон æмбæлæдтæ.

Талышы хæхты территорийыл æрбынат кодта Гирканы национ парчы иу хай. Ацы парк сарæзтæуыд 2003-æм азы æмæ дзы зайы кайнозойон эрæйы реликтон хъæд.

Скæсæны Талышы хæхтæ Къаспы денджызы ’хсæн ис Ленкораны дæлвæз, Чысыл Кавказы хохмассивтæй та сæ хицæн кæны Муганы быдыр. Хуссары æмæ ныгуылæны Талышы хæхтæ сты æмарæн Ираны уæлвæзы æндæр массивтимæ.

Административон æгъдауæй Талышы хæхтæ æвæрд сты Азербайджаны ацы районты: Ленкораны, Лерикы, Масаллыйы æмæ Ярдымлыйы.




#Article 409: Иразиев, Эльдар Изамутдины фырт (311 words)


Эльдар Изамутдины фырт Иразиев (; 1981-æм азы 13 октябры, сахар Буйнакск, Дагъистаны АССР, ССРЦ) у дагъистайнаг юморист, КВН-ы хъазæг, режиссёр æмæ сценарист.

Эльдар Иразиев райгуырдис 1981-æм азы 13 октябры Дагъистаны сахар Буйнакскы  хъуымыхъхъаг бинонты ’хсæн. Йæ мыггаг у Дæллаг Дженгутайы хъæуæй (Дагъистаны Буйнакскы район. 1998-æм азы Эльдар каст фæци Буйнакскы цыппæрæм астæуккаг скъола. Уый фæстæ бацыдис
Дагъистаны паддзахадон педагогон университеты Буйнакскы филиалмæ, барады факультетмæ, уым фæцахуыр кодта 2003-æм азы онг.

Сценæмæ фыццаг хатт рацыдис 2000-æм азы, студент уæвгæйæ. Актёр уæвын æй нæ фæндыди, уый тыххæй æмæ актёры дæсныйад райсыныл никуы хъуыды кодта æмæ бацыд барады факультетмæ æрмæст исты уæлдæр ахуырад райсыны охыл. Фæлæ йæ сабийы бонты йæм разынди актёры курдиат.

Фыццаг йæ ныййарджытæ уыдысты йæ актёрон архæйды ныхмæ, фæлæ йæ ахсджиаг хъавд куы базыдтой, уæд йæ фæндтимæ сразы сты. 

Алыхуызон рæстæджы Эльдар хъазыдис  КВН-ы цалдæр командæты: «Буйнакскаг проект» (), Дагъистаны æмбырдгонд командæ æмæ Грознайæ «Цæцæны фæд» ().

Уыдонæй уæлдай ма архайдта ахæм проектты:

Ноджы ма архайдта телеканалы ТНТ-йы проектты «Окна» æмæ «Смех без правил». 2008-æм азы та сериал «Фæдысмуд Гуровы ног цард»-ы () ахъазыдис эпизодон ролы. Ныр та архайы проектыл «Горцы от ума. Том 2».

Йæхи загъдау, продюсер ын нæй. Рекламон роликтæ æмæ комедитæн сценаритæ фыссы йæхæдæг. Æмгуыст кæны КВН-ы раздæры хъазæг Хадзымурат Набиевимæ æмæ ансамбль «Лезгинка»-йы раздæры солист Юсуп Омаровимæ. 
Æххæстметражон фильмтæн сценаритæ фыссынæл бавналдта, спонсорты æххуысмæ æнхъæлмæ кæсын дзæгъæлы у, уый куы бамбæрста, уæд. 
Иу интервьюйы Иразиев йæхæдæг куыд зæгъы, 

Фильм сисынæн хъæуы бирæ ’хца. Æмæ кæм æй райсон? Нæ чиновниктæй иу капекк дæр ракурæн нæй. Æз мæхæдæг ме ’мбæлттимæ кæддæр фæлвæрдтон. Уыдон нын загътой, зæгъгæ, Дагъистанæн уый нæ хъæуы.

Йæ фыццаг режиссёрон куыстытæй иу у (Руслан Хангишиевимæ иумæ) скетч-шоу «Горцы от ума».

Æнæхъæн Уæрæсейы зындгонд сси ТНТ-йы телеканалы «Смех без правил»-ы проекты йæ архайды фæстæ  (Юсуп Омаровимæ дуэты). Сæ «Дуэт Ивановы» рацыди æрдæгфиналмæ.

Ныртæккæ, комедийы проектты архайды йеддæмæ, кæны йæхæдæг бизнес мобилон бастдзинад сферæйы.

Бинонтæ йын нæма ис.




#Article 410: Хъуымыхъхъаг æвзаг (214 words)


Хъуымыхъхъаг æвзаг () у хъуымыхъхъаг адæмы мадæлон æвзаг, дзурынц ыл Дагъистаны быдырон хайы æмæ цæгаты хохрæбын, Цæцæны цæгаты æмæ Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы. Хауы тюркаг æвзæгты кыпчакаг къордмæ (уырдæм ма хауынц хъæрæсейаг-балхъайраг, ногъайаг æмæ æндæр æвзæгтæ). Дзурджыты нымæц у 450—500 мин адæймагмæ 'ввахс .

Хъуымыхъхаг у Дагъистаны æхсæз литературон æвзагæй иу. Ацы рæттæм Уæрæсейы империимæ баиуы агъоммæ хъуымыхъхъаг æвзаг уыди Дагъистаны адæмты ’хсæн дзурыны фæрæз. Хъуымыхъхъаг æвзагыл цæуы газет «Ёлдаш».

Хъуымыхъхъаг æвзаджы периодизаци нæма сбæлвырд ис. Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ уый равзæрдис манголы бабырсты агъоммæ (XIII-æм æнусы агъоммæ).

Æвзаджы ис 8 хъæлæсоны — а, е, ы, и, о, оь, у, уь, ис дзы ноджы æртæ æвдисæйнагмæ гæсгæ ныхмæвæрæн (рæнхъ, сисæн, лабилизаци). Иуæй-иу дзырдты (фылдæр æрбайсгæ чи сты, ахæмты) вæййы хъæлæсон ə.

Уæнджы сæйраг хуыз у CVC, ноджы ис ахæм хуызы уæнгтæ: V, VC, CV, VCC, CVCC.

Дзырд кæнæ морфемæйы райдианы хъæлæсонты иугæнæн нæй. 

Ис 10 ныхасы хайы — номдар, миногон, нымæцон, номивæг, мивдисæг, фæрсдзырд, бæттæг, хайыг, æвастхъæр æмæ фæсдзырд.

Хъуымыхъхъаг æвзаджы нæй грамматикон æрд. Бирæон нымæц арæзт цæуы, -лар (-лер), зæгъгæ, ахæм фæсæфтуаны фæрцы.

Æвзаджы ис æхсæз хауæны.

Дзырдарæзты бындурон фæрæз у аффиксалон, вæййы дæр дзырдиукæнынад.

Хъуымыхъхъаг æвзаджы ис ахæм диалекттæ:

Иннæтæй хицæн лæууы кайтаггаг диалект. Иуæй-иу диалектты зыны кавказаг æвзæгты тæваг: цæвиттон, ис дзы «кавказаг» абруптивон æмхъæлæсонтæ.

Нырыккон литературон хъуымыхъхъаг æвзаг арæзт æрцыдис хасавюртаг æмæ бойнахъаг диалектты бындурыл.

,




#Article 411: Кермен (парти) (198 words)


Революцион-демократон адæмон парти «Кермен» у ирон партион организаци, кæцы фæзынди 1917-æм азы сæрды Терчы облæсты Дзæуджыхъæуы зылды (ныр у Цæгат Ирыстон). Фæстæдæр парти бафтыдис РКП(б)-йы скондмæ.

Дзæуджыхъæуы ис Керменистты уынг.

Партийы ном равзæрди Тылаттаты Чермены номæй (Кермен у ацы номы дыгурон хуыз), XIX-æм æнусы райдианы æлдæрттимæ  чи тох кодта, уыцы адæмон хъайтарæй.

Партийы бындурæвæрджытæ сты революцион интеллигенцийы минæвæрттæ. Уыдысты хуымæтæг адæмæй: Гибизты Дебола, Хъесаты Къолка, Гоститы Андрей, Созаты Тарас, поэттæ Малиты Гиуæрги æмæ Абайты Шамил. 

Партийы фыццаг къорд архайын райдыдта Дыгуры Чырыстонхъæуы (ныр у сахар Дигорæ), стæй та ахæм къордтæ фæзындысты Цæгат Ирыстоны æндæр хъæуты дæр.

Иу азы фæстæ партийы уæнгты нымæц сси мин адæймагмæ 'ввахс. 

С. М. Киров, Н. Буачидзе, Мамсыраты Саханджери, М. Орахелашвили, Цæголты Гиуæрги æмæ Джатиаты Алыксандры разамындæй парти скодта цалдæр репрессивон мадзалы æмæ Терчы бæстæйы райдыдта тыхджын агитацион-организацион куыст Урс Æфсады ныхмæ.

Æлдæрттæ æмæ Бадилаты ликвидаци, сæ зæххы конфискаци æмæ къласон æнæмсæрдзинады аиуварс. Революцийы æппæт фарстатæ керменисттæ лыг кодтой большевиктимæ. 

Керменистты руаджы цы тохгæнæг зæхкусджыты балтæ сарæзтæуыд, уыдон тох кодтой Терчы облæсты  контрреволюцийы ныхмæ. Керменисттæй бирæтæ тохгæнгæйæ фæмардысты, уыдоны 'хсæн партийы бындурæвæрджытæ: Гибизты Дебола, Гоститы Андрей, Хъесаты Къолка, Цæголты Гиуæрги.

С. М. Киров 1920-æм азы нымадта æмæ парти уыди большевикон, фæлæ Ирыстоны уавæртыл фидаугæ.

 




#Article 412: Эсенч, Тевфик (186 words)


Тевфик Эсенч (; 1904-æм аз, Хаджи-Осман, Турк — 1992-æм азы 7 октябры) уыди, йæ мадæлон убыхаг æвзаг чи зыдта, фæстаг ахæм адæймаг. Уыди, убыхаг æвзаг чи иртæста, уыцы ахуыргæндтæ Жорж Дюмезиль, Г. Г. Фогт æмæ М. А. Кумаховы информант. Абхазаг фыссæг Баграт Шинкубайы роман «Последний из ушедших»-ы сæйраг геройы прототип.

Тевфик райгуырдис Хаджи-Османы хъæу Турчы. Хъомыл æй кодта, Цæгат Кавказы Убыхы бæстæйы чи райгуырдис æмæ канд йæ мадæлон убыхаг æвзаг хорз чи зыдта нæ, фæлæ убых Османты империмæ æрвыст куыд æрцыдысты, уыцы хабæрттæ иттæг хорз чи хъуыды кодта, йæ уыцы фыдыфыд Ибрагим.

Цалынмæ Стамбулмæ граждайнаг службæмæ нæ ацыди, уæдмæ Эсенч уыди йæ райгуырæн хъæуы администрацийы сæргълæууæг. Стамбулы йын фæци фадат æмгуыст кæнын францаг лингвист æмæ мифолог Жорж Дюмезилимæ. Эсенч ын радзырдта бирæ хабæрттæ канд æвзаджы тыххæй нæ, фæлæ ма йæ адæмы мифологи, культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй.

Тевфик Эсенч йæ мадæлон æвзагæй уæлдай ма хорз дзырдта туркау, стæй зыдта черкесаг æвзаджы хакучинаг диалект.

Эсенчы цыртыл ис ахæм фыст: «Ам ныгæд ис Тевфик Эсенч, убыхаг æвзаг чи зыдта, уыцы фæстаг адæймаг».

Жорж Дюмезиль æмæ Тевфик Эсенч сты, «Le verbe oubykh» (1975), зæгъгæ, убыхаг æвзаджы тыххæй ацы куысты æмавтортæ.




#Article 413: Гулиа, Георгий (371 words)


Гулиа Дмитрийы фырт Георгий (1913-æм азы 14 мартъийы, Сухум, Уæрæсейы импери — 1989-æм азы 18 октябры, Мæскуы) уыди советон уырыссаг фыссæг; равзæрдæй уыди абхазаг. Гулиайы уацмысты бындур сты, Абхазийы адæмы цард æмæ фæллойы хабæрттæ, стæй автор йæхæдæг, уым кусгæйæ, цы тæлмæнтæ рахаста, уыдон.

Георгий Гулиа райгуырдис нырыккон абхазаг литературæйы бындурæвæрæг æмæ ныртæккæйы абхазаг фыссынад саразæг Дмитрийы Гулиайы бинонты ’хсæн.

Фæскавказы бастдзинады инженерты институт каст куы фæци, уæд райдыдта кусын йæ дæсныйадмæ гæсгæ, архайдта Сау денджызы былыл æфсæнвæндаг арæзтады. Лæппу ма куы уыди, уæд йæм рабæрæг ис сфæлдыстадон курдиат, кодта нывтæ. Йæ нывтæ æмæ графикæйы тыххæй йын 1943-æм азы лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном.

Хæсты фæстæ Гулиа æрцарди Мæскуыйы. Уым æй фæхуыдтой кусынмæ «Литературон газет»-ы редакцимæ.

Йæ фыццаг романы хæд фæстæ Гулиа рауагъта, уыимæ тематикон æгъдауæй баст чи уыдысты, ноджы ахæм дыууæ чиныджы: «Добрый город» (1949) æмæ «Кама» (1951). Ацы æртæ романы иумæ сты трилоги «Друзья из Сакены» (фæстаг хатт редакцигонд æрцыд 1954-æм азы).

Ныры дуджы хабæрттыл ныхас цæуы йæ иннæ уацмысты. 1961-æм азы мыхуырæй рацыд роман «Каштановый дом». Фыст у ахуыргæнæг сылгоймаджы боныджы хуызы — университет каст фæуыны фæстæ уый кусынмæ æрвыст æрцыд абхазаг хъæу Дубовая роща-мæ. Уыцы ран æрыгон педагог базыдта ног адæмы, базонгæ ис сæ цардыуаг æмæ æгъдæуттимæ. 1961-æм азы фыссæгæн рацыди роман «Пока вращается земля». Уацмысы сæйраг герой у вирусолог Иконников, кусы Эксперименталон патологи æмæ терапийы институты Сухумы сахары. Чиныджы рæгъмæ хаст æрцыдысты æгъдау æмæ этикæйы ахсджиагдæр фарстатæ, ныхас дзы цæуы ахуыргонды, зонадон кусæджы моралон хæсы тыххæй; уыдонæй уæлдай ма автор йæ романы йе ’ргом здахы нырыккон аивад æмæ литературæйы проблемæтæм.

Кæд ма ныры дуджы темæ фыссæджы дарддæр дæр сайдта йæхимæ, уæддæр уый фылдæр йе ’ргом аздæхта историон æмæ историон-биографион романы жанрмæ. Йæ сфæлдыстадон фæндаджы ацы здæхтæн сæрæвæрæн скодтой, XIX æнусы уырысы-турчы хæсты заман Абхазийы историйыл фыст романтæ: «Черные гости» (1950) и «Водоворот» (1959). Уый фæстæ фыссæг сарæзта йæ фыды аивадон биографи «Дмитрий Гулиа. Повесть о моем отце» (1963).

Историон хабæрттыл кæй ныффыста, Гулиайы уыцы уацмысты ’хсæн зынгæдæр бынат ахсы ацы трилоги: «Фараон Эхнатон» (1968), «Человек из Афин. Хроника в шести книгах» (1969), «Сулла» (1971).

Фæстаг азты ма ныффыста цалдæр чиныджы, канд Абхазийы тыххæй нæ, фæлæ æндæр адæмты æмæ бæстæты тыххæй. Уымæй уæлдай ма у Александр Блок, Михаил Лермонтов, Омар Хайям æмæ Рембрандты аивадон цардафыстыты автор.




#Article 414: Шинкуба, Баграт (120 words)


Шинкуба Василийы фырт Баграт (абх. Баграт Уасыл-иҧа Шьынқәба) (1917-æм азы 12 майы, Кодоры зылд, Члоуы хъæу — 2004-æм азы 25 февралы, Сухум) уыди абхазаг фыссæг, поэт, политик. 1958–1979-æм азты куыста Абхазийы АССР-ы Уæлдæр Советы Сæрдарæй. Уымæй уæлдай зындгонд у куыд историк æмæ лингвист, абхаз-адыгаг æвзæгтæ æмæ абхаз-адыгаг адæмтæ иртасæг.

Баграт Шинкуба у бирæ зындгонд уацмысты автор, уыдоны ’хсæн: роман «Последний из ушедших» (ныхас дзы цæуы, XIX æнусы Туркмæ чи алыгъди æмæ æцæгæлон бæсты туркæгты астæу чи батади, уыцы убыхаг адæмы тыххæй; сæйраг геройы прототип у убыхагау чи дзырдта, уыцы фæстаг адæймаг Тевфик Есенч), поэмæ «Песнь о скале», бирæнымæц æмдзæвгæтæ (уыдоны ’хсæн, æгас Абхазийы хъуыстгонд чи у, уыцы «Калыбельная махаджиров»).

Шинкуба уыди Социалистон Фæллойы Хъайтар æмæ Дмитрий Гулиайы номыл премийы лауреат.




#Article 415: Гулиа, Дмитрий (133 words)


Гулиа Иосифы фырт Дмитрий () (1874-æм азы 9 (21) февраль, Уарчайы хъæу — 1960-æм азы 7 апрель, Агудзерайы хъæу, Абхазийы АССР) уыди абхазаг фыссæг, Абхазы адæмон поэт (1937), абхазаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг.

Райгуырдис мæгуыр зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Куы райгуырди, уæд ын радтой ном Гач, фæлæ фæстæдæр, йæ бинонтæ православи куы райстой, уæд йæ ном раивта Дмитрийæ. Хæрз сывæллон ма уыди, афтæ йæ бинонтæ иннæ гумаг абхазæгтау æрвыст æрцыдысты Туркмæ, фæлæ йæ фыдæн бантыстис рарвитын йæ бинонты фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм.

Дмитрий ахуыр кодта ахуыргæнджыты семинары Гуры сахары. Фæстæдæр акуыста ахуыргæнæгæй.

Йе ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонды поэт равдыста йе ’нæуынондзинад, абхазаг адæмы æфхæрджыты ныхмæ, æргомæй фыста йæ адæмы ирд æмæ амондджын фидæнмæ кæй бæллы.

Дмитрий Гулиа у абхазаг адæмы æвзаг, истори, этнографийы тыххæй чингуыты автор.

Ахуыргонд ныгæд у Сухумы сахары центры, йæ номыл Музей-хæдзары кæрты.




#Article 416: Вахайнаг æвзаг (130 words)


Вахайнаг кæнæ вахаг æвзаг () у Памиры адæмтæй иу — вахайнæгты æвзаг. Æмбæлы Таджикистан æмæ Афгъанистаны ’хсæн арæны фæйнæфарс, цæугæдон Пянджы уæллаг кæлæны былтыл (историон провинци Ваханы территорийыл), стæй Пакистаны цæгатаг районты æмæ Скæсæн Памиры китайаг хайы (Синьцзян-Уйгуры автономон район). Æппæт дзурджыты нымæц у 50–75 мин адæймаджы (2005), уыдонæй Таджикистаны цæры 10–20 мин адæймаджы, Афгъанистаны 9–15 мины, Пакистаны — 20–30 мины, Китайы — 2–10 мины.

Вахайнаг æвзаг скæсæн-ирайнаг æвзæгты мидæг йæхæдæг аразы хицæн къорд. Ваханы фæиртасæн ис дыууæ ныхасыздæхты: уæллаг æмæ дæллаг. Китайы вахайнаг æвзагæн ис уæллаг ныхасыздæхты миниуджытæ. Пакистаны цæгаты цæрæг вахайнæгтæн ис хицæн ныхасыздæхт.

Пакистаны вахайнаг æвзагæй пайдагонд цæуы райдиан скъолайы ахуыры (латинаг алфавит). Пакистаны ма радиойæ вæййы алæвæрдтытæ вахайнаг æвзагыл.

Таджикистаны советон заман вахайнаг æвзагæн арæзт æрцыд алфавит кириллицæйы бындурыл, фæлæ практикон æгъдауæй уымæй пайдагонд нæ цæуы.




#Article 417: Малиты Геуæрги (181 words)


Малиты Гæдойы фырт Геуæрги (1886-æм азы 5 ноябры, Чырыстонхъæу — 1942-æм азы 27 майы) уыди ирон поэт, фыста ирон æвзаджы дыгурон диалектыл.

Малийы-фырт райгуырдис 1886-æм азы 5-æм ноябры, Чырыстонхъæуы (ныр у сахар Дигорæ).
Фыста дыгуронау æмæ уырыссагау. 1917-æм азы Геуæрги уыди ирон революцион-демократон парти «Кермены» бындурæвæрджытæй иу. Малийы-фырты дисы бафтыдта национализацийы æгъатырдзинад, æмæ уый охыл ныууагъта политикон куыст æмæ 1920-æм азы æрыздæхтис йæ райгуырæн хъæумæ. 1923–1932-æм азты Гуылæры хъæуы куыста скъолайы директорæй. 1932-æм азы æрцардис Мустыздæхы. Уым куыста ахуыргæнæгæй æмæ йе ’мдугонтæ куыд дзырдтой, «цардис хæдæфсарм æмæ æнæзынгæ».

Уыцы азты дыгурон диалект нымад уыдис хæдбар æвзагыл, арæзт ын æрцыдис йæхи абетæ дæр, рауагъдæдты уагъд цыдысты чингуытæ æмæ æндæр мыхуыры æрмæг. 1934-æм азы Геуæргийы райстой Советон фысджыты цæдисмæ. 1935-æм азы рауагъдады рацыдис йæ чиныг «Ирæф» (гыццыл радзырдты æмæ поэтикон уацмысты æмбырдгонд).

Афтæ фыста Геуæргийы сфæлдыстады тыххæй зындгонд иранист æмæ ирзонæг Абайты Васо:

Поэт амардис 1942-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 27 боны рæстмæгæнæн-фæллойгæныны лагеры. Йæ ингæн кæм ис, уый бæрæг нæу.

Поэты кæстæр лæппу, Малиты Васо, райгуырдис йæ фыды ’рцахсты фæстæ, сси зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт.

Васойы чызг Зæринæ сси зынгæ оперон зарæггæнæг.




#Article 418: Садальский, Станислав Юрийы фырт (122 words)


Станислав Юрийы фырт Садальский (; 1951-æм азы 8 августы, Чувашы АССР, Батыревойы район, хъæу Чкаловское) у советон æмæ уæрæсейаг актёр. УСФСР-ы сгуыхт артист (1991).

Станислав райгуырдис, скъолайы æмдзæрæны чи царди, уыцы ахуыргæнджыты бинонты ’хсæн. Йæ мад уыди географийы ахуыргæнæг, фыд та — физкультурæйы.

Цалынмæ ГИТИС-мæ нæ бацыди, уæдмæ Садальский куыста Ярославлы моторон заводы, зырнæйзилæджы ахуыргæнинагæй æмæ хъазыди, Мотораразджыты культурæйы галуаны цур чи уыди, уыцы драмон аивады къорды спектакльты.

Кинойы активонæй хъазы 1971-æм азæй. Фылдæр ын уыди комедион æмæ характерон рольтæ. Актеры тæккæ æнтыстджыныл нымад у мæнæ ацы дыууæ фильмы рольтæ: телефильм «Место встречи изменить нельзя» æмæ киноныв «О бедном гусаре замолвите слово».

Станислав Садальскийæн рацыди биографион чиныг «Король скандала». Йæ рæстæджы ма акуыста журналистæй: «Экспресс-газета»-йы йын уыди хицæн рубрикæ — «Скандальские новости».




#Article 419: Æлбегатæ (346 words)


Æлбегатæ, Æлбегтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Æлбегатæ кæддæр рынæй фесæфтысты, баззади ма сæ иунæг лæг — Хетæг, зæгъгæ. Цæргæ та Хынцæджы кодтой. Æхсæв ыл бон нал кодта, бон та йыл изæр нал кодта, мыггаджы быныл баззадтæн, ныр ма цы кæндзынæн, зæгъгæ. Уæд адæмæн балæгъстæ кодта, æз уæ мæрдты уазæг æмæ мын мæ мæрдтæн рухсаг зæгъут. Адæм сæхи барæвдз кодтой. Мыггаджы хæдзæртты, Хетæджы хæдзары ма цы уыд, уыдон дæр барæвдз кодтой, æмæ йын йæ мæрдтæн рухсаг загътой.

Уæд-иу Хетæг ныхасы адæмимæ абадти, æмæ йæ хъæлдзæг дардтой адæм, фæлæ-иу ыл æхсæв бон нал кодта. Æмæ уæд ныхъхъуыды кодта, ныр мæнæн мæ цард ницыуал у, адæм мæм бынылзадæй дзурдзысты, фæлтау удæгасæй мæхи баныгæнон. Иу бон изæрмæ зæппадзмæ дуртæ фæкалдта. Мидæмæ бахызт, æмæ йæ æхсæв йæхиуыл самадта, ныхасмæ куы нал разынд, уæд адæм дис кодтой, цы фæци Хетæг, иу уынæг æй куынæуал и? Уæд иу хъæддзау радзырдта: æртæ боны размæ йæ кæй федта зæппадзмæ дуртæ калгæ.

Зæрæдтæ загътой, цæмæй ацæуой æмæ уыцы зæппадзы дуар бабæрæг кæной. Ацыдысты, æмæ зæппадзы дуар — амад. Адæмыл апырхи уыцы хъуыддаг. Иу дæр йæ хæдзары нал фæлæууыди. Кусæгæй, бадæгæй æрæмбырд сты уыцы зæппадзы дуармæ. Адæм дзурынц Хетæгмæ мидæмæ:

Уæд адæм уынаффæйыл схæцыдысты. Цæвиттон чызг æмæ, дам, лæппуйæ Хетæг æмæ Бæтæгаты чындз уарзæттæ уыдысты. Хетæг кæмдæр хæтæны уыди, афтæмæй чызджы Бæтæгатæн радтой, æмæ, дам, чызг хъæццулы йæхи батыхта æмæ къуыри адæммæ нæ ракаст. Стæй йæ лæг амарди. Æмæ алыг кодтой: уый æркæнæм. Кæд уымæ рацæуид Хетæг.

Хистæр лæгтæ худаистæй æрлæууыдысты Бæтæгаты дуармæ æмæ бахатыдысты цæмæй Госæда бацæуа зæппадзы размæ, бахата Хетæгмæ, кæд Хетæг зæппадзы дуæрттæ бакæнид æмæ рацæуид зæппадзæй. Бæтæгатæ загътой, мах ын афтæ куы зæгъæм, афтæ бакæ, зæгъгæ, уæд зæгъдзæни: Ай-гъай, базæронд дæн, мæ дарынæй сфæлмæцыдыстут æмæ мæ ныр зæрондæй моймæ дæттут, зæгъгæ. Фæлтау ын йæхицæн зæгъут.

Бацыдысты йæм адæм. Загътой йын. Госæда сразы, йæхи сфæлдыста. Адæм æрæмбырд сты. Разæй Госæда хъарæггæнгæ бацыд Хетæгмæ. Хетæг зæппадзы дуæрттæ бакодта. Рахызт зæппадзæй. Адæм æй æрхуыдтой йæ хæдзармæ.

Уыцы уарзондзинад сæ зæрдыл æрлæууыд Хетæг æмæ Госæдайæн, цæрынтæ байдыдтой, фыдæбæттæ фæсфæд æрæвæрдтой. Госæдайæн Бæтæгатæм цот нæ рауад, фæлæ йын ныр райгуырди цалдæр фырты æмæ Æлбегатæ уыдонæй смыггаг сты.




#Article 420: Желтугæйы республикæ (109 words)


Желтугæйы республикæ (, Желтухинская республика) кæнæ Амуры Калифорни уыдис паддзахады миниуджытæ кæмæн уыди, ахæм хæдуынаффæ территори Маньчжурийы (Китайы цæгаты) цæугæдон Желтугæйы (китайаг ном Мохэ) былгæрон.

Республикæ фæзынди, 1883-æм азы Желтугæйы сыгъзæрины хабæрттæы куы ныппырх сты, уæд. Сыгъзæринкъахджытæ багуылф кодтой уыцы ранмæ, сæ фылдæр уыдысты уырыссæгтæ, фæлæ æрбацыдысты китайæгтæ æмæ корейæгтæ дæр. Цæрæнран тагъд рæстæджы райрæзти: 1883-æм азы йæ царджыты нымæц уыдис 120, 1885-æм азы цардысты дзы 15 мин адæймаджы.

Фыдракæндтæ куы сарæх сты, Желтугæйы цæрджытæ сæ иумæйаг æмбырды равзæрстой сæхицæн президент — Карл Фоссе (Австро-Венгрийы гражданин уыд). Фоссейы къухы бафтыд фыдракæндты нымæц фæкъаддæр кæнын.

Республикæ цы цыбыр æмгъуыд лæууыд, уый дæргъы ракъахтой дзы 500 пъуды (8 тоннæйы бæрц) сыгъзæрин.




#Article 421: Хадзы-Мурат (151 words)


Хадзы-Мурат (. Амардис 1852-æм азы 5-æм майы) у  Имам Шамилы æртыккаг наиб, солыйы ханты æмдзидзи, райгуырд Хунзахъы (Дагъистан).

У хохæгты разамонджыты ’хсæн сæрæндæр æмæ зындгонддæртæй иу. У Лев Толстойы уац «Хадзымураты» персонаж.

Йæ фæндаг райдайы 1834-æм азы, йе ’мдзидзи Османы Дагъистан æмæ Цæцæны дыккаг имам Хамзатбеджы ныхмæ сусæгвæнды куы сархайдта, гъе уæд. Стæй та сси зынгæ фидауæг солиаг адæм æмæ Уæрæсейы æфсæдты ’хсæн. 1836-æм аз Хадзымурат азымджынгонд æрцыдис Шамилимæ сусæг бастдзинæдтæ кæй дардта, уымæй æмæ уый охыл инæлар Клюки-фон-Клугенауы бардзырдмæ гæсгæ йæ æрцахстæуыд, уый фæстæ йæ арвыстой Темырхъан-Шурамæ, фæлæ уырдыгæй алыгъдис, къæдзæхæй агæпп кодта, афтæмæй. Бирæ историктæ æнхъæлынц æмæ Хадзы-Мурат тох кодта Шамилы ныхмæ, фæлæ афтæ нæу. 

Уый уыд Шамилы наибтæй тæккæ хуыздæр æмæ йын лæггад кодта суанг йæ мæлæты онг.

Уырыссæгтæ йæм зæрдæхсайгæ ахаст кæй дарынц, уый уынгæйæ Хадзы-Мурат афæлвæрдта алидзын хæхбæстæм, фæлæ амардис хъазахъхъæгты ныхмæ тохы Нухайы хъæумæ ’ввахс (Азербайджан).

Хадзымурат уыд хохæгты разамонджытæй тæккæ легендарон æмæ хъæбатыр архайæг.




#Article 422: Сахарæ (106 words)


Сахарæ ( — aṣ-ṣaḥrāʼ al-kubrá) у дунейы стырдæр тæвд æдзæрæгран. Йæ фæзуат у 9 милуан квадратон километры бæрц, уый ахсы Цæгат Африкæйы фылдæр хай, Сырх денджызæй Атлантикон фурды былгæронмæ. Уыцы территори йæ фæзуатмæ гæсгæ абæрæн и АИШ кæнæ Европæйы территориимæ.

Сахарæйы ис, йæ бæрзæнд 180 метры кæмæн у, ахæм бархантæ (змисы обæуттæ). Æдзæрæграны фылдæр хай змисджын нæу, фæлæ у, хамадæ кæй хонынц, ахæм — ома дурджын быдыр (Сахарæйы 70% бæрц).

Æдзæрæграны ном у араббаг дзырд «сахра»-йæ (), нысан кæны хуымæтæджы «æдзæрæгран». Сахарæйы чи цæры, уыдонæй фылдæр дзурынц араббагау (уыдоны ’хсæн, араббаг æвзаг дыккаг æвзаг кæмæн у, уыдон).

Сахарæйы цы паддзахæдтæ æххæстæй кæнæ хæйттæй и, сты ахæм:




#Article 423: Дымтæ (203 words)


Дымтæ, вариант Дынтæ, дыгуронау Дунтæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы.

Думти гъæу æвæрд æй дууæ километри идарддæр Къæмунти гъæуæй, æ хонсар-хорнигулæн æрдиги, Сонгути æма Харбиати уайгæ дæнттæ кæми фæййеу унцæ, уой уæллæй, æрдæгсакъадахи къулдунбæл. Гъæуæй 1—1,5 километри идарддæр, хорискæсæн æрдиги ес рагон уæлмæрдтæ, уоми ба дорæй даст цуппар обаййи. Уæлдæр ба хонсар-хорискæсæн æрдиги æвæрд адтæй рагон гъæу Ахсиаг. Еци гъæуи рагæй дæр цæрæг нæбал ес, сæ цæрæн хæдзæрттæ нийхалдæнцæ, ами рагон рæстæгути цардæй берæ адæм, фал си ка цардæй, уони ба некебал гъуди кæнуй. Æ цæргутæ раги кæддæр æрлигъдæнцæ Думти гъæумæ. Ахсиаги ма абони дæр æрдæг ихæлдтитæй лæууй муггаги мæсуг, фал, ке мæсуг адтæй, уой дæр неке зонуй. Уæллагкоми зилди цæргутæй сæ еуетæ еци мæсуг нимайунцæ Абисалти муггаги мæсугбæл...

Думти гъæуи рагон цæргути уавæртæ æма æгъдæуттæ адтæнцæ зилди иннæ цæргути хæццæ æнхузæн. Етæ дæр уони хузæн æвзурстонцæ зин цард. Цардæнцæ си берæ адæм, берæ муггæгтæ, фал сæ фулдæртæ фæллигъдæнцæ фæйнæ рæстæги дæргъи æндæр рауæнтæмæ медхонхи дæр, уæдта будури гъæутæ æма горæттæмæ, цæргæ ба ма си абони уалæнгæ байзадæй еугурæй 21 бийнонти (хæдзари).

XIX æноси райдайæнæй фæстæмæ Думти гъæуи адтæй муггæгтæ: Абисалтæ, Байсонгъуртæ, Гизиктæ, Гокъотæ, Кудзойтæ, Къосиратæ, Тедтойтæ, Тобойтæ, Синдиртæ, Хъибизтæ, Хъулатæ, Цæгæратæ, Цомартатæ æма Чекойтæ, уæдта Гизойтæ æма Вагагтæ.




#Article 424: Экономикæ (214 words)


Экономикæ ( — дзырдæй-дзырдмæ «хæдзары зылды дæсниад») — ис ын цалдæр нысаниуæгы:

Дунеон экономикæ, регионалон экономикæ, бæстæйы экономикæ — организаци, структурæ æмæ хъæдзарадон царды уавæр.

Экономикæ — кондадон ахасты æмдзыгуыр, кæцы у ацы къæпхæны æхсæнады кондадон хъомысы тынгады аккаг, æхсæнады кондады амалæн æлдариуæг чи кæны.

Незаманон æхсæнады райтынгад уыди дæлейау æмæ мамæлайы къæбæртæй ифтонг кодта адæмы. Сæрæй  незаманонтæ хæлц æмæ хойрæгтæ арттой цуан æмæ уидзæнтæй, фæлæ неолитон революцийы руаджы фæзындысты зæххкуыст æмæ фосдард. æхсæнады райтынгад æркодта фæллойдихмæ æмæ социалон нембарадмæ, фæзындысты социалон къластæ æмæ паддзахад. Стæй ма цагъардарыны фæтк.

Сабыргай-сабыргай уæййагæмивæн дæр парахат кæнын байдыдта, кæд æмæ фыццаг уыди натуралон æмбаивды хуызы, фæлæ æхцаты фæзындимæ сси базар. Фæлæ уæддæр, Рагон дунейы æмæ Астæузаманты, арæхад кодта натуралон хæдзарад. 
XV æнусы кæронæй байдыдта Стыр географион ссардты дуг, кæцы æркодта дунеон экономикæйы скондмæ æмæ фæзынд райдианон капиталы сæмбырд.
XVIII æнусы фæстаг цыппæрæм хайæ райдыдта индустриалон революци, кæй аххосæй размæдзыд бæстæты адæмы фылдæр 19 æнусмæ архайдтой хъæухæдзарады нæ, фæлæ промисленады. Уæлиуæг экономикон системæ сси капитализм, цыди традиционон æхсæнады фæивд нырыкконмæ, аграрон æхсæнады — индустриалонмæ.

XX æнусы кæцыдæр бæстæты рæнхъы скондæуыд административон-командон социалистон экономикæ. Иннæ бæстæты та цыди капитализмы райтынгад. XX æнусы дыккаг хайы райдыдта зонад-техникон революци, йæ фæстиуæгæн индустриалон æхсæнад æппæты размæдзыд стонты, байдыдта фæсиндустриалон кæнын.

Экономикон зонады, экономикон архайд дихкондæуы микро- æмæ макроэкономикон къæпхæнтыл, æмæ дунеон экономикæйыл.




#Article 425: Макроэкономикæ (102 words)


Макроэкономикæ ( «даргъ, стыр»,  «хæдзар» æмæ  «закъон») — зонад, кæцы ахуыр кæны бæстæйы экономикæйы куыст æмткæй (кæнæ йæ иу хай, фадыг), ахæм иумæйаг процесс æмæ фæзынд, куыд инфляци, æгуыстдзинад, бюджеты дефицит, экономикон рæзт, экономикæйы паддзахадон уаг æмæ афтæ дарддæр.

Макроэкономикæ пайда кæны ахæм æмбарынæдтæй, куыд ИМП (иумæйаг мидпродукт, ), ИНП (иумæйаг националон продукт, ), æмдзыгуыр бафарст (совокупный спрос), æмдзыгуыр æнхъарæн (совокупное предложение), фиддоны баланс (платёжный баланс), æхцайы массæ, инфляци, æгуыстдзинад, æхцайы, товары æмæ фæллойы базар (рынок денег, товаров и труда), агрегатон æвдисæгтæй пайда кæнгæйæ. 

Фыццаг хатт термин «макроэкономикæ»-йæ архайдта Рагнар Фриш 14 августы 1933-æм азы. Макроэкономикæйы теорийы бындурæвæрæгыл нымайынц Джон Мейнард Кейнсы.




#Article 426: Ленины халагъуыд (114 words)


Ленины халагъуыд у Бетъырбухы æдде музей, Ленин 1917-æм азы сæрды Рæстæгмæ хицауадæй куы æмбæхсти, уыцы цауты тыххæй.

Августы, хосгæрдæн куы фæци, Разливы баззайын тæссаг сси — æмæ уæд Ленин ацыдис Финляндимæ.

Октябры социалистон революцийы дæс азы куы сæххæст ис, 1927-æм азы Ленины халагъуыды ран сарæзтой гранитæй конд цырт (йæ автор — архитектор А. Гегелло). Цыртыл ныффыстæуыд: «1917-æм азы июль æмæ августы дæргъы дунеон Октябры раздзог кæм æмбæхсти, йæ чиныг „Паддзахад æмæ революци“ кæм фыста, уый мысынæн уыцы ран сарæзтам мах гранитæй конд халагъуыд. Ленины сахары кусджытæ. 1927-æм аз».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Халагъуыды цур уыдис фронты хахх. Уыцы ран советон æфсæддонтæ ард хордтой Фыдыбæстæйæн иузæрдыгддзинады тыххæй.

Ныр дæр музейон комлекс у паддзахадæй хъахъхъæд объект.




#Article 427: Фæрæскъæттæ (320 words)


Фæрæскъæттæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Дигори коми Фæрæскъæтти гъæу дæр нимад æй рагон гъæубæл. Адтæй си æртæ синхи, æма сæ худтонцæ Дæллаг æма Уæллаг Фæрæскъæттæ, уæдта Хъарцати синх æма Хъалай тегъæ. Гъæуи арæнтæ: цæгатæрдигæй — Задæлески зилди зæнхитæ æма Хъалай тегъæ, хорискæсæни — Уорс хонх, хонсар æма хорнифтуйæн æрдигæй ба Мæхчески зæнхитæ æма Айгомуги дон.

Цалдæн, дан, Фæрæскъæтти гъæуи адæм нæма ’рцардæй, уæди агъоммæ гъæуи бунат адтæй гъæдæ, задæй си фæурæ бæлæстæ. Гъæди астæу ци Æрдозæ адтæй, уомæй пайда кодтонцæ синхаг гъæути цæргутæ, сæрдæ си никкæрдиуонцæ сæ фонсæн хуасæ, фонс даруни туххæй си аразтонцæ фæурæ гъæдæй ’скъæттæ. Гъæуæн æ ном дæр рагон адæм аци æрдози номмæ гæсгæ равардтонцæ — Фæрæскъæттæ.

Гъæуи фиццагидæр æрцардæнцæ Хъарцати гъæуæй æрбаледзæг адæм. Аци гъæу æхуæдæг ба адтæй æвæрд Фæрæскъæттæмæ хæстæг Хъалай тегъи хонсарбæл, арæзт æрцудæй раги кæддæр (мангол-тæтæри æрбалæборуни размæ).

Гъæуæн æ хонсарæрдиги ци лигъз будур ес, уой гъæуи цæргутæ худтонцæ Стъона. Ами рæстæгæй-рæстæгмæ гъæуи адæм æрæмбурд уиуонцæ, æвзурст лæгтæ ба си хастонцæ тæрхонтæ царди уавæртæ хуæздæр кæнуни туххæй, федаун си кодтонцæ тоггинти, хастонцæ си хъодий тæрхон цард ихалгутæн æма æнд.

Тъæпæн Дигори гъæутæй раздæр Дзиуарæ арæзт æрцудæй Фæрæскъæтти гъæуи, «Дзæппази дзиуарæ», зæгъгæ.

Гъæути цæргутæн еци дзиуари бунат адтæй ковæндонæ. Адтæй ма, æвæдзи, гъæути æндæр ковæндæнттæ дæр, фал «Дзæппази дзиуарæ»-й кадгиндæр ба еци рæстæги нæма адтæй Тъæпæн Дигорæн.

Цалдæн Мæхчески гъæуи арæзт нæма æрцудæй дзиуарæ, уæдмæ синхаг гъæути хестæр адæм ковунмæ цудæнцæ Фæрæскъæтти «Дзæппази дзиуарæмæ». Ами абони дæр ауигъдæй лæууй Темирати муггаги тъæригъоси рæхис.

Фæрæскъæтти гъæу æма Хъазахти синх астæу къулдуни хонсари раги кæддæр æвæрд æрцудæнцæ æмвæрстæ Дигорон-Айдарухъ æма æ фурт Хъабани мæрдтæ.

Фæрæскъæтти гъæуи рагон цæргутæн дæр сæ царди уавæртæ, се ’гъдæуттæ адтæнцæ æмхузон Дигори коми иннæ гъæути цæргути хæццæ. Абони ма аци гъæуи цæргæ байзадæнцæ цалдæр бийнонти, иннетæ ба фæллигъдæнцæ æндæр рауæнтæмæ.

Фæрæскъæтти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Айдартæ, Бесатæ, Гæбæйратæ, Дзагкойтæ, Дзарасутæ, Колитæ, Маматæ, Легкойтæ, Рæмонтæ, Темиратæ, Текъитæ, Худæлтæ, Хъабантæ æма Чегемтæ. Хъалай тегъæбæл ба — Хъалатæ, Цæукъатæ, Елджиартæ æма Гæтийтæ.




#Article 428: Къæмынтæ (534 words)


Къæмынтæ, дыгуронау Къæмунтæ () у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Къæмунти гъæу дæр Гæлиати гъæуи хузæн æвæрд æй Сонгути дони рахес фарс, гъæуæн æ хонсар æрдиги, бæрзонд къулдуни тегъæбæл рæсугъд рауæн. Аци гъæу дæр Дигори коми нимад цæуй рагондæр гъæутæй сæ еуебæл.

Гъæу Къæмунти ном цæмæ гæсгæ хæссуй, уой туххæй ба ес дууæ таурæхъи. Фиццаг таурæхъи кой кодтан раздæр аци æрмæги. Финстан, зæгъгæ, Уæллагкоми зилди æртæ гъæуи: Къæмунтæ, Гæлиатæ æма Дунтæ — хæссунцæ Уæллагири комæй æрбацæуæг Гъæргинти æртæ æнсувæрей нæмттæ: Къæмунтæ — Къæмунон-Насири ном, Гæлиатæ — Гæлæуон-Гæуиси ном æма Дунтæ — Димон-Басили ном.

Æндæр хабармæ гæсгæ ба Къæмунти гъæу номи туххæй ес æндæр рагон таурæхъ. Таурæхъи сæргонд æй, «Дигорæ Къæмунти куд æрцардæнцæ», зæгъгæ. Таурæхъ мухургонд æрцудæй финсæг Джиккайти Шамили арæзт таурæхъти киунуги.

Аци таурæхъмæ гæсгæ ба, дан, Уæллагири коми Осæн адтæй цалдæр фурти. Хестæр фурти цæуæтæй дууæ æнсувæри: хестæр — Хутгер æма кæстæр — Дзинга, Уæллагири комæй æрбацудæнцæ Дигори коммæ æма æрсабур æнцæ Уæллагкоми зилди. Хутгер æрцардæй Каритини хонхбæл (Къæмунти гъæумæ хæстæг), уоми ин исæнтæстæй фурт Челбагон, уомæн дæр адтæй фурт Къæмунон Наф. Наф ку ислæг æй, уæд Каритини хонхæй æрцудæй æма æрцардæй Къæмунти гъæуи, æма и гъæуи ном дæр уой номмæ гæсгæ конд æрцудæй, Къæмунтæ, зæгъгæ. Къæмунти гъæуи рагон цæргутæ дæр сæ царди туххæй сæ фæсте ниууагътонцæ берæ бæрæггæнæнтæ — циртдзæвæнтæ. Еци циртдзæвæнтæмæ гæсгæ базонун æнгъезуй рагон цæргути истори, сæ царди æгъдæуттæ, сæ уавæртæ, куд зинтæ æвзурстонцæ сæ царди, кенæ ба сæбæл ци хуарздзийнæдтæ æрцæуидæ, куд тох кодтонцæ æрбацæуæг тухгæнгути нихмæ. Уонæн æма ма никкидæр берæ уæхæн гъуддæгтæн Къæмунти гъæуи ес хуарз бæрæггæнæнтæ.

Рагон таурæхътæмæ гæсгæ гъæуи адтæй æртæ мæсуги. Уонæй сæ еу даст адтæй гъæуæн æ цæгат æрдиги, дасгæ ба, дан, æй искодта Оси байзайæггаг Къæмунон Нафи фурт Тобоййи фурт Гог. Еци мæсуги ма фæстагдæр цардæнцæ Дзилихтæ. Иннæ дууæ мæсугемæй ба сæ еу адтæй Гæбути, иннæ ба — Цопанти. Мæсгутæ раги арæзт æрцудæнцæ, уæдæй фæстæмæ берæ æнзтæ раевгъудæй æма æрдзи тухтæй (хор, уарунтæ æма думгитæй) нийхалдæнцæ, фал сæ базонун ба æнгъезуй сæ дортæмæ гæсгæ. Еци мæсгути фæрци гъæуккæгтæ берæ хæттити фæссурдтонцæ сæ гъæуæй тухгæнгути.

Гъæуæн æ цæгат фарс Къулдунбæл ес устур уæлмæрдтæ, уоми ба раги кæддæр арæзт æрцудæй фараст обаййи (сæ еу — мæсуги хузæн), уæдта хецæнæй еу цирт. Еци обæйттæ æма цирти ке мæрдтæ æвæрд æнцæ, уой ба абони бæлвурдæй некема зонуй. Гъæуи кæрæнтти адтæй Уацелла æма Елиай ковæндæнттæ.

Къæмунти гъæуи дæр рагæй фæстæмæ аланти байзайæггæгтæ ке цардæнцæ, еци гъуддаг ахургæндтæ раги исбæрæг кодтонцæ. Уоми цæргæй гъæуккæгтæ берæ зиндзийнæдтæ бавзурстонцæ, сæ царди дæргъи сæбæл æрцæуидæ лæгъуз цаутæ дæр. Лæбурдтонцæ сæмæ æндæр бæститæй æрбацæуæг тухгæнгутæ, халери æма емини незтæй дæр си рамардæй берæ адæм. Æфхуардтонцæ сæ сæхе æлдæрттæ æма уруси паддзахи чиновниктæ.

Цубур загъдæй, Къæмунти гъæуи рагон цæргутæ дæр иннæ хуæнхаг гъæути цæргути хузæн æвзурстонцæ зин цард, берæ рæстæгути сæ бон не ’ссæй сæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнун.

Кæд Къæмунти гъæуи цæргутæ зин цард кодтонцæ, берæ гъуддæгтæй тухстæнцæ, сæ царди уавæртæ лæгъуз адтæнцæ, уæддæр сæхе нæ бауагътонцæ фесафун. Цæргутæ еуæй-еу хатт фæффулдæр уиуонцæ, кæми ба сæ нимæдзæ фæмминкъийдæр уидæ. Куд исбæрæг æй, уомæ гæсгæ нæудæсæймаг æноси кæронæй нурмæ Къæмунти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Атайтæ, Баситæ, Бекмæрзтæ, Бытъæтæ, Болæттæ, Бозуртæ, Гæвдынтæ, Гæбутæ, Гибылтæ, Гъæргинтæ, Дзабайтæ, Дзæукъатæ, Дзидзойтæ, Дзылыхтæ, Легкойтæ, Магатæ, Мамукъатæ, Мæрзатæ, Тахохтæ, Тобойтæ, Хутъитæ, Хъаратæ, Цопантæ, Бутатæ, Чехойтæ, Чекойтæ, Хъулатæ, Себеттæ, Магкатæ, Хаматæ.




#Article 429: Суэцы къанау (104 words)


Суэцы къанау (, Qanā al-Suways) у Атлантикон æмæ Индийы фурдтæ чи бæтты, уыцы наудзæуæн къанау Сырх æмæ Зæххастæуы денджызты ’хсæн. Къанауы дæргъ у 163 километры, æппæтæй у Мысыры территорийыл, сахартæ Порт-Саид æмæ Суэцы ’хсæн.

Суэцы къанау у Мысыры паддзахадон æфтиæгтæй стырдæр. Нæдæр нефт, нæдæр туризм дæтты уый бæрц æхца уыцы паддзахадæн. 2003-æм азы къанауыл фæцыдысты 17224 науы.

Бæстæйы стырдæр хай Синайы æрдæгсакъадахимæ сбæттынмæ Суэцы къанауы бын сарæзтæуыд тъунел, стæй 2001-æм азы скуыста къанауы сæрты егъау хид.

Рагзаманы, нæ эрæйы агъоммæ 500-æм азы, уыдис, Сырх денджыз æмæ Нил чи баста, ахæм къанау. Ууыл дæр наутæн уыдис фадат Сырх денджызæй Зæххастæуы денджызмæ цæуын. Фæстæдæр фæзаууат и.




#Article 430: Стыр Акбар (134 words)


Акбар Джелал-ад-Дин Мухаммад (Стыр Акбар; 1542 14 октябры — 1605 17 октябры) Стыр Моголты династийы æртыккаг падишах, тимурид, Бабуры фæдон.

Йæ адæмыхатмæ гæсгæ уыдис тюркаг, райгуырд Амаракоты (ныр Пакистаны), уым арвыста йæ царды фыццаг 12 азы. 1555-æм азы йæ фыд Хумаюнимæ ралыгъди Делимæ.

Акбар иртæста алыхуызон динтæ, йе ’мбæстонтæн радта дин равзарыны бар. Уый-иу дзырдта: «Æрмæстдæр зонд кæй хорзыл нымайы, уыцы дин раст у» æмæ «Иуæй-иу æдылытæ, традициты уарзджытæ, сæ фыдæлты æгъдау зонды амындыл нымайынц æмæ уымæй сæхи худинаг кæнынц æнусмæ». 1582-æм азæй уый парахат кодта йæхи динон ахуырад, дин-и иллахи («Хуыцауы дин»), уыцы дин уыд ислам, индуизм, зороастризм æмæ чырыстон дины синтез. Йæ архайд нæ фæрæстмæ, зæгъæн ис, æмæ уый уыди иунæг ахæм адæймаг, йæхи диныл чи æууæндыди.

Акбар фæзиан ис 1605-æм азы, йæ бынаты сбадти йæ фырт Салим, Джахангиры ном райста, афтæмæй.




#Article 431: Астæуккаг Хурыскæсæн (126 words)


Астæуккаг Хурыскæсæн (, , , , , ) у Азийы бæстæты къорды иумæйаг ном. Уыцы къордмæ хауынц Æввахс Хурыскæсæн бæстæтæ стæй иуæй-иу æндæр: Афгъанистан, Пакистан. Афтæ дæр вæййы æмæ æрмæст уыцы æртæ паддзахады тыххæй зæгъынц «Астæуккаг Хурыскæсæн».

Астæуккаг Хурыскæсæн дырыс термин нæу, æмæ уый тыххæй уымæй пайда кæнынц суанг африкаг паддзахæдтæй дыууæйæн: Мысыр æмæ Суданæн. Араббаг кæнæ пысылмон бæстæтæ иугæнæг термин кæй у, афтæ дæр зæгъæн нæй, уый тыххæй æмæ Ливи (араббаг у) кæнæ Бангладеш (пысылмон у) Астæуккаг Хурыскæсæны бæстæтыл никуы нымайынц.

Термин критикæ кæнынц куыд æгæр европæйаг, уый тыххæй æмæ уыцы регион Европæйæ у скæсæн, фæлæ æндæр паддзахæдты цæстæнгасæй у ныгулæн кæнæ хуссар. Араббаг æвзагыл ис, æндæр æвзæгты дæр чи спайдачындæуыд, дыууæ ахæм термины: Магриб (Цæгат Африкæйы араббаг паддзахæдтæ) æмæ Машрихъ («скæсæн», Азийы араббаг паддзахæдтæ).




#Article 432: Тоборза (159 words)


Тоборза у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. 

Цмийаг комы доны фæрсты фæндаг цæуы Тоборзамæ. Доны галиуæрдыгæй уæлæуæз сынæгæй зынынц Хуырымты цæрæн хæдзæрттæ æмæ æртæ хæстон мæсыджы. Сæ иуы фарс æркъахыр, иннæмæй цалдæр дуры рахауд, æртыккаг, авдуæладзыгон мæсыг, у æнæхъæн æмæ йæ диссаджы кондæй адæймаджы стыр дисы ’фтауы.

Ардæм Æрхонæй балыгъд Хуырым æмæ æрцардис Бигъуылайы зæххыл. Йæ хъæуы схуыдта Тоборза. Абайты Васо куыд амоны, афтæмæй Тоборза у венгрийаг дзырд æмæ амоны кафт. Кæй зæгъын æй хъæуы, Æрхоны комимæ абаргæйæ, Цмийаг комæй Хуырымы зæрдæ кодта рухс æмæ агуырдта кафын. Уымæн æрцардис тыххæй Бигъуылайы зæххыл дæр.

Цыдысты азтæ, бонтæ. Фылдæрæй-фылдæр кодтой Цмийы Бигъуылатæ, Тоборзайы — Хуырымтæ. Фæстæгмæ нал фидыдтой сæ зæххытыл. Сæ быцæу азæй азмæ тынгæй-тынгдæр кодта. Хыл хылы фæдыл, над нады фæдыл, афтæмæй рæстæг рæстæджы ивта.

Фæстагмæ сæм адæмы уайдзæфтæ бахъардтой. Кæрæдзийæ чызг курын райдыдтой. Æрсабыр, æрлымæн сты, æмæ сыл зæххытæ дæр æххæссын байдыдтой.

Ууыл Туалты ахæм ныхас баззади: «Ау, Хуырымтæ æмæ ма Бигъуылаты хæст дæр куы банцади».

Цардысты дзы Хуырымтæ.




#Article 433: Шогенцуков, Адам Огурлийы фырт (222 words)


Адам Огурлийы фырт Шогенцуков (1916-æм азы 13 сентябры — 1995-æм аз) уыди кæсгон поэт, прозаик, драматург, публицист. Фыста кæсгонау æмæ уырыссагау.

Адам Шогенцуков райгуырдис Кучмазукинойы хъæуы (ныртæккæ: Кæсæг-Балхъары Баксаны районы Зæронд Фидар). Ахуыр кодта хъæуы райдиан скъолайы. Фæстæдæр, 1940-æм азы, каст фæци Кæсæг-Балхъары паддзахадон университеты æвзаг æмæ литературæйы факультет. 1938-æм азы фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты йæ уацмыстæ, 1939-æм азы та æмдзæвгæты циклы тыххæй йæ райстой ССР Цæдисы Фысджыты цæдисмæ.

Демобилизацийы фæстæ Адам Шогенцуков куыста Кæсæджы Зонадон-иртасæн институты (уырыс. КНИИ) зонадон кусæгæй, Кæсæджы паддзахадон педагогон институты ахуыргæгнæгæй. Иу рæстæг уыди Горькийы номыл Литературон институты цур уæлдæр литературон курсыты ахуыргæнинаг. Фæстæдæр сси журнал «Ошхамахо»-йы сæйраг редактор.

Бирæ азты дæргъы Шогенцуков фæкуыста Кæсæг-Балхъары Республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдарæй (1951–54, 1956–58, 1970-æм азæй).

Адам Шогенцуков у къорд поэтикон æмбырдгонды автор: «Зæрдæйæ зæрдæмæ» (1962), «Тæрккъæвдайы размæ» (1966), «Зæххы хорздзинад» (1974), «Зæххон цин» (1977), «Зæрдæйы фæд» (1980), «Фæндæгтæ» (1981), «Зараг гага» (1986), «Æнæхъæн æхсæв уаргæ кодта» (1991). Ноджы ма фыста прозаикон уацмыстæ. Уыдонæй зæнгæдæртæ сты: уацаутæ «Софиаты уалдзæг» (1955), «Дæ ном ын ратдзынæн» (1970), «Рухс рудзынг» (1984), стæй радзырдтæ «Фембæлд», «Райдзаст фæззæг», «Æнæкъах мæнгдзинад», «Кунайы тæргай».

Шогенцуковæй фыст æрцыд, национ сценæйы кæй сæвæрдæуыд, ахæм цалдæр пьесæйы: пьесы «Мадинæ», «Уарзæттæ», «Уарзт æмæ лæгдзинад».

Литератор ма зындгонд уыди куыд дæсны тæлмацгæнæг. Уый кæсгон æвзагмæ раивта куыд уырыссаг, афтæ фæсарæйнаг классикты уацмыстæ (Навои, Пушкин, Лермонтов, Некрасов, Шекспир æмæ Лопе де Вега).




#Article 434: Тукай, Габдулла (288 words)


Габдулла Тукай (, ) (1886-æм азы 14 апрель (26 апрель), Кушлаучы хъæу Хъазаны губернæйы (ныртæккæ Тæтæрстаны Ары район) — 1913-æм азы 2 (15) апрель) уыди зынгæ тæтæйраг поэт, литературон критик, публицист æмæ тæлмацгæнæг.

Тукай райгуырдис моллойы бинонты ’хсæн. Цыппар мæйы йыл куы цыдис, уæд фæзиан йæ фыд, цыппараздзыдæй та Габдулла сси зыбыты сидзæр. 1892–1895 азты цардис, йæ райгуырæн Кушлаучмæ æввахс хъæу Кырлайы, зæхкусæг Сагдийы хæдзары. Ам Габдулла фæцалх ис зæххы куст кæнынмæ. Кырлай ныууагъта йæ зæрдæйы арф тæлмæнтæ. Ацы хъæуы фидæны фыссæг базыдта цы у фыдыбæстæмæ æмæ хуымæтæг адæммæ уарзондзинад. Йæ поэмæ «Шурале»-йы архайд цæуы раст ацы хъæуы.

Дарддæр йæ сабибонтæ Тукай æрвыста Уральсчы сахары. Ам уый цардис сæудæджергæнæг Галиаскар Усмановы бинонты ’хсæн, цыран йæ фыдыхо куыста дæгъæлдарæй. Габдулла ахуыр кодта, прогрессивон цæстæнгастæ кæмæн уыди, уыцы Тухватуллинты меценатты медресейы. Уыциу рæстæг ма лæппу ахуыр кодта уырыссаг къласы.

Йе ’нæниздзинады уавæр кæй фæфыддæр ис, уымæ нæ кæсгæйæ, Тукай 1911–1912 азты фæцыди, йе сфæлдыстадыл чи сахадыдта, ахæм балцыты. 1991 азы майы райдианы уый параходыл æрцыдис Астраханмæ. Цæугæ-цæуын фыссæг зонгæ кодта Волгæйы былгæроны сахарты цардимæ. Астраханы уый бафысым кодта йæ хæлар поэт Сагит Рамиевмæ. Уым ма фембæлдис азербайджайнаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Нариман Наримановимæ. А фæстаг ахастæуыдис уырдæм, йæ райгуырæн бæсты революцион архайд кæй кодта, уый тыххæй.

Бетъырбухы Тукай фæцис 13 боны æмæ 6 (19) майы уырдыгæй араст ис Троицкмæ, уый фæстæ та хъазахы быдырмæ, кумыс нуазынмæ — йæ зæрдæ дардта, йæ бануазынæй йе ’нæниздзинад кæй фæфидардæр уыдзæн. Хъазанмæ раздæхтис августы райдианы.

Габдулла Тукай фæзиан ис 1913 азы 2 (15) апрелы. Хъазаны уырыссагау цæуæг газетты куыд ныффыстæуыдис, афтæмæй «Тукайы амæлæт уыдис стыр зиан тæтæйраг адæмæн».
Тукай ныгæд æрцыдис Хъазаны Тæтæйраг уæлмæрдты.

Тæтæйраг адæмæн тынг зынаргъ у Габдулла Тукайы ном. Цæгат Ирыстоны цы тæтæйраг культурон æхсæнад ис, уый хæссы Габдулла Тукайы ном.




#Article 435: Малагасиаг адæм (271 words)


Малагасиæгтæ (зæронддæр термин мальгашæгтæ, францаг номæй malgâche) у Мадагаскары Республикæйы сæйраг адæмыхатт. Æдæппæт малагасиæгты нымæц у 20 милуаны бæрц. Дзурынц малагасиаг æвзагыл, бирæтæ зонынц францаг æвзаг дæр.

Малагасиаг адæм дих кæнынц цалдæр этникон дæлкъордыл, хонынц сæ знæмтæ дæр. Уыцы къордты мидæг ис дыууæ стырдæр хайы: хохæгтæ æмæ былгæройнæгтæ. Хохæгтæ сты Скæсæны Азийæ æрбацæуæг цæрджыты фæдонтæ, былгæройнæгтæ та — Африкæйы чи æрбацыдысты, уыцы адæм. Кæд сæ уындмæ гæсгæ иухуызон не сты (монголоидтæ æмæ негроидтæ), фæлæ уæддæр сæхи нымайынц иу адæмыл.

Малагасиæгты равзæрды фарста у вазыгджын. Сакъадахы рагон цæрджытæ негроидтæ нæ уыдысты. Нæ эрæйы агъоммæ X-VI æнусты Мадагаскармæ лидзын байдыдтой индонезиæгтæ. Семæ æрбахастой монголоидон антропологон хуыз, сæхи æвзаг, сæ сæрмагонд культурæ. Индонезиæгтæ æмæ бынæттон знæмты кæрæдзион архайдæй равзарди нырыккон малагасиаг адæм.

Малагасиаг таурæгътæм гæсгæ рагзаманы Мадагаскар уыдис дзæвгар стырдæр сакъадах, уыдис ма скæсæны зæхх, кæцы фæстæдæр фæдæлдон и.

Малагасиæгты къухы бафтыд цалдæр размæдзыд паддзахады саразын, уыдонæй тыхджындæр уыдис Имеринæ, меринæйы знæмы бæстæ. Имеринæйы таманы рæстæг уыдис XIV æнус. XVI æнусы æвæрд æрцыд Тананаривейы сахары бындур, йæ ном нысан кæны «мины сахар», йæ алфамбылай зæххытæ Имеринæйы паддзахадмæ чи байста, уыцы æфсад мысынæн.

XVIII æнусы æлдариуæг кодта паддзах Рамбоазаламæ. Уый æнтыстджынæй иу кодта Мадагаскары зæххытæ æмæ знæмтæ. Уый, дам, загъта: «Нæ арæн у денджыз». Афтæ дæр разынди: æппæт сакъадах баиу ис иу паддзахады сконды.

XIX æнусы дæргъы хæдбар малагасиаг паддзахад сарæзта йæхи индустри, фæзындысты дзы периодикон мыхуыр æмæ æнæниздзинады хъæхъхъанынад, лæвар ахуырадон системæ. 1896-æм азы Франц йæхимæ байста æппæт сакъадах, йе ’фсад тыхджындæр уыд, стæй знæмты кæрæдзийы ныхмæ фæхыл кодтой, æмæ уый тыххæй.

Æрмæст 1960-æм азы Мадагаскар ногæй сси хæдбар паддзахад.

Малагасиæгты фылдæр хай кусы хъæууон хæдзарады. Кæнынц пырындзы куыст, цæуынц кæсагдзуаны, дарынц фос (зебу).




#Article 436: Имеринæ (195 words)


Имеринæ кæнæ Меринæйы паддзахад уыдис, францаг колонизацийы агъоммæ Мадагаскары фылдæр хайы чи æлдариуæг кодта, ахæм паддзахад.

Меринæ у малагасиаг адæмы дæлкъордтæй иу. Сæ къухы бафтыдис размæдзыд паддзахад саразын сакъадахы мидæггаг уæлвæзыл. Фыццаг иугæнæг паддзахы ном баззадис историйы куыд Андрианампоинимеринæ (XVIII æнусы кæрон). Йæ политикæйы девиз уыдис: «Мæ хуымы арæн денджыз уæд».

Паддзах Радамæ I æлдариуæг кодта 1810-1828 азты. Йæ къухы бафтыдис æппæт сакъадах йæ дæлбары баиу кæнын. Уымæн æххуыс кодтой Стыр Британийы салдæттæ æмæ политиктæ, цæмæй Францы тæваг регионы фæкъаддæр уа, уый тыххæй. Бритайнаг æххуысы баивдæн Меринæйы паддзахад сразы чырыстон дины хæлиугæнджытæ бæстæмæ бауадзын.

Радамæ I куы амардис, уæд йæ бынат бацахста йæ 33-аздзыд ус Ранавалунæ I (æлдариуæг кодта 1828-1861 азты). Ранавалунæ I Мадагаскары историйы баззадис куыд Тызмæг Ранавалунæ: уый сакъадахон паддзахадæй ратардта чырыстон миссионерты, мингай марын кодта йе ’мбæстæгты, чырыстон диныл æнувыд чи уыдис, ахæмты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, чырыстон дин малагасиаг рагфыдæлты дин нæ уыдис æмæ уый тыххæй ууыл хæцæн нæй. Францаг сæудæджертæ æмæ иуæй-иу малагасиаг уæздæттæ йæ бынатæй йæ аиуварс кæнынмæ кæй хъавынц, уый куы базыдта, уæд паддзахадæй арвыста æппæт фæсарæйнæгты дæр. Уымæй Мадагаскар бахаудис изоляцийы, фæкъаддæр базарад.

Тызмæг Ранавалунæйы фырт Радамæ II æрмæст æртæ азы æлдариуæг кодта (1861-1863). Фæстаг Мадагаскары паддзæхтæ уыдысты:




#Article 437: Венесуэлæйы революцион змæлд Æрттивгæ фæндаг (146 words)


Венесуэлæйы революцион змæлд Æрттивгæ фæндаг () у, боливаристон-геваристон здæхт кæмæн ис, Венесуэлæйы ахæм галиурадикалон партизанон организаци. Фæзындис 2005 азы августы.

Ацы партийы ном райстæуыд Перуйы Коммунистон партийæ — Абимаэль Гусман бындур кæмæн æрæвæрдта, уыцы маоистон партизанон организаци дæр хæссы ахæм ном — Æрттивгæ фæндаг. Ацы термин фыццаг хатт фæзындис Хосе Карлос Мариатегæйы куысты.

Партийы тырысайыл копрадзцъæх хуыз амоны сæрибардзинад, бур — адæмы хæзнатæ. Ацы хуызтæ тырысайыл дихгонд сты латинаг дамгъæ V-йæ (амæй райдайынц дзырдтæ Victoria-Уæлахиз æмæ Venezuela-Венесуэлæ). Дыууæ винтовкæйæн ис символон нысаниуæг — адæмты ссæрибары идеалтыл гæрзифтонг тох боливаризм æмæ геваризмы фæрцы.

Партийы равзæрдæн уыдис объективон аххосæгтæ: фыдракæндты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта, наркобазарады рапарахат, æмæ штат Карабобойы разамынд се 'ргом кæй не здæхта уыцы проблемæтæм, стæй цалдæр туристы амарыны цаутæ. Ацы хъуыддæгтæ расайдтой хихъахъхъæныны отряды сарæзт Пуэрто-Кабельойы сахары. Отряды скондмæ бацыдысты, боливаристон æмæ геваристон цæстæнгастæ кæмæн уыдис æмæ 18 азæй фылдæр кæуыл цыдис, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ.




#Article 438: Абхазаг негртæ (206 words)


Абхазаг негртæ кæнæ Кавказы негртæ сты абхазаг адæмы чысыл расæ-этникон негроидон къорд. Сæ фылдæр хай цæрынц Кодоры донæфтæны æрбынатгæнæг абхазаг хъæу Адзюбжæйы æмæ уый алфамблай хъæуты (Члоу, Поквеш, Агдарра, Меркула æмæ æнд.)

Абхазаг негрты равзæрды тыххæй специалисттæм нæй иумæйаг цæстæнгас. Фылдæр историктæм гæсгæ Адзюбжæйы алфамбылай цалдæр хъæуы негртæ æрцардысты XVII æнусы.
Иу версимæ гæсгæ уыдон уыдысты, кънйазтæ Шервашидзетæ (Чачба) цитрусон дыргъты плантацитыл кусынæн кæй балхæдтой, уыцы саудзарм цагъартæ.

Зындгонд куыд у, афтæ XIX æнусы æппæт негртæ дзырдтой абхазагау æмæ сæхи хуыдтой абхазæгтæ. Иннæ абхазæгтæ дæр сæ нымадтой сæ адæмы иу хайыл.

Абхазаг негрты æдæппæты нымæц бæлвырдгонд нæу æмæ уый фæдыл ис æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæ: иу хабаргæнджытæм гæсгæ бæстæйы цæры æппынкъаддæр цалдæр негрон бинонтæ, иннæтæм гæсгæ «цалдæр хъæуы».

Бæлвырд зонæнтæ нæй, цы диныл хæст сты, уый тыххæй дæр. Уырнинагдæр уый у, æмæ негртæ хæст сты иу нæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр динтыл — се ’хсæн уыди кæнæ ныр дæр ис куыд чырыстæттæ, афтæ пысылмæттæ æмæ иудейтæ дæр.

Абхазаг негртæ кæнынц цитрусонты, сæнæфсиры, нартхоры куыст, кусынц Ткуарчалы æвзалыкъахæнты, стæй Сухумы куыстуæтты — трикотажгæнæн фабрикæйы, порты æмæ æндæр рæтты. Куыд иннæ абхазæгтæ, афтæ абхазаг негртæ дæр дзурынц уырыссаг æвзагыл дæр. Сæ фылдæр хай æрцыд метисизацигонд, бирæтæ фæлыгъдысты Кодорæй Абхазийы æндæр районтæм, сыхаг Гуырдзыстон æмæ Уæрæсемæ, стæй дард фæсарæнтæм.




#Article 439: Цæгат Зæхх (125 words)


Цæгат Зæхх () у Уæрæсейы сакъадæхты къорд Цæгат Ихджын фурды. Ссардтой йæ 1913-æм азы Вилькицкийы экспедицийы архайджытæ æмæ йын радтой ном Тайвай (ихсæтджыты «Таймыр» æмæ «Вайгач»-ы нæмттæм гæсгæ). Уæды уырнындзинадмæ гæсгæ уыдис иу стыр сакъадах. Фæстæдæр, 1914-æм азы, сакъадахæн (архипелаг кæй у, уый нæмæ зындæуыд) радтой официалон ном — Николай II-ы Зæхх.

Архипеладжы фæзуат у 37 мин км² бæрц. Ничи дзы цæры.

Цæгат Зæххы ис сакъадахон Азийы цæгатагдæр ран — Арктикон сынæг Комсомолецыл (81°13′ ц. у.).

Сакъадæхты бæстыхъæд у денджызон, арктикон. Зымæджы ныллæгдæр температурæ хæццæ кæны -47°С, сæрды хъармдæр температурæ у æрмæстдæр +6,247°С. Июлы рæстæмбис температурæ у +6,247°С.

Æгæр карз бæстыхъæды аххосæй зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ сакъадæхты бирæ нæй. Сакъадах Большевичы чысыл къордгæй хизынц хъæддæг цæгатаг сагтæ, ис дзы урс æрсытæ дæр, полярон рувæстæ æмæ леммингтæ.




#Article 440: Джомолунгмæ (534 words)


Джомолунгмæ (), Эверест (), кæнæ Сагарматхæ () у тæккæ бæрзондæр цъупп Зæххыл, йæ бæрзонд алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 8844,43 кæнæ 8848, кæнæ 8852 м, лæууы Гималайты. Хох æвæрд у Непал æмæ Китайы Тибеты автономон район арæныл, цъупп Китайы ис ’рдыгæй. Йæ формæмæ гæсгæ у пирамидæйы хуызæн, хуссарварс у уырдыгдæр. Хохæй алырдæм бырынц æмæ кæлынц цъититæ, кæдонæн сæ кæрон ис 5 мин метры бæрзондыл. Хуссарварс æмæ пирамидæйы фæрсчытыл мит æмæ фирн нæ лæууынц, æмæ уымæн вæййынц гом. Хохы цыдæр хай хауы Националон парк Сагарматхæмæ (Непал).

Джомолунгмæмæ фыццаг схызт уыдис 1953-æм азы 29 майы. Схизджытæ уыдысты шерп Тэнцинг Норгэй æмæ ногзеландиаг Эдмунд Хиллари. 1950-æм азты арæзт æрцыдис 50 бæрц экспедицитæ Гималайтæм æмæ Каракоруммæ (Джомолунгмæмæ, Чогоримæ, Канченджангæмæ, Нанга Парбатмæ æмæ æндæр цъуппытæм). Экспедициты архайджытæн сæ къухы бафтыдис цалдæр авдминметрон цъуппы басæттын, фæлæ сæ бон астминонтæн ницы баци бакæнын. Тæккæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой ахæм æнæкæрон схызтыты Джомолунгмæмæ англисаг альпинисттæ — 1924 азы Нортон схызтис 8565 метрмæ, Джордж Мэллори æмæ Эндрю Ирвин (Н. Оделлы æркастмæ гæсгæ) — 8600 метрæй уæлдæр (ис бирæ фиппаинæгтæ, фæмард сты фæстæмæ фæндагыл ууыл, хæснаг бахæццæ сты цъупмæ æви нæ цæуы ма ныр дæр), 1933 азы П. Вин-Харрис, Л. Уэйгер æмæ Ф. Смит — 8565 м.

Адæймаг цы фыццаг астминон басаста, уый уыди Аннапурна I. 1950 азы йæм схызтысты францаг альпинисттæ М. Эрцог æмæ М. Ляшеналь. Уыдоны фæуæлахизы фæстæ асастис миф — ахæм бæрзонд цъуппытæм адæймаг кæй не схиздзæн, уый. Алы бæстæтæй альпинисттæ тагъд кодтой, цæмæй ма байрæджы кæной, æмæ фыццаг исты астминон цъупп басæттой. Фондз азы дæргъы фыццаг уæлахизы фæстæ саст æрцыдысты æхсæз астминон цъуппы: Джомолунгмæ (Англисы альпинисттæ), Нанга Парбат (Герман Буль, Австри), Чогори (Италийы альпинисттæ), Чо-Ойю (Австрийы альпинисттæ), Канченджангæ (Англисы альпинисттæ) æмæ Макалу (Францы альпинисттæ). Фæстæдæр азты уыцы змæлд нæ фæмынæг ис. Альпинизм цы бæстæты тынг фидар уыд (Австри, Англис, ФРГ, Франц æмæ Швейцари), уыдонмæ æфтауын райдыдтой АИШ-ы, Италийы, Японы, Аргентинæйы, Китайы, Индийы, фæстæдæр та Чехословакийы, Польшæйы, Югославийы, Хуссар Корейы, Советон Цæдисы, Уæрæсе, Хъазахстан æмæ Украинæйы альпинисттæ. Фыццаг сылгоймаг, Эверестмæ чи схызтис, уый уыд япойнаг альпинисткæ Дзюнко Табэй (1976 азы). 2005-æм азы 14 майы фирмæ «Eurocopter»ы тæхæг-фæлварæг Дидье Дельсаль (Didier Delsalle) æрбадын кодта хохы цъуппыл вертолёт Eurocopter AS 350 Ecureuil. Уый уыди фыццаг ахæм цау историйы.

Джомолунгмæйы цъуппыл дымгæйы уад у 200 километр-сахат, температурæ та æхсæвæй æрхауы -60 градусмæ. 50 азмæ хохы къултыл фæмард дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр. Алы аз дæр Эверестмæ схизын фæлварынц 500 адæймаджы афтæмæй йæм схизын бафæрæзтысты 900 альпинистмæ æввахс. Эвересты цъупмæ схызт ахсы иу-дыууæ мæйы — акклиматизаци æмæ лагерьты сарæзт нымайгæйæ. Адæймаг схызты фæстæ аппары 12-15 килограммы. Дыууæ бæстæйы кæмæ хауы Эвæрест хорз кусынц ацы хохыл, цæмæй альпинисттæн бар уа схизынæн, хъæуы бафидын ($12 000). Асламдæр у схизын Тибеты ’рдыгæй. Сезонтæ — уалдзæг æмæ фæззæг.

Фыццаг хатт Советон Цæдисы альпинисттæ схызтысты Эверестмæ 1982-æм азы уалдзæджы. Уымæй размæ экспедицийы архайджытæй иу дæр 7600 метрæй уæлдæр не схызтис. Экспедицийы сæргълæууæг уыди Евгений Тамм (зындгонд физик И.Е.Таммы фырт), хистæр тренер — Анатолий Овчинников, тренер — Борис Романов, штурмон капитантæ — Валентин Иванов, Ерванд Ильинский, Эдуард Мысловский. Ацы экспедици уыди 25 цъупмæ схизæг. Фыццаг экспедицийæ цъупмæ схызтысты Владимир Балыбердин æмæ Эдуард Мысловский, Сергей Бершов 4 майы 1982 азы æхсæвæй схызти М. Туркевичимæ æмæ уый уыди фыццаг схызтbc æхсæвыгон. 4 майæ 9 маймæ Эвæресты цъуппыл ацы экспедицийæ балæууыдысты 11 архайæджы. Маршрут уыди тæккæ тæссагдæр хуссар-ныгуылæны фарсыл. 




#Article 441: Уортон Стэйт Форест (159 words)


Уортон Стэйт Форест () у æрдзæвæрæн АИШ-ы, штат Нью-Джерсийы. Йæ фæзуат у 465 кв. километрмæ æввахс, æмæ у ацы штаты стырдæр æрдзæвæрæн. Æрбынат кодта регион Пайн-Бэрренсы (Пайнлэндс), Хэммонтоны сахармæ цæгат-ныгуылæнырдыгæй, æртæ графады () территорийыл: Берлингтон, Кэмден æмæ Атлантик-Каунти. Æрдзæвæрæны фылдæр хай æвæрд ис, Грэйт-Бэйы бакæлæнмæ чи кæлы, уыцы цæугæдон Малликæйы донæмбырдгæнæны зонæйы.

Æрдзæвæрæны территорийыл æрбынат кодта музей Бэтстоу-Виллидж (), уый раздæр уыди æфсæйнаг æмæ авг кæныны завод (куыста 1766–1867 азты). Фистæг маршрут Батона-Трэйл () фылдæр хай цæуы æрдзæвæрæны зæххыл. Цæгаты маршрут бæтты æрдзæвæрæн Брендан Бёрн Стэйт Форест-имæ, хуссары та — Басс-Ривер Стэйт Форест-имæ.

Æрдзæвæрæн хæссы бизнесмен æмæ филантроп Джозеф Уортоны ном. Уый XIX æнусы балхæдта, ныртæккæ æрдзæвæрæн цы зæххытæ ахсы, уыдоны фылдæр хай. Уортон хъавыди Филадельфи ифтонг кæнын, йе ’лхæд зæххы цы дæлдзæх суадæттæ ис, уыдоны донæй, фæлæ штат Нью-Джерсийы сенат сфидар кодта, штаты æдде дон ласын чи нæ уагъта, ахæм закъæттæ. 1850-æм азты штат Нью-Джерси балхæдта уыцы зæхх Уортоны бындартæй æрдзæвæрæн дзы скæнынæн.
Æрдзæвæрæн тынг ахады регионы гидрологийы.




#Article 442: Серна-э-Инохоса, Хосе де ла (435 words)


Хосе де ла Серна (; 1770, Херес-де-ла-Фронтера — 1833, Кадис) — Испанийы инæлар, колониалон чиновник. Перуйы фæстаг вице-къаролтæй иу.

Æфсадмæ Хосе де ла Серна бахаудис хæрз æрыгонæй, курсант уæвгæйæ. Архайдта Сеутæ мавртæй бахъахъхъæныныл 1784-æм азы. Фестæдæр хæцыдис францæгтимæ Каталонийы 1795-æм азы, стæй англисæгты ныхмæ адмирал Хосе де Массадойы æфсады 1797-æм азы. Архайдта Сарагосæйы хъахъхъæды, уым бахаудис Францы æфсæдты къухмæ æмæ ласт æрцыдис Францмæ. Фæстæдæр уырдыгæй алыгъдис æмæ Швейцарийы уылты араст Хурыскæсæнмæ, уырдыгæй та æрыздæхтис Испанимæ.

Уый фæстæ æмæ ма къорд быцæуы фæстæ де ла Сернайы æмæ вице-къарол де ла Песуэлæйы ахастытæ бынтондæр фехæлдысты, æмæ де ла Серна сфæнд кодта службæйæ ацæуын æмæ ракуырда вицæ-къаролæй Испанимæ ацæуыны бар. Де ла Пэсуæлæ сразы ис 1819 азы майы, сентябры та æфсæдтæ радта инæлар Хосе Кантересæн.

Де ла Сернæйæн вицæ-къаролы зæххыты сæйраг сахар Лимæйы уыдис бирæ фарслæуджытæ. Уый бæлвырд базыдта Лимæмæ куы ’рцыд, цæмæй Испанимæ аленк кæна. Перумæ мæнæ-мæнæ хъуамæ æрбабырстаиккой Сан-Мартины æфсæдтæ æмæ де ла Сернайы фарслæуджытæ куырдтой вицæ-къаролæй, цæмæй сæвæра æфсады сæргълæууæгæй æмæ хæстон цæдисы хистæрæй, раттой йын инæлар-лейтенанты цин. Вице-къарол зын уавæры тыххæй сразы, нал бакаст уымæ æмæ кæрæдзиимæ æвзæр фидыдтой.

Сан-Мартин рахызтис 1820 азы 8 сентябры Пискойы, Испанийы æфсæдтæ, сæ сæргъы де ла Серна, афтæмæй сыстадысты сæйраг сахар хъахъхъæнынмæ.

Лимæмæ æрцыдис Испанийы минæвар капитан Мануель Абреу, æрласта гæххæттытæ ла Сернайæн, цæмæй фидауын бафæлвара Сан-Мартинимæ, Испанийы бамбæрстой расты æцæг ... æмæ тарстысты Америкæйы колонитæ фесæфынæй. Тæрхæттæ фидауыны фæдыл райдыдтой 1821-æм азы 3 майы æмæ цыдысты 24 июны онг. фæлæ ницæуыл баныхас кодтой, сæ бон нæ баци алыг кæнын иу фарста — растджытæ агуырдтой хæдбардзинад, Испани та разы кодта афтид уæрæх автономийыл.

Хосæ де ла Серна та ацыдис Хаухамæ, стæй Кускомæ.

Кускойы райдыдтой быцæутæ роялистон тыхты мидæг æмæ инæлар Оланьета нал каст де ла Сернайы коммæ.

Хæст Перуйы Хæдбардзинадыл цыд йæ кæронмæ, инæлар Кантæрас фæхæрд ис Хунины цур хæсты 6 августы 1824 азы Симон Боливары æфсæдтæй. Хосе де ла Сернæ рацыд Кускойæ гæрзифтонг (10000 салдаты æмæ 1600 бæхджыны) æфсадимæ, хæст самадта Антонио Хосе де Сукрейы æфсæдтимæ Аякучойы цур, æмæ фæхæрд. Йæхæдæг дæр фæцæфтæ æмæ ахст æрцыдис, йе ’фсад фæсæфта мæрддтæй 2000 цæфтæй та 3000 мины. Иннæ райсом, 9 декабры 1824 азы, инæлар Кантерас йæ къух æрæвæрдта фæхæрды гæххæттыл. Фæстæдæр Хосæ де ла Серна уагъд æрцыдис æмæ араст Испанимæ.

Цы бон хæцыд Аякучойы бын уыцы бон йын Испанийы къарол Фердинанд VII радта Хосе де ла Сернайæн граф де лос Андесы ном, де ла Серна уый базыдта æрмæст Испанимæ куы ’рыздæхтис, уæд.

Испанийы йын тæрхон скодтой, фæлæ тæрхондоны йæ архайд нымад æрцыдис растыл. Фæстæдæр сси Гранадæйы инæлар-капитан. Амард Хосе де ла Серна Кадисы 1832-æм азы.

Хосæ де ла Сернайы цоты цотæй иу уыди Латинаг Америкæйы зындгонд революционер Эрнесто Гевара (Че Гевара)




#Article 443: Ход (326 words)


Ход у рагон ирон хъæу Уæлладжыры комы. Ход ис уæлхох быдыры, Урсхохы хъæбысы, денджызы æмвæзадæй 1982 метры бæрзонддæр, Садоны къуырфы сæрмæ.

Хъæумæ хæстæг ис Ходы æфцæг (2609 м), кæцыйыл Урсхохы рагъы сæрты ис ахизæн Дыгуры районмæ. Хъæуы æмæ æфцæджы ’хсæн ис Уастырджийы кувæндон.

Ходы хъæумæ хæстæг Урсхохы рæбын ис Иры хæхты бардуаджы кувæндон Гуыдырты ком.

Ходы цардысты авд мыггаджы: Хъайтыхътæ, Дзугкойтæ, Едзитæ, Созайтæ, Гатетæ, Саухалтæ æмæ Джерджытæ. 

Буртæ, Дыууæдонастæу, Дæлцыхцыры хуымтæ, Дæргъытæ, Къулы хуым, Уæлкъохца, Лæгæты сæр, Симоны хуым, Фæсхъæзджын, Фæсмус, Фæсцырт, Хуымыхъус, Фæсхуымыхъус, Хæмыцы хуым, Саумæртæ, Кæкийы хуымтæ, Дæлкуырдадз, Цулагон, Уырдыгæруайæн, Фæсдзуар, Фæскъохци, Хъæзджыны хуымтæ, Фæсхъæзджын. 

Дæлрæцау, Цæргæсыбын, Кæрствæд, Уыртæ, Гуылхæрæн рагъ, Къæхтæхсæн, Хъулондуры хосгæрст, Фæсхъæу, Гуыбынтæ, Фæсдзæгат, Цæгæрсæр, Гæркъайон, Хъæзджын, Бæлæгътæ, Фæсхъæзджын, Фæсчъыр, Фæсгæрон, Тынау, Сычъиных, Хъусæргæвдæн, Уастырджийы фæз, Фæссычъиных, Зыгъардуры ком, Ходон ракæсæн, Хуырхстæдтæ, Хъуынаджын, Дуцæндур, Дæлцъисон, Тымбыл уыгæрдæн, Саубын, Сауварс, Елойон, Джерджыдур, Æфцæджы бын, Адæгтæ, Уæллаг дисиджын, Дæллаг дисиджын, Хъуыдæйы хосгæрст, Хатион, Уартау, Къуырф уыгæрдæн, Рæцау, Рæцауы сæр, Рæцауфарс, Хуымварс, Худисæн, Хуыдзых, Цæвæндзыхъ, Цæгатысæр, Цъулагон. 

Æддаг хуымуат, Мидæггаг хуымуат, Фæсхурмæсыг, Уæллаг хурмæсыг, Дæллаг хурмæсыг, Фæсдауыдтон, Уариахсæн, Дæлдагъ, Гæлиу зæххытæ, Гуыдыртыком, Быпъынытæ, Цæджындзты ком, Бæхыгæрдæн, Сусæнтæ, Лæгæты фæрстæ, Хъомривæддон, Фыснайæнкъул, Сусæнтæ, Стырварс, Фардæг, Уæлгуырæйттæ, Фæсрагъ, Фæрстæ, Фыдуарæн, Авдæнау, Уæлгоммæ, Хъæдысæр, Уæллагдзуарау, Æрхизæнтæ, Æвзагаутæ, Бурлæзгъæр, Бадæнтæ, Дыууæдуарастæу, Дæлдарваз, Джигут, Къуыхцытæ, Куыдзтымус, Калмысæр, Майрæмызæнг, Сауысæр, Сондонвахс, Скъæрæнтæ, Сæгъдуцæн, Стырдур, Саукъæйтæ, Сындзджынфарс, Тамаджын уæлвæз, Тæдзынджытæ. 

Урс хæхтæ, Арсæгоны къæдзæх, Дарваз, Æхсины зæнг, Гыццыл Дарваз, Куыдзæппарæн, Мæсыджы рагъ, Тæдзинкъæдзæх, Гайлайы къæдзæх, Цъиахты доны къæдзæх. 

Гуси-дур, Кæкийы дур, Цавддуртæ, Уæйыджы дыкк, Хъулон дур, Стыр дур, Дæллаг хъил дур, Уæллаг хъил дур, Цомары цырт, Зыгъар дур, Джерджы дур, Дуцæн дур, Фыры дур, Цъына дур, Хъил дур, Мадымайрæмы дур. 

Стыр лæгæт, Гыццыл лæгæт, Гуыбайы дарæн, Едзайы дарæн, Æхсынджыты лæгæт.

Змæстдон, Фæсгæроныдон, Æддагдонгом. 

Ходы æфцæг, Цъисоны ’фцæг, Бирæгъты ’фцæг, Хъивоны ’фцæг, Ходон ракæсæн, Газийы къахыр, Авдæнауы рагъ, Стыр рагъ, Хъæды рагъ, Сæгъдуцæны рагъ. 

Цыхцыр, Дæлцыхцыр, Цад, Къохца, Стырдуры суадон, Къæхтæхсæн, Хъуынаджын, Цъиахты суадон, Кæрствæды суадон, Цъысымты дон, Хуымыхъусы суадон, Бадæнты суадон, Дæлсусæнты суадон, Хилджыны суадон, Кæндысджыны суадон, Хъазæнлæгъзы суадон, Сычъиты суадон.




#Article 444: Францаг академи (318 words)


Францаг академи (Францаг æвзаджы академи) () у Францы уыцы зонадон уагдон, йæ нысан кæмæн у францаг æвзаг æмæ литературæ иртасын, стæй францаг æвзаджы литературон нормæтæ аразын. Æрвылаз Академи дæтты 60 литературон премимæ æввахс.

Францаг академийы бындурæвæрæг у кардинал Ришельё. Сарæзтæуыд, кардинал 1635-æм азы 29 январы цы балæвары грамотæ () бафыста, уый фæрцы. Грамотæйы куыд амынд уыдис, афтæмæй Академи арæзт æрцыд, «цæмæй францаг æвзаг суа канд элегантон нæ, фæлæ ма аивæдтæ æмæ зонад æмбарынгæнынхъом».

Академийы фыццаг уæнгты ’хсæн уыдысты Валантен Конрар, Жан Демаре де Сен-Сорлен, Жан Ожье де Гомбо, Франсуа Метель де Буаробер, Жан Шаплен, Никола Фаре, Антуан Годо, Франсуа Менар, Гомбервиль, Гийом Кольте, Гез де Бальзак, Ракан, Вожла, Сент-Аман, Вуатюр.

Академийы ис 40 уæнджы. Академичы равзарынц цæрæнбонмæ, æмæ йæ хонынц æнæмæлгæ (), зæгъгæ, ахæм номæй. Ацы кадджын ном фæзынди, Ришельё цы девиз ныффидар кодта, уый охыл: «Æнæмæлæты сæраппонд». Наполеон III-æмы дугæй цæуы академикты хицæнгæнæн нысан — кæрдæгцъæх фрак (). Академичы амæлæты фæстæ йæ бынатмæ равзарынц ног адæймаджы. Ногæвзæрст уæнг, «Академийы дæлбазыр райсыны» бон хъуамæ зæгъа йæ развæдгæнæджы номарæн ныхас. Къорд академичы æндæр æмæ æндæр аххосæгты охыл Академимæ райстæуыдис кадджын уавæры нæ, фæлæ æнæуый уавæры. Уыдоны ’хсæн — Жорж Клемансо æмæ Ален Роб-Грийе; ахæмтæй сæ фылдæр хай сæхæдæг не сразы сты уыцы церемони сæххæст кæныныл. 1923-æм азы уыди ахæм хабар æмæ Академийы ногæвзæрст уæнг йæ развæдгæнæджы ном ссарынæн цы ныхас () загъта, уый банымадæуыдис нæбæззоныл, фæлæ йыл ногæй бакусыныл академик не сразы ис.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ юридикон тæрхонмæ гæсгæ Академийы уæнгты рæнхъытæй рацух чындæуыд цалдæр академичы сæ коллаборационизмы тыххæй, уыдоны ’хсæн уыдысты маршал Петен æмæ философ-националист Шарль Моррас. Академийы æнæбаивгæ нымæрдар Жорж Дюамелы фæндонмæ гæсгæ сæ бынæттæ расидтыуыдис вакантоныл, фæлæ цалынмæ а дыууæ рацухгонд адæймаджы æгас уыдысты, уæдмæ сæ бынатмæ ног академиктæ æвзæрст нæ цыдис (иннæ дыууæ коллаборационисты Абеля Боннар æмæ Абель Эрманы хъауджыдæр).

Иуæй-иу хатт Академимæ равзарынц, фыссæг кæнæ ахуыргонды нæ, фæлæ æфсæддон кæнæ политичы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæмтæн вæййы исты мыхуыргонд фыстытæ, мысинæгтæ æмæ æнд.




#Article 445: Пукальпæ (204 words)


Пукальпæ ( — «сырх зæхх») у сахар Перуйы скæсæны, цæугæдон Укаялийы былыл. У регион Укаялийы сæйраг сахар, провинци Коронель Портильо, æмæ Кальериæйы административон центр.

Пукальпæйæн бындурæвæрджытæ уыдысты Францисконтæ 1840-æм азты, уыдон ам æрцæрын кодтой цалдæр мыггаджы шипибо-конибойы знæмæй. Бирæ азты дæргъы Пукальпа уыди гыццыл цæрæнран иннæ бæстæйæ лыггонд уыд Амазонийы уарыны хъæдтæй æмæ Андты хæхтæй. 1880-æм азæй 1920-æм азмæты æрцыд конд проект сахары иугæныныл иннæ бæстæимæ æфсон фæндагæй æмæ йæ сыххæст кодта консорциум Ferrocarril Central Andino (). Куыстытæ цалдæр хатты урæдтой, стæй та-иу ногæй райдыдтой цалынмæ сæ бынтон нæ ныууагътой. Сахары дихдзинад иннæ бæстæйæ иуварсгонд æрцыд хæдтулгæты фæндаг арæзт куы æрцыд 1945-æм азы. Фæндаг фадат радта сæудæджерон бастдзинæдтæ саразын, уый та сахары экономикæ уæлæмæ исын райдыдта æмæ йæ бауагъта регионы сæйраг сахары бынат бацахсын. Фæлæ дæргъвæтин уарынтæ кæддæриддæр тæссаг уавæры æвæрынц æмæ фæндæгтæ ахæссын сæ бон у — ацы ран арæх вæййы донраивылдтытæ æмæ зæйтæ. 

Сахар ма у баст иннæ дунеимæ уæлдæфон фæндæгтæй, ис дзы аэропорт. Ис ма дзы цæугæдоны порт «Pucallpillo», æрбынат кодта сахары астæуккаг хаймæ хæстæг. Доныл ардыгæй ис бацæуын Лимæмæ Хуануко æмæ Серро-де-Паскойы уылты.
Пукальпа у хæдцæттæгæнæн бынат. Ис дзы гыццыл нефт куыстгондгæнæн завод.

Сахары бæстыхъæд у тынг хъарм, тропикон, афæдзы астæуккаг температурæ дзы у +26 °С, тæккæ уæлдæр +37 °С 




#Article 446: Нобелы преми (101 words)


Нобелы преми (, ) у тæккæ кадджындæр æмæ нымаддæр æхсæнадæмон премитæй иу; хорзæх саккаг кæнынц зынгæ зонадон иртасæнтæ, революцион æрымыстытæ, кæнæ культурæмæ кæнæ æхсæнады райрæзынмæ хайбавæрды тыххæй.

Нобелы премитæ сарæзтæуыд Альфред Нобелы ныстуанмæ гæсгæ.

Премитæ лæвæрд цæуынц æрвылаз цардархайды ацы къабæзты:

Уымæй уæлдай ма 1969-æм азæй хорзæхджын кæнынц, Альфред Нобель йæ ныстуаны кæй нæ бацамыдта, уыцы экономикон къабазы преми, æмæ æндæр премиты балæвæрды уавæртæй ницæмæй хъауджыдæр у.

Ныртæккæ Нобелы премийы æхцайы хæрзиуæг у 10 милуан шведаг кронæйы (1,05 млн евро кæнæ 1,5 млн доллæрмæ æввхас).

Лауреат хъуамæ бакæса «Нобелы номарæн лекци». Уый фæстæ ацы доклад мыхуыргонд æрцæуы Нобелы фонды хицæн томы.




#Article 447: Хъарсы облæст (117 words)


Хъарсы облæст () уыд Уæрæсейы империйы административон иуæг Фæскавказы. Облæсты зæххытæ Уæрæсейы скондмæ бацыдысты Берлины конгрессы уынаффæмæ гæсгæ 1878-æм азы. Облæсты фæзуат уыдис 18 646,6 кв. км.

Административон æгъдауæй облæст дихгонд уыди 4 зылдыл: Хъарсы зылд, Ардаганы зылд, Кагызманы зылд æмæ Олтуйы зылд. Административон центр уыд Хъарс. Хъарсы облæсты фыццаг губернатор уыд инæлар-лейтенант Виктор Франкини.

Хъарсы облæсты æрцæрын кодтой уырыссаг адæмы цалдæр дæлкъорды, уыдоны ’хсæн малаканты. Уыдон 1921—1923 азты бахъуыдис уыцы ранæй ралидзын, сæ зæхх фæстæмæ Турчы дæлбар кæй бахауд, æмæ уый тыххæй. Советон хицауад, Туркæй ралидзын кæмæн фæндыди, уыцы адæмæн æнæсаст зæххыл æрцæрыны бар радта, æмæ уыдонæй бирæ æрбацыдысты, Ростовы облæсты скæсæны цы Салы быдыр ис, уыцы ранмæ (паддзахадон программæйы фæрцы).

Облæсты националон сконд 1897-æм азы:




#Article 448: Муса Джалиль (209 words)


Муса Джалиль (; йе ’цæг ном у Муса Мустафович Залилов, ) (1906 азы 2 (15) февраль, хъæу Мустафино, ныртæккæ Оренбурджы облæст — 1944 азы 25 августа, Берлин) уыди тæтæйраг советон поэт, Советон Цæдисы Хъайтар (фæсамæлæт аккаггонд, 1956).

Муса райгуырдис Мустафинойы хъæуы, тæтæйраг бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта Оренбурджы медресе «Хусаиния»-йы. Ам, теологийæ фæстæмæ, лæппу ахуыр кодта секулярон предметтæ — литературæ, нывгæнынад, . 1919-æм азы Джалиль ссис фæскомцæдисон. Уыдис мидхæсты архайæг.

Ахæстоны кæй ныффыста, йæ уыцы æмдзæвгæты цикл ссис Муса Джалилы поэтикон сгуыхт. Йæ фыстыты тетрад ын йæхимæ бафснайдта, Моабиты ахæстоны фыссæгимæ иу камерæйы чи бадтис, уыцы бельгиаг антифашист Андре Тиммерманс. Сæ фæстаг фембæлды рæстæг Муса йын загъта, йæхи йын, стæй йæ тæтæйраг æмбæлтты, рæхджы кæй амардзысты, æмæ ракурдта Андрейæ, цæмæй уый ахæсса тетрад советон минæварадмæ. Фæстæдæр тетрад бахауйдис зындгонд поэт Константин Симоновы къухмæ, æмæ йæ æххуысы руаджы уацмыстæ раивдæуыдис уырыссаг æвзагмæ. Уыимæ ма Симонов бацархайдта, цæмæй Джалилы ном ссыгъдæг уа, цы хахуыртæ æмæ цъыфкалæнтæ йыл фæкодтой, уыдонæй. Бæрæг-бæлвырдæй равдыстæуыдис поэты сусæг къорд патриотон архайд кæй кодта. Симоновы уац ныммыхуыр чындæуыдис 1953-æм азы центрон газеттæй иуы, æмæ афтæмæй райдыдта поэт æмæ йе ’мбæлтты фесгуыхты триумф.

Поэты фыццаг уацмыс мыхуыргонд æрцыдис 1919-æм азы. 1925-æм азы рухс федта йе ’мдзæвгæтæ æмæ поэмæты фыццаг æмбырдгонд «Мах цæуæм». Джалиль у оперæтæн фыст цыппар либреттойы автор.




#Article 449: Гез де Бальзак, Жан-Луи (206 words)


Жан-Луи Гез де Бальзак (; 1597 азы 31 май Ангулемы — 1654 азы 18 февраль, фæзиан дæр уыцы сахары) уыди францаг фыссæг.

Гез де Бальзак уыдис Ангулемы сахары сæргълæууæджы фырт. Ахуыр кодта иезуитты коллежы, фæстæдæр та — Лейдены университеты. Уым Гез æмхиц уыдис Теофиль де Виоимæ. 1621æм азы араст ис Ромы сахармæ кардинал Ла Валеттимæ, куыд йæ нымæрдар, афтæ. Раст Италийы де Бальзак райдыдта кусын йæ зындгонддæр уацмыс — «Фыстæджытыл». 1623-æм азы Паризмæ куы раздæхтис, уæд ссис тынг зындгонд, армдарæн ын кодта, къаролы паддзахадон уынаффæгæнæг æмæ Францы историографæй йæ чи снысан кодта, уыцы Ришельё. Уыди мадам де Рамбуйейы салонмæ цæуаг. Де Бальзак уыдис Францы академийы фыццаг уæнгтæй иу (1634, 28-æм къæлæтджын).

Йæ «Фыстæджыты» (фр. Lettres, сæ иу хай мыхуыргонд æрцыдис 1624-æм азы, иннæтæ — йæ мæлæты фæстæ) фæрцы Гез де Бальзак тынг бандæвта францаг литературæйыл. Йæ хайбавæрд национ прозæмæ ис абарæн, Малерб поэзимæ цы хай бахаста, уыимæ.

Уымæй уæлдай ма де Бальзак у къорд æндæр уацмысы автор. Уыдоны ’хсæн сты: Людовик XIII-æмы панегирик «Паддзах» (фр. Le prince, 1631), теологион трактат «Чырыстон Сократ» (Le Socrate chrètien, 1652), политикон трактат «Аристипп, кæнæ Кæрты тыххæй» (Aristippe ou De la Cour; мыхуыргонд æрцыдис авторы амæлæты фæстæ, 1658-æм азы), памфлет «Чъебре» (Le Barbon, 1648), латинаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Tres libri carminorum» (1650).




#Article 450: Мазарини, Джулио (262 words)


Кардинал Мазарини (æххæст ном: Джулио Раймондо Мадзарино кæнæ Маццарино; , йæ францаг ном: Жюль Мазарен, , 1602-æм азы 14 июль − 1661-æм азы 9 мартъи) уыди политикон архайæг æмæ Францы фыццаг министр (1642-æм азæй). Министр ссис кардинал Ришельейы амæлæты фæстæ.

Райгуырдис 1602-æм азы 14 июлы Италийы облæст Абруццийы, Пешинейы сахаргонды. Мазарини куыста хъомысджын кънйаз Колоннамæ. Æрыгон Джулио кънйазы рекомендацимæ гæсгæ райдыдта кусын папы курийы, цыран уый равдыста йæхи арæхсджын дипломатæй. 1630-æм азы Мазарини арвыстæуыдис Францмæ, уым базонгæ ис Ришельеимæ æмæ афтæмæй ссис йæ агент Италийы. 1635-æм азæй уыди папæйы минæвары Ромы. Ришельейы протекцийы фæрцы 1636-æм азы ссис кардинал.

Ришельейы амæлæты размæйы курдиатмæ гæсгæ Людовик XIII снысан кодта (1642) Мазаринийы къаролы советы уæнгæй. Ацы уагдоны уыди æрмæст æртæ адæймаджы.

Мидполитикæйы Мазарини цыдис Ришельейы фæндагыл: централизацигонд рентæ фылдæр кодта хъалонты фæуæлдæры хардзæй.

Ус-къарол æд сывæллæттæ æмæ Мазарини сусæгæй рацыдысты сахарæй æмæ сæс сæр бафснайдтой фæссахары галуан Рейлы.

Фрондæйы архайджытæн алымыггаг интерестæ кæй уыдис, уый фæрцы, стæй компромиссты руаджы кардиналы къухы бафтыдис бафидауын йæ ныхмæлæуджытимæ. Фæлæ цард куыд равдыста, афтæмæй а фидыд разындис мæнгæфсон. Фрондæйы сæргъы æрлæууыдис туджы фыццаг принц æмæ нымаддæр æфсадфæтæгтæй иу — Луи Конде. Мазаринийы ныхмæлæуджытæ ерыс кодтой кардиналыл хуыздæр эпиграммæ æмæ памфлет (хуыдтой сæ «мазаринадæтæ») ныффыссынæй. Кондейы æрцахст смæстджын кодта æппæт æхсæнады дæр, æмæ уыцы цау ногæй баиу кодта принцты æмæ парламенты уæнгты.

Парламенты уынаффæмæ гæсгæ Мазарини бæстæйæ æрцыдис тард. Уæд кардинал æрбынат кодта Кельны. Фæлæ тард уæвгæйæ, Мазарини фыстæджыты фæрцы иудадзыг дардта бастдзинад ус-къаролимæ, Аннæйы фырт Людовик XIV та уыди йæ тæваджы бын. Дзырдтой, дам, Мазарини Кельнæй разамынд лæвæрдта, цыма Лувры бады, уыйау. Кардиналæн æнтыстис Фрондæйы фæтæгты ’хсæн тауын быцæудзинæдтæ.




#Article 451: Команданте (100 words)


Команданте () у æфсæддон чин, æмбæлы, испайнаг æвзаг цы бæстæты рапарахат ис, уыцы бæстæты (иуæй-иу хатт у «комендант», «командир», зæгъæм, хæдтæхæджы командир). Испанийы æфсады ацы чин нымад у майоры чиныл, Венесуэлæйы æфсады — дæлбулкъоныл. Фыццаг Испанийы æфсады ацы номæй хуыдтой капитаны ротæйы хистæры — куы-иу райста рæстæгмæ хистæры бартæ дыууæ кæнæ фылдæр ротæйыл æмæ сæ командиртыл.

Кубæйы революцийы рæстæг 1956-1959 азты — уæлдæр чин растджыты æхсæн, уыдон барæй кæрæдзийæн майорæй уæлдæр чинтæ нæ лæвæрдтой. Тæккæ зындгонддæр уыдонæй — Фидель Кастро, Че Гевара, Камило Сьенфуэгос. Командантæйы ном хаста Гвиней-Бисауы президент Жуан Бернарду Виейра. Чин команданте нымад у уæлдæр чиныл Колумбийы æфсæдты.




#Article 452: Лепрозори (100 words)


Лепрозори (leprosus — хъотырæй рынчын, хъотырджын  — хъотыр) — хъотырджынты кæм дзæбæх кæнынц, ахæм сæрмагонд бынат, йæ куыст у хъотырæй рынчынты рабæрæг кæнын, адæмæй ахицæн кæнын æмæ сæ дзæбæх кæнын. Лепрозоритæ арæзт æрцæуынц хъæууон бынæтты. Лепрозорийы мидæг вæййы стационар, амбулатори æмæ эпидемиологион хæйттæ. Рынчынтæн лæвæрд æрцæуынц цæрæнбынæттæ, вæййы сын зæххыл кусыны æмæ æрмгуыст кæныны фадæттæ. Йæ низмæ гæсгæ рынчын арвиты ам цалдæр мæйæ — бирæ азтæм. Лепрозорийы кусджытæ дæр фæцæрынц лепрозорийы рынчынты цæрæнбынæттæй дих кæнынц бæлæстæй æмæ æндæр исты ахæмтæй. 

Иуæй-иу бæстæты (зæгъæм, Бразилийы, Индийы æмæ æнд.) рынчынты сæ бæрцы тыххæй лепрозоритæм не ’рвитынц фæлæ сæ дзæбæх кæнынц æнæуый рынчындæтты.




#Article 453: Ришельё, Арман Жан дю Плесси (358 words)


Арман Жан дю Плесси, герцог де Ришельё, Кардинал Ришелье, фæсном «Сырх кардинал» (; 9 сентябры 1585, Парижы — 4 декабры 1642, Парижы) уыдис Францы кардинал, аристократ æмæ паддзахадон архайæг. 1616-æм азæй кардинал Ришелье уыдис паддзахадон нымæрдар, 1624-æм азæй йæ амæлæты бонмæ — хицауады сæргълæууæг («къаролы сæйраг министр»).

Ришелье райгуырдис Парижы, Сент-Эсташы приходы, Булуайы (кæнæ Булуары) уынджы. Æргъуыд æрцыдис 1586-æм азы 5 майы, йæ райгуырдæй æрдæгаз куы рацыдис, уæд («йæ тæнтъихæг, лæмæгъ» æнæниздзинады тыххæй). Дю Плесси де Ришельейы бинонтæ сæ уидæгтæм гæсгæ уыдысты Пуатуйы аристократтæ. Фыд — Франсуа дю Плесси де Ришелье — къарол Генрих III-æмы хицауиуæджы заман уыдис зынгæ паддзахадон архайæг; 1585-æм азы 31 декабры ссис Сыгъдæг Уды ордены рыцарь. Францы ацы ордены рыцарьтæ нымадæй уыдысты 140 адæймаджы — 90 мыггаджы минæвæрттæ.

Мады ном хуындис Сюзаннæ де Ла Порт. Ришельейы дыууæ натлиа фыды () уыдысты Францы дыууæ маршæлы — сæ нæмттæ йын чи радтой, уыцы Арман де Гонто-Бирон æмæ Жан д’Омон. Натлиа мад йын уыдис йæ фыдымад Франсуаза де Ришелье (йæ чызгон мыггаг уыдис Рошешуар).

Ришелье каст фæцис Наваррæйы коллеж. 1607-æм азы 17 апрелы йын рардæуыдис Люсоны епископы цытном. 1607-æм азы 29 октябры Сорбоннæйы бахъахъхъæдта теологийы докторы къæпхæн. 1608-æм азы 21 декабры ссис Люсоны епископад хицау. 1614-æм азы йæ равзæрстæуыдис Генералон штатты депутат дингæнджыты номæй. Кæрты йæм хъус æрдардæуыдис æмæ 1615-æм азы, Людовик XIII Аннæ Австриаджы куы ракуырдта, уый фæстæ йæ снысан чындæуыдис æрыгон ус-къаролы динон удæмбал (уырыс. духовник).

Сбунтгæнæг принц Кондеимæ æнтыстджын баныхæсты фæстæ Ришелье ссис регент-ус-къарол Мария Медичийы цалдæр уынаффæгæнджытæй иу. 1616-æм азы ноябры йæ снысан кодтой паддзахадон нымæрдарæй. 1617-æм азы 19 майы Ришелье ссис ус-къарол-мады советы сæргълæууæг. 1618-æм азы 7 апрелы герцог Люины интригæты фыдæй Ришелье æрвыст æрцыдис Авиньонмæ, фæлæ фаворит иуварсгонд куы æрцыдис, уæд уый фæстæмæ æрыздæхтис кæртмæ.

Ришелье йæ политикæйы бындурыл нымадта Генрих IV-æмы программæ æххæст кæнын: паддзахад фидар кæнын æмæ йæ централизаци кæнын, дингæнджыты секулярон хицауиуæджы дæлбар кæнын, центры æлдариуæг провинцитыл, аристократон оппозици иуварс кæнын, Европæйы континентыл Испани æмæ Австрийы гегемонийы ныхмæ архайын.

Ришельейы паддзахадон архайды сæйраг фæстиуæг уыдис асолютизмы ныффидары хъуыддаг Францы.
Фидарзæрдæ, хынцæгзонд, æмæ хатгай æнæхатыры онг тызмæг чи уыдис, уыцы кардинал хицауиуæг кодта лæмбынæг, дардмæуынаг æмæ цырддзастæй, æмæ-иу исты тæссаг уавæр куы бафиппайдта, уæд-иу æй не ’руадзыныл рагацау бацархайдта.




#Article 454: Исаты Мæхæмæт (113 words)


Исаты Измаилы фырт Мæхæмæт (, иронау йæ мыггаг фыста куыд Исати; 1928-æм азы 5 мартъийы, Лескены хъæу — 2011-æм азы 20 июны, Мæскуы) у Уæрæсейы æвзагиртасæг, иранистикæ, интерлингвистикæ æмæ этнолингвистикæйы специалист.

Каст фæцис Ленинграды университет. Ахуыргонд фылдæр зындгонд у куыд иранист, ирон æвзаджы дыгурон диалект иртасæг. Ацы темæйыл ныффыста бирæ иртасæн куыстытæ. Ноджы ма уый архайы къорд æндæр фарстайыл: социолингвистикæ, этнолингвистикæ, Уæрæсейы æвзæгты кæрæдзийы ’хсæн архайд. Исайы-фырт уыдис бирæ ахæм темæтыл фыст куыстыты сæргълæууæг.

Исаты Мæхæмæт ма у эсперантойы цалдæр ахуыргæнæн чиныджы автор. 1979–1989 азты уый уыдис Советон эсператистты ассоциацийы сæргъы. Йæ зонадон сæргълæудæй хъахъхъæд æрцыдысты эсперантологийыл фыст диссертацитæ.

Йæ фæстаг азты дæргъы куыста куыд Уæрæсейы зонæдты академийы Æвзагзонынады институты сæйраг зонадон кусæг.




#Article 455: Пруссийы зонæдты академи (268 words)


Пруссийы зонæдты академи (нем. Preußische Akademie der Wissenschaften) (ноджы ма йæ хуындæуы Берлины зонæдты академи) у, 1700-æм азы 11 июлы Берлины сахары йæ бындур кæмæн сæвæрдæуыдис, уыцы Академи. Ацы уагдон саразыны тыххæй барамынд сфидар кодта Пруссийы курфюрст Фридрих I. Йæ сарæзтыл разæнгардæй бацархайдта, йæ фыццаг президент чи ссис, уыцы Лейбниц. Академийы фыццаг ном уыдис Бранденбурджы курфюрсты Зонадон æхсæнад (нем. Kurfürstlich Brandenburgische Societät der Wissenschaften). Ном æрхъуыдыгæнæг уыдис Лейбниц. Къарол не сразы ис Академийы архайдæн æхцайæ æввонг кæнын, фæлæ уый бæсты ратта йын къæлиндартæ мыхуыр кæныны монополон бар Бранденбурджы.

XX æнусы, нацистты хицауиуæджы заман, Академийы кусджытæ расæмæ гæсгæ æрцыдис «сыгъдæггонд». Хæсты фæстæ йæ бындурыл сарæзтæуыдис Германы зонæдты академи (нем. Deutsche Akademie der Wissenschaften, 1946), 1972-æм азы та йын ногæй аивдæуыдис йæ ном æмæ ссис ГДР-ы зонæдты академи (нем. Akademie der Wissenschaften der DDR). Германы баиуы фæстæ уагдон хуындæуы Берлин-Бранденбурджы зонæдты академи (1992).

Готфрид Вильгельм Лейбниц — 1700

Дмитрий Кантемир — 1714

Леонард Эйлер — 1741

Пьер Луи де Мопертюи — 1742

Жан Лерон Даламбер — 1745

Шарль Луи де Монтескьё, фæсарæйнаг уæнг — 1746

Дени Дидро, фæсарæйнаг уæнг — 1751

Иоганн Генрих Ламберт — 1763

Иммануил Кант — 1786

Вольтер —1750-æм азмæ æввахс

Готхольд Эфраим Лессинг, фæсарæйнаг уæнг — 1769

Александр фон Гумбольдт — 1786

Фридрих Шлейермахер — 1810

Братья Гримм, Якоб и Вильгельм — 1840

Карл Густав Якоб Якоби — 1844

Карл Вейерштрасс — 1856

Герман Гельмгольц, уæнг-корреспондент — 1857; фæсарæйнаг уæнг — 1870; æцæг уæнг — 1871

Теодор Моммзен — 1857

Фердинанд Георг Фробениус — 1893

Макс Планк — 1894

Карл Шварцшильд — 1912

Альберт Эйнштейн — 1914

Макс фон Лауэ — 1919

Отто Ган — 1924




#Article 456: Дзаболаты Хазби (140 words)


Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби (1931-æм азы 16 апрелы, Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Ногхъæу — амардис 1969-æм азы 28 январы) уыдис ирон поэт.

Каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъола. 1951–1954 азты службæ кодта Советон Æфсады, демобилизацийы фæстæ 1956-æм азы онг куыста геологон-сгарæн къорды Садоны, 1956-æм азæй 1960-æм азы онг та уыдис Буроны æрзæткъахæны шахтёр.

Амардис Дзаболаты Хазби трагикон хуызы 1969-æм азы 28 январы.

Поэты уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс» рацыдис 1960-æм азы. Дзаболаты Хазби литературæмæ куы æрбацыдис, уæдмæ йæм уыдис уæнгдыхæй фæллойгæнæджы стыр фæлтæрддзинад, æмæ уымæн йæ фыццаг чиныджы стыр бынат бацахста фæллойы темæ, æрзæткъахджытæ æмæ геологты куыст. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст» рацыдис 1963-æм азы. Йæ чиныджы сæйраг мотивтæ сты адæймаджы уды сыгъдæгдзинад, уарзт, хæс. 1967-æм азы мыхуырæй рацыдис поэты ног чиныг «Къахуынæр».

Фыссæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Хазбийы сфæлдыстадæн:

Хазби ма тæлмац кодта зындгонд уырыссаг æмæ советон поэтты æмдзæвгæтæ.




#Article 457: Фæрнион Къоста (325 words)


Фæрнион Къоста (Фæрниаты Солтайы фырт Константин; 1908 аз, Быдыры Дæргъæвс — 1937 аз) уыдис ирон фыссæг, поэт, журналист.

Ахуыр кодта райгуырæн хъæуы, фæстæдæр та — Дзæуджыхъæуы, стæй Мæскуыйы журналистикæйы институты. Каст фæцис Мæскуыйы педагогон институт.

Фæрнионы сфæлдыстад уыдис бирæвæрсыг. Йæ æмдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты 1925-æм азы. 1927-æм азы та рацыдис Нигер, Фæрнион æмæ Хъамбердиаты Мысосты æмдзæвгæты иумæйаг æмбырдгонд «Уадындз». Аккаг хъусдард аздæхта йæхимæ поэты æмдзæвгæты æмбырдгонд «Зæй» (1930). Стыр аргъ счындæуыдис, Къоста фæстæдæры азты кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ «Хъобаны фæдис», «Цины дуг» æмæ æндæртæн.

Ирон литературæйы фыццаг романтæй иу уыдис Фæрнион Къостайы «Уады уынæр». Мыхуырæй рацыдис 1932-æм азы.
Уацмысы ныхас цæуы Ирыстоны революцийы хæдразмæйы азты хабæрттыл, æвдыст дзы цæуы æнæраст цардæвæрды ныхмæ протест, хуыздæр фидæныл тох.

Романы æвдыст æрцыдысты феодалон Ирыстоны æппæт социалон кълæстæ, уæлдайдæр кæвдæсæрдтæ — дæлдæр къласы адæм. Автор реалистон ахорæнтæй сныв кодта ацы адæмы гæвзыкк цард, се ’фхæрды уавæр.
Романы сæйраг архайæг кæвдæсард Сырхауты Цæрай базыдта социалон æнæрастдзинады хъуыддаг æмæ райдыдта хуыздæр æмбарын, сæрибар æмæ рæстдзинад райсыны тыххæй æфхæрджыты ныхмæ тох кæнын кæй хъæуы, уый. Фæлæ Цæрай революцион тохы æцæг фæндагæй дард у æмæ архайы æнæ исты бæлвырд фæткмæ гæсгæ; кæй сæргъы уыдис, æндæр ахæм тохгæнджыты балимæ ацæуы хъæдмæ, чиновниктæ æмæ хъæздгуытæй маст исынмæ.

Уыциу рæстæг автор фыссы, 1920–30-æм азты Кавказы адæмты литературæты, уыимæ ироны дæр, зынгæ бынат чи ахста, уыцы абырджыты темæйыл. Фыссæг куыд æмбарын кæны, афтæмæй абырджыты фæзындæн уыдис историон аххосæгтæ — хохаг адæмты тох паддзахы администрацийы ныхмæ.

Пьесæ «Хæрзбон»-ы (1934) Фæрнион равдыста Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты тох Советон хицауады сæраппонд 1918–20-æм азты. Уацмысы æвдыст æрцыдысты алыхуызон политикон цæстæнгастæ кæмæн уыдис, ахæм адæймæгты хъысмæттæ (коммунисттæ, меньшевиктæ, буржуазон националисттæ).
Фыццаг хатт ирон драматургийы автор бахаста пьесæмæ архайдамонæджы (уырыс. ведущий). Уый монологтæ æххуыс кæнынц пьесæйы идейон мидис хуыздæр бамбарынæн.

Советон хицауады сæраппонд тохы темæйыл фыст у радзырд «Хъæбатыр цæргæс». Йæ сæйраг архайæг у мидхæсты легендарон хъайтар Дзарахохты Хадзымурат.

Фæрнион Къоста у ирон литературæйыл фарстаты тыххæй къорд уацы автор.

Фыссæг ирон советон поэзийы фыццаг хатт спайда кодта ахæм жанрæй куыд æмдзæвгæтæй фыст фельетон.




#Article 458: Брытъиаты Созырыхъо (228 words)


Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо (райгуырдис 1892-æм азы 28 декабры, Куырттаты комы Дæллагхъæу — амардис 1961-æм азы 11 майы) уыдис ирон фыссæг.

Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо райгуырдис Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Октябры революцийы размæ Созырыхъо каст фæцис реалон училище Дзæуджыхъæуы.

Цæгат Ирыстоны Советон тыхбары ныффидары фæстæ Созырыхъо уыдис бынæттыл хицауиуæг организаци кæныны хъуыддаджы инструктор, бирæ рæстæджы дæргъы куыста республикæйы газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы. 1932-æм азы уый бацыдис Ленинграды паддзахадон университеты филологион факультетмæ, æмæ йæ каст фæуыны фæстæ (1937) активон куыст кодта Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты; фæстæдæр та ахста газет «Коммунист»-ы редакторы хæдивæджы бынат.

Терминологион къамисы куы куыста, уæд активонæй архайдта ирон æвзаджы терминологийы унификацийыл. Нарты эпосы комитеты нымæрдар уæвгæйæ, Созырыхъо уыдис нарты кадджыты æмиугонд текст мыхуырмæ цæттæгæнджытæй иу (эпос мыхуырæй рацыдис 1946-æм азы). Брытъиайы-фырт бирæ бафыдæбон кодта ирон адæмон аргъæуттæ мыхуыры рауадзыныл.

Созырыхъойы уацтæ фыццаг хатт рухс федтой 1916 азы. Йæ уацхъуыдтæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй, ирон адæмы хъизæмар царды тыххæй мыхуыргонд цыдысты газет «Терек»-ы.

Брытъиаты Созырыхъо уыдис аргъæуттæ фыссæг. Фыста ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Йæ аргъæутты бындур уыдысты фольклорон мотивтæ. Брытъиайы-фырты аргъæуттæ бирæ хæттыты рацыдысты хицæн чингуытæй ирон, уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг æвзæгтыл Ленинграды, Киевы, Орджоникидзейы æмæ æндæр сахарты.

Созырыхъо ирон æвзагмæ раивта А. С. Пушкины («Капитанская дочка» æмæ æнд.) къорд уацмысы, Фадеевы «Разгром» æмæ «Молодая гвардия», Бичер Стоуы «Хижина дяди Тома» æмæ æндæртæ.
Йæ æнтыстджын литературон архайды тыххæй Брытъиаты Созырыхъо хорзæхджынгонд æрцыдис Кады нысаны орденæй.

Амардис фыссæг 1961-æм азы 11 майы.




#Article 459: Вилья, Панчо (101 words)


Хосе́ Дороте́о Ара́нго Ара́мбула (,  1878-æм азы 5 июны —  1923-æм азы 23 июлы , фылдæр хъуыстгонд уыд куыд «Франси́ско Ви́лья» () кæнæ «Па́нчо Ви́лья» () уыдис растджыты раздзогтæй иу Мексикæйы революцийы рæстæг.

Райгуырдис мæгуыр зæхкусджыты хæдзары.  1912-æм азы  Паскуаль Ороскойы контрреволюцион растады рæстæг сæмбырд кодта бæхджынты бал, æмæ хицауады æфсæдтимæ архайдта растад басæттыныл.  Хицауы бартæ йæхимæ инæлар Уэрта куы райста, уæд Вилья райдыдта растад хицауады ныхмæ æмæ сарæзта Цæгатон дивизи, уый архайдта Чиуауæйы æмæ Коауилæйы. Уæртæйы режим куы æрхаудта уæд Эмилиано Сапатаимæ цæдисы райдыдта тох Каррансы хицауадимæ, 1914-æм азы декабры йе 'фсад бацахста Мехико, фæлæ йæ 1915-æм азы январы ныууагъта.




#Article 460: Сталинграды Мадоннæ (245 words)


Сталинграды Мадоннæ ― ахæм ном райста немыцаг хæстон дохтыры ныв. Курт Ройбер (26 майы 1906, Кассель — 20 тъæнджы майы 1944, Елабугæ) уыцы ныв скодта советон географион  картæйы  фæстаг  фарсыл æвзалыйæ, 1942 азы цыппурсы мæйы 24-25 боны æхсæвы, æрхъулайы куы бахаудтой уæд Сталинграды хæстæмбæлд кæронмæ фæцæйхæццæ кодта.

Уыцы рæстæгмæ немыцаг-фашистон æфсадтæ æд хицау инæлар Паулюсимæ (тъæнджы мæйы 30 боны фæстæ, инæлар-фельдмаршал). Сырх æфсады æрхъуламæ бахаудтой,  ноджы  ма сæ цагъта зымæгон уазал рæстæг. Вермахты æфсæддонтæн сæ тых басаст. Мæлæтæй фервæзын æнхъæл нал уыдысты. Салдæттæн æмæ афицертæн  сæ хъару æмæ сæ ныфс уыди саст, æмæ ма æрмæстдæр хъуыды кодтой сæ сæртæ куыд аирвæзын кæной, ууыл. Уыцы уæззау цардæвзарæнтæ æвдыст сты нывы.

Ныв конд у советон географион картæйы фæстаг фарсыл. Нывы ис бадæг сылгоймаг (Мады Майрæм), йæ хъæбысы сывæллон бады, æмбæрзыйæ стыр кæлмæрзæнæй. Мады сæр æркъул сывæллоны сæрмæ, йæ цæстытæ сты æхгæд. Рахиз къухæй хъахъхъæнæгау хæцы сывæллоныл æмæ йæ йæ риумæ æлхъивы, галиу къух æмбæрзт у кæлмæрзæнæй.

Нывы алы фарс немыцаг æвзагæй фыст: «Licht. Leben. Liebe. Weihnachten im Kessel. Festung Stalingrad» — «Рухс. Цард. Уарзондзинад. Цыппурсы  æрхъулайы. Гæнах Сталинград».

Тъæнджы мæйы 13 боны, 1943 азы ныв «Сталинграды Мадоннæ» æрхъуылайы раласта фæстаг хæдтæхæджы цæф булкъон. Уыцы бынат, кæм уыд фыст ныв, къуырийы фæстæ ныппырх бомбæты бын. (Курт Ройбер уыцы рæстæджы уыд æфсæдты рынчындоны).

Фæстæдæр «Сталинграды Мадоннæ» радтой, кайзер Вильгельмы ном чи хæссы, уыцы аргъуанмæ Берлины, æмæ ныр дæр уым ис. 

Нывы къопи ныр дæр ис Волгограды, Сыгъдæг Никъалайы номыл Католикон аргъуаны, æмæ йын католиктæ диссаджы кад æмæ аргъ кæнынц.




#Article 461: Æвзаджы хъахъхъæды къæпхæнтæ (191 words)


Æвзаджы хъахъхъæды (æнæфыдбылызы) къæпхæнтæ (; ), зæгъгæ, афтæ хуындæуы, æвзæгтæ цы уавæры сты, уый бæрæг кæнынæн ЮНЕСКО цы шкала рæгъмæ рахаста, уый. Уыцы шкалайæ ма спайда чындæуыдис, ЮНЕСКО кæй рауагъта, уыцы Æвзæгты сырх чиныджы.

ЮНЕСКО æвзæгтæ дих кæны фараст критеримæ гæсгæ. Уыдонæй ахсджиагдæртæ сты:

Дарддæр æвзаг дих чындæуы æхсæз къордыл:

Ацы къордмæ хаст цæуы, иу дзурæг дæр кæуыл нæй, ахæм æвзæгтæ; зæгъæм, полабаг, хуссар манси, убыхаг, словинаг, пруссаг, готаг, далмациаг, керекаг.

Ацы къорды æвзæгтæ нæй хæццæгæнæн рагон мард æвзæгтимæ. Рагон мард æвзæгтыл нымад сты ахæмтæ:

Кæй зæгъын æй хъæуы, æвзагыл дзурджыты абсолютон нымæц уыйбæрц ахсджиаг нæу: гинухаг æвзагыл дзуры 548 адæймаджы, фæлæ уый хаст æрцыдис 5-æм къордмæ, идишыл та Уæрæсейы дзурынц 30 мин адæймаджы, фæлæ уый нымад у, тынг тæссаг уавæры чи ис, уыцы æвзагыл (3-æм къорд). Бирæ ахсджиагдæр у, фæлтæрæй фæлтæрмæ куыд лæвæрд цæуы, уый.

Æвзаджы цардхъомæн аргъ кæнгæйæ, нымадæуы, паддзахад æмæ йæм æхсæнад йæхæдæг цы цæстæй кæсынц, уый дæр. Паддзахад ын кæнæ æххуыс кæны, кæнæ йæ рохуаты ныууадзы; йæ ахуыр кæнынæн ахъаз у кæнæ та нæу; йæ бон у, æмæ йæ ассимиляцийы ’рдæм здаха, тыхмийы фæрцы архайа уыцы хъуыддагыл, йе та чысыл адæмты æвзæгтæй пайда кæнын æппындæр ма уадза.




#Article 462: Саракаев, Ибрагим-Бек (355 words)


Ибрагим-Бек Саракаев (райгуырдис 1883-æм азы 21 сентябры — амардис 1934-æм азы) уыдис фыццаг цæцæйнаг фысджытæй æмæ публицисттæй иу; цæцæйнаг адæмы традицитæ æмæ фольклоры тыххæй куыстыты автор.

Райгуырдис 1883-æм азы 21 сентябры Веденойы фидары. XX æнусы райдианы каст фæцис реалон училище Дзæуджыхъæуы æмæ 1902-æм азы араст ис Тбилисмæ. Уым Ибрагим-Бек райдыдта йæ литературон æмæ журналистон архайд. Йæ фыццаг уацмыстæ фæзындысты, уæды заман зындгонд æмæ популярон чи уыдис, уыцы журнал «Кавказ»-ы фæрстыл. 1907 азы Ибрагим-Бек Саракаев æрцардис Дзæуджыхъæуы æмæ райдыдта кусын газет «Терек»-ы. Йемæ иу афон ацы мыхуырон оргæны ма куыста зынгæ революционер-большевик Сергей Киров.

Уыцы азты Саракаев ныффыста «Нохчо», «Чеченец», «Веданхо» æмæ бирæ æндæр уацмыстæ. Мыхуыргонд та æрцыдысты æрмæст 1911–1914 азты. Уыдонæй уæлдай ма уый фыста уацтæ (æдæппæтæй сты 30-æй фылдæр) Цæцæны национ æмæ зæххы фарстатыл, культурæ æмæ ахуырады рæзтыл æмæ æндæр темæтыл. Йæ уацхъуыдты Саракаев æргомæй критикæ кодта, хицæуттæ хæхбæсты цы закъонхæлдтытæ æмæ хæдтыхмитæ аразынц, уыдон.

Йæ литературон æмæ публицистон уацты уæлдай ма мыхуыргонд æцыдысты, уыцы азты Саракаев цы стыр историон-философон иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдон дæр: «Мюридизм», «Суд и казнь Шамиля» æмæ æндæртæ. 1910-æм азты райдианы ма мыхуырæй рацыдысты Ибрагим-Бечы стыр аивадон-документалон куысты: «По трущобам Чечни» (1913) æмæ «Чечня и пленение Шамиля» (1914). Цæцæны историйы мидæг уыдон уыдысты фыццаг ахæм чингуытæ, кæм цæцæйнаг йæхæдæг равдыста йæ адæмы цард. Ацы уацмысты ирдæй раргом ис Саракаевы фыссыны дæсныдзинад.

Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Ибрагим-Бек бархийæ хи ныффыссын кодта Кавказы бынæттон бæхджын дивизимæ (фæстæдæр зындгонд уыдис куыд «Дикая дивизия») чи хаудис, уыцы Тæтæйраг бæхджын полкмæ (уырыс. Татарский конный полк Кавказской туземной конной дивизии). Хæсты рæстæг Ибрагим-Бекæн лæвæрд æрцыдис афицеры ном. Фæстагмæ Саракаев баслужбæ кодта дæлбулкъоны чины онг. Æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын чындис Сыгъдæг Георгийы ордены IV къæпхæнæй æмæ Сыгъдæг Аннæйы ордены II къæпхæнæй æд кæрдтæ ().

Хæсты рæстæг Саракаев фыста уысмæй-уысмæн, фылдæр, радзырдтæ æмæ очерктæ, фæлæ, сæ хъæдæй разы кæй нæ уыдис, уый охыл сæ мыхуырмæ лæвæрдта стæм хатт.

Мидхæсты азты, Сергей Кировы рекомендацимæ гæсгæ, Саракаев службæ кодта XI-æм Сырх Æфсады. Уым уыдис къамандыгæнæджы хæдивджытæй иу (ифтонггæныны къабазы). Советон хицауад Цæцæны куы фæуæлахиз ис, уæд кусын райдыдта Цæцæны автономон облæсты милицæйы хицауы хæдивæгæй.

Ибрагим-Бек Саракаев амардис 1934-æм азы. Ныгæд æрцыдис йæ райгуырæн хъæу Веденойы.




#Article 463: Гэлаг лигæ (103 words)


Гэлаг лигæ (Conradh na Gaeilge, хъуысы афтæ: [], ), зæгъгæ, афтæ хуындæуыдис уыцы организаци, йæ нысан кæмæн уыдис «Ирландийы кæуыл дзурынц, уыцы ирландиаг æвзаг бахъахъхъæнын».

Гэлаг лигæ бындурæвæрд æрцыдис 1893-æм азы 31 июлы Дуглас Хидæй (Douglas Hyde, ирл. Dubhghlas de hÍde). Хид уыдис протестант Френчпаркæй (Frenchpark), Ирландийы графæдтæй иуы.

Лигæйы уæнгтæ чи уыдис, уыцы интеллегенттæ-националисттæ фыццаг хатт райдыдтой уадзын литературæ æмæ газеттæ ирландиаг æвзагыл, æрæвæрдтой бындур «ирландиаг» скъолатæн, гом кодтой кæфтыты сæрмагонд курсытæ. Лигæйы фыццаг газет хуындис «Рухсы цирхъ» (An Claidheamh Soluis).

Лигæйы æххуысы руаджы арæзт æрцыдис Ирландийы Национ университет (1909). Ахуырдоны сконды уыдис Кельтаг археологи, Ирландийы истори, ирландиаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæтæ.




#Article 464: Доййаты Саханджери (213 words)


Доййаты Михаилы фырт Саханджери (Николай) (райгуырдис 1900-æм азы Джызæлы — амардис 1982-æм азы 14 июны Орджоникидзейы) уыдис ирон тæлмацгæнæг æмæ литератор.

Саханджери райгуырдис Джызæлы рæстæмбис цæрæг зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Райдиан ахуыр райста приходы скъолайы, уый фæстæ ахуыр кодта реалон училищейы Дзæуджыхъæуы, стæй Стъараполы гимназы. Фæстæдæр азты уый ахуыр кодта Азербайджаны политехникон æмæ Ленинграды хæххон институтты, фæлæ сæйгæ низы фыдæй йын нæ бантыстис кæронмæ ахæццæ кæнын йæ ахуыр.

Доййаты Саханджери амардис 1982-æм азы 14 июны.

Саламджери тæлмац кæнын райдыдта 1943-æм азы, Цæгат Ирыстоны театры кусгæйæ. Театрæн уый ратæлмац кодта пьесæтæ «Ныббырст» (; автор Л. Леонов), «Сабыр горæт» (1944, Нела Балаш), Островскийы «Æнæ аххосæй аххосджынтæ» («Без вины виноватые»; 1949), «Арвы нæрын» («Гроза»; 1949) æмæ «Æхсидгæ зæрдæ» («Горячее сердце»; 1950), А. Гайдары уацау «Скъола», А.Кононовы радзырдтæ «Чапаевы тыххæй», Г. Гулиайы уацау «Уалдзæг Сакены», Б. Житковы радзырдты чиныг «Цытæ-иу æрцыд», В.И. Ленины тыххæй радзырдты æмбырдгонд «Любимый народом» (1964).

Доййы-фырт стыр æргом здахта советон адæмты литературæмæ. Уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Георгий Гулиайы уацау «Весна в Сакене» (1951), Эфенди Капиевы чиныг «Поэт»-ы цалдæр сæры, украинаг, гуырдзиаг æмæ мæхъхъæлон фысджыты радзырдтæ. Фæсарæйнаг классикæйæ цы уацмыстæ раивта, уыдонæй зынгæдæр бынат ахсы Р. Тагоры роман «Крушение» (1963).

Доййы-фырт ма у аивадон тæлмацы дæсныдзинады, аивадон уацмсты æвзаджы, ирон растфыссынады тыххæй фыст уацты автор. Уыдон мыхуыргонд цыдысты бынæттон газетты æмæ журнал «Мах дуг»-ы.




#Article 465: Сиддхартха Гаутама (990 words)


Гаута́ма Бу́ддæ () уыдис легендарон удгоймаг, сарæзта ахуыр «Цыппар уæздан æцæгдзинады», цардис Индийы нæ эрæйы агъоммæ VI—V æнусты. Куы райгуырдис, уæд йын радтой ном Сиддхаттха Готама (пали) / Сиддхартха Гаутама (санскрит) — «Готамæйы байзæддаг, йæ нысæнттæ æнтыстджынæй æххæстгæнæг», фæстæдæр йæ хонын райдыдтой Буддæ «райхъал уæвæг». Гаутамæйы ма уыимæ фæхонынц Сакьямуни кæнæ Шакьямуни ома «зондджын Сакьяйы мыггагæй», кæнæ Татхагата (, «Афтæ æрбацæуæг»).

Сиддхартха Гаутамæ у буддизмы сæйраг архайæг. Йæ уадзæндзырдтæ (уырыс. изречения) æмæ ахуыргæнинæгтимæ дзымандытæ (диалогтæ) систы буддистон канон — «Трипитакайы» бындур, арæзт та æрцыдис нæ эрæйы агъоммæ I æнусы.

Буддæ у цалдæр дины персонаж: канд буддизмы нæ, фæлæ, зæгъæм, боны æмæ индуизмы. Астæуккаг æнусты фæстаг индиаг Пуранты (зæгъæм, Бхагавата-пуранæйы) æрцыдис Вишнуйы аватарæйыл нымад Баларамайы бæсты.

Нырыккон буддизмы цы тексттæ æрфидар сты, уыдонмæ гæсгæ Сиддхартха Гаутама райгуырдис сахар Капилавастумæ æввахс бынаты (лæууы Непалы; ныр уыцы бынаты лæууы кувæндæтты бæстыхæйтты баст Лумбини) майы мæй æххæст цы æхсæвы уыд уæд кшатрион Шакьяйы. Йæ райгуырæн бон у бæрæгбон буддистон бæстæты (Весак).

Гаутамæйы фыд уыдис Каппилаваттхуйы паддзах Магадхæйы, æмæ Гаутамæ райгуырдис паддзахы фыртæй, йæ цард хъуамæ арвыстаид бонджынæй æмæ æппæтæй дæр æххæстæй. Таурæгъмæ гæсгæ райгуырды размæ Гаутама йæ мадмæ фыны фæзындис урс пылы сурæты. Бæрæгбоны рæстæг уæныкæсæг (уырыс. провидец) Аситæ загъта, зæгъгæ, ацы саби суыдзæн кæнæ стыр паддзах, кæнæ диссаджы сыгъдæг адæймаг. Йæ фыд бæллыдис, цæмæй уый суа зындгонд паддзах æмæ йæ уый охыл фæиппæрд кодта дины ахуырад æмæ адæймаджы тухиты зонадæй.

Лæппуйыл æхсæрдæс азы куы сæххæст ис, уæд ын фыд ракуырдта йе ’мгар чызг Ясодхарæйы, æмæ сын райгуырдис фырт Рахул. Гаутамæйы фыд æххæст кодта йæ фырты алцæмæй дæр.

Иухатт, йæ мойы боныл æртындæс азы куы рацыдис уæд Гаутамæ цалхдар (уырыс. колесничий) Чаннæимæ рацæйцыдис йæ галуанæй æмæ федта «Цыппар равдысты»: зæронд къуылых, рынчын адæймаг, æмбийгæ мард æмæ цардиппæрд (уырыс. отшельник). Гаутамæ уæд бамбæрста царды хъысмæт — зæрондкæнын, рынчындзинад æмæ мæлæт æнæмæнг кæй æрцæуынц, мæгуыртæ хъæздгуытæй бирæ фылдæр кæй сты, æмæ фæстагмæ хъæздгуытæ дæр рыг кæй фестынц. Уый бамбаргæйæ Гаутамæ 29-аздзыдæй ныууагъта йæ хæдзар, йæ бинонты æмæ йæ мулк æмæ сси цардиппæрд.

Йæ бынтæ ныууадзгæйæ йæ царды нысан сæвæрдта тухитæй куыд фервæзæн ис, уый базонын. Райдыдта ахуыр кæнын йогикон медитаци дыууæ цардиппæрд брахманы разамындмæ гæсгæ æмæ кæд ацы хъуыддаджы уæллоз къæпхæнтæм схызтис, уæддæр йæ куыст нымадта æнæнтыстыл.

Йæхиуыл скодта цæугæцардгæнæг моладзаны дзаума æмæ араст ис хуссар-скæсæны Индимæ. Райдыдта тызмæг цардиппæрды цардыл ахуыр кæнын æмæ йæхи тухæнæй марын. Æхсæз азы фæстæ мæлæты дуарыл лæугæйæ фæхатыд, тызмæг аскезон методтæ ногæй йын кæй ницы дæттынц. Уæд ныууагъта йæ буар удхарæй марын æмæ афтид медитаци йæ куыст скодта, æмæ рабæрæг кодта астæуккаг фæндаг — хи домæнтæ дæр иууыл æххæст кæнынмæ ма бæллын æмæ дæхи удхарæй дæр ма марын. Фикус бæласы бын сбадти (уый тыххæй ацы бæласы райдыдтой хонын Бодхийы бæлас), æмæ ард бахордта, уæлæмæ кæй нæ сыстдзæн, цалынмæ æцæгдзинад нæ базона, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы йæм æрцыди куырыхон зонд. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой Буддæ. Уый у санскритаг дзырд æмæ амоны: Рухс зонды хицау. Афтæмæй «райхъал ис», майы мæй цалхыдзаг куы уыд, уыцы рæстæг. Уæд ыл цыдис 35 азы. Уæд æй райдыдтой хонын Гаутама Буддæ кæнæ афтиддæр «Будда». Йæ хъуыдытæ Буддæ парахат кодта, цæугæдон Гангы был цы сахар уыд, уым — Бенарессы. Йæ хъуыдыты апп та арæзт у цыппар хайæ, цыппар фарнхæссæг къабазæй:

Уыцы рæстæг Буддæ хъуамæ равзæрстаид — разыйæ баззайа йæхи суæгъдыл æви æндæр адæмы дæр ууыл ахуыр кæнын байдайа. Æнхъæл уыдис æмæ дуне гæнæн ис æмæ ахæм арф æмбарындзинадмæ цæттæ нæма у, фæлæ уæддæр кæроны сфæнд кодта Сарнатхмæ ацæуын æмæ фыццаг динамынд бакæсын Саджы бæласдоны. Уыцы амынды раргом кодта «Цыппар уæздан æцæгдзинады» æмæ астæуккаг фæндаджы домæнтæ.

Буддæ уæлæргом кодта (уырыс. подчеркивать) хуыцау кæй нæу. Буддæ — зондамонæг уыцы фæлдисондтæн кæдон снысан кодтой ацы фæндагыл ацæуын æмæ Райхъалдзинадмæ бацæуын æмæ базонын æцæгдзинад æмæ бæлвырдад куыд сты афтæ.

Йæ царды дарддæр цы 45 азы фæцард, уыцы рæстæг балцы цыдис цæугæдон Гангы дæлвæзыл астæуккаг Индийы, амыдта йæ ахуырад алы хуызон адæмæн, уыдонимæ ерысгæнæг динты æмæ философиты фарсхæцджытæн дæр. Йæ дин уыдис æргом алы расæ æмæ кълæстæн дæр æмæ йын нæ уыд ницавæр кастон структурæ. Бындур æрæвæрда буддистон моладзанты комуннæ («Сангхайæн»), цæмæй йæ ахуырад ма фæсæфа йæ кæройнаг «Ниббаны» фæстæ æмæ дунейæ ацæуыны фæстæ. Йæ фæдыл араст сты уыцы коммунæмæ мингай ног здæхтытæ.

Уæд расидтис — æххæст кæй райхъал, кæй бамбæрста адæймаджы тухиты æмæ удхорты аххос æмæ цы хъæуы уый аиуварсгæныныл. Уыцы æнкъарæн раргом кодта «Цыппар уæздан æцæгдзинады». Иууылбæрзонддæр райхъалдзинад, цыфæнды фæлдисондæн йæ бон кæмæ у бахæццæ уын, хуыйны ниббана (пали; нирванæ — санскрит).
Куы йыл цыдис 80 азы, уæд сфæнд кодта дунейæ ацæуын. Бахордта йæ фæстаг хойраг, снывонд ын æй кодта куырд Чунда, æмæ йæхи æвзæр хатын райдыдта. Йæ фæдонтæй ма иу хатт бæлвырд базыдта, йæ ахуырад раст æмбæрст æмæ хъахъхъæд кæй æрцæудзæн æмæ майы цæлхдзаг мæйы амардис. Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Хæйттæй амад цы у, уый æрбайсæфы. Æнувыд ут!»

Буддæ Гаутама æгъдаумæ гæсгæ уыдис кремацигонд, басыгъды фæстæ цы æртхутæг баззадис, уый дих æрцыдис аст хайыл, хæйттæ бавæрдтой аст сæрмагонд арæзт фæхты бын.

Сæйрагдæр амонæн Буддæйы царды рæстæджы тыххæй у буддистон император Ашокæйы паддзахиуæджы райдайæн. Ашокæйы эдиктты бындурыл æмæ‐иу минæвæртты кæмæ арвыста, уыцы эллинаг паддзæхты паддзахиуæджы рæстæгмæ гæсгæ, ахуыргæндтæ датæ æвæрынц Ашокæйы хицауиуæг 268 аз нæ эрæйы агъоммæ. Палийаг равзæрæнтæ дзурынц Буддæ фæмард ацы хабарæй 218 аз раздæр. Иууылдæр равзæрæнтæ дзурынц Буддæ амард цыппар æмæ ссæдзаздзыдæй, æмæ уыдæттæм гæсгæ рауад датæ 566-486 азты нæ эрæйы агъоммæ. Уый у «даргъ хронологи» (long chronology) кæй хонынц, уый. Альтернативон «цыбыр хронологийы» (short chronology) бындур сты санскритаг равзæрæнтæ цæгат-индиаг буддизмы Скæсæн Азийы чи баззадис. Ацы версимæ гæсгæ Буддæ амардис 100 азы раздæр Ашокæйы паддзахадиуæджы размæ, æмæ уый дæтты ахæм датæ: 448—368 азтæ нæ эрæйы агъоммæ. Уыимæ иуæй-иу скæсæйнаг традициты Буддæйы мæлæты датæйыл нымайынц 949, кæнæ 878 аз нæ эрæйы агъоммæ, Тибеты та — 881 аз нæ эрæйы агъоммæ.

Радиоæвзалыгуыр анализ æвдисы, иуæй-иу цæрæнрæттæ, Буддæ кæй бабæрæг кодта Палийаг канонмæ гæсгæ, нæ уыдысты нырма арæзт, адæм дзы нæма æрцардысты мах дуджы 500-æм азы размæ  (±100 азы) æмæ уый дызæрдыгыл æфтауы датæ 486 аз нæ эрæйы агъоммæ. Уый едтæмæ ма цы информаци йы джайнизмы историйыл дзуры Буддæ æмæ Махавира, джайнты раздзог, дыууæйæ дæр амардысты 410 æмæ 390 азты астæу.




#Article 466: Мамсыраты Дæбе (400 words)


Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе (райгуырдис 1909-æм азы 9 августы, Быдыры Дæргъæвсы — амардис 1966-æм азы 21 августы) уыдис ирон фыссæг, поэт, драматург.

Мамсыраты Дæбе райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Быдыры Дæргъæвсы. 1919-æм азы йын бынат æркодтой Æрыдоны семинары цур пансионаты. Уым уый ахуыр кодта йæ сæхгæныны онг (1921). 1924-æм Дæбе адарддæр кодта йæ ахуыр хъæууон скъолайы. 1926-æм азы та бацыдис Ирыстоны педагогон техникуммæ. Ам Мамсыры-фырт уыдис, зындгонд педагог Гуыриаты Гагуыдз йæ сæргъы кæмæн уыдис, уыцы литературон къорды уæнг. Техникум каст куы фæцис, уæд 1930-æм азы райдыдта кусын ахуыргæнæгæй Заманхъулы хъæуы скъолайы. Уыциу рæстæг ма фæсаууонæ ахуыр кодта Ростовы педагогон институты литературон факультеты. 1933-æм азы Мамсыраты Д. бацыдис Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институтмæ, фæлæ æртыккаг курсы фæстæ йе ’нæниздзинады уавæры фыдæй ныууагъта йæ ахуыр æмæ раздæхтис Ирыстонмæ. Ам Дæбе куыста газеттæ æмæ журналты редакциты, уыдис Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар, иу рæстæг ма уый равзæрстæуыд ЦИ АССР-ы Уæлдæр Советы депутатæй.

Ирон литературæмæ стыр хайбавæрды тыххæй Мамсыраты Дæбе хорзæхджын æрцыдис Ленины орденæй, Хетæгкаты Къостайы номыл литературон премийæ.
Мамсыраты дæбе амардис 1966-æм азы 21 августы.

Мамсыраты Дæбейы курдиат уыдис бирæвæрсыг æмæ рæдау. Ирон фысджытæй уый бæрц чингуытæ ничи рауагъта. Куыста алы жанрты: поэзи, прозæ, драмæ. Кодта тæлмац. Фыста нывæджытæ, критикон уацтæ.

Мамсыры-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта æмдзæвгæтæй. Ирон газетты фыццаг хатт фæзындысты 1927-æм азы, 1931-æм азы та уыдон мыхуыры рацыдысты хицæн æмбырдгондæй («Фыццаг къахдзæфтæ»).
Дæбейы поэзи сæйраджыдæр æвзæрдис партион политикон домæнтæй æмæ у рифмæгонд газетон публицистикæ, нæ ахады ирон поэзийы историйы.

Сценæйы дзы цардхъом разындис æрмæст «Æфхæрдты Хæсанæ» — уæлмонц романтикон драмæ, уый цæры йæ сюжеты хъаруйæ. Дæбе йæ пьесæ «Зорттаты Майрæм»-ы тыххæй 1949 азы фыста:

Ахæм карз тæрхон Дæбе йæхицæн хæссы æнæконфликты теоримæ гæсгæ. Пьесæйы æвдыст цæуы колхозы сæрдар — «йæхи расай-басай чи кодта хæстæй фервæзыны тыххæй, уыцы Додти, расыггæнаг æмæ тынг хæлд адæймаг». Соцреализмы домæнтæм гæсгæ уацмысы архайæг у типикон, Додти у æппæт сæрдарты иугонд фæлгонц. Ахæм персонажæн бынат нæ уыдис советон сценæйы 40-æм азты. Пьесæйы «нæй нырыккон царды æцæгдзинад» — уый уыдис хицауады хатдзæг, æмæ йæ тыхбар ныббаста Дæбейæн дæр. Ахæм уавæрты рæзæн нæ уыдис æцæг драмон аивадæн.

Йæ радзырдтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1937-æм азы («Царды къæпхæнтыл»). Фæстæдæр мыхуыры рацыдысты йæ чингуытæ: роман «Фæлтæртæ» (1949), сывæлæттæн фыст радзырдты æмбырдгонд «Джерихан» (1941), пьесæ «Хъæбатыр лæппу» (1944), æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгонд «Суадæттæ» (1942), радзырд «Адæмы мæт» (1943) æмæ æндæртæ.

Фыдыбæсты Стыр хæсты азты кæй ныффыста, йæ уыцы уацмысты фылдæр хай æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл.

Фыссæджы уацмысты æххæст æмбырдгонд æхсæз томæй рацыдис 1965–1971-æм азты.




#Article 467: Гæздæнты Гайто (152 words)


Гæздæнты Бæппийы (Иваны) фырт Гайто (Георгий) (райгуырдис 1903-æм азы 23 ноябры (6 декабры), Бетъырбухы — амардис 1971-æм азы 5 декабры, Мюнхены) уыдис ирон равзæрды уырыссаг фыссæг-эмигрант.

Райгуырдис 1903 азы 6 декабры Бетъырбухы, хъæды хæдзарады специалисты бинонты ’хсæн. Йæ фыды профессийы тыххæй бинонтæ арæх ивтой сæ цæрæнбынат. Царды фыццаг цыппар азы Гайто арвыста Бетъырбухы, Кабинеты уынджы (ныртæккæ Рæстдзинады уынг, ). Уый фæстæ бинонтæ цардысты Сыбыры, Тверы губернæйы, Полтавæйы, Харьковы.

Гæздæны-фырты роман «Призрак Александра Вольфа» (1945–48) куыддæр рацыдис мыхуырæй, афтæ тæлмацгонд æрцыдис æппæт сæйраг европæйаг æвзæгтæм.

Фæлæ кæд йæ литературон архайд уыдис æнтыстджын æмæ нымад, уæддæр Гайто кæрдзыны къæбæр ссарыны охыл бирæ азты дæргъы фæкуста æхсæвон таксистæй. Уыйбæрц рæстæджы дæргъы Парижы мæгуыргурты цардæй цы федта, уый æвдыст æрцыдис йæ роман «Ночные дороги»-йы (1941).

Хæсты азты Гæздæны-фырт цардис оккупацигонд Парижы. Уый архайдта Ныхмæлæуды змæлды, уыдис сусæг журналы редактор.

Гæздæнты Гайто амардис 1971-æм азы 5 декабры, Мюнхены сахары. Ныгæд æрцыдис Сент-Женевьев де Буайы уæлмæрдты, Парижмæ хæстæг.




#Article 468: Академи делла Крускæ (221 words)


Академи делла Крускæ у, йе сконды италиаг æвзаджы лингвистикæ æмæ филологийы къабазы дæснытæ æмæ эксперттæ кæмæн ис, уыцы академион уагдон Италийы. Ис дзы 15 уæнджы. Уыдонæй æппынкъаддæр æхсæз хъуамæ уой, Академийы штаб-фатер кæм ис, уыцы Флоренцийы цæрджытæ. Академийы 15 уæнгæй фæстæмæ ма гæнæн ис æмæ дзы уа ассоциацигонд 15 италиаг корреспонденты æмæ 15 фасарæйнаг корреспонденты.

Райдианы Академи делла Крускæ у Италийы тæккæ нымаддæр æвзагзонынадон уагдон.
Уагдон арæзт æрцыдис Флоренцийы 1583-æм азы, æмæ райдианы йын нæ уыдис официалон статус. Йæ саразджыты нысан уыдис бахъахъхъæнын италиаг æвзаджы сæрысуангон сыгъдæгдзинад. 1612-æм азы Академи ныммыхуыр кодта Vocabolario degli Accademici della Crusca — италиаг æвзаджы фыццаг дзырдуат. Ацы чиныг фæцис францаг, испайнаг, немыцаг æмæ англисаг æвзæгты фæзминаг лексикографион дæнцæг.

Академи делла Крускæ сæхгæдæуыд 1783-æм азы, 1811-æм азы та йæ Наполеон Бонапарт ногæй байгом кодта. Уагдоны бæрны уыдис «ногæй бакусын италиаг æвзаджы дзырдуатыл æмæ цæст дарын йæ сыгъдæгдзинадмæ». Паддзахы нысан уыдис, йæ хойæн кæй бабар кодта, уыцы герцогад Тосканæйы æнæбарвæндæй сфидар кæнын францаг æвзаг. 1809-æм азы 9 апрелы кæй рауагъта, йæ уыцы декретæй Наполеон ратта тоскайнæгтæн сæхи æвзагыл дзурыны бар. Уыцы декреты фыстæуыд, зæгъгæ, «италиаг æвзагæй Тосканæйы ис пайдагæнæн францаг æвзаджы æмрæнхъ трибуналты, нотариалон актты æмæ приватон гæххæттыты». Декреты ма фидаргонд цыдис, йæ бæрц 500 наполеоны кæмæн уыдаид, ахæм æрвылазон преми. Лæвæрд та цыдаид «сæ куыстытæй италиаг æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнынæн тæккæ ахадгæдæр хайбавæрд чи скæндзæн, уыцы автортæн».




#Article 469: Амазонкæ (цæугæдон) (922 words)


Амазонкæ (, ) у цæугæдон Хуссар Америкæйы, йæ бассейны бæрцуат, йæ донарæх (уырыс. полноводность) æмæ йæ дæргъмæ гæсгæ у дунейы тæккæ егъаудæр цæугæдон. Сæвзæры дыууæ цæугæдоны, Мараньон и Укаяли, куы баиу вæййынц, уыцы ранæй. Йæ дæргъ Мараньйоны сæйрагдæр гуырæнæй 6437 км, 20 æнусы кæрон цы гуырæн Апачетæ ссардæуыд, уырдыгæй та 7000 км хæстæг, Укайалийы гуырæнæй та 7000 км фылдæр. Бассейны фæзуат 7 180 мин км² (æндæр бæрæгнæнæнтæм гæсгæ та 6 915 мин км²).

Амазонкæйы бассейны фылдæр хай хауы Бразилимæ, хуссар-ныгуылæн æмæ ныгуылæны районтæ та — Боливийæн, Перуйæн, Эквадорæн æмæ Колумбийæн. Амазонкæ фылдæр кæлы Амазонкæйы дæлвæзыл экваторы фæрсты, æфты Атлантикон фурдмæ æмæ аразы дунейы тæккæ стырдæр дельтæ (йæ фæзуат у 100 мин км² фылдæр).

Амазонкæйы æфсадынц бирæнымæцон фæрсагдæттæ: иу-20 дзы сты 1500 км даргъдæр.

Тæккæ дзæвгардæртæ: рахизырдыгæй — Журуа, Пурус, Мадейра, Тапажос, Шингу, Токантинс; галиуырдыгæй — Иса, Жапура, Риу-Негру.

Доны астæуккаг хардз дæллаг гуылфæны у 220 мин м³/с мæ æввахс (ивы сезонтæм гæсгæ 70-æй 300 мин м³/с æмæ фылдæр). Азмæ дзы доны хардз вæййы 7000 км³ (15% азы дунейы цæугæдæтты доны хардзæй. Фидар акæлæн — 1 миллиард тоннæй фылдæр. Æрбаивылдтытæ хъарынц цæугæдоныл уæлæмæ 1400 км æмæ донæфтæны саразынц поророкæ.

Фæрсагдæттимæ Амазонкæ аразы мидæггаг доны фæндæгты системæ йæ дæргъ 25 мин км-æй фылдæр кæмæн у, ахæм. Амазонкæйы сæйраг донвæд наудзон у 4300 км уæлæмæ суанг Андты уонг. Сахар Манаусы уонг (1690 км донæфтæнæй) уæлæмæ цæуынц денджызон наутæ.

Сæйраг наулæууæнтæ (дæлæйæ уæлæмæ): Белен, Сантарен, Обидус, Манаус (Бразили), Икитос (Перу).

Ацы цæугæдон европæйæгтæй фыццаг байгом кодта конкистадор Франсиско де Орельяна, уый фыццаг цæхгæрмæ абалц кодта Хуссар Америкæйыл йæ тæккæ уæрæхдæр хайы. 1542-æм азы сæрды йæ бал, дам, цыма федта таурæгъон амазонкæты æмæ семæ тохы бацыдис. Абон нымайынц уыцы «амазонкæтæ» уыдысты кæнæ индейаг сылгоймæгтæ кæдон тох кодтой сæ лæгты фарсмæ кæнæ даргъдзыкку индейæгтæ æмæ сæ испайнæгтæ сылгоймæгтыл банымадтой. Фыццаг де Орельяна хъавыди цæугæдон йæхи номæй схонын фæлæ ацы цауы фæстæ æрлæууыдис «Амазонка» вариантыл.

Нырид 1553-æм азы ном Амазонкæты цæугæдоны кой цæуы Сьеса де Леоны чиныг «Перуйы хроникæ»-йы:

Фыццаг джиппы уагъд Амазонкæйыл балцы тыххæй уацмыс ныффыста Кристобаль де Акунья.

Амазони дисы æфтауы фаунæ æмæ флорæйы хъæздыгдзинадæй. Тынг стыр тыгъдады цæрынц миллионæй фылдæр алы хуызон зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызы, æмæ ацы бæстæ æнæ æгæргæнæнæй ис схонын дунæйы генетикон фонд. Ахуыргæндтæ зæгъынц, тропикон хъæды 10 км² хауы 1,5 мин хуызы дидинджытæ, 750 хуызы бæлæстæ, 125 хуызы æхсырæйцæрджытæ, 400 хуызы циутæ æмæ æнæнымæц уырынгонты мæ æнæрагъыстæджыты хуызы. Ацы хуызтæй бирæтæ фыст æмæ идентификацигонд дæр нема æрцыдысты.

Амазонкæйы бассейны йæхи айтыгъта дунейы тæккæ егъаудæр уымæл тропикон хъæд. Ацы æнахуыр æрдзон зайæгон сырæзты сурæт радта Александр фон Гумбольдт Хуссар Америчы балцы куы уыд 1799—1804-æм æзты æмæ йæ схуыдта гилейæ (бердзенаг «гилестон» — хъæд). Æдзухцæх æкваториалон хъæды бæстыхъæд тæвд æмæ уымæл; æрвылаз температурæ змæлы афтиддæр 25-28 °C арæнты, суанг ма талынгæй дæр 20 °C дæлдæр не хауы. Уарыны дæлдзырæттæ (уырыс. осадки) ам сты æвæджиау парахат: азы мидæг сæ бæрц свæййы 2000-4000 мм, иуæй-иу хатт та фылдæр дæр рауайынц. Хъæды мидæг æнæдымгæ, сабыр, афтиддæр тыхдымгæйы рæстæг бæлæсты цъуппытæ фæйлауынц. Бæхджын сыфты æмæ кæрæдзийыл тыхст лианæты уылты бæлæсты бынмæ рухс рестмæ нæ кæлы, абухæг зайæгхалтæ та змæлын зынтæй уадзынц. Гыццыл ауайыны тыххæй дæр арæх фæхъæуы фæндаг айгæрдын.

Ацы быннæтты тæккæ характерон дæр у лианæты парахат — тæнæг, тагъдзайæг зæнджыты, кæдоны дæргъ хæццæ фæкæны 100 метрмæ. Ацы зайæгойтæ æртухынц сæхи бæласы зæнгтыл æмæ къабузтыл, бахæццæ вæййынц бæлæсты сæрмæ æмæ уым æссарынц царддæттæг рухс; уым акъабуз кæнынц, дидинæг акалынц æмæ дыргъ раттынц. Бæласыл схилын æмæ хæцын сын æххуыс кæнынц алы хуызон фæцарæхстытæ (рихитæ, сындзытæ, къæпсыртæ). Æцæг диссаг зайæгойты дунейы у Victoria regia, егъау дойнаг хъоппæг‎, афтæ хъæддых у æмæ адæймаджы уæз фæразы.

Цæугæдæттæм æввахс арæх ис фæнын капибарæ — дунейы тæккæ дынджырдæр æхсынаджы (йæ буары уæз иу 50 кг). Дондарæнмæ цы цæрæгойт æрбацæуы уыдоны хъахъхъæнынц анакондæтæ — ацы æлхъивгæлмытæ, кæлмытæй тæккæ егъаудæртæ, цуан кæнынц доны мидæг дæр æмæ сæ бон у кайманы дæр бахурх кæнын. Амазонийы хъæздыг цæрæгойты дунейы миневæрттæ сты æдзæххдоны цæрæг сæмсгæф инияйæ æмæ нутрийæ (Европæйы ацы чысыл сырды дарынц тины фермæты). Амазонкæйы былгæрæтты цур ис фембæлæн тапирыл — заманайы ленкгæнæгыл, афтæмæй йæ буары уæз хæццæ кæны 200 кгмæ. Фæцæуы донмæ хæстæг къахвæдты иунæгæй, хæры сыфтæ къалиутæ æмæ дыргътæ, доны зайæгойты бирæ хуызтæй. Джунглиты тæккæ тæссагдæр цæрæгойтæй иу æмæ гæдыты бинонты тæккæ донуарзæгдæр минæвар, сæрбын кæнын хъом дæр у — ягуар. Гуаранизнæмы индейæгтæ йæ хонынц «d’iaguar».

Амазонкæйы æмæ йæ фæрсагдæтты цæрынц 2 мин хуызæй фылдæр кæсæгтæ, сæ алыхуызондзинад дисы бафтауы. Ныхасæн ардыгæй æсты бирæ популярон аквариумы даргæ кæсæгтæ дæр — зъæгæм, гуппитæ, цирхъдартæ æмæ скаляритæ. Афтиддæр ам цæры кæсаг tambaqui — сæ хæринаг донмæ каучук бæлæстæй цы мыггæгтæ æмæ дыргътæ æрхауы уыдон. Фембæлынц протоптертæ дæр — дунейыл гыццыл цы дыууæхуызонуылæфаг кæсæгтæ баззади уыдоны иу хуыз. Цæры дзы арована дæр дæргъмæ вæййы метры бæрц æмæ донæй геппытæ кæны цæмæй къалиутыл цы хъæндилтæ æрбынат кодтой уыдон ахæра. Амазонкæйы тæккæ хъуыстгонд цæрджытæй иутæ сты пираньятæ, чысыл кæсæгтæ сæ дæргъ 13æй 40 сантиметры уонг, сты диссаджы фыдгуыбын, лæбурæг царды æгъдау æрвитынц. Сæ бон у ныххауын стыр цæрегойтыл дæр (кæлмытыл кæнæ æхсырæйхæссджытыл), доны сæрты куы фæхизынц уæд. Адæмæн дæр тæссаг сты — туджы тæфмæ куы æрбамбырд вæййынц уæд сæ дзугтæ ныххауынц сæ æфтиагыл, дæндæгтæй стонынц дзидзайы хæйттæ æмæ амæттаджы стджыты уонг бахсынынц.

Амазонийы тархъæд — æнæбаивгæ экосистемæ у, æмæ йæ тынг тæссаг уавæры æвæры бæлæсты дзыллон къуырд. Тæккæ ныггæныстгонддæр æрцыдысты цæугæдоны былтæ Манаусы æмæ донæфтæны астæуты. ΧΧ-æм æнусы 70-йæм æзты дзевгар хæды тыхъдæдтæ фæстын кодтой хизæнуæттæ, æмæ уый расайдта мæры эрози. Уыцы территоритыл нырид нал ис æнæхæлд джунглитæ.

Хæдты эксплуатацийæ сефынц бирæ зайæгойты æмæ цæрæгойты хуызтæ. Стæм хæттыты ма ис фæмбæлæн уырд Ptesonura brasilensis-йыл. Сæфгæ хуызты номхъыгъдмæ бахаудтой сырх бæлас Rio Palenque æмæ бразилиаг палисандр хæрзрæссугъд хъæдæрмæгимæ, аразынц дзы зынаргъ мебель.




#Article 470: Ксанти (119 words)


Ксанти ( - Ксанти, , , раздæры Скеча) у Гречъы сахар, йе ’мном районы административон центр. Ксанти у историон бæстæ Ныгуылæн Фракийы æртæ ахсджиагдæр сахарæй иу (æндæр дыууæ сты Комотини æмæ Александруполис).

Ксантийы цæрджыты нымæц у 45 111 адæймаджы (2001).

Балканы Фыццаг хæсты фæстиуæгæн Ксанти (æмæ æппæт Ныгуылæн Фраки) бацыд Болгарийы скондмæ, æрмæстдæр Фыццаг дунеон хæсты фæстæ Ксанти сси Гречъы сахар. Болгари ногæй уыцы сахар фæкодта йæхи Дыккаг дунеон хæсты дæргъы (1941-æмæй 1944-æм азы онг), уымæй фæстæмæ æдзух уыдис Гречъы.

Ныртæккæ Ксантийы сахар у Болгарийы Смоляны сахары æфсымæрон сахар, дыууæ сахары Европæйы Цæдисы сконды иумæ кусынц регионы цæрджыты цард хуыздæр кæныныл. Дыууæ сахары ’хсæн арæзт æрцыд ног фæндаг, Родопты хæхты сæрты, фыццаг хæдтулгæтæ дзы цæуын райдыдтой 2009-æм азы кæрон.




#Article 471: 26 июлы змæлд (331 words)


Ном «26 июлы змæлд» цæуы фæсыкк уæвæг бабырст Монкады къазармæтæм — æфсæддон къазармæтæм сахар Сантьяго-де-Кубæйы, 1953-æм азы 26 июлы. Змæлд æрцыдис реорганизацигонд Мексикæйы 1955-æм азы революционерты къордæй, уыдонимæ уыдысты Фидель Кастро, Рауль Кастро, Камило Сьенфуэгос æмæ аргентинаг революционер Че Гевара. Сæ хæслæвæрд уыдис саразын организацигонд партизанон тыхтæ Батисты режим раппарынæн.

Рахызты раз сцагътой националон гимн, Фидель Кастро загъта цыбыр ныхас. Уый фæстæ, чысыл къордтыл адихтæгæнгæйæ райдыдтой донмæ гæппытæ кæнын. Разæй уыдис стыр, иу 2 км дæргъмæ, цыфдзаст — мангровæйы талахъæдимæ. Иуæй-иу рæтты адæм риуы онг ныгъуылдысты цъыфы. Ноджы ма рахызты сæрмæ тагъд фæзындысты Батистæйы хæдтæхджытæ. Фæлæ сын ам цъыфдзаст феххуыс кодта: тæхджытæ бал нæ бафиппайдтой. Че Гевара-иу фæстæдæр  мысыдис:

Æмбæхсæн — Сьерра-Маэстрæйы хæхтæм ма хъуыдис 40 км фылдæр, мин салдатæй фылдæр арвыста Батиста растджыты ныппырх кæнынмæ. Фæндæгтæ æрцыдысты æхгæд; алфамбылай алцыдæр æхст цыдис ныллæгтæхæг хæдтæхджытæй.

Рахызты архайджытæ адихтæ сты чысыл къордтыл, 2-3 адæймæгтыл, æмæ æххормагæй, æрдæгсуртæй, куыд фыста фæстæдæр Эрнесто Че Гевара, тухигæнгæ фæндаг арæзтой хæхты 'рдæм. 21 адæймаджы фæмардысты, бирæтæ уыдысты уацары ахст æмæ тæрхонæн лæвæрд.

Декабры кæрæтты амынд бынатмæ — хæхты сæфт Кресенсио Пересы цæрæнуатмæ бахæццæ сты афтиддæр 22 революционеры, дыууæ автоматимæ. Сæ астæу уыдысты: Фидель Кастро, Рауль Кастро, Эрнесто Че Гевара, Камило Сьенфуэгос, Рамиро Вальдес, Хуан Альмейда Боске, адон фæстæдæр Кубæйы революцион ивддзинæтты сæргъы æрлæудзысты.

Растджыты тох цадæггай райдыдта ивын æнæхъæн адæмы тохмæ режимы ныхмæ. «26 июлы змæлд» сси иумæйаг политикон организаци иууыл Кубæйы дзыллæтæн. Ацы змæлды 62 къорды архайдтой фæсарæнты, фыццаджыдæр АИШ-ы, астæуккаг Америкæйы æмæ Карибы бассæйны бæстæты. Æмбырд кодтой æхца, æлхæдтой хæцæнгарз æмæ адæмæн æмбарын кодтой революцийы нысантæ æмæ хæслæвæрдтæ.

Тох фæцис 1959-æм азы январы, растджыты æфсæдтæ 1 январы куы бацахстой Сантьяго, стæй ныгуылæны та Че Геварайы къорд бацыдысты сахар Санта-Кларæмæ. Æхсæвы Батиста фæлыгъдис Доминиканæйы Республикæмæ. 2 январы растджыты балтæ бахæццæ сты Гаванæмæ 6 январы та сæйраг сахармæ кадджынæй æрбацыдис Фидель Кастро.

Кубæйы хицауиуæг Фидельмæ куы æрхаудта уæд «26 июлы змæлд» баиу ис Адæмон-социалистон партиимæ æмæ «13 мартъийы революцион директоратимæ». Афтæ æрцыдис арæзт «Социалистон Кубæйы революцион иугонд парти», уый 1965-æм азты рацарæзтой Кубæйы коммунистон партимæ ().




#Article 472: Новруз (287 words)


Новруз (Навруз, Нооруз, Наурыз, Наврез)  — Now ruz, , , , , , , , , ) — уалдзæджы æмæ Ног азы бæрæгбон, ирайнаг, кавказаг æмæ тюркаг адæмыхæттытæм. Ном Навруз цæуы ( — Now ruz) ирайнаг æвзæгтæй æмæ телмацы дæтты «ног бон».

Бæрæг æй фæкæнынц уалдзыгон бонæмиасады рæстæг: 21-æм мартъийы Ираны, Астæуккаг Азийы республикæты æмæ Азербайджаны, паддзахадон бæрæгбоны хуызæн Таджикистаны (4 боны) æмæ Хъазахстаны 22-æм мартъийы, Узбекистаны æмæ Турчы — 21 мартъийы. Навруз ма у ног азы райдайæн бахаи къæлиндармæ гæсгæ.

Ноуруз (نوروز) — ирайнаг къæлиндары фыццаг бон, уалдзæджы райдайæн, аккаг у мæй Фарвардины (فروردین) Ормазд бонæн (21 мартъимæ æввахс); бонæмиасад — бон æмæ æхсæвы æмхуызонад; рæзт æмæ дидинæфтыды сезоны райдиан.

Ираны ацы бæрæгбоны дæргъ вæййы 13 боны, фыццаг фондз боны фæбæрæг кæнынц Новрузы æрцыд æмæ хæстæджытыл æмæ æмбæлдтыл фæзилынц. Дæсæм бон хуыйны Шахрйаран Ноуруз (Сахты Ноуруз), æртындæсæм бон та Сизда-бедар (سیزده به در) («Æртындæсæм хæдзары 'ттæ»).

Ноурузæн ис незамантæй истори. Поэмæ «Шахнамейы» (شاهنامه) йæ бæрæгкæныны райдиан баст цæуы Сах Джамшиды (جمشید) паддзахиуæджы райдайæнимæ (ардыгæй арæх пайдагонд цы номæй вæййы заратуштриæгты æхсæн — «Джамшиди Ноуруз», æмæ Сахты коронацийы традици).

Ныхас ноуруз фыццаг рабæрæг ис персайнаг равзæрæнты дыккæгæм æнусы фæлæ хъуыдтаг йæхæдæг бæрæггонд цыдис Ахаменидты династийы рæстæджы 648—330 æзты мах эрæйы агоммæ. Уыцы бæтты Персы империйы провинциты хицæуттæ хастой лæвæрттæ шахиншахæн.

Рагон æгъдаумæ гæсгæ Новрузы æрбацыдмæ адæм хъуамæ бафснайой сæ хæдзæртты мидæг æмæ алыварс, хæстæ иууылдæр бафидой.

Фæткон ритуал Новрузы у хафт сины (هفت سین) сарæзтад. Хафт син арæзт у авд хайæ, сæ нæмттæ та райдайынц дамгъæ Ц-йæ (S кæнæ Sîn (س) персайнаг алфавиты). 

Бæрæгбоны фынгыл æвæрд æрцæуынц тымбыл лауызгæндтæ мæнæуæй, хъæбæрхорæй, еууæй, нартхорæй, хъæдурæй, тымбылхъæдурæй, пырындзæй, кунжутæй. Новрудзы саразынц хæринæгтæ авд алыхуызон хæринаджы фылдæр зайæг продукттæй, тæккæ хъуыстгонддæр бæрæгбоны хæринаг у сумаляк — мæнæуы задæй арæзт хæринаг.




#Article 473: Хъарс (ил) (108 words)


Хъарс () у ил (провинци) Турчы цæгат-скæсæны. 

Уый фæстиуæгæн 1878-1881 азты 82 минæй фылдæр пысылмон уырнджытæ ралыгъдысты мидæггаг Туркмæ, уыдонæй 11 мины бæрц Хъарсы сахарæй. Уыцы иу рæстæг бирæ грекъæгтæ æмæ сомихæгтæ æрбалыгъди сахармæ Османты импери æмæ Фæскавказæй. 1892-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Хъарсы облæсты цардысты: уырыссæгтæ (7%), грекъæгтæ (13,5%), курдæгтæ (15%), сомихæгтæ (21,5%), туркæгтæ (24%), карапапахæгтæ (азербайджайнæгтæм хæстæг этникон къорд; 14%) æмæ туркменæгтæ (5%). Уырыссаг æрбалидзджыты ’хсæн удимингай малакантæ æмæ духобортæ, уый тыххæй æмæ сæ пехуымпартæм гæсгæ Арараты алфамбылай, дам, сæвзæрдзæн ног адæймагад.

Уæрæсейаг дуджы Хъарсы сахар тынг райрæзтис: 1878-æм азы дзы цардис 8,7 мин адæймаджы, 1914-æм азы та — 54 мин (ома уæды Дзæуджыхъæуы æмиас уыди).




#Article 474: Калак (Цæгат Ирыстон) (274 words)


Калак кæнæ Мамысон у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.

Къамцыхойæ Згъилы ’хсæн хуымгæнд зæххыты астæу Бубы комы доны рахиз былыл, стыр къуыппыл Калачы хъæуы цардысты Гайтæ, Кучитæ, Гаматæ, Тедетæ, Туатæ æмæ Елойтæ. Аппиты хуымтæ, Калачы хъугом, Хъæзджын хуым, Уæлцæндтæ æмæ Пæрæстаты хуымтæ уыдысты сæ цардыхос. Хъæзджын, Зæнгты, Мæсты, Бубы æмæ Хъарабæгъайы суæрттæ — сæ адджын нуазинæгтæ. Сæ уыгæрдæнтæ: Бубылæгъз, Къуырфытæ, Лолайы уыгæрдæн æмæ Цъыфтæ уыдысты æнцонгуыст. Хæстæг æмæ сойджын уыдысты сæ сæрвæттæ: Гайы хуссар, Джергаты къахыр, Рæгъаудон, Бубы ком, Гуылхæрæн, Басайы адаг æмæ Булкъаты къахыр. Бубы комы æмæ Хуыскъададжы дæттæ — сæ фарсмæ. Хъæуы астæу ма ис Калачы райдайæн скъолайы агъуыст. Хъæуы цæрæг адæм 1944 азы быдырмæ куы алыгъдысты, уæд скъола сæхгæдтой. Ныртæккæ дзы ис Зæрæмæджы турбазæйы бивуак. Зæрæмæгæй Шовмæ фистæгæй цæуæг 42-æм маршруты туристтæ æхсæвиуат кæнынц ам.

Бивуачы хицау у Гайты Тугъаны фырт Юрий; йæ размæ йæ фыд Тугъан цалдæр азы уыдис ацы куысты. Уымæн та йæ ныууагъта йæ фыд Ахберд. Ахберд 20 азæй фылдæр фæкуыста Калачы сæрмæ, Мамысоны æфцæгмæ хæстæг фæндаджы был Мухкъойы туристтæн цы хæдзар уыдис, уый хицауæй.

Уыцы бонты тыххæй Кировыхъæуы цæрæг Кучиты Бабо афтæ зæгъы: «Æз уæд мæ тæккæ лæппуйыл уыдтæн. Комахсæнты тæккæ хъызты æрбацыдысты æфсæддонтæ. Бæхæй, адæмæй сын бынæттæ куыннæ хъуыдаид. Алчи бахуыдта, цал лæджы фаг кодтой йæ агъуыстытæ, уал лæджы. Бæхтæн дæр бынæттæ, хос. Хæдзæртты чи нæ цыдис, уыцы æфсæддонтæ ма холлагдæтты дæр æрбынат кодтой. Мит уыдис æнæхъуаджы арф æмæ адæм, кæрæдзийы ивгæйæ, разæй æфсæрстой фæндаг, сæ фæстæ цыдысты бæхтæ, уыдоны фæстæ та дзоныгътæ æмæ сармадзантæ.

Мах цалдæр лæппуйæ барвæндонæй æфсæддонты хæссинæгтæй цас фæрæзтам, уый бæрц не ’ккæйтты ныххастам Глурмæ æмæ раздæхтыстæм фæстæмæ».

Цардысты дзы Гайтæ, Елойтæ, Тедетæ, Туатæ, Гаматæ, Айлартæ.

Калачы ис 3 сыхы:




#Article 475: Суворов, Александр Василийы фырт (1314 words)


Александр Василийы фырт Суворов () райгуырдис 1729-æм азы Мæскуыйы афсæддоны хæдзары. Йæ фыд Василий Иваны фырт Суворов инæлар æмæ сенатор — уыдис ахуыргонд адæймаг, фыццаг æфсæддон дзырдуаты автор, Пётр I та йæ номæвæрæг уыдис. Александры мад Авдотья Манукова, куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ уыдис, чи суырыссаг, ахæм сомихаг мыггагæй. Потёмкин-Таврический хуымæтæджы нæ фыста, зæгъгæ, «солдатские шутки Александра Васильевича явно отзывают кавказским балагурством...».

Мыггаджы равзæрды тыххæй таурæгъмæ гæсгæ, Суворовтæ рацыдысты шведаг уæздан мыггагæй. Суворов йæхæдæг йæ автобиографийы куыд фыста, афтæмæй сæ фыдæл Сувор Уæрæсемæ ’рбафтыдис 1622-æм азы æмæ ам цæргæйæ баззад.

Суворовыл ном Александр сæвæрдтой Александр Невскийы кадæн. Рæзыдис хъæуы. Уыдис лæмæгъ, арæх кодта рынчынтæ. Йæ фыд æй цæттæ кодта граждайнаг службæмæ. Фæлæ гыццылæй фæстæмæ лæппуйы зæрдæ æхсайдта æфсæддон хъуыддагмæ, йæ фыдæн хъæздыг библиотекæ уыдис, æмæ сæ пайда кодта, ахуыр кодта артиллери, фортификаци, æфсæддон истори. Æфсæддон уæвын сфæнд кæнгæйæ, райдыдта йæхи фæлтæрын. Йæ хъысмæтыл тынг фæзындис инæлар Ганнибалы æндæвдад, уый уыдис Суворовы бинонты хæлар. Уый загъта Василийæн, цæмæй йæ фыртæн равзара æфсæддон карьерæ.

Аст мæйы фæстæ нысангонд æрцыдис Смоленсчы, Суздалы æмæ Нижегородскы мушкетерты полкътæй арæзт бригады командирæй æмæ йæ арвыстой Польшæйы хæсты архайынмæ. 30 бонмæ бригад ацыдис 850 версты. Хъæу Ореховойы цур Суворовы æфсæдтæ фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл. Уый уыдис 1769-æм азы сентябры.

Польшæйы кампанийы æппæты стырдæр сгуыхтдзинад бафтыдис Суворовы къухы, 900 адæймаджы кæм уыдис, ахæм къордимæ 1771-æм азы гетмæн М. Огинскийы корпусыл (5 мин хæстоны) куы фæуæлахиз, уæд. Уырыссæгтæй фæхъуыдис 80 адæймаджы, польшæйæгтæй та — иу мин мæрдтæй, 700 та дзы бахаудысты уацары. Польшæйы фыццаг кампанийы Суворовьы фæстаг сгуыхтдзинад уыдис Краковы фидар байсын. Уый бацахстой францаг дæлбулкъон Шуазийы æфсæдтæ. Æртæ мæйы бæрц фесты æрхъулайы, стæй радтой сæхи. Уыцы уæлахизы тыххæй Екатеринæ II Суворовæн радта 1000 сыгъзæрин сомы, 10 мин сомы та йын барвыста, Краковы фидар байсыныл тохы чи архайдта, уыдоныл сæ байуарыны тыххæй.

Суворовы арæхстджын архайды фæрцы рæхджы Уæрæсейы æфсад фæуæлахиз польшæйæгтыл, æмæ Польшæ фыццаг хатт æрцыдис дихгонд.

Инæлар Суворов æмбисонды сгуыхтдзинæдтæ равдыста туркæгтимæ хæсты дæр Балканты. Уырдæм ацыдис 1773-æм азы апрелы. 6 майы æрвыст æрцыдис фидар Туртукай хæстбæрæг (уырыс. разведка боем) акæнынмæ. 10 майы хъæддых фæлæууыдис туркæгты атакæты ныхмæ æмæ сфæнд кодта æвæстиатæй фидармæ æвиппайды бабырсын. Турчы æфсæдтæ уый æнхъæл нæ уыдысты уырыссæгтæй æмæ фæхæрд сты. Туртукай ист æрцыдис къаддæр тыхтæй æмæ чысыл зиантимæ. Суворов хæсты фæцис уæззау цæф. Æфсадхон æнæбафæрсгæйæ кæй архайдта, уый тыххæй йыл балæвæрдтой тæрхондонмæ. Æфсæддон коллеги йын рахаста марыны тæрхон, фæлæ йæ Екатеринæ дыккаг не сфидар кодта, ныффыста йыл: «Победителей не судят».

Уæрæсейы æфсæдты разамынд не спайда кодта Суворовы уæлахизæй, æмæ Турчы æфсæдтæ ногæй бацыдысты Туртукаймæ æмæ йæ райдыдтой фидар кæнын. 17 июны Суворов ногæй дыккаг хатт бабырста фидармæ æмæ та йæ байста, кæд се знæгтæ цыппар хатты фылдæр уыдысты, уæддæр. Уыцы уæлахизы тыххæй Суворовы схорзæхджын кодтой Сыгъдæг Георгийы дыккаг къæпхæны орденæй.

Уый фæстæ уыдысты сахартæ Гирсовойы æмæ Козлуджийы цур хæстæмбæлдтытæ. Уыдон дæр ахицæн сты Суворовы уæлахизæй.

Уавæр куы фæхуыздæр ис æрдæгсакъадахыл, уæд Суворов райста отпуск æмæ рацыдис Полтавæмæ йæ бинонтæм. 1777-æм азы йæ снысан кодтой Кубаны корпусы командæгæнæгæй, йæ размæ æвæрд æрцыдис арæнтæ хъахъхъæныны хæс. Цыбыр рæстæгмæ бафидар кодта Уæрæсейы хуссайраг арæнтæ.

Полтавæ, Новороссийск, Астрахань, Казань, ногæй та Кубань — уыдон уыдысты А.В. Суворовы дарддæры службæйы бынæттæ. Ногъайаг тæтæйрæгты Уæрæсемæ кæй æрбаиу кодта, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Сыгъзæрин Владимиры орденæй.

Измаил штурмæй райсыныл тохы Уæрæсейы æфсадæй фæмард ис 4 мин адæймаджы, 6 мины та цæфтæ фесты. Турчы æфсадæй уым фæмард ис 26 мин хæстоны, 9 мины та дзы бахаудысты уацары.
Цæугæдон Рымникы цур хæсты фæуæлахизы тыххæй ма Суворовы схорзæхджын кодтой Сыгъзæрин Георгийы 1 къæпхæны орденæй, Австрийы император та йын радта графы титул. Уыцы хæсты фæмард 20 мин туркаджы, цæдисон æфсæдтæй та 600 адæймаджы (400 австриаджы æмæ 200 уырыссаджы).

Инæлар Г.А. Потемкины амарды фæстæ 1792-æм азы Уæрæсейы æфсæдтæн хуссары командæгæнæгæй снысан кодтой А.В. Суворовы — Екатеринославы æмæ Таврийы облæстыты. Бахæс ын кодтой Уæрæсе æмæ Турчы ’хсæн арæн бафидар кæнын. Æмæ та уыцы хæс дæр сæххæст кодта.

Дыууæ азы фæстæ та йæ арвыстой Подолимæ Польшæйы дыккаг кампанимæ бацæттæ кæныны тыххæй. Ногæй та тохтæ, ногæй та уæлахизтæ. Хæст куы фæци, уæд Суворов императрицæ Екатеринæ II-мæ арвыста фыстæг, уыдис дзы æртæ ныхасы: «Ура! Варшава наша!» æмæ æртæ ныхасæй райста дзуапп «Ура! Фельдмаршал Суворов». Уый уыдис Уæрæсейы æфсады æппæты уæлдæр чин.

Екатеринæ II куы амардис, уæд ын йæ бынат бацахста Павел I. Нæ бафидыдта пруссаг æфсæддон системæйы фарсхæцæг императоримæ Суворов. Уый салдæтты ахуыр кодта йæхирдыгонау. Дзырдта: «Русские прусских всегда бивали, что ж тут перенять?», «Пудра не порох, букля не пушка, коса не тесак, и я не немец, а природный русак». Смæсты йæм ис император æмæ йæ отставкæйы арвыста. Æрцардис Кобрины, йæ зæхмулкдоны (уырыс. имение), мæйы фæстæ йæ арвыстой Новгороды губернæйы хъæу Кончанскмæ цæрынмæ. Кобрины йемæ цы афицертæ уыдис, уыдоны æрцахстой.

Хъæуы цæргæйæ, Суворовы æнæниздзинад февзæрдæр, райдыдта æнкъард кæнын æмæ сфæнд кодта моладзандонмæ ацæуын. Ныффыста курдиат Павел I-мæ. Дзуапп нæ райста. 1798-æм азы 6 февралы Кончанскы хъæумæ æрцыдис флигель-адъютант Толбухин æмæ æрласта Суворовæн фыстæг императорæй: «Граф Александр Васильевич! Теперь нам не время рассчитываться. Виноватого Бог простит. Римский император требует вас в начальники своей армии и вручает вам судьбу Австрии и Италии...».

Европæйы бæстæты уавæр карздæр кодта. Наполеон сæ мæты баппæрста. Уыцы аз сентябры Суворовмæ æрцыдис йæ рагон зонгæ инæлар-майор Прево де Люмина. Уырдæм æй арвыста император Павел I, цæмæй, францæгты ныхмæ нырыккон уавæрты куыд хæцын хъæуы, уый тыххæй Суворовы хъуыды базона. Фельдмаршæл ын бацамыдта, Наполеоны ныббырсты стратегийæн дзуапп радтыны тыххæй фараст «хосы», фараст æгъдауы.

Уыцы аз Уæрæсе бацыдис Францы ныхмæ дыккаг коалицимæ (Англис, Австри, Турк, Неополийы къаролад). Арæзт æрцыдис Уæрæсейы æмæ Австрийы æфсæддонтæ иумæ кæм уыдысты, ахæм иугонд æфсад Цæгат Италимæ стæры ацæуыны тыххæй. Уый бацахстой Францы æфсæдтæ. Фыццаг иугонд æфсады сæргъы пълан кодтой эрцгерцог Иосифы сæвæрын, фæлæ Англисы домæнмæ гæсгæ Австри бахатыд Павел I-мæ, цæмæй æфсадæн командæгæнæгæй снысан кодтаид Суворовы. Хаст æфсадхон Венæмæ бахæццæ ис 14 мартьийы. Австрийы император Франц I Суворовæн радта йæ паддзахады фельдмаршæлы чин. 4 апрелы æфсады командæгæнæг æрхæццæ ис уырысы æфсæдтæм Веронæмæ, иннæ бон æфсадимæ бахæццæ ис Валеджиомæ.

Суворовы æфсады уыдис 80 мин адæймаджы. Францæгтимæ сæ фыццаг хæстон фембæлд уыдис Италийы зæххыл 10 апрелы сахар-фидар Брешиайы (уыцы тохы фесгуыхтис инæлар-майор, къниаз Багратион). 15 апрелы байстой сахар Лекко. 16 апрелы райдыдта тохты сæйрагдæр цæугæдон Аддæйы былгæрон. Уæрæсейы æфсæдтæ бахызтысты доны иннæ фарсмæ æмæ ныддæрæн кодтой зындгонд æфсадхон Жан Моройы æфсæдты. Æртæ мин адæймаджы фæмард францæгтæй, фондз мины та дзы уацары бахаудис. Цæугæдон Аддæйыл хæсты кæронбæттæн къæпхæн уыд Вердериойы цур тох. Инæлар Серрюрье уацары радта Францы дивизи.

Италийы стæры фæрцы цыбыр рæстæгмæ Цæгат Итали фервæзт Францы æлдариуæгæй. Цæдисонты уæлахизтæ къухы бафтыдысты, сæйрагдæр, Уæрæсейы æфсады бæрзонд моралон-хæстон миниуджыты руаджы æмæ Суворовы хæстон курдиаты, стæй йæ арæхст æмæ фæлтæрддзинады руаджы.

Цæгат Итали ссæрибар кæныны фæстæ Суворовы фæндыдис Францмæ бафсæрын, сæйраг цæф æмæ тыхтæ Гренобль, Лион æмæ Парижмæ саразгæйæ. Фæлæ уыцы фæндонæй ницы рауадис æмцæдисонты аххосæй. Уыдон тарстысты, Зæххастæу денджызы районы æмæ Италийы Уæрæсейы æндæвдад куы стыхджын уа, уымæй. Англис æмæ Австрийы бафæндыдис, цæмæй Уæрæсейы æфсад рацæуа Италийæ Швейцаримæ, уым баиу уа А.М.Римский-Корсаковы корпусимæ æмæ уырдыгæй ныббырста Францмæ.

Æхсæз суткæмæ Уæрæсейы æфсæдтæ ацыдысты 150 километры Александрийæ Таверномæ. Ам сбæрæг, австриæгтæ сæ дзырдæн хицау кæй нæ разындысты, уый. Хъуамæ сын уырдæм, Таверномæ, æрбахæццæ кодтаиккой 1429 хæргæфсы сæ мулк, фæллой æмæ артиллери аласыны тыххæй. Цыппар боны фæстæ æрбахæццæ кодтой æрмæст 650 хæргæфсы. Уæдмæ уырыссæгтæ сæ артиллери æмæ уæрдæттæ арвыстой æндæр фæндагыл. Австрийы афицертæ сæ асайдтой Францы æфсады тыххæй бæрæггæнæнтæ дæтгæйæ æмæ, цад Люцерны былгæрæтты къахвæндаг кæй цæуы, уымæй. Нæ дзы уыдис къахвæндаг.

Æфсады хойраг æмæ нæмгуытæ фæуд кодтой, уæлæйы æмæ къахыдарæстæ баихсыдысты, салдæттæ æмæ афицертæй бирæтæ уыдысты бæгъæввад. Фæстаг австриаг бригад фæстæмæ куы раздæхтис, уæд Суворов алыг кодта æфсад Панкисы рагъыл рахизын кæнын æмæ Рейсы дæлвæзы Римский-Корсаковы корпусы баззайæццæгты æрбаиу кæнын. Фæстаг фæлварæн уыдис Панкисы хохы сæрæй бынмæ æрхизын (уый сныв кодта фæстæдæр Суриков: «Переход Суворова через Альпы»). 1799-æм азы октябры райдайæны уырысы æфсад æрбахæццæ ис Австрийы сахар Фельдкирхмæ. Ууыл ахицæн Суворовы стæр Швейцаримæ. Æмбал кæмæн нæй, ахæм зындзинæдтæ æмæ лæгдзинадæй æххæст стæры тыххæй Суворовæн лæвæрд æрцыдис генералиссимусы чин. Уый уыдис Уæрæсейы цыппæрæм генералиссимус.

Суворов стыр бавæрæн бахаста æфсæддон зонадмæ, фæхъæздыгдæр æй кодта йæ хæстон-теоретикон æмæ практикон фæллæйттæй.
Бетъырбухы, Мæскуыйы æмæ йын Севастополы æвæрд æрцыдис цыртдзæвæнтæ.




#Article 476: Чахкиев, Саид Идрисы фырт (122 words)


Чахкиев Идрисы фырт Саид (; райгуырдис 1938-æм азы 22 январы Насыр-Корты, амардис 2008-æм азы октябры) у мæхъхъæлон фыссæг, поэт, драматург, культурæйы архайæг. 1963-æм азæй фæстæмæ уыдис ССРЦ-ы Фысджыты цæдисы уæнг.

Фыста сывæллæттæн (уырыссаг тæлмацы рацыдис йæ чиныг «Идиг, Мадиг æмæ гыццыл чызг» (), æппæлыдæуыдис йæ поэтикон сфæлдыстад. Мæхъхъæлон æвзагмæ тæлмац кодта дæсгай авторты æмдзæвгæтæ.

Чахкиев ныффыста æртæ романы: «Сыгъзæрин цæджындзтæ» (, 1963, мæхъхъæлон литературæйы фыццаг роман), «Æрмæстдæр афтæ» (, 1967) æмæ «Бирæгъты æхсæвтæ» (, 1970).

Чахкиев куыста бирæ бæрнон бынæтты, уыдоны ’хсæн: Мæхъхъæлы ахсджиагдæр газет «Сердало»-йы сæйраг редактор, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы радио æмæ телеуынынады комитеты сæйраг редактор, куклаты республикон театры директор, альманах «Хæхты райсом»-ы («Лоаман Iуйре») сæйраг редактор, сывæллæтты журнал «Арвырон»-ы («СелаIад») сæйраг редактор, Мæхъхъæлы Республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар, Мæхъхъæлы Республикæйы культурæйы министр.




#Article 477: Бембо, Пьетро (179 words)


Пьетро Бембо (; райгуырдис 1470-æм азы 20 майы, Венецийы — амардис 1547-æм азы 18 январы, Ромы) уыдис италиаг гуманист, кардинал æмæ ахуыргонд.

Пьетро Бембо райгуырдис Венецийы кадджын патрицион бинонты ’хсæн. Йæ фыццаг ахуыргæнæг уыдис йæ фыд Бернардо Бембо. Бернардо уыдис гуманистон традицитыл хæст адæймаг, йæ рæстæджы ахста бæрзонд бынæттæ Венецийы республикæйы.

Бембойы стыр литературон бынты ’хсæн зынгæдæр бынат ахсынц «Азолойæгтæ» (уырыссагмæ тæлмацгонд сты куыд «Азоланские беседы»). Ацы уацмыс арæзт у прозæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст диалогтæй италиаг æвзагыл. Фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыдис 1505-æм азы, фæлæ фæлæ фыссæг сыл куыста дарддæры азты дæр. XVI æнусы чиныг мыхуыры рацыдис 20 хаттæй фылдæр, æмæ Европæйы æппæт культурон адæмы ’хсæн ссис тынг зындгонд. Йæ уацмысæй Бембо ссардта номдзыд Лукреция Борджиайы ном. Гæнæн ис, æмæ ацы сылгоймаг сразæнгард кодта фыссæджы «Азолойæгты» сфæлдисынмæ.

Бембо ма зындгонд у куыд италиаг æвзаджы фарстатæ иртасæг. «Прозæйæ фыст тæрхæттæ адæмон æвзаджы тыххæй» (уырыс. «Рассуждения в прозе о народном языке», 1525), зæгъгæ, йæ уыцы трактаты уый рахæцыдис тосканæйаг диалекты сæрыл. Фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ уыцы ныхасыздæхт уыдис литературон италиаг æвзаджы бындур, æмæ сидтис ахуыргонд адæймæгтæм, цæмæй пайда кодтаиккой Петраркæ æмæ Боккаччойы æвзагæй.




#Article 478: Тет (222 words)


Тет (, æххæст ном Тет Нгуен Дан ) фылдæр хъуыстгонд у йæ цыбыргонд ном Tet-æй, у тæккæ ахсджиагдæр æмæ популярондæр бæрæгбон Вьетнамы. Уыцы бæрæгбон у Вьетнамы Ног аз мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Китайы æмæ Вьетнамы бæрæгбон Тет бæрæг кæнын райдайынц азы фыццаг райсом куы æрлæууы уæд йæ ном та райста китайаг символтæй 节元旦.

Тет фæбæрæг кæнынц иу рæстæджы китайаг Ног азимæ. Бæрæгбон байдайы фыццаг мæйы фыццаг бонæй, мæйы къæлиндармæ гæсгæ (январы кæронмæ кæнæ фæвралы райдиантæм æввахс) æмæ цæуы æртæ боны. Тет фæбæрæг кæнынц бирæтæ — чи фæзмыны сæ китайаг фыдæлты æгъдæуттæ. Вьетнамæгтæй бирæтæ бæрæгбонмæ цæттæ кæныны рæстæг аразынц сæрмагонд хæринæгтæ æмæ æфснайынц хæдзар. Ис бирæ хъуыддæгтæ кæдон фæаразынц бæрæгбоны фæткмæ гæсгæ, зæгъæм хæдзарæй фыццаг ракъахдзæф ног азы фыццаг бон (xông nhà), фыдæлты зæрдыллæууæн, ног азы арфæтæ, лыстæг згъæрæхцатæ фæуарынц сывæллæттæн æмæ зæрæдтæн, байгом вæййы бæрæгбоны базар.

Тет ма ноджы æфсон вæййы уазæгуæтты цæуын æмæ бинонтæн бæрæгбон саразынæн. Теты рæстæг вьетнамæгтæ хъуамæ бабæрæг кæной сæ хæстæджыты æмæ кувæндæттæ, ферох кæной зæронд азы проблемæтæ æмæ зæрдæ дарой, ног аз сын хорздзинæдтæ кæй æрхæсдзæн, ууыл. Афтæ нымад у æмæ ма Теты бæрæгбоны фыццаг бон у уалдзæджы райдайæн æмæ ма йæ уымæн арæх фæхонынц Hội xuân (Хой суан), тæлмацы дæтты «Уалдзæджы бæрæгбон».

С 1975-æм азæй 2100-æм азмæ ис афтиддæр цыппар цæвиттоны, мæймæ гæсгæ Ног аз Вьетнамы æмæ Китайы иу рæстæгмæ куы не 'рхауынц уæд, мæнæ уыцы датæтæ:




#Article 479: Андтæ (2992 words)


Андтæ, Андты Кордильерæ () — Зæххы тæккæ даргъдæр æмæ тæккæ бæрзæнддæртæй иу (хох Аконкагуæ, 6962 м) хæххон системæ, цæгатæй æмæ ныгуылæнæй æнæхъæн Хуссар Америкæ мæскъ æркæны. Ранæй-рæтты Андты уæрæх хæццæ кæны 500 км онг (тæккæ уæрæхдæр ран ис Астæуккаг Андты 18° æмæ 20° х.у. астæу — 750 км æввахс). Астæуккаг бæрзæнд — 4000 м. æввахс.

Андтæ сты егъау æмденджызон донхатæн; Андтæй скæсæны ’рдæм кæлынц Атлантикон фурды бассейны цæугæдæттæ, Андты йæ райдайæн ис Амазонкæйæн æмæ ма йæ дынджыр фæрсагдæттæй бирæтæн, ноджы ма Оринокойы фæрсагдæттæн: Парагвайæн, Паранайæн, Магдаленайæн стæй ма Патагонийы цæугæдæттæн дæр. Ныгуылæны ’рдæм та Сабыр фурды систæмæйы цæугæдæттæ кæлынц (фылдæр цыбыртæ).

Андтæ сты Хуссар Америкæйы ахсджиагдæр климæтон барьер, Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæнырдыгæй цы территоритæ ис уыдонмæ нæ уадзы Атлантикон фурды æндæвд, хуссары ’рдыгæй уæвæг территоритæм та Сабыр фурды тæваг нæ хæццæ кæны. Ацы хæхтæ æвæрд сты 6 климæтон роны (экваториалоны, цæгат æмæ хуссар субэкваториалоны, хуссар тропиконы, субтропиконы æмæ ромылы) æмæ хицæн кæнынц (уæлдайдæр астæуукаг хайы) карз контрасттæй, скæсæн æмæ ныгуылæн фæхсытæ куыд уымæлгонд цæуынц, уымæй.

Дзæвгар дæргъвæтин кæй сты, уымæ гæсгæ Андты хицæн ландшафтон хæйттæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Уæлцары кондмæ æмæ æндæр æрдзон хицæндзинæдтæм гæсгæ иртасынц æртæ сæйрагдæр регионы — Цæгаты, Централон æмæ Хуссары Андтæ.

Андтæ сæхи айтыгътой Хуссар Америчы авд бæстæйыл — Венесуэлæйыл, Колумбийыл, Эквадорыл, Перуйыл, Боливийыл, Чилийыл æмæ Аргентинæйыл.

Италиаг историк Джованни Анелло Оливайы (1631) бæрæгдзырдтæм гæсгæ фыццаджы-фыццаг европæйаг тыхæйбайсджытæ «Андтæ кæнæ Кордильерæтæ» хуыдтой скæсæйнаг рагъ, ныгуылæн та хуыдтой «сьеррæ» («sierra»).

Андтæ — æндидзын конд хæхтæ сты, амад æрцыдысты ног уæлæмæ сыстытæй Анды (Кордильеры) дагъ геосинклиналон рон-ы бынаты; Андтæ сты дунейы тæккæ егъаудæр альпон дагъджын системæтæй иу (палеозойон æмæ иуырдыгæй байкалаг дагъджын бындурыл). Андты сарæзтаты райдайæн хауы юраг рæстæгмæ. Анды хæххон системæйæн характерон сты триасы рæстæджы цы трогтæ фæзындис уыдон, фæстæдæр байдзаг сты баддзæг æмæ вулканон породæты сывæлдæгтæй. Сæйраг Кордильерæйы егъау массивтæ æмæ Чилийы былгæрæттæ, Донбыл Кордильерæтæ Перуйы фæлгондзынц сæхицæй гранитоидон интрузитæ, мелон периоды кары сты. Æхсæнхæххон æмæ былон къæдзтæ (Альтиплано, Маракайбо æмæ а.д.) сæвзæрыдысты палеогены æмæ неогены рæстæджы. Тектоникон змæлдтæ цæуынц суанг мах дуджы дæр. Уый уымæн афтæ уайы æмæ Хуссар Америкæйы сабырфурдон донбылты цæуы субдукцийы зонæ: Къæйтæ Наскæ æмæ Антарктикон бацыдысты Хуссар-Америкаг къæйы бынмæ, уый та ахъаз кæны хохæвзæрæн процесстæн. Хуссар Америкæйы кæройнаг хуссайраг хай, Артон зæхх, трансформон асастæй хицæнгонд у къаннæг Скотийы къæййæ. Дрейкы æрбакæлæны фæстæ Андты дарддæр кæнынц Антарктикон æрдæгсакъадахы хæхтæ.

Андтæ хъæздыг сты сæйрагдæр хуызджын згъæрты æрзæдтæй, ис дзы ванадий, вольфрам, висмут, къала, зды, молибден, цинк, мысты марг, сурьма æмæ а.д. Сæ гуырæн бынæттæ баст сты сæйрагдæр скæсæн Андты палеозойон структурæтæм æмæ рагон вулканты хъуыртæм; Чилийы территорийы — дынджыр æрхуыйы гуырæн бынæттæ. Ис нефть æмæ æрдзон газ (Андты хохрæбынты Венесуэлæйы, Перуйы, Боливийы, Аргентинæйы). Андты ма ис æфсæйнаджы гуырæн бынæттæ (Боливийы), натрийы тæгъзы (Чилийы), сыгъзæрин, платинæ æмæ изумрудты гуырæн бынæттæ (Колумбийы).

Андтæ арæзт сты сæйрагдæр меридианон паралелон рæгътæй: Скæсæны Андты Кордильерæтæ, Централон Андты Кордильерæтæ, Ныгуылæн Андты Кордильерæтæ, Донбылон Андты Кордильерæтæ, сæ астæуты æвæрд æрцыдысты мидæггаг уæлвæзтæ æмæ платотæ (Пуна, Альтипано — Боливийы æмæ Перуйы) кæнæ æххæлтæ. Хæххон системæйы уæрæх у рæстæмбис бæрæггæнæнтæм гæсгæ 200–300 км.

Андты сæйраг системæ арæзт у меридиалон ’здæхт параллелон рæгътæй, кæрæдзийæ дих кæнынц мидæггаг уæлвæзтæй æмæ тæрфтæй. Афтиддæр Венесуæлæйы гæрæнты сæхи цы Карибы Андтæ айтыгътой (хауынц Цæгат Андтæм) уыдон æвæрд цæуынц цæхгæрмæ Карибы денджызы донгæрæтты. Цæгаты Андтæм ма хауынц уымæй уæлдай Эквадоры Андтæ æмæ Цæгат-Хурныгуылæйнаг Андтæ (Венесуэлæйы ныгуылæны æмæ Колумбийы). Цæгаты Андты уæллоздæр хохы рæгътæ сæхиуыл хæссынц къаннæг æрыгон цъититæ, вулканы конустыл та — æнусон миттæ. Сакъадæхтæ Арубæ, Бонайре, Кюрасао Карибы денджызы сты æцæгæй Цæгаты Анды байзæддæгтæ, донмæ куы ныййирвæзынц, уæд ма дзы уæлдон цы бæрзонд цъуппытæ аззайы уыдон.

Цæгат-Ныгуылæйнаг Андты æвзарынц æртæ сæйраг Кордильеры — Скæсæйнаг, Централон, æмæ Ныгуылæйнаг. Иууылдæр сты бæрзонд, уырдыг фæхстимæ æмæ сæ арæзт у дагътæ стыр къæрттæй арæзт. Характерон сын сты ног рæстæджы асæстытæ, æмбарынæдтæ. Сæйраг Кордильерæтæ дихгонд сты егъау тæрфтæй — цæугæдæтты Магдаленæ æмæ Кауки — Патийы дæлвæзтæй.

Скæсæн Кордильерæ у тæккæ бæрзонддæр йæ цæгат-скæсæйнаг хайы (хох Ритакубæ-Бланко, 5410 м); Скæсæны Кордильерæйы асту — незаманы цадон плато (2,5–2,7 мин.м.); æнæуый ацы Кордильерейæн характерон у дынджыр уæлцъары растгонд æмвæзæдтæ. Уæлдæр хæхты — цъититæ. Цæгатырдыгæй Скæсæны Кордильерæйы адарддæр кæнынц рæгътæ: Кордильеру-де-Меридæ (уæлдæр цъупп — хох Боливар, 4981 м) æмæ Сьерру-де-Периха (йæ бæрзонд хæццæ кæны 3540 м); ацы дыууæ рагъы астæу уæрæх дæлвæзон тæрфы хуыссы цад Маракайбо. Кæройнаг цæгаты — горстон массив Сьерра-Невада-де-Санта-Мартæ йæ бæрзæндтæ æфтынц 5800 м (хох Кристобаль-Колон).

Цæугæдон Магдаленæйы дæлвæз хицæн кæны Скæсæн Кордильерæ Централонæй, иннæтимæ абаргæйæ у нарæг æмæ бæрзонд; Централон Кордильерæйы (уæлдайдæр йæ хуссайраг хайы) ис бирæ вулкантæ (Невадо-дель-Уилæ, 5365 м; Невадо-дель-Руис, 5400 м; æмæ æнд.), иутæ дзы архайгæ сты (Кумбаль, 4764 м). Астæумæ Централон Кордильерæ иуцасдæр фæдæлдæр вæййы æмæ дзы рауайы Антьокийы массив, у тынг дихтæгонд цæугæдæтты дæлвæзтæй.

Ныгуылæны Кордильерæ Цæнтралонæй дих цæуы цæугæдон Каукæйæ æмæ йæ бæрзæндтæ къаддæр сты (4200 м онг); Ныгуылæны Кордильерæйы хуссары — вулкантæ, Дарддæр ныгуылæны ’рдæм ныллæг (1810 м онг) рагъ Серранию-де-Баудо, дарддæр цæгаты аивы Панамæйы хæхтæм. Цæгатаг æмæ ныгуылæны Цæгат-Ныгуылæйнаг Андтæй — Карибы денджызон æмæ Сабырфурдон аллювеалон дæлвæзтæ.

Экваториалон (Эквадоры) Андтæ хæццæ кæнынц 4° х.у. æмæ сæм хауынц дыууæ Кордильеры (Ныгуылæны æмæ Скæсæны), сæ астæу дæлвæзтæ 2500–2700 м онг. Ацы дæлвæзтæн сæ арæнтæ цы асæстытæ ис, уыдоны дæргъы æрбынат кодта дунейыл тæккæ бæрзонддæртæй кæцы у, ахæм вулканон баст (тæккæ бæрзонддæр дзы сты вулкантæ Чимборасо, 6267 м, Котопахи, 5897 м). Ацы вулкантæ æмæ ма Колумбийы вулкантæ иумæйагæй хауынц Андты фыццаг вулканты бæстæмæ.

Централон Андты (28° х.у. онг) дих кæнынц Перуйы Андтæ (хуссарырдæм хæццæ кæнынц 14°30́ х.у. онг) æмæ Цæнтралон Андты сæхи. Перуйы Андты æрæджиау сбæрзæндты тыххæй æмæ цæугæдæтты (егъаудæртæ дзы Мараньон, Укаяли æмæ Уальяги хауынц уæллаг Амазонкæйы системæмæ) интенсивон куысты тыххæй рауадысты параллелон рæгътæ (Скæсæны, Централон æмæ Ныгуылæны Кордильерæтæ) æмæ арф дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ каньонты системæтæ. Перуйы Андты бæрзонддæр цъуппытæ 6000 м фæуæлдæр сты (уæлдæр тæпп хох Уаскаран, 6768 м); Кордильера-Бланкайы нырыккон ныйихдзинад (уырыс. оледенение). Альпон уæлцъары скæндтыты формæтæ ма парахат сты дыркъуым ръæгтыл — Кордильера-Вильканотæ, Кордильера-де-Вилькабамбæ, Кордильера-де-Карабая.

Хуссарырдæмдæр лæууы Андты тæккæ уæрæхдæр хай — Централонандийы уæлхох (йæ уæрæх 750 км онг), уым фылдæр сты аридон геоморфологион процесстæ; уæлхохы фылдæр хай ахсы тъæпæнхох Пуна йæ бæрзæндтæ 3,7–4,1 мин м. Пунайæн характерон сты æнæакæлæн тæрфтæ («больсонтæ»), ахст æрцыдысты цадтæй (Титикакæ, Поопо æмæ а.д.) æмæ цæхдзæстытæй (Атакамæ, Койпаса, Уюни æмæ а.д.). Пунайæ скæсæнырдæм — Кордильера-Реаль Анкоумайы цъупп, 6550 м) тыхджын нырыккон ныйихдзинадимæ; плато Альтиплано æмæ Кордильера-Реалы астæу, 3700 м бæрзæндыл сахар Ла-Пас, Боливийы сæйраг сахар — дунейы тæккæ уæлхохагдæр. Кордильера-Реалæй скæсæнырдæм — Скæсæн Кордильерæйы субандийы дагъгонд рæгътæ, хæццæ кæнынц 23° х.у. онг. Кордильера-Реалы хуссайраг дарддæрдзу у Цæнтралон Кордильерæ æмæ ма цалдæр стыркъуыбарджын массивы (уæлдæр тæпп хох Эль-Либертадор, 6720 м). Ныгуылæнырдыгæй Пунайы фæлгæт кæны Ныгуылæн Кордильерæ интрузивон цъуппытимæ æмæ бирæнымæцон вулканон бæрзæндтимæ (Сахамæ, 6780 м; Льюльяйльяко, 6723 м; Сан-Педро, 6159 м; Мисти, 5821 м; æмæ а.д.), хауынц Андты дыккаг вулканты бæстæмæ. 19° х.у.-æй хуссарырдæм Ныгуылæн Кордильерæйы фæхстæ рацæуынц дæргъмæ дæлвæзы тектоникон ныххаудмæ, йæ хуссар йын ахсы æдзæрæгран Атакамæ. Дæргъмæ дæлвæзы фæстæ — ныллæг (1500 м онг) интрузивон Донбылон Кордильерæ, уымæн характерон сты арридон уæлцъары скæндтытæ.

Пунайы æмæ Цæнтралон Андты ныгуылæйнаг хайы — тынг бæрзонд миты хахх (ранæй-рæтты 6500 м уæлдæр), уымæ гæсгæ мит бæрæггонд æрцыдис афтиддæр тæккæ уæлдæр вулканон конустыл, цъититæ та ис афтиддæр Охос-дель-Саладойы массивты (сæ бæрзонд 6880 м онг).

Хуссары Андтæ сæхи айтыгътой 28° х.у.-æй хуссары ’рдæм, дих сæ фæкæнынц дыууæ хайыл — цæгатаг (Чилийы-Аргентинæйы кæнæ Субтропикон Андтæ) æмæ хуссайраг (Патагонийы Андæ) хæйттыл. Чилийы-Аргентинæйы Андтæ хуссарырдæм хæццæ кæнынц æмæ снарæг вæййынц 39°41́ х.у., дзæбæх зыны сæ æртæхуызон конд — Донбылы Кордильерæ, Дæргъмæ дæлвæз æмæ Сæйраг Кордильерæ; фæстаджы арæнты Кордильера-Фронталы — Андты уæллоздæр цъупп, хох Аконкагуæ (6960 м), уыимæ ма егъау цуппытæ Тупунгато (6800 м), Мерседарио (6770 м). Миты хахх ам дæр тынг уæллоз æвæрд у (32°40́ х.у. бын — 6000 м). Кордильера-Фронталæй ныгуылæнырдæм Рагон Прекордильерæтæ.

Хуссарырдæм цæугæйæ миты хахх дæлдæрæй-дæлдæр кæны æмæ 51° х.у. бын хæццæ кæны 1460 м. Уæллоз рæгътæ райсынц альпон типы миниуджытæ, фæфылдæр вæййы нырыккон ныссæлды фæзуат, фæзынынц бирæнымæцон цъитион цадтæ. 40° х.у. хуссарырдæм райдайынц Патагонийы Андтæ, сæ рæгътæ сты ныллæгдæр Чилийы-Аргентинæйы Андтæй (уæлдæр цупп — хох Сан-Валентин — 4058 м). 52° х.у. цур тынг дихтæгонд Донбылы Кордильерæ ныгъуылы фурды æмæ йæ цъуппытæй сæвзæрынц къæдзæхджын сакъадæхты æмæ архипелагты рæнхътæ; Дæргъмæ дæлвæзæй та рауайы донкъубæлтты системæ, æмæ хæццæ кæны Магелланы донкъубалы скæсæйнаг хаймæ. Магелланы донкъубалы районы Андтæ (ам хæссынц ном Артон зæххы Андтæ) цæхгæрмæ ныгуылæны ’рдæм акъул кæнынц. Патагонийы Андты миты хахх иучысыл фæуæлдæр вæййы 1500 м (кæройнаг хуссары у 300-700 м, 46°30́ х.у. та цъититæ æрхæццæ вæййынц фурды æмвæзмæ), уæлиуæг кæнынц уæлцъары цъитион формæтæ (48° х.у. бын — хъомысджын Патагонийы цъитион уарт йæ фæзуат 20 мин км² фылдæр, уырдыгæй скæсæн æмæ ныгуылæны ’рдæм æрбырынц бирæкилометрон цъититы æвзæгтæ); иуæй-иу ныгуылæны дæлвæзон цъититæ фæвæййынц сæ фæндаг стыр цадты. Донбылтыл, тынг лыггондтыл фьордтæй, сæхи уæлæмæ ивазынц æрыгон вулканон конустæ (Корковадо æмæ а.д.) Арты Зæххы Андтæ дæллоз сты (2469 м онг).

Андты цæгатаг хай хауы цæгат æрдæгтымбылы субæкваториалон ронмæ; ам раст куыд хуссар æрдæгтымбылы субæкваторилон роны бæрæггонд цæуы уымæл æмæ хус сезонты ивындзинад; дæлдзырæдтæ æркæлынц майæ ноябрмæты, тæккæ цæгатаг районты уымæл сезон цыбырдæр вæййы. Скæсæйнаг фæхстæ бирæ тынгдæр цæуынц уымæлгонд ныгуылæйнæгтæй; дæлдзырæттæ () (азмæ 1000 мм бæрц) æруарынц фылдæр сæрды. Карибы Андтæ лæууынц тропикон æмæ субэкваториалон рæтты арæныл æмæ дзы нæхъæн аз æлдариуæг кæны тропикон уддзæф; ам дæлдзæрæттæ гыццыл сты (арæх азмæ 500 мм къаддæр); цæугæдæттæ цыбыртæ, характерон сæрдыгон ивылдтытимæ.

Экваториалон роны сезонон æнкъуыстытæ зæгъæн ис æмæ сæхи не ’вдисынц; афтæ Эквадоры сæйраг сахар Китойы æхсæнмæйон температурæты ивд азмæ дæтты æрмæст 0,4 °C. Дæлдзырæттæ арæх сты (2500-7000 мм азмæ, хаттæй-хатт хæццæ кæнынц 10000 мм) æмæ фæхстыл æмбæрцдæр уæрст сты субэкваториалон ронимæ абаргæйæ. Дырысæй бæрæг у уæлбæрзондмæ гæсгæ климæтон рæттыл дихдзинад. Хæхты дæллаг хайы — тæвд æмæ уымæл , дæлдзырæттæ вæййынц æрвылбон; ныллæг рæтты бирæнымæцон цыфдзæстытæ. Бæрзондимæ дæлдзырæтты нымæц къаддæрæй къаддæр кæны, фæлæ уыимæ рæзы миты æмбæрзты хъомыс. 2500-3000 м бæрзондмæ температурæ стæмхатт æрхауы 15 °C къаддæр, сезонон æнкъуыстытæ чысыл сты. Фæлæ ам боны дæргъы температурæйы æнкъуыстытæ дзæвгар сты (20 °C бæрц), боныхъæды бон у суткæмæ цæхгæрмæ аивын. 3500-3800 м бæрзæндтыл суткæйы температурæтæ æнкъуысынц 10 °C нысаны цур. Уæлдæр хæхтæм — тызмæг бæстыхъæд, арæх миты тыхдымгæтæ æмæ митуæрдтытæ; боны температурæтæ сьы 0 °C уæлдæр, фæлæ талынгæй æрцæуынц тыхджын ирдгæтæ (). Бæстыхъæд хус уымæн у æмæ стыр байсыстимæ æруары гыццыл дæлдзырæттæ. 4500 м уæлдæр — æнусон миттæ.

Гыццыл бæрзæндтыл, тынг къаннæг къæвдаты бæрцимæ, уæддæр бæрæггонд цæуы дзæвгар уæлдæфы уымæлдзинад (80 % онг), уымæ гæсгæ арæх сты мигъ æмæ æртæх. Альтиплано æмæ Пунайы платотыл — тынг тызмæг арвыхъæд, æхсæназон температурæтæ 10 °C сæрты нæ хизынц. Егъау цад Титикакæ фæлмæнгæнæн архайд дæтты æмбаст территориты арвыхъæдæн, цады цур районты температурæйы æнкъуыстытæ афтæ тынг нæ зынынц. Сæйраг Кордильерæйы скæсæнырдæм стыр дæлдзырæтты нымæц (3000 — 6000 мм азмæ, сæйрагдæр сæ рбахæссынц сæрдыгон скæсæйнаг дымгæтæ), бæзджын цæугæдæтты системæ. Кæмтты уæлдæфон массæтæ Атлантикон фурдæй цæхгæрмæ ахизынц Скæсæны Кордильерæ æмæ уымæл кæнынц йæ ныгуылæйнаг фахс дæр. Цæгаты 6000 м хуссары та 5000 м уæлдæр — афæдзы дæргъы рæстæмбис æппæрццæг температурæтæ; хус арвыхъæды тыххæй цъититы нымæц бирæ нæу.

Чилийы-Аргентинæйы Андты арвыхъæд — субтропикон, æмæ ныгуылæйнаг фæхсты уымæлдзинад зымæгон циклонты хардзæй фылдæр у, субэкваториалон ронимæ абаргæйæ; хуссарырдæм цæугæйæ дæлдзырæтты азон суммæтæ ныгуылæйнаг фæхстыл тагъд сырæзынц. Сæрд хус у, зымæг уымæл. Фурдæй дарддæр кæнгæ арвыхъæды континентдзинад уæлдæр кæны, рæзынц температурæйы сезонон æнкъуыстытæ. Сахар Сантьягойы, лæууы Дæргъмæ дæлвæзы, тæккæ хъармдæр мæйы æхсайнаг температурæ у 20 °C, тæккæ уазалдæры — 7—8 °C; дæлдзырæттæ дзы æруары гыццыл, 350 мм азмæ (хуссардæр, Вальдивийы, дæлдзырæттæ фылдæр сты — 750 мм азмæ). Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæйнаг фæхстыл дæлдзырæттæ Дæргъмæ дæлвæзæй фылдæр ис (фæлæ сабырфурдон былгæрæттæй къаддæр).

Хуссармæ змæлгæйæ ныгуылæйнаг фæхсты субтропикон арвыхъæд лæгъз ахизы ромыл уæрхæды фурдон арвыхъæдмæ: фæфылдæр вæййынц дæлдзырæтты азон суммæтæ, фæкъаддæр вæййынц хицæндзинæдтæ уымæлдзинады сæзонтæм гæсгæ. тыхджын ныгуылæйнаг уадтæ æрбахæссынц былгæрæттæм бирæнымæцон дæлдзырæттæ (2000 — 3000 мм арæх 6000 мм онг азмæ). Азы 200 бонæй фылдæр цæуынц тыхджын уарынтæ, донбылтыл æрбады бæзджын мигъ, денджызы æдзухдæр карз уад; арвыхъæд цæрынмæ нæ бæззы. Скæсæйнаг фæхстæ (28° æмæ 38° х.у.) хусгонддæр сты ныгуылæйнæгтæй. Тæккæ хъармдæр мæйы æхсæйнаг температурæ ныгуылæйнаг фæхстыл у афтиддæр 10—15 °C, тæккæ уазалдæр 3—7 °C.

Андты кæройнаг хуссайраг хайы, Артон зæххы, — тынг уымæл арвыхъæд, сфæлдисынц æй тыхджын ныгуылæйнаг æмæ хуссар-ныгуылæйнаг дымгæтæ; дæлдзырæттæ (3000 мм онг) æруарынц сæлфынæджы хуызы (фæцæуынц азы бæтты фылдæр хайы). Афтиддæр архипеладжы кæройнаг скæсæйнаг хайы дæлдзырæттæ дзæвгар къаддæр сты. Азы дæргъы лæууынц ныллæг температурæтæ.

Андты мæрон-зайæгойон æмбæрзæн тынг алыхуызон у. Афтæ уайы уый тыххæй, æмæ хæхтæ алыхуызон сты бæрзæндмæ гæсгæ, стæй дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнаг фæхсты уымæлдзинады. Уæлбæрзонды тæлмад () Андты дырысæй æргомгонд у. Рахицæн кæнынц æртæ уæлбæрзонды тæлмы — Тьеррæ Кальенте, Тьеррæ Фриæ æмæ Тьеррæ Эльядæ.

Венесуэлæйы Андты зайынц сæ сыфтæ кæмæн æрызгъæлынц зымæгон хусрæстæджы, ахæм хъæдтæ æмæ къутæрджынтæ, æрбынат кодтой сырхмæртыл. Дымгæйы сæр чи аззайы, уыцы фæхсты дæллаг хæйттæ Цæгат-Ныгуылæны Андтæй Централон Андтæм æмбæрзт сты уымæл экваториалон æмæ тропикон хъæдтæй латеритон мæртыл (хæххон гилейæ), уыимæ ма дзы æмбæлынц хæццæ хъæдтæ æнусцъæх æмæ сыфтæрджын бæлæстæй. Æддаг бакастæй экваториалон хъæдтæ ницæмæй хицæн кæнынц сæ хæстæджытæй континенты дæлвæзон хайы; характерон сты алыхуызон пальмæтæ, фикустæ, банантæ, какаойы бæлæстæ æмæ а.д. Уæлдæр (2500–3000 м бæрзæндтæм) зайæгойты фæлгонц ивы; арæх сты хурхъæз, бæласхуыз цил, къутæрджын кокæ (у кокаины равзæрæн), хинæбæлас. 3000 м æмæ 3800 м астæу — уæлхæххон гилейæ, дæлæмæдзыд бæлæстæ æмæ къутæртимæ; парахат сты эпифит æмæ лианæ, хурхъæз, бæласхуыз цил, æнусцъæх тулдз, миртонтæ, вересконтæ. Уæлдæр — фылдæр ксерофитон зайæгойтæ, парамос; хъуынайæ цъыфдзæстытæ тъæпæн хæйттыл æмæ æдзæрæг дурджын тыгъдæдтæ уырдыг фæхстыл. 4500 м уæлдæр — æнусон миты æмæ ихы рон.

Хуссардæр, субтропикон чилиаг Андты — æнусцъæх къутæртæ морæмæртыл. Дæргъмæ дæлвæзыл мæртæ сæ скондмæ зæрдыл æфтауынц саумæртæ. Уæлхæххон платоты зайæгойтæ: цæгаты хæххон экватериалон фæзтæ парамос, Перуйы Андты æмæ Пунайы скæсæны — хус уæлхохон-тропикон тыгъдбыдыртæ халка, Пунайы ныгуылæны æмæ нæхъæн сабырфурдон ныгуылæны 5—28° астæу — æдзæрæграны зайæгойты типтæ (æдзæрæгран Атакамайы — суккулентон зайæгхалтæ æмæ кактустæ). Бирæ уæлцæрттæ цæхджын сты, уый хъыгдары зайæгойты; ахæм хæйтты æмбæлынц сæйрагдæр скъæлдзой æмæ æхсад хал. 3000 м уæлдæр (денцонæй 4500 м) — æрдæгæдзæрон () зайæгойтæ, хонынц æй хус пуна; зайынц бындзыд къутæртæ (толой), зайæгхалтæ (хæмыцырихи, вейник), хъуынабынтæ, кактустæ. Скæсæны ’рдæм Сæйраг Кордильерæй уары фылдæр дæлдзырæттæ, — тыгъдбыдырон зайæгойæ (пуна) бирæнымæцон зайæгхалтæ (типчак, скъæлдзой, вейник) æмæ базхуыз къутæртæ. Скæсæны Кордильерæйы уымæл фæхстыл тропикон хъæдтæ пальмæтæ, хинæбæлас) цæуынц 1500 м, 3000 м хæццæ кæнынц дæлæмæдзыд анусцъæх хъæдтæ, уæлиуæгдзинад дзы кæнынц хурхъæз, цилтæ, лианæтæ; стыр бæрзæндтыл — уæлхохон тыгъдбыдыртæ. Андты уæлхохты типикон цæрæг у полилепис — зайæгой уардихуызæтты () бинонтæй, хæлиугонд у Колумбийы, Боливийы, Перуйы, Эквадоры æмæ Чилийы; ацы бæлæстæ æмбæлынц 4500 м бæрзондыл дæр.

Чилийы астæуккаг хайы хъæдтæ дзæвгарæй сæфт æрцыдысты; кæддæр хъæдтæ уæлæмæ цыдысты Сæйраг Кордильерæйыл 2500 — 3000 м бæрзæндмæ фæлæ ныр хæхты фæхстæ сыгом сты. Ныр хъæдтæ æмбæлынц афтиддæр хицæн къохты хуызæн (нæзыбæласы, араукарийы, эвкалипты, тæрсы æмæ чъандарайы, хъæдбыны — дрок æмæ сургæнæн).

Патагонийы Андты фæхстыл 38° х.у. хуссардæр — субарктикон бирæярусон хъæдтæ, бæрзондхъæд бæлæстæй æмæ къутæртæй, фылдæр æнусцъæхтæй, тарбур хæххон мæртыл, хъæдты бирæ хъуынатæ, цилтæ æмæ лианæтæ; 42° х.у. хуссардæр — хæццæ хъæдтæ (42° х.у. районы ис араукарион хъæдты массив). Зайынц тæрс æмæ магноли, бæласхуыз цилтæ, бæрзондхъæд хихджынтæ, хурхъæз. Патагонийы Андты скæсæйнаг фæхстыл — сæйрагдæр тæрсæй хъæдтæ. Тæккæ кæройнагдæр хуссары та — тундрон зайæгойтæ.

Андты кæройнаг хуссайраг хайы, Артон зæххы, хъæдтæ (зæгъæм сыфтæрджынтæ æмæ æнусцъæхтæ, хуссары тæрстæ æмæ канело) ахсынц афтиддæр нарæг донбылон уадздзаг ныгуылæны; хъæдты арæнтæй уæлдæр зæгъæн ис уайтагъд райдайы миты рон. Скæсæны æмæ ранæй-рæтты ныгуылæны, ахæлиу сты субантарктикон хæххон фæзтæ æмæ торфджынтæ.

Андтæ — райгуырæн бæстæ хинæбæласæн, кокæйæн, тамакойæн, картофæн, томаттæн æмæ ма æндæр зынаргъ зайæгойтæн.

Андты цæгатаг хайы цæрæгойты дуне хауы Бразилийы зоогеографикон дæлбæстæмæ, æмæ æнгæстæ у æмарæн быдырты фаунæимæ. Андты цæрæгойты дуне 5° х.у. хуссарырдæм хауы Чилийы-Патагонийы зоогеографикон дæлбæстæмæ. Андты фаунæйæн æмткæй райсгæйæ характерон у эндемикон мыггæгты æмæ хуызты арæхдзинад. Андты цæрынц ламæтæ æмæ альпакæтæ (бынæттон цæрджытæ ацы дыууæ хуызæй пайда кæнынц къумбил æмæ дзиза исынмæ, стæй хæссæн цæрæгойты хуызæн) хæцæгкæдзилджын маймулитæ , реликтон кæсæнцæстон арс, сагтæ пуду æмæ гаэмал (сты Андты эндемиктæ), викуньятæ, гуанако, азары рувас, зивæгойтæ, шиншиллæтæ, дзæкъулджын опоссумтæ, мæлдзыгхортæ, æхсынæгтæ дегу. Хуссары цъæх рувас, магелланы куыдз, эндемикон æхсынæг туко-туко æмæ а.д. Бирæ мæргътæ, сæ астæу колибри, æмбæлы 4000 м бæрзæндтыл дæр фæлæ уæлдай фылдæр æмæ алыхуызон сты «мигъджын хъæдты» (уымæл тропикон хъæдты: Колумби, Эквадоры, Перуйы, Боливийы æмæ Аргентинæйы кæройнаг цæгатныгуылæны, æвæрд сты мигъты конденсацийы тæлмы), эндемикон кондор, йæ бон у стæхын 7000 м бæрзæндмæ æмæ а.д. Кæцыдæр хуызтæ (куыд зæгъæм шиншиллæтæ кæдон XIX — XX райдайæны карз цагъд цыдысты сæ цармы тыххæй; æнæбазыр чомгæтæ æмæ титикакаг æхситтгæнæг кæдон æмбæлынц афтиддæр цад Тbтикакайы цур æмæ а.д.) сыскъуыды къахыл лæууынц.

Андты хицæндзинад у амфибиты стыр хуызадон алыхуызондзинад (900 хуызæй фылдæр). Андты нымад цæуынц æхсырæйхæсджыты 600 хуызы (13 % эндемиктæ), 1700 хуызы мæргътæ (33,6 эндемиктæ) æмæ 400 хуызы æдзæххдоны цæрæг кæсæгтæ (34,5 % эндемиктæ).

Андты сæйрагдæр экологикон проблемæ у хъæдты сæфт, уыдон нал сног вæййынц; уæлдай тынг фæхъыгдард сты Колумбийы уымæл тропикон хъæдтæ, интенсивонæй сыгъдæггонд цæуынц цæмæй сæ бынаты хинæйы, къофийы бæласы æмæ каучукхæсджыты плантацитæ арæзт æрцæуой.

Разæнгард хъæууон-хæдзарадон хайад сын кæй ис, уымæ гæсгæ андиаг бæстæты цур æрлæууыд мæрты деградацийы проблемæтæ, мæрты хъыгдæрд химикаттæй, эрози, æмæ ма зæххы фæдзæрæгдзинад фос йыл æгæр бирæ кæй хизынц уыцы проблемæ (уæлдайдæр Аргентинæйы).
Донбылон районты экологикон проблемæтæ — денджызон доны чизизинад наулæууæнты, æмæ егъау сахарты цур (фурдмæ канализацийы æппарæнтæ æмæ промышленон бырон калд кæй цæуы уый тыххæй), кæсаджы æнæконтролгонд ахст стыр гуырахстытæй.

Куыд нæхъæн дунейы афтæ Андты дæр цыргъ лæууы проблемæ атмосферæмæ хъæрмуатон газты раппæрсты (сæйрагдæр электроэнергийы бакуысты æмæ сау металургийы тыххæй). Егъау бавæрд фалдзусы чизизинады æвæрынц нефтфæлгусæн заводтæ, нефты зыхъхъыртæ æмæ æрзæткъахæнтæ.

Экологикон проблемæты руаджы Андты бирæ цæрæгойты æмæ зайæгойты хуызтæ лæууынц сæфты къахыл.

Адты хæдзарады егъаудæр фадыгтæй — хæххон амалгæнæн индустри. Куыст цæуы æрхуыйы гуырæн бынæтты (Чилийы), æфсæйнаджы (Боливийы), сыгъзæрины (Колумбийы æмæ æнд.) изумрудты (Колумбийы), вольфрамы, къалайы, æвзисты, нефты (кæронон æркъæдзты æмæ хохастæуон къуырфты Аргентинæйы, Боливийы, Венесуэлæйы, Перуйы æмæ æнд.). Кæс ноджы хай «Геологион арæзт æмæ уæлцъары конд».

Парахат у хъæууон хæдзарад, специализаци кæны къофийыл (Колумбийы (дунæон æмбырдæй 13 % онг), Венесуэлæйы, Эквадоры, Перуйы), банантыл (Колубийы, Эквадоры), картофыл, хъæбæрхорыл. Карибы Андты — бæмбæггаг, тамако, сизаль. Экваториалон роны æхсайнаг бæрзæндтыл кусынц тамако, къофи, нартхор; стыр бæрзæндтыл (3800 м онг) нартхор, мæнæу, картоф, æмæ ма зайæгой киноа, ахсы ахъаззагдæр бынат бынæттон индейæгты рационы. Скæсæйнаг Кордильеры хорз уымæлгонд фæхсытыл (Централон Андты гæрæнты) скæнынц сæкæры хъæз, какао, къофи æмæ тропикон дыргътæ. Чилийы зайæгойтæ бирæ ласт æрцыдысты Европæйæ — оливкæтæ, сæнæфсир, цитрусон бæлæстæ; быдырты — мæнæу æмæ нартхор. Фæхсты дзæвгар уырдыджы тыххæй куыст цæуы террасæтыл.

Фосдарды сæйраг арæзт — фысвосдарын (Перуйы уæлхæхты, Патагонийы, Арты Зæххы æмæ æнд.). Хæххон пунаты индейæгтæ кечуа дарынц ламæтæ. Егъау цадты (сæйрагдæр цад Титикакæйы) парахат у кæсагахсæн.




#Article 480: Уарцъе (141 words)


Уарцъе () у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. 

Горийæ фæндаг цæуы Уарцъегомы доны галиу былтыл Уарцъемæ. Фыццаг хъæу, Худисæны, цардысты Ногъайтæ фараст хæдзарæй. Азæй азмæ къаддæргæнгæ цыдысты æмæ ма дзы баззад дыууæ хæдзары. Сæ цуры Дзанайтæ æмæ Годжыцатæ цардысты цæгаты, Фырæты хъæуы. Фалдæр, Магалийы та дзæвгарæй — Годжыцатæ. Ацы хъæуы цæрæг Годжыцаты Къæбер уыдис Туалгомы зынгæ куырд. Йæ арæзт кард хъеллау кодта бирæ ацæргæ лæгты фæрстыл. Йæ конд цæфхæдтæ бирæ бæхты ныфсхаст кодтой ихтыл хъалцыд кæнынмæ. Йæ арæзт дзывыры æфсæныл хуымы сыджыт нæ хæцыд, дурыл цъула нæ кодта.

Комы рæбын Хъуртайы цардысты Ногъайтæ. Бирæ саунæмыгдзауты-иу бауазæг кодтой саунæмыг афон. Уарцъегом у цыбыр. Æрдзы рæсугъддзинадæй хайджын. Хуссæрттæ сты цæрæн бынæттæ, хуымзæххытæ, фосхизæнтæ æмæ хосгæрст зæххытæ. Цæгæттæ сты хъæдджын æмæ халсарджын бынæттæ. Алы мыггагæн дæр уыдис хицæн хъæд, хицæн уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ. Ацы ком раздæры адæм хуыдтой Уары ком.

Уарцъейы ис 3 сыхы:




#Article 481: Чахкиев, Юсуп Тегалы фырт (122 words)


Чахкиев Тегалы фырт Юсуп (райгуырдис 1915-æм азы Базоркинойы хъæуы, ныртæккæ Черменыхъæу) у мæхъхъæлон тæлмацгæнæг, журналист, поэт æмæ паддзахадон архайæг.

Депортацийы рæстæг Чахкиевы бацæхстой æмæ йæ арвыстой лагертæм, уым йæ бонтæ-иу арвыста Сталины амæлæты онг. Лагерты куы уыди, уæд архайдта зонадон экспедицийы Челюскины сынæгмæ. 1953-æм азы сæрибаргонд æрцыд, йæ тæрхонгонддзинад дæр ын систой, афтæмæй.

Юсуп Чахкиев æмдзæвгæтæ фыста 1935-æм азæй. Йæ уацмыстæ бацыдысты мæхъхъæлон литературæйы хрестоматитæм дæр.

Пенсиисæг куы сси æмæ фылдæр рæстæг ын куы уыд, райтынг кодта йæ сфæлдыстадон куыст, уæлдайдæр 1994-æм азы фæстæ. Уыцы периоды ныффыста дыууæ сæдæ æмдæвгæйæ фылдæр, уацау «Зындоны хъæлæс» (), ссæдз очеркæй фылдæр, публицистон уацтæ.

Юсуп Чакхиев ратæлмац кодта, цыппар мин азы агъоммæ кæй ныффыстæуыд, уыцы рагмысираг уацау «Синухеты цау». 2002-æм азæй у Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг.




#Article 482: Осмиев, Хамзат Сосийы фырт (110 words)


Осмиев Сосийы фырт Хамзат (1909-æм аз, Тъойыхъæу — 1981-æм азы 11 январы) уыд зындгонд мæхъхъæлон фыссæг, тæлмацгæнæг, журналист, фольклорист, ахуыргæнæг.

Хамзат Сосмиев райгуырдис зæхкусджыты бинонты ’хсæн. Йæ фыд, дам, йæ райгуырдыл скодта стыр куывд, уый тыххæй æмæ Хамзат сси йæ фыццаг фырт цыппар чызджыты фæстæ. Кæсын-фыссын базыдта йæ райгуырæн хъæуы.

Депортацийы рæстæг Хамзат Осмиев куыста хъæууон скъолайы ахуыргæнæгæй. 1955-æм азы Хъиргъиз æмæ Хъазахстаны райдыдта мæхъхъæлон æвзагыл чингуыты рауагъд. Уæд 1955-1957 азты Осмиев куыста мæхъхъæлон литературæйы консультантæй Хъазахы ССР-йы фысджыты цæдисы.

Хамзат Осмиев фыста цыбыр радзырдтæ. Йæ уацмысты тæлмацтæ рухс федтой литературон журналты: «Дружба народов», «Дон», «Огонёк», «Нева», «Наш современник», «Советский Казахстан».

Осмиев хорзæхджынгонд æрцыдис бирæ майдантæй æмæ «Кады нысан»-ы орденæй.




#Article 483: Мæхъхъæлон литературæ (123 words)


Мæхъхъæлон литературæ хауы, Октябры революцийы фæстæ чи фæзындис, уыцы националон литературæты къордмæ. Мæхъхъæлон литературæйы фæзынд баст уыди мæхъхъæлон фыссынад æмæ адæмон ахуырады фæзындимæ.

Мæхъхъæлон алфавитыл куыст райдыдта 1920-æм азы æмæ йæ сфидар кодтой 1922-æм азы, уыдис латинаг бындурыл. 1923-æм азы 1 майы цæуын райдыдта фыццаг мæхъхъæлон газет — «Сердало» (ныр дæр цæуы). Уыцы газеты литературон фарс сси фыццаг литературон периодон рауагъд мæхъхъæлонау.

Фыццаг фысджытæй сæ фылдæр ахуыр кодтой Дзæуджыхъæуы, 1924-æм азы кусын чи райдыдта, уыцы Мæхъхъæлон педагогон техникумы. Ахуыр дзы кодтой Идрис Базоркин, Хаджи-Бекир Муталиев, Хамзат Осмиев, Юсуп Чахкиев æмæ бирæ æндæртæ.

Депортацийы рæстæг мæхъхъæлон æвзагыл мыхуырæй ницы цыдис, æрмæст 1955-æм азы Хъиргъиз æмæ Хъазахстаны райдыдта мæхъхъæлон æвзагыл чингуыты рауагъд. Уæд 1955–1957 азты мæхъхъæлон литературæйы консультантæй Хъазахстаны ССР-йы фысджыты цæдисы куыста Хамзат Осмиев.




#Article 484: Тæгиаты æхсæнад (190 words)


Тæгиаты æхсæнад () уыд æхсæнад Цæгат Ирыстоны. Скæсæны æмарæн уыдис Мæхъхъæлимæ, ныгуылæны — куырттатæгтимæ.

Тæгиаты æхсæнад у Ирыстоны æхсæнадæй иу; ахста Гæналдоны ком (Санибагом), Джызæлдоны ком (Дæргъæвсы ком æмæ Хъобангом) æмæ Терчы галиу фарс Арвыкомы. Скæсæнырдыгæй Тæгиатæ æмарæн уыдысты мæхъхъæлимæ, ныгуылæны — куырттæгтимæ. Тæгиаты æхсæнад территорийы сæйраг хай уыдысты æлдæртты зæххытæ, æлдæрттæ сæ равзæрд бастой легендарон рагфыдæл Тæгаимæ. Се ’ппæт дæр уыдысты Дæргъæвсæй рацæуæг. Уырдæм та, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, æрбалыгъдысты Куырттаты комæй. Тæгиаты æхсæнад уыдысты бынæттон феодалтæ — тæгиатæ кæнæ æлдæрттæ, дæлбар зæхкусджытæ — фæрссаг лæгтæ, кæвдæсæрдтæ æмæ цагъартæ — кусджытæ.

Æлдæрттæ, тæгиатæ — Тæгиаты æхсæнады уæлдæр фæлтæр, феодалтæ; уыдысты 11 мыггаджы — Æлдаттатæ, Дзантиатæ, Дударатæ, Есенатæ, Хъаныхъуатæ, Куындыхатæ, Мамсыратæ, Тугъантæ, Тылаттатæ, Тыхостатæ æмæ Санатæ. Ирон фыдæлтыккон æхсæнады Тæгиаты æлдæртты статус, адаты куыд баззадис, афтæмæй дыгуры бадилаты статусæй-иу чысыл дæлдæр уыдис. Æлдæрттæ хæстæг кодтой кæрæдзиимæ. Чызг куырдтой æмæ хастой кæсгон, искуы-иу хатт та балхъайраг æмæ мæхъхъæлон барджын мыггæгтæй, тынг стæм хатт та дыгурон бадилаты мыггæгтæй; æлдæрттæ сæ чызджыты моймæ лæвæрдтой Уæлладжыры æмæ Куырттаты æхсæнады уæздæттæн, сæхæдæг та XIX æнусы кæронмæ уыцы æхсæнæдты барджын мыггæгтæй чызг стæм куырдтой. Æлдæрттæ номылустытæ та кодтой сæ дæлбар зæхкусджыты бинонтæй æмæ иннæ тæгиаты æлдæртты кæвдæсæрдтæй.




#Article 485: Рæмонатæ (101 words)


Рæмонатæ кæнæ Рæмонтæ () сты ирон мыггаг.

Рæмон æмæ Доба уыдысты фаззæттæ. Хосгæрдæны уыгæрдæнмæ ацыдысты, сывæллоны ахастой авдæны семæ. Изæры устытæ хæдзармæ раздæр цыдысты æмæ, лæгтæн бафæдзæхстой, цæмæй сывæллоны рахæссой семæ. Изæрæй лæгтæ куы ’рцыдысты, уæд сæ фæрсынц устытæ:

Рæмонтæ ма цардысты Хуссар Ирыстоны Дæллаг Брытъаты. Рæмонтæ сабыр адæм уыдысты, куыстуарзаг. Фæлæ сæм иухатт зæххы сæрыл хыл æрцыд Слантимæ. Букылтæй иу лæг архайдта сæ бафидауын кæныныл, фæлæ йын дзы ницы рауад, дыууæ мыггаг кæрæдзийы цагътой. Рæмонтæ нымæцæй къаддæр уыдысты æмæ Слантимæ тох нæ фæрæзтой. Уымæ гæсгæ сыстадысты æмæ фæлыгъдысты Брытъатæй Гудзареты коммæ æмæ æрцардысты Саджиайы хъæуы. Брытъаты сæ зæххытæ Слантæн баззадысты.




#Article 486: Ахриев, Чах Эльмурзæйы фырт (136 words)


Ахриев Эльмурзæйы фырт Чах (1850-æм азы 22 майы, Фуртоуг, Дзæрæхы ком — 1914-æм азы 12 майы, Дзæуджыхъæу) уыд мæхъхъæлон рухстауæг, этнограф, дæс азæй фылдæр фæкуыста Елизаветполы губернæйы (Азербайджаны) паддзахадон зæххыты хъуыддæгты фæдыл чиновникæй. Ахриевы иртасæнтæ тынг ахсджиаг сты мæхъхъæлон адæмы истори, рагон дин, традицитæ æмæ эпос æмбарынæн.

Авд азы йыл куы цыдис, уæд райстæуыд Дзæуджыхъæумæ амынæтæй цæрынмæ. Амынæты цард кæд уæззау уыдис, уæддæр лæппутæн фадат уыдис ахуырад райсынæн. Чах ахуыр кодта æфсæддон кантонистты скъолайы, стæй ацыдис Стъараполы гимназмæ.

Гимназ каст фæуыны фæстæ дыууæ азы дæргъы (1868—1870) цардис йæ райгуырæн хъæуы. Уыцы дыууæ азы дæргъы иртаста йæ адæмы цардыуаг, фольклор æмæ традицитæ — уыдæтты тыххæй фыста этнографион уацтæ. Фæстæдæр уыдон мыхуырæй цыдысты Тбилисы «Кавказы хохæгты тыххæй æмбырдгонд»-ы () æмæ газет «Терские ведомости»-йы.

Ахриевæн райгуырдис дыууæ фырты æмæ иу чызг.

Ахриевæн цы уацтæ мыхуырæй рауадзын бантыстис, уыдон сты:




#Article 487: Кæвдæсæрдтæ (138 words)


Кæвдæсæрдтæ (ома кæвдæсы ард) кæнæ хъуымиаг, дыгуронау хъумайаг, хатт та тума — традицион ирон æхсæнады зæхкусджыты дæлдæр лæууæг фæлтæр. Кæвдæсæрдтæ уыдысты ирон феодалты, хатгай та дзырддзæугæ сæрибар фæрссаг лæгты «æнæзакъон» цот, ома, номыл устытæй сын-иу цы цот рацыдис, уыдон æмæ сæ байзæддæгтæ. Кæвдæсæрдтæ уыдысты сæ феодал фыдæлты æнæбайсгæ, æнæахицæнгæнгæ мулк, нæ сын уыд нæ ауæйгæнæн, нæ балæваргæнæн. Ф.Е. Леонтович ирон æгъдæутты тыххæй цы статьятæ ныммыхуыр кодта, уыдонæй иуы афтæ фыссы:

Кæвдæсæрдтæ-иу йæ фыды амæлæты фæстæ уыдис чысыл зæххы хай райсыны бар, фæлæ-иу уый фæстæ дæр баззадис дæлбар зæхкусæгæй æмæ йæ фыды бындартæн бегарайы куыст кодта. Кæвдæсæрдтæ чызг хастой кæрæдзийæ. Фæлæ-иу афтæ дæр рауадис, æмæ кæвдæсæрдты чызджытæ фæрссаг лæгтæм кæнæ адæмыхаттмæ мой скæной.

Кæвдæсæрдты фæлтæр XIX æнусы æмбисмæ ссис æппæт ирон зæхкусджытæн сæ 25 % æмæ ахаста 1867-æм азы онг, ома, Зæхкусæджы реформæ Кавказы æххæстгонд цы аз æрцыдис, уæдмæ.




#Article 488: Уæздæттæ (118 words)


Уæздан лæгтæ — уæздæттæ — уæлдæр, уæлдай барджын æхсæнадон фæлтæр Уæлладжыр æмæ Куырттаты æхсæнады, тыхджын мыггæгты, барджын мыггæгты æмæ стыр мыггæгты минæвæрттæ. Сæ хъæздыгдзинад æмæ æхсæнадон ахадындзинадмæ гæсгæ бирæ æлдæрттæ æмæ бадилатæй дæлдæр нæ уыдысты. Уæлладжыраг уæздан лæгтæ уыдысты рагон ирон мыггæггæ — Сидæмонтæ, Цæразонтæ, Кусæгонтæ, Цъæхилтæ æмæ Æгъуызарты байзæддæгтæ; Куырттаты æхсæнады уæздан лæгтæ — Арысхантæ, Богъатæ, Борсæтæ, Бырытъиатæ, Гайдтатæ, Гуыриатæ, Демыратæ, Есиатæ, Хъаболтæ, Куыдзиатæ, Мулухатæ, Сокатæ, Созанатæ, Тезиатæ, Тотиатæ, Фæрниатæ, Хæдарцатæ, Хæмæтатæ, Хуыдзиатæ, Цæлыккатæ, Цереккатæ æмæ Цопанатæ — Куырттаты æхсæнад; Басатæ, Бырциатæ, Гуымецъатæ, Гусатæ, Елойтæ, Хъаратæ, Къарджиатæ, Хъулатæ, Тарханатæ, Таучелатæ — Цымытийы æхсæнад.

Уæздан лæгты ’хсæн дæр ирон феодалты хуызæн, чызг дæтгæйæ æмæ кургæйæ, карзæй кастысты, хæстæгиуæг бакæнын цы мыггагимæ хъавынц, уый æхсæнады цавæр бынат ахсы, уымæ.




#Article 489: Сидæмонтæ (559 words)


Сидæмонтæ сты рагон ирон мыггæгтæй иу. Уæлладжыры комы иуæй-иу, стæй Куырттаты æмæ тæгиаты мыггæгтæ иууылдæр сты Сидæмонтæй. Уыдонмæ ма хауынц Хуссар Ирыстоны Цыхуырбатæ, Тедетæ, Биазыртæ æмæ æндæртæ. 

Сидæмонтæ æппæты фыццаг æрцардысты Ксурты, Уæлладжыры, Æрыдоны галиу фарс, Урсхохы рæбын. Таурæгъмæ гæсгæ, Сидæмоны цæуæт ардыгæй æндæр рæттæм лидзын райдыдтой раджы, зæхх сын кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй. Ксуртæй æппæты фыццаг чи ралыгъд, уыдон æрцардысты Æрыдоны рахиз фарс Бæрзондададжы. Таурæгъ куыд дзуры, уымæ гæсгæ Сидæмонтæй дыууæ æфсымæры Фата æмæ Наджы цуаны рæстæджы Æрхоны комы федтой иу бынат, ацы бынат цæрынæн сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы æрцардысты. Сырæзт дзы хъæутæ: Дæйыхъæу æмæ Цъус. Дæйыхъæуы æрцард Фатта, Цъусы та — Наджи. Дæйы фарсмæ ис хъæу Тъæра. Ам, зæгъы, цардысты Хунæрвады цæуæт. Таурæгъмæ гæсгæ, адон ногъайæгтæй равзæрдысты. Ацы мыггæгтæм хауынц: Гæззатæ, Илатæ, Кобестæ, Слонатæ, Дударатæ, Хосонтæ, Сахъмантæ. Адонæй Слонатæ æмæ Дударатæ алыгъдысты Тæгиаты коммæ. Сидæмонты цæуæт ма æрцардысты Цъусы хъæуы. Цæрынц дзы Реуазтæ, се ’рвадæлтæ сты Соппойтæ. Луары дæр Сидæмонтæ цардысты. Уыналы дæр Сидæмонтæ цæрынц. Ардæм æрлыгъдысты Ксуртæй цыппар æфсымæры: Суан, йæ цæуæт систы Суантæ, Дауыр — Дауыратæ, Мысык — Мысыккатæ æмæ Цæллаг — Цæллагтæ. 

Таурæгъмæ гæсгæ, Бæрзондадагæй Фатта æмæ Наджийæ дарддæр алыгъдысты æртæ æфсымæры: Ростом, Бибилон æмæ Цитлосан. Таурæгъы ирон вариантмæ гæсгæ, ацы æфсымæртæ ардыгæй алыгъдысты, ам Ростомæн йæ фырт калмы хæстæй куы амард, уый фæстæ. Таурæгъы гуырдзиаг вариантмæ гæсгæ та, ацы æфсымæртæ ам нал бафидыдтой се ’рвадæлтимæ æмæ сæхи айстой Хуссар Ирмæ. Фыццаг Урстуалты æрбынат кодтой, фæлæ фæстæдæр алыгъдысты Гуырдзыстонмæ æмæ уым систы Чысаны ерыстаутæ. Ростом, Бибила æмæ Цитлосан Сидæмонтæй кæй уыдысты, ууыл дзырдæуы канд фольклорон таурæгъты нæ, фæлæ ма историон документты дæр, куыд зæгъæм «Хроника Ксанских эриставов»-ы. Уый фыст æрцыд 1405—1410 азты Ларгуисы кувæндоны Григол Бандасдзейы къухæй. Ацы цыртдзæвæны дыккаг хайы дзырд цæуы XIII æнусы кæрон æмæ XIV æнусы райдианы Чысангомы кæй фæзындысты Сидæмоны цæуæт æртæйæ, сæ кусæг адæмæй æвдайы ракодтой, афтæмæй. Ирыстоны сæ хæстæджытимæ фæхыл сты æмæ Захъхъайыл ахызтысты Туалгоммæ. Уым сын бар радтой æрцæрынæн, фæлæ диссаджы галуантæ куы райдыдтой аразын, уæд уый тасæй, зæгъгæ, ам сæхи схицæуттæ кæндзысты, æрвыст æрцыдысты ацы бæстæй æмæ бахаудтой Чысангоммæ. Уыцы заманы уым тох цыд æддагон знæгтимæ. Ростом сын йе ’фсымæртимæ æмæ йæ адæмимæ тынг баххуыс кодта, цæмæй се знæгтыл фæуæлахиз уыдаиккой, уымæн, æмæ уæд Ларгуисы хицау загъта Ростомæн: «Кæд дæ ам æрцæрын фæнды, уæд ракур, цæмæй дын бар лæвæрд æрцæуа, куы амæлай, уæд дæ Ларгуисы кувæндоны куыд баныгæной. Ам та ныгæнынц зынгæ адæмы, хицауиуæг чи кæны, ахæмты». Ростом æцæгдæр хистæртæн загъта йæ хъуыды æмæ баныхас кодтой, Ларгуисы кувæндоны кæй æрцæудзæн ныгæд, ууыл. Ростом Ларгуисы æрцард, адæм æй тынг бауарзтой йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Адæмы хъаггæдта алы фыдбылызæй. 

Фæстагмæ Ростом æмæ йæ цæуæт систы Чысангомы ерыстаутæ. Таурæгътæм гæсгæ, Сидæмонтæм хауынц Тæга æмæ Куырттайы цæуæт дæр. Иу таурæгъмæ гæсгæ, дыууæ æфсымæры Тæга æмæ Куыртта Æрыдоны доны сæрты ахызтысты æмæ Фыййагдоны комы æрцардысты Уæлæсыхы хъæуы. Ныр дзы хъæу нал ис. Ам ис дыууæ стыр зæппадзы. Куыд дзурынц, афтæмæй Тæга æмæ Куыртта æвæрд сты уыцы зæппæдзты. Тæгайы фырттæ Камбий æмæ Сана тынг фæхыл сты. Камбитæ фæцагътой Санаты, æрмæст ма сæ аирвæзт иу гыццыл лæппу, йæ ном Тотик, æмæ йæ Куырттаты иннæ цæрджытæ бамбæхстой. Уый тыххæй Камбитæ цæрджыты ардыгæй сурынвæнд скодтой. Уæд уыдон Камбийы дыууæ фырты амардтой. Камбийæн ма уыд æртæ фырты, æмæ уыдон алыгъдысты Дæргъæвсмæ. Фæстæдæр Камбитæй дыууæ æфсымæры: Тулат æмæ Кундух Дæргъæвсæй алыгъдысты Фæры доны коммæ æмæ уым сарæзтой хъæу — Саниба. Рекомы хохыл та кувæндон Саниба сарæзтой Тулат æмæ Кундухы цæуæт.

Гуырдзиæгтæм æмбæлы мыггаг Сидамонидзе ().




#Article 490: Илас Æрнигон (1024 words)


Илас Æрнигон, æцæг ном — Тогуызты Газакк (райгуырдис 1888-æм азы 10 декабры, Æрыдоны — амардис 1938-æм азы 5 январы) уыдис ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг.

Тогуызты Газакк (йæ аргъуыды ном — Васили) райгуырдис 1888-æм азы 10 декабры Æрыдоны. Йæ фыд Илас уыди рæстæмбисцæрæг зæхкусæг. Амардис, Газаккыл фондз азы дæр нæма сæххæст ис, афтæ. Лæппуйы схаста йæ мад Джыккиан. Фæстæдæр Газакк йæ уацмыстæ джиппы уадзын куы райдыдта, уæд йæхицæн псевдонимæн равзæрста йæ фыды ном.

Фидæны поэт фыццаг ахуыр кодта сæ хъæуы райдиан скъолайы, стæй та дины семинары. Ам семинаристтæ прогрессивондæр ахуыргæнджыты æххуысæй адæмы зæрдæтæм хастой сæрибары хъуыдытæ. Арæх арæзтой хъазтизæртæ, драмон къорд хъæуы цæрджытæн æвдыста спектакльтæ. Семинары Æрнигонимæ иу рæстæг ахуыр кодтой Малиты Геуæрги, Барахъты Гино æмæ Гулуты Æндыри.

Æрнигон семинар каст фæци 1909 азы æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй куыста Куырттаты комы Лæцы скъолайы (1909–1910 ахуыры аз).

Тебийы-фыртимæ разы у поэт æмæ литературæиртасæг Хъодзаты Æхсар:

Къорд мæйы дæргъы Харбины сахары æгуыстæй фæрахау-бахау кодта, стæй йæ райстой Хандаохедзцзыйы станцæйы къантормæ. Фæстæдæр раивта Хинганы станцæйы скъоламæ. Куыста дзы ахуыргæнæгæй. 1913-æм азы ацыдис Владивостокмæ: бæллыдиc Cкæсæйнаг институтмæ бахауынмæ. Уыцы аз ын нæ бантыстис æмæ та ахуыргæнæджы куыстыл ныххæцыдис, ацы хатт Денджызгæрон облæсты Бринеровкæйы хъæуы. Афæдзы фæстæ ногæй афæлвæрдта Скæсæйнаг институтмæ бацæуыныл. Раздæр уал ын лекцитæм хъусыны бар радтой, стæй 1915-æм азы уалдзæджы фæлварæнты йæхи сæрæнæй равдыста, æмæ йæ дыккаг курсмæ баивтой. Кодта ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр (Бархи флоты управленийы къанторы).
Институт каст фæци 1918-æм азы сæрды. Йæ аттестаты йын кæсæм:

Институт каст куы фæцис, уæд ма Æрнигон иуцасдæр акуыста Бархи флоты управленийы къанторы. 1919-æм азы йæм фæсидтысты Колчакы æфсадмæ. Йæ цæст сахъат кæй у æмæ йæ æфсадæй цæрæнбонтæм кæй суæгъд кодтой, уый тыххæй йæм æвдисæндар дæр уыд (радтой йын æй 1910 азы Дзæуджыхъæуы), фæлæ йын æй мурмæ дæр не ’рдардтой. Уæд Газакк алыгъдис фæстæмæ Харбинмæ, уырдыгæй та 1920-æм азы афтыди Цицикары сахармæ. Ам æрхæджы æндыснæгæй афæдзы бæрц фæсадис, кусыны бон æй нал уыдис. Куы сдзæбæх ис, уæд та Харбинмæ ’рбаздæхтис. Цæмæй цардаид, уый нæ уыд æмæ æртæ туманы мыздыл дыууæ китайагæн уырыссаг æвзаг амонын байдыдта. Стæй Цаганы станцæнæ ацыдис æмæ дзы афæдзы бæрц ахуыргæнæгæй бакуста: Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы скъолатæн сæ иу хай сæхгæдтой, уыдонимæ — Æрнигон цы скъолайы куыста, уый дæр. Поэт та фæхауæггаг, къæбæры фаг æхца дæр æм нæ уыд. Афæдз æмæ æрдæджы бæрц фæцардис æфстæуттæй.

Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы сæргъы советон администраци куы ’рлæууыдис, уæд уый уынаффæмæ гæсгæ Илас Æрнигон Харбины байгом кодта скъола Мæскуыйаг къазарматы кусджыты цотæн. Уыцы хабар Китайы хицауады зæрдæмæ нæ фæцыдис æмæ Æрнигоны хъыгдарын байдыдтой, цалдæр хатты йæм фæсидтысты пъæлицæ, дзырдтой йын, цæмæй йæ куыст ныууадза. Фæстагмæ пъæлицæйæн бантыстис скъола сæхгæнын. 1925–1928 азты поэт куыста Хинганы скъолайы сæргълæууæгæй, стæй йæ рарвыстой Бухедуйы станцæйы скъоламæ.

Ам Æрнигон ракуырдта æфсæнвæндаг хъахъхъæнæджы чызг Мария Душинайы.

Китайаг милитаристты аххосæй æфсæнвæндагыл конфликт куы рауадис (1929 азы), уæд Газакк ногæй ацыдис Харбинмæ. Цыппар азы фæкуыста Хандаохедзцзыйы станцæйы скъолайы. Цы уавæрты куыста, уый тыххæй бæлвырдæй дзуры Тебиаты Юри (йæ уацы кой ма раздæр кодтам). Китайаг æвзæргæнджыты балтæ — хунхузтæ — адæмы стыгътой, семæ-иу уацайрæгтæ акодтой, стæй сæ-иу æнæ ’хца бафидгæ сæхимæ нал уагътой. Пъæлицæ дæр раздæрау йæ кæнон кодта, скъолаты спектакльтæ ’вдисын, фæлладуадзæн изæртæ аразын нæ уагъта.

Тебийы-фырты уацы фыстæуы:

.

Поэты æвдисæндартæй иуы куыд фыст ис, афтæмæй Æрнигон 1933-æм азы 25 июлæй 1934-æм азы 8 августмæ куыста Китайы Скæсæйнаг æфсæнвæндаджы Адæмон рухсады цыппæрæм хайады инспекторæй.

Æрнигон Манчжурийы куыд цардис, цæуыл хæст уыдис, уый тыххæй ма ис цалдæр факты. Уыдон дæр сты Тебийы-фырты уацы. Революцийы æмæ мидхæсты азты сæ райгуырæн бæстæм здæхын байдыдтой америкдзаутæ — хуыздæр цард æнхъæлæй кæддæр фæсденджызмæ чи афтыд, уыцы ирæттæ. Арæнтыл сын æвиппайды æрбахизæн нæ уыд æмæ-иу цалдæргай азтæ Харбины баззадысты. Афтæ фæзындис Ирон æхсæнад. Йæ нысан — бахъуаджы сахат æмбæстæгтæн баххуыс кæнын. Æхсæнад куыста бæлвырд уагæвæрдмæ гæсгæ, арæзта хъазтизæртæ, æвдыста спектакльтæ. Уыдис ын йæхи агъуыст, кæрæдзийæн æххуысы кассæ, штамп æмæ мыхуыр. Ирон адæм сæхи цæмæй æмбарой, сæ фыдæлты æвзаг æмæ хорз хъуыддæгтæ ма рох кæной, уымæн ацы æхсæнад уыдис ахъаз. Советон дуг куы ралæууыдис, уæд ирæтты фылдæр хай рацыдис йæ райгуырæн бæстæм, иннæтæ та æхсæнады æмбырды бауынаффæ кодтой, цæмæй куырдиат бадæттой советон паспорттæ райсыны тыххæй. Уыцы рæстæг æхсæнадæн секретарь Æрнигон уыд æмæ хъуыддæгтæ дæр уый къухæй арæзт цыдысты. Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы æфснайд ис къухæй фыст арфæйы гæххæтт:

Арфæйы гæххæтты сæ къухтæ бавæрдтой 28 адæймаджы. Æрвыст та æрцыдиc 1924-æм азы 16 ноябры.

Æрнигон æхсæны хъуыддæгтыл æнувыд кæй уыд, ууыл дзурæг сты ноджы ахæм хабæрттæ: Харбины æмæ Бухедуйы скъолаты кусгæйæ (1924–1929 азты) поэт уыцы иу рæстæг уыди рухсады кусджыты профцæдисы бынæттон комитеты уæнг дæр. Йæ хъус дардта транспорты кусджытæм дæр: арæзта фæлладуадзæн изæртæ, къулы газеттæ уадзын дæр уымæ касти.

Йæ райгуырæн бæстæн исты хорзы бацæуыны бæллиц æй сцырын кодта «Ирон грамматикæ» ныффыссынмæ дæр. Джиппы йæ рауагъта 1934 азы Харбины, йæхи хардзæй. Чиныджы тираж æдæппæт уыди 10 экземпляры. Поэты фæндыдис, Ирыстоны ирон æвзаджы хъуыддæгтæ чи кодта, уыдонæн баххуыс кæнын.

Илас йæ Ирыстонмæ сыздæхтис 1934-æм азы сентябры. Дзесты Куыдзæг куыд зæгъы, афтæмæй æппæты фыццаг азылди сахарыл. Тынг фæдис кодта чингуыты дукани «Рæстдзинад»-ыл:

 («Мах дуг», 1975, № 12, 81–82 фæрстæ).
Ирыстоны Æрнигон кусын райдыдта чиныгуадзæны — тæлмацгæнæг æмæ литературон редакторæй. Уыцы азты ирон æвзагмæ раивта Даниель Дефойы «Робинзон Крузо» (Орджоникидзе, 1936), А.П. Чеховы радзырдтæ «Хирургия», «Хъастхæссæн чиныг», «Ставд æмæ нарæг», «Чиновничы мæлæт» («Мах дуг», 1935, № 1–2) æмæ æндæр уацмыстæ, стæй æхсæнадон-политикон æмæ ахуырадон-популярон чингуытæ.

Поэты уацмыстæ фыццаг хатт джиппыуагъд æрцыдысты 1915 азы журнал «Чырыстон цард»-ы фæндзæм чиныджы (æмдзæвгæтæ «Зарæг» æмæ «Уастырджи»). Сæ бынмæ фыст уыди: Илас Мызурон. 20-æм азтæй фæстæмæ Тогуызы-фырты фыстытæ цыдысты, Илас Æрнигон, зæгъгæ, ахæм псевдонимимæ.

Сæ тематикæ, эмоцион тых æмæ аивдзинадæй Æрнигоны æмдзæвгæтæ æрвадиуæг кæнынц Къостайы поэзиимæ. Къостайы ном Иласæн тырысайау кæй уыд, уый чиныгкæсæг æнцонæй рахатдзæни. «Фæлмæн у дæ лыстæн», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæйы автор Къостайы хоны зæд æмæ йæ кæстæртæн фæдзæхсы, цæмæй Ирæн уа аккаг хъæбул, цæмæй Къостайы ныхæстæ фæндагсарæн хæсса йæ риуы. Æрнигон Къостамæ цы зæрдæ дардта, уый бæрæг у йæ уац «Адæмы лæг»-æй дæр (1935 аз):

Алы рæстæджы Æрнигоны лирикæйы ардтой «мистикон, цардæй иппæрд хъуыдытæ», уыдтой дзы пессимизмы миниуджытæ, зæрдæсасты мотивтæ. Æцæг чиныгкæсæг хъуамæ ахиза вульгарон социологизмы схемæты сæрты æмæ банкъара зæрдæрыст, хъуырдухæн, бæллын. Зæрдæрыст — адæм цагъары æфсондзы бын хъизæмарæй кæй мардысты, ууыл. Хъуырдухæн — æфхæрджыты ныхмæ тохы поэт адæмæн баххуысхъом кæй нæ уыд, уый фыдæй. Бæллын — адæймаг йæхи куы æрæмбарид, зæххыл æнусон гармони æлдариуæг кæнын куы райдаид, уымæ.




#Article 491: Сеттльмент (116 words)


Сеттльмент кæнæ сетлмент (англ. settlement – цæрæнран, кæнт) — афтæ хуындæуы, XIX æнусы — XX æнусы райдианы Китайы иуæй-иу стыр сахарты мидæг хибаргонд сыхтæ (уырыс. кварталы). Уыдон хаццоны лæвæрд уыдысты фæсарæйнаг паддзахæдтæн.

Сеттльмент уыдис экстерриториалон, æмæ хъахъхъæд цыдис, хаццоны йæ чи райста, уыцы паддзахады пъæлицæ æмæ гæрзифтонг тыхты руаджы. Кæд æмæ сеттльменты цæрджыты 95–97% уыдысты китайæгтæ, уæддæр сæ территорийыл Китайы закъæттæ хъомыс нæ дардтой, китайæгтæн та нæ уыдис, кæнты чи æрбынат кодта, уыцы æнæзмæлгæ мулк æлхæныны бар.

Китайы тæккæ стырдæр æмæ зындгонддæр сеттльментæ æрбынат кодтой Шанхайы: АИШ æмæ Британийы иумæйаг сеттльмент (Шанхайы муниципалон советы территори, Банд), Францы сеттльмент æмæ æндæртæ. Ныртæккæ а территоритæ сты уыцы сахарты сæйраг туристон бынæттæ.

Æххæстæй сеттльментæ Китайы юрисдикцимæ бацыдысты 1943-æм азы.




#Article 492: Бенвенист, Эмиль (271 words)


Эмиль Бенвенист () (райгуырдис 1902-æм азы 27 мартъийы Алеппойы — амардис 1976-æм азы 3 мартъийы Парижы) уыдис францаг лингвист, XX æнусы зынгæдæр æвзагзонджытæй иу. Индоевропеистикæ, лексикон æмæ грамматикон семантикæ, æвзаджы иумæйаг теори, типологийы тыххæй кустыты автор.

Эмиль Бенвенист райгуырдис Алеппойы сахары (уæды заман уыдис Османты империйы сконды) сефардаг уидæгтæ кæмæн уыдис, уыцы дзуттаг бинонты ’хсæн. Эмилы фыды фæндыдис цæмæй йæ фырт суыдаид раввин, æмæ хæрзхъæд динон ахуырад райсынæн арвыста йæ Марсельмæ. Уым лæппу базонгæ ис зынгæ лингвист-индолог Сильван Левиимæ æмæ уый рекомендацимæ гæсгæ араст ис ахуыр кæнынмæ Парижмæ.

Парижы Лингвистон æхсæнады æмæ Азиаг æхсæнады раздæры фыццаг нымæрдар, бирæ бæстæты академиты æмæ æхсæнадты кадджын уæнг профессор Эмиль Бенвенист амардис Версалы 1976-æм азы 3 октябры, авд азы дæргъы æгомыг фæуæвгæйæ æмæ стыр хъизæмæрттæ февзаргæйæ.

Кæд зонады алы къабæзты удуæлдайæ фæкуыста, уæддæр Эмиль Бенвенист фыццаджы-фыццаг уыдис номдзыд иранист æмæ ирайнаг (стæй индоирайнаг) æвзагзонынады дæсны. Йæ куыстыты егъау номхыгъды ахадгæ бынат ахсынц иранистикæимæ баст уацтæ, чингуытæ. Ирайнаг темæ йæ удæн уæлдай адджын кæй уыд, уый бæрæг дары йæ цардвæндагыл кæрæй-кæронмæ. Йæ фыццаг чиныг дæр согъдаг æвзаджы тыххæй хуымæтæджы нæ ныффыста. Уый фæстæ фæзындысты æндæр куыстытæ дæр, уыдонæн сæ бæллиццагдæртæй иу — «Ирон æвзаджы тыххæй очерктæ» (1959). Автор иттæг хорз зоны, цæй тыххæй фыссы, уый, æвзары йæ лыстæггай, биноныгæй. Æмæ скифты, сæрмæтты, аланты æмæ Евразийы иннæ ирайнаг цæугæцардгæнæг адæмты бынтæ чи иртасы, уыцы ахуыргæндты дисы æфтауынц Бенвенисты бирæ зонæнтæ.

Йæ ацы кустæн стыр аргъ скодта зындгонд æвзагзонæг Абайты Васо дæр:

Ацы чиныг (стæй канд ацы чиныг нæ — «Согъдаг æвзаджы грамматикæйы тыххæй этюд» куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ иудадзыг йæ хъус дардта ирон æвзагмæ) стыр ахъаз фæци ирон адæмы æвзаджы истори, рагон культурæ æмæ мифологи иртасыны хъуыддаджы.




#Article 493: Астæуккаг скъола № 2 (Мæздæг) (143 words)


Астæуккаг скъола № 2 у Мæздæджы зæронддæр скъолатæй иу. Кусын байдыдта 1913-æм азы ахуыргæнæг Михаил Афанасьевы хъæппæрисæй. Скъола хæссы стыр уырыссаг поэт Александр Пушкины ном. 2002-æм азæй кусы йæ ныры бæстыхайы Форштадты уынджы.

Скъолайы ахуыргæнæг Таматы Е.Б. фæуæлахиз ис ирон æвзаджы ахуыргæнджыты республикон конкурсы куыд «Ахуыргæнæг-новатор». Ирон æвзаджы уроктæ ис 1-æм къласæй æвдæм къласы онг, уыдонæй 2–7 къласты — къуыри æртæ урочы (ахуыры пъланмæ гæсгæ).

Скъолайы ис Пушкины æмæ Хæстон намысы музейтæ, сывæллæтты организаци уадзы сæхи газет — «Импульс». 

Скъола № 2 хорз скъолайыл нымад у, æмæ уый тыххæй дзы ахуыр кæнынц æрмæст мæздæггаг сывæллæттæ нæ, фæлæ йæ алфамбылай цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты сæвæллæттæ дæр (хъæутæ Садовæй, Кондратенко, Раздольнæй, Сухотскæй, Дæллагхъæу (Весёлое), Хъарачу (Комарово)). Ахуырдзауты нымæц у 681 (2008–2009 ахуыры азмæ гæсгæ), уыдон сты 26 адæмыхаттæй — сæ фылдæр уырыссæгтæ (373), ирæттæ (93) æмæ сомихæгтæ (70).

Скъолайы адрис: Мæздæг, Форштадты уынг, 37.




#Article 494: Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт (160 words)


Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт (райгуырдис 1887-æм азы 31 мартъийы, Дерчийы хъæуы — амардис 1973-æм азы 7 июлы, Тбилисы) уыдис советон æмæ гуырдзиаг .

Георгий Ахвледиани райгуырдис Кутаисмæ хæстæг хъæу Дерчийы (Ныгуылæн Гуырдзыстон). 1910-æм азы бацыдис Харьковы универститеты историон-филологион факультеты славяйнаг-уырыссаг хайадмæ. Уым сахуыры фæстæ каст фæцис Петрограды университет. 1918-æм азы Тбилисы æвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны университеты бындур, æмæ уый фæдыл Ахвледиани сыздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ. Уым уый архайдта «Гуырдзыстоны университеты æхсæнады» къамисы. Ахуыргонд у Тбилисы университеты бындурæвæрджытæй иу, стæй Гуырдзыстоны Зонæдты академийы уæнг-бындурæвæрджытæй иу. 1939-æм азы Георгий сси ССР Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент, 1941-æм азы — Гуырдзыстоны ССР-ы Зонæдты академийы академик.

Дыккаг дунеон хæсты заман Г.С. Ахвледиани уыдис, фæцæфы тыххæй сæ дзурынхъомдзинад кæмæн фæсахъат, уыцы хæстонты дзæбæхгæнæг къорды сæргъы.

Ахуыргонд ма уыдис Гуырдзыстоны лингвистикон æхсæнады сæрдар.

Г.С. Ахвледианийы иртæстыты объектты ’хсæн уыдис ирон æвзаг дæр. 1960-æм азы Тбилисы рацыдис ахуыргонды чиныг «Сборник избранных работ по осетинскому языку».

Ахвледиани уыдис дыууæтомон «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы редактор (I том — 1963II том — 1969




#Article 495: Багаты Лади (128 words)


Багаты Захары фырт Лади (Владимир) (райгуырдис 1920-æм азы, Тибы хæуы) у ирон поэт, педагог.

Багаты Лади райгуырдис Цæгат Ирыстоны Тибы хъæуы зæхкусæджы хæдзары. 1922 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Къостайыхъæуы. Лади каст фæци авдазон скъола æмæ Ирпедтехникум, стæй ахуыр кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Институты кæронмæ нæ бакасти — 1940 азы йæ акодтой Сырх Æфсадмæ. Ульяновсчы хæстон скъола фæуыны фæстæ ацыди Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. 1947 азы сыздæхтис Ирыстонмæ æмæ йæ ахуыр ахæццæ кодта педагогон институты (фæсаууонмæ). Каст æй куы фæци, уæд куыста ахуыргæнæгæй алы хъæуты, стæй Ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты, ноджы уыди Къостайыхъæуы скъолайы директор.

Лади у цалдæр поэтикон чиныджы автор. Уымæй дарддæр Гаппуаты Хъасболатимæ сарæзта ирон æвзаджы кæсыны чингуытæ райдайæн кълæстæн. Ахуыргæнджытæн сæ куысты фæахъаз сты йæ методикон амындтытæ, диктантты æмбырдгонд æмæ а.д.




#Article 496: Охос-дель-Саладо (110 words)


Охос-дель-Саладо () у зæххыл тæккæ уæллоздæр вулкан æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг хох бæрзæндмæ гæсгæ (хох Аконкагуæйы фæстæ).

Лæууы Аргентинæ æмæ Чилийы астæу, цъупп ис Аргентинæйы æрдыгæй. Йæ бæрзонд у 6893 м. Вулканæй ныгуылæны ’рдæм  суанг Сабыр фурды былгæрæттæм йæхи айтыгъта æдзæрæгран Атакамæ.

Вулкан хуыстыл нымад у, уымæн æмæ хъусдарды историмæ иу сирвæзт дæр нæма æрцыдис. Фæлæ иуæй-иу хатт, пассивон  вулканон куыст, уæддæр фиппайд цыдис. Афтæ 1937, 1956 æмæ 1994æм азты уыдысты чысыл сондоны æмæ дондæфы сирвæзтытæ.

Вулкан басæттын бантыстис 1937 азы польшæйæгтæн Юстин Войжнис æмæ Ян Щепаньскийæн. Цъупмæ  фæндагыл альпинисттæ ссардтой, инктæ сæ динмæ гæсгæ кусарт-иу кæм кодтой, ахæм бынæттæ. Гæнæн ис, æмæ индейæгтæм вулкан Охос-дель-Саладо нымад цыдаид табуйаг хохыл.




#Article 497: Аконкагуæ (263 words)


Аконкагуæ () у дунейы тæккæ бæрзонддæр хуыст вулкан. Йæ бæрзонд у 6962 м. Уыимæ ма уæлдæр цъупп у ныгуылæн æмæ хуссар æрдæгтымбылджыты, Америкæйы континенты, Хуссар Америкæйы.

Хохы номы равзæрд бæлвырд иртæст нæу, иутæ йæ хонынц араукайнаг æвзагæй рацæугæ («цæугæдон Аконкагуæйы иннæ ’рдыгæй»), иннæтæ та æвзаг кечуайæ —«Дурын хъалагъур». Хох равзæрди дыууæ къæйы (Наскæ æмæ Хуссар—Америкаг) кæрæдзи куы скъуырдтой уæд.

Æвæрд у Цæнтралон Андты Аргентинæйы территорийыл. Алырдыгæй йæм æнгом лæууынц хæххон рæгътæ: цæгат æмæ скæсæны 'рдыгæй рагъ , хуссар æмæ ныгуылæны ’рдыгæй та . Хох хауы националон парк Аконкагуæмæ. Йæ фæхстыл ис бирæ цъититæ, тæккæ егъаудæртæ — цæгатскæсæны æмæ скæсæны цъититæ.

Аконкагуæ нымад у альпинизмы техникон æмбарынадмæ гæсгæ æнцон хохыл, куы сцæуай  цæгатаг фахсыл уæд. Схызты рæстæг бæрзонды тæваг йæхи æнкъарын кæны, цъуппыл уæлдæфы æлхъывд у афтиддæр 40% дæнджызы æмвæзадæй, фæлæ уæддæр туаггуыры балонтæй пайдагæнын нæ бахъæуы. Маршруты ацыды минималон рæстæг фидаргонд æрцыдис 1991-æм азы.

Дыккаг маршрут у Польшæйы цъитийы уылты. Хохмæ бафсæрæн цæуы ком Вакасыл (), уый фæстæ схызт Польшæйаг цъитийы бындурмæ, стæй — фыццаг маршрутимæ баиу вæййы æмæ цъупмæ схизы. Хуссары æмæ хуссар-ныгуылæн хæххон рæгъты уылты маршруттæ нымад сты тынг зынтыл сцæуынмæ.

Историйы фыццаг бæрæг фæлварæн цъупмæ сцæуынмæ, уыдис конд анлисаг Эдвард Фицджералды экспедицийæ. 14 январы цъупмæ бахæццæ швейцариаг Матиас Цурбригген, цалдæр боны фæстæ — экпедицийы дыууæ æндæр архайæджы.

Ныр схызты размæ альпинисттæ хъуамæ Мендосæйы, Националон парк Анкогуайы бынæттон хицауадæй, балхæной фæуагъд (). Æргътæ ивынц сезонмæ гæсгæ.

Хохмæ схызт цæуы ацы æхсæйнаг тæппыты уылты (бæрзонды бæрæггæнæнтæ æввахсист сты):

Цæгат Ирыстоны альпинисттæ схызтысты Хуссар Америкæйы бæрзонддæр цъуппмæ 2010-æм азы мартъийыУыдон сæвæрдтой цъуппыл Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ. Альпинистты къорды разамонæг уыдис Хæмыцаты Хъазыбег.




#Article 498: Чакалтайæ (146 words)


Чакалтайæ (, , ) — хæххон рагъ цъитийымæ Боливийы, йæ бæрзонд хæццæ кæны 5421 м, зыны дзы цад Титикакæ. Цъупп æвæрд у 30 км сахар Ла-Пасæй. Чакалтайæ у Хуссар Америкæйы хæхтæй уæлоздæртæй иу, йæ цъити фыццæгтæй райдыдта тайын боныхъæды ивды тыххæй. Цъити сæвзæрыдис 18 милуан азы размæ, фæлæ 1980-æм азæй райдыдта тайын æмæ дзы фæцух ис 80 %. Æнхъæл сты æмæ 2010-æм азы кæронмæ цъити æнæхъæнæй фесæфдзæн.

Хох Чакалтайæ у иунæг лыжæты курорт Боливийы. Ай у цæгатагдæр курорт Хуссар Америкæйы, рæтæн фæндагæй лæггадгонд кæм цæуы ахæм курорттæй тæккæ уæллоздæртæй иу, у тæккæ хæстæгдæр экватормæ. 1939-æм азы ам сарæзтой Хуссар Америкæйы фыццаг бугелон хæрдмæисæн (уырыс. подъемник) автоматикон тырнæнимæ. Тынг уазал боныхъæды тыххæй зымæджы хæрдмæисæн ноябрæй мартъимæ кусы афтиддæр фæлладуадзæн бонты. Курорт сарæзта æмæ ныры онг дары Club Andino Boliviano, фæлæ глобалон фæхъармы тыххæй дæлдзырæтты азон нымæц бирæ фæкъаддæр æмæ хæххон лыжæты спортæн бæзгæ бынæттæ дзæвгат фæкъуындæг сты.




#Article 499: Хъуылаты Созырыхъо (131 words)


Хъуылаты Садуллæйы фырт Созырыхъо (Сикъо) (райгуырдис 1900-æм азы, Згъуыбиры — амардис 1937-æм азы) уыдис ирон фыссæг.

Созырыхъо райгуырдис Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Ахуыр кодта Гуры гимназы, фæлæ йæ каст нæ фæциc.

Хæрз æрыгонæй фæцалх ис революцион куыстыл. Меньшевикты хицауады дзырдæй йæ дыууæ хатты æрцахстой, фæлæ та-иу ралыгъдис. Фæстагмæ баиу большевиктимæ æмæ рафтыдис Цæгат Кавказмæ. Уыдиc Сырх Æфсады эскадроны политразамонæг, урсгвардионты ныхмæ хæцыдиc Бургъустаны. 1923–1928 азты ахуыр кодта Мæскуыйы Тимирязевы номыл хъæууонхæдзарадон академийы. Уый фæстæ куыста алы рæтты: журнал «Фидиуæджы» редакторæй, Гуырдзыстоны К(б) П-йы ЦК-йы хъæууонхæдзарады хайады инспекторæй, Фæскавказы пролетарон фысджыты ассоциацийы президиумы сæрдары хæдивæгæй, Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон комиссарæй.

Литературон куыст кæнын райдыдта 1916-æм азы. Уыдис дæсны прозаик, фыста æмдзæвгæтæ дæр, уыимæ, адæмон сфæлдыстады бындурыл чи æнцадис, ахæмтæ.

Фыссæджы литературон бынты тæккæ æххæстдæр æмбырдгонд рацыди 1957-æм азы Цхинвалы.




#Article 500: Дюмезиль, Жорж (266 words)


Жорж Дюмезиль (; райгуырдис 1898 азы 4 мартъийы — амардис 1986 азы 11 октябры) уыдис францаг мифолог æмæ лингвист.

Дюмезиль ахуыр кодта Уæлдæр нормалон скъолайы Парижы. Йæ зондахастыл бандæвта Антуан Мейейы зонадон хъуыдытæ.
Йæ диссертацийы Жорж бацархайдта равдисын, æнæмæлæт чи дæтты, уыцы бердзенаг амбрози æмæ индиаг амритæ равзæрдысты праиндоевропæйаг уидагæй. Йæ ахæм хъуыдытæм академион æхсæнад фауæг ахаст кæй бадардтой, уый тыххæй Дюмезиль 1925 азы ацыдис кусын Стамбулы университеты ахуыргæнæгæй. Уым Жорж сцымыдис ис кавказаг æвзæгтæм, райдыдта ахуыр кæнын убыхаг æвзаг. Уыцы хъуыддаджы йын æххуыс кодтой, XIX æнусы Туркмæ алидзджыты байзæддæгтæй ма убыхагау цы стæм адæймæгтæ дзырдтой, уыдон.
Ноджы ма Дюмезиль иртæста ирон адæмы эпос, æмæ уым ссардта диссаг параллельтæ кельтаг таурæгътимæ.

Дюмезиль æмæ йе скъолайы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй рагон индоевропæйаг æхсæнад арæзт уыдис æртæфункцион фæлтæрæй: зонды куыстгæнджытæй (дзуарылæгтæ, тæрхоны лæгтæ, арфæтæгæнджытæ, хингæнджытæ æмæ афтæ дарддæр), тыхы куыстгæнджытæй (хæстон адæм æмæ æфсæддон разамонджытæ), æмæ хæдзарадон кусджытæй (зæхкусджытæ, фосдарджытæ æмæ афтæ дарддæр). Ирон адæм дæр индоевропæйæгты иу хай сты, æмæ уымæ гæсгæ ацы фæд ахуыргонд уыдта нарты кадджыты: ам æхсæнадон фæлтæртæ ралæууыдысты мыггæгты хуызы — Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ.
Дюмезилы хъуыдымæ гæсгæ, рагон индоевропæйæгтæм зæдтæ æмæ дауджыты дуне арæзт уыдис æнгæс модельмæ гæсгæ. Цæвиттон, рагон ромæгтæн сæ сæйраг хуыцæуттæй Юпитер, Марс æмæ Квирин æххæст кодтой уыцы æртæ функцийæ фæйнæ иуы, ома Юпитер — фыццаг (зонды) функци, Марс— дыккаг (ома тыхы) функци, æмæ Квирин та — æртыккаг. Рагон индийæгтæм — Митрæ (кæнæ Варунæ), Индрæ æмæ дыууæ Насатьяйы, рагон славяйнæгтæм — Свантовит, Перун æмæ Велес  æмæ афтæ дарддæр.

Дюмезиль у 40 чиныгæй фылдæры автор. Уыдонæй сæ ахсджиагдæртæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгонд нæм сты.

Жорж Дюмезилы ном хæссы 45-æм гимнази Дзæуджыхъæуы.




#Article 501: Галикарнасы мавзолей (509 words)


Галикарнасы мавзолей у Карийы паддзахиуæггæнæг Мавсолы зæппадз. Арæзт æрцыдис йæ ус Артемисия II-æмы бардзырдмæ гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ IV æнусы Галикарнасы (ныртæккæйы Турчы сахар Бодрум).

Алы ахуыргонд грекъаг дæр буц æмæ сæрыстыр уыдиc Галикарнасæй — «историйы фыд» Геродоты райгуырæн сахарæй. Номдзыд ахуыргонд ам арвыста йе ’взонджы бонтæ, ам тох кодта тиранийы ныхмæ, ардыгæй фæхауæггаг тиранийы аххосæй.
Сахар уыди Чысыл Азийы, денджызы былгæрон. Нæ эрæйы агъоммæ 377–352 азы дзы паддзахиуæг кодта Мавсол. Курдиатджын дипломат дардта æххуырсгæ флот æмæ æфсад æмæ байста Чысыл Азийы хуссар-скæсæйнаг хай æнæхъæнæй. Йæхæдæг кариаг (хеттæгты мыггагæй) уæвгæйæ архайдта грекъаг философи парахат кæныныл. Йæ сахары сарæзта, æгас дунейы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм галуантæ, кувæндæттæ.

Мавсолы амарды фæстæ паддзахы къæлæтджын бацахста йæ ус Артемисия II. Родосæгтæн уый хъыг уыд, ома Карийы сахартæн сылгоймаг цæмæн у уынаффæгæнæг æмæ йæ ныхмæ арвыстой сæ хæстон флот. Артемисия уый куы базыдта, уæд йæхи флот хибар ран бамбæхста, сахары цæрджыты та фидæрттæм барвыста. Родосæгты хæстон наутæ куы ’рбахæццæ сты, уæд сыл Галикарнасы цæрджытæ сæхи цингæнæг скодтой, урс тырысатæ сдардтой. Родосæгтæ сæ наутæ ныууагътой æмæ сахармæ бацыдысты. Уыцы рæстæг Артемисия йе ’мбæхст бынатæй йæ флот ракодта æмæ родосæгты фæцагъта сахары фæзы. Йæ хæстонты сбадын кодта æмæ йæ фæндаг Родосмæ адардта. Родосæгтæ сæ наутыл лавры чъинатæ куы ауыдтой, уæд банхъæлдтой, нæ хæстонтæ тохæй уæлахизæй æрбаздæхтысты, зæгъгæ. Артемисия сакъадах байста, йæ паддзæхты йын амардта æмæ Родосы сæвæрын кодта цыртдзæвæн: Артемисия Родосыл цагъары гакк куыд æвæры, уый æвдыстой дыууæ бронзæ скульптурæйы.

Артемисия йæ лæг Мавсолы тынг кæй уарзта, уый тыххæй фыстой историктæ Плиний æмæ Геллий. Мавсол, дам, куы амард, уæд ын йæ ус скодта стыр хист. Лæджы буар басыгътой. Йæ фæныкыл ын духи æмæ дон ныккодтой, æмæ йæ Артемисия банызта. Валери Максим фыссы: усы фæндыд йæ лæгæн цардæгас цырт фестын. Ноджы йын саразын кодта адæмæн æмбисонды зæппадз. Уый нымад æрцыди дунейы фæндзæм диссагыл. Дзырд «мавзолей» дæр Мавсолы номæй равзæрд. Артемисия йæ цæргæбонтæ арвыста йæ лæгыл хъыггæнгæйæ, мæрдтæм дæр æй хъыг батардта.

Мавзолей рауад æвирхъау рæсугъд. Йæ архитектурæйы сиу сты æртæ стилы: дориаг, ионаг æмæ коринфаг. Ацы бæстыхай хъуамæ уыдаид зæппадз дæр æмæ кувæндон дæр. Æртæ æддæгуæлæ хайæ алкæмæн дæр уыд йæхи нысан: урс мармæрæй амад пьедесталыл лæууыдысты егъау цæджындзтæ, уыдоныл — пирамидæхуыз цар, пирамидæйы цъуппыл та егъау скульптурæ — цыппар бæхы дыдзæлхыг уæрдоны ифтыгъдæй, уæрдоны — Мавсол æмæ Артемисия. Зæппадзы бæрзæнд уыди 46 метры, йæ дæлбазыр — домбæйтты æмæ барджыты дурнывтæ. Проект сарæзтой номдзыд архитектортæ Пифей æмæ Сатир. Уæды рæстæджы дæсныдæр нывгæнджытæ æзхуыздæрбакусонæй ерыс кодтой бæстыхай амайгæйæ. Скопас ын арæзта йе скæсæйнаг фарс æмæ дзы равдыста грекъæгты тох амазонкæтимæ. Ацы фарсæн йæ иу стыр хай нæ фехæлд, æмæ абоны фæлтæртæ дисгæнгæйæ фæкæсынц номдзыд скульпторты нывтæм. Рагон историктæ куыд фыссынц, афтæмæй зæппадзы иннæ фæрстыл нывгонд уыдысты Тесей æмæ Пелопс алы хуызты, стæй кентавртæ æмæ лапифтæ. Мавсол æмæ Артемисияйы скульптурæ та, дам, Пифейæн йæхи конд у. Нырыккон ахуыргæндтæ та æндæр хъуыдыйыл хæст стьк йæ автор, дам, у Биаксис.

Мавзолей фæлæууыди 19 æнусы дæргъы. XIII æнусы зæххæнкъуыст æй тынг нæ бахъыгдардта, фæлæ йæ XV æнусы фехæлдтой родосаг рыцæртæ — йæ дуртæ йын фæластой Сыгъдæг Петры фидар аразгæйæ. XIX æнусы археологтæ ссардтой Мавзолейы баззайæццæгтæ. Уыдон ныр æфснайд сты Британийы музейы.




#Article 502: Дæллаг Австри (129 words)


Дæллаг Австри () у федералон зæхх Австрийы цæгат-скæсæны. Йæ сæйраг сахар у Санкт-Пёльтен (1986-æм азæй). Дæллаг Австрийы мидæг, анклавы хуызы, æрбынат кодта паддзахады сæйраг сахар Венæ.

Территорийы фæзуат 19 178 км² (фыццаг бынат).

Дæллаг Австрийы цæрджыты нымæц æдзухдæр рæзы йæ цæнтралон хайы, Венæйы алфамбылай, регионты Вальдфиртелы æмæ Вайнфиртелы кæрæтты. Санкт-Пёльтен ацы федералон зæххы сæйраг сахар куы сси, уæдæй адæмы бафтыд хорз фиппайд цæуы ацы ран. Цæрджыты фæфылдæры контролæн арæзт æрцыдысты специалон программæтæ.

Æндæрбæстæгты хай у 6,3 %, ай у Австрийы астæуккаг нымæцæй къаддæр.

Дæллаг Австрийы политикон ландшафт 1945-æм азы фæстæ сæйрагæй ахст цæуы афтиддæр Австрийы адæмон партийæ (ÖVP), хаттæй-хатт абсолютон хъæлæсты нымæцимæ æрцахсы бынæттæ фæткдар оргæнты. Адæмон партийы минæвартæ ацы рæстæг вæййынц зæххы сæрдартæй æвзæрст. Дыккаг хъомысмæ гæсгæ парти — Австрийы социал-демократион парти (SPÖ).

Дæллаг Австрийы ис цалдæр гæнахы.




#Article 503: Абазаг адæм (265 words)


Абазаг адæм, абазæгтæ () — Кавказы автохтонон адæмтæй иу, хауы абхазаг-адыгаг адæмтæм. Сæ цæрæнтæ фылдæр сты Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы. Нымад сты европеоидон расæйы понтиаг дæлтипыл.

Ныры дуджы цæрынц Уæрæсейы Федерацийы, æппæты тыгуырдæрæй Хъæрæсе-Черкæсы 13 хъæуы. . Уымæй уæлдай ма цалдæр диаспорæйы ис Хæстæг Скæсæны.

Этнонимон ном абаза (абазгтæ), стæй ацы этникон къордмæ хауæг знæмты кой цæуы антикон авторты сфæлдыстады суанг нæ дуджы агъоммæ V-æм æнусæй. Зæгъæм, рагбердзенаг историк Геродот (V-æм æнус нæ д.а.) йæ рагдунейы картæйы Сау денджызы былгæрæттыл цæрæг знæмты астæу, коракстæ æмæ колхтимæ бацамыдта абасгты знæм дæр. Абазинаг æвзаг иртасæг Генко А.Н. уый фæдыл фыста:

Нырыккон абазинтæн сæ историон ратæдзæн у ныры Абхазы территори. . Уыимæ лингвистикон æгъдауæй дæр абазинтæ тæккæ хæстæгдæр сты абхазæгтæм, фæлæ дзæвгар у сæ адыгаг хайбавæрд дæр, кæсгæтты æндæвдады фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ сæ культурæйы абхазаг элементтæ адыгæгтæй дзæвгар къаддæр сты.
Абазинтæ сæ динмæ гæсгæ пысылмæттæ — сунниттæ сты.

Уæрæсейы федерацийы кусы абазинаг-абхазаг этносы райрæзты æхсæнадæмон иугонд:

Абазинаг диаспорæйы фылдæр хай ис ацы бæстæты: — Турк, Мысыр, Сири, Иордани æмæ Ливаны. Диаспорæйы бæлвырд нымæц бæрæг нæу, фæлæ æппæты лоялондæр цæстæнгасмæ гæсгæ 100 минмæ хæццæ кæны. Уыимæ паддзахадон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1858-æм азæй 1864-æм азы онг Туркмæ мухадзыртæй фæцыд 50 мин абазинаджы, кавказаг мухадзырты рæстæг та райгуырæн бæстæ ныууагътой 100-150 мин адæймаджы. Фæлæ уыцы адæмы байзæддæгтæ фылдæр ассимиляцигонд æрцыдысты, уыимæ æрмæст турк æмæ араббæгты æхсæн нæ, фæлæ ма иннæ мухадзырты астæу — адыг æмæ абхазтæ раисты.

Абазинæгтæ дзурынц цæгат-кавказаг абхазаг-адыгъейаг къорды абазинаг æвзагыл. Уый та йæхæдæг дих кæны дыууæ диалектыл — тапантаг (литературон æвзаджы бындур) æмæ «ашхараг». Фыссынад — кириллицæ кириллицæйы бындурыл. Уæрæсейаг абазинæгты фылдæр хай уымæй уæлдай зонынц кæсгон-черкесаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.




#Article 504: Географион координатæтæ (476 words)


Географион координатæтæ — рабæрæг кæнынц тæппы бынат Зæххы уæлцъарыл, кæнæ географион цъары.

Географион координатæтæ арæзт цæуынц сферон координатæты принциптæм гæсгæ. Ахæм координатæтæ бæззынц æндæр планетæтæн дæр æмæ уæларвон сферæйы дæр.

Уæрхад  — къуым бынæттон зениты здæхты æмæ экваторы фæзойы астæу, нымад цæуы 0-æй 90 °мæ экваторы дыууæрдыгæй дæр. Цæгаты æрдæгтымбылæджы географион тæппыты уæрхад (цæгаты уæрхад) нымад  цæуы куыд æвæрццæг, хуссар æрдæгтымбылæджы та — æппæрццæг. Ноджы ма абсолютон асмæ гæсгæ стырдæр уæрхæдты тыххæй фæзæгъынц бæрзæндтæ, нолмæ хæстæджыты (ома экватормæ) тыххæй та — ныллæджытæ.

Зæххы формæ (геоид) къорийæ кæй хицæн кæны, уымæ гæсгæ географион уæрхад дæр цасдæр хицæн кæны геоцентрон уæрхадæй, т. е. къуымæй ацы тæппы здæхтмæ Зæххы цæнтрæй æмæ экваторы фæзойæ.

Бынаты уæрхад рабæрæг кæнæн ис ахæм астрономион кусæнгæрзты æххуысæй — секстант кæнæ гномон, ис ма спайдагæнæн  системæтæй GPS æмæ ГЛОНАСС. Уæрхадимæ æмæ азы афонимæ йæ дæргъ баст у бонæн.

Дæргъад  — лæвæрд тæппы уылты цы мередианы фæзой цæуы, æмæ райдайæн нулон мередианы (уымæй райдайы дæргъады нымад) астæу къул. Ныр Зæххыл нулоныл нымад у Гринвичы зæронд обсерваторийы уылты,  Лондоны хуссар-цæгаты цы меридиан цæуы, уый. Уымæ гæсгæ хуыйны Гринвичы меридиан. Дæргъæдтæ 0 -æй 180° скæсæны 'рдæм нулон меридианæй, хонынц скæсæйнæгтæ, ныгуылæны 'рдæм та ныгуылæйнæгтæ.  Бахахх кæнын хъæуы æмæ уæрхæдтæй хъауджыдæр, дæргъæдты системæйы райдайæны меридиан хибар у, æмæ баст вæййы исты меридианыл фидыдмæ гæсгæ.  Афтæ, Гринвич йæдтæмæ, раздæр нулонтæй æвзæрст цыдысты меридиантæ обсерваториты Парижы, Кадисы, Пулковойы  (Уæрæсейы паддзахады территорийыл) æмæ а.д.

Дæргъады дæлбар у бынæттон рæстæг

Цæмæй тæппы ран æххæстæй бæрæггонд æрцæуа æртæбæрцон () тыгъдады, уый тыххæй хъæуы æртыккаг координатæ — Бæрзæнд. Планетæйы центрмæ дæрддзæгæй географи нæ пайда кæны: бæззы афтиддæр планетæйы тынг арф бæстæты афыстæн, кæнæ космосы орбитæтæ нымайынмæ.

Географион цъары гæрæнты пайда кæнынц арæхдæр æмвæзад денджызы бæрзæндæй, нымад цæуы «лæгъзгонд» геоиды уæлцъары  æмвæзæй.
Ахæм æртæ координатæйæ систæмæ уайы ортогоналон, уый æнцондæр кæны нымаинæгтæ. Æмвæзад дæнджызы бæрзæндæй ма æнцойуат у атмосферон æлхъывдимæ басты тыххæй.

Зæххы уæлцъарæй дæрддзæг (уæлæмæ кæнæ дæлæмæ) арæх пайдагонд цæуы бынаты афысты рæстæг, фæлæ нæу координатæ цъары  æнæлæгъзы тыххæй.

Тæпп O- йы миниуæгыл Навигацийы нымад цæуы транспортон мадзалы (ТМ) массæты центр. Координатæты райдайæны ахызт  инерциалон системæйы географионмæ (ома  æй) æххæст кæны уæрхады æмæ дæргъады  нысаниуджытæм гæсгæ. Географион координатты систæмæйы цæнтр () инерционалоны дæтты (Зæххы хуызæг къоригондыл  куы нымайæм):

Сæмæнты здæхт географион координатæты систæмæйы (ГКС) æвзæрст цæуы алгоритммæ гæсгæ.

Æртæтигъон () XYZ-йы ориентаци, зæххы зилдухы æмæ транспортон мадзалы змæлды тыххæй æдзухдæр бынатæй рацух вæййы къуымон тагъддзинадтимæ. 

Сæйраг цъухдзинад ГКС-ы практикон пайдадзинады навигацийы сты къуымон тагъддзинады егъау астæ бæрзонд уæрхадты, срæзынц  полюсыл раст æгæронадмæ. Уымæ гæсгæ ГКС-ы бæсты фæпайда кæнынц æрдæгуагъд координатон системæйæ.

Æрдæгуагъд азимуты КС хицæн кæны ГКС афтиддæр иу æмбæрцадæй (), кæцы у ахæм:

Уымæ гæсгæ системæты райдайæн иухуызон у, сæ ориентацитæ дæр æмхуызон сты иу хицæндзинадимæ, йæ сæмæнтæ   æмæ  иуварс здæхт сты ГКС-йы сæмæнтæй  къуыммæ, уымæн рæстаг у æмбæрцад

Рацарæзт ГКС-йы æмæ æрдæгуагъд азимуты КС астæу æххæстгонд цæуы формулæмæ

Æцæгдзинадæй иууылдæр бахыгъдтæ нымад цæуынц ацы систæмæйы, æмæ уыйфæстæ, информацийы рацæуæны æрцæуы координатæты рацарæзт  ГКС-мæ.




#Article 505: Трог (181 words)


Трог кæнæ трогон дæлвæз ( «бæлæгъ») — дæлвæз, цъитион кæнæ рагонцъитион бæстæйы,  бæлæгъхуыз (U-фæлгонцджын) цæхгæрмæ профилимæ, фæтæн бынимæ æмæ уырдыг мидтаст былтимæ, баст сты цъититы экзарациимæ.

Типикон трогон дæлвæзты былтæ уæлейы аивынц къулаив ихæй зылд хайтыл, хонынц сæ троджы уæхсчытæ. Иуæй-иу трогтæн вæййы иу нæ, фæлæ дыууæ кæнæ æртæ уæхсчыты къайы. Ахæм æвæрд трогтæ арæх æмбарын кæнынц афтæ, æмæ ногдæр дæлвæзтæ нынныхстысты зæронддæр дæлвæзты быны.

Дæргъмæ профилы трогон дæлвæзтæ арæхдæр æвдисынц къæпхæнджын формæ, уым кæрæдзийы ивынц арвгонд хæйттæ æмæ уæлæмæхæцт  къæдзæхджын къæпхæнтæ (ригелтæ). Бассейнтæ арæх дзаг сты цадтæй кæнæ дойнаг бынтæй, ригелтæ та фылдæрхатт гом вæййынц, æмбæрзт фыры ныхтæй æмæ хаххтæгонд сты цъитион лыстæг хæххытæй.

Трогон дæлвæзты характерон æууæлтæ сты ауындзгæ дæлвæз-фæрсагдæттæ. Сæ бынтæ æвæрд сты уæлдæр 150-200 м сæйраг трогон  дæлвæзы бынæй, æмæ дзы дих кæны донæфтæны къæпхæнæй. Афтæ рауад уый тыххæй æмæ сæйраг дæлвæз цы цъити байдзаг кодта уый  бæрæг тынгдæр ныллыг кодта йæ фæндаг йæ лыстæг фæрссагимæ абаргæйæ.

Тæккæ егъаудæр трогты дæргъ хæццæ кæны цалдæр дæсой, кæнæ сæдæ километры. Трогтæ уæрæх хæлиугонд сты сурзæххы  хæххон-цъитион районты. Цъититæ кæм хæццæ кодтой деджызы æмвæзадмæ, уым трогон дæлвæзты дарддæр аивынц фьордтæ.




#Article 506: Цыми (Алагиры район) (185 words)


Цыми у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Нарыдон æмæ Мамысондон иу кæм кæнынц, уым.

У Туалгомы рагондæр хъæутæй. Йæ фыццаг æрцæрæг Бигъуылайы мæсыг æвæрд уыдис Цмийы къæдзæхы фидар риуыл. Ам Бигъуыла суазæг кодта Гуырдзыйæ Кæсæгмæ фистæгæй цæуæг кæсгон кънйаз Иналы фырт Хетæджы. Бæллиццаг уыдысты Бигъуылайы цæрæн бынат æмæ фадæттæ. Йæ хъæу лæууыд стыр фæзы. Йæ мæсыг — Цмийаг комы доны галиу был фидар къæдзæхыл.

Йæ хуымзæххытæ — йæ алыварс. Буц уыди Цмийы стыр хъугомæй. Фосхизæнтæ, хосгæрст зæххытæ æмæ хъæд — парахат Цмийаг комы уæлвæзты, фæхсыты æмæ адæгты. Суæрттæ хæстæг — Æрыдоны доны фæйнæ фæрсты.

Азæй-азмæ рæзти хъæу. Бирæ кодтой Бигъуылайы байзæддæгтæ. Фæстагмæ сæ фарсмæ æрцардысты Дзанайтæ, Гуыбатæ, Хетæгкатæ.

Цмийаг комы доны рахиз фарс стыр фæзæй дардмæ зынд зынгæ ирон фыццаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапары дыууæуæладзыгон цъæхсæр хæдзар. Сæрды бонты Бетъырбухæй ссæугæйæ-иу дзы йæ фæллад уагъта Андухъапар, дзæбæх кодта йе ’мбæстон æвæгæсæг рынчынты.

Ам, йæ мады амарды фæстæ, хъомыл кодта, адæмæн йæ фæлмæн зæрдæйæ зындгонд Хетæгкаты Чендземæ ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Къоста.

Хъæуы астæу нырма лæууы чысыл, фæлæ рæсугъд рагон аргъуан, æмæ дзы цæрджытæ пайда кæнынц культурон æмæ æхсæнадон хъуыддæгтæн.

Цардысты дзы Бигъуылатæ, Кæсæбитæ, Гуыбатæ, Дзанайтæ.




#Article 507: Гюнтекин, Решад Нури (263 words)


Решад Нури Гюнтекин () (1889-æм азы 25 ноябры, Стамбул — 1956-æм азы  13 декабры, Лондон)  — туркаг фыссæг, романист æмæ драматург.

Йæ фыццаг уацау «Зæронд æмбал» рацыдис 1917-æм азы. Дарддæр цæуынц «Хæлддзæгты дидинæг» (1918-æм аз), «Нæзыцъиу — зараг цъиу»  (1922-æм аз), пьесæтæ «Æцæг хъайтар» (1918-æм аз), «Хъама» (1918-æм аз), «Дуры къæртт» (1926-æм аз) æмæ  а.д.

Йæ романты æмæ радзырдты Гюнтекин туркаг литературæйы фыццæгтæй иуæй равдыста реалгондæй æмæ алывæрсыгæй Анатоли, Турчы провинциалон сахартæ, æмæ гæвзыкк туркаг хъæу.
Дæнцæгæн ис æрхæссæн йæ роман «Нæзыцъиу — зараг цъиу» (), æвдисы æрыгон туркаг чызджы-ахуыргæнæджы хъысмæт  Анатолийы; ацы чиныгмæ гæсгæ 1966-æм азы ист æрцыдис киноныв, стæй йæ 1986-æм азы рацарæзтой телесериалы хуызы, Феридейы роль дзы æнтыстджынæй ахъазыд туркаг актрисæ Айдан Шенер.
 
Гюнтекины радзырды ис деталон æмæ дырыс стиль, реалистон фæлгъуызимæ. Йæ иннæ зынгæ романтæ — «Цъæх æхсæв»  () æмæ «Сыфтæрызгъæлæн» ().

Гæнтекин агайы бинонты цыргъ проблемæтæ, удгоймаджы æмæ æхсæнады æмахастытæ, æргом кæны дины кусджыты хъуыддæгтæ. Йæ роман  «Цъæх æхсæв»-ы равдыста туркаг адæмы национ-сæрибаргæнæн тох. Гюнтекины цавæрдæр фæлдисондтæ фыст сты сентиментализмы улæфты æндæвдадмæ гæсгæ.

Йæ фыд уыдис æфсады майор. Решад Нури цыдис райдайæн скъоламæ Чанаккалейы, Чанккалейы астæуккаг скъоламæ æмæ скъола  Freres-мæ Измиры. Фæцис Стамбулы университеты литературæйы факультет 1912-æм азы. Куыста куыд ахуыргæнæг æмæ  сæргълæууæг астæуккаг скъолаты Бурсæйы æмæ Стамбулы, уыйфæстæ куыд инспектор Национ Ахуырады  Министрады (1931). Дарддæр 1933-æм аз æмæ 1943-æм азы астæу уыди Чаккалейы минæвар Турчы парламенты, стæй  хистæр инспектор Национ Ахуырады Министрады (1947) æмæ культурæйы хабæртты фæдыл атташе Парижы (1950). Уыдис ма Турчы минæвар ЮНЕСКО-йы.

Пенсимæ рацыды фæстæ куыста Стамбулы муниципалон театрты литературон правленийы. Амардис Лондоны, куы ацыдис уырдæм рæуджыты ракæй дзæбæх кæнынмæ. Ныгæд æрцыдис уæлмæрдты  Стамбулы.




#Article 508: Шенер, Айдан (374 words)


Айдан Шенер (; райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы) — туркаг модель æмæ  киноактрисæ, хъуыстгонд у Феридейы ролæй сериалы «Нæзыцъиу — зараг цъиуы».

Айдан Шанер райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы чысыл сахар Киллисы, Турчы хуссар-скæсæны.
Айданы фыдырдыгæй хæстæджытæ ралидзгæ уыдысты Хъазанæй. 1877-æм азы йæ фыдыфыды фыд цæмæй аргъуыд ма ’рцæуа уый тыххæй æд бинонтæ фæсарæнтæм алыгъдис. Уæд бирæ пысылмæттæ, цæмæй чырыстон дин ма райсой, уый тыххæй райгуырæн бæстæ уагътой æмæ лыгъдысты фæсарæнтæм.

Йæ мад у хъырымаг тæтæйраг.

Айдан Шенер хæрзчысыл куы уыд, уæд йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Бурсæмæ, æмæ уым фæци каст астæуккаг скъола.

Æстдæсаздзыдæй Айдан Шенер рамбылдта хæрзуынддзинады конкурс «Мисс Турк» æмæ йæ бæстæйæ ацыдис конкурс «Дунейы Миссмæ» 1981-æм азы. Фæлæ уым коронæ саккаг кодтой венесуэлаг Пилин Леонæн. 
Титул «Турчы Мисс» куы райста, уæд йæхи æнтыстджынæй равдыста моделон бизнесы, уымæн æмæ пысылмон Турчы рæсугъд  маникенщицæтæ арæх нæ уыдысты. Арæх архайдта рекламæйы.

Тагъд рæстæджы æрцыдис йæ кинойы дебют. Уый уыдис Феридейы роль сериалы «Нæзыцъиу —  зараг цъиуы» зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ, æмæ йын ацы роль æрхаста  дунеон кад. Ныййарджытæ йæ ныхмæ нæ цыдысты æмæ йын алы сфæлдыстадон райдыды æххуыс кодтой. Консервативон туркаг æхсæнады  реакци дæр разындис æвæрццæг. Æгæр хæрзæххæст уыдис Айданы героинæ, цæмæй йæ зæрдæмæ ма райстаиккой. Ныры рæстæгмæ ацы киноныв Турчы у тынг популярон. Æрвылаз æй февдисынц телеуынады.

Ныр цæрынц дыууæйæ йæ чызгимæ.

Айдан Шенер — пысылмон у, фæлæ царды пысылмон æгъдæуттыл карзæй нæ хæцы. Афтæ сæрбæттæн æмæ паранджа, зæгъæн ис, æмæ никуы  дардта, нымадта сæйрагдæр у цæмæй Аллах уды уа. Хуыцау æй уырны, уырны йæ зæдты æххуыс зын сахаты, адæймаджы хъысмæт рагацау уынаффæгонд кæй у. Нымайы, сылгоймаг æмæ нæлгоймагæн иухуызон бартæ кæй хъуамæ уой.

Тынг уарзы цæрæгойты. Хæдзары йæм цæрынц дыууæ куыдзы.

Айдан Шенеры ном дунейыл айхуыстис, уарзондзинады тыххæй тæккæ хъуыстгонддæр чингуытæй иуы  экранизацийы Феридейы ролы куы ахъазыдис, уæд. Уый уыдис зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ ист киносериал  «Нæзыцъиу — зараг цъиу».

Актрисæйы иу хъуыстгонд куыст ма ссис сериал «Æрфæны фæд». Айдан ахъазыдис сæйраг ус-герой Зюлялы роль.

Йæ Муаллæ-ханым та кинонывæй «Нысангонд уардитæ» () — æртæ æмбал чызгæй иу, раздæр уыдысты кæй  фæхонынц «æхсæвхиз гæлæбутæ» ахæмтæ, фæлæ кинонывæн уыдис амондджын кæрон.

Сæйрагдæр хъазыдис драмон æмæ мелодрамон сериалты. Айдан Шенер йæхæдæг куыд нымайы афтæ:

Арæх актрисæйы ис фенæн популярон шоутæ æмæ телеравдыстыты.

Йе 'рбацыды тыххæй Айдан загъта афтæ:




#Article 509: Исхаки, Гаяз (260 words)


Гаяз Исхаки (Иделле, ; райгуырдис 1878-æм азы 23 февралы, Яуширмайы хъæуы — амардис 1954-æм азы 22 июлы, Анкарайы) уыдис тæтæйрæгты националон змæлды зынгæ архайæг, фыссæг, чиныгуадзæг æмæ политик.

Гаяз райгуырдис Хъазанмæ æввахс хъæу Яуширмæйы (ныртæккæ у Тæтæрстаны Чистополы районы Кутулушкинойы хъæу). Рацыдис мишарты бинонтæй. Ахуыр кодта сахартæ Чистополь æмæ Хъазаны медресеты. 1899-æм азы бацыдис уырыссаг ахуыргæнджыты скъоламæ Хъазаны. Йæ литературон архайд Гаяз Исхаки райдыдта XIX æнусы кæрон. Йæ фыццаг уацмыс «Радости познания» мыхуырæй рацыдис 1896 азы æмæ уайтагъд ссардта фæндаг чиныгкæсджыты зæрдæтæм.

Революцийы размæ Гаяз цалдæр хатты бадтис ахæстоны. Иуахæмы йæ куы æрцахстой æмæ Архангельсчы облæстмæ ахæссыны агъоммæ фæбадын кодтой, уæд уый цасдæр рæстæг фæцис Польшæйы фидæны премьер-министр Юзеф Пилсудский иу камерæйы. Дыууæ лæджы балымæн сты æмæ-иу арæх цыренæй ныхас кодтой царизмы ныхмæ сæ политикон тохы тыххæй.

Поволжье æмæ Урал большевиктæ фæстæмæ куы бацахстой, уæд Национ Разамынд, йæ сæргъы Исхаки, афтæмæй йæхи айста Сыбырмæ, тæтæйрæгтæ цæрджыты зынгæ хай кæм уыдысты, уыцы Петропавлосчы сахармæ. Уыцы ран Гаяз Исхаки райдыдта уадзын газет «Маяк». 1920 азы, большевиктæ сæ тыхбар Волгæйы былтыл æмæ Уралы бынтон куы ныффидар кодтой, уæд Гаязы бахъуыдис ныууадзын бæстæ.

Эмиграцийы Гаяз Исхаки фылдæр кодта политикон куыст, фæлæ нæ уагъта йæ литературон архайд дæр. Фæсарæнты кæй ныффыста, уыцы уацмыстæй хъуыстгонддæртæ сты драмæтæ «Дыууæ зынджы астæу» æмæ «Уылæнтыл», романтæ æмæ радзырдтæ «Хъæмæ цæугæйæ», «Фæззæг», «Стыр бæрæгбон» æмæ æндæртæ.

Советон заман Гаяз Исхакийы æхсæнадон-политикон æмæ литературон архайдыл дзурæн нæ уыдис æмæ уый фыдæй тæтæйрæгты фылдæр хай нæ зыдтой йæ ном.

Фæстæдæр Гаяз Исхаки æрцардис Турчы. Уым уый дарддæр кодта йæ политикон æмæ литературон куыст.
Амардис Гаяз Анкарайы, ныгæд та æрцыдис Эдернекапыйы уæлмæрдты, Стамбулы.




#Article 510: Долидзе, Виктор Исидоры фырт (148 words)


Виктор Исидоры фырт Долидзе (; райгуырдис 1890-æм азы 18 (30) июлы, Озургетийы — амардис 1933-æм азы 24 майы,  Тбилисы) уыдис советон гуырдзиаг композитор.

Виктор Долидзе райгуырдис Кутаисы губернæйы сахар Озургетийы, мæгуыр зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта Тифлисы коммерцион училищейы. 1910-æм азы мандолинæйæ цæгъдджыты ’хсæн конкурсы райста фыццаг преми.

Училище каст куы фæцис, уæд бацыдис Киевы коммерцион институтмæ æмæ ма уыциу рæстæг райдыдта ахуыр кæнын музыкалон училищейы (скрипкæ æмæ композицийы кълæсты). 1917-æм азы каст фæцис училище æмæ сыздæхтис Гуырдзыстонмæ. Уæдæй фæстæмæ йæ цард баст уыдис айдагъ музыкæимæ.

Виктор Долидзе у къорд оперæйы автор. Уыдоны ’хсæн:

Виктор Долидзе амардис 1933-æм азы 24 майы Тбилисы.

Виктор Долидзе зынгæ хай бавæрдта ирон музыкалон культурæйы рæзтмæ. Уый æрæмбырд кодта, нотæтæй ныффыста æмæ раиртæста 200 ирон адæмон зарæгæй æмæ кафæн цагъдæй фылдæр. Цы стыр æрмæг бамбырд кодта, уымæй инструментовкæгонд æрцыдысты 36 зарæджы æмæ кафæн мелодийы. Уыдон ма арæх цагътой Дзæуджыхъæуы æмæ Тбилисы арæзт концертты.




#Article 511: Кочысаты Розæ (115 words)


Кочысаты Псийы чызг Розæ (райгуырдис 1888-æм азы 12 майы, Ольгинскæйы — амардис 1910-æм азы) уыдис фыццаг ирон сылгоймаг драматург.

Розæ каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны цур дыууæкъласон скъола, уый фæстæ ахуыр кодта сылгоймæгты аздоны (уырыс. приют) Дзæуджыхъæуы. 1901-æм азы цæрынмæ ацыдис, йæ афицер æфсымæр службæ кæм кодта, уыцы Ташкентмæ. Уым чызг бацыдис сылгоймæгты гимназы æртыккаг къласмæ. 1904-æм азы Кочысон сыздæхтис Дзæуджыхъæумæ. Куыста ахуыргæнæгæй Алагиры, Æрыдоны.

Кочысаты Розæ амардис 1910-æм азы.

Æдæппæтæй Розæ ныффыста æртæ пьесæйы. Уыдонæй тæккæ популярондæр у дыууæактон комеди «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Ацы ныффыстæуыд 1905-æм азы, фыццаг хатт та мыхуыргонд æрцыдис 1907-æм азы журнал «Зонд»-ы. Пьесæ фыст уыдис, «Зæронд ус æмæ лæджы аргъау», зæгъгæ, уыцы ирон аргъауы мотивмæ гæсгæ.




#Article 512: Тедеты Бахвæ (120 words)


Тедеты Отары фырт Бахвæ (райгуырдис 1969-æм азы 18 сентябры, Цхинвалы) у Уæрæсейы футболист (æрдæгхъахъæнæг; раздæр уыдис размæбырсæг). Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны физикон культурæ, спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг.

Бахвæ райгуырдис Цхинвалы. Футболæй райдыдта хъазын 1979-æм азы йæ райгуырæн сахары ДЮСШ-ы (уырыс. детско-юношеская спортивная школа). Йæ тренер уыдис Гæззаты Б.

Тедейы-фырт хъуыстгонд спортсмен ссис, Дзæуджыхъæуы футболон клуб «Алани»-йы хъазын куы райдыдта, уæд. Æдæппæтæй дзы фæхъазыдис 10 азы (1990–1992, 1994–1997, 1999–2001). Йæ хъазыны карьерæ куы фæцис, уæд Бахвæ цалдæр хатты уыдис «Алани»-йы сæйраг тренер (2002, 2003–2004, 2005).

Тедеты Бахвæ у, Уæрæсейы чемпионаты кæй бакъуырдта, уыцы пуртиты нымæцмæ гæсгæ «Алани»-йы рекордсмен — 50 пуртийы. Æдæппæтæй Уæрæсейы чеспионаты бакъуырдта 59 пуртийы æмæ уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ æппæт хъазджыты номхыгъды ахсы 18-æм бынат.




#Article 513: Эджевит, Бюлент (123 words)


Мустафа Бюлент Эджевит (; 1925-æм азы 28 майы, Стамбул — 2006-æм азы 5 ноябры, Анкара) уыдис Турчы политик, поэт, фыссæг, тæлмацгæнæг, журналист. Цыппар æмгъуыды уыдис бæстæйы премьер-министр.

Эджевит уыдис, Кемаль Ататюрк бындур кæмæн сæвæрдта, уыцы Адæмон республикон партийы раздзог 1972-1980 азты.

Æфсæддон фæфæлдæхты фæстиуæгæн уымæй байстой политикон архайд кæныны бар, фæлæ фæстæдæр уыцы тобæ аиуварс чындæуыдис, æмæ Эджевит ногæй раздæхтис политикæмæ. 1987—1988 æмæ 1989—2004 азты Эджевит разамынд лæвæрдта Галиуон демократон партийæн, стæй 1999—2002 азты ногæй сси Турчы премьер-министр. Йæ архайды рæстæг Туркæн бантыстис Европæйы Цæдисмæ бацæуынмæ кандидатон бæстæйы статус райсын æмæ курдаг растджыты раздзог Оджаланы ахастонмæ бакæнын.

Эджевиты фæстæ Турчы премьер-министр сси Абдулла Гюль.

Бюлент Эджевит канд политик нæу, фæлæ ма фыссæг æмæ тæлмацгæнæг. Туркаг æвзагмæ тæлмац кодта Рабиндранат Тагоры уацмыстæ, иннæты ’хсæн.




#Article 514: Турчы хъæлæс (113 words)


Турчы хъæлæс () у Турчы паддзахадон радиойы æхсæнадæмон службæ. Уымæ фехъусæн ис цыбыр уылæнты, спутникæй Turksat 3A æмæ интернеты.

Фыццаг æхсæнадæмон хъусынкæнынад скуыста Турчы 1937-æм азы 8 январы. Йæ сæйраг нысан уыдис Хатайы конфликт Сириимæ æрбæстон кæнын æмæ йæ фыццаг программæ уыдис уæды Турчы премьер-министр Исмет Инёнюйы ныхас араббаг æвзагыл.

Туркаг æвзаджы йеддæмæ «Турчы хъæлæс»-ы программæтæ æрвылбон цæуынц 30 æвзагыл: азебрайджайнагау, албайнагау, англисагау, араббагау, болгайрагау, боснийагау, венгриагау, грекъагау, гуырдзиагау, испайнагау, италиагау, китайагау, македойнагау, немыцагау, персайнагау, румынагау, сербагау, тæтæйрагау, сомихагау, туркменагау, узбекагау, уйгурагау, уырыссагау, францагау, хорватагау, хъазахагау, хъиргъизагау, стæй дари, пушту æмæ урдуйыл. 
Уыцы программæты боны æдæппæт дæргъ у 58 сахаты.

Уырыссаг æвзагыл программæ 2010 азты цæуы арæхдзинадыл 11965 кГц 17:00—18:00 Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ.




#Article 515: Инёню, Исмет (168 words)


Мустафа Исмет Инёню (, 1884—1973) уыдис Турчы æфсæдты хицау æмæ политик, Турчы дыккаг президент, Ататюркы ’мкусæг æмæ йæ раивæг.

Мустафа Исмет райгуырдис 1884-æм азы 24 сентябры Измиры, паддзахадон службæгæнæджы бинонты ’хсæн. Каст фæци артиллерийы училище. Рагæй ссис Ататюрчы хæстæг æмтохгæнæг. Фыццаг дунеон хæсты рæстæг уыдис Месопотамийы фронты булкъон.

Грекъ æмæ Турчы ’хсæн дыккаг хæсты рæстæг Мустафа Исмет зындгонд сси, сахар Инёнюйы цур цы тох æрцыдис, уымæй. Фæстæдæр, Турчы хицауад мыггæгтæй пайда кæнын куы бауынаффæ кодта, йæхицæн мыггагæн райста уыцы сахары ном.

Турчы Республикæйы бындурæвæрды фæстæ Мустафа Исмет ссис йæ фыццаг премьер-министр æмæ уыцы бынаты куыста 1937-æм азы онг. Ататюрк куы амардис, уæд Инёнюйы равзæрстæуыд Турчы президентæй æмæ уыцы бынаты уыдис 1950-æм азы онг. Æппæт Дыккаг дунеон хæсты дæргъы йæ къухы æфтыдис йæ бæстæ нейтралон æмæ сабыр дарын, Турк хæстмæ бацыдис æрмæст 1945-æм азы 23 февралы, Герман æмæ Японы басаст æнæфæивгъуыйгæ куы уыдис, уæд.

Политикæйæ ацыдис 1972-æм азы.

Исмет Инёню амардис 1973-æм азы 25 декабры Анкарайы.

Инёнюйы ном хæссы Арараты ныллæгдæр цъупп (бæрзонддæр чи у, уый хæссы Ататюркы ном).




#Article 516: Хасан (хох) (146 words)


Хасан () — хуыст стратовулкан Турчы, Аксарайы илы.

Йæ бæрзæнд денджызы æмвæзадæй у 3253 метры уæлдæр, ахсы дыккаг бынат централон Анатолийы цъуппыты астæу.

Йæ кальдерæйы уæрæх у 4–5 км, сæвзæрдис 7500 азы нæ дуджы агъоммæ. Фæстаг скалд уыдис 6200 азмæ нæ дуджы ахъоммæ æввахс. Ацы дыууæсæрон стратовулкан бавзæрста йæ царды кальдерæйы ныккалдис цыппар хатты. Нырыккон сырезт сæвзæрыдис фæстаг кальдерæйы. Лавæйæ куполтæ сарæзтой дыууæ сæйраг цъуппы, ныгуылæны цъупп уæллоздæр у æмæ йын ис дыууæ вулканон кратеры. Хасаныл æрхъула кодтой 25-æй фылдæр лавæйы лæбырды æмæ конусы æртхутæгæй

Хасаны сирвæзт фиксацигонд æрцыдис неолиты рæстæджы къæдзæхыл нывтыл. Незаманы цæрæнран Чатал-Хюючы (, ) цæрджытæ æмбырд кодтой хохы алыварс обсидиан æмæ йæ ивтой сыхаг цæрæнрæтты. Ссардæуыд дзы айдæнтæ обсидианæй. Хохы нысаниуæг уæды рæстæджы цæрджытæн æвдисынц къæдзæхыл нывтæ, кæцыдæртыл дзы хох йæхи суæлвонг кæны цæрджыты хæдзæрттыл.

Хохмæ сцыд ахсы 6 сахатмæ æввахс. Цъуппæй зыны Анатолийы уæлвæз, æмæ, дæрддзæф æвæрд чи у, уыцы Каппадоки.




#Article 517: Уæрхад (109 words)


Уæрхад  — къуым бынæттон зениты здæхты æмæ экваторы фæзойы астæу, нымад цæуы 0-æй 90 °мæ экваторы дыууæрдыгæй дæр. Цæгаты æрдæгтымбылæджы географион тæппыты уæрхад (цæгаты уæрхад) нымад цæуы куыд æвæрццæг, хуссар æрдæгтымбылæджы та — æппæрццæг. Ноджы ма абсолютон асмæ гæсгæ стырдæр уæрхæдты тыххæй фæзæгъынц бæрзæндтæ, нолмæ хæстæджыты (ома экватормæ) тыххæй та — ныллæджытæ.

Зæххы формæ (геоид) къорийæ кæй хъауджыдзинад кæны, уымæ гæсгæ географион уæрхад дæр цасдæр хицæн кæны геоцентрон уæрхадæй, т. е. къуымæй ацы тæппы здæхтмæ Зæххы цæнтрæй æмæ экваторы фæзойæ.

Бынаты уæрхад рабæрæг кæнæн ис ахæм астрономион кусæнгарзты æххуысæй — секстант кæнæ гномон, ис ма спайдагæнæн системæтæй GPS æмæ ГЛОНАСС. Уæрхадимæ æмæ азы афонимæ йæ дæргъ баст у бонæн.




#Article 518: Æмвæзад денджызы бæрзæндæй (109 words)


Æмвæзад денджызы бæрзæндæй — координатæ æртæбæрцон () тыгъдады, (иннæ дыууæ уæрхад æмæ дæргъад) æвдисы цавæр æмвæзыл ис тæпп нолыл нымад денджызы æмвæзмæ гæсгæ.

Цæмæй тæппы ран æххæстæй бæрæггонд æрцæуа æртæбæрцон  тыгъдады, уый тыххæй хъæуы æртыккаг координатæ — Бæрзæнд. Панетæйы центрмæ дæрддзæгæй географи нæ пайда кæны: бæззы афтиддæр планетæйы тынг арф бæстæты афыстæн, кæнæ космосы орбитæтæ нымайынмæ.

Географион цъары гæрæнты пайда кæнынц арæхдæр æмвæзад денджызы бæрзæндæй, нымад цæуы «лæгъзгонд» геоиды уæлцъары  æмвæзæй.
Ахæм æртæ координатæйæ систæмæ уайы ортогоналон, уый æнцондæр кæны нымаинæгтæ. Æмвæзад дæнджызы бæрзæндæй ма æнцойуат у атмосферон æлхъывдимæ басты тыххæй.

Зæххы уæлцъарæй дæрддзæг (уæлæмæ кæнæ дæлæмæ) арæх пайдагонд цæуы бынаты афысты рæстæг, фæлæ нæу координатæ цъары  æнæлæгъзы тыххæй.




#Article 519: Æхсæу (779 words)


Æхсæу, дыгуронау Æхсæуæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Дигори коми Æхсæуи гъæу æвæрд æй Устур Дигори зилди æртæ комей астæу, Ирæфи донæн æ галеу фарси, паддзахи надмæ хæстæг, æ цæгатварс уайуй Билæги дон.

Æхсæуи гъæумæ фондз километри хæстæгдæр гъæу нæййес. Административон æгъдауæй Æхсæуи гъæу хауй Гулæри гъæууон советмæ.

Гъæуæн æ арæнтæ æнцæ: Цæгат æрдигæй Донифарси зæнхитæ, Хурнигулæн æрдигæй Асси, Хорискæсæн æрдигæй Ирæфи дон, Хонсар æрдигæй ба — Устур-Дигори зæнхитæ.

Хумзæнхитæй Æхсæуи цæргутæ мæгургомау адтæнцæ, фал син адтæй берæ игуæрдæнтæ, уæдта фонси хезнитæ: Билæги коми, гъæуи æма Ирæфи дони аллифарс, гъæди æрдозти. Уони фæрци цæргутæн сæ бон адтæй берæ фонс дарун.

Гъæумæ гъæдæ идард нæй, ласун си æнгъизтæй хуарз аразæн гъæди æрмæг, уæдта содзунмæ сог. Гъæуи цæргутæ раги балæдæрдтæнцæ рæзæ бæлæсти пайда, æма абони алли хæдзари цори дæр ес хуарз рæзи дзæхæрадонæ.

Гъæуи, уæдта гъæуæн æ алли фарс кæмтти æрдзæ рæсугъд æма зæрдесгæ хуарз æй, уæлдæф æма и уайгæдæнттæ — кæдзос, еци дæнттæ кæсалгæй — гъæздуг, уомæ гæсгæ ба сæрди мæйти берæ адæм æрцæуй Æхсæуи гъæумæ уолæфунмæ (цъетемæ).

Рагон цæргутæ гъæу ниввардтонцæ хонхи рæбун, къулдуни тегъæбæл. Сæ хæдзæрттæ æма сæ мæсгутæ аразтонцæ федар æма бæрзонд рауæнти уомæ гæсгæ: фиццагидæр, знæгтæй сæхе гъæуай кæнуни туххæй, гъæу “къæхти буни” æвæрд адтæй, кæмттæй имæ алли афони дæр тухгæнгути бон адтæй фæззиннун, дуккагæй ба, гъæумæ хæстæг æндзæртæ сæхецæн хумзæнхитæн аурстонцæ.

Цæмæй се ’знæгти фæссурдтайуонцæ, уой туххæй ба сæ гъудæй мæсгутæ. Гъæуи, ефстаг хæдзæрттæй уæлдай, алли муггагæн дæр адтæй мæсуг. Минкъий гъæу уогæй си банимайун æнгъезуй дæсæй фулдæр мæсуги бунæттæ. Сакъити, Телæхъурти, Зурати, Бузойти æма Цалити муггæгти мæсгутæ ба ма абони дæр лæуунцæ сæ бунæтти гъæуи хурфи æма æ алли фарс æрдæг ихæлдтитæй.

Гъæуи алли фарс ма ес берæ рагон обæйттæ, циртдзæвæнтæ æма уæлмæрдтæ, уонæмити циуавæр адæмтæ æвæрд æрцудæнцæ, уони гъæуи цæргутæ хуарз нæ зонунцæ, фал æнгъæл æнцæ, цума си æвæрд æрцудæнцæ, еминæй ка фæццæгъдуни ’й, еци рагон царцати адæмтæ... Куд иннæ гъæути цæргутæ Дигоргоми, уотæ Æхсæуи гъæуи рагон цæргутæ дæр Хуцау, Уасгерги æма иннæ изæдтæбæл æууæндтæнцæ, кувтонцæ сæмæ алли муггаг, кенæ ба алли хæдзарæ дæр алке æхе ковæндони, уæдта гъæуи еумæйаг ковæндæнтти; киристон дин дæр, дан, æрæгиæутти райстонцæ. Уой фæсте дæр гъæуи цæргутæ фулдæр æнхæст кодтонцæ сæ рагон муртак дини æгъдæуттæ.

Æхсæуи гъæуи цæргутæй фегъосун æнгъезуй берæ рагон дессаг таурæхътæ æма хабæрттæ, уонæй мин Сакъити зæронд лæг Геуæрги радзурдта еу таурæгъ. Раги кæддæр, дан, гъæумæ фæззиндтæй, адæмтæ биз-биз кæмæй кодтонцæ, еци Æхсахъ-Темур æ уорс æфсæйнаг базургин бæхбæл. Еци рæстæги Ладарти авд æнсувæрей еунæг хуæрæ дон хæссунмæ æрцудæй Билæги донмæ. Дон къосæй есунмæ куд гъавта и кизгæ, уотæ Ахсахъ-Темур æ цори февзурстæй, бæхмæ ’й исиста æма ’й фæххаста. Бæхи къæхти гъæр ку байгъустæй кизги æнсувæртæмæ, уæд æй авдемæй дæр расурдтонцæ, ку имæ ниххæстæг æнцæ, уæдта Ахсахъ-Темур искувта: “О Хуцæутти Хуцау, нæ мæ ниууадздзæнæнцæ зæнхи цъарæбæл, корун ди, Хуцау, æма мæ арвмæ исесæ”. Хуцау ин æ коммæ бакастæй, исæй иста арвмæ æма ’й стъалу фестун кодта, еци стъалуй уæдæй фæстæмæ адæм хонун байдæдтонцæ «Ахсахъ-Темур» (Полярон стъалы), зæгъгæ. Авд æнсувæри ку базудтонцæ, сæ хуæри æскъæфæг кизги хæццæ арвмæ фæттахтæй, зæгъгæ, уæд етæ дæр Хуцауæй ракурдтонцæ, цæмæй уони дæр исистайдæ арвмæ, иссæ иста æма уони дæр авд стъалуй фестун кодта, сæ ном — дигоронау — Лæдæртæ (стъалыгуппар Стыр Арс). Арвбæл еци авд æнсувæри (стъалуй) алли æхсæвæ дæр баййафунмæ гъавунцæ Ахсахъ-Темури, зелунцæ ибæл, фал сæ бон ба нæй æ баййафун. Ку бауæгæ унцæ сорунæй, уæдта бони рохси уолæфунцæ, æхсæвæ бабæй æй нæуæгæй сорун байдайунцæ.

Еци гъуддаг, дан, раги адтæй, æма ’й уæдæй ардæмæ цæмæннæ нæма баййафтонцæ, æма, дан, æй кæд баййафдзæнæнцæ?.. Æвæдзи, некæд.

Дуккаг таурæхъ ба мин Геуæрги радзурдта сæхе Сакъити муггаги туххæй. Загъта мин, зæгъгæ, таурæхъ адтæй æцæг, еци æнамонд гъуддаг æцæгæйдæр æрцудæй раги се ’рваддæлтæй еу бийнонтæбæл.

Еу бон Сакъити Бисай æхсæз фурти хуасæ карстонцæ Билæги коми, гъæумæ хæстæг. Сæ еунæг хуæрæ син рæфтадæн фæххаста хуæруйнаг, уæдта ниуазунмæ ба къибилай къумæл. Хуасгæрдгутæ бахуардтонцæ хуæруйнаг, баниуазтонцæ къумæл дæр. Хуæруйнæгтæй ма ци байзадæй, уæдта къумæлæй, уони ба кизгæ хуасдзаутæмæ хæстæг бафснайдта, æхуæдæг ба гъæумæ рандæ ’й. Уæд уой фæсте къумæлмæ марггун хелагæ ниллæстæй æма уоми ниммардæй. Хуасгæрдгутæ еци гъуддагæн неци зудтонцæ æма, ку райдонуг уиуонцæ, уæд си алкедæр ниууаидæ и къумæлмæ æма си раниуазидæ. Ку раниуазидæ си еске къумæл, уæд æй ралæдæридæ æма ледзунмæ фæууидæ гъæуæрдæмæ. Гъæумæ хæстæг ба рахауидæ æма рамæлидæ уоми. Уотемæй æхсæземæй дæр æнсувæртæ рамардæнцæ, ба сæ æвардтонцæ адæм, ка кæми рамардæй, еци рауæнти. Хиститæ ку фæййевгъудæнцæ, уæд уой фæсте сæ хуæрæ циртити цори æхсæз мæсуги исаразун кодта, уой фæсте ба æхецæн дæр исдасун кодта. Еци мæсугмæ и кизгæ еу бон бацудæй æма загъта: “Аци цардæй ма ци кæнун, цæрунмæ нæбал гъавун”, — болат кæрдæн æ зæрди рацавта æма е дæр рамардæй.

Æхсæуи гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Бæлотæ, Бердиатæ, Бузойтæ, Бæкъуæлтæ, Гагозтæ, Дадтетæ, Зуратæ, Елджартæ, Малитæ, Махъотæ, Огъутæ, Сакъитæ, Сарахъатæ, Тегатæ, Телæхъуртæ, Хатъатæ, Хацхартæ æма Цалитæ.




#Article 520: Мухадзыртæ (106 words)


Мухадзыртæ ( «ралидзжытæ»), зæгъгæ, ахæм номæй хуындæуы, æнæпысылмон бæстæтæй пысылмон бæстæтæм бирæйæ цы пысылмæттæ алидзы, уыдон. Алыгъды аххосæгтæ вæййынц æндæр æмæ æндæр. Арæх пысылмæттæ ацæуынц, уымæн æмæ сæ нæ фæфæнды цæрын, бæстæйы фылдæр хай æндæр диныл хæст адæм кæм сты, уым. Арæх ма алыгъд вæййы хæстон архайды фæстиуæг (цæвиттон, чырыстон паддзахад пысылмон территори куы бацахсы).

Фыццаг мухадзыртыл, традицимæ гæсгæ, нымад сты Мæхæмæт-пехуымпар æмæ йæ фарсхæцджытæ — фыццаг пысылмæттæ. Уыдоны бахъуыдис алидзын Ясрибы сахармæ (ныртæккæйы Мединæ), муртаччытæ сæ кæй сырдтой, уый фыдæй.

Дзырд «мухадзыр»-æн ис араббаг равзæрд, æмæ амоны — æрлидзæг, алидзæг, цæрæнбынат ивæг (уырыс. переселенец). Йæ бындуры ис араббаг дзырд «хиджра» — цæрæнбынат ивд (уырыс. переселение).




#Article 521: Лисыри (375 words)


Лисыри кæнæ Лисри у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы æдзæрæг хъæу. Ис Мамысонгомы. Хъæуы астæуты цæуы Лæгæтгомы дон.

Хъæуы ис чырыстон аргъуан.

Хълиаты фарсмæ сæрзилæн лæбырдтæй куы бахизай, уæд дæлæуæз комы Мамысоны доны тæккæ был тъæпæнæй йæ бирæ мæсгуытимæ зыны Лисри. Уырдæм паддзахвæндагæй азилын хъæуы галиуæрдæм æмæ ныццæуын хъæуы бынмæ гакъон-макъон фæндагыл.

Хъæуы астæуты цæуы Лæгæтгомы дон æмæ йæ кæны дыууæ дихы. Арæзт ыл сты хъæуы куырæйттæ æмæ цалдæр хуымæтæг хиды. Йæ цæрджытæ Сидахътæ, Дарчитæ, Айлартæ, Добатæ æмæ Моураутæ цардысты хæлар æмæ уарзонæй. Фидыдтой сæ зæххытыл. Ныхасы бадынæн сын уыдис цъæх нæуу хъæуы фарсмæ стыр къуыппыл. Йæ цуры — къаннæг рæсугъд аргъуан æмæ райдайæн скъола.

Сидахъты Симон куыд радзырдта, афтæмæй аргъуан арæзт æрцыд адæмы иумæйаг сходы уынаффæмæ гæсгæ. Æвзæрст лæгтæ зылдысты хæдзаргай, æмæ алчи йæ хай æнæкъуылымпыйæ хаста.

Мæздæджы епископæй ракуырдтой æххуыс, æмæ сын уый скодта проект. Бегарайæ æмбырд кодтой æмæ ластой донбылæй æмæ æндæр рæттæй дур. Сисамайджытæ уыдысты Сидахъты Къоста æмæ Добаты Бечи. Аргъуан куы сцæттæ, уæд хъæубæстæ скодтой стыр куывд.

Бæгæныйæн зад, ссад æмæ кусæрттагæн мысайнæгтæ æмбырд кодтой, заргæ æмæ æмдзæгъдгæнгæйæ хæдзар-хæдзар зилгæйæ.

Кусын райдыдта XX æнусы 10-æм азты. Уый фæстæ та ахæм мадзалæй сарæзтой скъола дæр.

Ацы хъæуы раздæры цæрджытæ, Дарчиты хистæртæ Дзапар, Майрæм, Гришæ, Илья, Ладимыр æмæ Иван сæ мыггаджы равзæрды тыххæй кæй ныффыстой, уым амонынц, зæгъгæ, дам, Лисримæ æрцæуæг Лалдыйæн райгуырд иунæг фырт æмæ йæ схуыдтой Дарчи. Дарчийæн райгуырд цыппар фырты: Сидахъ, Моурау, Реуаз æмæ Дади.

Сидахъ æмæ Моурауæн цæуæт куы рацыд, уæд сысты хицæн мыггæгтæ: Сидахътæ æмæ Моураутæ. Реуаз æмæ Дади скодтой мыггаг сæ фыд Дарчийы номыл — Дарчитæ. Æвæццæгæн, Мамысонгомы дон сæ рæзты æмæ Лæгæтгомы дон се ’хсæнты кæй цыдысты, Лæгæтгомы къæдзæхтæ сæ цуры кæй уыдысты, уымæ гæсгæ дурарæхæй нæ бацауæрстой Лисрийы цæрджытæ мæсгуытæ амайыныл æмæ сæм уымæ гæсгæ ис иуæй иннæ бæрзонддæр æртындæс мæсыджы. Уæдæ дызæрдыггаг нæу, сæ диссаджы дзæбæх цæрæн бынатæн æддагон тыхгæнæгæй дæр æдас кæй нæ уыдысты.

Лисрийы зæххыл сты: Сæрдыгон, Зымæгон, Хъруйы, Сæгуытты, Цæгаты æмæ Хуырджын суæрттæ. Къæйы комы æмæ Бебеты комы хъæдтæ, сæ фарсмæ Лисрийы хъугом, Зæнгты, Хæрæнты æмæ Уæлдзуары хуымтæ дæр. Сæ хосгæрст зæххытæ: Айларты уыгæрдæн, Саудуры фæз, Гуыдырау, Къуырфытæ æмæ Уартау. Сæ фосхизæн сæрвæттæ: Мидæггаг фæз, Гуыдырау, Баккойы къултæ, Даргъ цъына, Лæгæтгом æмæ Сидахъты къултæ. Рæгъаудон сын уыди Къæйты комы.

Цардысты дзы Дарчитæ, Сидахътæ, Моураутæ, Долойтæ, Кучитæ, Икъотæ, Рæмонатæ, Тегкатæ, Епхитæ, Добатæ.




#Article 522: Хълиат (145 words)


Хълиат () у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Мамысонгомы.

Тлимæ хæстæг Хълиаты комы рахиз фарс, уæлвæндаг, къæдзæхы риуыл æрæнцад Хълиаты хъæу. Мамысонгомы æппæтæй зынвадатдæр уыдис. Йæ цæрджытæ Цъæхойтæ, Токтæ, Гоцъойтæ, Албегатæ, Къадзатæ æмæ Боцитæ цардысты, сæ фæсчъылдымы цы хосгæрст æмæ фосхизæн зæххытæ уыдис, уыдоны цинæй. Сæ хъæу ахæм бæрзонд къæдзæхыл æвæрд уыдис, æмæ уæлхæдзарæй коммæ акæсгæйæ зылди адæймаджы сæр. Комы дымгæ сæ хоста æдзухдæр. Зымæг сæ тымыгъ æддæмæ ракæсын нæ уагъта. Пайда кодтой Хълиаты комы, Цъити быны, Лæгæткомы, Уыгæрдæнгомы æмæ Гуыдыргомы чысыл дæттæй æмæ комы суадонæй; Хълиаты æмæ Бæхты суæрттæй; Хълиаты æмæ Бобайы хъæдтæй; Додонастæу, Цъитийы бын, Салайы ривæддон, Æхсæрдзæнысæр, Хълиаты ком æмæ Лæгæтгомы сæрвæттæй; Суары, Габоты, Базыгуаты, Гуыбылойты æмæ Цъуйбæласы уыгæрдæнтæй; Дæргъыты, Цъыфты, Дæлдзуæртты, Джитойы æмæ Мичийы хуымтæй.

Цъæхойты мæсыг æмæ 2 гæнахы, Токты мæсыг æмæ Боциты гæнах уыдысты хъæубæсты ныфс бахъуыды рæстæджы.

Цардысты дзы Токтæ, Боцитæ, Гоцъойтæ, Къадзатæ, Мамыттæ, Цъæхойтæ, Æлбегатæ, Саухалтæ.




#Article 523: Тли (Цæгат Ирыстон) (215 words)


Тли у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Мамысонгомы.

Тибæй дыууæ километры фалдæр дæлвæндаг, Тлийы комы дыууæ фарсыл йæхи айтыгъта Тлийы хъæу. Хурæй æфсæст, зæйæ æдас, зæххæй рæвдыд, дымгæйæ хъахъхъæд бынат. Хæлар бинонтау, уыдысты йæ цæрджытæ Суантæ, Къадзатæ, Токтæ, Цъæхойтæ æмæ Гаматæ.

Ардæм Суантæ балыгъдысты Уæллаг Уыналæй, Къадзатæ та — Луарæй. Тлийы хъугом, Æддаг фæз, Цъасы, Уасæджы æмæ Зæнджы уыдысты сæ хуымзæххытæ. Тлийы комы чысыл доныл сын уыдис æнæбары къада куырæйттæ дæр.

Сæ сæрвæттæ æмæ хосгæрст зæххытæ уыдысты: Гобайы уыгæрдæн, Додына, Хълиаты ком, Тамаджын, Рецъы уыгæрдæн, Тлийы ком, Гыццыл фæз æмæ Уынгæг ком.

Тлийы хъæд, Комкоммæ хъæд æмæ Стыр хъæд уыдысты цæгаты, æмæ сæ суг ласын хъуыди зын уавæрты. Хъæуæн уыдис Сантхосы, Хуыцауы, Таранджелозы æмæ Майрæмы кувæндæттæ. Хъæуы фарсмæ уыдис рагон аргъуан. Ныр йæ бындуры дуртæ æмæ кæлæддзæгтæ арф хæмпæлы бын фесты. Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй аргъуан уыдис Зруджы Майрæмимæ иу рæстæджы æмæ иу архитектурон хуызы арæзт (X—XI æнустæ).

Хъæуы фидар æмæ фидауц уыдысты Суанты æмæ Къадзаты мæсгуытæ, 2 гæнахы æмæ галуан.

Ацы хъæуы цæрæг Къадзаты Бетъре Муртуйы фырт 1921 азы С. М. Кировы разамындæй 11-æм æфсады хæйттæ Гуырдзыйы меньшевикты дæрæн кæнынмæ куы цыдысты, уæд сын уыдис фæндагамонæг æмæ активон æххуысгæнæг. Æфсæддонты разæй астæумæ миты лæгæрста, афтæмæй сæ Мамысоны æфцæгмæ æмæ æфцæджы тызмæг фæзилæнты æдас рæттыл кодта Глурмæ.

Цардысты дзы Суантæ, Къадзатæ, Гаматæ, Цъæхойтæ.




#Article 524: Деметæ (хъæу) (193 words)


Деметæ у æдзæрæг хъæу Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. 

Ацы хъæу хæссы чысыл ирон мыггаджы ном — Деметæ. Адæмон таурæгъмæ гæсгæ Деметы мыггаджы бындурæвæрæг уыдис куыртаттаг лæг. Иу афон уыцы лæг фæхыл ис йæ ’фсымæримæ зæххы гæппæлы тыххæй æмæ ралыгъдис Хуссар Ирыстонмæ. Фæндагыл куы цыдис, уæд æй иу бæхджын лæг бафарста, кæдæм цæуы, уый. Бæлццон ын уайтагъд цыбыр дзуапп радта: «Демæ!» Афтæмæй йыл сæвæрдтой фæсномыг Деме. Демейы хæрзæфсымæрæй та равзæрыдис Томайты мыггаг, уымæн æмæ йæ ном хуындис Тома. Томайтæ систы уæздан, хъæздыг æмæ тыхджын мыггаг, чысыл Деметы сæ сæрмæ нæ хастой æмæ сæ нымадтой дæлбар мыггагæй, фæлæ Деметæ сæхи бафхæрын никуы радтой. Кæддæриддæр сæ зæхх æдасæй хъахъхъæдтой æмæ сæ намысы сæрвæлтау хъæбатыр хæцыдысты. Абоны онг Деметы мыггаджы хистæртæ нымайынц Томайты сæ ’рвадæлтыл. Демейæн уыдис дыууæ фырты, Хæд æмæ Фыранк, уыдонæй рацыдысты мыггаджы дыууæ къалиуы, бантыстис сын мыггаджы мæсыг самайын. Абон Деметæ цæрынц Цæгат Ирыстоны, сæ фылдæр хай æрбынат кодта Горæтгæроны районы. Деметы лæгтæ сæхи равдыстой хъайтартæй Турчы æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты æмæ нысангонд æрцыдысты паддзахадон майдантæй. Деметæ æдзухдæр уыдысты хъуыстгонд куыд курдиатджын æхсæнадон архайджытæ, фæдисы рæстæг сæ иу дæр фæстейы никуы баззадис. Цæвиттон, Деметы Ладийы фырт Харитъон дæргъвæтин рæстæджы уысм уыдис Ирыхъæуы дзуарылæг.




#Article 525: Сукиас (678 words)


Сукиас (аргъуыды размæ йæ ном уыдис Баракад) — аллон чырыстон сыгъдæг лæг I—II-æм æнусты, стыр кад йын ис Сомихы. Сукиасы æмæ йе ’мбæлтты куывдтытæй Сомих æмæ йæ адæм фервæзтысты се знæгтæй, Персы паддзах Шапух йæ'фсадимæ, марын æмæ стигъын сæ чи хъавыдис. Сæ цард æрвыстой Хуыцаумæ кувгæйæ, чырыстон дины æууæлтæм гæсгæ, афтæмæй фæцардысты Сукавы хохыл 44 азы. Сукиас æмæ йе ’мбæлттæ нæ акуымдтой раздæхын Аланыстонмæ, нæ байхъуыстой аллон паддзах Датианосы бардзырдмæ, уый тыххæй, аллон паддзах сæм Сомихмæ кæй арвыста, уыцы хæстонтæ сæ амардтой.

Хъизæмаргæнæг Суакисы æмæ йæ балы мысæн бон вæййы (юлианы къæлиндармæ гæсгæ) 15 Хуымгæнæны мæйы.

Æвддæс аллон æфсæддон алдарæн Сукиас уыдис сæ хистæр, уыдон рацыдысты Аланыстонæй, йæ ном Сатеник кæмæн хуындис, уыцы паддзахы чызджы фæдыл Сомихмæ, цæмæй йæ хъахъхъæдтаиккой тæссаг фæндагыл. Сатеник хъуамæ смой кодтаид Сомихы паддзах Арташесмæ, æмæ йæ хъуамæ уымæ æнæзианæй бахæццæ кодтаиккой.

Сæ нæмттæ абон дæр рох не сты: Сукиас (Баракад), Лункианос, Полоктэс, Кодратос, Идиксикирос, Мемнас, Фокас, Сергис, Дуетиос, Андраниос, Зосимос, Бектос, Талкеса, Иорданэс, Анастас, Теодорос, Акопос æмæ Феодосиос. Сомихы апостол Фаддейы ахуыргæнинæгтæй, (сæ фыццаг уыдис Воски, грекъаг варианты Хрюсий), райстой чырыстон дин æмæ аргъуыд æрцыдысты Иорданы.
 
Куы сыл саргъуыттой, уæд федтой хохы уæлæ Йесо Чырыстийы, æмæ уый фæстæ, уыцы бынаты самадтой хъæдын дзуар, æмæ йæ схуыдтой «Æхсызгон хабары дзуар».

Хæстон адæм, кæй арвыстой Арташес æмæ Сатеник, ’рбацыдысты Хрисосмæ (Восхимæ) цæмæй йæ ахуыргæнинæгты — Сукиасы æмæ йемæ чи уыдис, фæстæмæ Сомихмæ арвита. Хрисос та цын загъта: «Сæхæдæг сæхицæн равзарстой уцы фæндаг». 
Уыцы къæйных (æндиуд) загъды тыххæй, паддзахы адæм Хрисосы æмæ йæ ахуыргæнинæгты кардæй ныццагътой. Сукиас æмæ йæ ’мбæлдтæ гасæй баззадысты, паддзахы адам цæм нæ бавнæлдтой, уый тыххæй æмæ зыдтой — Сукиас Аланыстоны паддзахæн, Сатеничы фыдæн, уыдис йæ хæстæг æмæ йæ рахиз къух (йæ хадивæг).

Сукиас йæ 'мбæлттимæ Хрисосы æмæ йæ ахуыргæнинæгты баныгæттой æмæ Сомихмæ Сукавы хохмæ ацыдысты, уым фацардысты сæ царды кæронмæ.
 Уыцы Сукав хох уыдис Сомихы йæ Багъревады хай æмæ йæ Сукав æсхуыддтой Сукиасы номы тыххæй. Раздæр хъæздыг адæм чи уыд, паддзахы кæрты чи цардис, æмæ чи баивта сæ сызгъæрин рассугъд дзаумæттæ сау дарæсыл, цардысты хохы хъæды, фысты хуызæн хордтой кæрдæг, нызтой хохы дон æмæ кувдтой Хуыцаумæ. Афтæмæй фæцардысты тухитæй мæлгæйæ 44 азы, куыд ныффыста рагон фыссæг Татиан (Ныхас II ан.), кæцы хорз зыдта апостолты, æмæ фыццаг чырыстон Ног Фæдзæхсты радзуырджыты цард.

Уыцы рæстæджы Сомих бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста персиаг паддзахæй Шапухæй. Сыгъдæг Кондрат, Сукиасы балæй, бирæ хъуыды кодта Сомихы зынцарды тыххæй, уый фæстæ загъта Сукиасæн, цæмæй иумæ скувой Хуыцаумæ, уыцы зындзинæдтæ тагъд куыд фæуой. Уæд Сукиас æмæ йемæ чи уыдис уыдон райдыдтой кувын: «О, Хуыцау - Тæригъæдгæнаг, батæригъæд кæн ацы бæстæйæн. Бирæ цын таригъæдзиннæдтæ ис, фæлæ, Ды - Хуыцау, аппæты Сфæлдисæг, Адамыуарзаг, Дæуæй алкæмæндæр æрцæуы фарн, ныббар цын сæ таригъæдтæ, табу Дын уæд.» Æмæ уæд, сæ куывды фæстæ, персиаг паддзах йæ 'фсадимæ сæ бæстæм фæстæмæ раздæхтысты, Сомихмæ та сабырдзинад æрцыдис. Хъизæмаргæнæгтæ, уый куы федтой, уæд Хуыцауæн кад райдыдтой кæнын.

Аланыстоны паддзах Датианос æрымысыдис аллонты æлдæртты, чи ацыдис Сомихмæ Сатеникимæ, паддзахы чызгимæ. Уæд загъта йæ дæлбарæнæн Барлæппæн, цæмæй Сукиасы æмæ иннæ кадджын аллонты, йемæ чи уыдис, кадимæ сæ цинтæм гæсгæ, æрхæццæ кæна сæ паддзахадмæ - йæ размæ, æмæ куы нæ басæттой паддзахы бардзырдмæ, уæд сæ хъуамæ амара. 

Барлæпп сæ куы ссардта хъæды мидæг Сукавы хохыл, уæд дис кодта сæ уындыл, тынг зын уыдис базонын паддзахы æлдæртты. 
Паддзахы бардзырдæн, ома раздæхын Аланыстонмæ æмæ æрбалæууын паддзахы раз, паддзахы адæмæн куыд æмбæлы афтæ, Сукиас дзуапп радта: 

Чырыстон адæмы хъæбатырдзинад смæсты кодта Барлаппы æмæ радта бардзырд йæ хæстон адамæн, цæмæй сæ бабæттой æмæ сæ басудзой. Мæлгæ-мæлын сыгъдæг лæгтæ зарыдысты 21-æм Псалом (20-23 æмдзæвгæтæ)

Æгасæй сæ сыгътой æмæ сæ кардæй карстой, уый фæстæ, сыгъдæг лæгты сæ буаргъæдтæй сыгъдтæ ахæлиу кодтой, кæм цардысты Сукавы хохы, уыцы раны. Афоны Иверы моладзандоны XI æнусы гæххæтмæ гæсгæ уый уыдис 100-æм азы, Мовсес Хоренацийы «Сомихаг историмæ» гæсгæ та 92-æм азы.

Датианос бар нæ радта баныгæнын хъизæмаргæнæгты. Раздæр адамы хсæн ахæм кой уыдис, цыма сыгъдæг лæгты буаргъæттæ æнæныгæдæй уыдысты 230 азы æмæ .... VI æнусы чырыстон адæм аластой цæ Лускуммæ æмæ уым баныгæттой. Сæ нæмтæ уыдысты фыст Сукав хохы бын. Сыгъдæг Хъизæмаргæнæг Григори Сомихы Барухсгæнæг уцы ран, кæм цардысты Сукиас æмæ иннæ хъизæмаргæнæгтæ сæ царды кæронмæ, 335 азы 30 Рухæны мæи, сæ номыл аргъуан сарыста.




#Article 526: Ардасенты Хадзыбатыр (410 words)


Ардасенты Науийы фырт Хадзыбатыр (райгуырдиc 1911-æм азы 15 сентябры, Хъæдгæроны — амардис 1968-æм азы) уыдис ирон , , .

Ардасенты Хадзыбатыр райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны хъæуы, зæхкусджыты хæдзары. Дæс азы йыл нæма сæххæст, афтæ йæ мад æмæ йæ фыд амардысты. Цардис йæ фыдыхомæ, йæ цахъхъæн лæппутæ æмæ чызджытимæ цыдис скъоламæ, ахуыр кодта тынг хорз. Ахуырæй уæгъд рæстæг лæппуйæн æнцад бадæн нæ уыди, хæдзары — бирæ куыст, фыдыхойæн йæхи сывæллæттæ дæр æнахъом уыдысты æмæ сæ дарын хъуыди. Уæлыгæс-иу куы ацыдис, уæд-иу йемæ ахаста Къостайы «Ирон фæндыр».

Лæппуйæн йæхи зæрдæ дæр тыхсын кодта цыдæр монц, дисы йæ æфтыдта дзырды алæмæт. Уыцы рæстæджы сæ хъæумæ æрцыдис ног ахуыргæнæг — Къадзты Алыксандр. Уый хорз зыдта литературæ æмæ æвзаг. Ахуырдзаутæн дзырдта ирон фысджыты тыххæй. Ацæргæ, цардвæлтæрд ахуыргæнæг Къадзы-фырт уайтагъд бамбæрста Хадзыбатыры зæрдæ, балымæн сты. Ахуырдзау йæ зæронд ахуыргæнæгмæ бавдыста фыццаг хатт йæ поэтикон фæлтæрæнтæ. Алыксандр æххуыс кодта лæппуйæн, йæ бон цы уыдис, уымæй, амыдта йын поэтикæйы техникæ, лæвæрдта йын чингуытæ.

Куыд фылдæр кодтой йæ зонындзинæдтæ, куыд арфдæр æмбæрста поэзийы нысан, уыйас бæрнондæрæй каст йæ фыстытæм. Уый тыххæй йæхæдæг фæстæдæр афтæ фыста: 

Æртæ азы фæахуыр кодта Хадзыбатыр æфсæнвæндаджы техникумы. Фæлæ йæ зæрдæ æндæр цардыуагмæ æхсайдта, æндæр бæллицтæ йæ сайдтой сæ фæдыл. 1930-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологион факультеты ирон литературæ æмæ æвзаджы хайадмæ. Институт каст фæцис 1933-æм азы æмæ йæ арвыстой Алагиры районмæ ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Бирæ рæстæг нæ фæци ацы куысты: йæ зæрдæ дзырдта дарддæр ахуырмæ. 1934-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæг институты аспирантурæмæ æмæ йæ каст фæцис 1937-æм азы. Уæдæй йæ царды кæронмæ Хадзыбатыр æнтыстджынæй кодта зонадон-педагогон куыст. 1938 азæй 1940 азы онг уыдис Сталиниры Ахуыргæнджыты институты ахуыргæнæг. 1940 азы нысангонд æрцыдиc Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты ахуыргонд секретарæй, уый фæстæ та — зонадон кусæгæй. Ардасены-фырт бирæ уацтæ ныффыста ирон литературæйы ахадгæ проблемæты тыххæй.

Ардасенты Хадзыбатыры фыццаг поэтикон чиныг «Сæуæхсид» (хæрз къаннæг æмбырдгонд) рацыдис 1931-æм азы. 1947-æм азы рауагъта йæ равзæрст æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй. Бæрцæй бирæ нæ ныффыста поэтикон уацмыстæ Хадзыбатыр. Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ сты хæдбындур. Йе ’мбæлтты фыстытæй цæмæй хицæн кæнынц, уый æппæты фыццаг бафиппайдта Плиты Грис: 

Хадзыбатыр бирæ уацмыстæ ратæлмац кодта уырыссаг æмæ дунеон поэзийæ. Йæ поэтикон курдиат уæлдай тынгдæр разынд йæ ’мдзæвгæтæ «Амонд», «Нана», «Тæхджытæ», «Денджызы маст» æмæ æндæрты. Хорз фыст у поэмæ «Мад» дæр. Æмдзæвгæ «Денджызы маст» банымайæн ис нæ поэзийы хуыздæр уацмыстæй иуыл. Алыхуызон нывтæ, алыхуызон интонацитæ, сагъæстæ, хъуыдытæ денджызы уылæнтау фæйлауынц ацы æмдзæвгæйы. Уацмыс фыст æрцыди 1937 азы Сочийы, автор дзы ары, фашистон пираттæ кæй фæдæлдон кодтой, уыцы теплоход «Тимирязев»-ы æмæ нау «Благоев»-ы командæты ном.




#Article 527: Хуадонты Зураб (104 words)


Хуадонты Муссæйы фырт Зураб (райгуырдис 1940-æм азы 1 сентябры, Цыколайы) у техникон зонæдты доктор, профессор (1992), Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы зонад æмæ техникæйы сгуыхт кусæг, æхсæнадон архайæг.

Хуадонты Зураб райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Цыколайы хъæуы. Скъолайы сахуыры фæстæ бацыдис Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ (уырыс. СКГМИ). Каст æй фæцис 1963-æм азы.

Хуадоны-фырт бирæ азты дæргъы уыдис Хæххон-металлургон институты ректор.

Хуадонты Зураб мыхуыры рауагъта 100 куыстæй фылдæр, уыдоны ’хсæн 4 монографиы, ахуыргæнæн чингуытæ.

Хуадоны-фырт у Информатизацийы æхсæнадæмон академийы æмæ Уæлдæр скъолайы зонæдты академийы уæнг. 1995-æм азы Æрдз æмæ æхсæнады зонæдты æхсæнадæмон академи схорзæхджын æй кодта Цытджын Пётры номыл майданæй.

Хуадонты Зураб у национ преми «Нарты фæткъуы»-йы бындурæвæрæг.




#Article 528: Эдзойы Республикæ (264 words)


Эдзойы Республикæ кæнæ Республикæ Эдзо (, транскрипцийы æндæр вариант: Эцуйы Республикæ), зæгъгæ, афтæ хуындæуыд, 1868–1869-æм азты сакъадах Хоккайдойыл (уæд хуындис Эдзо) чи уыдис, уыцы паддзахад. Арæх æй фæхуындæуы Азийы фыццаг республикæ.

Республикæ фæзындис Босины Хæсты рæстæг. Сёгуны фарслæуджытæ Японы императоры æфсæдтæн куы фембылды сты, уæд сёгуны флоты иу хай цалдæр мин салдаты æмæ францаг æфсæддон уынаффæгæнджытимæ æрцыдис Эдзойы сакъадахмæ. 1868-æм азы 15 декабры уыдис Японы историйы фыццаг æвзæрстытæ — ног республикæйы президентæй равзæрстæуыд адмирал Эномото Такэаки.

Эдзойы æфсæддон разамынды бирæ уыдис францаг уынаффæгæнджытæ. Се ’хсæн сæйраг уыдис Жюль Брюне. Кæд æмæ сæйраг къамандыгæнæг уыдис япойнаг Отори Кэйсукэ, уæддæр, цы 4 бригадыл дихгонд æрцыдис æфсад, уыдоны сæргъы лæууыдис фæйнæ иу францаг афицеры.

Республикæйы банымадтой Францы Дыккаг импери æмæ Британийы импери, сæ политикон æмæ æфсæддон архайджытæ та афтæ активонæй куыстой Эдзо аразыныл, æмæ уый охыл сæ ис хонæн ацы ног паддзахады сæрæвæрджытæ.

Республикæйы цыбырдуг историйы дæргъы нæ банцадис, 1868-æм азы 20 октябры чи райдыдта, уыцы Хокадоты хæстон операци. Республикæ куы расидтæуыд, уæд æй император нæ банымадта æмæ 1869-æм азы 20 мартъийы, Эдзо цы территори ахста, уырдæм æрвыст æрцыдис наутæ æмæ 7000 фистæг æфсæддоны. 1869-æм азы 6 майы Республикæйы æмæ Империйы флотты ’хсæн Миякойы бухтæйы уыдис хæстæмбæлд. Япойнаг историографийы ацы цау хуыйны Миякойы хæстæмбæлд. Фæуæлахиз дзы Японы империйы флот. Фембылды фæстæ францаг уынаффæгæнджытæ ныууагътой сакъадах, 17 майы та басастæуыд ныхмæлæуды фæстаг артдзæст — фидар Горёкаку. 27 июны Эдзойы Республикæйæн официалон æгъдауæй æрцыдис кæрон. 15 августы сакъадахæн рардæуыд ног ном — Хоккайдо.

Эномото Такэаки æрцыдис тæрхонгонд. Цы йын стæрхон чындæуыд, уыцы æмгъуыд ахæстоны фæбадыны фæстæ уый ахста алыхуызон паддзахадон бынæттæ, уыимæ иу рæстæг уыдис Японы минæвар Уæрæсейы империйы.




#Article 529: Туг исын (170 words)


Туг исын (тугисын, тугист) — маст исыны æгъдау марды, цæфы, чызг аскъæфыны æмæ æндæр æфхæрды тыххæй. Ирон æхсæнады тугисын куыд коллективон хихъахъхъæныны хуыз æмæ мадзал, уыдис арæх æмбæлгæ цау.

Алы мыггаджы уæнгтæ дæр хъуамæ кæрæдзийæн æххуыс кодтаиккой, кæрæдзийы хъахъхъæдтаиккой, исчи-иу æндæр мыггæй искæй куы бафхæрдта, уæд-иу уыцы мыггаджы уæнгтæй алчи дæр уыцы хъуыддаг æнкъардта æмæ йæ зæрдæмæ хаста хи бафхæрды хуызæн. Ирон æгъдæутты æмбырдгонды (1836) фыстæуы:

 (Хетæгкаты Къоста, «Особа»).

Нырма-иу марды нæма бавæрдтой, афтæ-иу марæгыл кæуын байдыдтой. Хъæубæстæ тæфæрфæс кæнынмæ цыдысты сæ дыууæтæм дæр: марды бинонтæм дæр æмæ марæджы хæдзармæ дæр. Иу марды фæстæ-иу дыууæты ’рдыгæй дæр æрцыдис бирæ мæрдтæ. Бирæ ирон мыггæгтæ-иу дæсгай азты дæргъы туджджынтæй баззадысты, æмæ афтæмæй сæфтысты уыцы мыггæгты хуыздæртæ. Туг исыны цаутæ фæкъаддæр кæнынмæ тырнгæйæ, ирон æхсæнад æнусты дæргъы сфæлдыста бирæ æгъдæуттæ туг исыны хъуыддагæн кæрон скæныны тыххæй. Арæхдæр дзы æмбæлдысты: марæджы мыггаг-иу туджы аргъ бафыста; марæджы мыггаг-иу марды мыггагæй йæхицæн лæппу скодта; марæджы мыггагæй-иу туджы аргъы хуызы моймæ лæвæрдтой чызг æфхæрд баййафæг мыггагмæ; кæй-иу амардтой, уый мад-иу марæгæй йæхицæн лæппу скодта æмæ афтæ дарддæр.




#Article 530: Эль-Мисти (153 words)


Эль-Мисти () — вулкан  Хуссар Америкæйы Перуйы территорийыл. Йæ бæрзæнд — 5822 м. 17 километры ныгуылæнырдæм лæууы Перуйы дыккаг сахар асмæ гæсгæ Арекипæ, йæ цæрджыты бæрц хæццæ кæны милуанмæ (2009). Сахары бирæ бæстыхæйттæ арæзт æрцыдысты Эль-Мистийы урс пироклистикон лæбырдтæй, уый тыххæй Ариекипæ арæх фæхонынц «Урс сахар». Цæугæдон Чили кæлы сахары уылты, æмæ ахизы Эль-Мистийы æмæ незаманы вулканон коплекс Чачанийы (6075 м) астæу каньоныл. Эль-Мистийæ хуссарырдæм лæууы вулкан Пичу-Пичу(5669 м).

Эль-Мисти — хуыст вулкан, фæстаг æдых вулканы сирвæзт регистрацигонд æрцыдис 1985-æм азы. Вулканон конусмæ гæсгæ Мисти у типикон стратовулкан, уыдонæн характерон у лавæйы лæбырдтыты æмæ хæлæн сирвæзтыты æртхутæгимæ радыгай ивд. Вулканæн ис æртæ концентрикон кратеры. Мидæггаджы ис кæсын фумаролон активондзинадмæ. XV æнусы вулканы тыхджын сирвæзт Арекипойы цæрджыты ассырда сахарæй.

Мидæггаг кратеримæ 1998-æм азы ссардæуыд æхсæз инкаг мумийы æмæ цалдæр артефакты. Уыдæттæ ссардта мæй куысты фæстæ экспедици кæцыйæн йæ разамонджытæ уыдысты Джон Рейнхард æмæ Хосе Антонио Чавес. Сарæггæгтæ æвæрд сты Андаг кувæндæтты музейы () Арекипæйы.




#Article 531: Къумбултæ (175 words)


Къумбултæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Аци гъæуи географион бунати туххæй финстан нæ æрмæги. Æвæрд æй Донифарси гъæумæ хæстæг æ хонсар-хорнигулæн æрдиги бæрзонди. Ес си рагон мæсуги ихæлддзæгтæ, æ алли фарс ба берæ рагон историон æма архитектурон циртдзæвæнтæ: уобæйттæ, циртитæ æма цæрæн хæдзæртти ихæлддзæгтæ. Дессагдæр ба æй, Къумбултæмæ хæстæг, адæм Багъайтæ ке хонунцæ, еци бунат. Фиццаг цæргутæ, дан, Къумбулти гъæуæй раздæр æрцардæнцæ Багъайти. Ами, дам, цардæнцæ нарти адæм дæр. Уомæн бæрæггæнæн бавдесунцæ Багъайти минкъий лигъз æрдозæ: ци дортæ си ес, уони адæм нимайунцæ Нарти нихæсбæл. Ами, дан, рæстæгæй-рæстæгмæ сæ унаффитæ федар кодтонцæ Нарти хестæртæ. Ахургæндтæ Багъайти иссердтонцæ еу цирти зингæй сугъд адæймаги бауæргъæдтæ (æстгутæ æма дзаумæуттæ — хъæппæлтæ). Еци сугъдтити истори абони бæлвурдæй неке ма зонуй. Еуетæ дзорунцæ, зæгъгæ, рагон цæргути фæткæ уотæ адтæй, сæ мæрдтæ содзгæ кодтонцæ, иннетæ ба зæгъунцæ, зæгъгæ, сæ мæрдтæ сугътонцæ æма син сæ фунук æма æвзалу ба æмбарзтонцæ арф къагъди еминæ æма халери незтæй фæййервæзуни туххæй.

Багъайти фæсте ба Къумбулти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Батотæ, Боллотæ, Беппотæ, Бичегкутæ, Гæмостæ, Гегкитæ, Дæгуйтæ, Сабайтæ, Сагетæ, Сехъотæ, Таматæ, Тахъазтæ, Хачиртæ, Хъаиртæ æма Цъеутæ.




#Article 532: Эрзурум (ил) (111 words)


Эрзурум () у ил (провинци) Турчы скæсæны. Йæ административон центр у скæсæн Турчы размæцыддæр сахартæй иу — Эрзурум. Йæ фæзуатмæ гæсгæ провинци у бæстæйы цыппæрæм стырдæр (25.248 кв. км).

Эрзурумы боныхъæд у карз, континенталон. Рæстæмбисæй 114 боны дæргъы бæстæ митæй æмбæрзт лæууы.

Турк æмæ Уæрæсейы ’хсæн хæстыты рæстæг Эрзурум цалдæр хатты-иу байстой уæрæсейаг æфсæддонтæ. Фыццаг хатт йæ байстой 1829-æм азы (уый тыххæй Пушкин дæр фыссы йæ «Эрзуруммæ балц»-ы). Дыккаг хатт йæ байстой 1877-æм азы хæсты. Фæстаг хатт Эрзурум бахаудис уæрæсейæгты къухтæм 1916-æм азы, Фыццаг дунеон хæсты рæстæг (фæстæмæ йæ радтой Туркæн Брест-Литовсчы бадзырдмæ гæсгæ).

Провинцийы экономикæйæн ахсджиаг сси бынæттон Кемаль Ататюрчы номыл университет (), кæцыйы ахуыр кæнынц 40 мин студенты бæрц.




#Article 533: Миндиашвили, Серго Виссарионы фырт (102 words)


Миндиашвили Серго Виссарионы (Бесойы) фырт (райгуырдис 1940 азы, Сарабучъы, амардис 2011-æм азы 19 сентябры Цхинвалы) у ирон æмæ гуырдзиаг поэт.

Серго райгуырдис Цхинвалы районы Сарабучъы хъæуы. 1958 азы каст фæци Уанаты астæуккаг скъола, 1963 азы та — Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Уый фæстæ ахуыр кодта афицерты скъолайы, советон æфсæдтæн ГДР-йы цы къорд уыд, уым. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, Знауыры районы газеты, СЦКП-йы обкомы культурæйы хайады хистæр методистæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы редакторæй.

Фыссын райдыдта 1960-æм азы. Сергойы æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Ныхас хуримæ» рацыдис 1966 азы Цхинвалы. Уый фæстæ ма рауагъта къорд поэтикон чиныджы. Йæ уацмысты æппæты æххæстдæр æмбырдгонд хуыйны «Ныфсы дзæнгæрæг» (Цхинвал, 1990).




#Article 534: Æлборты Хадзы-Умар (125 words)


Æлборты Несторы фырт Хадзы-Умар (райгуырдис 1939 азы, Сарабучъы) у ирон поэт æмæ литературæиртасæг.

Хадзы-Умар райгуырдис Хуссар Ирыстоны Сарабучъы хъæуы. Ахуыр кодта астæуккаг скъолайы, педагогон техникумы, Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты, аспирантурæйы. Куыста Хуссар Ирыстоны радиойы, газет «Советон Ирыстон»-ы, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы литконсультантæй, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты, журнал «Фидиуæджы» сæйраг редакторæй, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæгæй.

Йæ æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Фæдисон» рацыдиc 1964 азы Цхинвалы. Уый фæстæ ма рауагъта къорд поэтикон æмбырдгонды, сæ сæйрагдæртæ: «Мæ зæрдæйы хуызтæ» (Цхинвал, 1968), «Уидæгты зарæг» (Цхинвал, 1975), «Бæрзонд къæвда» (Цхинвал, 1981), «Рухсытæ судзынц» (Цхинвал, 1988), «Ныфсы уидаг» (Дзæуджыхъæу, 1999).

Чиныгкæсджытæ Хадзы-Умары зонынц литературон критикæй дæр. Дзæвгар уацтæ ныффыста нæ дзырдаивады кусджыты сфæлдыстады тыххæй, биноныгæй бакуыста, ирон литературон критикæ ивгъуыд æнусы 30-æм азты цы уавæры уыд, уый раиртасыныл.




#Article 535: Тетцойты Таймураз (117 words)


Тетцойты Гацыры фырт Таймураз (райгуырдис 1922-æм азы, Чырыстонхъæуы) у ирон (дыгурон) поэт.

Таймураз райгуырдис Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы фистæг æфсады скъолайы. 1942 азы йæ арвыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Хæсты фæстæ уыдис советон оккупацион æфсæдты къордимæ Германы зæххыл. Ирыстонмæ сыздæхтис 1946 азы æмæ куыста колхозы. 1950 азы каст фæцис ахуыргæнджыты институт, 1955 азы та — Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институт. Цалдæр азы бакуыста ахуыргæнæгæй Дигорайы.

Таймуразы æмдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты журнал «Мах дуджы» 1949 азы. Ныффыста бирæ поэтикон чингуытæ. Сæ зынгæдæртæ сты: «Мæ уарзт æма мæ маст» (Орджоникидзе, 1963), «Мæ рæстзæрдæ æууæнкæ» (Орджоникидзе, 1974), «Уарзт æмæ лæгдзийнадæ» (Орджоникидзе, 1977), «Хуæнхаг дон» (Орджоникидзе, 1983), «Лирикæ» (Орджоникидзе, 1988), «Нифс» (Дзæуæгигъæу, 1993).




#Article 536: Скъодтаты Эльбрус (121 words)


Скъодтаты Барисы фырт Эльбрус (райгуырдис 1959-æм азы Сырх Дыгуры) у дыгурон поэт.

Эльбрус райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Сырх Дыгуры хъæуы. Астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыдис Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институтмæ æмæ 1983 азы ссис инженер-аразæг. Куыста проектон институты. 1991 азæй фæстæмæ кусы журнал «Ирæф»-ы редакцийы.

Эльбрус æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, студент ма куы уыдис, уæд. Йæ фыццаг чиныг «Рæстæг æма дуйне» рацыдис 1991-æм азы Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ ма рауагъта ахæм поэтикон æмбырдгæндтæ: «Хусфæрæк» (чиныгуадзæн «Ир», 1996), «Фæлмæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2002), «Бонивайæн» (чиныгуадзæн «Ир», 2007).

Эльбрус æмдзæвгæтæ фыссынæй фæстæмæ ма архайы, фыдæлтæй нын цы сфæлдыстадон бынтæ баззадис, уыдон бабиноныг кæныныл. 2005-æм азы Къибирты Амырханимæ сарæзта дыгурон Нарты кадджыты чиныг, стæй джиппы рауагъта Багъæраты Созыры æмдзæвгæты æмбырдгонд, 2007-æм азы та — Гарданты Михалы уацмыстæ.




#Article 537: Джусойты Марат (102 words)


Джусойты Леуаны фырт Марат (Марат Джусоев; райгуырдис 1959-æм азы, Тарскæйы) у ирон поэт æмæ журналист.

Марат райгуырдис Цæгат Ирыстоны Тарскæйы хъæуы. Каст фæцис астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультеты ирон-уырыссаг хайад. Куыста газеттæ «Рæстдзинад», «Молодой коммунист», «Стыр Ныхас», «Айдæн-Зеркало»-йы редакциты. Ныртæккæ та кусы газет «Пульс Осетии»-йы.

Марат литературон куыстыл фæцалх ивгъуыд æнусы 70-æм азты кæрон. 1984-æм азы Дзæуджыхъæуы рацыдис æмдзæвгæты чиныг «Цъæх райсомтæ». Уыдис ын фараст авторы, уыдонимæ — Джусойты Марат дæр. Поэты æмдзæвгæтæ ма бакæсæн ис, «Æмзæл зарæг», зæгъгæ, уыцы поэтикон æмбырдгонды (чиныгуадзæн «Ир», 1986). Мараты уацмыстæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1991-æм азы Дзæуджыхъæуы, «Æхсидавы рухс», зæгъгæ, ахæм номимæ.




#Article 538: Бабочиты Руслан (100 words)


Бабочиты Омарбийы фырт Руслан (Руслан Бабочиев; райгуырдис 1950-æм азы, Цыколайы) у дыгурон поэт.

Руслан райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Цыколайы хъæуы. Йæ райгуырæн хъæуы скъола каст куы фæцис, уæд бацыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультетмæ. Иуцасдæр акуыста ахуыргæнæгæй, стæй та — партион æмæ советон оргæнты. Ныртæккæ у Æрæфы районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг.

Руслан литературон куыстыл фæцалх ис, скъоладзау ма куы уыд, уæд. Йе ’мдзæвгæты фыццаг чиныг «Фиди фарнæ» рацыдис 1981-æм азы Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ ма рауагъта дыууæ поэтикон æмбырдгонды: «Авдæни зар» (чиныгуадзæн «Ир», 1990) æмæ «Цыколайаг изæртæ» (чиныгуадзæн «Ир», 2003).

Поэт æмæ литературæиртасæг Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ скодта Русланы сфæлдыстадæн:




#Article 539: Аллитераци (123 words)


Аллитераци (латинаг дзырд, амоны «дамгъæйы цур») — иугъæдон кæнæ æнгæс æмхъæлæсон зæлтæ фæлхат кæнын, фылдæр хатт дзырды райдайæны. 

Йæ ахъаз у æвзаджы аивдзинад тыхджындæр кæнын. Ахъаз у ноджы авторы хъуыды бæлвырддæр равдисынæн. Зъæгъæм, Дзугаты Георгийы æмдзæвгæйы æмхъæлæсон мыртæ «м», «с»-йы фæлхаттæй æвзары лирикон геройы сусæг (сусу-бусуйы зæлтæ) æмæ фæлмæн уарзты æнкъарæн:

(Дзугаты Г. «Мæ чысыл малусæг»)

Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæ «Хæххон кæсаг»-ы та æмхъæлæсон мырты («р», «х») фæлхатты руаджы нæ хъустыл ауайы хæххон  æхсæрдзæнты нæргæ абухын, йæ «рыхын»:

 
(Дзаболаты Х. «Хæххон кæсаг»)

 
(Маяковский, В.В. «Хорошо!»)

 
(Светлов, М.А. «Песенка»)

Фæсарæйнаг аллитерация — иугъæдон кæнæ æнгæс æмхъæлæсон зæлтæ  фæлхат кæнын афтиддæр ныхасы райдайæны, уый та у хицæн цау литературон консонансы, кæм ахæм æмххъæлæсонтæ фæлхат цæуынц кæм фæндыдæр.

Аллитерацийы дæнцæг фæсарйæнаг литературæйы:

Литературон консонансы дæнцæг фæсарйæнаг литературæйы:




#Article 540: Хуыцау (1004 words)


Хуыцау — зæхх сфæлдисæг, уæларвцæрæг, фенæн кæмæн нæй, ахæм сæйраг бардуаг ирон мифологийы. Арæх æй хонынц Хуыцæутты Хуыцау дæр, уымæн æмæ иннæ ирон бардуæгтæ — дзуæрттæ йæ дæлбар уыдысты. Уæларвбæсты цæргæйæ, Хуыцау зоны, зæххыл цыдæриддæр цæуы, уый. Арв æмæ зæххы ’хсæн йæ рæстаг лæг у Уастырджи.

Нарты каджыты Хуыцау фæцис уæларвцæрджыты фарс Нартимæ тохы, у номдзыд нарт Батрадзы марджытæй. Хуыцауы номимæ баст сты æртæ ирон кувæндоны — Реком, Мыкалгабыртæ, Таранджелоз, кæцытæ фæзындысты, Батрадзы куы бабын кодта, уæд ыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдон кæм æрхаудысты, уыцы ран. Хуыцау Нарты ралгъыста, сæхи Хуыцауимæ æмдых æмæ æмбар кæй схуыдтой, уымæ гæсгæ, æмæ сæ æппынфæстæг сафгæ дæр фæкодта, æнустæм кады фæдыл æнустæм цардыл йæ къух чи ауыгъта, уыцы нæртон адæмы. Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ, Хуыцаумæ нæ уыд, сæ царды алыхуызон къабæзтимæ баст чи уыдаид, ахæм сæрмагонд функцитæ, æмæ йын уымæ гæсгæ нæ уыдис сæрмагонд кувæндон æмæ нæ агуырдта «персоналон» нывонд æмæ кувинæгтæ. Рагзаманты иуæй-иу ирон хъæуты уыдис Хуыцауы кувæндæттæ. Зæгъæм, Хуыцауы дзуар Лæцмæ ’ввахс Куырттаты комы.

Ирон адæм Хуыцауæн уæлдай кад æмæ аргъ кæй кæнынц, ууыл дзурæг у, цыфæнды фынгыл дæр фыццаг сидт кæддæриддæр кæй уыдис æмæ кæй вæййы Хуыцауы номыл.

Ирон адæм æнусты дæргъы мингай азты табу кæны, кувы æмæ нымдгæнгæ царды хорздзинæдтæ куры Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауæй. Хуыцау ирон мифологийы у æппæт рафæлдисæг æмæ ис æппæты сæргъы. Зæххыл цыдæриддæр цæуы, уыдон иууылдæр – Хуыцауы фæндонæй. Уый сфæлдыста зæхх, дон, уæлдæф æмæ адæймаджы дæр. Уыимæ схæцын йæ ныфс ничи хæссы, ничи йыл фæуæлахиз уыдзæн. «Батрадз зæдтæ æмæ дауджытæн сегасыл дæр тых уыд, – загъд ис Нарты кадджыты, – Хур æмæ Хуыцауæй фæстæмæ». Йæ ныхмæ чысыл фæлæууын дæр нæ бафæрæзта Даредзанты Амран. Нæ йыл фæтых сты Нартæ дæр иумæ æмæ «фыдвæды бæсты равзæрстой æвæд».

Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцау. Дунерадтæг. Дунеуромæг æмæ ахæм æндæр гуырахстджын дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй хонынц ирон адæм Хуыцауы. Алцыдæр йæ бон у, зæдтæй йæм алчидæр хъусы, дауджытæ дзы стъæлфынц. Бердзенты мифологийы Зевс куыд у, афтæ æнæ Хуыцауы барвæндæй дзы стыр хъуыддаг бакæнын йæ бон никæмæн у. Фæлæ уый Зевсау ирон Олимп – Уазайы цъуппыл зæдтимæ нæ бады. Ис бæрзонд уæларвы. Уырдыгæй æврæгъты сæрты дæр йæ цæст дары Зæххмæ, адæмы цардмæ æмæ йæм ивддзинæдтæ хæссы. 

Адæмæн цæрæнбон, хъысмæттæ æмæ амæндтæ уары. Алцыдæр уыны æмæ зоны: хæрзиуæг кæмæн дæттын хъæуы, æфхæринаг чи у. Уымæ гæсгæ Хуыцауыл æууæндæг алы ирон дæр йæхи хъахъхъæны йæ фыдæхæй. Æнæнхъæлæджы куы фæрæдийы, уæд уайтагъд йæхи араст кæны ахæм ныхæстæй: «Хуыцау, бахатыр мын кæн мæ рæдыд, зонгæ-зонын æй нæ бакодтон». Кæнæ: «Нæзонæджы хатыр мын бакæн». Хуыцау хæрзгæнæджы дæр уыны æмæ фыдгæнæджы дæр. Фыдгæнæджы тæригъæд, дам, æртæ фæлтæрмæ хæссы. Уый тыххæй ирон адæм афтæ фæзæгъынц: «Хуыцау тагъд нæ кæны, галуæрдоны цæуы. Абон куынæ уа, райсом æй уæддæр баййафдзæн йæ фыдæх». Хуыцауæн ныхмæвæрд тых Зæххыл ис дæлимонмæ. Уый йын сайы йе сконд адæмы рæдыд фæндагмæ. Æргомæй йæ бон ницы у, стæй йæ тых æвдисын дæр нæ уæнды, фæлæ йæ сусæг зджилæнтæй адæмы зонд хæццæ кæны. «Дæлимоны хай фæу», зæгъгæ, ахæм æлгъыст хуымæтæджы нæй ирæттæм. «Хуыцау æгъатыр у, кæмæн цы хъæуы, уый зоны», – фæзæгъынц ирон адæм. Хуыцауы фыдæхæй карздæр ницы ис Зæххыл. Адæмæн хæрзиуæг кæны зæдтæ æмæ дауджыты æххуысæй, æфхæргæ дæр – уыдоны фæрцы. Фæлæ йæм дзы æнæхонгæ иу дæр нæ цæуы. Æрмæст Уастырджийæн ис бар, куыд фæзæгъынц, æнæбахойгæйæ Хуыцауы дуарæй бахизын. Уастырджи у Хуыцау æмæ ирон адæмы хсæн дыууæрдæм минæвар. Уый рарвиты зæххон хабæрттæ бæлвырдæй базонынмæ, адæмы бафæрсынмæ, мæгуырæн феххуысмæ, фыдгæнæджы бафхæрынмæ. 

Æрмæст иунæг хатт Нартмæ йæ минæвар у зæрватыкк (Кадæг «Нарты сæфт»). Ацы кадæджы: «Хуыцау смæсты ис (Нартæм) æмæ сæм Уастырджийы рарвыста, æмæ сæ Уастырджи ралгъыста: «Уæ боны куыст иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд!» Хуыцауы никуы ничи федта. Зæхмæ искуы æрцыд, уый никуы загъд ис ирон адæмон сфæлдыстады. Æрмæст иу таурæгъ «Амран æмæ цуанон»-ы зæххон лæг Амран фены Хуыцауы, йе стыр мады мады æфсымæры. Се ’хсæн рауайы ныхас дæр. Тызмæг, быцæу ныхас цыд Амраны ’рдыгæй. Уæд æм Хуыцау фæхудти: – Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды. Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ: – Уæдæ ма мæм гъе уый сдæтт. Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Хуыцау æм фæмæсты æмæ йæ дзуæрттæн Уæрсæджы хохыл бабæттын кодта. 

Ирон адæмау Нартæ дæр нæлгоймагæй, сылгоймагæй сæхи фæдзæхсынц Иунæг Стыр Хуыцауыл. Сатана йæхæдæг уа, Нартæ, зындзинады куы бахауынц, уæд уайтагъд æртæ мыдамæсты ракæны, уæлвонг ранмæ ссæуы æмæ Хуыцаумæ скувы. Йæхи йын зындоны цады æппарынвæнд куы скæнынц, уæд та ныццыди доны былмæ æмæ сбадт, Сослан цы дурæй райгуырдис, ууыл æмæ скуывта: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Йæ курдиат ын кæдфæнды дæр сæххæст кæны Хуыцау. 

Хуыцау Нарты кадджыты, Даредзанты таурæгъты æмæ æппæт ирон адæмон сфæлдыстады дæр у иу дæр нæ, фæлæ иунæг. Дунескæнæг. Дунейыл йæ армдарæг, Иунæг Стыр. Ахæм миниуджытæ, гæнæнтæ, хæстæ дзы нæдæр иу зæдмæ, нæдæр иу дуагмæ хауынц. Уæд æй иуæй-иу хатт, цымæ, Хуыцæутты Хуыцау цæмæн фæхонынцæ? Уымæй йын ирон адæм йæ кад, намыс æмæ стырдзинад бæрзонддæр сисынмæ фæхъавынц. Ома, æппæт зæдтæ æмæ дауджытæ уый дæлбар сты, уый цы сфæнд кæна, уымæн аивæн нал ис, йæ зонд, йæ хъару æппæтыл дæр тых у, æппæтыл дæр æххæссы. Ахæм хуызы ма дзурынц æрмæст Хурзæринмæ: Хурты Хурзæрин. Дзырдбæстытæ Хуыцæутты Хуыцау, Хурты Хурзæрин сты сæ уаздзинад сын тынгдæр равдисыны охыл. Хуыцау æмæ Хурзæрин, стæй та Уастырджи сты ирон дины сæйрагдæртæ. Фæстаг дыууæйыл дæр цæуы æрмæстдæр Хуыцауы бар. Хуыцау у иунæг. Алы адæмтæ йæ хонынц алыхуызон нæмттæй, фæлæ сæ кувын, сæ курдиат цæуы иу ранмæ, адæм хохы цъупмæ алырдыгæй куыд хизой, афтæ, æмæ уый чи нæ æмбары, уый та ис дæлимоны ахæсты, æмæ йæм иннæ адæммæ цы фыдæхы зонд ис, уымæн хъомыс ма уæд! Дуне Хуыцау рафæлдыста. Алцыдæр Хуыцауæй аразгæ у. Хуыцауы цæст уынаг у. Хуыцауы æваст ницы ис. Æнæ Хуыцауæй цæрæн нæй. Нæ цард æгасæй дæр Хуыцауы къуыхы ис. Дзуæрттæ дæр Хуыцауы сты. Хуыцауы дзырдтыл дыууæ зæгъæн нæй. Æмбал кæнæм нæй, уый у иунæг кадджын Стыр Хуыцау, йæ хорзæх уæ уæд! – ахæм хъуыдытæ бæттынц Хуыцауимæ ирон адæм.

Æппæтылхæцæг, арвы æмæ зæххы кæй уынæм æмæ кæй нæ уынæм, уыдон æппæты Сфæлдисæг. Чырыстон дины Хуыцау — Æртæиууон — Фыд, Фырт æмæ Сыгъдæг Уд.

Пысылмонæн, Аллах у Æппæтхъомысджын Сфæлдисæг æмæ дунетыл Хæцæг, ницæй хуызæн у, æмæ йæмæ абарæн ницæимæ ис.




#Article 541: Далмаци (154 words)


Далмаци (, , ) у историон бæстæ Балканы æрдæгсакъадахы цæгат-ныгуылæны, Адриатикæйы денджызы былгæрон. Йæ фылдæр хай хауы нырыккон Хорватийы паддзахадмæ, чысылдæр хай та — Черногоримæ.

Рагæй Далмацийы цардысты иллириаг знæмтæ — далматтæ, либурнтæ æмæ æндæртæ, стæй уыдон йеддæмæ кельттæ æмæ фракиæгтæ.

Нæ эрæйы агъоммæ IV æнусы адриатикон былыл фæзындысты грекъаг колонитæ. Фæстæдæр, 229-æм, 228-æм æмæ 219-æм азты бæстæмæ бырсын райдыдтой ромæгтæ. Далмаци сси ромаг дунейы ахсджиагдæр бæстæтæй иу, суанг иуæй-иу императортæ уыдысты далмациаг равзæрдæй — зæгъæм, Диоклетиан.

VI æнусæй Далмаци уыдис Византийы дæлбар. Византиаг хицауиуæд даргъ нæ ахæста æмæ Далмаци байсын байдыдтой хорватæгтæ æмæ сербæгтæ.

IX æнусы далмациаг сахартæ уыдысты Хорватийы паддзахады сконды, XII æнусæй та фесты Венгрийы дæлбар.

Дæргъватин рæстæг, 1420—1797, Далмаци (сахар Дубровничы йеддæмæ) уыдис Венецийы республикæйы зæхх. XVI æнусы регионы мидæггаг хай байста Османты импери.

Далмаци у цымыдисаг туризмы бæстæ. Ис дзы денджызы найæн дæр, рагон фенддæгтæ фенæн дæр. Уæрæсейы граждæнтæн ис æнæ визæйæ бацæуыны бар Черногоримæ (кæддæриддæр) æмæ Хорватимæ (сæрдыгон).




#Article 542: Æфсæнвæндаг (109 words)


Æфсæнвæндаг у транспорты хуыз, кæцы уазтæ æмæ пассажиртæ ласы рельсон фæндæгтыл. Рельсытæ сты згъæрæй конд, уымæй йæ ном.

Æфсæнвæндаджы хицæн хуызтæ сты иумæйаг пайдайы æфсæнвæндæгтæ (), куыстуæтты æфсæнвæндæгтæ, сахары æфсæнвæндæгтæ (трамвай æмæ метрополитен).

Æфсæнвæндæгтæ вæййынц иувазыг æмæ дывазыг. Суткæйы дæргъы бирæ поездтæ кæм нæ вæййы, уым-иу иувазыг фæндаг аразынц.

Дунейы стырдæр æфсæнвæндаджы системæтæ сты:

Иуæй-иу бæстæты, уыдоны ’хсæн стыргомæуттæ дæр, æфсæнвæндæгтæ бынтондæр нæй. Ахæмтæ сты Афгъанистан, Чад, Экваториалон Гвиней æмæ ма æндæртæ.

Цæгат Ирыстоны фыццаг æфсæнвæндаг фæзындис XIX æнусы, Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаг куы арæзтæуыд 1888-æм азæй, уæд. Ныр дæр уыцы æфсæнвæндаг тынг ахсджиаг у республикæйæн, стæй йемæ цы куыстуæттæ баст сты, уыдон дæр — Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн завод æмæ æндæртæ.




#Article 543: Галерас (106 words)


Галерас () — стратовулкан Хуссар Америкæйы Колумбийы территорийыл, гыццыл фалдæр сахар Пастойæ.

Вулканы бæрзæнд хæццæ кæны 4276 м, диаметр бындурыл 20 км фылдæр. Кратеры диаметр - 320 метры, йæ арфад - 80 метрæй фылдæр.

Геологты æмæ вулканологты иртæстытæм гæсгæ фæстаг 7 мин азы агъоммæ Галерасыл æрцыдис 6 егъау æмæ  тынг бирæ чысыл сирвæзты. Афтиддæр  XVI æнусы дæргъы ам регистрацигонд æрцыдис ссæдз сивæзтæй  фылдæр. 1993-æм азы иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ вулканы кратеры фæмард 6 геологы (уыцы уысмы  райдыдта вулканы сирвæзт). 2006-æм азы ноябры егъау сирвæзты тасæй тæрсгæйæ алфæмбылайон  цæрæнрæттæй эвакуацигонд æрцыдысты аст мин цæрæгæй фылдæр.
Фæстаг сирвæзтытæ уыдысты 2008-æм азы январы, 2009-æм азы февралы, 2010-æм азы январы




#Article 544: Сывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби» (286 words)


Сывæллæтты æмæ фæсивæды паддзахадон театр «Саби» у театр Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы. Сценæйыл дзы адæймаг актёрты бæсты фæархайынц куклатæ.

Спектакльтæ дзы æвæрд цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Фæстаг цалдæр дæсазы дæргъы иронау æвæрд спектакльты нымæц кодта къаддæрæй къаддæр. Уыцы уавæры сæвзæрдæн театры раздæры разамонæг Цориты Нох скодта ахæм аргъ:

Театры бындур æвæрд æрцыдис 1940-æм азы. Йæ саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыдон сты Боциты Барон, уырыссаг драмон театры актёр А.В. Дуганский æмæ йе ’мархайджытæ Е. Самсоненко æмæ М. Батаев, стыр энтузиаст К. Волкова, «Сабийы» фыццаг актёртæ З. Евстигнеева-Киселева, Е. Печуркина-Зубина, О. Терехова, Е. Ядыкина, Н. Дмитриева, В. Моргунов, нывгæнæг Е. Айвазов æмæ бирæ æндæртæ.

Райдианы уагдонæн уыдис уырыссаг куклаты театры статус, ома æппæт спектакльтæ дæр æвæрд цыдысты уырыссаг æвзагыл. Рæхджы æхзызгон бахъуыдис æвæрын пьесæтæ ирон театрдзаутæн, фæлæ республикæйы нæ уыдис иронау чи куыстаид, ахæм куклаты актертæ. Уый хынцгæйæ, 1956-æм азы Дзæуджыхъæуы аивæдты училищейы байгом чындæуыд, куклаты актёрты кæм ахуыр кодтой, ахæм студи. Йæ фыццаг 10 рауагъдоны систы ирон куклаты театры астæуцæджындз. Афтæмæй иу агъуысты кусын райдыдтой дыууæ труппæйы: ирон æмæ уырыссаг.

Æндæр æмæ æндæр азты театры куыстой режиссёртæ В. Ткаченко, Н. Терский, Цæлыккаты М., С. Федорович, Мæхъиты И., Дауыраты З., нывгæнджытæ Е. Айвазова, М. Лысов, О. Малтызова, Хетæгкаты М., Б. Митрофанов, А. Чеботарёв æмæ æндæртæ.

Куклаты драматургийы сæ фыццаг къахдзæфтæ чи акодта, уыдоны ’хсæн уыдысты Б. Боциев («Адæймаг æмæ Домбай»), Хъайырты В. («Ацæмæз»), Тебиаты М. æмæ Гайты М. («Дзеджы фырт Дзег»), Ю. Саратовский («Нарты Сослан»), Хъазыбегты К. («Нарты Батрадз»), Хæмыцаты Ц. («Амонды дидинæг»), Б. Кеворков («Кокули»), Дауыраты Х. («Æлгъыст мæсыг»), Кочысаты З. («Муртуз в космосе»), Цæлаккаты М. («Хæхты цот»), Бицъоты Т. («Хъазыбеджы таурæгъ»), В. Районов («Æхсар æмæ Æхсæрттæг») æмæ æндæртæ.

Бирæ азты дæргъы театры сæргъы уыдис Цориты Нох. 2010-æм азы ног разамонæгæй сфидар чындæуыд Колыты Владислав.




#Article 545: Невадо-дель-Уилæ (123 words)


Невадо-дель-Уилæ () — тæккæ бæрзонддæр вулкан  Колумбийы, æвæрд у департамент Уилæйы. Вулкан фынæй уыдис 500 азæй фылдæр, æмæ сейсмикон архайд æвдисын райдыдта 2007-æм азы. Уыцы азы 20 февралмæ регистрацигонд æрцыдысты 7000 минæй фылдæр чысыл сейсмикон цауы.
Сейсмикон тас уæллоз у департаменттæн Уилæ, Каукæ, Калдас, Валье-дель-Каукæ.

Невадо-дель-Уилæ ногæй райдыдта активондзинад æвдисын 2008-æм азы мартъийы. Бирæнымæцон вулканикон зæххæнкъуыстыты фæстæ 18 мартъийы колумбиаг хицауад расидт «бур» тасы æмвæз, фæстæдæр æй раивтой «оранжхуызыл» 29 мартъийы, уый дзуры ууыл æмæ сирвæзтмæ æнхъæлмæ кастысты хæстæгдæр бонты кæнæ къуыриты. Эвакуацигонд æрцыдысты бирæ адæм. 2008-æм азы  14 апрелы 23:08 æрцыд æртхутæджы скалд, уæд хицауад расидтис «сырх» тас æмæ æвакуаци скодта 13 000 — 15 000 адæймаджы хохы алфæмбылайæ. Тасы æмвæз та æртардæуыд фæстæмæ «оранжхуызмæ» 16 апрелы, вулканы активондзинад куы фæкъаддæр ис.




#Article 546: Качиньский, Лех Александр (109 words)


Качи́ньский Лех Алекса́ндр (; 18 июны 1949, Варшавæ, Польшæ — 10 апрелы 2010, Смоленсчы облæст, Уæрæсе) — польшæйаг юрист æмæ политик, Варшавæйы мэр (2002—2005), 2005-æм азы октябрæй йæ амæлæты онг уыдис Польшæйы президент.

Ахуыр кодта Варшавæйы университеты юридикон факультеты, 1972-æм азы дзы райста магистры къæпхæн. 1979-æм азы бахъхъæхъæдта докторы диссертацы Гданьсчы университеты, уым куыста профессорæй 1990-æм азæй фæстæмæ.

Йæ фаззон æфсымæр Ярославимæ 2001-æм азы сарæзта ног парти — «Бар æмæ рæстдзинад». Фæдылдзу азы рамбылдта Варшавæйы мэры бынатмæ æвзæрстыты. Йæ администрацийы уынаффæтæй иу уыдис йæ партийы хъæппæрисæй Варшавæйы фæзтæй иуæн Джохар Дудаевы ном радтын (2005-æм азы мартъийы).

Качиньскийы амæлæты фæстæ йæ хæстæ æххæст кæны Бронислав Коморовский, 1954-æм азы гуырд Польшæйы Сеймы сæрдар.




#Article 547: Эдисси (113 words)


Эдисси (Едессиа кæнæ Едессия дæр фыссынц) у Стъараполы крайы Хъуырæйы районы хъæу, уыцы районы дыккаг стырдæр цæрæнран. Лæууы цæугæдон Хъуырæйы доны былтыл. Цæры дзы 5,8 мин адæймаджы.

Районы центр — станицæ Курская — у Эдиссийæ 5 км ныгуылæнырдæм. Хæстæгдæр æфсæнвæндаджы станцæ — Мæздæг — у 45 км хуссарырдæм.

Хъæуы бындур савæрдтой 1797-æм азы император Павелы барамындмæ гæсгæ. Уыцы барамындæй, сæхи куырдиатмæ гæсгæ дæсгай сомихаг бинонтæ ралыгъдысты ныры Дагъистан æмæ Азербайджаны зæххытæй Цæгат Кавказы быдыртæм.

Уымæ гæсгæ Эдиссийы цæрæг сомихæгтæ дзурынц тюркаг равзæрды æвзагыл (кæнæ, уымæй цы цалдæр фразæйы баззадис, уыдонæй пайда кæнынц).

Хъæуы ис агуыридурæй амад сомихаг аргъуан. Уый нымад у Стъараполы крайы зæронддæр сомихаг аргъуаныл (йæ ныры агъуыст у 1914-æм азы амад).




#Article 548: Сом (105 words)


Сом () у Уæрæсейы Федераци, Белорусси æмæ Приднестровьейы валютæты æнæофициалон ном ирон æвзаджы. Уымæй фылдæр Уæрæсейы сом у Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг валютæ.

Ныхасæн сом ис тюркаг равзæрд. Уырыссаг сомы йеддæмæ ахæм ном ис æстæуккаг Азийы бæстæты валютæтæм: Хъиргъизы æмæ Узбекистаны. 2000-æм азæй фæстæмæ Таджикистаны валютæ дæр хуыйны сомони, фæлæ ацы ном тюркаг сомимæ хæццæ нæу — схуыдтой йæ таджикаг нацийы фыды номыл, Исмаил Саманийы.

Советон рæстæджы сом уыдис советон рублы официалон ном таджикаг, туркменаг, хъиргъизаг æмæ узбекаг æвзагты, æмæ уый йеддæмæ уымæй пайда кодтой тæтæйраг, башкираг æмæ Цæгат Кавказы æвзагты дæр, ирон æвзаг сæ нымады.

Нырыккон валютæты тыххæй кæс:

Историон валютæты тыххæй та:




#Article 549: Советон Цæдисы сом (126 words)


Советон Цæдисы сом у Советон Цæдисы валютæ 1923-æм азæй 1991-æм азы 26 декабры онг. 1947-æм азы онг сомимæ æмзилдух кодта туман ().

Советон купюрæтæн сæ фылдæры дизайн скодта гравёр æмæ нывгæнæг Иван Дубасов.

Советон Цæдисы, 1924-æм азæй фæстæмæ æмæ суанг 1992-æм азы онг гæххæттын æхца йæ аргъ кæмæн 10 сомы онг уыдис, уагъта хæзнадон (казначейство) æмæ уыдон хуындысты Паддзахадон хæзнадоны билеттæ (Государственные казначейские билеты). Дæс сом æмæ уымæй фылдæр йæ аргъ кæмæн уыдис, уыдон та уагъта Паддзахадон банк æмæ сæ ном дæр уыдис Советон Цæдисы Паддзахадон банчы билеттæ (Билеты Государственного банка СССР).

Советон Цæдис куы фехæлдис, 1992-1995 азты советон сом-иу аиуварс кодтой зилдухæй. Уымæй чи ахицæн, ахæм фæстæг паддзахад сси Таджикистан (1995-æм азы 10 майы). Уæрæсе советон сомы зонæй рацыдис 1993-æм азы июлы (кæс Уæрæсейы сом).




#Article 550: Лари (404 words)


Лари (; ) у Гуырдзыстоны æхцайы иуæг (валютæ). Йæ ISO 4217 код у GEL. Лари зилдухмæ бацыдис 1995-æм азы, Эдуард Шеварднадзе бæстæйы сæргъы куы уыдис, уæд.

Æппæт банкнотæты чъылдым фарсыл ис англисагау фыст номинал () æмæ афтæ дарддæр.

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
номдзыд нывгæнæг Пиросманийы сурæт æмæ фыст «Пиросмани 1862—1918».
Чъылдым фарсыл:
Гуырдзыстоны сæйраг сахар Тбилисы панорамæ æмæ Пиросманийы нывæй хъуас.

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг композитор Захар Палиашвилийы сурæт æмæ фыст «Захария Палиашвили 1871—1933»,
галиуырдыгæй та — йæ оперæ «Абессалом æмæ Этери»-йы увертюрæйы нотæтæ.
Чъылдым фарсыл:
Оперæ æмæ балеты Тбилисы паддзахадон академион театры бæстыхай.

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 115 X 61 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг академик Иван Джавахишвили æмæ фыст «Иване Джавахишвили 1876—1940». 
Чъылдым фарс:
Иван Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университеты бæстыхай, дæлейы та — гом чиныг æмæ цæрæгойау нывæфтыд, галиуырдыгæй — цомахъы статуй (нæ эрæйы агъоммæ III миназ) æмæ Гуырдзыстоны картæ.

Рауагъды азтæ — 1995 æмæ 2002
Банкнотæйы ас — 125 X 63 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Акакий Церетелийы сурæт æмæ фыст «Акакий Церетели 1840—1915», зæрвæтыкк æмæ дидинтæ калæг къалиу.
Чъылдым фарсыл:
гуырдзиаг нывгæнæг Давид Какабадзейы мады сурæт йæ нывæй «Имерет — мæ мад», стæй ма сæнæфсиры къалиутæ.

Рауагъды азтæ — 1995, 2002, 2008
Банкнотæйы ас — 131 X 65 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт æмæ æхсæнадон архайæг Илия Чавчавадзейы сурæт æмæ фыст «Илья Чавчавадзе 1837—1907», галиуырдыгæй та — уый кæй бындур савæрдта, уыцы журнал «Гуырдзыстоны фидиуæг» (Сакартвелос моамбэ) æмæ газет «Ивери», стæй йæхи дзауматæ.
Чъылдым фарсыл:
Тбилисы бындурæвæрæг паддзах Вахтанг Горгасалы сурæт. Фоныл та — XVIII æнусы Тбилисы картæ, Вахушти Багратионийы конд, æмæ зæронд Тбилисы панорамæ æд Нарикалайы уынд.

Рауагъды аз — 1995 æмæ 2004
Банкнотæйы ас — 135 X 66 мм.

Раззаг фарсыл:
Ус-паддзах Тамары сурæт. Галиуырдыгæй та — грифон Самтависийы аргъуаны сисæй.
Чъылдым фарсыл:
Зодиачы нысан «Ахсæг», XII æнусы гуырдзиаг миниатюрæ.

Рауагъды аз — 2004
Банкнотæйы ас — 140 X 67 мм.

Раззаг фарсыл:
гуырдзиаг поэт Шота Руставелийы сурæт æмæ фыст «Шота Руставели XII æ.», галиуырдыгæй та композици «Кресты схаст».
Чъылдым фарсыл:
композици «Даниил цомахъы хуыккомы» æмæ Мартвилийы моладзандонæй рельеф æд фыст «Мартвили VII æнус».

Рауагъды аз — 2007
Банкнотæйы ас — 146 X 72 мм.

Раззаг фарсыл:
национ хъабатыр Кайхосро (Какуцæ) Чолокашвилийы сурæт. Фоныл та гуырдзиаг культурæйы хицæн объекттæ.
Чъылдым фарсыл:
Сухумы уынд, абхазагау фыст «200 ларийы».




#Article 551: Джеоргуыба (546 words)


Джеоргуыба (Джиуæргуыба дæр) — бæрæгбон Уастырджийы кадæн, у ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Кодтой йæ хъæууонхæдзарадон куыстыты фæуды номыл; вæййы ноябры дыккаг æмбисы æмæ ахæссы æнæхъæн къуыри. Иннæ бæрæгбæттæй хицæн кæны, бирæ нывонд фос ын кæй акусарт кæнынц куыд æхсæнæдтæ, хъæубæстæ иумæ, афтæ хицæн бинонтæ дæр. 

Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн. Фæлæ уыцы дзуæртты ’хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр, цыфæнды уавæры дæр йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Уæдæ ахæм цины фынг дæр нæма уыд, æмæ Хуыцауы фæстæ куывд Уастырджийы тыххæй ма рацæуа. 

Ирон мифологимæ гæсгæ Уастырджи ирон адæммæ æрбацыд сæ рагфыдæлтæ нартæй, цард радта нæртон сылгоймæгты фидауц Сатанайæн.

Адæмæн сæ уарзон зæд, сæ уарзон дзуар хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. Фырбуцæн æй хонынц «Сызгъæрин Уастырджи», «Хъæбатыр Уастырджи», «Сызгъæринбазыр Уастырджи». У бæрзонд, фæтæнуæхск, хæрзконд урсзачъе лæг, бады урс æфсургъыл.

Сылгоймæгтæ йын йæ ном нæ дзурынц, хонынц æй «Лæгты дзуар». Æвæццæгæн, Ирыстоны иу ахæм ком, иу ахæм хъæу нæ разындзæн, Уастырджийы кувæндон кæм нæй. Реком æмæ Ныхасы, Хетæджы æмæ Дзывгъисы, Къобы æмæ Хур-Хоры, Джер æмæ Дыгуры Уастырджи... 

Джеоргуыба рагон ирон бæрæгбон кæй у, уый бæрæг у, адæмон сфæлдыстады дæр ыл кæй æмбæлæм, уымæй. Бæрæг у, чырыстон дин Ирыстоны цы гуырдзиæгтæ — дины лæгтæ — парахат кодтой, уыдон зæрдиагæй кæй бакуыстой. Кæд раздæр ирæттæм ацы бæрæгбон Уастырджиимæ баст уыд, уæд сæ къухы бафтыд, цæмæй йын йæ ном ферох кодтаиккой. Уæддæр ма Джеоргуыбайы фынгыл дыккаг сидт вæййы Уастырджийы номыл, æртыккаг та — Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæдыл. Иннæмæй та къуырийы дæргъы иронау кувынц Уастырджимæ, дзурынц, Хуыцауы разæй рараст, иу абонæй иннæ абонмæ Иры зæххыл зилы, нæ куывдтытæ нын айс, зæгъгæ. Бæрæгбон æрвитæн æхсæв дæр та, Хуыцауы размæ сæ куывдтытимæ, курдиæттимæ фæндараст кæнынц сыгъзæрин базыр Уастырджийы.

Уастырджи афтæ кадджын уыд нæ фыдæлтæм, æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл — Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын уыцы мæйы дæр ис сæрмагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри — Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Уастырджийы кувæн къуыри.

Уастырджийы бонтæ æрцæуынц фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор. Ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг. Чызгæрвыстытæ æмæ чындзæхсæвтæ уæлдай арæхдæр вæййынц Джеоргуыбайы мæйы, Джеоргуыбайы бæрæгбон. Фæстаг азты Джеоргуыбайы бæрæгбон ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. Алы хæдзар, алы бинонтæ дæр æм рагацау сæхи бацæттæ кæнынц, кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ кусарт акæны. Æрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц сыхгуывдтæ, хъæугуывдтæ.

Фæззæджы фæстаг мæйы æртыккаг хуыцаубоны райдайы æмæ ахæссы къуыри. Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы мæйы нудæсæм, ссæдзæм кæнæ иу æмæ ссæдзæм бонмæ. Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал, уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц. Бæрæгбон ахæссы къуыри. Хуыцаубон — фæдзæхсæн бон, къуырисæр – йе рвитæн изæр. Уыцы бон дæр хæдзары скæнынц æртæ чъирийы, æмæ бинонты хистæр йæ кæстæрты бафæдзæхсы Уастырджийыл, азæй-азмæ бинонтæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæмастæй куыд æмбæлой, кæстæртæ амондджын куыд уой, иннæ аз Уастырджийæн ноджы стырдæр кусарт куыд акæной.

Хуыцаубоны йæ райдайынц, галтæ чи фергæвды, уыдон. Уыцы бон хонгæ дæр кæнынц — Галæргæвдæн хуыцаубон. Къуырисæры изæрæй та вæййы Уастырджимæ кувæн æхсæв, дыккаг хуыцаубоны — Уастырджийыл фæдзæхсæн бон æмæ йæ хæдфæстæ къуырисæры изæрæй — Джеоргуыбайы æрвитæн æхсæв.

Къуырийы дæргъы ирон адæм фæбадынц бæрæгбоны фынгтыл, сæ кадджын уазджытæ вæййынц, семæ иннæ адæмтæй хæларæй чи цæры, уыдон дæр. Джеоргуыбайы хæдфæстæ фæуазалтæ кæны, æмæ адæмы ’хсæн баззад ахæм ныхас: «Джеоргуыба мын зæгь, æмæ дын зымæг зæгъон».

Нывонды куывд Джеоргуыбайы бæрæгбоны




#Article 552: Барастыр (133 words)


Барастыр ирон адæмы традицион уырнынады у Мæрдтыбæсты хицау. Уæлæуыл цыдæриддæр ис, уыимæ удæгас адæм дæр, уыдон сты Стыр Хуыцауы фæрцы. Чи амæлы, уыдон та бахауынц Мæрдтыбæстæм, Барастыры дæлбармæ. Барастырмæ стыр бартæ ис. Цалынмæ адæймаг амæла, уæдмæ йын йæ бæстæм фæндаг нæй, куы амæла, уæд та йын цардмæ фæстæмæ раздæхæн нал и.

Уым — Мæрдтыбæсты — алцыдæр ис Барастыры къухы. Уый зоны, уæлæуыл чи куыд фæцард, æмæ йын уымæ гæсгæ Мæрдтыбæсты тæрхон кæны, дзæнæтмæ йын æмбæлы, æви йæм зындоны хъизæмæрттæ æнхъæлмæ кæсынц. Уыцы хъуыддаджы йæ рæстзæрдæдæр æххуысгæнджытæ сты Мæрдтыбæсты дуаргæс ставдæнгуылдз Амултахъ æмæ æгъдауæвæрæг Аминон. Уыдоны фæрцы алцыдæр ис йæ уагыл.

Барастыр иузæрдион у Нартыл. Уæлдай тынгдæр та ауды æнахъомæй мард æнæхин сабитыл. Рæвдауы сæ. Уырызмæджы æнæном лæппуйæн та йæ бадæн ис Барастыры уæрагыл. Æмæ ма йæ суанг рæстæгмæ уæлзæхмæ дæр рауадзы. Кæсæм кадæджы:




#Article 553: Буаробер, Франсуа де (197 words)


Франсуа Лё Мете́ль де Буаробе́р (, райгуырдис 1592 азы 1 августы, Каны — 1662 азы 30 мартъи, Парижы) уыди францаг поэт æмæ драматург.

Франсуа райгуырдис Каны, Руаны хъалонты палатæйы () прокуроры бинонты ’хсæн.

Йæ ахуыры сæр уыдис барад, суанг ма цасдæр рæстæг уыдис Руаны адвокатты коллигийы уæнг.

Француа де Буаробер, Решильейы аудындзинады фæрцы йын цы стыр мулк уыдис, уый хицау уæвгæйæ, рæдауæй æххуыс кодта фысджытæн.

Йæ царды фæткæй йын-иу арæх спайда кодтой йе знæгтæ. Иу æмæ дыууæ хатты-иу Буаробер не ссардта фыдæх, фæлæ-иу ахæм фыдахаст бирæ нæ ахаста, æниу фæстаг азтæ йæ бахъуыдис фылдæр æргом аздахын йæ сауджыны хæстæм.

Ришельёйы амарды фæстæ Буаробер хи баиу кодта, Фрондæйы афон лæггад кæмæн кодта, уыцы Мазариниимæ.

Буаробер ныффыста 18 пьесæйы. Уыдонæй 9 сты трагикомедитæ. Йæ комедитæй иу — «Хъастуарзаг хæрзрæсугъд ус» (уырыс. Прекрасная сутяжница) у уæлдай ахъуыдыйаг, уымæн æмæ ацы уацмыс сразæнгард кодта Мольеры йæ комеди «Чъынды лæг» ныффыссынмæ.

Буаробер ма у бирæ æмдзæвгæты автор. Уый ма мыхуыры рауагъта Теофиль де Виойы уацмыстæ (1627) æмæ дыууæтомон чиныг «Къаролы Парнас, кæнæ Людовик XIII æмæ Ришельёйы кадæн фыст алыхуызон æмдзæвгæтæ» (1635). Бернар де Ла Маннуайы хъуыдымæ гæсгæ, Буаробер у, йе ’фсымæр Антуана Лё Метель д'Увилы номæй кæй рауагта, уыцы æнæфсарм аргъæутты автор.




#Article 554: Ананьев, Борис Герасимы фырт (103 words)


Борис Герасимы фырт Ананьев (райгуырдис 1907-æм азы 14 августы, Дзæуджыхъæу — амардис 1972-æм азы 18 майы, Бетъырбух) советон психолог, Бетъырбухы психологты зонадон скъолайы бындурæвæрæг æмæ разамонæг. Йæ ахуыргæнинæгты ’хсæн ранымайæн ис зындгонд психологты Борис Ломов, А. Г. Ковалёв æмæ æндæрты.

Борис Ананьев райгуырдис сомихаг бинонты ’хсæн Дзæуджыхъæуы. Уый каст фæцис Хæххон педагогон институт 1928-æм азы. Бацыдис Мæгъзы институты аспирантурæмæ, сси педагогон зонæдты кандидат (1937), стæй педагогон зонæдты доктор (1939), разамынд лæвæрдта Ленинграды паддзахадон университеты психологийы кафедрæйæн (1944-æм азæй) æмæ уыцы университеты психологион факультетæн (1967—1972).

Ананьев 1949—1972 азты цы хæдзары цардис, уый сисыл æвæрд æрцыдис номарæн фæйнæг. Йæ ингæн у Серафимы уæлмæрдты Бетъырбухы цæгат-ныгуылæны.




#Article 555: Цавд (101 words)


Цавд хуыйны, дыууæ кæнæ фылдæр-уæнгон дзырды йе та дзырдбасты искæцы уæнг хъæлæсы уагæй иртæст куы цæцæуы, уæд уый.

Ирон æвзаджы цавд фæхауы хицæн сæрмагонд дзырдтыл дæр (кæнæ сæрмагонд дзырд баиу вæййы æххуысгæнæг дзырдимæ), стæй дзырбæстытыл дæр.

Цавды хуызтæ сты:

Уырыссаг æвзаджы цавды æрдз дывæр у: динамикон æмæ бæрцон (цавд кæуыл хауы, уыцы хъæлæсонтæ иннæтæй абаргæ дыууæ хатты даргъдæр свæййынц).

Уырыссаг æвзаджы цавд сæрибар у, кæцыфæнды уæнгыл дæр вæййы. Сомихаг æмæ францаг æвзаджы фæхауы æфстаг уæнгыл, финнаг æвзаджы — фыццаг уæнгыл, ироны — фыццаг кæнæ дыккаг уæнгыл.

Иумæйаг цавд кæуыл хауы, ахæм дзырдты къорд хуыйны акцентуалон комплекс (æд_ку́сæн_дзаума, ни́чи_дзуры æмæ афтæ дарддæр).




#Article 556: Гречъы хæдбардзинадыл хæст (113 words)


Гречъы хæдбардзинадыл хæст (æндæр ном — Гречъы революци; ) у грекъаг адæмы хотыхджын тох Османты империйæ хæдбардзинадыл. Райдыдта 1821-æм азы æмæ æнтыстджынæй фæци 1832-æм азы Константинополы фидыды бадзырдæй — уыцы документмæ гæсгæ Османты импери сразы ис Гречъы къаролад саразыныл. Уыцы цаутæй райдыдта нырыккон Гречъы истори.

Официалон паддзахадон æххуысы йеддæмæ, уыцы æмæ æндæр европæйаг бæстæты хицæн цæрджытæ æрвыстой Грекъмæ æхца, хæцæнгæрзтæ, суанг ма сæхæдæг барвæндонæй тох кодтой грекъæгты фарс. Зындгонддæр дæнцæгтæй иу у англисаг поэт Джордж Гордон Байрон. Уый тох кодта растджыты фарс æмæ цæфтæй амардис 1824-æм азы.

Хæдбардзинад райсыны фæстæ Грекъ сси монархи, йæ сæргъы æрлæууыдис 17-аздзыд бавариаг уæздан Отто.

Растады райдайæн бон — 25 апрелы — Грекъ бæрæг кæнынц куыд Хæдбардзинады бон.




#Article 557: Мачу-Пикчу (277 words)


Мачу-Пикчу (кечуа æвзагæй — «зæронд цъупп») — сахар рагон Америкæйы, лæууы нырыккон Перуйы террриторийыл.
Ноджы ма Мачу-Пикчу арæх фæхонынц «арвы сахар» кæнæ «мигъты сахар», иуæй-иухатт ма йæ фæхонынц «инкты сæфт сахар». Ацы сахар сарæзтæуыд куыд уæлфæдзæхст хæххон адзон инкты номдзыд хицауиуæггæнæн Пачакутекæй, йæ импери саст куы æрцыдис уымæй æнус раздæр, ома иу 1440-æм азы, æмæ дзы цард æнхъæвзта 1532-æм азы онг, уæд инкты империйы территоримæ æрбабырстой испайнæгтæ. 1532-æм азы йæ цæрджытæ мистерионæй фæдæлдзæх сты. Мачу-Пикчуйымæ æнгæстæ уæлхохон сахар Чокекирао фæцардис дæргъвæтин рæстæг дæр, 1570-æм æзтæм.

Сахар лæууы хохаг рагъы цъуппыл цæугæдон Урубамбайы 2057 метры уæлдæр, нырыккон Перуйы территорийыл.

Йæ хуымæтæг асмæ гæсгæ Мачу-Пикчуйы бон нæу егъау сахары ролмæ претензи хæссын — 200 бæстыхайæ фылдæр ды нæй. Сæйрагдæр уыдон сты кувæндæттæ, æфтауцтæ æмæ æндæр æхсæнадон хъуыддæгтæн арæзт бæстыхæйттæ. Сæ фылдæр хай у хорз фæлгуыстгонд дуртæй, кæрæдзимæ æнгом тард къæйтæй. Æнхъæлынц йæ хуылфы æмæ йæ алфæмбылай кæй цардысты иу 1200 адæймаджы бæрц, уыдон уым табу кодтой Хуры хуыцау Интийæн, стæй зайын кодтой хъæууонхæдзарадон культурæтæ террасæтыл.

Мачу-Пикчуйæн ис тынг дырыс структурæ. Хуссарскæсæны йæхи бæрæг кæны галуанон арæзтыты комплекс. Цы дуртæй арæзт у уыдон атфæ лæмбынæгæй фæлгуыст æрцыдысты, æмæ ис фидарæй зæгъын: нæ разы стыр хицæутты æмæ æлдæртты цæрæнрæттæ ис.

Ныгуылæйнаг хайы уæлвонг кæны сæйраг кувæндон нывондкæныны алтаримæ. Йæ ныхмæ цæрæн квартал, æнгом арæзт у дыууæуæладзыгон хæдзæрдтæй. Сæ астæуты, раст куыд лабиринты цæуынц нарæг фæндæгтæ æмæ асинтæ, арæх æрбакæнынц куымаумæ кæнæ дæлджинаджы сæрмæ æвæрд терассæмæ.

Испайнаг конкистадортæ не рбахæццæ сты Мачу-Пикчумæ. Ацы сахар ничи фехæлдта. Фæлæ цы у мæ цæмæн хъуыдис уый бæлвырд бæрæггонд не рцыдис. Цæмæн бахъуыдис амайын сахар 2450 метры бæрзæндыл, паддзахады центрæй афтæ дард æвæрд раны. Нæу бæрæг бæлвырд йæ цæрджыты нымæц дæр æмæ йæ цæг ном дæр.




#Article 558: Таранджелоз (243 words)


Таранджелоз — хорарæх æмæ хосарæхы æппæты рагондæр бардуаг ирон мифологийы. Таранджелозы кувæндон ис Тырсыгомы Четойтыхъæумæ ’ввахс. Йæ бæрæгбон йын фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны. 

Нарты хъæбатыртæй иу Батрадз – куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, хохы сæр. 

Алы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ’ввахс. Дзуары бынмæ иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй.

Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг. Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, æрхонынц сыхæгты. Таранджелозæн нывонд кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ иу æй аластой æмæ иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон иу ахаста цалдæр боны. Арахъхъ æмæ иу бæгæны рагацау скодтой æмæ  хъæлдзæгæй, æхсызгонæн фæбадтысты; зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, уæд хор æмæ хосхъуаг никуы уыдзысты. Таранджелозы бæрæгбон ныр дæр бирæ адæмтæ бæрæг кæнынц.

Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу æндæр рæтты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон).




#Article 559: Барад (117 words)


Барад у æхсæнадон ахастыты регулятортæй иу.

Нырыккон дуджы дунейы ахуыргæндтæ нæма ссартой барады универсалон бæрæггæнæн. Зæгъæм, Стыр советон энциклопедимæ гæсгæ 

Барады миниуджытæ сты:

Барады равзæрæн у барады нормæйы фидар кæныны амал. 
Барады равзæрæнты æхсæн сбæрæг кæнæн ис:

Барады системæ у къабæзтæ, институттæ æмæ нормæты æмдзыгуыр.

Къабаз у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты иугъæдон æхсæнадон ахастытæн.

Барады къабæзтæ сты:

Барадон институт у барадон нормæты æмдзыгуыр, кæцы уаг дæтты æхсанадон ахастыты хицæн къордæн.

Барады институттæ сты, зæгъæм:

Барады нормæ у ахасты уагæвæрд, кæцы уаг дæтты конкретон æхсæнадон ахастытæн.

Барадон системæ у барады системæ, барады культурæ æмæ барады реализацийы æмдзыгуырон бастдинад.
Дунейы зындгонд сты барадон системæты мыггæгтæ:

Барады зонæдтæ сты æхсæнадон зонæдты къорд, кæдон иртасынц барад æмæ барадон фæзындтæ.




#Article 560: Тигр (4821 words)


Тигр () — æхсырæйхæсгæ тугдзых гæдыты мыггаджы хуыз, у дæлмыггаг стыр гæдытæм хаугæ пантерæты () мыггаджы цыппар минæварæй иу. Ныхас «тигр» цæуы бердзенаг æвзагæй (), уый та йæхæдæг цæуы рагперсайнаг *tigri, уидагæй «*taig» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд». Цалдæр ирон ныхасыздæхттыл ныхас «тигр»-ы бæсты дзурынц ныхас «стай», афтæ гуырдзиаг национ эпос «Стайыцармдарæджы» ирон тæлмæцы  (вепъхи — тигр) тæлмæцгонд у куыд стай, фæлæ нырыккон литературон ирон æвзаджы стай у æндæр цæрæгой. 

Ацы хуызы минæвæртты æхсæн æмбæлынц мыггаг гæдыты егъаудæр цæрæгойтæ. Тигр у уæлзæххон тугдзых сырдтæй егъаудæртæй иу, уæлдай уадзы массæйæ æрмæстдæр урс æмæ тарбур æрсыты. Бæрæггонд æрцыдысты фараст тигрты дæлхуызы, уыдонæй XXI æнусы райдайæнмæ баззадысты æрмæст æхсæз — сæ иумæйаг æмтгæй райсгæ нымæц иу 4000-6500 уæвæгойы, уыдонæй тæккæ бирæнымæцон дæр у бенгайлаг тигр (номинативон дæлхуыз), иумæйаг популяцийы ахсы 80 %.

XX æнусы бахастæуыд Æхсæнадæмон Сырх чиныгмæ æмæ Уæрæсейы Сырх чиныгмæ, æмæ æндæр бæстæты хъахъхъæнæн документтæм. 2010-æм азы уавæрмæ гæсгæ тигртыл цуан æппæт дунейы дæр хъодыгонд у.

Тигры фыццаг зонадон афыст скодта Карл Линней йæ куысты «Systema naturæ», уыцы афысты йын радта ном Felis tigris. Фæстæдæр, 1858-æм азы уырыссаг натуралист Николай Северцов сфыссы ацы хуыз куыд Tigris striatus. 1867-æм азы бритайнаг зоолог Джордж Грей йæ сфыссы куыд Tigris regalis. 1929-æм азæй райдайгæйæ, тигры бахæссынц Пантерæты бинонтæм .

Тигры хуызы эволюцийы тыххæй сæйраг бæрæггæнæнтæ райстæуыд зæххæй къахгæ баззайæгты анализмæ æмæ молекулярон филогенетикæйы иртæстытæм гæсгæ.

Кладистикон анализы базæйы бæлвырдгонд æрцыдис, хуызы сывзæрды æмæ апарахаты центр æвæрд кæй у Скæсæн Азийы.

Тигры зæххæй къахгæ баззайæгты реконструкци рæнхъ аххосæгтæм гæсгæ у дзæвгар зын: палеонтологион ссарæггæгты къаннæг нымæц, кæдон арæхдæр вæййынц тынг фрагментацигонд; æрмæджыты счизийы æвæццæгæнад æндæр хæстæгон хуызты баззайæгтæй æмæ арæх ссарæггæгты æнæдырыс датировкæ.

Тигры рагондæр къахгæ баззайæгтæ ссардæуыд цæгатаг Китайы æмæ сакъадах Явæйы.. Тигрмæ хæстæг фыдæлтыккон формæ «Panthera palaeosinensis» уыдис йæмæ абаргæйæ чысыл гæды, цардис Цæгатаг Китайы облæст Хэнаны плиоцены кæронæй плейстоцены райдайæнтæм. Ацы цæрæгойы ас уыдис æхсæйнаг нырыккон индиаг леопардты æмæ Зондаг архипелагты цæрæг тигры дæлхуызты астæу. Гæнæн ис, æмæ «Panthera palaeosinensis» уыдис леопарды егъау формæ кæнæ иумæйаг фыдæл дыууæ кæнæ фылдæр хуызæн нырыккон «Panthera»-ты бинонæй. Хуыз Panthera palaeosinensis-ы дырыс таксономион уагæвæрд домы æххæстгæнæн иртæстытæ.

Тигры рагон къахгæ баззайæгтæ ма ссардæуыдысты Явæйы Джетис сывæлдæгты æмæ сын датировкæ лæвæрд æрцыдис 1,66-æй 1,81 милуан азы. Афтæмæй, дыууæ миллуан азы размæ, плейстоцены, тигр уыдис уæрæх хæлиугонд скæсæны Азийы, цардис ма сакъадæхты Борнео æмæ Палаван. Нымадтой раздæр, тигры равзæрды территори нырыккон цæгатаг Китай кæй уыдис, фæлæ фæстаг палентологион бæрæггæнæнтæ æвдисынц йæ ареал бирæ уæрæхдæр кæй уыдис, уый. Палеонтологты хай нымайынц æмæ ацы хуызы равзæрынæн нæ хъуыдис цæмæй йæ фыдæл хуызтæ Маньчжурийы хуызон къаннæг участокыл цардаиккой. Морфологион æмæ генетикон дивергенцийæн фыдæлтыккон æмæ хæстæг хуызтæй хъуыдис афтиддæр хицæн популяциты изоляци, уый та гæнæн ис æмæ æрцыдаид алыхуызон рæстæджы æмæ алыхуызон бæстыхъæдимæ æмæ рельефимæ участокты хуссарскæсæйнаг Азийы.

Ахастмæ гæсгæ бирæнымæцон тигры къахгæ баззайæгтæ, датировкæгонд цæуынц периодтæй рагафонæй æрæгмæ плейстоцены, бæрæг сты Китайæ, Суматрæйæ, Явæйæ; Индийы, Алтайы, Сыбыры æмæ æндæр районты тигртæ фæзындысты афтиддæр плейстоцены кæрон. Ноджы дæр ма ссардæуыдысты цалдæр стыр гæдыты ссарæггæгтæ, кæдон классификацигонд æрцыдысты куыд тигртæ, скæсæйнаг Берингийы территорийы, фæлæ уæддæр тигры къахгæ баззайæгтæ Цæгат Америкæйы территорийыл нырмæ бæрæггонд нæма æрцыдысты. Æхсайнаг асæй къаддæр тигртæ палеонтологион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрæгмæ плейстоцены цардысты Японы æмæ Сахалины. Ацы дæлхуызты къаннæгтæр ас, раст нырыккæтты хуызæн Зондаг архипелагæй, æмбæрстгонд цæуы сакъадахон къаннæгдзинады фæзындæй.

Абаргæ-анатомион иртæстытæм гæсгæ, тигрты æхсæйнаг ас плейстоценæй ныры дугмæты периоды фæкъаддæр (амураг тигрты ацухкæнгæйæ, уыдоны æхсæйнаг ас нæ баивта). Ацы фæзынд у характерон плейстоценаг æхсырæйхæссджытæн æмæ бæрæг кæны алыварслæууæг æрдзы сезонон биопродуктивносты фæныллæг, кæнæ хомхорты равджы та æнцонвадат æфтиаджы æхсæйнаг асы фæкъатдæрдзинады тыххæй. Тигры голоценон байзæдтæгтæ бæрæг сты Явæйæ æмæ Калимантанæй, фæстаг сакъадахы тигр сыскъуыдис нæ дуджы æрцыды размæ.

Молекулярон-филогенетикон бæрæггæнæнтæ, райсдæуыдысты алыхуызон методты æххуысæй, фидар кæнынц æнгом хæстæгон бастдзинæдтæ Panthera бинонты æхсæн, æмæ бæлвырд кæнынц, хуыз тигр кæй ахицæн иумæйаг фыдæлтыккон къабазæй 2 миллуан азы размæ, цомахъæй, леопардæй æмæ ягуарæй бирæ раздæр. Афтæмæй, палеонтологион æмæ молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæ тигры равзæрды тыххæй кæрæдзийы бæлвырд кæнынц.

Кæд молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæм кæронмæ бæлвырдгонд нæма æрцыдис, скæсæйнаг Ази кæй у раст уыцы регион, кæм æрцыдис хуызы хицæндзинад иумæйаг фыдæлтыккон бинонтæй, ис бирæ æвдисæйнæгтæ, кæдонмæ гæсгæ уайы, раст ардыгæй тигртæ кæй райдыдтой парахат кæнын цæгат æмæ цæгатскæсæйнаг Азимæ æмæ Берингимæ, æмæ хуссармæ Зондаг архипеладжы сакъадæхтæм, Индийаг субконтиненты арæнтæм. Тигры ахастмæ гæсгæ æрæгмæ фæзынд Индийы бæлвырдгонд цæуы уымæй дæр, æмæ тигртæ кæй нæ цæрынц сакъадах Шри-Ланкайы, уый уыдис материккæй хицæнгонд дунеон океаны уæлæмæ сцыдæй голоцены райдайæны. Палеонтологты цæстæнгасы астæу ис цавæрдæр хицæндзинæдтæ, нæ фидауынц тигртæ куыд æрцардысты централон æмæ хуссарныгуылæйнаг Азийы (каспийаг тигры ареал): иртасджыты иу хай нымайы кæй æрбафтыдысты уырдæм цæгатскæсæйнаг Индийæ, иннæ хай та — Сыбырæй нырыккон Хъазахстаны хуссарскæсæйнаг районтыл.

Зоогеографион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмæ ныры рæстæг уым кæй нæ цæрынц уымæ нæ кæсгæйæ, тигртæ хъуамæ цардаиккой сакъадах Калимантаны; фæлæ ссарæггагтæ, кæдон уый бæлвырд кæнынц сты цасдæр гуырысхойæгтæ. Фæлæ уæддæр туземцтæ знæм бисайайæ дзурынц, цы ссыртæ сæм ис, уыдон кæй сты хъæддаг тигрты, фæстæгтæ дзы мард æрцыдысты ацы туземецты фыдæлтæй 4-7 фæлтæры размæ. Уый дзуры ууыл æмæ тигр Калимантаны кæй сыскъуыдис иу 200 азы размæ. Калимантаныл тигртæ кæй уыдис ууыл ма дзуры дæндаджы ссард дæр лæгæт Ниайы сакъадахы малайзиаг хайы (Саравак), неолиты рæстæджы сывæлдæгты.

Тигр у егъаудæр æмæ уæззаудæр æппæт хъæддаг гæдыты æхсæн, фæлæ йæ алыхуызон дæлхуызтæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ асæй æмæ буары массæйæ. Тигры материкон дæлхуызтæ сты сакъадахонтæй дынджырдæр. Тæккæ егъаудæртæ сты индиаг (бенгайлаг) æмæ амураг (сыбыраг, уссуриаг) дæлхуызтæ. Амураг нæл тигрты бон у дæргъмæ айрæзын 3,5 метрмæ æнæ къæдзилæй æмæ хицæн равгты сæ уæз хæццæ кæны 300 кг онг.. Æхсайнагæй та амураг нæл тигртæ дæргъмæ æнæ къæдзилæй вæййынц 190-220 см, буары æхсайнаг уæзимæ 180-275 кг (тигры къæдзилы дæргъ арæхдæр вæййы 60-110 см).

Буары дæргъ æнæ къæдзилæй аллы хуызон дæлхуызты æхсæн æнкъуысы 1,4 м — 3,5 м онг. Къæдзил 60-90 (амураг тигрæн 110-115 см онг).

Йæ бæрзæнд мæсыгмæты 1,15 м. Хъомыл нæл æрдзы арæхдæр фæласы 180-æй 250 кг (бенгайлаг æхсæйнагæй — 220 кг; Цæгатаг Индийы æмæ Непалы цæрæг бенгайлаг — 235 кг бæрц.). Сыл тигртæ сты бирæ къаддæр нæлтæй, амураг  æмæ бенгайлаг дæлхуызты массæ хæццæ кæны 100-181 кг.

Æппæт уæваг тигрты дæлхуызтæ нымайгæйæ, нæлы æхсæйнаг уæз у 180-200 кг, сылы — 120-140 кг.

Тигры сæрыкъуыдыры кондилобазалон дæргъ у 200 мм фылдæр. Фындзы сджыты фæстаг кæрæттæ бацæуынц уæллаг æфсæрты стджыты æмвæзы фæстæмæ.

Хомыл тигр, раст иннæ гæдыты хуызон, у 30 дæндаджы хицау. Уæллаг æмæ дæллаг æфсæртыл фæйнæ 6 раззаг дæндаджы, 2 ссыры; уæллаг æфсæрыл 3 премоляры æмæ 1 моляр; дæллаг æфсæрыл 2 пермоляры æмæ 1 моляр. Дæндагон формулæ: .

Хорз размæцыд сты ссыртæ, сæ дæргъ хæццæ кæны 8 см онг, æххуыс кæнынц тигрæн амæттаг марын. Даргъ æмæ цæрдæг æвзаджы фæрстыл ис сæрмагонд къуыбыргондтæ, æмбæрзт сты ныхъхъæбæргонд эпителæй æмæ фадат дæттынц хицæн кæнын амæттаджы стæгдарæй дзидза. Уыцы къуыбыргондтæ ма ахъаз сты тигрæн хи хсгæйæ.

Тигры хуызы сæйраг тон æнкъуысы æзгæ-сырхæй æзгæ-морæхуызмæ; гуыбын, риу æмæ дзæмбыты мидуæлцъартæ сты ирд. Ноджы ма хъусты цæгаты ис ирд фæнысæнттæ. Буар у тагтæй æмбæрзт, сæ хуыз ивы морæхуызæй — сатæг саумæ. Сæ формæ æмæ дæргъ аллы дæлхуызтæн дæр у сæрмагонд, фæлæ тигрты фылдæрæн вæййы 100 тагæй фылдæр.

Тагты равæрд у уникалон аллы хицæн сырдæн дæр, уымæ гæсгæ дзы ис бæрæг кæнын хицæн индивидты, раст адæймаджы æнгуылдзты фæдты хуызæн. Ацы хицæндзинадæй фæпайда кæнынц иртасджытæ, æрдзы мидæг сæ цæст куы фæдарынц хицæн сырдтæм, уæд.

Тæлмты сæйраг функци — тугдзыхы маскировкæ цуаны рæстæг.

Тигры характерон хуыз у ахъаззаг пыхсбыны, уым йæ уадзы æнæфиппайдæй уæвын. Аллыхуызон географион уавæртæм гæсгæ ивы, æмæ у сæйраг мадзал тигрты дæлхуызтæ хицæн кæнынмæ. Хъулон ныв канд хъуыныл конд нæу, фæлæ ма суанг цъарыл дæр ис, æмæ сырдæн йæ къуымбил куы æрдасай, уæддæр фæстæдæр разайгæ хъуыныл рацарæзт вæййы фыццагон ныв.

Тигры буар у массивон, даргъгонд, мускулджын, тасаг. Къæдзил даргъ, æмбæрцæй хъуынæй æхгæд. Сæр тымбылгонд. Хъустæ къаннæгтæ тымбылгондтæ. Хъисæй æмбæрзæн æнгом æмæ ныллæг хуссайраг дæлхуызтæн, бæрзонд æмæ хъуынджын — цæгатæгтæн.

Раззаг дзæмбытыл фæйнæ 5 æнгуылдзы, фæстæгтыл — фæйнæ цыппар, æппæт дæр мидæмæ быргæ ныхтимæ.

Тигртæ сты хорз размæцыд талынгон уынды хицæуттæ, цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ та сын цыдæр хайы ис хуызон уынд.
Пантерæты бинонты иннæ минæвæртты хуызон, тигрмæ дæр хурхы æмæ хъæлæсы уæнгбæттæнты арæзты тыххæй ис фадат рыхын, фæлæ арæхдæр йæ хъæлæс райхъуысы афтиддæр схъазынмæ куы фæхъавынц, уæд.

Тигр у æрмæстдæр азиаг хуыз. Тигры историон ареал (ныр тынг дихтæгонд у арæх кæрæдзийæ дард æвæрд хицæн популяцитыл) ис Уæрæсейы Дард Скæсæны, Ираны, Афгъанистаны, Китайы, Индийы æмæ Хуссар-Скæсæн Азийы бæстæты, Зонды архипелагимæ (Индонезийы сакъадæхтæ).

Тигры цæрыны ареал арæзт æрцыдис Китайы цæгаты, плейстоцены райдайæнты (иу 2 милуан азы размæ). Дæс мин азы размæ тигртæ ацыдысты хуссармæ Гималайты сæрты, æмæ апарахат сты нæхъæн Индийыл, Малайы æрдæгсакъадахыл æмæ сакъæдæхтыл Суматрæ, Явæ æмæ Балийыл. Цалдæр æнусы размæ йæ цæрæнрæттæ арæнгонд уыдысты афтæ 50 градусы ц.у. (Хъазахстан), 50 градусы с.д. (Цæгат Иран), 140 градусы с.д. (Амуры донæфтæнæй), 8 градусмæ х.у. (Зонды сакъадæхтæ). Ныр ацы территориты фылдæр хайыл тигртæ цагъд æрцыдысы; егъаудæр популяцитæ баззадысты Индийы æмæ Индокитайы. Уæрæсейы гæрæтты гыццыл популяци ис афтиддæр Дард Скæсæны Денджызгæрон крайы æмæ Хабаровсчы крайы. Афтиддæр 1995 æмæ 2005 æзты астæу тигрты ареал Азийы фæцыбырдæр 40 %, афтæмæй уайы сæ раздæр территорийæ ма цæрынц афтиддæр 7 %.

Тигртæ цæрынц ландшафтты уæрæх спектры: уымæл тропикон хъæдтæ, мангрон цыфдзæсттæ æмæ хурхъæзы пыхсытæ тропикты, хус саваннæтæ, æрдæгæдзæрæгрæттæ, гом дурджын сопкæты æмæ тайгайы цæгаты. Хæхты хæццæ кæнынц 3000 м денджызы æмвæзæй.

Æппæт хицæнгонд æрцыдысты тигры фараст хуызы, уыдонæй 3 нырид адæймагæй скъуыддзаггонд æрцыдысты.

Тигры гибридтæ фыццаг райдыдтой зынын XIX æнусы, зоопаркты хицæутты фæндыд æрбацæуджыты æрбасайын сæ уагдæттæм æфтиаг фæфылдæр кæныны тыххæй. 

Хъуыстгонд сты цомахъ æмæ тигры астæу гибридтæ (арæхдæр амураг æмæ бенгайлаг дæлхуызтæ).

Тигрæн ис бæрæг мутаци, уый фæрцы фæзыныц сырдтæ æххæст урс ахуырстимæ — бенгайлаг тигртæ сау-морæ тæлмтимæ уырс цармыл æмæ æрвхуыз цæстытимæ. Ахæм ахуырст тынг стæмхатт фембæлы хъæддаг сырдты астæу, фæлæ абаргæйæ арæх вæййы ахстуаты цæрæг популяциты. Урс тигрты фæзынды арæхдзинад — 1 сырд 10 000 æнæуый ахуырстимæ. Урс тигртæ хорз бирæ кæнынц ахстуаты. Фыццаг кой ацы тигрты тыххæй хауы 1951-æм азмæ, уæд цуангæнджытæй иу райста тигры хуыккомæй урс тигры лæппыны. Фæстæдæр ацы тигр схъазын кодтой æнæуый ахуырст сыл тигримæ æмæ дзы райгуырд цыппар æнæуый тигры. Фæстæдæр æй схъазын кодтой йæ цотæй иуимæ æмæ дзы рауад 3 тигры, уыдонæй дыууæ урсытæ. Ахстуаты цæрæг урс тигртæ æппæт дæр сты иу сырды байзæддæгтæ. Ныр дунейы зоопарчыты ис иу 130 урс тигры.
Æмæ кæд сæ цармыл дырысæй зыныц сау тæлмтæ, уæддæр фæзынд мæнг хъуыды, урс тигртæ дам альбиностæ сты.

Афтæ хонгæ сыгъзæрин алуынд — тæккæ стæмхаттæр æмбæлгæ хуызы ивд, расайы йæ реццесивон ген. Фыццаг койтæ ахæм хуыз тигримæ хъæддаг æрдзы фембæлды тыххæй хауынц XX-æм æнусы райдайæнмæ. Фыццаг уыдис рагъмæ хаст теори, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз фæзынд тигрты чысыл популяцийы мидæг, кæдон цардысты хъæздыг æлыгджын мæртимæ бæстæты, æнахуыр хуыз та сын æххуыс кодта цуан кæнгæйæ хи æфснайын. Теори базадис æнæбæлвырдгондæй.
Ныр ахстæй цæрынц иу 30 сырды ахæм хуыз ахуырстимæ. Раст урс хуыз тигрты хуызæн адон дæр сты сæйрагдæр бенгайлаг дæлхуызæй, фæлæ сæ туджы цыдæр хай у амураг урс тигр Тонийæ, кæцы у Цæгат Америчы æппæт урс тигрты фыдæл. Парахатгонд рæдыд, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз тигртæ фæзындысты бенгайлаг æмæ амураг тигртæ хæццæ кæнынæй.

Хабæрттæ уыдис бенгайлаг тигрты астæу кæй фæзынд меланисттæ фæздæгхуыз кæнæ нæхъæнæй дæр сау цармимæ. Ноджы ма хъусынгæнинæгтæм гæсгæ бæрæггонд æрцыдысты тигрæ цъæх-фæныкхуыз ахуырстимæ (мальтиаг тигр). Ацы ахуырсты типты расайдтой цудгæ мутацитæ.

Цырд у куыд талынгæй афтæ боны рухсæй дæр. Цæуы дынджыр къахдзæфтæ кæнгæйæ. Бæлæстæм нæ быры. лæппынтæ æмæ æрыгон сырдтæ йæдтæмæ. Иттæг хорз кæны ленк — хуссайраг бæстæты тигртæ тæвды æдзухдæр сæзи фæнайынц. Сæ хъуын калынц аз дыууæ хатты — мартъийы æмæ сентябры.

Хъомыл тигртæ — территориалон сырдтæ сты, цæрынц иунæгтæй æмæ тызмæгæй хъахъхъæнынц сæ территоритæ. Сæ приватон зæххытæ тигртæ фæбæрæг кæнынц аллыхуызон мадзæлттæй. Территорийы бæрæггæнæн индивидуалон тæфæй у тигрты коммуникацийы сæйрагдæр фæрæзтæй иу. Мизынцагæй нысæнттæ тигртæ ныууадзынц сæйрагдæр вертикалон фæзойтыл: бæлæсты зæнджытыл, къæдзæхтыл, хибарæй лæуугæ къудзитыл æмæ а.д. Уыимæ тигр сысмуды дзаумамæ, стæй йæм чылдымырдæм разилы, къæдзил сисы вертикалон уæлæмæ. Мизынцъаг æддæмæ æппæрст æрцæуы пырхгонд цæхъалæй фæстæмæ, 30 см дæргæй кæнæ хæстæгдæрæй. Мизынцъагæй нысæнттæ вертикалон фæзойтыл тигртæ фæкæнынц зæххы æмвæзæй 60-125 см уæлдæр. Ноджы ма тигртæ нысан кæнынц территори мит кæнæ мæр хъæмпус кæнгæйæ. Тигртæ ма сæхи фæхафынц бæлæстыл æмæ сын сæ зæнгтæ цъæрæмыхст фæкæнынц.

Приватон территорийы бæрц тынг æнкъуысы цæрæнранмæ, æфтиагмæ гæсгæ, нæлтæн та ма ацы бынаты цал сылы цæры уымæй дæр ма. Сыл тигрæн йæ территори арæхдæр вæййы иу 20 км², нæлты территоритæ та сты дзæвгар стылдæр — 60-100 км². Хъомыл нæлы территорийыл гæнæн ис æмæ вæййы цалдæр сылы индивидуалон территоритæ, сæ æмахаст вæййы 1:2 кæнæ 1:4. Тигртæн сæ тирриторийыл цæуыны фæндæгтæ сты æнæивгæ. Уыдоныл цæугæйæ тигртæ æдзухдæр фæнысан кæнынц сæ территори, скæнынц цыбыр кæнæ дæргъвæтин рæстæгмæ хуыссыны рæттæ. Территорийыл суткæйы æмгъуыдмæ цас фæцарццу кæны тигр уый дæлбар у цалдæр факторæн. Æхсæйнаг цыд хи территорийыл хъомыл нæлæн у 9,6 км, максималон 41 км. Æхсæйнаг цыд сылæн — 7 км, максималон 22 км. Сыл тигртæ хаттæй-хатт схуыл вæййынц кæрæдзийымæ, фæлæ уæддæр арæх сæ тирриторитæ иу хайы вæййынц иумæйæгтæ, æмæ сыл сабырæй фæфидауынц, нæлтæ та никуы фæуадзынц æндæр нæлты сæ территорийыл æдзухдæр цæрын, стæй йæ сæрты хизын дæр.

Ахæм агрессивон территориалон уагахаст тигрты нæлты астæу арæх æркæны уæззау цæфтæм, хаттæй-хатт та иуы мæлæтмæ дæр. Афтæмæй арæхдæр тигртæ не схуыл вæййынц, æрхæцынц тасæфтауæг позæтæй æмæ мыртæй.

Тигры нæлтæ æнцонтæй æрцæрынц сылтимæ иу территорийыл, суанг ма фæдих кæнынц сæ амæттагæй дæр. Сылтæ дæр фæдих кæнынц сæ цуаны фæстиуджытæй, æмæ ма, нæлтæй уæлдай, сæхи æрд сырдтимæ дæр.

Хъæдтаг æрдзы тигртæ сæхи æфсадынц сæфтæгджынтæй: бенгайлаг тигртæн сæ амæттаг сты ахæм хуызтæ куыд, саг индиаг замбар, аксис, хъæддагхуы æмæ нильгау; амураг тигрæн — уæздан саг, дзыгъуыр саг, хъæддагхуы, сæгуыт æмæ кабарга; суматрæйаг тигрæн — саг самбар, хъæддагхуы æмæ чепракон тапир. Ноджы ма тигрты бон у цуан кæнын егъау халхортыл — индиаг къамбец, гаур, æмæ цæгатаг саг. Уый йæдтæмæ ма хаттæй-хатт тигртæ фæхæрынц сæхицæн æнахуыр хæринаг, маймулитæ, фазанты, тæрхъусты æмæ ма кæсаг дæр. Æххæст хæлцадæн тигры хъæуы 50-70 сæфтæгджыны афæдзмæ.

Хъуыстгонд у тигрты бон кæй у марын æндæр тугдзыхты, зæгъæм бирæгъты, леопардты, æлхъивгæлмыты æмæ хаттæй-хатт кæфхъуындарты дæр. Амураг тигртæ æмæ бур арстæ кæрæдзийæн тæссаг сырдтæ сты, ис бирæнымæцон хъусынгæнинæгтæ тигртæ кæй марынц сæ лæппынты æмæ ныххауынц хъомыл æрстыл дæр. Бур æмæ гималайаг æрсытæ сты амураг тигры хойраджы рационы 5-8 % (фылдæр сæ амарынц хъомыл тигртæ). Малайаг арс у тынг бырсæг, æмæ хаттæй-хатт атæры тигры йæ амæттагæй, фæлæ арæхдæр зыгъуыммæ рауайы; малайаг тигртæ цуаны фæцæуынц ацы æрсытыл.

Хъомыл индийаг пылтæ тигрæн æгæр стыр сты, уымæ гæсгæ стыр гæдытæ адонимæ фембæлынæй сæхи фæхизынц, фæлæ хаттæй-хатт амарынц æрыгон лæппынты.

Хъуыстгонд у иу цау тигр куы амардта индийаг сыкъафындзы хъомыл сылы. Хаттæй-хатт тигртæ цуан фæкæнынц хæдзарон цæрæгойтыл дæр, куыйтыл, хъуццытыл, бæхтыл æмæ хæрджытыл. Зайæгхал хойрагæй — æнгузтæй, кæрдæгæй, дыргътæй — тигртæ фæпайда кæнынц сæрды.

Йæ арæалы территорийыл æппæтыл дæр, тигр у хойраджы рæхысы уæлдæр цæг, æмæ йын æндæр тугдзых сырдтæ конкуренци самайыны хъом не сты. Хаттæй-хатт ахæм конкуренцийы хъом свæййынц мыггаг куыйты минæвæрттæ, кæдон цуаны фæцæуынц стыр балтæй — зæгъæм индиаг сырх бирæгъ.
Хаттмæ тигр бахæры 30-40 кг зиза. Æххормаг хъомыл нæл сырдты бон у бахæрын хаттмæ дзидзайы 50 кг. Саджы кæнæ хъæддагхуыйы марды цур тигр баззайы цалдæр боны, уыдоны дæргъы фæхæры йæ амæттаджы. Хæринаг куы нæ вæййы уæд тигрæн феххуыс вæййы дæлцармон сайаг клетчаткæ, йæ бæзджын амураг тигрæн фæхæццæ кæны 5 см онг.

Тигртæ цуан кæнынц афтиддæр иунæгтæй, пайда кæнынц цуаны рæстæг дыууæ амалæй: амæттагмæ хъуызын кæнæ йæм бабадгæйæ æнхъæлмæ кæсын. Фыццаг фадатæй арæхдæр фæпайда кæнынц зымæджы, дыккагæй сæрды. Тигртæ арæхдæр фæхъуызынц кæнæ фенхъæлмæ кæсынц сæ амæттагмæ къахвæдты æмæ дондарæнты цур. Цæрæгойы бафиппайгæйæ, тигр райдайы йæм хъуызын дымгæйы кæдзилы рдыгæй. Хъуызгæйæ фæцæуы цыбыр цадæг къахдзæфтæ кæнгæйæ, арæх æрæнцайы зæххыл. Амæттагмæ фаг хæстæг дардцæгмæ бабыргæйæ тигр цалдæр тынг стыр гæппæй йæ баййафы. Разыбадгæйæ тигр фæхуыссы дымгæйы бын.

Амæттагмæ гæпп кæнгæйæ куы фæрæдийы уæд ма ассуры цæрæгойы афтиддæр 100-150 м. Уыимæ йæ буар дзæвгар уæззау кæй у уымæ нæ кæсгæйæ тигры бон у лидзын 60 км/ч алыхуызон уæлцæрттыл дæр.

Дынджыр сæфтæгджынты тигр фæлвары æрцахсын сæ хъуырæй, æмæ стæй бахурх кæнын, кæнæ сын сæ бæрзæй асæттын, рауадзы сын сæ туг рабериндзæнтæй () кæнæ яремон тугдадзинæй, уымæн йын фæххуыс вæййынц йæ ссыртæ, кæдоны дæргъ хæццæ кæны 8 см (æнæ бындзæфхадæй). Къаннæг сырдтыл цуан кæнгæйæ тигр сын асæтты сæ рагъыстæг кæнæ къабæзтæ æрбасæтты.

Цуаны рæстæг тигры бон у гæпп кæнын бæрзæндмæ 5 м онг, дæргъмæ та 9-10 метры онг.

Мард хойраг тигр фæхæссы дæндæгтæй хæцгæйæ кæнæ фæсонтæм баппаргæйæ: афтæмæй йæ бон у лидзын 100 кг бæрц амæттагимæ; 50 кг хæцгæйæ дæндæгтæй тигры бон у гæпп кæнын 2 метры уæлæмæ. Тынг егъау цæрæгойтыл цуан кæнгæйæ (гауртыл æмæ азиаг къамбецтыл) тигры бон сæ у зæххыл хæр-хæр кæнын, уыимæ сæ уæз арæх йæхи уæзæй фæфылдæр вæййы 6-7 хатты.

Хъомыл тигры бон у адæймаджы йæ дзæмбы иу цæфæй амарын.

Цуаны цæуын зонындзинад тигрæн йæ æрдзæй дæттгæ миниуæг нæу, ууыл тигры лæппынты сахуыр кæны сæ мад .

Тигртæн типикон у полигами. Схъазынц декабры-январы. Территоритыл кæдоныл сырдты нымæц у къаннæг сылы фæстæ фæзилы афтиддæр иу нæл тигр. Нæлты астæу хуылтæ бацайдагъ вæййынц. Нæл куы бамбары сылы мицырайы нысæнттæм гæсгæ, репродуктивон уавæры ис, уый, уæд йæм фæзыны спецефикон уагахаст — флемен, фæбæрæг кæны характерон гримасæйæ йæ хæмхудтыл..

Сыл тигр фæхъазы азы мидæг афтиддæр цалдæр боны. Сылты фылдæр хай фыццаг хатт цот æрхæссынц 3-4 аздзыдтæй. Ныззайы иу хатт 2-3 азы мидæг. Сыл заинаг вæййы 97-112 боны (æхсæйнагæй 103 боны).

Хуыкком саразынц зынвадат рæтты, скъуыдты дурты астæу, лæгæтты, кæлдымты астæу, хъæзты. Иу хуыккомы сыл тигр вæййы цалдæр азы дæргъы.

Лæппын тигртæ фæзынынц март-апрелы. Лæппынты къорды вæййы 2-4 тигры, стæмхатт 1, ноджы стæмдæр 5-6. Лæппынтæ фæзынынц куырмтæй, æнæбонтæй, сæ уæз вæййы 1,3 — 1,5 кг, иу 6-8 боны фæстæ цæстæй уынын райдайынц. Фыццаг 6 къуырийы лæппынтæ фæцæрынц сæ мады æхсырæй. Мад сæм хæстæг никæй фæуадзы, царддзу кæнæг нæл тигрты бон у лæппынты амарын. 8 къуыридзыдæй лæппынты бон свæййы мады фæстæ уайын, æмæ хуыкком ныууадзынц. Бынтондæр цардмæ цæттæ лæппынтæ свæййынц 18 мæйдзыдтæй, фæлæ арæх баззайынц сæ мадимæ 2-3 азы, хатгай та 5 азы бæрц.

Хъæдхъом цард райдайæны фæстæ æрыгон сыл тигртæ арæхдæр æрцæрынц сæ мады территоримæ æввахс, æрыгон нæлтæ та ахæтынц тынг дард хи территори агургæйæ, фылдæр хатт сæ бахъæуы сæрмагонд зæххы хай байсын æндæр нæлтæй, кæд территорийыл тигртæ гыццыл фæцæры уæд та бацахсынц афтид участок. Хъазынхъом сылтæ свæййынц 3-4 аздзыдæй, нæлтæ та 4-5 аздзыдæй.

Йæ царды æмгъуыдмæ сыл æрхæссы 10-20 лæппыны, уыдонæй æрдæг арæхдæр амæлы тынг æрыгонæй. Тигры царды æмгъуыд у 26 азы онг.

Адæймаг тигры дзæвгар рæстæг иугæндзонæй кæй хъыгдары уымæ гæсгæ йæ популяци æнæсцухкæнгæйæ къаддæрæй-къаддæр кæны, йæ цæрыны ареал та бынтон ныкъкъуындæг ис. Цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ популяци æндæрæнусимæ абаргæйæ фæкъаддæр 95 %. Иумæйагæй райсгæйæ ацы хуызы нымæц хъæддаг æрдзы ныр у 4000-6500 сырды. Тæккæ фылдæр тигрты нымæц ныр ис Индийы; иу æмæ æрдæг мины бæрц цæры Вьетнамы, Лаосы, Тайланды, Китайы, Мьянмæйы. Хуссар-китайаг тигры популяцийы ис 30 сырды бæрц, амураг тигртæ та сты Æппæтдунеон æрдзы хъахъхъæды цæдисы иртæстытæм гæсгæ — 450 сырдмæ æввахс. Бындзарæй сыскъуыдысты æртæ дæлхуызы: сакъадæхтæй Явæ æмæ Балийæ, æмæ ма каспийаг тигр.

Тигр æхсæнадæмон хъахъхæд цæуы, бахастæуыд Сырх чиныгмæ. 1947-æм азæй архайы æххæст ивар тигртыл цуанæн. 1955-æм азы иваргонд æрцыдис лæппын тигрты ахст.

Тигрты нымæц цыбыргæнаг сæйраг фактор у адæймаджы хæдзарадон архайд æмæ цуан: куыд трофейтæ (царм) самал кæныны тыххæй, афтæ æнæниздзинады нысæнттимæ (тигры бирæ уæнгтæ æмæ буары хæйттæй пайда кæнынц скæсæны традицион медецинæйы).

Сæрмагонд иваргонд территориты аразыны йæдтæмæ ма хуызы фервæзын кæнынæн пайда кæнынц æндæр мадзæлттæй дæр. Зæгъæм буддистон фестивалы Калачакра 2006-æм азы Далай-лама XIV радзырдта цæмæй мауал æлхæной уæй кæной æмæ пайда кæной ацы сырдтæй.. Уый фæстæ паломниктæ фестивалæй сыздæхгæйæ райдыдтой куынæг кæнын æмæ æппарын тигры æмæ леопардты цæрмттæ, æмæ уыдонæй конд дзаумæттæ..

Тигрты сæфтмæ кæнаг фактортæй æндæр у йæ уæнгтæй æмæ уæфттæй уæрæхæй пайдагонд кæй цæуы скæсæны медецинæйы (сæйрагдæр китайагы): тæккæ хъуыстгонддæр ахæм медецинон препараттæ сты рыстæфсадæн хостæ æмæ афродизиактæ. Тигрты буары хæйттæй пайдакæнын медецинæйы Китайы иваргонд у æмæ йæ сæрты ахизæгæн тугтæрхонон æфхæрд æвзиды; уæддæр ахæм æрмæджыты æнæлегалон æрзылд сау базары цæуы егъау бæрцуæтты.

Цуаны æмæ æрдзон фалдзусы хæлды тыххæй тигрты нымæц фæстаг азты тынг фæкъаннæг. Æнусы размæ дунейы уыдис 100 мин хъæдтаг тигры бæрц, ныр сæ нымæц æрхаудта 2500 хъомыл сырдмæ, уыимæ хицæн популяциты нымæц нæ хизы 250 сæрты. Уæддæр тигры сæфт, куыд биологикон дæлхуызы сæфт, къаннæг у уымæн æмæ ахстуаты цæрынц 20 мин сырды бæрц..

Ныры уысмы тигры амураг дæлхуыз Уæрæсейы территорийыл хаст æрцыдис Уæрæсейы сырх чиныгмæ, II категорийымæ — стæм дæлхуыз, æвæрд æрцыд афтиддæр Уæрæсейы территорийыл. Уæрæсейы территорийыл тигр официалон æгъдауæй хъахъхъæдад кæнын райдыдта 1947-æм азы ацы хуыз «Æхсæнадæмон сырх чиныг»-мæ хаст куы æрцыдис, уæд. 1935-æм азы Денджызгæрон крайы бындур æрæвæрдæуыд Сихотэ-Алинаг паддзахадон заповедникæн, фæстæдæр — Лазоваг заповедникæн, Кедровый падæн æмæ Уссуриаг заповедникæн, уыдоны территориты ныр хъахъхъæд цæуы амураг тигр.

Амураг тигры бахъхъахъхъæнын Дард Скæсæны ссис приоритетон хæслæвæрд Хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фондæн куыддæр Уæрæсейы территорийыл йæ куыст райдыдта, афтæ. Уыцы фонд рауагъта «Амураг тигры Уæрæсейы бахъахъхъæныны стратегитæ». Амынд документ бæрæг кæны сæйраг арæзт тигры бахъахъхъæныны фæдыл архайдæн.

Æхсæнады цæст æрдарыны тыххæй тигрты сæфты проблемæтæм, Уæрæсейы æрвылаз арæзт цæуы бæрæгбон-акци «Тигры бон». Фыццаг хатт бæрæггонд æрцыдис 2000-æм азы Владивостокы фонд Феникс æмæ фыссæг æмæ цуанзон Владимир Тройнины хъæппæрисæй. 2001-æм азы Владивосточы администрацийы сæргълæууæг бафыста постановлени цæмæй ацы бæрæгбон æрвылаз бæррæггонд цæуа сентябры цыппæрæм хуыцаубоны.

Ис нæхъæн рæнхъ гæнæны, кæдоны æххуысæй цæуы тигрты иртæст хъæддаг æрдзы:

Адæм æппæт историйы дæргъы цуан кодтой тигрыл, уый нымад уыдис кадджын цуанон трофейыл.

Иу таурæгъмæ гæсгæ, Алыксан Мачъыдон Астæуккаг Азийы бацахсты æмæ Сырдарьяйы былтыл сахар Александрия эсхата (Худжанд) бындурæвæрды фæстæ арф ацыдис æнæцæрæг зæххыты хуылфмæ цæгатырдæр æмæ нырыккон Ташкенты фæлдзусы цуан кодта Туранаг тигртыл дротикты æххуысæй.

Рагон Корейæйы тигрыл цуан æмæ ахсгæ кодтой сæрмагонд цуанонтæ, йæхæдæг процесс та уыдис тынг ритуализацигонд: тигры ном дзурын нæ уыдис æмæ суанг цуаны рæстæг дзурын дæр не мбæлыдис. Цуанæтты дзаумæттæ хицæн кодтой иннæ адæмы уæлæдарæсæй — дарддой æрвхуыз четæн къурткæ æмæ бæмбæгджын тюрбан цъæх хъуымацæй æмæ фæрдгуытæй фæлыстгондæй. Æнæмæнг атрибут ма тигртыл цуанонтæн уыдис хъуырфæрдгуытæ хъæдурæй. Цуанæтты хойраджы хъуамæ æдзухдæр уыдаид тигры дзидза. Цуанæттæ ахстой корейаг æхсæнады привилегиджын ран, сæрибар уыдысты паддзахадон хъалæттæ фидынæй дæр.

Тигртыл цуан хаста массон характер XIX æмæ XX æнусы райдайæны Индийы, уыдис ангисаг колонистты хиирхæфсты фæрæзтæй иу. Цуанæттæ цыдысты куыд фистæгæй афтæ гауртыл æмæ пылтыл бадгæйæ. Арæх тигрты æрбасайынæн пайда кодтой сæгътæй. Бынæттон цæрджытæ иуæй-иу хатт уыдысты загонщиктæ, цагътой барабанты. Мард тигртæй арæх кодтой быдыргътæ, фæстæдæр иу уыдон фæлынд кодтой англисаг аристократты хæдзæрттæ.

Ныры уысмы тигртыл цуан иваргонд у, фæлæ ма бирæ рæтты тынг парахат кæны браконьердзинад.

Дунейы зоопаркты æмæ аквариумты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу 12 000 тигры АИШ-ы дарынц хæдзарон фосы хуызы. Афтæ бирæ кæй сты уый у АИШ-ы закъондæттынады хицæндзинæдты аххосаг: тигрты хæдзæртты дарын нæ уадзынц 19 штаты, 15-ы хъæуы сæрмагонд лицензи, 16 та ацы фарста закъонæй уагæвæрдгонд нæ цæуы.

Хæдзарон тигрты бæрзонд нымæц баст у циркон æмæ зоопаркон тигртæй фылдæр цот цæуын кæй райдыдта 1980-æм æзты райдайæны, уымæй тигрты аргъ æрхаутта.

Цомахъты астæу куыд вæййы афтæ тигрты астæу дæр æмбæлынц лæджыфыдхортæ; арæхдæр уыдон вæййынц зæронд кæнæ рынчын сырдтæ æнæ ссыртæй, уымæ гæсгæ сæ бон нæ вæййы сæфтæгджынтыл цуан кæнын.

Джим Корбетт, хъуыстгонд тигртыл цуанон, цы цаутæ сфысста, уыдон æвдисынц цы драматикон вæййынц ахæм ныххаудтæ. Тæккæ хъуыстгонддæр цау адæмхор тигртимæ æрцыдис Чоугары (бынат НАйни-Тал). Ам 1925-æм азы 15 декабрæй 1930-æм азы 21 мартъийы онг сыл тигры амæттæгтæ систы 64 адæймаджы.

Адæмхор тигрты проблемæ ныр дæр ма у актуалон индийаг штаттæн Уттар-Прадеш æмæ Сундарбанæн. Сундатбаны мангровæйы цыфдзæстыты, тигры аххосæй æппæты фылдæр адæм кæм мæлы, адæймагыл цуан фæкæнынц æххæстæй æнæниз сырдтæ дæр. Индиаг зоологтæ сбæрæг кодтой, ацы регионы сырдтæй аллы цыппæрæм дæр кæй у потенциалон адæмхор, арæх адæймагыл ныххауынц æнæнхъæлæджы..

Фæлæ ссардæуыд ахæм тигртимæ тохы хуымæтæг мадзал. Тигртæ-адæмхортæ барæй фæхъавынц адæмммæ дымгæйы ныхмæ кæнæ йæм фенхъæлмæ кæсынц разбадæны, æмæ фылдæр хатт ныххауынц фæсонты рдыгæй. Ахæм уавæрты æрымысыдысты хуымæтæг æмæ ахъазджын мадзал, къæбутыл скæнынц маскæ, йæ уæлæ цæсгом æмæ цæстыты нывимæ. Ацы сайæн бирæ фæкъаддæр кæны тигры ныххауды гæнæн

Китайы цæрджыты фылдæр хай æнхъæлынц æмæ тигры алыхуызон буары хæйттæ æмæ уыргтæ дзæбæхгæнæн миниуджыты хицау сты, æмæ уыдонæй пайда кæнынц куыд рыстсæттæнты хуызонæй райдай æмæ афродизиактæй фæуы. Китайы традицион медецинæйы пайда кæнынц тигры æппæт уæнгтæй æмæ уыргтæй, рихитæй райдай æмæ кæдзилæй фæуы. Ацы уырнынæдтæн исты наукон бындур æвæрд нæма æрцыдис. Ныр тигры уæнгтæй пайда кæнын Китайы у хъодыгонд, тигрыл цуангæнджыты та æфхæрынц мæлæты тæрхон рахæссынæй. Уымæ гæсгæ китайаг базаргæнджытæ арæх сæрвитынц сæ криминалон заказтæ тигртæ самал кæнынæн арæнтæм æввахс цæрæг уæрæсейæгтæн.

Тигр у Азийы бæстæты адæмон мифты сæйраг персонажтæй иу, уæлдайдæр уыцы регионты, кæдон йæ цæрæнрæттимæ æнгом баст сты. Арæх æй афыссынц куыд сырдты паддзахы, æппæт сурзæххыл цы цæрæгойтæ цæры — уыдоны бардзырдтæттæг, монархийы æмæ тыхы символ. Тигры арæх фæбæттынц æхсаримæ — афтæ Индийы йæ ныв — хæстоны эмблемæ. Японы кæд тигр хъуыстгонд уыдис афтиддæр мифты фæрцы, уæддæр йæ сурæт у æхсары символ æмæ у хъайтарты атрибут. Хуссар-Ныгуылæн Азийы æмæ Корейы тигрæн кад лæвæрдтой куыд хæхты æмæ лæгтæтты хицауæн, нымад уыдис хицауиуæг паддзахон мыггæгтыл ауыдæгыл, æмæ йæм кастысты куыд Зæхх æмæ Арвы астæу æхсæнгæнæгмæ. 

Китайы æууæндыдысты — тигр кæй у хъомысы æмæ æнæниздзинады символ æмæ иуфарс кæй ссуры фыдтыхтæ æмæ низтæ. Даосизмы ацы тугдзых ассоциацигонд цыдис ныгуылæнимæ, уырс хуызимæ, фæззæгимæ æмæ фондз фыццаг элементтæй иуимæ — донимæ. Йæ ныхмæ æвæрд цыдис кæрдæгхуыз дракон — уалдзыгон скæсæны . Тигры æмæ драконы тох ссис Китайы нывкæныны популярондæр символикон мотивтæй иу. Тигр у китайаг буддизмы Æртæ Æнæнкъараг Уæвджытæй иу, фæлгонц кæны фыдзæрдæдзинад.. Ноджы ма китайаг уырнынæдтæм гæсгæ фондз легендарон тигры хъахъхъæнынц дунейы фæрстæ æмæ Центр; æрвхуыз — скæсæн, сау — цæгат, сырх — хуссар, уырсытæ ныгуылæн æмæ центр. Тигр нымад у æртыккаг сырдыл китайаг 12-азон къæлиндары.

Иуæй-иу азиатаг адæмыхæттыты уырнынæдтæм гæсгæ тигртæ нымад уыдысты адæймаджы фыццагон фыдæлтыл, кæнæ адæмы æндæр расæйыл. Афтæ малайаг знæмтæ æнхъæлдтой, тигртæм кæй ис адæмы хуызон социалон уагæвæрд, Сыбыры нивхитæ æмæ Суматрæйы цæрджытæ та æнхъæлдтой тигртæ адæмы хицæн хуыз кæй сты. Индийы хицæн адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаг ранымадтой иу сылгоймаджы æмæ тигры бинонтæй, æмæ сæхи хуыдтой «тигр-адæм». Ахæм районтæй бирæты тигрыл цуан уыдис хъодыгонд.

Цавæрдæр азиатаг адæмыхæттыты уырныдта: тигртæ кæй сты сæ фыццагон рагфыдæлтæ, кæнæ та адæмы æндæр расæ. Афтæ малайаг знæмтæ æнхъæлдтой тигртæм кæй ис социалон уагæвæрд раст куыд адæммæ, Сыбыры нивхитæ æмæ Суматрæйы цæрджытæ та сæ нымадтой адæмы хицæн хуызыл. Индийы кæцыдæр адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаджы райдайæныл нымадтой тигры æмæ сылгоймаджы бинонтæ, сæхи та фæхонынц «адæм-тигртæ». Ахæм уырнынæдтæ парахат кæм уыдысты уыцы районтæй бирæты тигры марын æмæ йыл цуан кæнын тобæгонд уыдис. Тигримæ ма уыдис баст цотуадзæн хъомысы культ. Азийы дард къуымты æнхъæлдтой, хуыскъдзинад сдзæбæх кæнынæн кæй хъæуы тигры фыд хæрын, кæнæ йын йæ фæдтыл зилын, кæнæ йæ царм дарын. Зæгъæм китайаг дуаг Си Ван Му, ныгуылæны, цотуадзæн хъомысы æмæ æнæмæлæты бардзырддæттæг рагон китайаг ратæдзæнты фæзыны тигроморфон æууæлтимæ.

Антикон мифологийы ацы сырд стæм хæттыты æмбæлы: Овидий фæхъусын кæны сыл тигр кæй фестадис Фетида цæмæй Пелейы ус ма суа. Тигры кой ма скæнынц куыд Дионисы саргъон цæрæгой, фæлæ арæхдæр уыцы функци æххæст кæны йæ хæстæг — пантерæ. Ноджы ма рагон грекъаг мифологийы тигртæ хатгай æвдыст цæуынц леопардты бæсты Дионисы (Вакхы) уæрдон ласджытæй. Æвзонг Европæйы тигр райдыдта хатын куыд хъомысы æмæ тугмондагдзинады фæлгондз. Нырыккон ныгуылæн культурæйы тигры сурæт хицæнхуыз нысаниуæг райста татуировкæты, уыимæ ахæстононты дæр, æмæ амоны джелбетт, тых, æнæхатырдзинад æмæ рыхæн.

Нывкæнынады фæлдисондтæй тигримæ фыццæгтæ ссардæуыдысты корейаг зæппæдзты, æнхъæлгæйæ хауынц Когурёты æлдариуæджы периодмæ (37-æм аз нæ д.а. — 668-æм аз нæ д.). Нымад уыдис, тигры нывтæ кæй хъахъхъæнынц зæппæдзтæ. Къултыл нывтæ йæдтæмæ ма зæппæдзты ссардæуыд бирæ дзаумæттæ кæдоны датировкæтæ хауыц бронзæйы æнусмæ (1000-æм аз нæ д.а. — 300-æм аз нæ д.а.), тигры сурæттимæ: айдæнтæ, фæрæттæ, кæрдтæ, мигæнæнтæ, дзæнгæрджытæ, гиритæ, фæлындæнтæ, ритуалон дзаумæттæ æмæ æнд.

Тигр у кирайаг живописы сæйрагдæр сюжеттæй иу.

Арæх ис сæмбæлæн тигры сурæттыл индиаг аивады. Тæккæ хъуыстгонддæр дæнцæгтæй ис æрхæссæн хъæдын механизацигонд æмæ ахуырс тигр Типу Султан, хæры англисаг салдатты сырх униформæйы (раласдæуыд Шрирангапатнамæй, ныр ис Викторийы æмæ Альберты музæйы).

Исламы цæрæгойты сурæттæ кæныныл æвæрд æрцыдис хъоды, уымæ гæсгæ пысылмон бæстæты аивад сæрмагонд фæндагыл ацыдис. Фæлæ афтиддæр тигртæн суфизмы, пысылмон дины къабазтæй иуы, уæлвæтгонд æрцыдис æмæ йæ нывтыл æмæ сурæттыл ис фембæлæн гауызтыл æмæ хъуымæцтыл, æмæ ма сахар Самарканды мæсджытты фасадтыл дæр Узбекистаны.

Тигры сурæттæ сæ бынат ссардтой европейаг нывкæнынады дæр, зæгъæм Делакруайы африкæйнаг цуанон сценæтыл.

Тигры сурæт æмбæлы дунейы тынг бирæ фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстады. Индиаг æмæ китайаг литерарутæйы традицимæ гæсгæ уæлæуыл кодтой тигры хъомыс. Ацы цæрæгой арæх æвдыст æрцæуы рæстдзинады, зондджындзинады æмæ хатгай æхсидгæ уарзты хъахъхъæнæгыл. Тигрмæ ахæм æнкъарæн ардыгæй ахызтис Æввахс Скæсæны прозæ æмæ поэзимæ.

Ныгуылæневропæйаг литературæйы тигрмæ ахаст æмнысанон нæ уыдис. Афтæ Редьярд Киплинг йæ фæлдисонды «Джунглиты чиныг»ы равдыста тигры хинæйдзаг æмæ тызмæг сырдæй. Г. Честертон хуыдта тигры «хъынцымаг фидауцы фæлгонц».. Уыимæ сывæллæтæн фыссæг Алан Милн йæ фæлдисонды Винни-Пухы тыххæй ракодта зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг персонажы — Тигрæйы. Тигр позитивон хуызы æвдыст у Г. Л. Олдимæ йæ радзырды «Хоанга». Тæппуд тигры сурæт сфæлдыста Ф. Баум йæ чингуыты Оз бæстæйы тыххæй.

Тигры цурты поэттæ дæр нæ ацыдысты. Тигры зæрдылдаргæ сурæт сфæлдыста йæ мдзæвгæйы «Цигантæм» (1920) Н. С. Гумилёв. Х. Л. Борхес сывæллонæй сырдтæй фыццаг федта æмæ бахъуыды кодта зоопарчы тигры, æмæ йæм ис тигры тыххæй æмдзæвгæты æмбырдгонд «». Англисагæвзагон бæстæты тæккæ хрестоматийон æмдзæвгæтæм хауы Уильям Блейчы æмдзæвгæ «».

Владимир Арсеньевы чиныджы «Уссурийаг крайы æгайнæг рæтты» сæйраг герой Дерсу Узала æрыгонæй æнæнхъæлæджы амардта тобæйаг цæрæгойы — тигры, æмæ æнæхъæн цард тухитæ кодта йæхи аххосагыл нымайгæйæ æмæ тайгайы хицауæй тæрсгæйæ.

Геральдикон тигрæн (фæхонынц ма йæ ' уымæн æмæ йæ хъæуы ахицæн кæнын «æрдзон» тигрæй  сæ дыууæ дæр кæй æмбæлынц геральдикæйы уымæ гæсгæ) ис бирæгъы буар, цомахъы къæдзил æмæ барц, хъомысджын æфсæртæ (уæллаг бырынкъджын) æмæ даргъгонд мукъу. Афтæмæй йæ сæ цæстытыл уайын кодтой астæузаманы нывгæнджытæ, уымæн æмæ гас сырды никуы федтой.

Амураг тигр нывгонд у Денджызгæрон крайы тырысайыл æмæ гербыл, Хабаровсчы крайы гербыл æмæ ма крайы тынг бирæ сахарты æмæ районты геральдикон символтыл.
Амураг тигр ма у Республикæ Корейæйы националон цæрæгой.
Малайаг тигр у Малайзийы националон символ, нывгонд у бæстæйы гербыл, паддзахадон уагдæтты эмблемæты, гæрзифтонг тыхты эмблемæтыл.
Шри-Ланкæйы бенгайлаг тигр сурæтгонд у тамилаг сепаратизм|сепаратистон змæлд Тамил-Иламы суæгъды Тигрты тырыса æмæ эмблемæйыл.




#Article 561: Крафт, Иван Иваны фырт (104 words)


Иван Иваны фырт Крафт (райгуырдис 1859-æм азы, Шушенское — амардис 1914-æм азы 21 ноябры) уыдис зынгæ æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг, этнограф, Якуты облæст æмæ Енисейы губернæйы губернатор.

Райгуырдис польшæйаг бинонты ’хсæн, рагæй фæхицæн ис йæ бинонтæй. Йæ карьерæ райдыдта бурятаг хъæуы, куыста дзы писырæй. Базыдта бурятаг æвзаг æмæ бурятаг адæмы царды уаг. Этнографимæ интерес уый дардта æгас царды дæргъы. Фæстæдæр-иу иртæста хъазахаг æмæ якутаг адæмты æвзаг æмæ культурæ.

Якуты облæсты сæргъы куы уыдис (1907—1913), уæд бирæ куыста æнæниздзинад хъахъхъæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæныныл, ахуырад парахат кæныныл, райтынг кодта хъæууон хæдзарад æмæ доны транспорт. Йæ æнтыстытæ бирæ уыдысты, æмæ 2001-æм азы йæ кадæн Якутскы сæвæрдтой цыртдзæвæн.




#Article 562: Лезгор (237 words)


Лезгор, дыгуронау Лезгорæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Лезгори гъæу æвæрд æй Донифарси гъæуæй 2,5-3 километри идарддæр цæгатæрдæмæ, Уорс хонхмæ хæстæг, Ирæфи донæн æ галеу фарс, бæрзонд Хонсари.

Гъæуи адтæй дууæ синхи: Æндаг Лезгорæ, Уорс хонхи тæккæ рæбун, æма уомæн æ хонсарæрдигæй еу километр идарддæр ба иннæ синх.

Æндаг Лезгори рæбунти раги кæддæр зæйтæ рацудæй, æма синхи цæргутæ еугурæй дæр фæллигъдæнцæ фæйнæ рауæнемæ: сæ еуетæ Лезгори иннæ синхмæ æма Донифарси гъæумæ, сæ фулдæр ба — будури гъæутæмæ.

Фиццагидæр, дан, Лезгори ка æрцардæй, еци адæм цардæнцæ, Уорс хонхæн æ Хонсари ци берæ лæгæттæ æма цъæсгитæ ес, уæдта хонхи рæбун ци дууæ мæсуги адтæй, уонæми (мæсгутæн, дан, сæ еу адтæй Хъарати муггаги, иннæ ке мæсуг адтæй, уой ба неке зонуй).

Нури Лезгори цæгат фарс дæр ес метри бæрзæндæн тугъдон мæсуг (еци мæсуг дæр ке адтæй, уой неке зонуй, фал, дан, си фæстаг рæстæгути ба цардæнцæ Бузартæ).

Аци гъæути (синхти) цæргутæн дæр сæ цæрæн хæдзæрттæ адтæнцæ уæлиндзæ сæртæ, сæ фæрстæ ба — дортæй даст. Гъæуи астæу Леуанти муггагæн адтæй арæзт устур æма федар галауан, æ фæрстæмæ ба цæрæн хæдзæрттæ æма мæсуг, уæдта дорин горенæй æхгæд тургъæ.

Ахургæндтæ куд исбæрæг кодтонцæ, уомæ гæсгæ, Лезгорæ æма Донифарси гъæути астæу Мæсигони тегъæбæл ци уæлмæрдтæ æма берæ уобæйттæ ес еу рауæн, уæхæн бунат Иристони берæ рауæнти нæййес.

Лезгори гъæуи адтæй бундорон цæрæг муггæгтæ: Æрситæ, Бетантæ, Беритæ, Бузартæ, Бетрозтæ, Гæзæнтæ, Дретæ, Даситæ, Елетæ, Леуантæ, Тайсаутæ, Уанитæ, Хидиртæ, Хутæ, Хъаратæ, Хъæбæлотæ, Цæмæхъатæ, Цорионтæ æма Чибитæ.




#Article 563: Реком (161 words)


Реком — хорæрзад æмæ хосарæхы бардуаг, Цæразонты мыггагыл аудæг дзуæрттæй иу ирон мифологийы. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, Реком дæтты бирæ хор, бирæ фос, бирæ хос, фосы хизы низтæй, цуаноны кæны фæндараст, адæмы хъахъхъæны фыдбылызхæссæг тыхтæй æмæ алыхуызон низтæй, ома, Реком у, бирæвæрсыг æххуысты хъомыс кæмæ ис, ахæм дзуар. Рекомы сæйраг кувæндон (дзуар) ис Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы.

Кувæндон Цъæйы комы, равзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Рекомы Уастырджи дæр. Реком у Ирыстоны æмбал камæн нæй, Иры ахæм кувæндон-агъуыст. Йæ бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы иннабонæй-иннабонмæ (сабатæй-сабатмæ). Дзуарæн нывондæн æрхæссынц бирæ фос (галтæ æмæ нæл фыстæ), скæнынц стыр куывдтæ, æрцæуы сæм тынг бирæ адæм, уыимæ æрмæстдæр нæлгоймаг дзыллæ, уымæн æмæ Реком нымад цæуы Уастырджийы дзуары «артдзæстыл» — центрыл. 

Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны — Хохы Санибайы, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар Ирыстоны — Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. Ахуыргонд Цыбырты Людвиг фыссы:

Йæ кувæндоны бынмæ сылгоймаг нæ цыд.




#Article 564: Рекомы кувæндон (595 words)


Рекомы бардуаджы сæйраг кувæндон (дзуар) ис Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Цъæйы комы.

Уæрæх хъуыстгонд ирон кувæндон Реком æвæрд у Цъæйы комы рæбынæй (Уæлладжыры комы хуссар-ныгуылæн фадыг), 9 км фалдæр хæххон уæлвæз фæндагыл Буронæй, денджызы æмвæзæй у 1946 м уæлдæр. Рекомы фæз цæгатырдыгæй гæрæнгонд у къæдзæхджын Цъæййаг рагъæй, хуссарырдыгæй цæугæдон Цъæйдонæй, кæлы тынг уырдыг тальвегыл. Цъæйы ком (Рекомы фæз у йæ хай) геоморфологикон æгъдауæй у типикон, хорз куыстгонд трог — цъитион архайды фæстиуæг. Хихджын хъæдтæй æхгæд æмæ рагътæй гæрæнгонд, йæ алфæмблай Адайы хохы æмæ Елбатты цъуппытæ, Схъасы æмæ Цъæйы цъититæ ацы бынат у уæлдай хæрзуынд. Иу 3 км фалдæр цæгатырдæм Рекомы фæзæй лæууы хъæу Уæллаг Цъæй.

Цæгат Ирыстоны рагон фенддæгты астæу Реком ахсы сæрмагонд бынат: арæзт у Хæххон Ирыстонæн традицион дурæй нæ, фæлæ хъæдæй, æмæ уымæй у уникалон. Хъæдæй арæзт цыртдзæвæнтæ Ирыстоны баззад стæмтæ, æмæ сæ астæу тæккæ хуыздæр æнæмæнгæй у Реком.

Рекомы тыххæй тæккæ рагондæр фыстытæй фыццаг хауы 18 æнусы кæронмæ, ныффыста йæ протопоп Иоанн Болгайраг йæ хъусынгæнæны астрахайнаг æмæ ставропойлаг епископ Антониймæ 1780-æм азы 18 июлы:

Иннæ афыст, бирæ бæлвырддæр æмæ лæмбынæгдæр ныууагъта В.С. Толстой, уый сбæрæг кодта Реком 1847-æм азы.

Дарддæр Толстой йæ къухфысты фыссы:

В.С. Толстой фыццаг афтæ бæлвырд чи ныффыста Рекомы тыххæй. 

Ахъаззаг ногæй Головин ницы сбæлвырд кодта.

Фылдæр информаци ис Рекомы тыххæй В.Б. Пфафмæ, уый уыдис Цъæйы 1896-æм азы:

Уваровайы афыст иннæтимæ абаргæйæ ногæй ницы дæтты, фæлæ дзæвгар археологон фæлтæрды руаджы æркастис профессионалон цæстæнгасæй. Афтæ Уварова федта така, фæлæ бынатыл нал ссардта арц æмæ фатдон, уый дзуры ууыл æмæ Уварова куы æркаст Рекоммæ уæдмæ уыцы артефакттæ давд æрцыдысты, 1869-1879 азты астæу. Уварова фыццаг йæ цæст æрдардта дуæртты декормæ, æфсæйнагæй фæлыстгондæй, крестытæ схуыдта «византиаг цыппардигъон кресттæ». Мидæггаг дуар дæр фæлындгонд уыдис æфсæйнаг дзуарæй æмæ «бронзæйæ булавкæтæй, ахæмтæ нын æмбæлынц Ольшевскийы коллекцийы æмæ Комунтаг могильничы». Æцæгæй булавкæтæ бронзæйæ нæ уыдысты фæлæ æфсæйнагæй.

Всеволод Миллеры афыст ногæй ницы дæтты.
Рекомы фæстæдæр афыстытæ дæр ногæй ницы æрмæг дæттынц, фæлæ бацамонын хъæуы Н.Я. Динникы, Г.А. Вертеповы, А.М. Дирры публикацитæ. Фæстаг йæ фыстæджы бæрæг кæны, куы æркаст Рекомы уæд «йæ мидæг уыдис бынтон афтид», нал дзы уыдис нæдæр фаттæ, нæдæр сырдты фигуркæтæ, нæдæр Ос-Бæгъатыры хæцæнгæрзтæ. 1910-æм азмæ Рекомы реликвитæ æххæстæй давд æрцыдысты.

Советон рæстæджы дæр Реком йæхимæ ласта иртæсджыты. Фæбæрæг кæнын хъæуы А. Вязигины популярон уац æмæ А.Х. Магомедовы сæрмагонд уац, уым сæйраг бынат лæвæрд æрцыдис Рекомимæ баст ирон æгъдæуттæн æмæ фæткæн. Рекомы тыххæй ныффыстой сæ монографиты Калоты Барис æмæ Цыбырты Людвиг. Рекомыл бирæ азтæ фæкуыста Е.Г. Пчелина, уый йыл скодта егъау иртæстон куыст, фæлæ мыхуыргонд не рцыдис.

Зонадон æгъдауæй дзырд «реком»-æн ныронг нæй бæлвырд этимологион бындур.

В. С. Толстой 1848-æм азы фыста, зæгъгæ, «ныхас Рекомæн нæй нысаниуæг», фæлæ уайтагъд амоны адæмон этимологи, уый йын загъта Колыты А.: ирон ком, кæцы фæстæдæр фæстад Иреком. Ацы версийы фарс уыдис Е. Г. Пчелина дæр. Хъуыстгонд ма у ноджы иу адæмон этимологи дæр: Цъæйы комы ма фæхонынц «Хуры ком», уымæй рауад «Рыком» — «Реком».

Абайты Васо баста Рекомы ном гуырдзиаг ныхас «ркони»-имæ ома «тулдзты къох» — гæнæн ис æмæ дам кæддæр раджы ацы ран задысты тулдз бæлæстæ. Уыимæ хъуыстгонд у æмæ Рекомы фæзыл бæлас цыдæр абæрæг æгъдауæй бæлас нæ зайы бынтондæр.

Ноджы ма иу этимологи рагъмæ рахаста Л. И. Лавров, уый æмбарын кодта Рекомы ном араббаг «ракам» кæнæ «рукам»-æй ома тыгуыр, цæнд.

Хъуыстгонд археолог В. А. Кузнецов ацы хъуыддагимæ нысан кæны, 1 æнусы нæ дуджы агъоммæ ромаг автор Плиний кæй кой кæны, уыцы æвдадзы зайæгойы тыххæй, уый хуыйны «рекома», æмæ йæ кæй ластой, Понты денджызы (ома Сау денджызы) сæрмæ цы бæстæтæ хуыссынц, уырдыгæй.

Тæккæ рагондæр бæрæгдзырдтæ ацы хъуыддаджы тыххæй ныууагъта В.Б. Пфаф, уый фæбæрæг кодта Цъæйы цæрджытæ кæй нæ хъуыды кæнынц иу цау дæр, цæмæй Рекомы бæстыхаймæ æвнæлд æрцыд.




#Article 565: Царциатæ (722 words)


Царциатæ — мифологион мыггаг æмæ адæмыхатт, уыдысты рагон адæм, таурæгътæм гæсгæ цардысты Ирыстоны, ам бирæ рæтты бынæттон адæм фæамонынц Царциаты цæрæнрæттæ æмæ обæуттæ. Ирон æвзаджы баззад ахæм Царциатимæ баст фразеологизмтæ — «Мæнæ Царциаты диссæгтæ», «Царциаты сæфт фæкодтой», «Царциатау цæрддзу кæнынц», «Царциаты ми сыл æрцыд, «Оу, мæнæ Царциатæ» æмæ а.д.

Царциаты диссæгтæй чингуыты рæстмæ мыхуыр дæр никуы уыд. Æрмæст дзы Тыбылты Алыксандр æртынæм азты чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклормæ» бахаста дыууæ таурæгъы «Царциатæ æмæ цъыбыртты диссæгтæ» æмæ «Уæйгуыты фесæфт». 1973-æм азы дзы Биазырты Алыксандр йæ арæзт чиныг «Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ»-мæ бахаста хæрз къаннæг хабæрттæ: «Царциатæ Цымийы хъæуы», «Царциаты уæлмæрд Лæцы», «Царциаты сæфт» æмæ «Царциатæ ингæнмæ куыдæй бацыдысты». Беджызаты Дудар стыр куыст бакодта Царциаты диссæгтæ æрæмбырд æмæ сæ бабæстон кæныныл. Дудары фæллæйттæ 1989-æм азы мыхуыр кæнын райдыдта журнал «Фидиуæг». 

Беджызаты Дудар æппæтæй стырдæр куыст бакодта Царциаты кадджытæ сæмбырд кæныныл. Уый размæ Царциаты таурæгътæ уыдысты рохуаты, ахуыргæндтæ æмæ сæм иртасджытæ сæ цæст уый бæрц нæ дардтой æмæ дзы рох бирæ цыдæртæ аззадис.
Дудар йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Царциаты диссæгтæй йæ къухы цы бафтыд, уый таурæгъгæнджытæ Беджызаты Леуан æмæ Гæмсыры, Абайты Цицга, Бураты Захар, Тотраты Лексо, Мæхъиты Дауыт, Сланты Иликъо æмæ Михакъайы, Мамиты Тасо, Плиты Абе, Саппиаты Бесо æмæ иннæты фæрцы. Дудар куыд зæгъы афтæ:

Царциатæ равзæрдысты Хур æмæ Мæйы фæндонæй. Сæ ныфс дæр уыдон сты, сæрбахъуыды рæстæг сæхи уыдоныл фæдзæхсынц. Таурæгътæм гæсгæ сфæлдыст цыдис афтæ. Хуыцау зæххон сыджытæй армыдзаг систа, йæ æрмтты йæ лыстæг мур æркодта, ракалдта йæ зæххыл, æмæ уыцы муртæй равзæрдысты хилджытæ, бырджытæ. Фæлæ Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау йæ æрмттæм стырдæр тулатæ систа æмæ сæ стыр къуыбæрттæй ракалдта. Уыдон фестадысты сырдтæ æмæ мæргътæ. Адон дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты, кæрæдзи кæй хордтой, уый аххосæй. Уый фæстæ ма Хуыцау сфæлдыста, адоныл уæлахиз чи кодта, уыдоны: еугуыппырты, гуымирты, уæйгуыты. Фæлæ дзы иутæ дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау зæхмæ æрхызти, æлыгæй лæджы ныв скодта, къæдзæхты фæрчытæй йын фæрсчытæ скодта, суадон æм бауагъта, баарфæ йыл кодта. Æлыг фыды мур фестади, къæдзæхы фæрчытæ – стæг фæрсчытæ фестадысты, суадон та – туг. Хуыссы лæг, фæлæ дзы уд нæй, у æнæзмæлгæ. Уд та дзы бауагъта Уастырджи. Фæлæ хъусæй нæ хъусы. Галæгон ын баарфæ кодта, æмæ лæг йæ къахыл слæууыд. Фæйнæрдæм акасти, дуне йæ зæрдæмæ фæцыдис. Донбеттыр æй æрыхсадта, æмæ лæг радзæбæх ис, Зæххыл цæуæг сси. Мæй æмæ йæм Хур дзурынц: «Ацы Зæхх нæ рафæлдисгæ у, дæу та уымæй рафæлдисын кодтам, æмæ нырæй фæстæмæ Зæххæн хицау уыдзынæ махæй. Цæугæ цард кæндзынæ æмæ дæ ном Цæрцо фæуæд». Цæрцо систа цæрынтæ. Усæн Бонвæрноны куы æрхаста, уæд ныууагъта йæ цæугæцард, æрбынат кодтой æхсидгæ цады был, сырддзæрмттæй агъуыст сарæзтой, Уæларвæй æрхаугæ дурæй æрцъыккæхсон сарæзтой. Цæрцо цуаны цыд, саджы мæрдтæ хаста æмæ артыл физонæг кодта, Бонвæрнон та хæдзармæ касти. Цот сын рацыд, æмæ Цæрцойы номæй равзæрд мыггаг Царциатæ. Царциаты диссæгты дзырд цæуы Ахуыйы фондз фыртыл æмæ уыдоны байзæддагыл. Ахуыйæн ис хо дæр – Нагъуы. Иуæй-иу таурæгъгæнджытæ та йæ хонынц Нагъуыллæ. Уымæн Сау хохы фыййауæй ис фырттæ Базыг æмæ Æмбазыг, стæй Царциаты мæгуырдæр лæг Локайæ – Хуро.

Ис сæм нартау абоны адæмы миниуджытæ. Сæхи хъаруйæ амал кæнынц царды фæрæзтæ. Æххæст сты алцæмæй дæр, сты сабыр, æнæхъыгдаргæ адæм, сæхиуыл никуы феввæрсынц, иннæтæм уæлейæ дæлæмæ нæ кæсынц, фæлæ знагмæ сты æгъатыр, нæ барынц мæнгарддзинад, карзæй æфхæрынц гадзрахатæй цæуæджы. Царциаты къухæй бындзагъд, быныскъуыд фесты еугуыппыртæ, гуымиртæ, уæйгуытæ, цъыбырттæ, сугътæ, цъырынгатæ.  

Царциаты цæрæн бынæттæ фæамонынц Астæуккаг Ирыстоны хæхты дыууæ фæрстыл. Сæ номимæ дзы баст сты ахæм бынæттæ: Ахуыбаты бæрзæнд, Чызджыты адаг, Едысы хъæу, Уæйгуыты галуан, Едысы хъилдур къæдзæх, Сммæндон къæдзæх, Бикъуырау къæдзæх, Тъепле, Адайы хох, Мамысоны æфцæг, æрхонгомы Фыдхуыз хох, Куырттаты комы Лæцы хъæу, Цымийы хъæу, Царциаты уæлмæрдтæ Лæцы, Дзимыргомы æмæ æндæр рæтты. Сæ иу диссаг ма та уый у, æмæ сæ иумæйаг ингæнтæй рахауынц æмпъызт сæры кæхцытæ. Сæ æмпъузæнтæ æмæ зæгæлтæ сты æрхуыйæ. Хæсты-иу дзы кæй сæр фæхъæн, уымæн, дам, ыл æвæрдтой æрхуы æмпъузæн. Зæгæл, дам-иу, куы бахостой, уæд-иу æй цæф йæхæдæг, йæхи адымсгæйæ, мидæгæй фæцъула кодта. Таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ:

Таурæгъ
Царциатæ æмæ Нарты кадджытæн ис цыдæр æбæрæг бастдзинæдтæ. Растдæр зæгъгæйæ, таурæгъгæнджытæ сæ кæмдæрты хæццæ кæнынц, хицæн бынæттæ дзы бахæссынц Царциатæм. Сæ равзæрды, фылдæр та сæ байсæфты иухуызондзинæдтæ дæр уымæн ис. Нартæ Хуыцауимæ тохы фесæфтысты Сырдоны æвзагæй, фæлæ сæ кады хъуыддæгтæ баззадысты. Царциаты дæр зынг æмæ зынглæсæнæй Хуыцау фесæфта Маммийы аххосæй. Семæ ахастой сæ сусæгдзинæдтæ, æрмæстдæр ма баззадысты сæ диссæгтæ.

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скъахтой, æмæ йын уæд æнæкъæвда нæ уыд. Ома, Хуыцауæн уый хъыг вæййы.




#Article 566: Мæстинокæ (278 words)


Мæстинокæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.

Мæстиноки гъæуи бунат æй Айгомуги донæн æ рахес фарс, Хъалнæгъти гъæуæй бæрзонддæр, хонсари, Уорс хонхмæ хæстæг. Паддзахи над æма Айгомуги донæй гъæуи бунат æй дууæ-æртæ километри идарддæр.

Гъæуи арæнтæ: цæгати — Тауитти синхи зæнхитæ, хонсари — Фæснæли тегътæ, хорискæсæни — Уорс хонх æма хорнифтуйæни — Хъалнæгъти гъæу æма Скъодтати зæнхитæ.

Мæстиноки гъæумæ уарун рæстæги æма зумæги бæнтти уæрдун нæ зилдæй, уомæ гæсгæ ба гъæуи цæргутæ сæ алли куститæ дæр кодтонцæ хайуантæбæл кенæ ба фестæгæй — лæги хъаурæй.

Аразæн æрмæг æма сог хастонцæ идардæй, Сау хонхи бæрзæндтæй æма будури Саугъæдæй. Согæй ку батухсионцæ, гъæуи цæргутæ, уæдта æндзарстонцæ сæнарæ.

Гъæуи цæргутæн кæд сæ хумзæнхитæ минкъий адтæнцæ, уæддæр си истонцæ мæнæуæ, хъæбæр хуар æма зæтхæ, уæдта картоф. Сæ фонсæн фагæ хуæруйнаг цæттæ кодтонцæ се ’гуæрдæнти, сæрди дæргъи ба сæ хизтонцæ фонси хезнити Уорс хонхи рæбунти, фæсхонх цæгати æма будури Саугъæди æрдозти. Хумзæнхитæ æма игуæрдæнтæ сæ рагфиддæлтæн зинтæй бафтудæнцæ сæ къохти, берæ сæбæл фæхъхъиамæт кодтонцæ, фал син æнæ еци зæнхитæй цæрæн нæ адтæй, уони фæрци дардтонцæ сæхе.

Мæстиноки гъæуи цæргутæ дæр, куд иннæ гъæути цæргутæ Дигори коми, уотæ æууæндтæнцæ Хуцаубæл, изæдтæбæл, кувтонцæ сæмæ.

Хуцау æма Уасгергий фæсте кадгиндæр изæдбæл цæргутæ нимадтонцæ изæд Уорс Елиай. Алли анз дæр ин æ ном ирдтонцæ сæ еумæйаг ковæндони сæрди мæйи (хуасидайæни).

Сæ фиддæлти æгъдæуттæ нæ иронх кодтонцæ.

Мæстиноки гъæуи цæргутæ хонхи зин цардæн берæ фæббухстæнцæ — мадта син ци кæнгæ адтæй? Фал син хуæздæр æма æнцондæр рауæнти цæруни барæ лæвæрд ку ’рцудæй, уæд сæ гъæу ниууагътонцæ æма фæллигъдæнцæ Иристони горæттæ æма будури гъæутæмæ, сæ еуетæ ба æрлигъдæнцæ медхонхи æндзæри æвæрд гъæутæмæ.

Мæстиноки гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Аркъаутæ, Байтæ, Бесатæ, Гæуистæ, Дзагуртæ, Дзатцетæ, Махъотæ, Мурийтæ, Хæтæгтæ, Хацъæтæ æма Хъойбайтæ.




#Article 567: Тъæбæгъæу (180 words)


Тъæбæгъæу (Тъæпæнхъæу) у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.

Гуыркъуымты комы рæбинаг хъæутæй иуы, Лйайы доны рахиз былыл, Тъæбæгъæуы цардысты Дзидахантæ æмæ Бырнацтæ. Сæ фарсмæ, рагон стыр бæласы цур ис Бырнацты кувæндон. Сæ бынмæ доны тæккæ был хæлар суар — мæст. Йæ уæле Майрæмы кувæндон. Сæ комкоммæ, фæтæны, Нары æппæт хъæуты иумæйаг кадджын кувæндон Хохы дзуар. Ардæм июлы мæйы æмбисы канд Нары кæмтты цæрджытæ нæ, фæлæ Туалгомы иннæ кæмттæй дæр цыдысты куывдмæ. Алы Нарон хæдзар дæр кодта кусарт, уымæн йæ рахиз фарс, физонæг, æртæ уæливыхы æмæ арахъы дурынимæ хаста дзуары бынмæ. Сылгоймæгтæ æмбырд кодтой Лйайы был Майрæмы кувæндоны раз. Хохы дзуары бынмæ цæуын сылгоймæгтæн не ’мбæлди. Уыцы бон Тъæпæгъæуы æмæ Гуыркъуымты комы æппæт цæрджыты стыр бæллиц уыдис фылдæр уазджытæ сбуц кæнын. Дыгай-æртыгай бонты æхсæвæй-бонæй не’нцадысты зард æмæ æмдзæгъд. Фæндыры зæлтæ æмæ зарæджы мелоди арыдтой комы. Æз лæгдæр оныл уыдис фæсивæды кафт æмæ зард. Бырнацты æхгæд мусы топпыхосы фæздæг къуыримæ нæ сысти. Ам хъазты алы хорз кафæгæн кад кæнгæйæ нæ ауæрстой сæ ливорты гилдзытыл. Зæхмæ æхсджытæ хæрдмæ калдтой мусы сыджыт, цармæ æхсджытæ дæлæмæ згъæлдтой цары сæг.

Цардысты дзы Бырнацтæ æмæ Дзидахантæ.




#Article 568: Æхсæртæг (637 words)


Æхсæртæг — Æртæ Нартæй иуы – æхсарджын æмæ зонынджын мыггаг Æхсæртæггаты  фыдæл, нарты хистæр Уæрхæджы фырт, Æхсары халдих фаззон, йæ кæстæр.

Æхсар райгуырд фыццаг кæркуасæны, Æхсæртæг та – дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй – Донбеттыры, нартæй та – Борæйы æмæ æндæрты. Дыууæ фаззоныл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон. Æхсар æмæ Æхсæртæг та сыл уымæн сæвæрдта, æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр – Æхсарæй æхсарджындæр.
Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та – уыдисн. Сарæзтой сæхицæн фаттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой – æрмийæ-иу æй æрæппæрстой. Айхъуыст дунейыл, зæгъгæ, нарты Уæрхæгæн рахъомыл хъæбатыр фырттæ.
Уыдон-иу æхсæв нарты цæхæрадоны иумæ хъахъхъæдтой æвæджиау фæткъуы бæласы иунæг сыгъзæрин фæткъуы, адæмæн æлутон хос чи уыд æмæ бахъахъхъæнын кæй нæ фæрæзтой, уый. Æфсымæртæ йæ хъахъхъæнгæ та хъуамæ кодтаиккой радыгай. Æмбисæхсæвмæ – Æхсæртæг, уырдыгæй бонмæ – Æхсар. Фæлæ Æхсæртæг йе 'фсымæрæн фæтæригъæд кодта æмæ бонмæ дæр хъахъхъæнæг йæхæдæг ныллæууыд.
Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кодтой, афтæ цæхæрадонмæ æрбатахт æртæ маргъы. Æхсæртæг бады, йæ фат æмæ йе 'рдын йæ къухы, афтæмæй. Кæсы, æмæ æвиппайды бæлас ныррухс и, æмæ йыл бадт æртæ æхсинæджы. Фæткъуымæ куыддæр фæцæйæвнæлдтой, афтæ сæ Æхсæртæг фехста, æмæ атахтысты, æрмæст сæ иуæн йæ туджы æртæхтæ æркалдысты зæхмæ. Æхсæртæг сæ æрбамбырд кодта æмæ сæ зæлдаг кæлмæрзæны батыхта. Кæлмæрзæн йæ фæснахы атъыста. Куыддæр сбон, афтæ Æхсæртæг Æхсары райхъал кодта æмæ араст сты тугвæдыл, æмæ сæ уый бакодта денджызы былмæ. Уым фæд денджызы бынмæ ныххызт. Æхсæртæг загъта:

Æхсар баззад денджызы был. Æхсæртæг та йæ дзаумæттæ æрбатымбыл кодта, æмæ ныффардæг ис денджызы бынмæ. Æхсæртæг денджызы бын Донбеттырты хæдзармæ бафтыд. Хæдзар та ахæм хæдзар уыд, æмæ йæ къултæ – æргъæу, йæ бын – цъæх авг, йæ сæр – сæууон стъалы. Ам йæ цæф маргъ разынд авд æфсымæры æмæ дыууæ хойы хо Дзерассæ. Дзерассæ уыд мæлæтдзаг цæф. Йæ хос ма уыдысты йæ туджы æртæхтæ. Уыдон ыл куы бафу кæнай, уæд фервæзтаид, кæннод ын фервæзæн нал уыд. Æхсæртæг ыл сæ бафу кодта, æмæ Дзерассæ-рæсугъд, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестад. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Æхсæртæг æмæ Донбеттыры чызг Дзерассæйæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой. Уым бонтæ æмæ къуыритæ фæцардысты, стæй ныллæууыдысты цæуыныл.
Æхсар уæдмæ цуан кодта, сарæзта фурды был тар хъæды сырддзæрмттæй мусонг æмæ æнхъæлмæ касти йе ’фсымæрмæ. Уæд иубон кæсы æмæ денджыз урс танхъа хæссы. Сцин кодта Æхсар, ме ’фсымæр хъæлдзæгæй ссæуы, зæгъгæ, æмæ йæхинымæр афæнд кодта: «Цон æмæ цуаны ауайон, кæд исты амарин йе ссыдмæ». Æхсæртæг æмæ Дзерассæ денджызы былмæ куы ссæуынц, уæд Æхсæртæг та Æхсары агурæг ацæуы. Дыууæ æфсымæры нæма фембæлдысты, афтæ та фæхицæн вæййынц. Уалынмæ Æхсар йæхæдæг æрцыд. Дзерассæ йæ йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæн риу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ кæцы у, уый, Хуыцау æмæ Зæххы йеддæмæ. Ус лæппумæ йæхи ласын байдыдта, фæлæ йæм Æхсар йе ’ргом нæ лæвæрдта. Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Æхсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ, цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта. Ус фæмæсты ис, фестади æмæ бустæгондæй хицæнæй сбадтис. Уæд уалынмæ Æхсæртæг æрхæццæ ис æмæ саджы мард æрхаста æд къала бæлас. Æмæ Дзерассæйы æнкъардæй, бустæгондæй бадгæ куы федта, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, – афтæ ’нхъæл уыдис, æмæ йын Æхсар батых кодта. Æмæ хъама фелвæста æмæ йе 'фсымæр Æхсары ныццавта æмæ йæ амардта. Уæд ын ус радзырдта, куыд уыдис, уый. Æхсæртæг фæсмоны бацыдис, ме ’фсымæры æнаххосæй амардтон, зæгъгæ, æмæ йæ хъама фелвæста, йæ фистон ын Æхсары риумæ сарæзта, йæ фындз та йæхи зæрдæмæ æмæ йыл йæхи æруагъта, æмæ хъама йæ зæрдæйы сфардæг ис, æмæ фæмард ис. Фæстæдæр Дзерассæйæн Æхсæртæгæй райгуырд дыууæ фаззоны – Уырызмæг æмæ Хæмыц.




#Article 569: Хуыбылтæ (740 words)


Хуыбылтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Раджы заманы Дзауы комы Гыццыл Гуфтайы хъæуы цард иу лæг, йæ ном Хуыбыл. Уымæн уыд цыппар фырты: Джио, Коко, Магко æмæ Гасси. Цалынмæ сывæллæттæ стыр кодтой, уæдмæ Хуыбыл цардис æнцад æнцойæ. Фæлæ йæ фырттæ куы бахъомыл сты, уæд сæ алчидæр йæхицæн æрдомдта зæхх. Фыдæн йæ бон нæ уыдис йæ фырттæн алкæмæн дæр зæххы хай рахицæн кæнын. Уымæ гæсгæ стæрхон кодта, цæмæй йæ зæххытæй макæмæн радта, цæмæй йæм сæ мачи фæхъыг уыдаид. Æфсымæртæ сæ фыдæй сæ бон куы базыдтой, уæд сфæнд кодтой сæхи тыхæй цæрын. Раздæры рæстæджы нæ хъæдтæ сырддæй йедзаг уыдысты. Хуыбылы фырт Коко, дам, уыд тынг хорз цуанон. Иуахæмы, дам, рацыдис Църуйы æфцæджы æрдæм, ныры Църуы хъæу кæм ис, уырдæм. Куы схæццæ ис, уæд хъæды астæу ссардта æрдуз. Лæгæн ам йæ зæрдæмæ фæцыдис, йæ фыдæн загъта йæ фæндон æмæ ардæм цæрынмæ ралыгъд, Афтæ Коко æрцардис Църуйы, æмæ уым йæ номæй рацыдис Кокойты мыггаг. Кокойтæн сæ иу хай алыгъд Чъимасы доны фаллаг фарсмæ æмæ уым æрцард, фæзындис дзы Чъимасы хъæу. 

Джио та алыгъдис Стыр Гуфтамæ. Джиойæн уыд бирæ фырттæ æмæ ныппырх сты алырдæм. Ацы мыггæгтæ дардтой кæрæдзимæ æрвадæлты зæрдæ. Ацы мыггæгтæн фыдæлтæй фæстæмæ бар нæ уыдис кæрæдзийæ чызг курын. Фæтк фехæлдтой Гасситæ æмæ Кокойтæ, æмæ сæ иннæтæ сæ фынгмæ нал хуыдтой. Байуæрсты фæстæ Хуыбылы фырттæ кадæн сæ зиан хастой Гыццыл Гуфтамæ, кæм фæнды ма рцыдаид зиан — Цъоны æви Цъорбисы, уæддæр. Ацы хъуыддаг зын уыд, фæлæ фæтк фехалын йæ сæрмæ ничи хаста. Иуахæмы та Цъонæй зиан рацæй ластой Гыццыл Гуфтамæ. Леуахийы дон уыдис ивылд æмæ зианджынтæн сæ мард фæласта. Уæд батæрхон кодтой хистæртæ, цæмæй алчи йæ зианы ныгæна йæхи хъæуы. 

Раздæр Хуыбылы фырттæ æмæ сæ цæуæт иууылдæр цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ Гуфтайы дзуармæ. Æрвадæлтæ тынг хызтой сæхи фыдбылызæй. Мыггагæй тæрхон кодтой æмæ-иу азымджыны, Гуфтайы фидары цы уæрм ис, уым ныппæрстой. Æмæ-иу æй уым фæдардтой, цалынмæ-иу йæ рæдыдыл басаст, уæдмæ. Бузалайы хъæуккаг Гасситы Ефим нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сæ фыдæлтæ уыдысты гыццыл гуфтайæгтæ. Раджы заманы Хуыбылы фыдæлтæ схæцыдысты Касаты мыггагимæ. Касатæ бирæ уыдысты æмæ ныццагътой Хуыбылы фыдæлты. Аирвæзтис ма дзы æрмæст иу сылгоймаг — йæ мад. Ус йæхи бар нæ уыдис æмæ бамбæхстис лæгæты. Уым ын райгуырдис лæппу. Усæн æххуыс кодта хæрзгæнæг сылгоймаг, хаста йын хæринаг лæгæтмæ сусæгæй. Касаты мыггаг базыдтой, се знæгтæй ма удыгас чидæр кæй аирвæзт. Агурын æй райдыдтой. Иу ахæмы та ус хъуамæ ахастаид лæгæтмæ хæринаг. Фæндагыл ыл амбæлдысты агурджытæ, усы бафарстой, сывæллон, дам, кæм æмбæхст ис. Хинæйдзаг ус асайдта агурджыты, загъта сын, зæгъгæ сывæллоны йæхæдæг федта æмæ тынг фыдуынд уыдис: йæ æфсæртæ кæрæдзимæ нæ цыдысты, йæ былтæ, дам хуыйы былты хуызæн сты, æмæ, дам, æй йæ мад доны баппæрста. Усы радзырд фехъусгæйæ, агурджытæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, стæй дзы иу афтæ бакодта, «Уæдæ уый хуы былой куы уыдис». Уый адыл агурджытæ фæстæмæ ацыдысты. Хинæйдзаг ус куыддæр фæхицæн агурджытæй, афтæ лæгæты балæууыд. Радзырдта усæн агурджыты хабар. Иу тар æхсæвы идæдз ус æд сывæллон фæлыгъдис йæ лæгæтæй æмæ æрцардис Гыццыл Гуфтайы. Афтæ сывæллоныл баззадис йе знæгты æвæрд ном — Хуыбыл. Хуыбыл уым слæг ис, ракуырдта ус, райгуырд ын цыппар фырты: Коко, Джио, Магко æмæ Гасси. Уыдон æрцардысты алы рæтты: Коко — Църуйы, Джио — Стыр Гуфтайы, стæй уырдыгæй йæ мыггаг ныппырхис алы рæтты: Цъоны, Моргойы, Барсы. Магко æрцардис Къодибыны, Гасси та — Бузалайы. Адоны нæмттæй рауади мыггæгтæ: Кокойтæ, Гасситæ, Джиотæ, Магкотæ. Фыдæлтæй фæстæмæ нымад цæуынц æрвадæлтыл. Сæ фыдæл Хуыбыл кæй уыд, уымæй дæр у бæрæг æмæ Джиоты мыггагæй сылгоймаг ныртæккæ дæр хонынц Хуыбылон. Ис ма сын иу мыггаг æрвадæлтæ — Битетæ. Фæлæ ацы мыггаджы хонынц æрхæссæггаг. Джио кæдæмдæр ацыдис æмæ Къуыдаргомы кæмдæр ссардта сывæллон æмæ йæ æрхаста сæхимæ. Ном ыл сæвæрдта — Бите. Тугæй хæстæг сын нæ уыдис, фæлæ хорз лæг кæй рацыдис, уый тыххæй йæм æрвадæлты цæстæй кастысты. Афтæ баззадис се ’рвадæлтыл нымад, Битейы номыл цы мыггаг равзæрд, уый — Битетæ. 

Джиоты мыггаджы-иу фыдыфыртæй хуыдтой Джеритæ. Уый та уымæн, æмæ Джиотæн иу лæгæн зæнæг нæ цыдис æмæ æркодта сывæллонджын ус. Гуырдзиагау ахæм æрхæссæггаг сывæллон хуыдтой гери, уырдыгæй рауад ном Джери, йæ мыггаг та йын схуыдтой Джиотæй, сывæллон йæхæдæг та уыдис Тедетæй. Джериты фыдыфырты цæуæт уыдысты тынг зæнджын, арæхсджын, фæлæ æнамонд разындысты, сæ зæнæг бирæ нæ цардис.

Цымыдисаг у, кæй чысайнаг мыггаг Хуыбылтæ сты Джиотæ, Остъатæ, Гасситæ æмæ æндæр æрвæдæлон мыггæгты иу хай. Ацы мыггагæн сæ иумиаг фыдæл Хуыбыл хуындис. Æмæ цымыдисаг куыннæ у, Хуыбылæй равзæргæ мыггæгтæн сæ фылдæр хай къуыдайраг кæй сты, йæхи ном йын чи хæссы, уыдон та — чысайнаг. Æвæццæгæн, Хуыбылтæ сты, чысаны ирон фыдæлтæ Чысангомы зæххыл цы къуыдайраг (рагон туаллаг) цæрджыты æрыййæфтой æмæ ассимиляци кæй скодтой, ахæм конкретон мыггæгтæй иу.




#Article 570: Æхсар (313 words)


Æхсар — Æртæ Нартæй иу – æхсарджын æмæ зонынджын мыггаг Æхсæртæггатæй, Уæрхæджы фырт, Æхсæртæджы халдих фаззон, йæ кæстæр.

Æхсар райгуырдис фыццаг кæркуасæны, Æхсæртæг та — дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта уæларвæй Куырдалæгоны, фурдæй — Донбеттыры, Нартæй та — Борæйы æмæ æндæрты. Дыууæ фаззоныл буц нæмттæ сæвæрдта уæларв Куырдалæгон. Æхсар æмæ Æхсæртæг та сыл уымæн сæвæрдта, æмæ Æхсар, хистæр æфсымæр, уыд æхсарджын, Æхсæртæг та, кæстæр æфсымæр — Æхсарæй æхсарджындæр.
Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Уайтагъд айрæзтысты Æхсар æмæ Æхсæртæг: бон рæзтысты уылынг, æхсæв та – уыдисн. Сарæзтой сæхицæн фаттæ æмæ æрдынтæ æмæ арвыл маргъ тæхын нæ уагътой — æрмийæ-иу æй æрæппæрстой. Айхъуыст дунейыл, зæгъгæ, Нарты Уæрхæгæн рахъомыл хъæбатыр фырттæ.

Уыдон-иу æхсæв Нарты цæхæрадоны иумæ хъахъхъæдтой æвæджиау фæткъуы бæласы иунæг сыгъзæрин фæткъуы, адæмæн æлутон хос чи уыд æмæ бахъахъхъæнын кæй нæ фæрæзтой, уый. Æфсымæртæ йæ хъахъхъæнгæ та хъуамæ кодтаиккой радыгай. Æмбисæхсæвмæ — Æхсæртæг, уырдыгæй бонмæ — Æхсар. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд ын Æхсæртæг загъта:

Æхсар сразы ис æмæ æрхуыссыд. Æмбисæхсæв фехъал ис æмæ дзуры Æхсæртæгмæ; 

Фæлæ йæ Æхсæртæг сыстын нæ бауагъта — фæтæригъæд кодта йæ хуыссæгхъæлдзæг æфсымæрæн æмæ хуыснæг æртæ æхсинæджы уый федта, уый сæ фехста фатæй. Стæй цæф маргъы фæдыл цæуын дæр уый сфæнд кодта, йæ туджы æртæхтимæ зæлдаг кæлмæрзæны. Æхсар дæр йæмæ араст ис. Фæлæ денджызы был фæхицæн вæййынц æмæ ам æвæстагæй йæ мæлæт æрцæуы йе ’фсымæры къухæй, Æхсæртæг ыл йæ ус Донбеттырты чызг Дзерассæйы бафхæрынæй кæй фæдызæрдыг, уый фыдæй. Афтæмæй та Æхсар уыд уæздан æмæ æгъдауыл хæст. Дзерассæимæ-йæ чындзимæ иумæ мусонджы æхсæвы куы баззадысты, уæд æм йе ’ргом нæ лæвæрдта, кæд æй уый Æхсæртæг æнхъæл уыд, уæддæр. «Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Æхсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта, Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта», — зæгъы кадæг.




#Article 571: Æфсати (424 words)


Æфсати — тугдзых чи нæу, уыцы сырдты æмæ сыл цуан кæныны бардуаг. 

Æфсати æвдыст цæуы урс даргъ зачъеджын тынг зæронд лæджы хуызы, бады бæрзонд хохы сæр æмæ уырдыгæй фæлгæсы, ир «Æфсатийы фос» кæй хонынц, уыцы æнæнымæц рæгъæуттыл. Иннæ ирон зæдтæ æмæ дауджытæй хъаудждæр Æфсатийы номыл кувæндон нæ уыдис, æмæ йæ кадæн сæрмагонд куывдтæ нæ кодтой. Фæлæ уæддæр æнхъæлдтой, зæгъгæ Æфсатийы æвастæй нæй цуаны цæуæн, æмæ уый тыххæй цуанæттæ цуаны размæ хъуамæ баххæст кодтаиккой бæлвырд домæнтæ, æмæ, Æфсатимæ кувгæйæ, ракуырдтаиккой, цæмæй сын йæ фосы рæгъæуттæй исты балæвар кæна.

Æфсатийы бадæн у хæхты бæрзонддæр, таурæгътæм гæсгæ, Адайыхох. Æфсатийыл арæхдæр æмбæлæм Нарты кадджыты, ис ыл ирон адæмон зарджытæ цалдæр варианты. Бынтон диссаг та рауад Къостайы фыст уацмыс «Æфсати». Æфсати у Хуры фырт, ис ын авд фырты æмæ иунæг чызг Аханат (хонынц ма йæ Хайырхъыз дæр). Йæ кæстæр æфсымæр Хуыджыры та у æрсыты æмæ хъæддагхуыты бардуаг. Æфсатийы цæрæн бынат у мусонг. «Комиайы фырты зарæг» нын куыд зæгъы, афтæмæй мусонгæн йæ къултæ сты сагдзармæй, йæ сæр – æрсдзæрмттæ, йæ бын та – сæгъдзæрмттæй, йæ алы къулыл – саджы стджытæй рагъæнтæ.

Хæлар æмæ уарзонæй цæры Нарты гуыппырсартимæ. Хайджын сты йæ фосæй. Уæрхæгæн йæ фаззон фыртты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Ацæмæзы усаг Агуындæйы æвзист уæрдоны ифтыгъд уыдис авд сæрджын саджы – Æфсатийы лæвар. Кадæг «Нарты сау рувасдзарм»-ы Уырызмæджы кæлæнгæнæг ус куыдз куы фестын кæны, æмæ куыдзы цардæй куы сфæлмæцы, уæд æм арсы хуызы æххуысмæ фæзыны Æфсати. Æмæ йын бацамоны, кæлæнгæнæгæй куыд фервæзæн ис, йе ’рдзон хуыз ын куыд райсæн ис, уый. Нæртон адæм цæмæ баулæфынц Æфсатимæ, уый сын рæдауæй сæххæст кæны. Кадæг «Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн»-ы Æфсати зæгъы: 

Уыцы фæтк-фæдзæхст фидар æвæрд уыд æрæджийы онг дæр ма ирон цуанæттæм. Æфсати уыд Нарты æмæ ирон адæмы уарзондæр зæдтæй иу. Уыцы æнкъарæн нæм æрхæццæ абоны онг. Йæ фæлгонц, йæ зарджытæ нын сты æхцон. Йæ фæлгонц йæхимæ тынг здахы ирон нывгæнджыты æргом. Ныв æй кæнынц. Уæлдай зындгонддæртæ дзы сты Тугъанты Махарбеджы конд ныв Къостайы «Æфсати»-мæ гæсгæ æмæ Дзбойты Михалы скульптурæ Буронæй Цъæйы коммæ бахизæны.

Нарты кадджыты Æфсатимæ ис диссаджы сызгъæрин уадындз, балæвар æй кодта разагъды нарты Ацæмæзы фыдæн. Ацæмæз Агуындæйы куы хаста, уæд Æфсати бафыста ирæд – фондзыссæдз афæдздзыд саджы. 

Ис йæ фосы æхсæн маргъ дæр — зым. Уый фæдыл ис иу таурæгъ – «Зым» – Æфсати»-йы. Загъд дзы ис, зæгъгæ, тæрхъус хъæдæй адзæгъæл быдырмæ æмæ æрцард мæргътимæ. Зым та дзæбидырты фæдыл бафтыд. Уый фыдæй Æфсати æмæ мæргъты бардуаг Кæрчигуылой фæзулдзых сты. Алчидæр сæ агуырдта йæхион. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ. Уый тæрхъусы ныууагъта Кæрчигуылойы бар, зымы та – Æфсатийы. Уæдæй фæстæмæ зым дзæбидыртимæ уæлвонг хæхты цæры, тæрхъус та – мæргътимæ дæлвæзты.




#Article 572: Æстдæссион саг (158 words)


Æстдæссион саг - мифологион æстдæссыкъаджын саг. Æстдæссион, йæ дыууæ сыкъайы, бæласы къалиутау, фæйнæрдæм æстдæс къабазы кæмæн ауадзынц, ахæм саг.

Ирон адæмон сфæлдыстады хъæддаг сырдтæй уæлдай уарзондæр, хæлардæр, лæгъздæр, рæвдаугæдæр ныхæстæй фæдзурынц саджы тыххæй. Рæвдз, хъуыддаджы адæймагæй дæр фæзæгъынц, саглæг у, зæгъгæ, æлвæст (лæппуйæ та – сагартæн). Фæлæ таурæгъгæнджытæ се 'ргом тынгдæр здæхтой сагæн йæ сæрмæ. Хуыдтой йæ сæрджын саг, æстдæссион (æстдæссыкъаджын) саг. 

Æстдæссион саг арæх æмбæлы ирон адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты. Кадæг «Сослан мæрдты бæсты»-йы кæсæм:

Саг, уæлдайдæр та æстдæссион саг, нæ рагфыдæлтæм дæр кадджын кæй уыд, уымæн æвдисæн у ацы къамы саджы фæлгонц, нæ азнымады размæ VI æнусы йæ сыгъдæг сыгъзæринæй скодта скифаг æрмдæсны. Ахуыргæндтæ йæ хонгæ дæр кæнынц Сыгъзæрин саг. Ссардтой йæ Кубаны зæххыл Костромайы обауы. 2600 азы бæрц ыл цæуы, фæлæ йæ хуыз нæ аивта, тæмæнтæ калы. Йæ кæнæг дзы æвдисы саджы сонт, рæвдз фезмæлд, уды хъару, тæрæмондзинад. Йе 'ргом здахы йæ фæлгонцмæ, уæлдайдæр та – йæ æстдæс сыкъайы æвæрдмæ. У агæпп кæнынæввонг.




#Article 573: Зæхх (174 words)


Зæхх, дыгуронау Зæнхæ, у Хурæй дардмæ æртыккæгæм планетæ Хуры системæйы.

Гидросферæ (раг. грекъ. Yδωρ — дон æмæ σφαῖρα — тымбыл, къори) Зæххы æппæт донон æмбырдты хæрх. 

Зæххы уæлцъарыл тæнгъæд доны уæвынад у  стыр уникалон миниуæг, кæцы нын хицæн кæны нæ планетæ Хуры системæйы æндæр обекттæй. Доны фылдæр хай у фурдты æмæ денджызты конд, бирæ цъусдæр та цæугæдæтты, цадты æмæ зæххы бын цы дæттæ ис, уым. Ноджы ма бирæ дон æмбырдæуы атмосферæйы, æврæгъты æмæ доны пъары хуызы. 

Доны иу хай ма лæуудæуы хъæбæр уагы, цъититы, митын сывæлдæгæй æмæ æнусон сæлды формæйы, криосферæ кæнгæйæ. Æгас доны уæз Дунейон фурды у 1,35·1018 тоннæйы, кæнæ та 1/4400 Зæххы массæйæ. Зæххыл цы дон ис, уымæй æрмæст 2,5% у æдзæх æмæ бæззы нуазынæн, иннæ - цæхджын. æдзæххдоны фылдæр хай, иу-70% бæрц, ис цъититы æмæ иххæхты.

Тæнгъæд дон Зæххыл, æвæццæгæн, 4 миллиард азы размæ фæзынд. 

Фурдты æмбисбарст цæхджынад у — цæххы 35 граммæ ’ввахс, денджызы доны иу литрæн. Ацы цæххыты уæрæх хай уæгъд уыди вулканты скæлдтыты, кæнæ та ист æрцыд фурдæн йæ бын чи сформæ кодта, ахæм хæххон мыггæгты æрсатæггонд срæмыгъдтæй.




#Article 574: Ног Фæдзæхст (280 words)


Ног Фæдзæхст (, Kainē Diathēkē) у, Сыгъдæг Фыст кæнæ Библи кæй хуындæуы, уыцы чиныджы хай. Библийы фыццаг хай хуыйны Рагон Фæдзæхст.

Ног Фæдзæхст арæзт у 27 чиныгæй.

Ног Фæдзæхсты фыццаг цыппар чиныджы хуыйнынц «Евангели» («Евангели» бердзенагау амоны «фарны уац»). Уыцы чингуыты ныхас цæуы Йесо Чырыстийы райгуырдыл, йæ зæххон цард æмæ архайдыл, йæ мæлæтыл æмæ райгасыл.
Чырыстон Аргъуан куыд фæзындис æмæ райдианы куыд царди, чырыстон уырнындзинад дунейыл куыд æнхъæвзта, ууыл та дзурæг у Ног Фæдзæхсты иннæ чиныг — «Апостолты хъуыддæгтæ».

Ног Фæдзæхсты чингуыты фылдæр хай (21 чиныджы) сты фыстæджытæ. Ныффыстой сæ Йесойы апостолтæ. Уырнджытæн амындтытæ, суанг уæды заман аргъуантæм куыддæрты цы фæливæнтæ æмæ мæнгахуырæдтæ баирвæзт, уыдон хурмæ рахæссын — уый уыцы чингуытæн у сæ сæйраг мидис.

Ног Фæдзæхсты æмæ æппæт Библийы фæстаг чиныг у Иоанны æргомады чиныг. Афтæ уымæн хуыйны, æмæ дзуры, йæ ныффыссæгæн, апостол Иоаннæн, Хуыцау цы раргом кодта, уыдæттыл. Хуыцау Иоаннæн æргом кæны, рæстæджы кæрон цы хъуамæ æрцæуа, уый — дунейы абон цы фыдæх паддзахиуæг кæны, уымæн Хуыцау сæвæрдзæни кæрон.

Ног Фæдзæхст ныффыстæуыди нæ дуджы I-æм æнусы, грекъаг æвзаджы уæлдиалектон формæйыл — уæды заманы уыцы æвзаг (зындгонд у куыд койне дæр) уыдис æхсæнадæмон бастдзинæдты æвзаг Зæххастæуы денджызы регионы скæсæйнаг былтыл æмæ Æввахс Хурыскæсæны бæстæты.

Дыууæ мин азмæ Ног Фæдзæхсты текст тæлмацгонд æрцыд дунейы сæдæгай æвзæгтæм. Бирæ сты ахæм æвзæгтæ, кæцытыл Евангели сси фыццаг чиныг.

Ирон æвзагыл Ног Фæдзæхсты хицæн чингуытæ (цыппар Евангелийы) фыццаг хатт джиппы рауагътой 1848-æм азы. Уæдæй фæстæмæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд цыдысты Евангелитæ дæр æмæ Ног Фæдзæхсты иннæ чингуытæ дæр. 1993-æм азы Библийы тæлмацы институт ирон æвзагыл рауагъта фыццаг æнæхъæн Ног Фæдзæхст (сты дзы Евангелиты революцийы агъоммæйы тæлмац, иннæ чингуытæ та — Байаты Гаппойы тæлмацæй). Ног Фæдзæхсты æндæр ирон тæлмац 1994-æм азы рауагъта Евангелийы чырыстæтты-баптистты аргъуанты цæдис.




#Article 575: Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан (162 words)


Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан кæнæ Ирыхъæуы аргъуан‎ у Дзæуджыхъæуы рагондæр растуырнæг аргъуан.

Аргъуаны бындур 1815-æм азы æрæвæрдта Иры динон консистори æмæ 50 азæй фылдæры дæргъы йæм кувынмæ чи цыдис, уыдон уыдысты Дзæуджыхъæуы фидары æппæт растуырнæг цæрджытæ. 1823-æм азы аргъуаны хъæдын агъуысты бæсты сарæзтæуыд дурæй конд ног бæстыхай. 1824-æм азы 24 мартъийы аргъуаны агъуыст æрцыдис аргъуыд. Аргъуан у, Дзæуджыхъæуы фидары территорийыл цы бæстыхæйттæ уыдис, уыдонæй иунæг æнæхæлдæй баззайæг.

Советон заманы, сæдæгай æмæ мингай аргъуантæ æмæ моладзандæттæ куыд сафтой, афтæ хъавыдысты Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан дæр ныззаууат кæнын. 1929-æм азы сфæнд чындис аргъуан фехалын, фæлæ аргъуандзаутæ, бæрнджын сауджын æмæ клириктæ йæ бахызтой фыдвæндгæнджытæй. Афтæмæй дыууæ азы дæргъы йæм ничи ныхылдис. Фæлæ 1931-æм азы ногæй æрхъавыдæуыд аргъуан фехалын. Æппынфæстаг 1931-æм азы аргъуан горæххæсткомы бæрны бачындис. 1940-æм азæй 1993-æм азы онг йæ агъуысты куыста Хетæгкаты Къостайы номыл литературон музей.

Аргъуаны кæрты цы зæппадз ис, уым ныгæд сты Дзæуджыхъæу æмæ Ирыстоны бирæ зынгæ адæймæгтæ, уыдоны ’хсæн — Хетæгкаты Къоста, Байаты Гаппо, Абайты Васо æмæ æндæртæ.




#Article 576: Илиайы аргъуан (Дзæуджыхъæу) (170 words)


Хуыцауы пехуымпар Илиайы аргъуан у растуырнæг аргъуан Дзæуджыхъæуы. Æрбынат кодта Мещанты уæлмæрдты территорийыл. Аргъуаны Армдарæджы бон бæрæг кæнынц 2 августы.

Мещанты уæлмæрдты территорийыл  арæзтад райдыдта 1888-æм азы æмæ ахаста авд азы. Аргъуангонд хаудис Константин æмæ Еленæйы аргъуанмæ (уырыс. Константино-Еленинский храм) (ацы аргъуаны иконостас ныр дæр ма æфснайд у Илиайы аргъуаны). Арæзтадæн разамынд лæвæрдта Константин æмæ Еленæйы аргъуаны  фыд Василий Жуков. 1895-æм азы июлы сахары инженер Фёдор Ковалёв фехъуысын кодта, аргъуангонды арæзтад кæй фæцис, уый, æмæ 11 августы Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы епископ Владимиры (Синьковский) раарфæйы фæстæ ногарæзт кувæндон ныххæлар чындис растуырнæг æгъдаумæ гæсгæ.

ССР Цæдисы цур чи уыдис, уыцы Уæрæсейы растуырнæг еклезийы хъуыддæгты фæдыл советы уынаффæмæ (25.09.48) гæсгæ аргъуангонд рацарæзтæуыд æмæ йын лæвæрд æрцыдис аргъуаны статус. Реставрацигонд æрцыдис протоиерей Григори Гончаровы бафыдæбоны руаджы.

Аргъуаны ис Мæздæджы Мады Майрæмы  иконæйы .

Аргъуаны кæрты ис бынæттон аргъуыцаг  Анастасияйы (Андреева) аргъуангонд.

Протоиерей Василий Шауэрман — Цæгат Ирыстоны растуырнæг аргъуанты , Илиайы аргъуаны бæрнджын сауджын.

Илиайы аргъуан советон заманы паддзахады ’рдыгæй æлхъывд нæ цыдис, æмæ афтæмæй нæ сæхгæдæуыд. Аргъуан уыдис Дзæуджыхъæуы иунæг растуырнæг кувæн бынат.




#Article 577: Сагол (100 words)


Сагол у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Туалгомы.

Тоборзайæ бирæ нæй Цмийаг комы рæбинаг хъæу Саголмæ. Йæ цæрджытæ Балатæ æмæ Хуырымтæ ницы хъуаг уыдысты. Цардысты хæларæй. Цмийаг комы доны райдайæн æмæ хæрзад суадæттæ — сæ цуры.

Тоборза æмæ Саголы хуымзæххытæ уыдысты Хуыскъæлджын, Айсанайы адаг, Балайы, Æлгъысты æмæ Цынаты хуымтæ.

Сæ фосрæгъæутты сын сойджын кæрдæгæй æфсæстой Цмийы æмæ Саголы кæмттæ, Стыр Хуссар, Куыройы фыдтæ æмæ Дуры кæрт.

Дыууæ хъæуы хосцух нæ уагътой Сосойы æмæ Бырнацты уыгæрдæнтæ, Саджилтæ, Цхисалгъат, Уæллаг дзуары фæз, Фыдфыцæн, Дурджыны зæнг æмæ Саджджын къул.

Суг амал кодтой Къасарайы, Тоборзайы æмæ Саголы хъæдтæй.

Цардысты дзы Балатæ, Хуырымтæ.




#Article 578: Стальский, Сулейман (155 words)


Сулейман Стальский (æцæг мыггаг — Гасанбеков; райгуырдис 1869 азы 18 майы — амардис 1937 азы 23 ноябры), уыдис лекъаг поэт, лекъаг литературæйы бындурæвæрджытæй иу, Дагъистаны адæмон поэт.

Сулейман Стальский райгуырдис Дагъистаны, Ашага-Сталы хъæуы (ацы цæрæнраны номæй равзæрдис йæ фæсномыг Стальский, лекъагау CтIал Сулейман), Касумкентмæ хæстæг, мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Йæ мад амардис Сулейман хæрз сывæллон ма куы уыдис, уæд, æмæ лæппуйы 7 азы кармæ хъомыл кодта сæ сыхаг ус. Сывæллоныл 11 азы нæма сæххæст, афтæмæй амардис йæ фыд. Æртындæс азы йыл куы сæххæст, уæд сидзæр лæппу райдыдта æххуырсты цæуын. Куыста Бакуйы нефтцъирæнты, Самарканды сахары æфсæнвæндæгтыл, уыдис æххуырст кусæг хъæздгуыты хæдзæртты.

Æмдзæвгæтæ Сулейман фыссын райдыдта, куы рахъомыл, уæд. Йæ фыццаг зарæг «Булæмæргъ» фыст æрцыдис 1900-æм азмæ æввахс. Революцийы фæстæ йæ æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цæуын райдыдтой газетты, 1927-æм азы та Мæскуыйы рацыдис, йæ цалдæр уацмысы кæдæм бахастæуыд, уыцы «Лекъаг поэтты æмбырдгонд».

Сулейман Стальскийы æмдзæвгæтæ тæлмацгонд æрцыдысты Советон Цæдисы бирæ адæмты æвзæгтæм. Уырыссагмæ тæлмацæй мыхуыргонд уыдысты газеттæ «Правда» æмæ «Известия».




#Article 579: Клапрот, Юлиус (137 words)


Юлиус Генрих Клапрот (; райгуырдис 1783 азы 11 октябры, Берлин — амардис 1835 азы 28 августы, Париж) — зындгонд немыцаг скæсæниртасæг (ориенталист), бæлццон æмæ полиглот. Йæ фыд уыдис химик Мартин Клапрот.

Йæ сабибонты йæм рабæрæг ис æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ арæхстдзинад. 1802-æм азы мыхуыры рацыдис йæ фыццаг уацмыс «Asiatisches Magazin». 1805-æм азы йæ равзæрстой Императоры Зонæдты академийы (Бетъырбух) уæнгæй.

Клапрот архайдта граф Ю. А. Головкины Китаймæ минæварон балцы (маньчжуйраг хицæуттæ æрвыстлæгты Манголæй дарддæр нæ бауагътой). Манголæй куы æрыздæхтис, уæд 1807–1808 азты цыдис балцы Кавказы. Уым Клапрот æмбырд кодта статистикон æмæ этнографион æрмæг. Æмбырдгонд зонадон бæрæггæнæнтыл куы бакуыста, уæд 1812 азы æрыздæхтис Берлинмæ, 1815 азæй та иудадзыг цардис Парижы. А. фон Гумбольдты рекомендацийы фæрцы Клапротæн Пруссийы къаролæй лæвæрд æрцыдис профессоры ном æмæ мызд, стæй Парижы цæрыны æмæ зонадон куыст кæнын бар.

Юлиус Клапрот ма тæлмац кодта рагон япойнаг поэзи.




#Article 580: Фæрниатæ (153 words)


Фæрниатæ (, ) сты ирон мыггаг.

Фæрниаты тыххæй ис ахæм таурæгъ: Куырттаты комы цардысты бирæ уæлдæр Дзывгъисæй (Хилакъмæ хæстæг). Стæй дыууæ æфсымæрæн цæмæдæр сæ мыггагимæ цыдæр хыл рауад, æмæ уырдыгæй ралыгъдысты. Фæндагыл дзы иу фæмард, æмæ иннæ та Дзывгъисæй гыццыл уæлдæр æрцард. Уæд æм Гутнаты хистæртæ бацыдысты æмæ йæ бафарстой, чи дæ, цы дæ, цы ми кусыс ам, зæгъгæ. Æмæ сын йæ цард радзырдта. Уæд ын Гутнатæ ахæм дзырд радтой: райсомæй, дам, хуры аныгуылдмæ цы кæрдæг ныккæрдай, гъе уыцы зæхх дæу фæуæд, зæгъгæ. Уый дæр кæрдын райдыдта. Æмæ ацыди кæрдгæ æмрæнхъ нæ, фæлæ  уыцы зæххæн йæ алыварс. Хур аныгуылд, æмæ ма йын дзы хæрзгыццыл баззад, фæлæ йын йæ цæвæг райстой. Æмæ уæд йæхæдæг зæххыл бахауд, æмæ дыууæ кæроны баиу кодта. Гутнатæн дæр сæ бон ницыуал баци, æмæ йын уыцы зæхх радтой. 

Гъе уыцы Фæрнионæй рацыд, Цæгат Ирыстоны цы Фæрниатæ цæрынц, уыцы къорд сæ мыггагæй. Ис ма Фæрниатæ Дыгурмæ дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны дæр.




#Article 581: Рубаи (102 words)


Рубаи (æндæр нæмттæ: дубайти, таране) у цыппаррæнхъон æмдзæвгæ; Скæсæн æмæ Астæуккаг Азийы парахатæй кæмæй пайда кæнынц, лирикон поэзийы ахæм формæ. Ацы поэтикон строфайы ратæдзæныл нымад у ирайнæгты рагон адæмон сфæлдыстад. Фысты хуызы рубаитæ ис IX—X æнусæй.

Мидисмæ гæсгæ рубаи у философион лирикæ.

Æмдзæвгæ арæзт у цыппар рæнхъæй. Уыдон рифмæгонд цæуынц ахæм хуызы: ааба (стæмдæр хатт — аааа), ома рифмæгонд цæуынц фыццаг, дыккаг æмæ цыппæрæм рæнхъ.

Рубаи цы метрæй арæзт цæуы, уый хуыйны аруз.

Тæккæ зындгонддæр рубаифысджытæ сты Омар Хайям, Мехсети Гянджеви, Абу Абдаллах Рудаки æмæ Захириддин Бабур.

Ирон æвзагмæ Омар Хайямы рубаитæ тæлмац кодта поэт Дзасохты Музафер. Йæхæдæг ма фыссы оригиналон цыппаррæнхъонтæ.




#Article 582: Æртхурон (183 words)


Æртхурон – арты бардуаг, буары цармы низтæ æрвитæг. 

Кадджыты ма æвдыст цæуы курæгæй, цæмæй Стыр Хуыцау адæмæн радта хъæздыгдзинад æмæ амонд. Ногбон æхсæв скæнынц сæрмагонд ритуалон чъири, хонынц æй зынг – арты бардуаджы номæй Æртхурон, зæгъгæ (дыгуронау та уыцы чъири хуыйны родзингæ, иудзырдæй, уый дæр баст у арт-рухсимæ). Æртхурон конд вæййы æрмæстдæр бинонтæн. Æцæгæлоны раз æрæвæрыны бар дзы нæй, нæ фæтчы. Æртхурон у рагон ирон арт-зынджы дины æгъдæуттæй ма цы мынæг фæдтæ баззадис, уыдонæй иу.

Æфсинтæ йæ егъау хурдзалхы хуызæн уæрæх ныззилынц. Скæнынц æй ног азы Хур цытджын скæнынæн, сæ къонайы арт æмæ Хуры иудзинады фидардзинадæн. Хур у царддæттæг, æмæ йæ минæвар æдзухдæр сæ къонайы куыд уа, цардыхос сын куыд хæсса, уый нысанæн. Хуымæтæджы йын не скувынц:

Хуымæтæджы йæ бур нæ хонынц, хуымæтæджы йæ Хуры хуызæн нæ кæнынц. Хурæн, артæн куывтой нæ фыдæлтæ. Æртхуроны æвæрд ис бинонты фидæн. Йæ хуылфы йын-иу бакодтой æвзист æхца, хоры нæмыг, фыды мур æмæ æндæртæ. Скувыны фæстæ-иу æй бинонтæ цал уыдысты, уал хайы куы акодтой, уæд-иу йæ карсты кæмæн цы разынд, уымæ гæсгæ цинæнхъæл уыд йæ фидæнæй: æхцаимæ – уыдзæн æхцаджын, хоры нæмыгимæ –хорджын, фыды муримæ – фосджын.




#Article 583: Æртгæнæнтæ (139 words)


Æртгæнæнтæ — ног мæрдджынты æгъдау, æххæст æй фæкæнынц Ногбоны фæстæ фыццаг сабаты.

Райсомæй раджы сыхæгтæй исчи ног мæрдджынты кæрты дуармæ арт скæны. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сысты, афтæ арты цурмæ бацæуы. Артмæ сугтæ чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгъгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн раарфæ кæны, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ. Аходæнафон куы свæййы, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон рахæссынц, хистæр сæ ныххæлар кæны, æмæ дзы саходынц. Æртгæнæнты æгъдау амоны уый, æмæ ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый макæд суазал уæд, мæнæ йæ арты хай, æмæ, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд.




#Article 584: Зындон (ирон мифологи) (113 words)


Зындон — æппæты дарддæр æхгæд къуым мæрдты бæсты ирон мифологийы. Йæ дæгъæл ис Барастырмæ. Мæрдтæ зындоны æфхæрд цæуынц паддзах Барастыры бардзырдмæ гæсгæ, уæлæуыл, æгас уæвгæйæ, цы тæригъæдты бацыдысты, уыдон хынцгæйæ.

Мæрдты бæстæйы иу хай, фыдгæнджытæ кæдæм бахауынц, уый. Уым сæ тæригъæдтæ фыдтухитæй фидынц. Чи дзы йæ къахæй ауыгъд у, чи – йæ цонгæй, чи – йе 'взагæй, чи та йæ хурхæй, сæ быны дойнаг дуртæ цырынæй судзынц. Уæлæуыл цы бирæ æвзæрдзинæдтæ фæкодтой, уыдон Мæрдты бæсты зындзинæдтæй фидынц: афæдз сæ кæмæн æртæ боны, кæмæн къуыри, кæмæн фылдæр – ахæм хъизæмар æвзарын тæрхонгонд у Мæрдты хицау Барастырæй. Уымæй уæлдай ма, уæлæуыл мæрдтæй йæхи чи куыд æвзæр дардта, ахæм, фæсмонгонды цардæй æрвитынц сæ рæстæг Мæрдты бæсты.




#Article 585: Мæрдты бæстæ (ирон мифологи) (183 words)


Мæрдты бæстæ — ирон адæймаджы уырнынадмæ гæсгæ Æцæг дуне. Адæймаг, дам, зæххыл цæры рæстæгмæ, уымæй дæр хъизæмары цардæй, фæлварæны хуызæн, æмæ уыцы фæлварæны йæхи чи куыд равдиса, ахæм хъысмæт ын уыдзæн йæ æнæфæугæ царды Мæрдты бæсты. Йæхи уæлæуыл, зæххон царды чи куыд равдыста, уымæ гæсгæ Мæрдты бæсты цы уавæрты сты, уый ирдæй æвдыст цæуы кадæг «Сослан Мæрдты бæсты»-йы. Ацы кадæг у царды философи, кæд ныхас мæрдтыл цæуы, уæддæр стыр ахъаз у цард бирæвæрсыгæй хуыздæр банкъарынæн, адæймагæн йæ митæ æмæ йæ хъуыддæгтæн раст аргъ скæнынæн.

Мæрдты бæсты хицау у Барастыр, йæ дуаргæс ставдæнгуылдз; Амултахъ, ног мæрдты Барастыры раз чи æрлæууын кæны, æмæ сын тæрхон кæимæ кæны, уый – Аминон. Мæрдты бæстæм Хуыцауы æвастæй фæндаг удæгасæй бацæуыны бар никæмæн ис. Æрмæст дзы Нарты Сослан дыууæ хатты уыд удæгасæй йæ тыхы фæрцы æмæ йын иу хатт фæстæмæ раздæхын Барастыры фæрцы бантыст, иннæ хатт та – йæ мард ус Бедухайы. Мæрдты бæстæйы ис авд дæлдзæхы, Зындон, Дзæнæт, Дзæнæты суадон, Цъæх нæу, Цæхæрадон, Зындоны цад, дæлимонты бынат, дæлимонты зындон æмæ æндæртæ. Мæрдты бæстæй фæстæмæ раздахæн нæй. Æрмæст дзы Уырызмæджы æнæном лæппу æмæ Хæмыц рæстæгмæ рацæуынц æмæ та баздæхынц.




#Article 586: Филипп де Коммин (136 words)


Филипп де Коммин (фр. Philippe de Commynes кæнæ Philippe de Commines) (райгуырдис 1447-æм азмæ æввахс, Фландри — амардис 1511-æм азы 18 октябры) уыдис францаг дипломат æмæ историк, къаролтæ Людовик XI æмæ Карл VII-æмы уынаффæгæнæг. Нымад у нырыккон историографийы бындурæвæрджытæй иуыл; у, фыццаг францаг мемуарты (мысинæгты) автор.

Филипп де Коммин райгуырдис 1447-æм азы, йæ бинонтæ уыдысты Фландрийы бæстæгтæ. Æхсарджын Карлмæ службæ кæнынмæ æрцыдис 1464-æм азы. 1467-æм азы йын лæвæрд æрцыдис рыцары ном. Уыцы азы Филипп бацыдис герцоджы æввахсдæр адæймæгты къордмæ æмæ сси йæ æууæнкджын уынаффæгæнæг. 1468-æм азы Коммин алыгъдис Людовик XI-æмы ’рдæм.

Йæ мемуартыл Коммин кусын райдыдта 1489-æм азы, Вьенны архиепископ Анджело Катойы курдиат æххæстгæнгæйæ. Коммины мысинæгтæ дихгонд сты дыууæ хайыл: фыццаджы ис 6 чиныджы æмæ дзы дзырдæуы Æхсарджын Карлы æмæ Людовик XI-æмы хицауиуæджы тыххæй, дыккаджы ис 2 чиныджы æмæ дзы æвдыст æрцыдис Карл VIII-æмы балц Италимæ.




#Article 587: Тадж-Махал (184 words)


Тадж-Махал (, ) у мавзолей-мæзджыт Индийы сахар Агрæйы, Джамнæйы цæугæдоны былгæрон. Сарæзтæуыд Стыр Моголты император Сах-Джаханы бардзырдмæ гæсгæ, аргæ-арын чи амардис, йæ уыцы ус Мумтаз-Махалы ном ссарынæн. Фæстæдæр ам ныгæд æрцыдис Сах-Джахан йæхæдæг дæр.

Тадж-Махал («Тадж» дæр æй хонынц) нымад у архитектурон стиль Мугалы хуыздæр дæнцæгыл. Ацы стилы баиу сты персайнаг, индиаг æмæ пысылмон архитектурæйы æууæлтæ. 1983-æм азы Тадж-Махал ссис  объект («Индийы цы пысылмон аивадон  ис æмæ æгас дунейы зæрдæскъæфт чи кæны, уыцы шедевртæй иу»).

Кæд æмæ мавзолейы урс мармæрæй конд купол у йæ тæккæ зындгонддæр компенент, уæддæр Тадж-Махал структурон æгъдауæй у иууон комплекс. Агъуыст райдыдтой аразын 1632-æм азы æмæ 1653-æм азы уыдис цæттæ. Йæ аразыныл куыстой мингай аразджытæ æмæ æрмгусджытæ. Арæзтадæн разамынд лæвæрдта, императоры контролы бын чи уыдис, уыцы Ахитекторты совет. Йе сконды уыдысты Абд уль-Карим Мамур Хана, Макрамат Хана æмæ Устад Ахмад Лахаури. Фылдæр историографион ратæдзæнты сæйраг дизайнерæй нымад у Лахаури.

Мавзолейы мидæг æвæрд ис дыууæ зæппадзы — сахы æмæ йæ усы мардæвæрæнтæ. Æцæг, сæ дыууæ дæр ныгæд сты, зæппæдзтæ кæм сты, уым, æрмæст зæххы бын. Тадж-Махал у фондзкуполджын амаддзаг, 74 метры бæрзæндæн (æд платформæ), йæ æппæт къуымты ис фæйнæ иу дзылаты.




#Article 588: Актёрты студи (129 words)


Актёрты студи () у профессионалон актёртæ, театралон режиссёртæ æмæ драматургты организаци. Æрбынат кодта Нью-Йорчы сахары, мæнæ ацы адрисыл: 432 West 44th Street, Манхэттен. Йæ бындур æрæвæрдтой 1947-æм азы 5 октябры Элиа Казан, Шерил Кроуфорд, Роберт Льюис æмæ Аннæ Соколова. 1951-æм азы студийы сæргъы æрлæууыдис Ли Страсберг. Уый йын разамынд лæвæрдта суанг йæ амæлæтмæ 1982-æм азы.

Студи фыццагдæр зындгонд ссис, цы актёрон техникæйы методæй пайда кодта, уый руаджы. Уыцы метод æрхъуыды чындис 1930-æм азты æмæ йæ бындуры уыдис Станиславскийы системæ.

Райдианы студийы уæнгтæ æмбырд кодтой театр «Принцессæ»-йы, фæлæ 1955-æм азы уыдон хи айстой пресвитерон еклезийы раздæры бæстыхаймæ æмæ ныронг бынат кæнынц ам. 1965-æм азы студи Ныгуылæн Голивуды (Калифорни) байгом кодта йæ иунæг филиал — Ныгуылæйнаг актерты студи.

Йæ бирæазон историйы дæргъы студийы бацархайдтой бирæ номдзыд адæймæгтæ — актёртæ, режиссёртæ, сценаристтæ:




#Article 589: Таранджелозы кувæндон (162 words)


Таранджелозы кувæндон, адæмы куыд уырныд, сырæзтис Хуыцау Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Уæлдай кадджындæр у Тырсыйы æмæ Тибы. Таранджелозы кувæндон ис Тырсыгомы Четойтыхъæумæ ’ввахс. Йæ бæрæгбон йын фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны. 

Нарты хъæбатыртæй иу Батрадз — куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, хохы сæр. 

Алы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ’ввахс. Дзуары бынмæ иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй.

Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу æндæр рæтты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон).




#Article 590: Годо, Антуан (127 words)


Антуан Годо (фр. Antoine Godeau) (райгуырдис 1605 азы 24 сентябры, Дрё — амардис 1672 азы 21 апрелы, Ванс) уыдис францаг поэт æмæ дины кусæг, уыдис Францаг академийы фыццаг уæнгтæй иу.

Францаг æвзаджы дзырдуатыл куыстыты уæлдай Годо фыста галантон æмдзæвгæтæ. Конрары æмбал æмæ тугхæстæг уæвгæйæ, уый арæх-иу бауайаг уыд, популярон кæм уыдис, уыцы Рамбуйейы салонмæ. Уым ын радтой фæсном «Nain de Julie» (Юлияйы карлик). 1636-æм азы Ришельё йæ снысан кодта Грасы епископæй, æмæ уæдæй фæстæмæ мадригалты бæсты фыссын райдыдта псаломтæ.

Годо æгас ма уыдис, афтæ йæ ном уыдис хъуыстгонд, фæлæ францаг литературæйы манерджын салонон поэзийы культ куы фæцис, уæд йе сфæлдыстады популярондзинад бамынæг ис. Ныртæккæ йæ æмдзæвгæтæ цымыдисаг сты æрмæст литературæйы историктæн. Годо æмæ йе ’мсис æмбæлтты стилыл арæхстджынæй фæхудтис цыргъзонд Сент-Эвремон йæ уацмыс «Академистты комеди»-йы.

æмæ æндæртæ.




#Article 591: Хъалнæгътæ (101 words)


Хъалнæгътæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.

Гъæу æвæрд æй Айгомуги донæн æ рахес фарс, Уæхъæци гъæумæ хæстæг. Гъæуи фиццаг цæргутæ сæ хæдзæрттæ исаразтонцæ тегъæбæл, Хонсари ци минкъий æндзæр адтæй гъæуи буни, уой ба аурстонцæ хумзæнхитæн. Се ’гуæрдæнтæ, уæдта сæ фонси хезнитæ ба адтæнцæ гъæумæ идард Уорс хонхи рæбунти. Уонæн сæ устурдæртæ — Тумæн, Цъахти хæра, Кафуни адагæ, будури ба — Саугъæди æрдозæ. Паддзахи фæндаг æма Айгомуги дон гъæумæ хæстæг ке адтæнцæ, алли афони дæр сæмæ уæрдун ке зилдæй, уомæ гæсгæ Хъалнæгъти гъæуи цæргутæн сæ царди уавæртæ Хонсарварс синхаг гъæути цæргутæй адтæнцæ дзæвгарæ хуæздæр.

Цардысты дзы Мæрзойтæ, Сагкатæ, Цохътæ.




#Article 592: Ковбой (590 words)


Ковбой — ( ома cow — хъуг æмæ boy — лæппу) — ацы номæй  АИШ-ы  Хъæддаг Ныгуылæны хуыдтой фосы хъомгæсты. Ковбойты дуг райдыдта 1865-æм азы, уæд бахъуыдис тæрын, чи схъæддаг ис, ахæм тынг стыр хæдзарвосы рæгъæуттæ Техасы территорийæ. Ацы дуг йæ кæронмæ æрцыдис-иу ссæдз азы фæстæ. Ковбойты æртыккаг хай уыдысты негртæ, кæдон хæдбар систы граждайнаг хæсты фæстæ, æртыккаг хай уыдысты мексикæгтæ, æртыккаг хай та Европæйæ ралидзджыты байзæддæгтæ.

Ковбойтæ скъæрдтой фос, хъахъхæдтой сæ, зæгъæм-иу сæ радардтой дард мидрайонтæй хæстæгдæр æфсæнвæндаджы станцæмæ. Талынгæй иу хъахъхæдтой лæууæны периметртыл  æмæ иу кæрæдзиимæ бастдзинад дардтой куплетты фæрцы, афтæмæй райгуырдис ковбойаг зарæг, ковбойаг поэзи.

Ковбойты развæдгæнджытæ уыдысты Иугонд Штатты цæрæг мексикæгтæ, уыдон дардтой  фос Техасы æхсæрдæсæм æнусæй, испайнæгты æрбафтыды рæстæгæй. Фосы фылдæр хай  уыдысты æрдæгхъæддаг Лонгхорнтæ (афтæ хуыйнынц даргъ сыкъаты фæрцы), уыдон арæх бынтон сæрибарæй рабыр-бабыр кодтой æнæкæрон прериты. Техасы цæрджытæ цардысты ранчоты, уыцы царды системæ æппæтæй дæр баст уыдис фосимæ, æмæ уыцы экономикон системæйы цы æууæлтæ æмæ уавæртæ фæзындис, уыдон фæстæдæр рафæзмыдтой америкаг  ногæрцæрджытæ. 

Нудæсæм æнусы райдайæны Къæдзæхджын хæхтæй  Миссурийы онг территоритæ  уыдысты сæрибар хизыны зæххытæ. Фæстæдæр, граждайнаг хæст куы фæцис, уæд  экономикон уавæр баивта, ацы территоритыл  чысыл зæххы куыст кæнаг хæдзарæдтæ райдыдтой ивын фосы куыст кæныныл, æмæ стыр фосы рæгъæутты хицæуттæ сфæнд кодтой сæ фос цæгатырдæм тæрын. Уæд бахъуыдис  бирæ бæхджын хъомгæстæ, цæмæй æрæмбырд кæной æрдæгхъæддаг фосы дзугтæ æмæ сæ дард фæндагыл атæрой, уæд фæзындис ковбойтæ.

Ред-Риверæй хуссарырдæм штат Техасы лонгхорнтæ хæтыдысты æрдæгхъæддæгтæй. Уыцы рæттæй-иу сæ бахъуыд тæрын цæгатрыдæм Абилинмæ, Канзас. Ацы  ран уыдис æфсæнвæндагы кæройнаг фадыг, уырдыгæй фос ласт цыдис Канзас-Ситимæ æмæ Чикагомæ.

Уæдмæ ковбойы фигурæ ныффидар ис, æмæ бацахста йæ бынат ацы экономикон  æмахæстыты. Ковбойтæ æфсады функцитæ æххæст кодтой фермертæн, тардтой æмæ хызтой  сын сæ фос æмæ йæ хъахъхъæдтой бандитты ныббырстæй. Ковбойы хъуыдис хорз зонын  фосимæ архайын, бæхыл бадын æмæ йæм зилын, хæцæнгарзæй иттæг хорз пайда кæнын.  Уымæй уæлдай ма хъуамæ уыдаид тынг фæразон. Уыимæ сæ куыстæн бирæ æфтиаг нæ  истой, иу рейсæн $ 90 бæрц.

Гом ранчоты системæ сабыргай парахат кæны ныгуылæны. Фæлæ тынг бирæ фермæтæ кæй фæзындис, уымæ гæсгæ фосы хицæутты бахъуыд искуыд хи фос хицæн кæнын æндæр фосæй. Афтæмæй фæзындис гаккæвæрды системæ — алы хицауæн дæр уыд сæрмагонд гакк — ацы символ ссис исбонады нысан. Йæ аивд кæнæ сыхалд нымад цыдис серьёзон фыдракæндыл.

Родты иу цалынмæ сæ сæ мад нæ ныууагъта уæдмæ фæхицæн кодтой иннæ фосæй æмæ-иу уæд æрцыдис родеойы рæстæг. Ковбойтæ иу дыгæйттæй-æртыгæйттæй райдыдтой тæрын родты къордтæ сæрмагонд бынатмæ, уыдис тымбылæхгæд. Родты-иу бахъуыд тæрын цалдæр боны, уымæн æмæ фосы дзугтæ кæрæдзийæ дзæвгар дард уыдысты.

Гаккæвæрд æххæст кодтой афтæ: роды-иу сбастой æмæ-иу æй иу фарсыл æрæппæрстой, хæцыдысты-иу йыл дыууæ адæймаджы, æртыккаг та-иу архайдта сырхзынг сæрмагонд гаккæй. Гаккæвæрды фæстæ-иу роды суагътой фæстæмæ йæ мадмæ.

Гаккæвæрды рæстæг иу фæзындис ахæм проблемæ — иуæй-иу рæуæдæ иу фæхицæн сты сæ  мадæй, кæнæ иу сæ æгæр раджы ныууагъта хъуг, уымæ гæсгæ иу нæ уыдис раиртасын - кæй  родтæ сты уый. Кæй фæнды  уый иу цæ æрцахста æмæ иу сыл йæхи нысæнттæ сæвæрдта.  Ахæм практикæ тынг нæ цыдис сæ зæрдæмæ егъау фосы дзугтæ кæмæ уыдис уыцы фосы  хицæуттæн. Уымæ гæсгæ фæстæдæр ныффидар уагæвæрд, кæцымæ гæсгæ абæрæг родты дих  кодтой кæмæ цас хъуццытæ ис, уыцы пропорцитæм гæсгæ.

Ацы реформæимæ фæзындис бирæ æнæразытæ, сбирæ сты абырджытæ, кæдон барæй хицæн  кодтой родты, æвæрдтой сыл æндæр нысæнттæ, кæнæ та иу гаккгонд куы уыдысты уæд иу  дзидза ауæй кодтой, цæрмттæ та иу бамбæхстой. Уыдоны ныхмæ фосдарджытæ æххуырстой  куыд детективты автæ æндæр фыдгæнджыты дæр. Стигъджытæ официалон æгъдауæй  тæрхонгонд нæ цыдысты, цы тæрхон иу сын рахастой æрцахсгæйæ уый иу уайтагд бынатыл  æххæстгонд æрцыдис.
Æнæхъæн хæстытæ-иу бацайдагъ сты зæхкусджыты æмæ ногæрцæуджыты æхсæн, афтæ  штат Вайомингы хицауады бахъуыдис бæхджын æфсад арвитын цæмæй тугныккалд  бауыромой.




#Article 593: Калоты Барис (1126 words)


Калоты Алыксандры фырт Барис (райгуырдис 1916-æм азы, Байыкомы, Захъхъайы — амардис 2006-æм азы 23 октябры Мæскуыйы) уыдис Ирыстон æмæ Кавказы этнограф, кавказзонынады специалист; историон зонæдты доктор; уыдис Советон Цæдисы зонæдты Академийы Кавказы секторы Этнографийы институты хистæр зонадон кусæг.

Йæ сабибонтæ Калойы-фырт арвыста Цæгат Ирыстоны хæххон хъæу Захъхъайы. 1927 азы сæ бинонтæ хохæй ралыгъдысты быдырмæ — Къостайыхъæумæ. Ам иуæндæсаздзыд Барисæн фыццаг хатт фæцис ахуырмæ бацæуыны фадат. 1931 азы йæ ахуыр ахæццæ кодта дарддæр — бацыдис Ростовы рабфачы изæрон хайадмæ. Æнцон нæ уыдис æрыгон лæппуйæн: бонæй кусгæ кодта (паравозтæ цалцæггæнæн заводы — ахуыргæнинаг-слесырæй), изæрæй та — ахуыр. Рабфак каст куы фæцис, уый фæстæ Барис сси Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты историон факультеты студент. Институт каст фæцис æнтыстджынæй æмæ куыста ахуыргæнæгæй. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст цæхгæр ивддзинæдтæ бахаста Барисы биографимæ, стæй Калоты бинонты цардмæ. Фронтмæ ацыдысты Барисы кæстæр æфсымæртæ. Уыдонæй иу — курдиатджын ирон поэт — Калоты Хазби 1943 азы Курскы сырхзынг къæлæтауы йæ цард нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Иннæ æфсымæр — Солтанбег, бирæ фæрахау-бахау кодта хæстон рыг æмæ уæззау фæндæгтыл, ныртæккæ у медицинон службæйы инæлар-лейтенант.

Калойы-фырт райдианы йæхæдæг службæ кодта артиллерион полчъы, фæстæдæр æй арвыстой политкусджыты курсытæм. Ам хæстон цæттæдзинады фæзилæнтæ базыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сгуыхт капитан Бухреидзейы батальоны. Фашистты ныхмæ тохты архайдта Калинины фронты, стæй та знагæй горæттæ Курск, Воронеж æмæ Белгород ссæрибар кæныны хæстыты. 1943 азы фæцис уæззау цæф æмæ æрвыст æрцыдис фæсчъылдыммæ, службæ кодта Мæскуыйы гвардион-минæхсæн æфсæддон хæйттæ цæттæгæнæг штабы политхайады инструкторæй.

Мæскуыйы ма куы службæ кодта, уæд Калойы-фыртæн уыдис Паддзахадон Университеты æмæ академион институтты лекцитæ æмæ зонадон сесситæм цæуыны фадат, базонгæ зындгонд ахуыргæндтимæ. Уый сфæнд кодта йе ’ппæт тыхтæ дæр зонадон куыстæн раттын, йе ’рыгон бонты бæллиц сæххæст кæнын. Æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодтой — ссис ССР Цæдисы зонæдты Академийы Этнографийы институты аспирант (1947). Фыццаг ын разамынд лæвæрдта ирон историк Кокиты Георгий, 1950 азæй фæстæмæ та — советон ахуыргæндты дæсныдæртæй иу — зындгонд этнограф Марк Косвен. Уый хорз зонынц æппæт дунейы дæр. М. О. Косвен стыр ахъаз фæцис Калойы-фыртæн. Барис-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы Косвен мæнæн уыдис æцæг ахуыргæнæг, бирæ зонындзинæдтæ кæмæ уыдис æмæ стыр фæллойуарзон чи уыд, ахæм ахуыргонд. Уымæ æз сахуыр дæн кусын дæр æмæ зонад куыд уарзын хъæуы, ууыл дæр.

Калойы-фырт хуымæтæджы нæ дзырдта афтæ: йæ ахъаззагдæр зонадон куыст — монографи «Ирæттæ» фыст æрцыдис М. О. Косвены уынаффæмæ гæсгæ.

Барис диссертаци куы бахъахъхъæдта, уæд æй ныууагьтой Этнографийы институты. Уæдæй абонмæ уæхскуæзæй фæллой кæны ам, у хистæр зонадон кусæг.

Калойы-фырты зонадон биографийы ахсджиагдæр рæстæг схонæн ис 50-æм азты райдиан. Уæд Абайты Васо Ленинградæй æрцыдис Мæскуымæ æмæ Барисимæ ССР Цæдисы зонæдты Академийы куыстой иумæ. Нæ нацийы сæрыстырдзинад Абайты Васойы æххуысæй Калойы-фырт ныллæууыдис ирон адæмы равзæрды фарстатæ, Нарты кадджытæ, ирон мифологи æмæ венгриаг ясты цардыуаг иртасыны фæндагыл.

Калоты Барис диссертаци бахъахъхъæдта 1951 азы, цыдис ыл 35 азы. Уæдæй абонмæ дæр рацыдис уал азы. Фæлæ уыцы рæстæджы Барис цы хæрзхъæд æмæ мидисджын зонадон куыстытæ ныффыста, уыдонмæ батæхуды кæндзæн кæцыфæнды егъау ахуыргонд дæр. Йæ куыстыты æхсæн ис монографион раиртæстытæ, дæсгай зонадон уацтæ, дунеон конгресстæ æмæ æппæтцæдисон сесситæм цы докладтæ æллæ хъусынгæнинæгтæ цæттæ кодта, уыдон, стæй этнографион литературæйы фæдыл рецензитæ.

Ахуыргонды зонадон хъуыдыкæнынад здæхт у ирзонынадмæ. Иртæста ирон адæмы  æмæ  культурæйы фарстатæ. Йæ кандидатон диссертаци фыст уыди Мæздæджы ирæтты историон-этнографион фарстатæ сбæлвырд кæныны фæдыл. Ацы куысты Калойы-фырты къухы бафтыдис, XVIII-æм æнусы кæрон хохаг ирæттæй быдырмæ чи ралыгъдис, уыдоны культурæ æмæ цардыуаджы сæйрагдæр миниуджытæ адæмы рæнхъмæ рахæссын.

Калойы-фырты историон-этнографион монографи «Ирæттæ» ахсы сæрмагонд бынат йæ зонадон куыстыты ’хсæн. Мыхуыры рацыдис рауагъдад «Наука»-йы 1967 азы. Фæстæдæр ыл автор ногæй бакуыста æмæ йæ джиппы рауагъта 1971 азы. Чиныджы ирдæй æвдыст æрцыдысты ирон адæмы æрмæгон культурæимæ цыдæриддæр баст ис, уыцы фарстатæ: цæрæнуат, хæлц, дарæс; æхсæнадон ахастытæ: патриархалон-мыггагон царды баззайæццæгтæ, бинонты цардыуаг, дин, рухсад, культурæ, национ рæзты фарстатæ æмæ æндæр ахæмтæ. Ахуыргонд цы фарстатыл дзуры, уыдон иууылдæр иртæст цæуынц арф, мидисджын сты зонадон æгъдауæй. Чиныджы æнтыстæн ма ахъазгæнæг у уый дæр, æмæ фыст æрцыдис хъæздыг быдырон этнографион æрмæджы бындурыл. Автор монографийы æрмæг æрæмбырд кодта æрмæст Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны нæ, фзглæ ма ирæттæ кæддæр цæрынмæ кæдæм фæлыгъдысты, уыцы зæххытæ — Гуырдзыстон æмæ Стъараполы крайы дæр.

Калойы-фырты альбом-чиныг «Ирæтты æрмæгон культурæ æмæ æрмгуысты аивад», зæгъгæ, уый дæр зынгæ бынат ахсы нæ этнографийы. Мыхуыры рацыдиc 1973 азы Мæскуыйы, ис дзы 102 таблицæйы æмбарынгæнæн тексттимæ. Ам æвдыст цæуы ирæтты цæрæнуат, дарæс, иу ранæй иннæ ранмæ ралидзыны аххоссæгтæ, хæдзары мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ, ингæны цыртытæ, рагон цыртдзæвæнтæ, орнамент, алдымбыдтæ...

Калоты Барис удуæлдай фыдæбон бакодта ирæтты равзæрды уидæгтæ сбæлвырд кæныны хъуыддагыл дæр. Докторы ном райсыны фæдыk, диссертаци ныффыста ацы фарстатыл.

Ахадгæ сты Калойы-фыртæн йæ иннæ зонадон куыстытæ дæр: «Этнографи æмæ фольклоры цæвиттонтæ ирæтты равзæрды тыххæй», «Ирæттæм мард бавæрыны æмæ хисты æгъдæуттæ сты этногенезы суадон», «Ирæтты этнографион бастдзинæдтæ Астæуккаг Азиимæ», «Скифтæ-сарматтæ-алантæ-ирæтты параллельтæ», «Ирæтты этногенез æмæ этникон истори Абайты Васойы куыстыты» æмæ бирæ æндæртæ.

Калоты Барисы сфæлдыстады дзæвгар иртасæн уацтæ ис Нарты эпосы тыххæй. 1951 æмæ 1978 азы Абайты Васоимæ Барис цæутæ кодта Нарты кадджыты тексттæ мыхуыры рауадзынмæ, сарæзта сын комментаритæ, ныффыста сын фæсдзырд. Нарты кадджыты фæдыл Калойы-фырт цы зонадон куыстытæ ныффыста, уыдонæй иу-цалдæр сты: «Амазонкæты мотивтæ ирон Нарты эпосы», «Нарты эпосы ныффыссын æмæ ныммыхуыр кæныны истори», «Иуæй-иу этнографион параллельтæ ирон Нарты эпосы».

Калойы-фырт стыр цымыдис кодта, XIII æнусы Венгримæ аланты знæмтæ-ястæй чи алыгъдис, уыдоны историмæ. Уыдис сæм дыууæ хатты. Ясты тыххæй цы куыстытæ ныффыста, уыдоны равдыста цымыдисаг ирон-ясаг этнографион параллельтæ.

Фæлæ Калоты Барис канд ирон этнографимæ нæ дардта йæ хъус. Ныффыста бирæ зонадон раиртæстытæ æгас Кавказы тематикæйæ, æвзæрдта кавказаг хицæн адæмты этнографийы фарстатæ, къорд азы дæргъы куыста, Кавказ этнографион æгъдауæй чи иртæста, уыцы ахуыргæндтæ Всеволод Миллер æмæ Максим Ковалевскийы зонадон бынтæ сахуыр кæныныл. «В. Ф. Миллер — Кавказзонæг», зæгъгæ, Калойы-фырты ацы чиныг рацыдис 1963 азы. Уый стыр цымыдис равзæрын кодта этнографион зонады. В. Ф. Миллер rавказзонынады йæ фыстытæй, уæлдайдæр та ирæтты тыххæй кæй ныффыста, уыдонвей, йæхицæн удæгасæй ныссагъта æнæкъухбакæнгæ цырт.

Академик Миллеры зонадон бынтæ æххæссынц Кавказзонынады алы къабазыл дæр. Уыдон Калойы-фырт æвзæрста лæмбынæг.

Фæстæдæр ахуыргонд бацæттæ кодта ног егъау монографи «М, М. Ковалевский æмæ Кавказы хæххон адæмты тыххæй иртасæн куыстытæ». Мыхуыры рацыдис 1976 азы Мæскуыйы. Чиныджы æздыст цæуы зынгæ ахуыргонды цард æмæ зонадон архайд. Ковалевскийæн Кавказы бантыстис хæххонты барады фæдыл иттæг цымыдисаг æрмæг æрæмбырд кæнын. Уый ссис дунеон зонады исбон. Монографийы автор раст аргъ скодта Ковалевскийы куыстæн ирæтты тыххæй. Уац хуыйны «Нырыккон æгъдæуттæ æмæ рагфыдæлты закъон». Барисы чиныджы тыххæй М. О. Косвен загъта: «...Калойы-фырты чиныг у, йæ мидис, йæ ахадындзинедæй канд ирæтты æхсæн нæ, фæлæ æмткæй Кавказы этнографион литературæйы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм зонадон фæллой».

Ацы монографийæ дарддæр ма Цæгат Кавказы адæмты тыххæй Барис ныффыста уацтæ «Кавказы адæмтæ» (цæцæн æмæ мæхъхъæлы æгъдæуттыл), зонадон куыстытæ дагъистайнаг агъулæгты тыххæй («Агъулæгты историон-этнографион очерктæ», «Агъулæгты хъæутæ æмæ цæрæнуæттæ», «Агъулæгты зæхгуысты ахастытæ»), стæй цымыдисаг раиртæстытæ адыгейæгты культурæ æмæ ирон-балхъайраг этнографион параллельты тыххæй.

Калоты Барис уыциу рæстæг йæ хъус дардта æрыгон ахуыргæндты хъомыл кæнынмæ. Йæ аспиранттæй бирæтæ кусынц Цæгат Кавказы академион институттæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Барис уыдис ССР Цæдисы зонæдты Академийы Этнографийы институты зонадон къæпхæнтæ дæттыны сæрмагонд советы уæнг.




#Article 594: Дудайтæ (213 words)


Дудайтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Дудайты мыггаг равзæрд Дудиаты мыггагæй. Дыууæ мыггагæй бирæтæ ацы хъуыдыйыл разы не ’сты. Фæлæ ма абон дæр Дудайтæй чындзы чи ацæуы, уымæ фæдзурынц Дудаон нæ, фæлæ Дудиан. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ фыццаг мыггаг Дудиатæ кæй уыд. Дудиатæ цардысты Уæлладжыры комы. Иуахæмы Дудиатæй дыууæ æфсымæрæн сæ хойы аскъæфтой Хъарадзаутæй чидæртæ. Æфсымæртæ æскъæфджыты асырдтой, амардтой скъæфæджы æмæ сæ хойы ракодтой. Кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй алыгъдысты Хуссар Ирмæ, æрцардысты Урстуалты, фæлæ уым дæр тарстысты сæ туджджынтæй, æввахс сæм кæй уыдысты, уый тыххæй æмæ алыгъдысты Гыццыл Леуахийы коммæ, æрбынат кодтой Цъипоры хъæуы. Ацы хъæуы цардысты Туатæ. Ам сын хизæнуæттæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй алыгъдысты Мерийы хохы хуссар фарсмæ. Куыд фылдæр кодтой, афтæ лыгъдысты Медзыдайы комы æндæр æмæ æндæр хъæутæм: Махис, Бихъар, Саукъодахджын, Гомтæ æмæ а.д.

Дудайтæ ма цæрынц Цхинвалмæ æввахс хъæу Дменисы дæр. 1920 азы гуырдзиаг меньшевикты Хуссар Ирмæ æрбабырсты рæстæджы Махисы Дудайтæй бирæтæ алыгъдысты Цæгат Ирмæ. 1952-æм азы та æрцæрын кодтой раздæр мæхъæл кæм цардысты, уырдæм. Ам цардысты къухæй дæснытæ Дудайты Чъебо, Зено, Цикъуын. Уыдон арæзтой дурæй цыртытæ, хъæдæрмæгæй та — алыхуызон мигæнæнтæ. Дудайтæн æрвадæлтæ ис Кæсæджы, зонынц, сæ фыдæлтæ ирæттæ кæй уыдысты, уый. Дудайтæ ис Цæцæн æмæ Мæхъæлы дæр.

Дудайтæ, Дудиатæ æмæ Хохатæ нымад сты хæрз æрвадæлтыл, се ’хсæн чызг куырд нæ цæуы.




#Article 595: Фисынмæдзæуджытæ (215 words)


Фисынмæдзæуджытæ, Фисынмæ цæуджытæ кæнæ Лæдæртæ (, ) у стъалыгуппар арвы Цæгат æрдæгтымбылæджы.

Астæуккаг æнусты араббаг астрономтæ Фисынмæдзæуджыты авд стъалыйæн æрхъуыды кодтой сæрмагонд нæмттæ дæр: 

Ирон адæмон сфæлдыстады Лæдæрты тыххæй ахæм таурæгъ ис: Раджы, зæдтæ æмæ адæм иумæ хæтæнты куы хаттысты, уæд иу фыдлæг Ахсахътемыр дæр семæ хатти, зæххон адæймаг уæвгæйæ. Бон ын иу афон донмæ æнæцæугæ нæ уыд. 

Уыцы рæстæг зæххыл цардис авд æфсымæры, Лæдæртæ, зæгъгæ. Уыдонæн тых кодта Ахсахътемыр. Куы нал дзы фæрæзтой, уæд загътой: «Æрвылбон донмæ цæуы æмæ Донбеттырæн лæгъстиаг у. Цæуæм æмæ дзы æмцег схæссæм, кæд æмæ нæ уый тасæй ныууадзид. Кæд уымæй фæтæрса, æндæр лæгæй нæ тæрсы». Ацыдысты æмæ Донбеттырæй æмцег схастой.

Ахсахътемыр уый куы базыдта, уæд загъта: «Бæрæг уыдзæни, кæд æз Донбеттырæй фæтæрсон, уæд». Уый фæстæ бацыд æмæ сын сæ æмцеджы амардта. Лæдæртæ æрдиаггæнгæ Донбеттырмæ ныццыдысты æмæ йын загътой, цы цау сыл æрцыд, уый. Донбеттыр сын загъта: «Иу афон мæнмæ цæудзæн, æмæ йæ уæд амарут».

Ахсахътемыр уый куы базыдта, уæд донмæ нал ныццыд, фæлæ ссыд арвы астæумæ æмæ уым сбадт. Дыууæ уырсы та йæхицæн хъахъхъæнæг баурæдта.

Лæдæртæ, донмæ цæудзæн, зæгъгæ, доны ’рдæм фисынты цæуын райдайынц. Куы фæрухс вæййы, уæд ма йæ арвыл бæргæ суынынц æмæ йæм фæраст вæййынц, фæлæ уæдмæ æрбабон кæны, æмæ сын рухсы фесæфы». Афтæ алы æхсæв дæр арвыл Лæдæртæ сурынц Ахсахътемыры æмæ йæ баййафынæн ницы фæрæз арынц.




#Article 596: Тыхост (137 words)


Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Тыхост кæнæ Тхост (). Ацы бардуаджы номыл Цæгат Ирыстоны, уæлдайдæр та Уæлладжыры комы æмæ Куырттаты комы арæзтой бæрæгбон Куадзæнæй фондз къуырийы фæстæдæр. Æргæвстой гал æмæ кодтой иумæйаг хъæугуывд. Тхост нымад цыдис карз бардуагыл.

Ирон адæм æм сидтысты иууыл тыхстдæр сахаты, зæгъæм, хурвæлтæр-иу бирæ куы ахаста, сæ халсар-иу æнæдонæй куы сæфтис æмæ сын-иу Уациллайы номыл куывд дæр куынæ баххуыс кодта ацы хъуыддаджы, æрмæст ахæм рæстæджы. Фольклорон уацмысты Тхост æвдыст цæуы Уациллайы хæлары хуызы. Æмæ уæдæ Тхостæн дæр йæ бон уыдис хъæздыг хор æрзайын кæнын, хурвæлтæры рæстæджы къæвда рауадзын, их, тыхдымгæ æмæ сахкъæвдатæй бахизын. 

Тхостмæ куывтой афтæ: 

Тхост цæмæй къæвда рауагътаид, уый тыххæй-иу суадонæй дон рауагътой, Тхосты номыл цы стыр дуры цур куывтой, уыцырдæм, дуры-иу донæй бапырх кодтой, стуры сойæ дæр-иу æй байсæрстой.

Цыбырты Людвиг. Ирон Адæмон Бæрæгбонтæ. Дзæуджыхъæу Аланыстон. 1999.




#Article 597: Кристангтæ (164 words)


Кристангтæ (кристантæ дæр, порт. cristãos — чырыстæттæ, хином — gente cristang) сты, хæццæ азиаг-португайлаг уидæгтæ кæмæн ис, ахæм адæмыхæттыты къорд. Кристангтæ цæрынц, Азийы бæстæты Португалийæн цы фидæрттæ уыдис, уыдонмæ хæстæг районты. Сты католикон диныл хæст; сæ фыдæлтау цардамал кæнынц кæсаг æмæ креветкæтæ ахсынæй.

Кристангты фæзындæн фæахъаз сты, иуæй португайлаг конкистадортæ æмæ сæудæджергæнджыты æмкъайæдтæ туземаг сылгоймæгтимæ (фылдæр хæзгултæ æмæ цагъайрæгтимæ), иннæмæй католикон миссионерты архайд ХVI—ХVIII æнусты. Кристангты мадæлон æвзагыл нымад уыдис малайаг-португайлаг креолон æвзаг, фæлæ эмиграцийы фыдæй, стæй деколонизацийы руаджы кристангтæ бындурон (автохронон) æхсæнады кæй тайынц, уый тыххæй уый ныртæккæ лæууы сæфты къахыл. Иуæй-иу хатт æвзаг хуындæуы кристанг; дихгонд у, арæх фæйнæхуызон субстрактон бындур кæмæн ис, ахæм диалектты къордыл.

Португалийы колониалон импери слæмæгъы заманы кристангтæ тард цыдысты голландиаг æмæ бритайнаг интервентты ’рдыгæй, гуырысхойаг элементтыл нымад кæй уыдысты, уый охыл. Къорд раны (Скæсæн Тимор) кристангтæн æнтыстис аразын архайд куыд ног колонизаторты, афтæ йæ къæхтыл ногæй слæууæг бынæттон элитæйы (пысылмон æмæ индуистон) ныхмæ.

Кристангты къаннæг коммунæтæ ныры онг ма ис Индийы, Шри-Ланкайы, Малайзийы æмæ Индонезийы иуæй-иу облæстыты.




#Article 598: Лиссабоны стыр зæххæнкъуыст (150 words)


Лиссабоны стыр зæххæнкъуыст, зæгъгæ, афтæ хуындæуы, 1755 азы 1 ноябры райсомæй 9:20 сахатыл чи æрцыдис, уыцы фыдбæллæх. Уый ныххæлæттаг кодта Португалийы сæйраг сахар Лиссабон, æмæ нымад у историйы тæккæ æбуалгъдæр æмæ бынгæнæгдæр зæххæнкъуыстытæй иуыл. Уый азарæй 6 минуты дæргъы фæмардысты 100 мин адæймаджы. Сейсмикон æнкъуыстыты фæстæ уыдис зынгсирвæзт æмæ, Лиссабон былгæрон æвæрд кæй ис, уый фыдæй бирæ бæллæхтæ æрхæссæг цунами.

Зæххæнкъуысты фæстæ Португалийы скарз ис политикон уавæр, уыимæ ацы фыдбæллæх кæрон скодта, XVIII æнусы ма йын чи уыдис паддзахады уыцы колониалон амбицитæн. Ацы æбуалгъ цау ссис дзырддаг Рухсады Дуджы философтæм, æмæ афтæмæй фæахъаз ис теодицийы концепцийы сарæзтæн. Лиссабоны зæххæнкъуыст уыдис фыццаг ахæм, зонадон æгъдауæй иртæст чи æрцыдис. Йæ раиртæст скодта сæрæвæрæн нырыккон сейсмологийæн.

Абоны бонмæ геологтæ куыд нымайынц, афтæмæй Лиссабоны зæххæнкъуысты магнитудæ уыдис 9 баллмæ æввахс, йæ эпицентр та уыдис Атлантикон фурды, Сан-Висентийы сынæгæй хуссар-ныгуылæны ’рдыгæй, 200 километры æддæдæр.

Сахар зæххæнкъуысты фæстæ ногæй рацаразыны куыстытæн разамынд лæвæрдта маркиз де Помбал.




#Article 599: Къутугæнæн (200 words)


Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонтæм хауы къутугæнæн дæр. Уыцы бон-иу сцæттæ кодтой хæрд-нозт, скодтой-иу ритуалон гуылтæ, сæ формæ къутуйы хуызæн. 

Кæрдзыны къутутæ (хордон) дæр уымæн кодтой. Къутутæ кодтой хъæбæрхоры кæнæ мæнæуы ссадæй. Къутуты-иу куы сфыхтой, уæд-иу сæ хорæй (мæнæуæй, хъæбæрхорæй кæнæ сысджыйæ) байдзаг кодтой, афтæ йедзаг, зæгъгæ, кæнæнт ацы аз нæ хордонтæ хорæй. Къутутæ-иу цас фылдæр скодтой, уыйас-иу хуыздæр уыд, уæд, дам, хъæздыг тыллæг æрзайдзæн.

Хæдзары хистæр-иу бацыдис къæбицмæ, æмæ-иу хордоны — къутуйы фарс бакъуырц-къуырц кодта кувгæ-кувын æмæ-иу загъта: нæ хордон дзаг уæд хорæй. Уыйфæстæ æвзонг фæсивæд ерыс кодтой милмæ æхсынæй. Къутуты æрæвæрдтой бæрæг ран æмæ сæ æхстой мысанмæ. Къутуйы фыццаг чи фæцæф кодтаид, уый дзы хъуамæ акомдзаг кодтаид йæ фесгуыхты нысанæн. Къутутæй-иу фылдæр чи рамбылдта, уымæн, дам, Уацилла йæ хортæ хорз æрзайын кæндзæн уыцы аз. Ахæм хъæлдзæг хъæзтытæ арæхдæр арæзтой, хъæуæй уыцы æввахс бонты чындзæхсæв чи скодта кæнæ-иу лæппу кæмæн райгуырд, уыдон хæдзары.

Куыд кæсæм, афтæмæй Къутугæнæны стырбон хауы аграрон культы бæрæгбонты къордмæ. Йæ динон нысан уыдис: хъæздыг тыллæг æрзайын кæнын, къутутæ-хордонтæ хорæй йедзаг кæнынмæ тырнындзинад. Ацы хабар афтæ кæй уыд, ууыл ма дзуры, Ирыстоны бирæ рæтты ацы стырбоны къутутæй уæлдай хыссæйæ дзывыры хæйтты фигурæтæ дæр кæй кодтой, уыцы фæтк. Сывæллæттæй-иу ацы нывгонд гуылтæй кæй фæци, уый-иу йæхи нымадта амондджыныл.




#Article 600: Заокский (187 words)


Заокский у  (кусджыты цæрæнран) Тулæйы облæсты; у Заокскийы районы административон центр.

Цæрджыты нымæц у 6652 адæймаджы (2006 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ).

Æвæрд ис облæсты цæгаты, Тулæйæ цæгатырдæм 63 километры æддæдæр. Заокскийы æрбынат кодта æфсæнвæндаджы станцæ — хауы Мæскуы—Тулæйы линимæ.

Заокскийы истори райдайы дины приходæй. Приходмæ ма хаудысты ахæм хъæутæ æмæ бынæттæ: Уньки (хъуыстгонд у XVII æнусæй), Ивановкæ æмæ, Мæскуы—Курсчы æфсæнвæндагмæ чи хауы, уыцы станцæ Иваново (ныртæккæ у станцæ Тарусская). 1935-æм азы хъæутæ Ивановкæ æмæ Тарусская (Мæскуыйы облæсты Заокскийы район) баиу сты æмæ фæзындис ног хъæу — Заокское (?).

Сахарæнгæс поселочы статус цæрæнранæн лвæрæд æрцыдис 1970-æм азы.

Заокскийы сæйраг куыстуæттæ сты: ÆАÆ «Резон» (кæнынц дзы резинæ къахыдарæс), маргъдарæн фабрикæ, хъæды хæдзарад, типографи.

Поселокмæ хæстæг, Окайы цæугæдоны былгæрон ис фæлладуадзæн хæдзар «Велегож», стæй цалдæр фæлладуадзæн базæйы. Уым хæстæджыты ма ис бирæ  æмбæлæдтæ.

Посёлочы ис астæуккаг скъола, сæрмагонд скъола-интернат, музыкалон скъола, районы рынчындон.

Заокскийы æрбынат кодта æвдæм боны адвентистты уæлдæр ахуырдон — Заокскийы адвентистон университет, ис дзы музыкалон, экономикон, фæсарæйнаг æвзаджы æмæ  факультеттæ. Æдæппæт студентты нымæц у 300 адæймаджы бæрц.

Посёлочы уагъд цæуы газет «Заокский вестник».

Заокскиймæ хæстæг, Окайы былгæрон æрбынат кодта  Поленово — зындгонд уырыссаг нывгæнæг В. Д. Поленовы музей-æрдзæвæрæн.




#Article 601: Заокскийы адвентистон университет (170 words)


Заокскийы адвентистон университет у æвдæм боны адвенистты уæлдæр ахуырдон Уæрæсейы Федерацийы. Æрбынат кодта Тулæйы облæсты посёлок Заокскийы, Мæскуыйы облæстимæ арæнмæ хæстæг. Уый у фыццаг протестантон уæлдæр ахуырдон Советон Цæдисы территорийыл. Университеты бындур æрæвæрдæуыд Заокскийы дины академийы базæйыл (байгом чындис 1987-æм азы; раздæр хаста Заокскийы дины семинары ном). Академийы цур ма сарæзтæуыд Заокскийы райдайæн чырыстон скъола, ныртæккæ у астæуккаг æппæтахуырадон чырыстон скъола.

Университеты ис ахæм факультеттæ: музыкалон, теологион, экономикон æмæ фæсарæйнаг (англисаг) æвзаджы факультет. Ис ма дзы доктор Миттлайдеры методмæ гæсгæ зæхкуысты курсытæ. Университеты ахуыр у æргъыл; ис дзы разаууонмæ æмæ фæсаууонмæ хайæдтæ.

Студентты фылдæр хай сты адвентисттæ. Уыдонæй иуæй-иутæ ахуыр кæнынц лæвар — аргъуаны фæрæзты хардзæй (уыцы агъуал хуындæуы «спонсордзинад»). Разаууонмæ хайады чи ахуыр кæны, уыцы студентты нымæц 300-йæ фылдæр нæ вæййы.

Университеты сæйраг аргъуаны æрвылбон вæййы . Разамынды рекомендацимæ гæсгæ, уыдоны архаинаг сты студенттæ сеппæт. Ацы ахуырдоны æндæр хицæнгæнæн миниуæг у уый, æмæ дзы студенттæн кæй бабар чындæуы, арæх йæ фидæны дæсныйадимæ баст чи нæу, ахæм . Алы студент къуыри цалдæр сахаты хъуамæ хардз кæна уыцы кусинæгтæ сæххæст кæнынæн.




#Article 602: Уайт, Еленæ (193 words)


Еленæ Уайт () чызгон мыггаг — Гармон (Harmon) (райгуырдис 1827-æм азы 26 ноябры — амардис 1915-æм азы 16 июлы) уыдис Æвдæм боны адвентистты еклезийы идейон реформатор æмæ æморганизатор.

Еленæ Гульда Уайт райгуырдис фермертæ Роберт æмæ Юникæ Гармонты бинонты ’хсæн. Йæ ныййарджытæ сæ фыдæлтау уыдысты методистон еклезийы уæнгтæ. Йæ фыццаг азтæ Еленæ арвыста чысыл сахар Горхеммæй цалдæр миляйы æддæдæр, штат Мены.

Еленæ æмæ йæ бинонтæ Уильям Миллеры фæдонтæ куы систы, уæд сæ методистон еклезийæ рацух кодтой. Миллер уыдис хицæн методистон къабазы бындурæвæрæг. Иртæста Библийы тексттæ. Апокалипсисы (Ног Фæдзæхст) æмæ Даниилы (Зæронд Фæдзæхст) чингуытæ æмбарынгæнæн текстты цы  скодта, уый куы нæ сæххæст ис, уæд Еленæйæн, йæхи загъдау, уыдис Хуыцауæй  æмæ цæстылуайæнтæ — йæ цæстытыл ауадис Йесо Чырыстийы бацыд Æрвон Скинимæ, стæй йын Хуыцауæй загъдæуыд, æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у сабат. Ноджы ма йын бацамындæуыд, адвентизмы доктринæтæм бахæссинаг чи у, ахæм цалдæр ивддзинады. Уыцы цаутæ скодтой сæрæвæрæн Еленæйы динамонæн-реформæгæнæн архайдæн.

Адвентистты ахуырадмæ гæсгæ, Еленæйæн Хуыцауæй цы раргомæдтæ æмæ цæстылуайæнтæ уыдис, уыдон скодтой бындур адæмы раздæхтмæ ног æмæ æнæниз царды фæткмæ, Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн раст ахастдзинæдтæм; уæдæй фæстæмæ ма рапарахат ис Æвдæм боны адвенистты еклезийы миссионерон архайд.

Еленæ Уайт у бирæ динон фæллæйттæ æмæ историон компиляциты автор.




#Article 603: Абана (150 words)


Абана (ирон æвзагмæ æрбафтыдис гуырдзиаг «абано»-йæ; ацы культурон термины сæрысуадон у кæнæ латинаг balneum, кæнæ ; æндæр нæмттæ банæ, бани) у, дон æмæ тæвдгонд уæлдæфæй (туркаг æмæ ромаг абанаты) кæнæ дондæфæй (уырыссаг æмæ финнаг абанаты) хи буар æхсынæн арæзт чи у, ахæм агъуыст.

Æндæр æмæ ’ндæр адæммæ ис гæнæн ссарын абанаты уникалон æмæ сæхиформæ амайæнфæтк ’мæ сæ куыд пайдагæнгæуа. Рагон грекъаг историк Геродоты фыстытæм гæсгæ, сколоттаг (скифаг) знæмты абанатæ уыдысты йуртæты хуызон. Уæллаг кæрæттæй æмбаст, къулгондæвæрд æндзæлмттæ-иу нымæтæй стыхтой, астæуæй та-иу дзы сæвæрдтой стыр цуайнаг йæ мидæг алыхуызон кæрдæджытæ фыцгæдоны, ахæм, æмæ-иу дзы цæхæр дуртæ баппар-баппар кодтой, кæдон-иу развæлгъау дардтой  уæларт йуртæ ’ддейæ. Уат-иу фитоницидтæй дзаг умæл пъарæй байдзаг ис, кæцы бактерицидон тæфаг кодта агъуысты мидатмосферæйыл. Хъуыстгонд ма у, скифтæ бæласы цъарæй дæр хæрзархайд кæй кодтой сæ буар сыгъдæг кæнынмæ. Цъар-иу уый размæ афæлмæнтæ кодтой дуртæй. Ахæм гигиеникон процедурæты практикæ цæ æнæнизæй дарта æмæ сæ хызта цæрмнизтæй сæ дæргъафон хæтæнты.




#Article 604: Джусойтæ (387 words)


Джусойтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Джусойты фыдæлтæ Цæразонтæй уыдысты, цардысты Уæллаг Зæрæмæджы. Иу рæстæджы, уыдаид XVII æнусы кæрон, Джусойты фыдæл Хъайтмаз йæ фырттæм цæуылдæр тынг смæсты, лæбурдта сæм кардæй. Æфсымæртæ фæхæрам сты сæ фыдмæ æмæ фæлыгъдысты урдыгæй. Сæ иу, Бисолтан, алыгъд Зæрæмæгæй, Мамысонгомыл ацыд, Згъил æмæ Хъеуселты астæу цы æфцæг ис, ууылты ныххызт Дзедойы коммæ æмæ уым Стырмæсыджы æрбынат кодта. Бæрæг куыд у, афтæмæй Бисолтанæн йæ фыды хæдзары уыд ус, фæлæ цы фæци, уый бæрæг нæй. Уыцы усæн Бисолтанæй уыд фырт — Дзиго æмæ йæ Бисолтан Стырмæсыгмæ йемæ æрхаста. Фæстæдæр дзы Дзигойты мыггаг рацыд. Цасдæры фæстæ дыккаг ус æрхаста æмæ сын райгуырд æртæ фырты — Хъæцмæз, Тъури æмæ Джус. 

Бисолтан йæ цардæй нæ хъаст кодта. Цуан кодта æмæ йæ бинонты сырды фыдæй хаста. Лæппуттæ бахъомыл сты æмæ бинонты кой бакодтой. Самадтой сæхицæн мæсгуытæ. Рацыд сын зæнæг. Джусæн фæдфæдыл райгуырд цыппар фырты — Сио, Хылæу æмæ Еба. Цыппæрæм æфсымæр æрыгонæй амард æмæ йæ ном бæрæг нæу, фæлæ йын баззад ус Жаже æмæ сывæллæттæ.

Æфсымæртæ куы байуæрстой, уæд нæ идæдз ма фæтыхса, зæгъгæ, тæккæ дзаджджындæр хæйттæ уымæн радтой. Къобеты хъæу æнæхъæнæй Жажемæ ’рхаудта. Æнæлæг хæдзарæй уыййас ничи аргъуц кæны. Жажейæн йæ сывæллæттæ нæма бахъомыл сты. Уыййас зæххытæ кусыныл не ’ххæссыд æмæ йын Багатæ, стæй æндæр мыггæгтæ йæ зæххы дзæбæхдæр хæйттæ сæхи сабыргай бакодтой. Жажейы сывæллæттæ бахъомыл сты. Цæргæ хæдзарвæндаг сæ рауад. Арæх сæм уыд алырæттæй уазджытæ, бæркадджын фысым уыдысты хъæубæстæн дæр кæддæриддæр. Хæдзары хистæр сылгоймаг кæй уыд, уымæгæсгæ Жажетæм цы адæм цыд, уыдонæн сæ ныхас уыд «Жажетæм цæуын», кæнæ «Жажетæй цæуын» æмæ афтæ рауад сылгоймаджы номæй Жажиты мыггаг.

Уыцы рæстæгмæ иннæ ’фсымæртæ — Сио, Хылæу æмæ Еба устытæ ’рхастой. Сæхицæн самадтой мæсгуытæ æмæ сæ арцардысты. Ныртæккæ дæр ма сæ мæсгуытæ хæлдтытæй уым сты.

Сиойæн рацыд цыппар фырты — Дзапар, Ростъом, Тъето æмæ Сохи. Хылæуы фырттæ уыдысты Бола, Хана, Лыуа, Черчела æмæ Хадже. Ебайæн дыууæ фырты йеддæмæ нæ рацыд — Гуыдза æмæ Лопа. Лопа хæрз æрыгонæй хуыздæр цардагур Гуырдзыстонмæ афтыд æмæ уым цæргæйæ баззад. Йæ мыггаг ныффыста Джусишвили. Фæстæдæр бынтондæр батадысты гуырдзыйы ’хсæн. Йæ байзæддагæй ма абон чидæртæ фыссынц Гусойтæй. Сиойы фырт Ростъомæн уыд æртæ фырты — Тох, Чекъо æмæ Ноно. Дзапары фырттæ уыдысты Хитор, Чешо æмæ Къæне. Тъетойæн — Болатыхъо, Жота, Писыр æмæ Сохи. Сохи æрыгонæй амард æмæ йын иу фырт Гокк йеддæмæ нæ баззад. Фæлæ уымæн рацыд авд фырты: Хъараман, Кудза, Хъыбыл, Бурдзим, Саулæг, Сачино æмæ Къакъо.




#Article 605: Æгъуызаты Иуане (613 words)


Æгъуызаты (Гæбæраты) Георгийы (Джæдджийы) фырт Иуане (Уане) () уыдис ирон фыссæг æмæ рухстауæг. Райгуырдис 1775-æм азы Залдайы (нырыккон Хуссар Ирыстон), амардис 1830-æм азы Тбилисы.

Иуане райста уæды дуджы иттæг хорз ахуырад Гуырдзыйы паддзах Ерекъле II руаджы. Бирæ рæстæг фæкуыста ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты ахуыргæнæгæй Гуырдзыстоны регионты скъолаты, Тифлисы духовон семинары. Иуане куыста Уæрæсейы æфсæддон разамындмæ Тифлисы æмæ бирæ хæттыты уыд Хуссар Ирыстоны кæмтты бынæттон адæмимæ рухстауæн куысты фæдыл. Ныффыста æнæмæлгæ поэмæ «Алгъуызы кадæг».

Баззадис йæхи къухæй фыст цыбыр автобиографи уырыссаг æвзагыл, кæцы разынд 1951 азы Гуырдзыстоны ССР Централон паддзахадон историон архивы: Дворянин Иван Георгиев сын Ялгузидзе, 45 лет; женат, имею двух сыновей. Родился в Осетии, происхождение мое из природных осетинских дворян. Кроме грузинского и осетинского могу объясняться несколько и на русском языке. Во время еще моего малолетства взят я из Осетии в Грузию, где грузинский царь Ираклий II-й, узнав о моем происхождении, приказал отдать меня к отцу архимандриту Крестительского монастыря обучать чтению церковных книг на грузинском языке, чему и научился я у него, находясь в упомянутом монастыре. Потом с воли же царя Ираклия был послан в Давидо-Гареджийский монастырь к находившемуся там иеромонаху Иоанну Карумидзеву, как знающему философию, для научения словесности. Учиться сему у него продолжал по приказанию царя и тогда, когда Иоанн был возведен в сан архиерея на Цилканскую епархию. По прошествии некоторого времени меня учивший преосвященный представил царю, который принял милостиво и изволил обещать мне дать довольное содержание: однако же сим не мог я воспользоваться за скоро постигшею его смертью, и остался на собственном попечении, живя своими трудами. Но когда Грузия поступила в подданство России, то по делам, до осетинского народа относящимся по найденной способности и знанию моему осетинского языка, был я употребляем здешним военно-гражданским начальством следующим образом:

В 1802 году, с февраля по август месяц, находясь при полковом командире Кавказского гренадерского полка Симоновиче (бывшем после правителем Имеретии), во время порученной ему экспедиции на осетин, живших по рекам Паци, Большой и Малой Лиахве и на Арагве, как от него, так и от штабс-капитана того же полка Осипова, имел разные поручения относительно приведения осетинского народа к повиновению и особенно упорных старшин Кешельтского ущелья, и, наконец, после усиленного приведения всех их к порядку благоразумными мерами, служил при обнародовании высочайшего манифеста и при приводе их к присяге. В сие время был посылаем в труднейшие и опаснейшие места, и, переходя большею частью пешком по Кавказским горам (из коих и хребет горы Зикары), покрытым вечным льдом, – исполнил все сделанные поручения с полным усердием, за что по представлению г. генерал лейтенанта, главнокомандующего в Грузии Кнорринга пожалована мне в том же 1802 году золотая медаль.

По знанию осетинского языка и по известности большей части Осетии быв употребляем от военно-гражданского и духовного начальства по службе на разные поручения в делах с осетинским народом, – исполнял я всегда делаемые мне поручения не только с готовностью и усердием, но с успехом и пользою. О сем между прочим известно и его высокопреосвященству Феофилакту, митрополиту, экзарху Грузии, из дел Осетинской духовной комиссии. Его высокопреосвященству благоугодно было возложить на меня перевод с грузинского на осетинский язык утренних и вечерних молитв, христианского катехизиса, с кратким при нем нравоучением, и божественной литургии, из коих первые напечатаны уже здесь в Тифлисе, а божественная литургия остается в рукописи. С февраля сего 1820 года определен в Тифлисскую семинарию учителем по классу грузинского и осетинского языков с поручением воспитывать поступивших в семинарию осетинских мальчиков.

Сверх того, во время личных его высокопреосвященства объяснений с приезжающими в Тифлис осетинскими старшинами и депутатами от новообращенных в архиерейство горских народов употребляюсь словесным переводчиком».

Иуане амард 1830 азы халерæй Тифлисы, фæлæ кæм ныгæд у уый иттæг бæрæг нæу. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, Иуане царди Исанийы районы кæнæ Авлабары кæмдæр æмæ гæнæн ис, фыссы Г. Бочоридзе, æмæ «похоронен на кладбище Авлабарской архангельской церкви в гор. Тбилиси».




#Article 606: Гогебашвили, Яков Симоны фырт (320 words)


Яков Гогебашвили () (райгуырдис 1840-æм азы 15 октябры — амардис 1912-æм азы 1 июны) уыдис гуырдзиаг педагог, журналист æмæ сывæлæтты фыссæг; нымад у Гуырдзыстоны зонадон педагогикæйы бындурæвæрæгыл.

Хъуыстгонд ма у, сывæллæттæн иттæг дæсныйæ цы абетæ («Мадæлон æвзаг»;  [дэда эна]) сарæзта, уый руаджы дæр. Ацы чиныг, ивддзинæдтæ йæм бахастæуыд, афтæмæй ныры онг у ахуыргæнæн чиныг гуырдзиаг скъолаты.

Яков Гогебашвили райгуырдис Гуырдзыстоны сахар Гурмæ хæстæг хъæу Варианийы, мæгуыр сауджын Симон Гогебашвилийы бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта фыццаг Гуры æмæ Тбилисы семинартæ, фæстæдæр та, 1861-æм азы бацыдис Киевы динон академимæ. Æмрæстæджы уый цыдис, Киевы университеты æрдзон зонæдты тыххæй цы лекцитæ кастæуыд, уыдонмæ. Ам Гогебашвили базонгæ ис уырысы рухстауджытæ Герцен, Белинский æмæ Чернышевскийы политикон идейæтимæ, фæлæ уæддæр, йе ’мдуггаг бирæ гуырдзиаг студенттæй хъауджыдæр, уый нæ бахаудис, Уæрæсейы бирæ рæтты парахат чи уыдис, уыцы радикалты тæваджы бын. Йæ зондахастыл тынг бандæвта динон семинар. 1863-æм азы Яков Гуырдзыстонмæ куы сыздæхтис, уæд райдыдта кусын Тбилисы динон семинары арифметикæ æмæ географийы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та ссис уыцы ахуырдоны инспектор.

Гогебашвили уыдис национ-либералон змæлды æмæ къорд «Пирвели даси»-йы активон архайæг. Гуырдзыстоны йæ ном арæх æвæрынц Илья Чавчавадзе æмæ Акаки Церетелийы нæмтты æмрæнхъ.

Цы фатеры цардис, уырдæм-иу арæх цыдысты семинары студенттæ, æмæ рæхджы ссис, официалонæй хъодыгонд чи уыдис, ахæм аивадон æмæ политикон темæтыл ныхас æмæ дискусси кæнæн бынат. Æхсæндзарды мидæг Яков активон кæй уыдис, уый фыдæй йæ Сыгъдæг Синоды бардзырдмæ гæсгæ йæ куыстæй рацух кодтой, æмæ уæдæй фæстæмæ уый паддзахадон бынæттæ никуы ахста.

Семинарæй йæ куы ацæуын кодтой, уæдæй фæстæмæ Гогебашвили йе ’ппæт хъарутæ дæр снывонд кодта йе ’мзæххонты ’хсæн ахуырдзинад парахат кæныны хъуыддагæн. 1879-æм азы Яковы æххуысæй æрæвæрдæуыд Гуырдзиæгты ’хсæн ахуырдзинад парахат кæныны æхсæнады бындур. Гогебашвили интеллигенцийы ’хсæн тагъд ссис авторитет, йе ’мтохгæнæг та ссис, гуырдзиаг наци сæндидзыны сæраппонд змæлдæн, суанг 1907-æм азы йæ тыхмарды онг, йæ сæргъы чи уыдис, уыцы Илья Чавчавадзе.

Гогебашвилийы тæккæ зындгонддæр уацмыс у, 1876-æм азы кæй рауагъта, уыцы абетæ («Дэда эна»). Ацы чиныг мыхуыргонд уыдис бирæ хæттыты.

Яков Гогебашвили амардис 1912-æм азы. Баныгæдтой йæ пантеон Мтацминдæйы.




#Article 607: Къаматæ (172 words)


Къаматæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. 

Адтæнцæ дууæ гъæуи: Къубуси Къаматæ æма Æндаг Къаматæ. Гъæутæ кæрæдземæ идард нæ адтæнцæ, се ’хсæн æдеугурæй ес 1,5 километри. Мæхчески æма Уæхъæци гъæутæ дæр сæмæ адтæнцæ хæстæг. Гъæутæ æвæрд æнцæ Айгомуги дон æма паддзахи надæн æ галеу фарс бæрзонд къолтæбæл, цæгати.

Къамати раздæри хестæр цæргутæ Кертибийти Кертибий, Магкити Цæппо, Гетъоти Елбиздухъ, уæдта ма никкидæр беретæ сæ рамæлæти фæсте ниууагътонцæ адæмæн берæ рагон таурæхътæ, кадæнгитæ, зартæ æма æгъдæуттæ. Аци зæронд лæгтæй берæ адæм фегъустонцæ къаматтаг рæсугъд кизгæ Дзандзирахъи туххæй уæззау таурæхъ, Цæлкости Гуймани хабæрттæ, Къобалти берæгъ, Секъинати сайтан — Æригани туххæй æма æнд.

Октябри революций фæсте Къамати гъæути цæргутæн лæвæрд æрцудæй барæ сæ цæрæн бунæттæ раййевун будури гъæутæмæ. 1929-30 æнзти Къубуси Къамати цæргутæ еугурæйдæр ралигъдæнцæ Сурх-Дигори гъæумæ. Ардæмæ ма еци æнзти фæллигъдæнцæ Æндаг Къаматæн дæр сæ фулдæр цæргутæ. 1925 анзи ба Гадатæй еу аул, Магкитæ æма Цæлкостæ фæллигъдæнцæ Æхсæрисæрмæ.

Æндаг Къамати гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Байхъултæ, Гетъотæ, Диготæ, Дедегкатæ, Кертибийтæ, Къобалтæ, Къеуростæ, Магкитæ, Фæтдзартæ, Синатæ, Тауиттæ, Тотойтæ, Хъарадзаутæ, Хохтæ æма Цæлкостæ. Къубуси Къамати цардæнцæ: Гадатæ, Диготæ, Секъинатæ.




#Article 608: Мырзагантæ (422 words)


Мырзагантæ () сты ирон мыггаг. Мырзагантæ равзæрдысты 1628-æм азы Хæрисджыны хъæуы Куырттаты комы. Сæ мыггаг, сæ фыд æмæ сæ мад цы хуындысты, уый бæрæг нæу, фæлæ уыдысты æртæ æфсымæры: Дзебыс, Мырзаган æмæ Моурау. Æфсымæртæй хистæр уыд Дзебыс, райгуырд 1620-æм азы. Уый кæстæр — Мырзаган — 1628-æм азы, æмæ сæ кæстæр æфсымæр Моурау — 1630-æм азы.

Æфсымæртæ чысыл куы рахъомыл сты, уæд кæимæдæр фæтуджджын сты. Цæмæй дарддæр фыдбылыздзинад мауал æрцæуа, уый тыххæй Дзебыс æмæ Мырзаган рæстæгмæ ацыдысты Хуссар Ирмæ. Моурау баззадис Хæрисджыны.

Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уæд Дзебыс æмæ Мырзаган базыдтой, сæ кæстæр æфсымæр сæ фыды мæсыг ауæй кодта Гуытъиатæн, зæгъгæ. Дзебыс бафæдзæхста Мырзаганæн: «Ацу æмæ бабæрæг кæн не ’фсымæр Моурау, æмæ кæд æцæг мæсыг ауæй кодта, уæд æй ма бауадз калын». Мырзаган æрцыдис Хæрисджынмæ, федта сæ фыды мæсыг æрдæгкалдæй, стæй сæ бынтæй дæр уæй æрцыдис. Моурау афтæ фенхъæлдта, Дзебыс æмæ Мырзаган бытондæр алыгъдысты Хуссар Ирмæ æмæ уым мыггагмæ æрцардысты. Мæсыджы дуртæй Гуытъиатæ амадтой сæхицæн хæдзæрттæ. Уыцы æрдæгкалд мæсыг-гæнах абон дæр лæууы Хæрисджыны. Мырзаган, мæсыг, стæй бынтæй цы уæйгонд æрцыдис, уыдон фæстæмæ балхæдта. Моурауæн Мырзаган куы бауайдзæф кодта, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ, уæд ын уый ахæм дзуапп радта: «Сымах, мæ хистæртæ, уæ сæртæ бафснайдтат, алыгъдыстут Хуссар Ирмæ, æмæ уымæн ныууæй кодтон нæ бынтæ. Æз лидзын Уæлладжыры коммæ æмæ мæ мыггаг фыссын Моурауттæй».

Уæд ын Мырзаган афтæ зæгъы: «Мах Хуссар Ирмæ ацыдыстæм рæстæгмæ, дæхæдæг æй зоныс. Стæй ды нæ кæстæр æфсымæр куы дæ, уæд дæу мах рох кæнæм? Никуы! Фæлæ дæ кæд фæнды Уæлладжыры коммæ лидзын, уæд бæар дæхи, æцæг афæрсæм нæ хистæр Дзебысы, уый сæрты ахизын не ’мбæлы, уымæн дæр йæ цæст æвзæр нæ бауарздзæн махæн».

Мырзаган арвыста Дзебысмæ, Хуссар Ирмæ. Дзебыс Хæрисджынмæ куы æрыздæхт, уæд ын Мырзаган æппæт хабæрттæ дæр радзырдта. Дзебыс лæмбынæг байхъуыста Мырзаганы ныхæстæм, стæй куы бамбæрста Моурауы фæндон, уæд сабырæй загъта: «Мах стæм æфсымæртæ, кæрæдзийы æмбарæм, æмæ абонæй фæстæмæ дæр хъуамæ афтæ уа. Кæд Моурауы фæнды Уæлладжыры коммæ алидзын, уæд, табуафси, бар ын дæттæм. Мæнæн дæр мæ зæрдæмæ фæцыдысты Хуссар Ирыстоны быдыртæ æмæ цæрæнбынæттæ, уæлдайдæр та Дзимыры, æмæ уæ кæд фæнды, уæд æз та æрцæрон уыцы бæстæйы». Дзебыс æмæ Моурау бафарстой Мырзаганы, дæумæ та цы фæндон ис, зæгъгæ. Уый сын загъта, загъгæ, кæд мын бар дæттут, уæд æз баззайдзынæн нæ фыдæлты бæстæйы - Хæрисджыны.

Уыцы ныхæсты фæстæ æфсымæртæ сæ фæнд сиу кодтой æмæ куыд баныхас кодтой, афтæ Дзебыс алыгъдис Дзимырмæ, Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ мыггаг ныффыста Дзебысатæй. Уæдæй фæстæмæ равзæрд Дзебысаты мыггаг. Моурау алыгъдис Уæлладжыры коммæ, уый та йæ номмæ гæсгæ ныффыста Моураутæй, æмæ равзæрд Моурауты мыггаг.

Мырзаган баззад цæргæйæ Хæрисджыны, йæхи ныффыста Мырзагантæй, афтæ равзæрд Мырзагантæ мыггаг дæр.




#Article 609: Ли Хунчжан (104 words)


Ли Хунчжан (райгуырдис 1823 азы 15 февралы — амардис 1901 азы 7 ноябры) уыдис Китайы Цины империйы тыхджындæр æмæ дзырддзæугæдæр чиновниктæй иу.

Фыццаг хатт Ли Хунчжан басгуыхтис тайпинты растад ныссæндыны рæстæджы æмæ 1867-æм азы йæ снысан чындæуыд провинцитæ Цзянсу æмæ Анхойы . 1868-æм азы йын бантыстис ныссæндын няньцзюнты растад, æмæ уый тыххæй йын лæвæрд æрцыдис бур кофтæ, мæлхъы сис æмæ суинаг паддзахы хъомылгæнæджы кадджын ном.

XIX æнусы фæстаг цалдæр дæс азы дæргъы, тыхст рынчын уæвгæйæ, Ли лæвæрдта разамынд Китайы æддагон политикæйæн. Ли Хунчжан уыдис, Китай Японимæ цы Симонсекы фидыды бадзырд (1895), стæй Уæрæсейы империимæ цы Цæдисон бадзырд (1896) сфидар кодтой, уыдоныл йæ къух æрфыссæг.




#Article 610: Тугъанты Махарбег (413 words)


Тугъанты Сафары фырт Махарбег (райгуырдис 1881 азы Дур-Дуры — амардис 1952 азы) уыдис ирон нывгæнæг, публицист, фольклорон уацмыстæ æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, педагог æмæ этнограф; Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг.

Махарбеджы курдиат алкæм дæр йæхи равдыста тыхджын æмæ алывæрсыгæй.

Йæ фыд Сафар уыдис Ирыстоны фыццаг ахуыргонд ботаник, агроном, каст фæцис Бонны университет. Ахуыры азты йæ зæрдæмæ хæстæг айста социал-демократон идеалтæ, архайдта йæхи фæллойæ цæрынмæ. Тугъанты уæздан мыггаг уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разы нæ уыдысты, кусæг адæммæ хæлар цæстæй кæй кастис, уый йын нæ барстой. Сафары нал бафæндыди семæ иу цары бын цæрын (патриархалон бинонты сæргъы уыцы рæстæджы лæууыдис йæ фыды æфсымæр, Аслæнбег паддзахы æфсады инæлар, йæ кармæ гæсгæ уæдмæ службæйæ суæгъд ис).

Махарбеджы фыд Дур-Дуры балхæдта къаннæг (дыууæуатон) хæдзар. Суинаг нывгæнæг райгуырдис ам. Йæ мад Санаты Гацыры чызг Асиат, йæ рæстæгмæ гæсгæ райста хорз ахуырдзинад. Санаты æфсымæртæ, Гацыр æмæ Дзантемыр, Ирыстоны зындгонд сты куыд рухстауджытæ, адæмон сфæлдыстады фыццаг æмбырдгæнджытæ.

Махарбег райдианы ахуыр кодта Кизеры пансионы, фæстæдæр реалон училищейы (каст æй фæцис 1898 азы). Суанг уæд фæбæрæг ис йæ зæрдæргъæвддзинад ныв кæнынмæ. Иу рæстæджы Алыккаты Аннæмæ, Хетæгкаты Къостайы хорз зонгæмæ, бахатыди, цæмæй йын уый йæ фыццаг фæлварæнтæ Къостамæ равдиса. Алцы дæр йæхицæй аразгæ у, нырау æнувыдæй йæ нысанмæ куы тырна, уæд дзы нывгæнæг æнæмæнг рауайдзæни, зæгъгæ, Аннæ лæппуйæн Къостайы ныхæстæ куы рафæзмыдта, уæд ын стыр ныфсы хос фесты. Фæлæ йæ ныййарджытæм сæ фырты фæлтæрæнтæ хи ирхæфсынау кастысты. Æмæ йæ 1900 азы Бетъырбухмæ афæндараст кодтой, цæмæй фæлварæнтæ радта Хæххон институтмæ. Лæппу конкурсы нæ ацыди (геометрийæ «цыппар» кæй райста, уымæ гæсгæ), фæлæ сæхимæ нал аздæхти. Сфæнд кодта Къостайау уый дæр Аивæдты академимæ бацæуын. Уый тыххæй уал иу аз сахуыр кодта нывгæнæг Гольдблаты цæттæгæнæн скъолайы æмæ 1901 азы ссис Аивæдты академийы студент.

Йе сфæлдыстадон фыццаг къахдзæфтæ акодта хъуыстгонд Репины æрмадзы, курдиатджын педагогтæ Чистяков, Мясоедов,
Саввинский æмæ иннæты разамындæй. Фæлæ Махарбеджы фæндыди фылдæр базонын. Уыйадыл 1903 азы ацыди Мюнхенмæ, нывгæнæг Антон Ашбейы скъоламæ. Мюнхен уыди ног аивады авангарды центр.

Фæсарæнты Махарбегæн фадат фæци Берлины, Мюнхены, Венæйы аивæдты музейтæ бабæрæг кæнын. Æрыгон нывгæнæджы зыд цæстæнгас зылди Тицианы, Рембрандты, Делакруайы æрмдзæфы бæрджытыл, «касти» сын сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Махарбег йæхи нæ атигъ кодта уæды рæстæджы аивады агурæнтыл: йæ уацмысты рахатæн ис модернизмы æууæлтæ. Фæлæ йе сфæлдыстады апп алкæд дæр уыди национ тематикæ, ирондзинад.

Ирыстоны Советон хицауад куы æрфидар (1920 азы), уæд Махарбег ссис Терчы зылды аивадон-агитацион плакатты хайады сæргълæууæг (Теркавроста). Фыста цыргъ карикатурæтæ кулактæ, урсгвардионтæ, ног цардæн цæлхдуртæ чи аразы, уыдоны ныхмæ.

Дзæуджыхъæумæ куы æрыздæхтис, уæд куыста Иры педагогон техникумы, уыдис аивадон къорды сæргълæууæг (1926–1930).




#Article 611: Мюнхгаузен, Иероним Карл Фридрих фон (287 words)


Карл Фридрих Иероним фрайхерр фон Мюнхгаузен (, райгуырдис 1720-æм азы 11 майы, Боденвердер — амардис 1797-æм азы 22 февралы, Боденвердер) — немыцаг барон, рагон дæллагсаксойнаг мыггаг Мюнхгаузенты байзæддаг, Уæрæсейы æфсады ротмистр. Хъуыстгонд у, йæхи йын цы литературон уацмысты прототиптæн райстæуыд, уыдоны фæрцы.

Иероним Карл Фридрих уыдис, булкъон Отто фон Мюнхгаузены бинонты цы аст сывæллоны уыдис, уыдонæй фæндзæм. Лæппуйыл цыппар азы куы цыдис, уæд амардис йæ фыд, æмæ афтæмæй сывæллæттæ баззадысты сæ мады æвджид. 1735-æм азы 15-аздзыд Мюнхгаузен пажы чины бацыдис службæмæ Брауншвейг-Вольфенбюттелы герцог Фердинанд Альбрехт II-æммæ.

Уыцы азы Елизаветæ кæй сарæзта, æмæ Брауншвейджы хæдзарвæндаг чи раппæрста, уыцы паддзахадон фæфæлдæхт аскъуыдта Мюнхгаузены тынг суинаг карьерæ: кæд æмæ йын цæвиттойнаг афицеры репутаци уыдис, уæддæр ног чин (ротмистр) ын лæвæрд æрцыдис æрмæст 1750-æм азы, бирæнымæц курдиæттæ ныффыссыны фæстæ.

Ротмистры чин ын куы рардæуыд, уæд Мюнхгаузен райста афæдзон отпуск æмæ ацыдис, æфсымæрты ’хсæн ныййарджыты бынтæ байуарыны фæстæ уымæн чи баззадис, уыцы Боденвердермæ. Барон дыууæ хатты адаргъдæр кодта йæ отпуск, æмæ æппынфæстаг балæвæрдта Æфсæддон Коллегимæ курдиат, цæмæй йæ отставкæйы рауадзой, йæ æнæкъæм службæйы охыл ын булкъоны чин ратгæйæ; дзуаппон фыстæджы Мюнхгаузенæн загъдæуыд, ахæм куырдиæттæ бынаты уæвгæйæ дæтгæ кæй сты, уый, фæлæ Уæрæсемæ уæддæр нæ ацыдис, æмæ уый фæстиуæгæн 1754-æм азы йæ æфсадæй рацух кодтой куыд æвастæй службæ ныууадзæджы, афтæ.

Мюнхгаузен ма цасдæр рæстæг зæрдæ дардта пайдаджын отставкæ самал кæныныл (уæд ын цæстахадгæ чинæй фæстæмæ ма уыдаид пенси исыны бар). Уымæн æвдисæн у, йæ кузен æфсымæр — Ганноверы кънйазады канцлер барон Герлах Адольф Мюнхгаузен — Æфсæддон Коллегимæ цы курдиат балæвæрдта, уый. Фæлæ уымæй дæр ын ницы сæнтæстис, æмæ йæ цæрæнбонты къухæрфыстыты йæхи хуыдта уырыссаг службæйы ротмистр. Ацы ном ын фæахъаз ис Авдазон хæсты рæстæджы — Боденвердер францæгтæ куы бацахстой, уæд Францимæ æмцæдисон æфсады афицер хызт уыдис, окупациимæ баст зындзинæдтæй —  æмæ æндæр ахæмтæй.




#Article 612: Аржан, Жан-Батист (315 words)


Жан-Батист де Буайе, маркиз д’Аржан (; райгуырдис 1704 азы — амардис 1771 азы) — францаг фыссæг-романист æмæ философ, Рухсады архайæг.

Уыдис Экс-ан-Провансы парламенты генералон прокуроры хистæр фырт. Йæ рагбонты цаутæ равдыста йæ фыццаг романтæй иу, «Господин маркиз д’Аржаны мысинæгтæ» (1735), зæгъгæ, уым. Литературæиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ ацы уацмысы æвдыст сты, æууæндæн кæуыл ис, фыссæджы ахæм биографион хабæрттæ.

Д’Аржаны æвзонджы бонтæ седзаг уыдысты алыхуызон цаутæй: æнæнтыст æфсæддон карьерæ (бæхæй æрхаугæйæ цы цæф райста, уый фыдæй йæ бахъуыдис ныууадзын службæ капитаны чины), актрисæ Сильвияимæ сусæг æмкъайад æмæ æнæбары алыгъд Испанимæ, дипломатон миссиимæ балц Алжирмæ æмæ Константинопольмæ (уым ын тас уыдис амарыны тæрхон рахæссынæй), талфтулфджын цард Ромы (чысыл ма бахъæуа, æмæ йæ дзы æххуырсгæ лæгмартæ амарой).

Д’Аржаны фыд бирæ рæстæг дзæгъæлы фæархайдта йæ фырты рæствæндагыл бафтауыныл. Суанг ма йæ æхсæз мæйы дæргъы фæбадын кодта фидар Перпиньяны. Фæстагмæ йæ ацух кодта хайвæндагæй йæ кæстæр æфсымæры пайдайæн.

Д’Аржан Парижы ахуыр кодта юриспруденци, зыдта бирæ æвзæгтæ, уыимæ рагбердзенаг æмæ рагдзуттаг, иттæг арæхстис истори æмæ рагон æмæ ног философийы, иртæста хими æмæ анатоми, цыдис Нываивады академийы профессор де Казайы нывгæныны уроктæм. Голландийы æрцæргæйæ, маркиз д’Аржан 1730-æм азты æмбисæй райдыдта йæ тыхтæ фæлварын литературæйы.

Фридрих Пруссиаг, уæдмæ уал кронпринц уæвгæйæ, тынг зæрдиагæй хуыдта маркизы Берлинмæ. Фæлæ д’Аржан Пруссийы æрцæрыныл сразы ис æрмæст Фридрих паддзахы бынат 1740-æм азы куы бацахста, уæд. Уæдмæ мыхуыргонд уыдысты фыссæджы сæйраг аив уацмыстæн сæ фылдæр. Къарол æй снысан кодта кæрты камергерæй, къаролы театры директорæй, Берлины зонæдты академийы дзырдаивады хайады сæргълæууæгæй.

Маркиз æрлæууыдис, пруссиаг кæрты цур чи бакъорд ис, уыцы философты сæргъы. Уыдоны ’хсæн уыдис цалдæр зынгæ ахуыргонды — П.-Л. Мопертюи, Ж.-О. Ламетри, Ф. Альгаротти, иу заман ма — Вольтер дæр. Берлины маркиз д’Аржан арвыста 25 азы, фæлæ уæддæр дзы æххæст нæ фæцахуыр ис. Актрисæ Бабеттæ Кошуаимæ къайад æмсæр кæй нæ уыдис, уый охыл маркизмæ сфыдæх сты канд йæ хæстæджытæ нæ, фæлæ Фридрих II дæр, æмæ уыцы ахасты фæстиуæгæн йæ царды фæстаг бонтæ уый арвыста йæ райгуырæн сахар Эксы.




#Article 613: Мæнæргъы (104 words)


Мæнæргъы, мæнæргъ  (, ) у, сырхбын гагатæ чи дæтты, ахæм зайæгой.

Мæнæргъы нымад у бирæазон зайæгойыл. Йæ сæйраг æмæ фæрсаг уидæгтæ аныгъуылынц арф æмæ фæстагмæ амæлынц. Уыдоны бæсты ног таутæ рауадзынц ног уидæгтæ. Зæнгæй зæххы бын цы хай вæййы, уый ма иу азмæ ауадзы æндæр уидæгтæ дæр.

Мæнæргъы арæх у Ирыстоны уæлвонг-хæххон бынæтты. Уыцы культур ныр æхсызгонæн садзынц сæ цæхæрадæтты хъæуты æмæ сахарты цæрджытæ.

Мæнæргъыйæ пайда кæнынц ног тындæй. Аразынц дзы вареннæ (мураба), компот æмæ адджын дæттæ (сироптæ). Мæнæргъыйы донæй ма аразынц лимонад, сæлдæг æмæ къуымæл. Мæнæргъыйы гагаты ис бирæ витаминтæ, лимоны, фолион, фæткъуыйы, аскорбинон туагæдтæ, каротин, глюкозæ, фруктозæ, сахарозæ æмæ æндæр пайдайаг буаргъæдтæ.




#Article 614: Грасиан, Бальтасар (136 words)


Бальтасар Грасиан-и-Моралес (; райгуырдис 1601 азы, Бельмонте — амардис 1658 азы 6 декабры, Тарасонæ) — испайнаг фыссæг, философ æмæ литературæйы теоретик; уыдис католикон дины кусæг (иезуит). У бароккойы литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.

Райгуырдис Испанийы, Калатаюдæмæ хæстæг Бельмонтейы хъæуы, дохтыры бинонты. Уыдис ын æртæ æфсымæры æмæ иу хо. Фидæны фыссæджы йæ сабибонтæй цæттæ кодтой дины кусæджы карьерæмæ. 1619-æм азы Бальтасар Таррагонæйы ссис Иезуитты ордены моладзайнаг.

Йæ литературон сфæлдыстад райдыдта 1636-æм азы, Арагоны культурон артдзæстытæй иу — Уэскуйы куы æрцардис, уæд. Уыцы ран ын радтой динамонæджы æмæ исповедничы бынат иезуитты коллигийы. Уæдæй афæдзы фæстæ мыхуыры рацыдис йæ фыццаг зынгæ уацмыс — моралон трактат «Герой». Чиныгыл цымыдисæй сæмбæлдысты канд Испанийы нæ, фæлæ Европæйы дæр. Цацæг уæды заманты иезуитты ордены уæнгтæн æнæ хицæутты барлæвæрдæй мыхуыр кæнæн нæ уыдис, уацæг Грасиан йæ уацмыс рауагъта йæ фыдыфсымæры фырт — Лоренсо Грасианы номæй.




#Article 615: Саламты Мадинæ (157 words)


Саламты Хетæджы чызг Мадинæ (райгуырдис 1985-æм азы 30 майы, Дзæуджыхъæу) у норвегиаг фыссæг, журналист æмæ блогер. Чиныгкæсджытæ йæ хуыздæр зонынц йæ литературон фæсномыгæй — Мария Амели. У норвегиагау фыст чиныг «Ulovlig norsk»-ы («Æнæзакъон норвегиаг») автор. Ацы уацмыс арæзт у йæ боныгты бындурыл æмæ дзы ныхас цæуы, Норвегимæ æнæзакъонæй чи æрлыгъдис, ахæм адæймæгты царды тыххæй. Цæры Ослойы.

Мадинæ райгуырдис Дзæуджыхъæуы, ахуыр кодта 5-æм гимназы. Йæ фыд уыдис æнтыстджын бизнесмен. Мадинæйыл 14 азы куы цыдис, уæд бинонтæ сфæнд кодтой алидзын Норвегимæ. 2000-æм азы бинонтæ алыгъдысты Финляндимæ, уырдыгæй та, 2002-æм азы — Норвегимæ.

Лигъдæтты статус раттыны фæдыл Саламтæ цы курдиат ныффыстой, уым загъдæуыд, Кавказы цæргæйæ барцух æмæ цъистытæ кæй æййæфтой æмæ уым сæ цардæн тас кæй у, уый. Фæлæ сæ курдиатыл не сразы сты паддзахады æмбæлон службæтæ, æмæ уый фыдæй бинонтæ Норвегийы цардысты æнæзакъонæй. Цалынмæ сæ курдиатмæ каст цыдис, уæдмæ Мадинæ бацыдис скъоламæ, уый фæстæ ахуыр кодта Норвегийы æрдзон  æмæ техникон зонæдты университеты (Тронхейм). Ис ын бакалавры къæпхæн антропологийы къабазы.




#Article 616: Мырзаганты Гицо (107 words)


Мырзаганты Гицо (1746-1913). Мырзаганты мыггаджы фылдæр-фылдæр фæцард Гицо, йæ цыртдзæвæн æвæрд ис Хилачъы, Цъæззиуы хиды был.

Уый у стыр къæдзæхдур. Фыдæлты ныхæстæм гæсгæ, уыцы дур Гицо æрласта хохæй, куыд æмæ цæмæй, уый ничиуал зоны. 

Куыд дзурынц, афтæмæй Гицо уыд куырысдзау, хæйрæджытæй йын уыдис ус. Кæд бæрзонд лæг нæ уыд, уæддæр уыд бæрджын, æмæй йæм дзурын ничи уæндыд.

Мыггагæн та уыд разамонæг, уынаффæгæнæг. Гицойæн уыд уылынгмæ æввахс даргъ æмæ бæзджын æрфуытæ-æлвынгæ сæ нæ кодта. Куы-иу фæмæсты, уæд-иу æрфгуытæ арц алæууыдысты, æмæ дзы алчидæр тарсти. Гицомæ уыд цавæрдæр уæларвон тых. Фæрсынмæ йæм чи цыд, уыдонæн æххуыс кодта. Гицойы тыххæй баззадис бирæ æцæг хабæрттæ, уыдон фыст сты Мырзаганты мыггаджы чиныджы.




#Article 617: Æмбалты Цоцко (110 words)


Æмбалты Бицойы фырт Цоцко (аргъуыды ном — Увар) (1871–1937) педагог, рухстауæг, этнограф, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг, æвзагиртасæг æмæ тæлмацгæнæг.

Цоцко райгуырдис 1871 азы Æрыдоны. Каст фæцис дины семинар 1891 азы. Семинар каст чи фæцис, уымæн уыдис бар ахуыргæнæджы кæнæ сауджыны куыст кæнын. Цоцко равзæрста рухсады куыст.

Ахуыргæнæджы æмæ æхсæнадон куыстæй уæлдай Цоцко архайдта адæмон сфæлдыстад æмбырд кæныныл, уырыссаг æмæ немыцаг æвзагæй зындгонддæр фысджыты уацмыстæ тæлмац кæныныл («Вильгельм Телль», Шиллер, «Макары фын» — Короленко æмæ а.д.).

Цоцкойы зæрдæмæ тынг цыдысты фыссæг Андерсены аргъæуттæ. Уыдонæй дæр цалдæр ратæлмац кодта ирон æвзагмæ («Фыдуынд бабызы цъиу» «Булæмæргъ»).

Цоцко стыр аргъ кодта Къостайæн. Йæ амæлæтæй йæхи бабыны онг фæдардта сау Хетæджы-фырты зианы фæдыл, нал адаста йæхи.




#Article 618: Ирон цыхт (106 words)


Ирон цыхт — хъуджы кæнæ фысы æхсырæй ахсын у ирон адæмы рагон куыст. Хъуыстгонд у канд Кавказы нæ, фæлæ ма æппæт Уæрæсейы дæр (ирон цыхтæн ис паддзахадон стандарт — ГОСТ). Йæ æргом æм æрæздæхта Бетъырбухы æфсæддон-медицинон академи дæр, лабораторийы дзы систой анализ æмæ йын лæвæрд æрцыд бæрзонд бæрæггæнæн.

Цыхт ахсыны бар лæвæрд у сылгоймагмæ. Процесс у ахæм: æхсыр æрцæуы фæрсудзæны уылты уагъд стæй йæм бафтауынц ахсæн. Сахатмæ æхсыр бацахсы, æмæ йæ уæд хъæуы къухæй æрбамбырд кæнын, стæй та ныккæнын цыхтахсæн мигæнæны. Айзæрдынц йыл цæхх. Рæстæгæй рæстæгмæ цыхт афæлдахынц иу фарсæй иннæмæ.

Цыхт бæззы куыд айдагъæй хæрынмæ, афтæ чъиритæ, дзыкка кæнынмæ дæр. Зымæгмæ цыхтытæ хæндыджы сцæхджын кæнынц.




#Article 619: Нæртон симд (186 words)


Нæртон симд — рагон ирон дыууæуæладзыгон кафт.

Раджы заманы Ногбоны æртыты алыварс 35-40 аздзыд нæлгоймæгтæ кафыдысты нæртон симд. Фыццаг къорд-иу кæрæдзимæ æнгом балæууыдысты, алчи хæцыд йæ сыхаджы роныл. Нæлгоймæгты дыккаг къорд-иу схызт фыццæгты уæхсчытæм. Адон дæр кæрæдзийы рæттыл хæцыдысты. Уæллаг къорды архайджытæ бынмæ хъæр кодтой: «Бакувут!» Дзуапп сын-иу радтой: «Дæлæмæ æрхаут!» Стæм хатт, цæмæй быннæгты уæхсчытыл уæз тынгдæр æрцæуа, уый тыххæй-иу уæллæгтæ семæ гал систой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый мæстæй марыны тыххæй нæ уыд — ацы кафт бæрæг кодта тыхджындæр æмæ сæрæндæрты.

Зарæггæнгæйæ æгас мæсыг сындæггай зилын райдыдта: уæд рахизырдæм, уæд галиуырдæм.

Нæртон симд кафыдысты сабыргай, заргæ-зарын; хицæн кодта йæ фидауц змæлдæй.

Ацы кафтæй-иу фесты стыр бæрæгбæттæ. Кафыдысты айдагъ иу хъæуы нæ, фæлæ æгас зылды цæрджытæ, нæлгоймæгты нымæц-иу 200 уæлæмæ ахызт.

Рæстæгимæ ивтой кафты миниуджытæ дæр. Кафыны бар æрмæст аслæгтæн нæ, фæлæ фæсивæды сæрæндæртæн дæр лæвæрд æрцыд.

Фæстæдæр кæцыдæр нæртон симды сылгоймæгты фенæн дæр уыд. Æгас мæсыгы алыварс, къухтæ фæйнæрдæм айтындзгæйæ, уæздан кафт кодтой, раст цыма урс цъиутæ уæлæрвты тæхынц, уыйау. Дыккаг уæладзыджы архайджытæ иу бынмæ куы æргæппытæ кодтой, уæд быннæгтимæ-иу зиллаккы алæууыдысты. Уый фæстæ нæлгоймæгтæ сылгоймæгтимæ тымбыл сарæзтой æмæ дарддæр сæ кафты куыст кодтой.




#Article 620: Тутыр (209 words)


Тутыр — ирон адæммæ бирæгъы бардуаг, хуыцауæй адæмæн хæрзиуæг курæг, хъахъхъæны адæмы низтæй, фылдæр сын кæны сæ фос. Кæмæ-иу смæсты, уымæн йæ фосмæ уагъта бирæгъты. Йæхæдæг-иу бирæгътæм куы смæсты, уæд сын иу цуанонтæй аирвæзынгæнæн нал уыд.

Бæрæг æй кодтой афæдз дыууæ хатты: уалдзæджы, тæргæйтты мæйы æмæ фæззæджы, рухæны мæйы.

Мархо дарыны бæрæгбон æрцæуы Тутыры бæрæгбонмæ. Ахæссы æнæхъæн къуыри. Хонынц ма йæ Уалдзæжды Тутыр, Стыр Тутыр, Фæззæджы Тутыр.

Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ, бирæгътæ канд йæ коммæ нæ кастысты, фæлæ ма йын суанг йæ къæхтæ дæр стæрдтой. 

Тутыры къуыри уæлдай ком дардтой къуырисæры. Фæссихормæ-иу дон дæр ничи бануæзта. Хистæртæ-иу Ныхасы кодтой таурæгътæ, кæстæртæ хъуыстой, уыцы бон кусгæ ничи кодта.

Тутырæн-иу нывонд скодтой сæгъ кæнæ цæу. Кусарт кодтой цалынмæ ма рухс у, уæдмæ. Бинонты хистæр-иу скуывта, цæмæй сæ фос бирæгъæй хъахъхъæд уой, фылдæр кæной.

Тутыры бон арæзтой алыхуызон кусæнгæрзтæ. Дзырдтой, уыцы бон цы кусæнгарз саразай, уый уыдзæн фидар. Бæрæгбоны йæ хорæй ничи лæвæрдта-æбæркад уыдзæни афæдзы дæргъы. Чъиритæ кардæй нæ лыг кодтой, Тутыры зæрдæ ныл фæхуддзæн, зæгъгæ.

Фыццаг æртæ боны уыдысты уæлдай кадджын. Уыцы бонты цы загътаис æмæ цы хъуыды кодтаис, уыдон æнæмæнг æххæст кодтой. Тудджынтæ кæрæдзимæ нæ æвнæлдтой, цыфæнды æнæхатыр знæгтæ уыдысты сабыр. Бæрæгбоны цы сывæллон райгуырд, уый нымад уыд амондджыныл.

Тутыры бæрæгбон баст у зæххы, фосдарыны, уалдзæджы куыстытимæ. Ныртæккæ йæ нал кæнынц.




#Article 621: Аларды (142 words)


Аларды,  — ирон адæммæ фадынæг æмæ цæстыты низы бардуаг. Алардыйы бæрæгбоны размæ иу куывтой Рыны бардуагмæ цæмæй сæ бахъахъхъæна рынæй. Раздæр Рыны бардуаг уыдис ахъаззагдæртæй иу, фæлæ Алардыйы бардуаг у ноджы карздæр.

Рын æмæ цæстыты низ уæлдай æмхицдæр уыдысты сылгоймæгтæм æмæ сывæллæттæм.

Ирыстоны зæххыл йæ номыл ис бира кувæндæттæ. Фæхъыг æй кодтай - дæ сывæллæтты æмæ дæхи хъахъхъæн. Адæм куывтой тæрсгæ-ризгæйæ, сæ сывæллæтты фæдзæхстой.

Сæрмагондæй иу уыди Алардыйы хуымтæ. Уырдыгæй иу цы хор æрæмбырд кодтой, уымæй арæзтой æхсæны куывдтæ. Бæрæгбоны иу ног чындзы ахуыдтой кувæндонмæ, бафæдзæхстой иу æй, цæмæй йын цы цот рацæуа, уыдон цæринаг уой.

Хуыдтой иу æй Сырх Аларды, Рухс Аларды, Сыгъзæринбазыр Аларды æ.а.д.

Нывонд йын кодтой урс уæрыкк. Куывтой иу: дардæй дæм кувдзыстæм, хæстæг нæм ма ’рбацу, куы ’рцæуай, уæд та хъæлдзæгæй - худгæйæ нæ куыд ныууадзай.

Ныртæккæйы рæстæджы Аларды у, адæм арæхдæр табу кæмæ кæнынц, уыцы дзуæрттæй иу.




#Article 622: Касутæ (111 words)


Куадзæнæй дыууæ къуыри фæстæдæр вæййы Касутæ, хонынц ма йæ Донмæцæуæн бон. 

Бæрæгбон хъæубæстæ арæзтой иумæ, ацыдис-иу тынг хъæлдзæгæй. Фидæн азмæ-иу равзæрстой куывды фысым, æмæ йын-иу йæ хæдзармæ арвыстой æртæ чъирийы. Уымæй уæлдай ма иу алчи йæ хæдзары скодта æртæ чъирийы, скодтой-иу алыхуызон кастæ, æмæ иу сæ сылгоймæгтæ семæ ахастой доныбылмæ.

Уыцы бон ма иу сылгоймæгтæ ног чындзыты хуыдтой донмæ. Устыты хистæр сæ фæдзæхста хуыцау æмæ зæдтыл, ракуывтой-иу, цæмæй чындзытæн райгуыра авд лæппуйы æмæ иу чызг. Ратабу-иу кодтой, цæмæй дæттæ ма ивылой. Нæлгоймæгтæй доныбылмæ цыдис æрмæст чындзæн йæ къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ хуызисæг. Чындз-иу хъуамæ доныбылæй дон æрбахастаид.

Касутæ мах рæстæджы чысыл айрох, фæлæ ма ис ахæм хъæутæ æмæ мыггæгтæ, кацытæ йæ кæнынц.




#Article 623: Никкола (328 words)


Никкола, Ныккола дæр у ирон адæмы рагондæр бардуагтæй иу. Афтæ рагон у, æмæ нæм æрбацыди аланты рæстæгæй. 

Никкола у зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Кæд, дам, зæдтимæ цæры, уæддæр, дам, зæххмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимæ хуым кæны, хосгæрдджытимæ хос кæрды æмæ а.д. 

Алы рагуалдзæг дæр-иу Никколайæн æргæвстой иумæйаг мысайнæгтæй æлхæд кусæрттаг. Куывтой-иу, цæмæй уой хосарæх, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм та æнæниз æмæ амондджын.

Рагон ивгъуыд рæстæджы, астæуккаг æнусты чырыстон дины тæфаг алæнтыл цыди дыууæ æрдыгæй: Уырым-Бердзенты паддзахадæй æмæ Гуырдзыстонæй. Уымæ гæсгæ та чырыстон бæрæгбæттæ æмæ зæдты нæмттæ не ’взаджы мидæг фæззындысты уыцы адæмты æвзæгтæй. Иу ахæм зæд Ирыстоны Уац Никкола, кæнæ Никколай ном хæссы. Фылдæр æй нымадтой æмæ уымæ куывдтой Дыгуры æхсæн. Зæды ном Никкола, куыд уырыссаг Никола, равзæрди бердзенаг Nikolaos-æй. Ацы ном хаста чырыстон сыгъдæг Николай Мирликиаг. Гуырдзиаг чырыстон дины æгъдауы мидæг сыгъд. Николай (Nik`oloz) ахæм стыр кадджын бынаты æвæрд нæ уыд.

Куыд бæрæг у, афтæмæй хъуыст аллон фысты Зеленчукы доны былыл цыртдзæвæныл, уым дæр сыгъдæг Николайы ном фыст æрцыди тæккæ райдайæны — Йесо Чырыстийы номы хæдфæстæ. Китайаг рагон хроничы дæр (Юан-ши, XIII æнус) ацы ном фыст æрцыди куыд аллон лæджы ном — Негулай, зæгъгæ. Раздæры аллон адæмæй баззад зæды ном нæ сыхаг асыйæгтæ æмæ хъæрæсейæгтæм — Ныккола, Ныкола айы (ома, Никколайы мæй).

Дыгур куывдысты Никколамæ куыд Уастырджи æмæ Уацилламæ. Никколайы куывд/бæрæгбон кодтой уалдзæджы, мæйы 9-аг боны. Уырысмæ дæр у ацы рæстæг нымадтой (весенний Никола, зæгъгæ). Дыгургом, Доныфарсы хъæуы сæрмæ ис хохаг лæгæт, кæцы нымад цæуы Никколайы кувæндоныл. Бынæттон цæрæг адæм ам кодтой бирæ кусæрттæ Никколайы зæды номыл, æмæ кувинæгтæм арæх æртæхой цæргæстæ: ома, зæды æрвыст дам сты.

Бирæ дыгурон таурæгъты æмæ кадджыты цæуы Никколайы кой: Нарты кадджытæ, «Ацæмæзы зарæджы» — Никкола иннæ зæдтæ æмæ дауджытимæ фæцæуы минæвары Ацæмæзæн Агуындæйы рæсугъдмæ. Иу ма зарæджы дæр йæ кой цæуы: «Уастырджи гутондар уыди, Никкола сæрыл хæцæг, Мады Майрæм мыггагдзау, Хоры Уацилла та мыггагтауæг уыдис».

Чырыстон дины æгъдауы сыгъдæг Николай нымад цæуы денджыздзауты дауджытыл. Æмæ уый тыххæй баззад иу рагон дыгурон зарæг:




#Article 624: Цыргъобау (263 words)


Цыргъобау Ирыстоны у тынг зындгонд бæрæгбон. Фæзындис XVIII æнусы. Кувæндон ис Ольгинскæйы хъæуы цæгатварс. Адæм æрæмбырд вæййынц кувæндоны цур, æртæ хатты æрзилынц обауы алыварс, уый фæстæ дзуары скувы кувинæгтæ. Цыргъобауы бæрæгбон у уарзондзинады, æфсармдзинады бæрæгбон. Йæ сæйраг нысан у, цæмæй адæм уарзонæй, хæларæй цæрой.

Йæ бæрæгбон вæййы Уацилламæ кувæн къуырисæры хæдразмæ хуыцаубоны. Ацы бæрæгбоны равзæрды тыххæй фыдæй-фыртмæ ахæм хабар дзурынц: «Кæддæр Олгинскæйы цæрæг Кънаттаты Сæудженыхъойæн уыдис стыр нартхоры хуым. Уациллайы боны цæмæй йæ куыстытæм йæ зæрдæ ма æхсайа, уый тыххæй къуырисæры размæ хуыцаубоны дæр йе стыр бинонтимæ йæ хуым рывта. Изæрдалынджы фæстаг рувæндзæфты фæстæ иучысыл сæ рувæнтыл банцой кодтой, афтæмæй сæ фæлладуадзгæ хъæлдзæг ныхас кодтой.

Бинонтæ куыд ныхас кæнынц, афтæ æвиппайды изæры талынджы быдыр диссаджы рухс ацис. Исдугмæ фæтæрсæгау кодтой, сæ алфамблай акастысты. Кæсынц, æмæ гыццыл уæлдæр уыцы диссаджы рухс кæцæй рацыдис, уым иу бæрзонд, хæрзконд, хæрзуынд лæг. Йæ иу къухæй хæцы бæласы къалиуыл. Йæ фарсмæ йæхи хуызæн бæрзонд, хæрзконд, рæсугъд сылгоймаг. Лæг æмæ усы астæу та зæххыл авдæн. Уыцы диссаджы лæг Сæудженыхъомæ дзуры йæ номæй, ардæм ма хæстæг æрбацу, зæгъгæ. Сæудженыхъойыл дæр ма хуыздæр бон цы уыдис, бацыдис сæ цурмæ æмæ сын, уæ изæр хорз загъта. Лæг Сæудженыхъомæ дзуры, авдæнмæ амонгæйæ: Махæн абон райгуырдис лæппу æмæ йыл сæвæрдтам ном Цыргъобау».

Сæудженыхъойæн загъта: «Ацы хабар æнæхъæн хъæубæстæн райсом, къуырисæры Уациллайы кувæн бон радзур. Зæгъ сын, хуыцаубон кусæн бон кæй нал уыдзæнис, фæлæ – кувæн бон. Кæндзыстут кусарт, уыимæ, ирон куывды хуымилæгтæ цы хъæуы, уыдонæй æппæт дæр, ардзыстут Хуыцауы ном. Кувдзыстут, курдзыстут хорздзинæдтæ, стæй уæд кувдзыстут мæ лæппумæ, Цыргъобаумæ. Уыйадыл хуындзæнис Цыргъобауы бæрæгбон. Уæ ныхасы-иу зæгъут, Цыргъобау, цыргъагæй нæ хиз, хорздзинадæй нын хай кæн».




#Article 625: Уацилла (173 words)


Уацилла кæнæ Елиа,  — ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн ахсы сæрмагонд бынат. У тыллæджы, хоры æмæ адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр. Уымæй уæлдай ма у арвнæрыны бардуаг. 

Уацилламæ куывтой суанг алантæ дæр. Ныртæккæйы рæстæджы дæр цыфæнды куывды хистæр Уациллайы номыл рауадзы гаджидау. Уымæн ис бирæ кувæндæттæ, фæлæ сæ сæйрагдæр ис Дæргъæвсы, Тыбауы хохы.

Уациллайы бæрæгбоны-иу йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Сылгоймæгтæ-иу чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф куыд нæ цæуа, æмæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.

Кусæрттагæн-иу аргæвдыны размæ радтой цæхх. Йæ сæр ын-иу куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, стæй та-иу æй фæстæмæ бæрзæйыл авæрдтой.

Адæм сæ кувинæгтæ  хастой кувæндонмæ, радтой сæ-иу дзуары лæгмæ, сæхæдæг-иу иуварс æрлæууыдысты, уый сæ-иу скуывта. Ома, дам, æнæхъуаджы кувæндонмæ куы бацæуай, уæд дæ бакуырм кæндзæн.

Кусы дзаг ирон бæгæны-иу сæвæрдтой кувæндоны, æмæ,дам, кæд иннæ азмæ нæ фæкъаддæр, уæд аз уыди амондджын. Дзуары лæг-иу бацыдис кувæндонмæ æмæ-иу æм адæм æнхъæлмæ кастысты, цымæ цы хабар рахæсдзæни, зæгъгæ.

Бæрæгбон ныр дæр кæнынц. Скæнынц хъæугывдтæ, скувынц, цæмæй сын Уацилла æрхæсса бирæ амонд.




#Article 626: Атынæг (бæрæгбон) (148 words)


Атынæг кæнæ цыргъисæн, халмæвналæн, Куырттаты комы ма йæ хонынц хорыбон — йæ рæстæджы уыди тынг кадджын æмæ адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу. Ныр дæр ма бæрæгбонæн ис сæрмагонд нысаниуæг — Атынæджы бæрæгбонæй фæстæмæ адæм райдайынц хос кæрдын, уый размæ цæвæгмæ æвналын нæ æмбæлы. Зæгъæм, исчи бавнæлдта бæрæгбоны размæ цæвæгмæ, уæд-иу æй бафхæрдтой-хъуамæ-иу æхсæны куывдмæ радтаид дыууæ галы.

Атынæджы куывд-иу кодтой хуыцаубоны. Хуыцауы ном-иу куы ссардтой фынгыл, уæд-иу хистæр ракуывта: «Атынæджы хорзæх нæ уæд, йæ бæрæгбоныл хорзæй куыд æмбæлæм. Адæм сæ кусæнгæрзтæ хорз боны куыд райсой, хор æмæ фæсæфсæстæй ныл зымæг куыд æрцæуа».

Бæрæгбоны фæстæ, дыццæджы, цыфæнды рæстæг куы уыдаид, уæддæр адæм цыдысты хос кæрдынмæ. Сихормæ-иу фæкарстой, стæй-та иу сæ куывды кой кодтой. 

Уыцы бæрæгбоны-иу лæппу кæмæн уыд æмæ йæ афон кæмæн æрхæццæ, уый-иу ракодтой хос кæрдынмæ. Уый уыд стыр цау лæппуйы царды мидæг — ома, йæ лæджы кары бацыд. Лæппу-иу банкъардта, амæй фæстæмæ йе уæхсчытыл уæззау хæс кæй æрæвæрдта.




#Article 627: Махис (123 words)


Махис () у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы.

Бихъарæн Медзыдайы доны ныгуылæн фарс æрбынат кодтой: Астæуккаг Махис, Дæллаг Махис æмæ Уæллаг Махис. Астæуккаг Махисы ис ахæм сыхтæ: Дудайты (хонынц æй Джиуиты сых дæр), Бебеты æмæ Хуыбылты сых; Уæллаг Махисы — Хосроты æмæ Годжиты сых; Дæллаг Махисы — Туаты сых.

Цардысты дзы Дудайтæ, Туатæ, Хуыбылтæ, Хуритæ.

Астæуккаг æмæ Дæллаг Махисы хицæн кæны чысыл цæугæ дон, хонынц æй Куырæйтты ком. Астæуккаг æмæ Уæллаг Махисы ис ахæм микротопонимтæ: Къæрайы хуым, Скъæтты раз, Димойы суадон, Цæгаты хуымтæ, Куырæйтты ком, Санойы дыргъдон, Цады фæз, Иунæг Цъериуат, Фæлдыст суадон, хонынц ма йæ Сабейы суадон дæр, Сæрибары фæз, Галдарæн ривæддон, Къахыры хуым, Тæрсджын къуылдым, Елхъаны дон, Кæсагджыны цъала, Куыдзæппарæн адаг, Дидгуладжын, Саргъау, æмæ æндæртæ. Советон дуджы фæзынд Комсомолты хуым дæр.




#Article 628: Кæхцгæнæн (261 words)


Кæхцгæнæн ирон адæммæ у фыццаг лæппуйы райгуырды фæдыл конд куывд. Кæхц не скæнын худинагыл нымад уыдис. Кæхцгæнæны арфæтæ, дам, цы сывæллонæн не скодтой, уый уыд рынчынтæгæнаг.

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу фыццаг лæппу кæмæн райгуырдис, уыцы сылгоймаджы æд сывæллон хуынимæ йæ цæгатмæ арвыстой. Чызджы цæгат хуынмæ хуыдтой сыхæгты. Мады ’рвадæлтæ-иу сывæллоны цыдæриддæр хъæуы, уый сцæттæ кодтой. Йæ бон кæмæн уыдис, уый-иу балæвар кодта йæ хæрæфыртæн бæх, мæгуырдæр та — фыс. Чызгæн æмæ сывæллонæн хæстæджытæ лæвæрттæ кодтой. Мад æмæ сывæллон цы æрæмбырд кодтой, уыдон-иу сæвæрдтой уæрдоны. Уæрдоны фæстæ бастой бæх, гал, байраг — цы фос сын-иу балæвар кодтой, уый. Стæй йæ æрвыстой хæдзармæ. 

Сылгоймаг-иу фæстæмæ æрбаздæхт хуыцаубоны, Кæхцгæнæны бон. Сыхæгтæ, хæстæджытæ æнхъæлмæ кастысты: цавæр лæвæрттæ йын ракодтой йæ цæгат? 

Чызджы ’рцыдмæ-иу лæппуйы хæдзар сæхи куывдмæ сцæттæ кодтой, æрхуыдтой-иу хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты.

Сывæллоны-иу рахастой фынджы хистæрмæ ногнадæй, ног уæлæдарæсы æмæ-иу мадырвадæлтæ цы хуын æрбахастой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мадымайрæммæ æмæ Уастырджимæ. Уый фæстæ-иу хистæр сывæллоны рахиз къах дзыккайы атъыста.

Куыд фæстæдæр, сылгоймаг йæ цæгатмæ нал цыдис кæхцагур — цæгат сæхæдæг райдыдтой хæссын хуын. Ныртæккæ дæр ацы бæрæгбон у кадджын. Бруты, Дигорæйы кæхц нæ хæссынц.

Кæхцгæнæны рæстæджы фысымтæ стыр лæвæрттæ кодтой сæ чындзы хиуæттæн, уæлдайдæр та, сæ чындзæн-иу цалдæр чызджы фæстæ фыццаг лæппу куы райгуырд, уæд. Стырбоны фынгыл-иу кæхцы мидæг дзыкка æрæвæрдтой. Уымиу, чындзæн фæстаг хатт (лæппуйы размæ) цы чызг райгуырд, уый къах нытътъыстой, дзыккайыл фæд куыд баззадаид, афтæ, уымæн æмæ-иу ирæттæ лæппуйы райгуырд уыцы чызгæй бузныг уыдысты. Хуыдтой йæ «дзыккакъах». Чындзæн-иу фыццаг чызг куы райгуырд, уæд-иу чызгæн арфæ кодтой, «дæ къах дзыккайы тылд фæуæд», зæгъгæ, ома дæ фæстæ лæппу райгуырæд.




#Article 629: Мæргъитæ (152 words)


Мæргъитæ (, ) сты ирон мыггаг, цардысты Тлигомы.

Мæргъиты мыггаджы фыдæл Мæргъийæн уыд дыууæ æфсымæры: Пуха æмæ Хъуысса. Ацы æртæ æфсымæры цардысты Дæргъæвсгомы Бырнауыхъæуы. Мæргъи уым кæйдæр амардта æмæ йæ кæстæр æфсымæр Пухаимæ ралыгъд Хуссар Ирмæ æмæ æрцардысты Тлигомы. Астæуккаг æфсымæр — Хъуыссайы акодтой йæ мады ’рвадæлтæ, æмæ баззад Цæгат Иры. Пуха йе ’фсымæр Мæргъиимæ бирæ нæ фæцард Тлигомы, алыгъд æндæр ранмæ. Æфсымæртæ кæй уыдысты сæ фыдæлтæ, уый хъуыдыгæнгæйæ ацы æртæ мыггаджы ’хсæн ускуырд нæ цыд. Дæргъæвсы се ’рвадæлтыл нымад цæуынц Быцентæ, æмæ уымæ гæсгæ ацы мыггагимæ дæр се ’хсæн ускуырд æмæ чызглæвæрд нæ цæуы. Тлийæ Мæргъитæй чидæртæ алыгъдысты Ленингоры районмæ æмæ æрцардысты Уæллаг Цъолды (5 хæдзары), Дæллаг Цъолды (19 хæдзары) æмæ Громмæ æввахс хъæу Æхсæрджыны (иу хæдзар). Мæргъитæй бирæтæ алыгъд Цæгат Ирмæ, цæрынц ма Андореты дæр. Мæргъитæ Тлийæ рахастой сæ дзуары бынæй тулдз талатæ æмæ сæ ныссагътой Цъолды. Тулдз бæлæстæ сзадысты æмæ уыцы бынат схуыдтой «Тлийыдзуар», кувынц ын æрвылаз Атынæджы бæрæгбоны.




#Article 630: Мысыкаты Мæхæмæт (116 words)


Мысыкаты Аслæныхъойы фырт Мæхæмæт (1881-æм азы, Брут — 1937-æм азы) — медицинæйы доктор, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады архайæг, этнолог.

Уыцы рæстæг ССР Цæдисы зонæдты академи ногæй бавнæлдта ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат аразынмæ (1913 азы дзырдуат аразæг В. Ф. Миллер амард æмæ куыст бакъуылымпы), æмæ уыцы хъуыддагмæ йе ’ххуысы хай бахаста Мысыкаты Мæхæмæт дæр. Дзырдуат æртæ томæй рацыди 1927–1934 азты.

Мæхæмæт йæ дохтыры æмæ педагогы куыстæй дарддæр йæхимæ иста æндæр хæстæ дæр: уыди Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты директоры хæдивæг, æрдзон-историон хайады сæргълæууæг, музейы къамисы сæрдар, ревизион коллегийы уæнг, Цæгат Ирыстоны зонадон кусджыты секцийы разамонæг. Профессор арæх цыдис хъæутæм, адæмæн æмбарын кодта хæцгæ низтæй, уæлдайдæр та рæуджыты низæй, хи хъахъхъæныны мадзæлттæ. Ацы æбуалгъ низы тыххæй профессор рауагъта брошюрæ дæр иронау.




#Article 631: Ногбон (147 words)


Ногбон кæнæ Нæуæгбон,  кæнæ Басилтæ у Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу.

Ног азы бон кæнынц дыууæ хуызы. Ног нымадæй 31 декабырæй 1 январмæ. Зæронд нымадæй та 13-14 январмæ. Фыццаг заманы кодта хъызт хымæг, бирæ мит-иу æруарыд æмæ суанг уалдзæгмæ нæ тади. Ноггбон æхсæв-иу ирон адæм хæдзаргай æмæ сыхгай скодтой стыр æртытæ. Æртыты æвæрдтой хус хæтæлтæ, къæрцгæнæнтæ. Фæсивæд фиу æмæ ирон цыхтæй кодтой физонджытæ. Амдзыхæй-иу хъæр кодтой: Сой цæуы, сой, - ацы арты нæ фыдбылызтæ басудзæнт, ног аз нын ног хорздзинæдтæ æрхæссæд

Бæрæгбон уæлдай хъæлдзæгдæр уыдис хæхбæсты. Стыр арт-иу рухс кодта ком æмæ хæхтæ. Зæрондæй, æрыгонæй-иууылдæр цыдысты арты цурмæ, йæ сæрты гæппытæ кодтой, къахдзоныгътыл бырыдысты. Райсомæй-иу хæдзары хистæр нæлгоймæгтæй исчи раздæр сыстад, хæдармæ-иу æрбахаста æрцыхъæды къалиутæ æмæ куывта: Ам цал хъилы æмæ къуызыры ис, уал хорздзинады уын ног аз æрхæссæд.

Ногбоны изæр-иу фæсивæд хæдзар-хæдзар зылдысты, хæдзаронты зарæг кодтой, фысымтæ сæ хъæлдзæгæй хæдзармæ хуыдтой, кæрæдзийы уарзтой бирæ æмæ æнæзæрдæхудтæй цардысты.




#Article 632: Уастырджи (121 words)


Уастырджи, дыгуронау Уасгерги — æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр дзуар ирон мифологийы, нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ, хæстонтыл аудæн бардуаг. Нарты кадджыты йæ хонынц уæларвцæрæг, æвдыст цæуы тызмæг хæстоны хуызы урс бæхыл, урс уæйлаг нымæты.

Æмткæй райсгæйæ, Уастырджийæн нартимæ хорз ахастдзинæдтæ ис, семæ фæбады нарты куывды. Нарты кадджыты Уастырджи арæх фæзыны сылгоймæгты фæливæджы хуызы дæр. У номдзыд Нарты кадджыты хъайтар Сатанайы фыд. 

Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ Уастырджи Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн у рæстаг лæг. Адæммæ фæзыны мæгуыр зæронд лæджы хуызы.

Сылгоймæгтæ Уастырджийы ном нæ дзырдтой, тобæгонд уыдис, уымæ гæсгæ дзурынц Лæгты Дзуар.

Æппæты фылдæр кувæндæттæ ис Уастырджийы номыл, æмбæлынц æгас Ирыстоны зæххыл дæр. Иу ахæм фынг дæр нæй, иу ахæм хорз хъуыддаг дæр нæй æмæ дзы Уастырджийы ном ма ссарой, сæхи йыл ма бафæдзæхсой.




#Article 633: Ирон мифологи (253 words)


Ирон мифологийы равзæрды архайдтой скиф — сæрмæт — алайнаг æмæ бынæттон кавказаг знæмтæ. Ирон мифологи ахуыры æмæ иртасыны хъуыддыджы сæйрагдæр гуырæн сты Нарты кадджытæ, сфæлдыстой сæ нæ рагфыдæлтæ нæ эрæйы агъоммæ VIII — VII æнусæй-нæ эрæйы XIII — XIV æнустæм. 

Термин нарт æмбарын кæнынц бирæ алыхуызты. Нарты эпосы иртасджытæн сæ иуæй-иутæ дзырд нарт æмбарын кæнынц дыууæ ирон дзырдæй — нæ арт, иннæтæ та йæ бæттынц ирайнаг нар-имæ (нæлгоймаг). Аннæтæ та нарты адæмы уынынц Къаспы денджызы былгæрæтты цы историон знамтæ цардис, уыдон.  Зынгæ ахуыргонд Абайты Васо куыд хъуыды кæны, афтæмæй нарт у монгойлаг дзырд нара — хур, алантæ — ирæттæ йæ æрбайстой XIII — XIV æнусы, ома, Сызгъæрин Орда Цæгат Кавказы æлдариуæг куы кодта, уыцы заман.

Термин нарт — равзæрдæн ис фидар морфологион æмæ космологион бындур, кæцыйыл арæзт цæуы æгас нарты эпос дæр.Фæлæ уæддæр уыцы цыртдзæвæны генезисы (сфæлдисыны) фарста у нартахурады сæйрагдæр проблемæтæй иу. Нарты кадджытæ æппæты рагондæр фæлтæртæ номхуындæй æмæ ирон мифологи æмткæй райсгæйæ, баст сты скиф — сæрмæтты дугимæ æмæ дзурæг сты бирæ скифаг æгъдæуттæ æмæ уагахастыл, кæцытæ фыст æрцыдысты Геродоты Истори — йы. 

Кадджыты генезисы ирайнаг компонент кæй архайдта, уымæн æвдисæн сты эпосы иу къорд хъайтары номы. (Уæрхæг, Æхсар, Уырызмæг, Ацæмæз, Ацырухс, Уастырджи, Уацилла æмæ æнд.) Рагкавказаг компонентмæ хауынц эпосы иннæ хъайтарты нæмттæ (Хуыцау, Реком, Тæтæртупп, Таранджелоз, Мыкалгабыртæ, Æфсати, Сафа æмæ ин.). Нартзонджытæ — иртасджытæ нарты эпос дих кæнынц цалдæр сæйраг циклыл: Хуры, тæрккъæвдаты, тотемон æмæ этногонион.

Ирон мифологи тынг хъæздыг у, чырыстон дины размæйы системæйы иугонд чи ’рцыдис, ахæм равдыстытæй, фæлгонцтæй æмæ сюжеттæй. Муртакк хуыцæуттæй бирæтæ фæстæдæр райстой чырыстон хуыз.




#Article 634: Сафа (107 words)


Сафа — къонайы дзуар ирон мифологийы, къонайы рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг, йæ лæвар адæмæн — къонайы рæхыс нымад цæуы æппæты ахсджиагдæр æмæ уæлфæдзæхстдæр дзаумайыл. Нарты кадджыты Сафа у уæларвцæрæг. Нартимæ йын ис хæлар ахастдзинæдтæ, у Нарты Уырызмæджы фырт Хъырым-Солтаны хъомылгæнæг-аталыхъ.

Иуæй-иу кадджыты æвдыст цæуы Хуыцау — куырды хуызы, арæх æй хонынц «æрвон» Сафа. Йæ номимæ баст сты бинонты циклы æгъдæуттæй иу къорд, куыд «авдæнбæттæнтæ», чындзцæуæг чызджы «хæрзбон»-ы æгъдау йæ фыды уæзæгæн æмæ йæ йæ мойы къонаимæ базонгæ кæныны фæтк.

Сафайы номимæ æмæ къонайы рæхысæн йæхиимæ баст сты ирон цардыуаджы иуæй—иу туджджынты бафидауын кæныны æгъдау æмæ ард хæрыны фæтк. Сафайы номæй ард бахæрын нымад уыдис уæлфæдзæхст хъуыддагыл.




#Article 635: Дзанайты Иван (419 words)


Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер) райгуырдис 1896-æм азы, ноябры 2-æм бон Туалгомы Сындзысæр, зæгъгæ, чысыл хæххон хъæуы. «Мæхицæн амал не ’рцыд, фæлæ мæ фыртæн куырмæй ныууадзæн нал ис, — скарста Уасил, — фæлтау дыууæйы бæсты дæр кусдзынæн». Лæппуйыл 8 азы куы рацыд, уæд æй радтой Нары приходы скъоламæ. Æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд саби фыццаг бонтæй фæстæмæ дзæбæх ахуыр кæнын райдыдта.

Дзанайты Иван йæ сабибонтæ арвыста хæхбæсты. Хæххон æвадат царды нывтæ: хæххон æрдзы романтикон карз хуыз, йæ зæйтæ æмæ йæ сахатæ, дурджын хуымтæ æмæ бæрзонд хизæн фæзтæ, нарæг фыд фæндæгтæ, хæххон ныхас йæ цин æмæ йæ сагъæстимæ — адон арф бынат æрцахстой йæ сабийы зæрдæйы æмæ дзы нал рахызтысты, суанг йæ лæджы кармæ куы бацыд, зынгæ поэт куы ссис, уыцы бонтæм дæр.

Нары скъолайы фæстæ 1909 азы Иван ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы 1-æм къласы.

Скъола каст фæцис 1913 азы æмæ уыцы аз бацыдис Æрыдоны семинармæ.

Æрыдоны семинары сæвзæрдис ирон литературон къорд. Уыцы къорд уагъта къухфыст литературон журнал «Фидиуæг». Дзанайты Иван уыцы журналы фыста радзырдтæ, æмдзæвгæтæ æмæ статьятæ. Журнал сусæгæй уагъд цыдис, æмæ уацмысты бын фыстой сусæг нæмттæ — псевдонимтæ. Иванæн уыдис цалдæр сусæг номы: Ололи, Сау лæппу, Нигер. Уыдонæй иу — Нигер — фæстагмæ сси йе ’цæг ном.

Семинары Иван сахуыр кодта грекъаг, латинаг æмæ немыцаг æвзæгтæ.

Нигер сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта 1914 азы. Уыцы рæстæджы Ирыстоны стыхджын сты капиталистон ахастдзинæдтæ, хъæуты цæрджытæ цæхгæр фæдихтæ сты мæгуыртæ æмæ хъæздгуытыл, се ’хсæн тыхджын кодта кълассон тох.

Октябры революцийы агъоммæ æмдзæвгæты Нигер æвдыста хæххон царды нывтæ, мæгуыр адæмы æвадат уавæртæ, сæ фæндтæ æмæ сæ бæллицтæ. Фæнды йæ, сæ цард куы фæхуыздæр уаид, истæмæй сын æххуыс куы уаид. 1917 азмæ дæр бынтон нæма сбæрæг Нигеры тохы нысан, йæ фидæны фæндæгтæ йæ цæстытыл нæма уадысты, йæ зæрдыл-иу фæзынди дызæрдыгдзинæдтæ. Фæлæ революцийы уылæнтæ куыд тыхджындæр кодтой, афтæ Нигеры сфæлдыстады дæр тыхджындæр кодтой сæрибары мотивтæ. Февралы революцийы рæстæджы «Размæ!», зæгъгæ, йæ иу æмдæвгæйы поэт сиды мæгуыр хæххон адæммæ. Цин кæнгæйæ сæмбæлдис Иван 1917 азы революцийы уылæнтыл.

Нигер фыста лирикон æмдæвгæтæ æмæ эпикон поэмæтæ. Уыцы жанртæ ирон поэзийы Нигеры агъоммæ дæр уыдысты, фæлæ сæ Нигер бæрæг фæхъæздыгдæр кодта, бахаста сæм ног идейон мидис, ног поэтикон формæтæ. «Хидыл», «Нæ тæрсын æз!», «Фæстаг хъæбыс», «У фадат аразæг» æмæ æндæр ахæм æмдæвгæтæ ирон лирикæйы ног сты сæ арф философон хъуыдымæ гæсгæ æмæ, поэт йæ хъуыдытæ раст равдисынæн цы ног формæтæ ссардта, уымæ гæсгæ дæр.

Нигер ирон поэзимæ бахаста ног фæлгонцтæ, ног хъуыдытæ, ног темæтæ æмæ поэтикон ног формæтæ. Уыдон дзурæг сты, Нигеры поэзи ирон литературæйы историйы стыр бынат кæй ахсы, ууыл.

Дзанайты Иваны ном хæссы Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр уынгтæй иу.




#Article 636: Нартæ (295 words)


Нартæ кæнæ нарт — ирон æмæ æндæр кавказаг адæмтæй бирæты эпикон кадджыты хъайтартæ. Нарты фæлгонцты зынынц мифологион персонажты æууæлтæ, ирон адæм Нарты сæ фыдæлтæ хонынц, бæрæг хуызы сын абарæн ис фыццаг адæймæгты мифологион знæмимæ. 

Нарты кадджыты Нарты æхсæнады ис æртæ мыггаджы Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ. Алы мыггагмæ дæр дзы ис, иннæтæй йæ чи хицæн кæны, ахæм миниуджытæ: фыццæгтæ хицæн кæнынц сæ куырыхон зондæй, Нарты Уацамонгæ дæр уыдоны у; дыккæгтæ — лæгдзинадæй; адон сты, эпосы сæйрагдæр хъайтартæ кæмæй рацыдысты, уыцы мыггаг; æртыккæгтæ — æнæнымæц фосы дзугтæй æмæ бæхрæгъæуттæй. Нарты мыггæгты ахастдзинæдтæ ирон эпосы сты ныхмæдзыд. Нарт иумæ цæуынц стæрты, иумæ бадынц иннæбонæй-иннæбонмæйы куывдты, кæрæдзиимæ бахæстæг кæнынц, фæлæ эпосы кæрæй-кæронмæ бæрæг дары æнæмынæггæнгæ хæрамдзинады мотив Æхсæртæггатæ æмæ Борæты æхсæн (Батырадз амардта Борæты мыггаджы хистæр Борæфæрныджы æмæ йын ныццагъта йæ авд фырты), Æхсæртæггатæ æмæ Алæгаты æхсæн (Сослан мæнгардæй амардта, хъаруйæ æгас нартмæ æмбал кæмæн нæ уыд, уыцы æрыгон Тотырадзы — Алæгаты мыггаджы иунæг хъайтары). 

Вазыгджын сты Нарты мыггæгты ахастдзинæдтæ æрмæст кæрæдзиимæ нæ, фæлæ уæларвцæрджытæ æмæ эпосы иннæ дзуæрттæ æмæ дауджытимæ дæр. Нартæй иуæй-иутæ æввахс хæстæг æййафынц уæларвцæрджытимæ æмæ æндæр дзуæрттимæ. Зæгъæм, Дзерассæ у Донбеттыры чызг. Сатана — Уастырджийы чызг, Сослан иуæй-иу варианттæм гæсгæ у Уастырджийы фырт, фаззон æфсымæртæ Уырызмæг æмæ Хæмыц сты Донбеттыры хæрæфырттæ, Уырызмæджы фырты хъомыл кæнынц уæларвцæрджытæ — Сафа æмæ Фæлвæра; Куырдалæгон йæ æрвон куырдадзы бахсыста Сослан æмæ Батырадзы, Хуры чызг Ацырухс у Сосланы бинойнаг. 

Нартæ уæларвцæрджытæм арæх вæййынц уазæгуаты. Уæларвцæрджытæ та арæх фæбадынц æмæ фæминас кæнынц Нартæн се ‘рдхæрæны куывдты. Фæлæ уæддæр ахæм ахастдзинæдтæ Нарты, уæлдайдæр та Батырадзы, нæ хъыг дарынц уæларвцæрджытимæ тох кæнын æмæ сæ къордгай цæгъдын (иу хатт, цуанæй æрцæйцæугæйæ, Батырадз амардта Авд Уастырджийы, авд Уациллайы æмæ а.д.)

Сæхи Хуыцауы æмбар банымайгæйæ, Нарт Хуыцауы сæхимæ схæрам кодтой. Хуыцау сæ карзæй бадомдта, цæмæй сæ хъысмæт сæхæдæг равзарой. Нарт æнусты царды бæсты равзæрста æнусты кад. 




#Article 637: Куырдалæгон (112 words)


Куырдалæгон — уæларвон куырд, куырдты бардуаг ирон мифологийы. Аразы згъæртæ, хотыхтæ æмæ æндæр хæстон дзаума; цалцæг кæны тохы чи фæхъæн ис, уыцы Нарты сæры кæхцытæ; сæ бæхтæн сын садзы цæфхæдтæ. 

Куырдалæгон йæ уæларвон куырдадзы бахсыста нарты Сослан æмæ Батырадзы. Сарæзта нартæн гутон. Нартимæ цæры  хæларæй: уæларвы йæм бирæ рæстæджы дæргъы уазæгуаты вæййынц номдзыд нарт. Куырдалæгон йæхæдæг дæр у зынаргъ уазæг нарты куывдты. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, æхсæны куывдтæ æмæ хистытæй хъæубæсты куырдтæн хай чи нæ бакæна, кæнæ хъæугуывдты Куырдалæгоны номыл æмæ хъæубæсты куырдты цæрæнбоны тыххæй сидт чи нæ рауадза, ууыл Куырдалæгон йæ маст акаолдзæн. 

Æввахс хъæуты цæрæг куырдтæ алы аз дæр Куырдалæгоны номыл æргæвстой фыс æмæ дзы куырдтой æнтыстдзинад сæ куысты, сæ хъуыддæгты.




#Article 638: Хаханты Дудар (310 words)


Хаханты Соломоны фырт Дудар (1921-æм азы 4 июлы, Цхинвал — 1995-æм азы 26 декабры), зындгонд ирон композитор æмæ æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг.

Цхинвалы музыкалон скъола каст фæцис, стæй 1940-æм азы бацыд Тбилисы консерваторимæ профессор О. Ледникы скрипкæйы къласмæ. Фæлæ дыууæ азы фæстæ йæ низы аххосæй фæстæмæ æрбаздæхтис Цхинвалмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны драмон театры музыкалон хайады сæргълæууæгæй. Фыста спектакльтæн музыкæ.

Xаханты Дударæн йæ фыццаг композиторон куыст уыди, Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амран» музыкалон æгъдауæй кæй сфæлгонц кодта, уый. Уый фæстæ арæхæй-арæхдæр фыссын райдыдта спектакльтæн музыкалон уацмыстæ.

Фæстæдæр йе ’нæниздзинад куы фæфидардæр, уæд та ногæй ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы консерваторимæ И. Тускияйы композицийы къласмæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй. Фæстæдæр æй æрбахуыдтой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны зарджыты æмæ кæфтыты ансамблы разамонæгæй. Уыцы рæстæг ныффыста зындгонд поэт Дзугаты Георгийы æмдзæвгæтæм гæсгæ зарджытæ «Салам Украинæйæн», «Чызгайæн», бакуыста адæмон зарджытæ «Дади» æмæ «Фыййауы зарæг»-ыл.

Дудар дарддæр куыста йæ музыкалон ахуырад бæрзонддæр кæныныл. Æнтыстджынæй каст фæцис Тбилисы консерваторийы аспирантурæ. Ам ахуыр кæнгæйæ ныффыста Дзугаты Георгийы ныхæстæм гæсгæ оратори «Адæмы зарæггæнæг» Хетæгкаты Къостайы райгуырды сæдæ азы бонмæ æмæ æндæр музыкалон уацмыстæ.

Хаханты Дударыл азтæ куыд цыд, афтæ рæзыдысты йæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ дæр. Йæ уацмыстæн ын стыр аргъ кодтой аивадуарзаг дзыллæтæ. Адæмы зæрдæтæм уæрæх фæндаг ссардтой, цы дæс симфонийы, оперæтæ «Ханты цагъд», «Æртытæ хæхты», «Кавказаг горлинка», фыццаг ирон балеттæ «Ацæмæз æмæ Агуындæ», «Хетæг» (ам Чабæханы фæлгонц зæрдæмæдзæугæ сарæзта ССР Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæ), опереттæтæ, увертюрæтæ, инструменталон концерттæ, музыкæ драмон спектакльтæ æмæ кинонывтæн («Бега», «Иликъо», «Сидзæргæс», «Мастисджытæ», «Хæххон чызг», «Фыдæлты намыс», «Адæмы номæй», «Осетиснкая легенда», «Кафт») цы бирæ æндæр зарджытæ ныффыста, уыдон.

Хаханты Дудары уацмыстæ азæлыдысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Советон Цæдисы бирæ горæтты, крайты æмæ облæстты. Дудары фыст музыкалон уацмысты тыххæй бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загътой æмæ йын хорз сфæлдыстадон ахастдзинæдтæ уыд номдзыд композитортæ В. Мураделиимæ, А. Новиковимæ, Т. Хренниковимæ, А. Хачатурянимæ, К. Караевимæ, Д. Шостакович æмæ иннæ хъуыстгонд композитортимæ.




#Article 639: Кæнгæ ’фсымæр (145 words)


Кæнгæ ’фсымæртæ — аразгæ хæстæгдзинады хуыз, ивгъуыд заманты арæх æмбæлдис. 

Ацы æгъдаумæ гæсгæ-иу дыууæ мыггагæй, хатгай та алы адæмыхæттытæй чи уыдис, ахæм нæлгоймæгтæ кæрæдзиимæ ныффидар кодтой тугхæстæгдзинады æмсæр ахастдзинæдтæ. Æфсымæртæ скæныны размæ-иу фидæны æфсымæрты царды æрцыдис исты тынг диссаджы цаутæ. Кæнгæ ’фсымæры ахастдзинæдтæ фидаргæнгæйæ-иу фидæны æфсымæртæ ард бахордтой, кæрæдзиуыл иузæрдион æмæ æнувыд кæй уыдзысты (кæнгæ æфсымæр æрдхорд дæр уымæн хуыйны), æххæстгонд дзы цыдысты алыхуызон æгъдæуттæ бæрæг фæткмæ гæсгæ; фыццаджыдæр-иу фидæны æфсымæртæ символикон æгъдауæй сæ туг сæмхæццæ кодтой æмæ банызтой, баивтой-иу сæ хæцæнгæрзтæ. 

Дыгуры-иу кæнгæ æфсымæр скæныны фæндон чи бахаста, уый-иу йæ кæнга ’фсымæрæн балæвар кодтаид бæх æд саргъ, хуыдтой йæ балæвар æрдхордæн. Ахæм ахастдзинæдтæ кæнгæ æфсымæртыл æвæрдтой тугхæстæджыты хæстæ, суанг ма туг исыны хъуыддаджы архайыны хæс дæр. 

Ирон зондахасты кæнгæ ’фсымæрты ахастдзинæдтæ нымад уыдысты уæлфæдзæхст хъуыддагыл æмæ сæ тугхæстæгдзинадæй уæлдæр æвæрдтой, ууыл дзурæг у ирон æмбисонд: «Кæнгæ ’фсымæр æфсымæрæй зынаргъдæр у», стæй фольклорон æрмæг дæр.




#Article 640: Хуссар (Цæгат Ирыстон) (217 words)


Хуссар, дыгуронау Хонсар у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы. Ныртæккæ æдзæрæг у.

Хъæу æрбынат кодта Сонгуыты доны галиу был.

Хонсари гъæу æвæрд адтæй Думти гъæумæ хæстæг, Сонгути дони галеу фарс, Хонсарбæл.

Гъæуи цæргутæн се ’гъдæуттæ, сæ царди уавæртæ æма сæ иннæ гъуддæгтæ адтæнцæ æмхузон Уæллагкоми зилди гъæути цæргути хæццæ. Етæ дæр иннæ хуæнхаг гъæути цæргути хузæн сæ царди дæргъи æвзурстонцæ зин цард, тухстæнцæ берæ нæхъæртондзийнæдти туххæй. Анæн дæр хуми зæнхитæ фагæ нæ адтæй. Сæ фæндæгтæ адтæнцæ лæгъуз, алли афони сæмæ уæрдун нæ зилдæй, сæ бацæуæн хедтæ син арæх ивулд дон фæлласидæ. Аразæн æрмæг, уæдта син æндзарæн сог хæсгæ æрцæуидæ хайуантæбæл идардæй. Гъæуи цæргутæ фулдæр кодтонцæ фонси куст. Адтæй сæмæ фонси хезнитæ сæ фагæ, хуасæ цæттæ кæнунæн игуæрдæнтæй ба гъæздуг нæ адтæнцæ.

Думтæ æма Хонсари гъæутæмæ хæстæг ес, сирдтæбæл цауæн кæмити кæнун æнгъезуй, уæхæн гъæздуг бунæттæ. Еци бунæттæ æнцæ Сонгути ком, Донисæр, Скъæдти æфцæг æма Уорс хонхи рæбунтæ. Сирдтæн сæ фулдæртæ хаст æрцудæнцæ Сурх киунугæмæ, закъонæй гъæуайгонд цæунцæ. Нур фæстаг цалдæр анзи Уорс хонхи будурти хезунцæ сæдæгæйттæй æд зумæг, æд сæрдæ совхози яктæ. Рагон цæргутæн Хонсари гъæуи дæллæй, бæрзонд къулдуни буни (æндзæри) адтæй уæлмæрдтæ, уоми ба дортæй даст 7 уобаййи — археологон циртдзæвæнтæ. Еци уобæйттæй, дан, сæ еу адтæй Кудзойти муггаги уобай.

Цардысты дзы Айлартæ, Абетæ, Агкатæ, Байсонгъуртæ, Гегкитæ (Джеджджитæ), Дзустæ, Зигойтæ, Икъатæ, Къубузтæ, Олиатæ, Цæрæктæ.




#Article 641: Хуссар Ирыстоны географи (221 words)


Хуссар Ирыстон у бæстæ Кавказы тæккæ астæу. Ис ын арæн Уæрæсеимæ цæгаты æмæ Гуырдзыстонимæ скæсæн, хуссар æмæ ныгуылæнæрдыгæй. Лæууы 42°01' æмæ 42°46' цæгат уæрхады параллелты æхсæн, æмæ 43°31′ æмæ 44°37′ скæсæн дæргъады параллелты æхсæн. Йæ зæххыты фæзуат у 3900 км².

Хуссар Ирыстоны рельеф фылдæр у хæххон. Ивы Кавказы сæйраг рагъæй цæгаты Картлийы фæзтæм хуссары. Æппæты бæрзонддæр хох у Халацъа (3938 м). Йæ территорийы 89,3 % денджызы æмвæзадæй 1000 метрæй бæрзонддæр у. Кавказы сæйраг рагъæй хицæн кæнынц æндæр рæгътæ: Рацъы рагъ, Гудисы рагъ, Иры рагъ, Дзимыры рагъ æмæ æнд. Рацъы рагъ ис цæгат-ныгуылæны, хицæн кæны Къуыдаргом Чеселтгом æмæ Хъæргæнагдоны комæй. Гудисы рагъ цæгат-скæсæнæй хуссар-ныгуылæнмæ хицæн кæны Стыр Леуахийы ком Чысыл Леуахийы комæй. Иры рагъ цæгат-скæсæнæй хуссармæ хицæн кæны Чысангом Чысыл Леуахийы комæй, Медзыдайы комæй æмæ Лехурайы комæй. Дзимыры рагъ скæсæны хицæн кæны Чысангом Арагуийы комæй, йæ рагъыл уагъд у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæн. Цæугæдæттæ иууылдæр æвзæрынц Хуссар Ирыстоны зæххы æмæ иууылдæр сты хæххон. Стырдæр цæугæдæттæ сты Стыр Леуахи (115 км), Чысыл Леуахи (46 км) æмæ Чысандон (54 км).

Хуссар Ирыстоны бæстыхъæд у ромыл. Бæстыхъæды стыр хайад исынц хæхтæ. Уыдон æвзарынц дымгæйы æздæхт. Стыр Кавказы рагъ та нæ уадзы уазал дымгæтæ цæгатæй, æмæ Хуссар Ирыстоны уый тыххæй Цæгат Ирыстонæй хъармдæр вæййы. Бæстыхъæд тынг ивы цæгатæй хуссармæ. Уый у умæн æмæ цæгатæрдæм хæхтæ бæрзонддæр сты. Куыд уæлдæр хæхтæм, афтæ уазалдæр æмæ даргъдæр зымæг.




#Article 642: Айларты Измаил (135 words)


Айларты Харитоны фырт Измаил (райгуырдис Хъæдысæры 1924-æм азы 22 августы, амардис 2018-æм азы 14 декабры) у ирон  æмæ , Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг. Айларты Измаилы стырдæр уацмыс роман «Мамысоны æфцæгыл» у йæ райгуырæн бынаты тыххæй.

Измаил райгуырд зæхкусæг бинонты астæу 1924-æм азы 22 августы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хъæдысæры хъæуы. Айларты Измаилы фыд Дзаххотт (йæ аргъуыды ном Харитон) райгуырд Хъæдысæры 1887-æм азы. Измаилы мад Челдыты Мелыкъо амард 73-азыкконæй. Йæ фыдымад Чабæ уыди Нузалы цæрæг Хаситы чызг.

Измаил æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта Кировыхъæуы скъолайы 1938 азы. 1940 азы фыццаг хатт Æрыдоны районы газеты мыхуыргонд æрцыдысты Измаилы дыууæ æмдзæвгæйы æмæ йын ныфсы хос фесты. 

Фыдыбæсты Стыр хæсты райдайæн бонтæ Измаилы æрыййæфтой Хъæдысæры. Дыууæ азы бакуыста Мамысоны æфцæгыл æфсæддон фæндаг аразджытимæ — цалцæггæнджытимæ, уый фæстæ уыд хыгъдхæссæг «Сталины номыл» колхозæн. 1945-1949 азты куыста йæ райгуырæн хъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй. 




#Article 643: Мария Шварновна (102 words)


Мария Шварновна (райгуырдис 1171-æм азы — амардис 19 мартъийы 1205-æм азы Владимиры) — Владимиры стыр кънйаз Всеволод Стыр Ахстоны ус. Уыдис аллон паддзахы чызг (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ моравиаг уыдис).

Всеволоды усæй уæвгæйæ рауагъта 12 сывæллоны (уымæй йæ лæджы фæсномыг). Уцы сывæллæттæй цыппар систы Владимиры стыр кънйæзтæ (Константин, Юрий, Ярослав æмæ Святослав).

Марияйы хо Аннæ дæр уырыссаг кънйазмæ чындзы фæцыдис — уый уыдис Черниговы кънйаз Мстиславы ус, уымæн райгуырдис цыппар сывæллоны.

Мария сæвæрдта цалдæр моладзандоны бындур, уыдонæй зындгонддæр у Владимиры Успенский Княгинин монастырь; ныр дæр кусы. Мария æмæ йæ хо Аннæйы ингæнтæ уыцы моладзандоны сты.

Марияйы ном православон чырыстæттæ арынц куыд  усы ном.




#Article 644: Гагабарз (162 words)


Гагабарз кæнæ Гагайы бæрзонд у хох æмæ хъæды ном Цæгат Ирыстоны. Хохы бæрзæнд у 1012,1 м. Ис хъæу Дзуарыхъæуы цур.

Куырттаты коммæ фæзилæны, Дзуарыхъæуы бакомкоммæ, Фыййаджыдоны галиуфарс хæрдмæ бæрзонд фæцыд рагъ. Хæстæг хъæуты цæрджытæ йæ хонынц Гагабарзы рагъ. Æмæхгæд у алыхуызон бæлæстæй. Зайы йыл тæрс, фатхъæд, сусхъæд, тæгæр, кæрз, хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуы, бал æмæ æндæр бæлæстæ. Рагъы бын цы къудзитæ зайы, уыдоны ’хсæн ис мыртгæ, æхсæр, уагъылы, мугæ, æхсынцъы, дурвæткъуы æмæ æндæр бæлæстæ. Рагъы фæхстыл цы бæлæстæ зайы, уыдонæй иуæй-иутæ ирон адæмы фыдæлтæн уыдысты ориентиртæ æмæ сæ хуыдтой сæрмагонд нæмттæй: хæстæисæн бæлас, галбæлас, дзæгъæл бæлас, цъуппæхсæст бæлас æмæ æнд. Гагабарзæй ма ирон адæмы фыдæлтæ пайда кодтой, цыма сын зæххы куыстытæ зонæн къæлиндар уыди, уый хуызæн. Дзуарыхъæуы зæронд цæрджытæй Куыдзиаты Алхæст, Гайси, Цопанаты Арсæмæг æмæ Мырзайæ фехъуыстон ахæм ныхæстæ: «Уалдзæг у, уалдзæг сыфтæр рагъыл хæрдмæ, хъæды сæрмæ фæцæуы, хæстæисæн бæлас къуыбыр æфтауы, нартхор тауынæн фæстиат нал хъæуы». Кæнæ та: «Сыфтæр хъæды сæрмæ схæццæ ис, нартхор тауынæн ныр æрæджы у» æмæ афтæ дарддæр.




#Article 645: Дарвин, Чарльз (258 words)


Чарльз Роберт Дарвин ( []; 1809-æм азы 12 февралы — 1882-æм азы 19 апрелы) уыдис англисаг натуралист æмæ бæлццон. Йæ хъуыдытæ æрдзон æвзæрсты тыххæй систы нырыккон эволюцийы синтетикон теорийы бындур.

Чарылз Ро́берт Да́рвин (англ. Charles Robert Darwin; 12 февралы 1809 азы — 19 апрелы 1882) — английсаг натуралист æмæ бæлццон, фыццаг, чи йæ балæдæрдта æмæ равдыста, алкæцы удæгас организм иумæйаг фыдæлтæй кæй эволюци кæны рæстæджы мидæг.
Йæ теорийы, кæцы фыццаг хатт мыхуыр æрцыд 1859 азы, Хуызты равзæрд-ы, эволюцийы сæйраг змæлдых Дарвин  схуыдта æрдзон æвзæрст æмæ æбæлвырд фæлдурæн. 

Чарылз Дарвин рацыд нонкомформистонты æхсæнæй. Кæд æмæ йæ иуæй-иу бинонтæ æргомæй идæудтой традицион религиозон уырнынадтæ, сæрæй йæхуыдтæг дæр нæ дызæрдыггаг кодта Библийы буквалон уацады. Цыдис англикайнаг скъоламæ, фæстæдæр та, Кембриджы, ахуыр кодта англикайнаг теологи, цæмæй пастыр суа, æмæ уыди Уильям Пейлийы телеологикон аргументы фыдуырнæг, кæцымæ гæсгæ, æрдзы зынгæ рæзумон арæзт, дакъаз кæны Хуыцауы уæвынад. Фæлæ йæ уырнынад райдыдта æнкъуысын фурдбалцы Бигылыл. Дарвин гуырысхойыл æфтыдта ахæм фæлгондзтæ, дисгæнгæ, зæгъæм, арфдоны æвиллон фæлдисондтыл, кæдон-иу ахæм æрфыты цæрынц æмæ сын сæ рæсугъддзинадæй дæр ничи бафсæддзæн; барызтис-иу, куы-иу федта дыдынбындзы сынтъыты æндзыггæнгæйæ , цæмæй сæ фæстæдæр æгасæй йæ быртæн, йæ едзæтæн, бахæрын кæна. Фæстаг дæнцы уыдта æргом ныхмæдзырдтæ Пейлийы ныхæстæм хæрзæгас дунескондыл. Бигылыл дондзæугæйæ, Дарвин ма ортодоксалон хъуыдытыл хæцæг уыди æмæ йæ бон бæргæ уыди Библийы авторитет моралы фарстаты æрхæссын, фæлæ куыд фæстагæй-фæстагмæ, афтæ райдыдта креацион концепцимæ кæсын куыд мæнгонмæ æмæ æнæууæнкмæ: «…æрцыдтæн уый æмбарынадмæ æмæ Зæронд Фæдзæхст, йæ дунейы историйы тыххæй æргом сайдимæ, йæ Вавилойнаг мæсыгимæ, арвыронимæ, фæдзæхсты нысаны бæсты æмæ а.д... Нæу индийæгты чингуытæй, кæнæ та исты хъæддаг адæмы уырнынандтæй, фылдæр æууæнчы аккаг.»




#Article 646: Родс, Сесиль Джон (163 words)


Сесиль Джон Родс (, 1853-æм азы 5 июлы — 1902-æм азы 26 мартъийы) — англисаг æмæ хуссарафрикæйаг политикон архайæг, амалиуæггæнæг, англисаг колониалон экспансийы идеолог æмæ йæ разæнгардгæнæг, алмасикъахæн компани «Де Бирс»-ы бындурæвæрæг.

Сесил Родс йæхи нымадта Британийы империйы идеологтæй иу премьер-министр Бенджамина Дизраэлийы фæдоныл. Дизраэлимæ гæсгæ Стыр Британийы уæвынæн ахсджиаг у йе ’гæрон колониалон экспанси. Сесил Родс «Уырнынады символ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ цы чиныг ныффыста, уый мидæг фыссы, дунейы хицауад хъуамæ суа амалхъомтæ æмæ политикты сусæг къорд. Уыцы къорд, дам, хъуамæ йæхи дæлбар бакæна «хъæддаг дунейы» алы адæм дæр æмæ, дам, уый фæстæ «æппæтдунеон империйыл» æцæгæй дæр Хурзæрин никуы кæндзæн ныгуылгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Родсы хъуыдымæ гæсгæ уыцы ног дунейы разæнгардгæнджыты бынатмæ схызтаиккой англис. «Мæн фидар уырны, — фыста Родс, — мах дунейы æппæты хуыздæр наци кæй стæм, уый. Æмæ та дунейы цас фылдæр хай æрцæрын кæндзыстам мах, уыййас хуыздæр уыдзæн æппæт адæймагадæн дæр». Уыдæттæ куы фыста, цыдис ыл фонд æмæ ссæдз азы.

Сесиль Джон Родс амардис 48-аздзыдæй. Бинонтæ йын нæ уыдис.




#Article 647: Ирландийы музыкæ (450 words)


Ирландийы музыкæ — у иугуыр æмбарынад, кæцыйæ пайда кæнынц Ирландийы сакъадахы фæлдыст алыхуызон музыкæ фæнысан кæнынмæ.

Ирландиаг музыканттæ разагъды уыдысты Европæйæн йæ алыран дæр XII-æм æнусæй фæстæмæ. Ног дуджы тæккæ зынгæдæр ирландиаг музыкант уыдис къуырма фæндырдзæгъдæг Турлаф O’Каролан (1670—1738), кæцы сфæлдыста 200 композицимæ ’ввахс, сæйрагæй, йæхи сæрылхæцгуытæн. Йе сфæлдыстадæй дзæвгар хай публикацигонд æрцыди Дублины 1720-æм азы. Йæ музыкæ, кæцы Турлаф О’Каролан барæй фæндырæн ныффыста, абоны онг дæр æппæт дунейы цæгъдынц. Кæмдæр ацы рæстæджы æвæрд æрцыд арвылазыккон фестиваль Фейш, кæцы фæлдыстæуыди уадындзæй зарыны аивад хъахъхъæнынæн æмæ талас кæнынæн.
 

Ирландиаг адæмон музыкæ у бирæ алыхуызон: авдæны æмæ фынджы зарджытæ, цадæг инструменталон композицитæ æмæ рог кафтытæ, æмæ дзы дзæвгар бынат ахсы ритм æмæ мелодийы нюансты æмæ вариациты пайдакæнынад.  Традицион ирландиаг кафты музыкæ йæхимæ ’фтауы рилтæ (сæ музыкалон бæрц у 4/4), джигæтæ (сæ тæккæ арæхдæр бæрц у 6/8) æмæ хорнпайптæ. XIX-æм æнусæй райдайгæйæ Ирландийы мидæг популярон сси полькæ, кæцыйы æрбахастой кафты ахуыргæнджытæ æмæ Европæйæ чи æрыздæхтысты, уыцы салдаттæ. Сеты кæфтытæ æнхъæлгæйæ кафынц Ирландийы XVIII-æм æнусæй фæстæмæ. Уымæй фæстæдæр куыд шотландиаг   страспейы кафты вариант Ирландийы фæзынди мазуркæ.
 
XX-æм æнусы райдыдта ирландиаг традицийы ногæй æвзæрынад: популярон систы аккордеон æмæ концертинæ, æххæст кодтæуыдысты ирландиаг степы æмæ кейлийы кафыны ерыстæ, кæцыты арæх талас кодтой ахуырадон системæ æмæ патриотон организацитæ. Популярон сси шан-нос (, «зæронд стиль»), зарджытæ æмæ кафтыты  зæронд стильмæ гæсгæ цæгъдынад.

Белфасты артистты фестивалы 1792-æм азы Эдвард Бантинг сцæттæ кодта традицион ирландиаг  мелодиты æмæ зарджыты фыццаг æмбырдгонд, кæцы рауагъта 1796-æм азы. Томас Мур, ирландиаг поэт, арæх пайда кодта Бантингы куыстытæй йæ зынгæ æмбырдгонды «Ирландиаг Мелодитæ», кæцы фыццаг рауагъд æрцыди 1807-æм азы.
 
Ирландиæгты АИШ-мæ иугуыр эмиграцийы руаджы, ирландиаг музыкæ разагъды сси Америкæйы, уырдыгæй та — дунейы æппæт рæтты;  гастролты чи уыдысты, уыцы музыканттæ, сæхи радæй, сæ цæгъдыны стильмæ æфтыдтой проамерикæйаг ивддзинæдтæ.

Музыкæйæн йæ классикон хуызтæ Ирландийы  бæрæг нæ уыдысты XVIII-æм æнусы агъоммæ. Пианист Джон Филд, уырыссаг композитор Михаил Глинкайы ахуыргæнæг, уыди фыццаг ирландиаг композитор, кæцы райста æппæтдунеон разыдзинад йæхи ноктюрнты руаджы; уый нымад у куыд Фредерик Шопены разфæзынæг. Майкл Уильям Балф разагъдыдзинад райста йæ оперæ «Богемæйаг чызджы» руаджы. Тæккæ зынгæдæр ирландиаг солистты 'хсæн уыдис концертон æмм оперæйон тенор Джон Маккормак.

XX-æм æнусы Ирландийы арæх рапарахат уыди рок-музыкæ. Тæккæ зынгæдæр  систы My Bloody Valentine, U2, Thin Lizzy æмæ The Cranberries.
 
Æнæуый фæзынди адæмон музыкæ æмæ кафтытæм интерес дæр. Фæзындысты бирæ фолк-музыкалон коллективтæ: Cruachan, Clannad, The Chieftains, The Dubliners, Planxty.  Стыр æнтыст ахсы ахæм коллективты кафты шоутæ: Lord of the Dance, Feet of Flames æмæ  Майкл Флэтлийы Celtic Tiger, Riverdance æмæ Колина Данны Dancing on Dangerous Ground æмæ Джин Батлер, кæцытæн сæ бындур у традицион ирландиаг кафт. Культурæ æмæ æгъдæуттæм цæст дарынц популярон æмæ альтернативон музыкæйы ирландиаг минæвæрттæ: The Corrs, Шинейд О’Коннор, Энийæ (Энья Патриша Ни Бреннан), йæ хо Мойæ Бреннан (Майрæ Филомена Бреннан), Ронан Китинг, Тара Блейз, Брендан Перри.

 




#Article 648: Ирландиаг адæмон музыкæ (200 words)


Ирландиаг адæмон музыкæ у ирландиаг адæмы традицион музыкæ. У бирæхуызон: авдæны æмæ фынджы зарджытæ, цадæг инструменталон композицитæ æмæ рог кæфтытæ, æмæ дзы дзæвгар бынат ахсы ритм æмæ мелодийы нюансты æмæ вариациты пайдакæнынад.  Традицион ирландиаг кафты музыкæ йæхимæ ’фтауы рилтæ (сæ музыкалон бæрц у 4/4), джигæтæ (сæ тæккæ арæхдæр бæрц у 6/8) æмæ хорнпайптæ. XIX-æм æнусæй райдайгæйæ Ирландийы мидæг популярон сси полькæ, кæцыйы æрбахастой кафыны ахуыргæнджытæ æмæ Европæйæ чи æрыздæхтысты, уыцы салдæттæ. Сеты кæфтытæ æнхъæлгæйæ кафынц Ирландийы XVIII-æм æнусæй фæстæмæ. Уымæй фæстæдæр куыд шотландиаг   страспейы кафты вариант Ирландийы фæзынди мазуркæ.
 
XX-æм æнусы райдыдта ирландиаг традицийы ногæй æвзæрынад: популярон систы аккордеон æмæ концертинæ, æххæст кодтæуыдысты ирландиаг степы æмæ кейлийы кафыны ерыстæ, кæцыты арæх талас кодтой ахуырадон системæ æмæ патриотон организацитæ. Популярон сси шан-нос (, «зæронд стиль»), зарджытæ æмæ кæфтыты  зæронд стильмæ гæсгæ цагъд.

Белфасты артистты фестивалы 1792-æм азы Эдвард Бантинг сцæттæ кодта традицион ирландиаг  мелодиты æмæ зарджыты фыццаг æмбырдгонд, кæцы рауагъта 1796-æм азы. Томас Мур, ирландиаг поэт, арæх пайда кодта Бантингы куыстытæй йæ зынгæ æмбырдгонд «Ирландиаг Мелодитæ»-йы, кæцы фыццаг рауагъд æрцыдис 1807-æм азы.
 
Ирландиæгты АИШ-мæ иугуыр эмиграцийы руаджы, ирландиаг музыкæ разагъды сси Америкæйы, уырдыгæй та — дунейы æппæт рæтты; гастрольты чи уыдысты, уыцы музыканттæ, сæхи радæй, сæ цæгъдыны стильмæ æфтыдтой проамерикæйаг ивддзинæдтæ.




#Article 649: Хъотайты Алан (104 words)


Хъотайты Шотайы фырт Алан (райгуырдис Цхинвалы 1973-æм азы 15 мартъийы) у Цхинвалы мэры фыццаг хæдивæг.

Хъотайты Алан райгуырдис Цхинвалы. Йæ фыд, Хъотайты Иваны фырт Шота — агроном; мад, Хасситы Георгийы чызг Залдуз — хæдзаргæс. Æфсымæртæ: Хъотайты Олег — ГМИ-йы студент (Дзæуджыхъæу); Хъотайты Аслан — ОМОН МВД РФО-йы батальоны командиры хæдивæг, дæлбулкъон; Хъотайты Беслан — ОМОН МВД РФО-йы оперативон радгæс, капитан; Хъотайты Сослан — ОМОН МВД РФО-йы ротæйы командиры хæдивæг, хистæр летейнант; Хъотайты Руслан — РФО-йы Арæнгæрон службæйы инспектор, хистæр летейнант.

Каст фæци ХИПИ-йы филологон факультет 1994-æм азы. Зоны ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ.

Хъотайты Шотайы фырт Аланæн ис бинойнаг. Хъомыл кæны чызг æмæ лæппуйы.




#Article 650: Мазуркæ (156 words)


Мазуркæ () — польшæйаг адæмон кафт.

Кафты ном равзæрдис Мазовийы цæрджытæй — мазуртæй, кæцытæн фæзынд ацы кафт. Музыкалон бæрц у 3/4 кæнæ 3/8, темп у рог. Арæх æмæ цырд акценттæ, кæцытæ рацæуынц дыккаг кæнæ æртыккаг такты хаймæ. XVII-æм æнусы мазуркæ бафтыд польшæйаг зæхкусджыты кæфтыты нымæцмæ. XIX-æм æнусы рапарахат у куыд балон кафт Европæйы бæстыты.

Æцæгæй, ном «мазуркæ» пайда кæны æртæ адæмон польшæйаг кафты нысанкæнынмæ. Сæ фыццаг у  мазур. Оберек у мазуры хуыз алы дыккаг такты æртыккаг хайыл акцентимæ. Куявяк у лирикон музыкæ, йæ æртæхайынад у вальсы хайынадмæ ’ввахс; у мæты кæнæ мысæны кафт.

Мазуркæ ахсы зынгæ бынат польшæйаг музыкалон культурæйы аразынады процессы. Мазуркæ классикон музыкæйы æндæртæй фылдæр баст у Ф. Шопены номимæ, кæцы ныффыста 60 мазуркæйы фылдæр.

Уырыссаг музыкæйы бæрæг сты уыцы композитортæ, мазуркæтæ кæцытæ фыстой: Михаил Глинка, Пётр Чайковский, Анатолий Лядов, Александр Скрябин, Александр Глазунов.

Композитор Пуни балет «Конёк-горбунок»-æн музыкæ куы фыста, уæд фæстаг архайды йæхи мазуркæйæн пайда кодта зарæг «Жил-был у бабушки серенький козлик»-æй.




#Article 651: Тедеты Рюрик (122 words)


Тедеты Къостайы фырт Рюрик (зындгонд у куыд Скифирон дæр; 1938–1991), зындгонд ирон поэт, фыссæг.

Райгуырдис Хуссар Ирыстоны Къуылыхты хъæуы. Каст фæци Хъорнисы астæуккаг скъола, Кæсæг-Балхъары паддзахадон университеты историон-филологон факультет æмæ Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæ. Куыста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæгат Ирыстоны районты газетты, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады референтæй, Хуссар Ирыстоны æмæ Гуры пединститутты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы ахуыргæнæгæй, чиныгуадзæн «Ирыстон»-ы редакторæй, Хуссар-Ирыстоны зонадон-иртасæг институты хистæр зонадон кусæгæй.

Скифироны æмдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Уадындз» рацыди 1965-æм азы Цхинвалы. Æмдзæвгæтæй уæлдай ма фыста уацаутæ, радзырдтæ, критикон уацтæ. У дыууæтомон стыр куыст «Коста в жизни»-йы автор. Фыццаг том рацыди 1984-æм азы Цхинвалы, дыккаг та — 1989-æм азы, уый дæр Цхинвалы.

Йæ поэтикон чингуыты сæйрагдæртæ сты «Лирикæ» (Цхинвал, 1973), «Лирикæ-2» (Цхинвал, 1980).




#Article 652: Пысыра (117 words)


Пысыра, , пурса (латинаг классификацимæ гæсгæ Urtica) хъæздыг у алыхуызон витаминтæ æмæ микроэлементтæй. Ис дзы: витаминтæ К, С æмæ В гликозид, пантотены туагад, эфиры зетитæ, сæкæр, æфсæйнаг, кальций, калий, сондон æмæ æндæртæ.

Пысырайы сыфты дон хорз ахъаз у туг буарæй æддæмæ куы фæхъары, уæд уый ныууромынæн, доны хуыпп цæмæй тагъддæр æвзæра, уымæн, буары тæвд æрæппарынæн, хъæдгæмттæ тагъддæр байгас кæнынæн.

Æндыснæгæй чи фæсæйы, уымæн йæ фæтасæнтæ тынг куы фæриссынц, уæд уыцы риссаг бынæттыл пысырайы сыфтæ куы сæвæрай, уæд сæ рыст иуцасдæр фæкъаддæр вæййы. Уæдæ йæ уидæгты цы сæкæр ис, уый æххуысæй та фæрогдæр вæййы рынчыны хуыфæг, йæ хæппæр феуæгъд вæййы æмæ æнцондæрæй схауы.

Пысырайы æвзартæм ахæрынмæ цы ирон лæг нæ бабæллы, ахæм бирæ нæй, адджынæн сæ фæхæрынц æууæрцъыгондæй.




#Article 653: Гусалты Виталий (208 words)


Гусалты Михалы фырт Виталий райгуырди Цæгат Ирыстоны Даргъ-Къохы (Быдыры Хъахъхъæдуры) интеллигенты хæдзары. Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд кусын райдыдта Кировы районы газет «Размæ»-йы. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты ирон-уырыссаг хайадмæ.

Къорд азы бакуыста радиойы, телеуынæны, цы университеты ахуыр кодта, уым, стæй наукон-иртасæн институты. Бирæ фыдæбон бакодта йæ ахуыргæнæг Абайты Вассойы сфæлдыстад ирон дзыллæйы ’хсæн парахат кæныныл, сарæзта йыл документалон киноныв дæр. Уый хуымæтæджы нæ уыди: стыр аргъ кодта Витали Иры номдзыддæр лæгæн, йæ царды фæстаг азты та ссис, Вассойы номыл Дзæуджыхъæуы цы Центр арæзт æрцыд, Скифаг-алайнаг иртасæнты Центр, зæгъгæ, уый разамонæг.

Гусалы-фырт сарæзта æмæ бæрнон редактор уыди Абайты Вассойы «Æвзæрст куыстытæн» — мыхуыры дзы рацыди дыууæ томы — 1990 æмæ 1995 азты Дзæуджыхъæуы. Виталийæн æнгом бастдзинæдтæ уыди, фæсарæнты ирон æвзаг, эпос æмæ аланты истори чи иртасы, уыцы ахуыргæндтимæ, æмбæлди семæ, уыдон æххуысæй уадзын райдыдта сæрмагонд журнал «Nartamongæ». Ацы фарны хъуыддаг ма дарддæр бæргæ ахæццæ кодтаид, фæлæ йæ мæлæт нал бауагъта — æнæнхъæлæджы цардæй ахицæн 2004 азы 27 июлы.

Витали æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, саби ма куы уыд, уæд, фæлæ иудадзыг нæ кодта ацы куыст, фæстагмæ та йæ бынтондæр ныууагъта — йе ’ргом тынгдæр аздæхта зонадмæ. Поэтикон курдиатæй цух кæй нæ уыд, уымæн та æвдисæн — нæ антологимæ йын цы æмдзæвгæтæ бахастам, уыдон.




#Article 654: Андиаты Сослан (145 words)


Андиаты Пётры фырт Сослан (райгуырдис 1952-æм азы 21 апрелы Дзæуджыхъæуы, амардис 2018-æм азы 22 ноябры) у уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы авд хатты чемпион (1973-1978, 1980), Европæйы æртæ хатты чемпион (1974, 1975, 1982), Дунейы цыппар хатты чемпион (1973, 1975, 1977, 1978), Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион (1976, 1980).

Скъолайы ахуыр кæнгæйæ Сослан фæцалх баскетболæй хъазыныл. Фæлæ йе ’фсымæрты амындмæ гæсгæ йæхи фæлварын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты. Афтæмæй Сослан ссис Дзгойты Аслæнбеджы ахуыргæнинаг. Уый амындмæ гæсгæ хъаруджын æмæ ныфсджын Сосланы арæхстдзинад бонæй-бонмæ рæзыдис.

Аслæнбеджы фæстæ (уый æндæр горæтмæ ацыдис), Сосланы хъæбысæй хæцынмæ цæттæ кæнын бæйдыдта йæ хистæр æфсымæр Геннади. Уый руаджы Сослан йæ фыццаг сыгъзæрин майдан райста Советон Цæдисы фæсивæды чемпионаты, фæстæдæр та дунейы ерысты бацахста дыккаг бынат æмæ райста æвзист майдан.

Сослан йæ лæгдзинад æрмæст спорты нæ равдыста. Ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон хъæууонхæдзарадон институтмæ, экономикон факультетмæ. Уый фæстæ бацыдис аспирантурæмæ, бахъахъхъæдта диссертаци æмæ сси экономикон зонæдты кандидат.




#Article 655: Дударатæ (243 words)


Дударатæ () сты ирон мыггаг. 

Дударатæ æмæ Слонатæ иу мыггаг сты. Сæ фыдæлтæ: Дудар æмæ Сахъман æрбафтыдысты Асыйæ. Асымæ та, куыд дзурынц, афтæмæй Араббы бæстæй æрбафтыдысты. Сахъман чи у, уый баззади Асыйы. Дудар ацыди Гуырдзыстонмæ. Уым æрбынат кодта, ракуырдта ус, райгуырд ын дыууæ лæппуйы. Лæппутæй иу баззадис уым, иннæ рацыд Дайраны комыл Ларсмæ, æмæ уым æрцарди. Уым ын райгуырд фырт, сывæрдтой йыл ном Дудар. Куы слæг ис, уæд хъаруджын разындис æмæ Арвыкомæн хицаудзинад райдыдта. Дударæн йæ цот Ларсы бакъорд сты. Иухатт Дайраны нарæджы Дудары цот цæуылдæр фæбыцæу сты грекъæгтимæ æви гуырдзыимæ — уый не сбæрæг, æмæ уыдон ныццагътой Дудараты. Аирвæзт ма сæ æрмæст иунæг сылгоймаг. Уый бамбæхст Ларсы лæгæты. Ус уыди сывæрджын. Райсом куы сбон и, уæд лæгæты сæры лæгъзмæ ссыд æмæ уым бафынæй. Хурмæ куы хуыссыди сылгоймаг, уæд йæ гуырдз фыццаг хатт сызмæлди. Афтæмæй йæ хъомгæс баййæфта æмæ йæ ауæй кодта кæсгон æлдарæн, Кæсæджы усæн райгуырди лæппу. Сывæрдтой йыл ном Дудар. Куы бахъомыл ис, уæд æрæздæхт Ларсмæ. Уым цæрынтæ байдыдта. Гъе уыцы Дударæн уыди æртæ фырты — Дзаххотт, Ахмæт æмæ Долæтмырзæ. Дзаххот Ларсы баззад, Ахмæт рацыд Цымимæ æмæ Долæтмырзæйы арвыстой Бæлтамæ, цæмæй Арвыком сæ къухæй ма аирвæза.

Мæхъæлы Тъойыхъæуы иу æртиссæдз хæдзары цæры Дударатæй. Сæ кæрæдзимæ зианмæ дæр цæуынц, цинмæ дæр.

Дудараты хонынц Слонатæ дæр, Хуры фырттæ дæр, Хъомгæсы фырттæ дæр сæ хонынц. Хуры фырттæ уымæн, æмæ уыцы сылгоймаг хурмæ кæй бахъарм, æмæ фыццаг хатт уæд кæй сызмæлд йæ гуырдз, уый тыххæй. Хъомгæсы фырттæ та, сылгоймаджы хъомгæс кæй ауæй кодта, уый тыххæй.




#Article 656: Хъæбæлотæ (122 words)


Хъæбæлотæ () сты дыгурон мыггаг.

Сæ мыггаджы фыдæл — Аурун. Алантæй равзæргæ лæгæн уыд фырт Аурун, уымæн та — Хадраки, уый 1580 азы Гуырдзыйæ æрбалыгъд Стыр Дыгурмæ. Уым ын райгуырд фырт — Адас. Адасæн та уыд дыууæ фырты: Тедто æмæ Хъантемыр. Хъантемыр йе ’фсымæрæй рахицæн, уыди йын фырт Гадзау æмæ, дам, Гадзауты мыггаг уый номæй равзæрдис, Адасы иннæ фырт Тедто та ракуырдта Стыр Дыгуры Хæмыцаты чызджы. Уымæй Тедтойæн райгуырд цыппар фырты: Хъæбола, Бийазæр, Кудзе, Дзаку. Ацы æфсымæртæ куы слæгтæ сты, уæд сæ мыггæгтæ ныффыстой Хъæбæлотæй. Хъæбæло йæ цæрæнбынат Стыр Дыгурæй раивта Лезгормæ, Кудзе фæлыгъд Мæздæгмæ, Бийазæр баззад Стыр Дыгуры, Дзакуйы фырт Хъулишхъо та фæлыгъд Кæсæгмæ — Ерохъыхъæумæ. Сæ цæуæт иууылдæр сæхи фыссынц Хъæбæлоты мыггагыл. Хъæбæлотæ сыгъдæг гуырдзиаг мыггаг сты. Аурун гуырдзиаг уыд.




#Article 657: Джиголатæ (245 words)


Джиголатæ (, ) сты ирон мыггаг. 

Таурæгъ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Джиголатæ Чысыл Леуахигомы Гнасуры хъæуæй æрцыдысты, ныр Сæрибар цы хъæу хуыйны, уырдæм. Уæд Джиголатæй дыууæ лæппуйы уыдысты цуаны æмæ æрхаудтой, Сæрибары хъæу кæм ис, уыцы бынатмæ. Ацы бынат сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ фæстæмæ куы баздæхтысты, уæд Джиголатæн сæ иу хай ракодтой цæрынмæ ног бынатмæ. Ацы бынаты цæрæг кæй нæ уыд, сæрибар кæй уыд, уымæ гæсгæ схуыдтой сæ хъæу «Сæрибар». Бирæтæ сæ алыгъдысты Дменисмæ.

Гнасур уыд æфцæгыл, Ацъырсхеу æмæ Сиатæй уæлдæр. Уырдыгæй сæ иу хай ралыгъд зæххагур, æрбынат кодтой Дменисы, хонынц ма йæ Уалытыхъæу дæр.

Джиголатæн æрвадæл мыггæгтæ сты: Гуыззыттатæ, Нарыкъатæ, Гелитæ. Гелитæ Джиголатæй равзæргæ мыггаг сты. Джиголатæй иу лæг ракуырдта, йæхи бар чи нæ уыд, ахæм ус. Бинонтæ ацархайдтой, цæмæй йæ фæстæмæ арвыстаиккой, фæлæ йæ лæг бирæ уарзта æмæ йæ нæ арвыста. Райгуырд лæппу. Гуыбыны æрхæсгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой Гери, сæ мыггаг дæр схуыдтой Геритæ-Гелитæ. Æнæуи Джиголатæй уыдысты. Цæрынц Цъалайы хъæуы. Джиголатæн сæ дзуæрттæ Гнасуры уыдысты — Бæрзонддзуар, Мæсгуытыдзуар, Мидгъайыдзуар. Бæрзонддзуарæн куывтой Дауджыты хуыцаубоны. Йæ размæ сабат та уыд Мæсгуытыдзуарыбон. Дыууæ бæрæгбоны дæр æргæвстой уæрыччытæ. Мидгъайыдзуарыбон та вæййы Дауджыты хуыцаубоны размæ сабаты. Уымæн дæр кусарт вæййы. Иумæйаг кусарт нæ кæнынц. Дменисы ма цæрынц Габойтæ. Габотæ æмæ Габойтæ иу мыггаг сты, Лолойтæ æмæ Лолайтæ дæр иу мыггаг сты, фæлæ Гæджитæ æмæ Гаджитæ хицæн мыггæгтæ сты. Ам Уалыты хъæуы Джиголатæ, Уалытæ, Къусратæ кувынц Сыгъдæг Маринейæн. Лолойтæ ардæм æрлыгъдысты Годжийы хъæуæй — Орбозалайы æфцæджы цур ис. Раздæр та цардысты Гудисы. Сæ хъæу схуыдтой Лолотыхъæу.




#Article 658: Нанитæ (119 words)


Нанитæ () сты ирон мыггаг.

Раджы кæддæр Сажилзазы хъæуы — хауы Дзауы районмæ — царди лæг, йæ ном уыд Кошой. Кошойæн уыд цыппар фырты: Бæза, Нани, Нартых æмæ Диакъон. Уыдон нæмттæй рацыдысты мыггæгтæ: Бæзатæ, Нанитæ, Нартыхтæ æмæ Диакъонтæ. Нанийæн уыд фырттæ: Бошо, Буда, Доле, Хъарадзау æмæ Базыр. Долейæн амард йæ фырт, йæ чындз йæхи бар нæ уыд, афтæмæй баззад, фæлæ æгъдау домдта, цæмæй йæ цæгатмæ ацыдаид. Йæ цæгаты йын райгуырд фырт, схуыдтой йæ Къуылых, чи зоны, йæ мад къуылых кæй уыд, уымæ гæсгæ. Лæппу йæ лæджы кармæ куы схæццæ, бинонты хицау куы ссис, уæд йæ мыггаг рауад йæ номæй — Къуылыхтæ. Афтæмæй æввахс хæстæг æрвадæлтыл нымац цæуынц Бæзатæ, Нанитæ, Нартыхтæ, Диакъонтæ æмæ Къуылыхтæ. Нанитæ бындуронæй цардысты Начърепайы (Дзауы район).




#Article 659: Саулохтæ (189 words)


Саулохтæ () сты ирон мыггаг.

Таурæгъмæ гæсгæ, мыггаджы фыдæл Саулох цард Цæгат Иры Куырттаты комы. Уым лæг амардта æмæ алыгъд Хуссар Ирмæ. Ам æрцард Уанелмæ æввахс Дзидздзойты хъæуы — Стыр Леуахийы комы. Дзидздзойтæ Саулохы хорз суазæг кодтой, ссис се ’рдхорд, уымæ гæсгæ фæстæдæр Саулохтæ æмæ Дзидздзойтæ сæхи æрвадæлтæ хуыдтой. Цардысты хæларæй, дардтой хорз бæхтæ. Иухатт бæхтæ кæрæдзийы атардтой æмæ Дзидздзойты бæхтæй иу былæй ахауд. Уый фæстæ Саулох сфæнд кодта ардыгæй алидзын, йæ фæндон загъта Дзидздзойтæн æмæ алыгъд Згъубирмæ. Уым хъæуæн йæ рахиз фарс æрцард, фæстагмæ дзы фæзынд Саулохтыхъæу. Саулохы агъоммæ ам цардысты Калмантæ, фæлæ Тырсыгоммæ алыгъдысты.

Дзидздзойтæм уыд иу æнæзæнæг бинонтæ. Уыдон ысхастой кæнгæ лæппу. Лæппу хуынд Хæныг. Лæппу куы байрæзт, уæд бахаудта Згъубирмæ. Бæстæ йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ ам æрцард, æркодта бинонтæ, рацыд ын зæнæг. Цот райстой мыггаг сæ фыды номæй — Хæныкъатæ. Хæныкъатæ се ’рвадæлтыл нымайынц Дзидздзойтæ æмæ Саулохты, фæлæ Саулохтæ æмæ Хæныкъаты ’хсæн чызг куырд æрцыд. Саулохтæ уæздан мыггагыл нымад уыдысты, æмæ-иу æндæр мыггæгтæ дæр сæхи Саулохтыл ныффыстой, кæд сын тугæй хæстæг нæ уыдысты, уæддæр. Саулохтæй бирæтæ алыгъд Гуры районмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сæхи гуырдзиаг здæхт — Саулохашвилитæ ныффыстой. Згъубиры Саулохтæ уыдысты дыууæ фыдыфырты: Уарихъатæ æмæ Хуымпæгтæ.




#Article 660: Хайтæ (179 words)


Хайтæ кæнæ Хуытæ, дыгуронау Хутæ () сты дыгурон мыггаг.

Гæзæнтæ æмæ Хуыты мыггагы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ фыдæл уыд алайнаг лæг, йæ ном хуындис Газай, цардис Уæлладжыры комы. Ам ын райгуырд дыууæ лæппуйы: кæстæры ном — Дзау, хистæры ном ничи хъуыды кæны. Гæзæнтæ æмæ Хуыты царды тыххæй ис дыууæ таурæгъы: фыццаг таурæгъ радзырдтой дзæуджыхъæуккаг Гæзæнты Резван æмæ Уæхъæцы цæрæг Гæзæнты Бегæз. Адон дыууæ дæр Хуыты мыггаджы фыдæлыл нымайынц Газайы. Газайы дам амардта йæ фырт Дзау æмæ фæлыгъд Дыгуры коммæ, Лезгоры хъæумæ. Ам ракуырдта Уаниты чызджы, райгуырд сын дыууæ фырты: Сата æмæ Бузар. Сатайы фырт хуынд Хуы æмæ, дам, Хуыты мыггаг Сатайы фырт Хуыйæ равзæрд. Ацы мыггаджы равзæрды тыххæй дыккаг таурæгъ радзырдта Хуыты Мухадин, Дзæуджыхъæуы цæрæг. Йæ хистæртæй куыд фехъуыста, афтæмæй, Хуытæ æмæ Газайы фыдæлтæ цардысты Уæллаг комы Хонсары хъæуы. Газайæн уыд дыууæ фырты. Йæ хистæр фырт лæг амардта, стæй Газайæн йæхи дæр амардтой. Газайы дыккаг фырт Дзау дæр Уæлладжыры комы кæйдæр амардта æмæ алыгъд Дыгургоммæ, æрцард Лезгоры, ракуырдта Уаниты чызджы, райгуырд сын дыууæ фырты: Бузар æмæ Сата. Афтæмæй Бузарæй равзæрд Гæзæнты мыггаг, Сатайæ та — Хуыты мыггаг.




#Article 661: Буратæ (111 words)


Буратæ () сты ирон мыггаг.

Бураты мыггаг Мидæггаг Уыналæй рацыд. Ныр дæр ма дзы ис Буратыдзуар. Уым сæ тыхджын мыггæгтæ домдтой. Уæд Буратæй иу лæг Захъхъамæ алыгъди. Уым дæр ын уый бæрц бынат нæ уыди æмæ та уырдыгæй дæр алыгъд Дзауы районмæ, Къабузтæм. Уым æрцарди. Пæррæст æмæ Бура æфсымæртæ уыдысты. Буратæ Къабузты куы ’рцардысты, уæд Тотратæ тыхджын мыггаг уыдысты æмæ сæ тыхсын кодтой, æддæмæ ракæсын сæ нæ уагътой. Тотратæй алы фыдыфыртæн дæр уыди мæсыг. Афтæмæй Гоготæ æмæ Огъуатæ сæ мæсгуыты бабадтысты æмæ хæцын байдыдтой кæрæдзиимæ. Гоготæ лæгæй фæцух сты æмæ сæ Огъуатæ æддæмæ ракæсын нал уагътой. Стæй Гогатæ Тотратæй æндæр фыдыфырт Ахлæуы балхæдтой, цæмæй Дауыты амара, фæлæ Дауыт йæхæдæг амардта Ахлæуы.




#Article 662: Дудиатæ (147 words)


Дудиатæ () сты ирон мыггаг.

Дудиатæ Хуссар Ирыстоны цардысты. Уырдыгæй ралыгъдысты Бызмæ. Лидзгæ та уымæн ракодтой, æмæ Дудиаты лæппу кæйдæр лæппуйы хъамайæ барæхуыста, æмæ уый фæкъуылых. Бызы сæ кæсгон æлдæрттæ хъалонæй тыхсын кодтой. Дудиатæм дыууадæс æфсымæры уыд. Уыдон хоскæрдынæй æрцыдысты, æмæ сын загътой, дæлæ та æлдар хъалонмæ æрбарвыста, зæгъгæ. Æфсымæртæй сæм иу балæбурдта æмæ æлдары амардта. Уыдон сæ мард аластой, фæлæ Дудиаты фæдыл зилын байдыдтой. Иуахæмы сæ иу лæппуйы аскъæфтой, хъуамæ йæ сæ мардæн ныффæлдыстаиккой. Фæлдисгæ та афтæ кодтой — хъуамæ кæй фæлдыстой, уымæн удæгасæй йæ цæст скъахтаиккой, йæ хъус ын алыг кодтаиккой сæ марды ингæны уæлхъус. Лæппуйы ингæнмæ куы бакодтой, уæд сын Ефенди афтæ: Дысон-бонмæ мæ хъуыраны кæсын æмæ афтæ амоны, ацы лæппу ахæм дзуарджын бæстæй рахастат, æмæ йæм куыддæр бавналат, æмæ дзы туг рауадзат, афтæ уын тынг æвзæр уыдзæн. Уæд лæппумæ нал бавнæлдтой. Ефенди дзы йæхицæн фырт скодта. Æмæ абон дæр, Дудиатæн æрвадæлтæ ис Кæсæджы.




#Article 663: Хозитæ (106 words)


Хозитæ (,  ხოზიშვილი, ხოზაშვილი) сты ирон мыггаг.

Хозитæ уыдысты Уæлладжырон, Æрхоны коймаг, Дæйыхъæуы цæрæг. Уыдысты бирæ æфсымæртæ. Иу сæрд хос карстой. Сæ цурты къахвæндагыл фæцæйцыд Æрхоны коймаг. Хозитæн «байриат» кæй нæ загъта, уый сын тынг хъыг уыд æмæ йæ амардтой. Туджджынæй зын цæрæн уыдис уыцы комбæсты æмæ Хозитæ Зругмæ балыгъдысты. Сæ гæды баззад, æмæ бирæ рæстæджы уасгæ рацу-бацу кодта. Схъæддаг ис æмæ сæ чъырынæй дарддæр хæдзармæ никæмæ цыдис. Уæдæй фæстæмæ комбæсты адæммæ æлгъыстæн баззад: «Хозиты гæдыйы уаст фæкæн», «Хозиты гæдыйау быныл баззай». Хозитæ Зруджы куы ’рцардысты, уæд Майрæмы кувæндон скодтой Зруджы рагон аргъуаны хæлдæй. 1936 азы Зруджы цæрджытæ иууылдæр ралыгъдысты быдырмæ Рассветмæ, æмæ Зруг æдзæрæгæй баззад.




#Article 664: Цопанатæ (117 words)


Цопанатæ кæнæ Цопантæ () сты дыгурон мыггаг.

Цопанæн цыппар лæппуйы райгуырд: Дзабо, Хъариа, Дзæгъæсхъо, Тæтæр. Уыдонæн сæ фыд загъта, алчи дæр уæ йæхицæн мыггаг скæнæт. Тæтæратæ æмæ Хъариатæ хицæн мыггæгтыл фыссын райдыдтой сæ цоты, иннæтæ, Цопантæй баззадысты. Ацы мыггагыл ма ис таурæгъ, уымæ гæсгæ Цопанты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Æрхоны Ос-Бæгъатыры фырт Цæразоны къабазæй — Елдзартæй. Елдзарæн уыд дыууæ фырты: Цопан æмæ Айдарухъ. Æфсымæртæ Уæлладжыры комы фæтуджджын сты æмæ сæ мыггаг раивтой, скодтой йæ сæ хистæр æфсымæр Цопаны номыл — Цопантæ, зæгъгæ. Æрбалыгъдысты Дыгургоммæ. Айдарухъ Стыр Дыгуры æрцард æмæ йæхи хуыдта Цопантæй. Цопанæн Къæмынты хъæуы райгуырд фырт — Болат. Болатæн дæр Хъараты чызгæй райгуырд фырт Болатыхъо. Уымæн дæр рацыд зæнæг. Цопантæй бирæтæ алыгъдысты Сындзыхъæумæ, Æрыдонмæ, Цыколамæ, Дзæгъæппарзмæ.




#Article 665: Мæхъитæ (251 words)


Мæхъитæ (, Макеевы; ) сты ирон мыггаг.

Мæхъитæн раджы сæ фыдæлтæ цардысты Челиаты, Дзукъаты фыдæлты фарсмæ. Мæхъитæ æмæ Дзукъаты ’хсæн рауадис дынджыр хыл. Мæхъитæй иу фыдыфырт Дзодзитæ Дзукъатæй лæгтæ амардтой. Уый тыххæй уыцы фыдыфырт, Дзодзитæ, ныууагътой сæ бæстæ, сæ хæдзæрттæ, сæ зæххытæ æмæ фæлыгъдысты. Мæхъитæн сæ иннæ фыдыфырттæ Зæгъæгатæ, Токотæ цæуæт ракодтой æмæ баззадысты цæргæйæ Челиаты. Челиаты фыццаг æрцардысты Мæхъитæ, Козатæ æмæ Боботæ. Уый фæстæ Сбайæ ардæм æрбалыгъдысты Абайтæ æмæ Дзукъатæ. Дзукъайæн райгуырд иу лæппу — Хизана. Хизанайæн райгуырд цыппар лæппуйы — Айтег, Дула, Тамаз æмæ Чех. Уыдон амыггаг кодтой æмæ сбирæ сты Дзукъатæ. Козатæ æмæ Боботæ хъыг дардтой Дзукъаты сывæллæтты, æмæ сæ Дзукъатæ фæсырдтой Челиатæй. Баззадысты ма Мæхъитæ. Уæд уыдоны фæсурын дæр сфæнд кодтой. Мæхъитæ уый куы базыдтой, уæд рацыдысты Гаглойтæм Къусджытæм æмæ сын загътой, зæгъгæ, мах уæ уазæг, Дзукъатæ нæ сурынц æмæ нæ бахъахъхъæнут. Æрмыдзыд сæм бакодтой — æз дæ уазæг куы бакæнин мæхи.

Гаглойтæ æрбацыдысты Челиатмæ æмæ бабадтысты Токоты — Мæхъитæй иу фыдыфырты мæсыджы. Дзукъатæ куы рамбырд сты, цæмæй Мæхъиты фæсурой, уæд Гаглойтæ мæсыгæй топп фехстой æмæ сæ Дзукъатæ топпы хъæрæй базыдтой, зæгъгæ, уый Гаглойты топпы хъæр у. Уæд æрлæууыдысты, æмæ сæм Гаглойтæ рацыдысты мæсыгæй æмæ сын загътой: Мæхъитæ мах уазæг бакодтой сæхи æмæ сæ ныууадзут. Мæхъитæ баззадысты Челиаты. Уымæ гæсгæ Мæхъитæ сæхи æрвадæл кæнынц Гаглойтæн.

Ам Урстуалты уæздан мыггагыл нымад цыдысты: Абайтæ, Саулохтæ, Томайтæ, Гаглойтæ, Битартæ, Слантæ, Дзукъатæ, Фæрниатæ. Куывд уа, хæрнæг уа — ацы мыггæгты хистæрты размæ æртæ сæры æвæрдтой. Фæлæ Дзукъа ус куы аскъæфта, уæд уый тыххæй Дзукъаты хистæрты раз дыууæ сæры йеддæмæ нал æвæрдтой.




#Article 666: Мæрзойтæ (308 words)


Мæрзойтæ () сты ирон мыггаг.

Мæрзойты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы Мызуры, Ос-Бæгъатыры фырт Кусæгоны къабазæй. Мызур, дам, йæ цæрæнбынат раивта, фæстагмæ йæхи номыл цы хъæу фæзынд, уырдæм — Мызурмæ. Мызур йæ иунæг чызджы моймæ радта Гуырдзымæ. Райгуырд сын цыппар фырты: Дæс, Габола, Знаур æмæ Таути. Габола æмæ Таути Мызуры кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ фæлыгъдысты Зджыдмæ. Дæс æмæ Знаур баззадысты цæргæ Мызуры, сæ мыггаг аивтой Зæнджиатæй. Ацы æфсымæртæн уыд æрхæссæггаг чызг, йæ ном Мæрзой, Мæрзойы цæуæт сæхи фыссын райдыдтой Мæрзойтæй, афтæмæй та Зæнджиатæй уыдысты. Абон дæр Мæрзойтæ, Зæнджиатæ æмæ Габолатæ æрвадиуæг кæнынц, кæрæдзийæ чызг нæ курынц. Мæрзой уыд Зæнджиаты Знауры ус. Ацы усы Мæрзой цæмæ гæсгæ схуыдтой, уый тыххæй ис таурæгъ. Мызуры хъæуы, дам, куырой мæрзæгæй куыста иу сидзæргæс сылгоймаг æмæ йæ сидзæрты уымæй дардта. Ацы сылгоймагæн йæ мыггаг дæр æмæ йæ ном дæр ничи зыдта, дзырдтой йæм Мæрзæг, афтæмæй Мызуры хъæуы фæзынд мыггаг Мæрзойтæ. Æрæджийау, дам, Мæрзойы чызг смой кодта Зæнджиаты Знаурæй.

Ис ма таурæгъ, Мæрзойтæ Тъæпæн Дыгуры æмæ Уæллагкомы куыд фæзындысты, уый тыххæй дæр. Садоны комы чидæр амардта Мæрзойтæй лæг. Мæрзойтæн сæ къухы не ‘фтыд сæ туг райсын. Уæд Мæрзойтæй дыууæ æфсымæрæй Гуырдзыйы бацыдысты æххуырсты. Цалдæр азы фæстæ сæ сæрхъуын æмæ рихитæ даргъ æруадзгæйæ фæстæмæ æрбаздæхтысты Уæлладжырмæ. Райдыдтой кæрдтæ, кæрдæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ уæй кæнын, æмæ уый æфсонæй бацыдысты сæ туджджынты хæдзармæ æмæ сæ туг райстой. Сæхæдæг æрцардысты Гæлиаты. Фæстæдæр æфсымæртæй сæ иу æрбынат кодта Тъæпæн Дыгуры, Хъалмæгътыхъæуы, иннæ баззад Гæлиаты. Рацыд сын зæнæг æмæ зæнæджы зæнæг. Бирæтæ сæ фæлыгъдысты быдырмæ: Сырх Дыгурмæ, Æхсæрысæрмæ, Дзæуджыхъæумæ, Беслæнмæ. Ацы мыггагыл ма ис таурæгъ. Уымæ гæсгæ мыггаг фæзынд Уæлладжыры комы Ос-Бæгъатыры къабазæй. Ос-Бæгъатырæн уыд дыууæ фырты: Уæлладжыр æмæ Едис. Уæлладжырæн уыд æртæ фырты. Иу дзы хуынд Мызур. Уый æрцард, ныр Стыр Мызур кæм ис, уым. Мызур йæ иунæг чызг Тайсауы чындзы радта Гуырдзыйæ æрбафтгæ лæгæн… Мæрзойтæй Гæлиатмæ чи алыгъд, уыцы æфсымæр хуынд Бирæгъ, уымæ гæсгæ Мæрзойтæй бирæтæ сæхи схуыдтой Бирæгътæй.




#Article 667: Пухатæ (121 words)


Пухатæ кæнæ Пухтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Пухаты фыдæлтæ Уæлладжыры комæй ралыгъдысты, Садонæй. Рацыдысты сæхицæн хуыздæр бынат агурæг. Æрцардысты ныры Тменыхъæуы Хъæнийыастæу Пухаты хъæууаты. Уым нæзы хъæд уыд. Ныццагътой хъæд æмæ дзы æрцардысты. Иу ахæмы сæ дон раласта, æмæ уæд сæ иутæ Хъæнимæ слыгъдысты, иннæтæ та Млетыхъæумæ. Пухаты мыггагæй иутæ æрцарди Стыр Леуахийы комы, Тлийыхъæуы. Садоны ма куы цардысты, уæд сæхи иууылдæр хуыдтой Пухатæй, фæлæ Тлийы куы æрцардысты, уæд сæ иу, йæ ном уыд Мæргъи, йæ цæуæты мыггаг схуыдта йæхи номæй — Мæргъитæ. Мæргъитæ Тлийы баззадысты, Пухатæ та ралыгъдысты быдыры хъæутæм — Елтурамæ, Схлитмæ, Сарабукмæ. Иу хай та дзы алыгъд Карелы районы Цъуермæ. Мæздæгмæ дæр дзы алыгъд. Мæздæджы цы Пухатæ цæры, уыдон уырыссагау фыссынц Пуховы, иннæ Пухатæ та — Пухаевы.




#Article 668: Багатæ (132 words)


Багатæ () сты ирон мыггаг.

Багатæ цардысты Уæлладжыры комы Цъамады. Уырдыгæй алыгъдысты Туалгоммæ, Тибы хъæумæ. Багайæн уыд дыууæ æфсымæры — Джерга æмæ Гамæхар. Уыдон дæр зæххы фæдыл бафтыдысты Тибмæ. Уырдыгæй фыдыфыртгай ахаудтой Хуссар Ирмæ Бага æмæ Джергайы цотæй иутæ. Гамæхартæ, Тибæй алыгъдысты Дыгурмæ, цæрынц Урсдоны хъæуы. Тибы Багатæй иу, Тотыр, алыгъд Куырттаты коммæ, æмæ уымæй рацыд Дæллагхъæуы Тотыраты мыггаг. Уымы Тотыратæй афтгæ сты Хуссар Иры Стыр Леуахийы былыл цæрæг Тотыратæ дæр. Афтæмæй Багатæ, Джергатæ, Гамæхартæ æмæ Тотыратæ сты æрвадæлтæ. Хуссар Иры Багатæ раздæр æрцардысты Хъемултайы, уырдыгæй æндæр рæттæм фæлыгъдысты. Тибæй семæ рахастой сæ кувæндон — Батлоны кувæндон. Раздæр Багатæ куывтой авд зæдæн. Бæгæны фыхтой авд цуайнаджы, куывды дæр бадтысты авд боны. Хистæр æфсымæр уыд Бага, кæстæр та Джерга. Хъемултайы коммæ æрцыдысты Замтаретæй æмæ æрцардысты цалдæр хъæуы: Сæриттаты, Елхъанты хъæуы, Хъемулта æмæ Сæгъраты.




#Article 669: Къарджиатæ (160 words)


Къарджиатæ () сты ирон мыггаг.

Къарджиаты æппæты фыдæл хуынди Цорæ. Цорæйæн райгуырди цыппар фырты: Епре, Арбай, Бакар, Созырыхъо. Йæ ус уыди Уарзиаты чызг. Цардысты Цымытийы. Цымытийы мыггаг та дихтæ кодтой Тази, Хъæлог, Бадзи æмæ Дадыг. Уыдон æфсымæртæ уыдысты. Тазийы цот уыдысты: Къарджиатæ, Талханатæ, Дзогкатæ, Гаппоатæ, Хъаратæ, Хъазитæ, Дзтиатæ. Уый фæстæ ныддихтæ сты мыггæгтæ. Уыдонæй иу фыды цот уыдысты: Дзогкатæ, Гаппоатæ æмæ Къарджиатæ. Къарджиатæй чызг чындзы нæ цыди, цалынмæ Гаппоатæм бацыдаид, æмæ йын уыдон æртæ чъирийæ скуывтаиккой, нæ чызг фæндараст фæу, зæгъгæ, уæдмæ.

Науæд та Гаппоатæй чызг куы цыдаид, уый та фæндараст кæнынмæ цыд Къарджиатæм. Ныртæккæ дæр æрвадыл нымайынц сæхи Дзокатæ æмæ Гаппоатимæ. Къарджиатæ цардысты хохы Куырттаты комы Цымытийыхъæуы. Уым сын зæхх фаг кæй нæ уыдис, уый тыххæй балыгъдысты Хидыхъусмæ. Бинонтæ бонæй-бон фылдæр кодтой, мыггаг дæр афтæ, сæ зæхх та къуындæгæй къуындæгдæр кодта æмæ та Къарджиатæй иу цалдæр хæдзары алыгъди Мæздæджы лæгъз быдыртæм, ам æрцардысты. Сæ иутæ та ралыгъдысты Хъæдгæронмæ, стæй Хæтæлдонмæ. Хуссар Ирмæ дзы чи афтыд, ахæмтæ дæр дзы ис.




#Article 670: Бынаты хицау (142 words)


Бынаты Хицау (Бындур) — бынаты (хæдзары) бардуаг. Ирон адæмы уырнындзинæдтæм гæсгæ цæры къæбицы, æвдисынц æй ссырджын фыдуынд зæронд усы хуызы. Фæлæ йæ бон у æндæр хуызы февзæрын дæр, зæгъæм, лæппуйы, урс уæрыччы æмæ æндæр истæй хуызы. Бынаты хицауы сæ бон фенын у æрмæстдæр сылгоймаг дæснытæн, уый дæр Ногбон æхсæв. 

Бынаты хицау ауды бинонтыл, уый къухты сты се ’нæниздзинад æмæ сæ амонд, хæдзарон фос дæр алыхуызон низтæй уыйхъахъхъæны. Уыимæ Бынаты хицау, ног чындз йæ фыды хæдзарæй куы фæцæуы, уæд æй раст фæндагыл саразы, ауды йыл. Кæнæ йын ахъаз кæны, цæмæй сахуыр уа йæ ног бинонтыл, æрбынатон уа йæ мойы хæдзары. 

Бынаты хицау сылгоймæгтæм иннæ зæдтæй хæстæгдæр у. Бар сын уыдис йæ номæй дæр æй хонын.  Афæдзы мидæг-иу  бæлвырд бон Бынаты хицауæн æргæвстой нæл фыс, сæгъ, кæнæ хæдзарон мæргътæй исты. Сæ дзидза-иу сын Бынаты хицауæн куы скуывтой, уæд-иу æй хъуамæ бахордтаиккой æрмæстдæр бинонтæ сæхæдæг.




#Article 671: Нымæц (581 words)


Нымæц у математикæйы бындурон объект нымайынæн æмæ барынæн. Математикæйы нымæц сбæрæг ис рагæй æмæ йæ бæрæггæнæн уæрæхдæр кодта. Ныры бæрæггæнæнмæ гæсгæ нымæцтæ вæййынц натуралон, æгас (æнæхъæн), лыстон (рационалон), æцæг æмæ комплексон.

Ныры онг сæвзæрдис цалдæр нымæцфыссæн системæйы: дæсон, ромаг æмæ æнд. Фæлæ цæ æппæты тынгдæр архайынц дæсонæй.

Ныцмæцтæй æвзарынц цалдæр æмбырды. Ныртæккæ æппæты уæрæхдæр классификацимæ гæсгæ нымæцтæ вæййынц натуралон, æгас, лыстон, æцæг æмæ комплексон. 

Æппæты арæхдæр нымæцтæ сты нымайыны нымæцтæ: иу, дыууæ, æртæ... Уыдон хонынц натуралон нымæцтæ. Раздæр натуралон нымæцты райдиан уыдис иу, фæлæ 19-æм æнусы иуæй иу математиктæ байдыттой нуль дæр хæссын уыцы æмбырдмæ. Ныр дæр математикæйы кæронмæ дзырд не сты хауы нуль натуралонты æмбырдмæ, æви нæ. 

Математикæйы натуралон нымæцты нысан у N кæнæ .

Дæсон нымæцон системæйы натуралон нымæцтæ фыст цæуынц дæс цифрæйæ: 0, 1, 2, 3, 4, 5, 6, 7, 8 æмæ 9. Ацы системæйы цифрæтæ нысан кæнынц цал хатт хауы цыдæр бæрц нымæцмæ. Алы цифрæ дæр æфтауы йæхи бæрц. Æппæты рахисдæр æфтауы иутæ, иннæтæ та куыд галиудæр, афтæ дæс хатт фылдæр.

Натуралон нымæцтæ сты æххæст æфтауын æмæ хатткæнынмæ гæсгæ. Уый нысан кæны æмæ цы фæнды дыууæ натуралон нымæцы суммæ дæр у натуралон.

Æгас нымæцтæ арæзт сты натуралон нымæцтæ (æд нуль) сæ негативтимæ (нулы æддæмæ) иу кæнынæй. Натуралон нымæцы негатив у ахæм нымæц, кæцы уыцы натуралон нымæцмæ бафтаугæйæ дæдды нуль. Уыдон фыст кæнынц натуралон нымæцмæ минус бафысгæйæ. Зæгъæм авды негатив фыст кæны афтæ: -7. Æгас нымæцты æмбырды нысан у Z (йæ æндæр фыссæн у ). Дамгъæ Z æвзæрст æрцыд немыцаг æвзагæй, кæм æгас у Zahl.

Æгас нымæцтæ сты æххæст бафтауын, раппарын æмæ хатт кæнынмæ гæсгæ. Уый у умæн, æмæ цыфæнды дыууæ æгас нымæцæн сæ суммæ, сæ уæлдай æмæ сæ бæрон дæр сты æгас нымæцтæ.

Рационалон нымæцтæ сты ахæм нымæцтæ, кæдон гæнæн ис сæвæрын лыст хуызы, кæм нымæцæг у æгас нымæц æмæ нысанæг та позитивон натуралон. Лыст фыст цæуы дыууæ нымæцæй: нымæцæг æмæ нысанæг. Се хсæн æвæрд цæуы хахх. Зæгъæм лыст  (æндæр фыссынæй ). Уым m у нымæцæг æмæ нысан кæны ахæм хæйтты нымæц, кæдон n (нысанæг) хатт дæттынц иу æнæхъæн цыдæр. 

Дыууæ хицæн лысты гæнæн ис дарой иу рационалон нымæц. Зæгъæм  æмæ  иу сты.

Рационалон нымæцты æмбырдмæ хауынц æгас нымæцтæ дæр. Уый у умæн æмæ цы фæнды æгас нымæц дæр ис гæнæн ныффыссын лысты хуызы. Зæгъæм лысты нымæцон у æгас нымæц x æмæ нысанæг та 1, уæд дзы фæстæмæ уайы æгас нымæц x. Рационалонты æмбырды нысан у Q (æндæр фыссыны ).

Æцæг нымæцтæм хауынц ахæм нымæцтæ, кæдонæй ис гæнæн исты сбарын. Æцæг нымæцтæ фылдæр фыст цæуынц дæсон системæйы, кæм дæсон хицæнгæнæн æвæрд цæуы ахæм цифрæйы фæстæ, кæцы нымæцмæ æфтауы иутæ. Хицæнгæнæнæй рахисдæр цы цифрæтæ лæууынц, уыдон та нымæцмæ æфтауынц галиуæрдыгæй цы цифрæ ис, уый цы бæрц æвтауы нымæцмæ, уымæй дæс хатт цъусдæр. Уымæ гæсгæ

нысан кæны 1 сæдæ, 2 дæсы, æртæ иуы, цыппар дæсæм хайы, 5 сæдæйæм хайы æмæ æхсæз минæм хайы иу суммæйы.

Алы рационалон нымæц дæр у æцæг нымæц. Фæлæ алы æцæг нымæц рационалонтæм нæ хауы. Кæд æцæг нымæц нæй гæнæн сæвæрын лыст хуызы, уæд уыцы нымæц хонынц иррационалон.

Æгас нымæцты нысан у R (йæ æндæр фыссæн у ).

Комплексон нымæцтæ сты æцæг нымæцты уæрæхгонд. Цыфæнды комплексон нымæц дæр ис гæнæн сæвæрын ахæм хуызы: . Уым a æмæ b сты æцæг нымæцтæ, i та квадратон уидаг -1-æй.  хонынц æцæг хай,  хонынц мæнг хай æмæ квадратон уидаг -1-æй та мæнг иуæг. Комплексон нымæцты æмбырды нысан у C, кæнæ æндæр фыссынæй .

Кæд комплексон нымæцы æцæг хай у 0, уæд уыцы нымæц хонынц мæнг нымæц. Кæд та йæ мæнг хай у 0, уæд уыцы нымæц у æцæг нымæц.




#Article 672: Баскатæ (194 words)


Баскатæ () сты ирон мыггаг.

Баскъатæ Ос-Бæгъатыры фырт Сидамонæй равзæрдысты. Сæ фыдæлтæ мыггаджы равзæрд хæссынц XVII æнусмæ. Уыцы заманы, зæгъ, 1680 азы, Æрыдоны галиу фарс Мызуры сæрмæ Ксурты æрцард Баскъаты фыдæл Елбыздыхъо. Уæлладжыры коммæ уый æрбалыгъд Куырттаты комæй, йæ туджджынтæй ралыгъд. Ксурты йын райгуырд фырт — Баскъа, Баскайæн та фырт — Ело. Елойы фырт Быда XVIII æнусы æнæхъæн Мызуры æхсæнады нымад уыд кадджын адæймагыл. Быдайæн уыд цыппар фырты: Цырынга, Бон, Дежи æмæ Тунза. Уыдонæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Æрæджыйы онг дæр ма Баскаты хистæр фæлтæр ацы цыппар æфсымæрыл дих кодта. Рæстæг цыд, цард сын нал фаг кодта, зæхцух уыдысты æмæ фæлыгъдысты æндæр рæттæм: Æрыдонмæ, Сындзыхъæумæ, Ставддуртæм, Цраумæ, Салугæрдæнмæ, Лабæмæ.

Абон Баскаты мыггаг нымад у Цæгат Ирыстон-Аланийы стырдæр мыггæгтæй иуыл. Ам сты 195 хæдзары бæрц, Лабæ æмæ æндæр рæтты та — 130 хæдзары. XVII æнусæй абоны онг раивтой æртындæс фæлтæры. Кæд æндæр æмæ æндæр рæттæм фæлыгъдысты, уæддæр сæ райгуырæн къуым нæ рох кæнынц.

Бирæ номдзыд лæгтæ уыд мыггаджы. Быда XVIII æнусы, Бати æмæ Тата та XIX æнусы — бирæ туджджынты бафидауын кодтой. Æнæхъæн Ирыстон зыдтой Баскаты Какийы фырт Бабуцы, 1930–1940 азты цард Мæскуыйы æмæ тынг бирæ æххуыс кодта рæзгæ фæсивæдæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн. 




#Article 673: Томайтæ (122 words)


Томайтæ () сты ирон мыггаг.

Томайтæ Къорайы цардысты. Сæ иу Хатæхцыхъо хуынди. Хæтæхцыхъойæн иу лæппу райгуырд æмæ йыл Хæтгар сæвæрдта. Хатæхцыхъо Рукъмæ алыгъд, æмæ Хæтгар уым слæг и. Хæтгарæн æрхастой кæсгон æлдары чызджы, æмæ йын дзы райгуырди æртæ лæппуйы. Сæ кæстæр Созырыхъо хуынди. Уый æрхаста Дыгурæй Хъуыбадты чызджы æмæ йын дзы райгуырди дыууæ фырты: Мæхæмæт æмæ Тасолтан. Хæтгар ноджы иу чындз æрхаста — Мачабелты чызджы. Мачабелты чызгæй райгуырдысты Леуан æмæ Пасул. Мачабелты зондæй Хæтгар ацыди кæсæджы æлдармæ уæзданы гæххæт исынмæ. Кæсæджы æлдар ын радта уæзданы гæххæтт. Дыгуры Хъуыбадтæ, Слонатæ æмæ Бруты Санатæ дæр сæ къух æрфыстой. Уæд Ерыстауы фырт стыр инæлар уыди, æмæ ма хъуамæ уый æрфыстаид йæ къух, фæлæ Ерыстауы фырт йæ къух нал æрфыста, æмæ Томайтæ æххæст уæздан нал систы.




#Article 674: Хъороты Дауыт (149 words)


Хъороты Гигойы фырт Дауыт райгуырди 1890-æм азы Хуссар Ирыстоны Ерманы хъæуы. 

Дауыты фыд Гиго уыдис мæгуыр зæххкусæг лæг, бинонты фæдарын йæ бон нæ уыди æмæ ралыгъди Цæгат Ирыстонмæ, Алагирмæ. Дауыт райдытда кусын дуканийы цумайы лæппуйæ. Уыцы рæстæг йын-иу чиныгмæ æркæсыны фадат фæцис. Габо баныхас кодта сæ хъæуккаг ахуыргæнæг Дзасохты Алыксыимæ, цæмæй Дауытæн фыссын æмæ нымайын бацамона. Лæппу ахуыргæнæджы зæрдæмæ фæцыд йæ сæрæндзинадæй. 

Дацыт ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы училищейы, каст фæцис Калачы бухгалтеры курсытæ. Уый фæстæ æххæст кодта алыхуызон æхсæнадон-культурон куыстытæ.

Фыссæг, æвæццæгæн, бирæ литературон бынтæ ныууагътаид, фæлæ йын 1924-æм азы декабыры мæй æгъатыр мæллæт æнафон йæ цард аскъуыдта.

Хъороты Дауыты сфæлдыстады зынгæдæр бынат ахсынц йæ драмон уацмыстæ: «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», «Дæсны», æмæ «Уарзæттæ» Уæлдай тынгдæр ын зонæм йæ пьесæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». Ныффыста йæ 1910-æм азы. Мыхуыры рацыд 1913-æм азы. Йæ комеди уыцы рæстæджы тынг актуалон уыдис, равдыста нын, паддзахы чиновникæй ирон хъæуты чи уыди, ахæмты.




#Article 675: Золойтæ (138 words)


Золойтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Золойты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Стыр Мызурмæ хæстæг, Сæхæггаты хъæуы. Сæ фыдæл Сихъоты Сæхæг (хъæу дæр уый номыл уыд) уыди Цæразонтæй. Сæхæгæн Сæхæггаты хъæуы райгуырд цыппар фырты: Толпар, Магка, Цæрæк æмæ Золо. Фæстагмæ ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрди мыггæгтæ: Толпартæ, Магкатæ, Цæрæктæ, Золойтæ. Абон дæр ацы мыггæгтæ æрвадиуæг кæнынц, сæ хæстæгдзинад нæ рох кæнынц.

Сæхæджы фырт Золойæн ус нæма уыд, афтæмæй æрбалыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Гуылæры хъæуы. Ам ус ракуырдта æмæ мыггаг скодта йæхи номыл — Золойтæ, зæгъгæ. Фæстагмæ Гуылæры хъæуы цæрджытæ: Золойтæ, Етдзатæ, Хуймантæ, Сабетæ æмæ Найфонтæ кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой æмæ сæ дарддæр царды хъуыддæгтæ иумæ кодтой. Ард бахордтой кæрæдзийæ ус нæ курыны тыххæй, тугисын кæнæ тугфидын æгъдæуттæ иумæ кæнын, æзнæгты ныхмæ иумæ тох кæныны тыххæй. Фæлæ 1912 азы Етдзатæй иу Сабеты чызджы куы ракуырдта, уæд ацы фондз мыггаджы ардбахæрд фехæлд.




#Article 676: Математикон статистикæ (101 words)


Математикон статистикæ у зонад, кæцы иртасы статистикæ математикæйы бындурыл. Математикон статистикæ архайы уæвæны теорийæ æмæ йæм хæстæг лæууы. Кæд уæвæны теори иртасы процесс цæмæй дзы цы рауайа, уый тыххæй исты бæрæг уа, уæд математикон статистикæ та зыгъуыммæ архайы. Уый иртасы цавæрдæр процессы фæстиуæг æмæ уый бындурыл процесс бæрæгдæр кæны.

Статистикон рардтæ математикон статистикæйы сты бындурон æрмæг. Уыцы рардтæ арæхдæр вæйынц æрхаугæ асты æмбырд  æмæ æвдисынц процессы фæстиуæг. Æрхаугæ астæ  иумæ хонынц хуызæг, хицæнтæй та () хуызæджы элементтæ. Математикон статистикæйы хуызæг иртаст цæуы, æрхаугæ асы равæрд æвдисынæн. Уыцы иртасынмæ хауынц равдисын равæрды миниуджытæ. Зæгъæм равæрды функци, æнгомад, æнхъæл бæрц, дисперси æмæ æнд.




#Article 677: Цогойтæ (177 words)


Цогойтæ () сты ирон мыггаг.

Цомайтæ æмæ Цогойтæ æрвадæлтæ сты. Ирон адæм тæтæримæ куы хæцыдысты, уæд ма ирæттæй цы чысылтæ баззад, уыдонæй иутæ Уæлладжыры коммæ баирвæзтысты æмæ æрцардысты Дагомы. Адæм куыд бирæ кодтой, афтæ зæхх фаг нал кодта. Алчи зæхх агуырдта æмæ сæхи фæйнæрдæм истой. Афтæмæй цуанæттæ Куырттаты комы ‘рдæм афтыдысты. Зæхх сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ уырдæм алыгъдысты.

Бæрзæндæджы ма куы цардысты, уæд сæ чидæр Хъобаны ‘рдыгæй фæтуджджын æмæ уырдыгæй ралыгъдысты. Æхсæв зæппæдзты баззадысты. Уым лидзæг адæмæй иуæн лæппу райгуырд, ноггуырды уым ныууагътой йæ мадимæ, сæхæдæг дарддæр ацыдысты. Райсомæй устытæ донмæ ныццыдысты. Усы федтой æмæ хабар ракодтой. Лæгтæ ныццыдысты. Усы скодтой йæ сабиимæ. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Цогой, ома цæуæггагæй гуырд. Уымæй смыггаг сты Цогойтæ æмæ Луары æрцардысты.

Бæрзæндæгæй Æрхонмæ чи слыгъди, уымæн дыууæ лæппуйы уыд: Мелыка æмæ Бердыхъо. Мелыкайæ цы цот рацыд, Цомайтæ уыдон сты. Мелыкайæн райгуырд авд фырты: Цомай, Хъаммæрза, Цопан, Тыхыл, Æлдахъ, Хъараса, Тæлын. Уыдонæй алкæй номыл мыггаг рацыд. Ныртæккæ дæр æрвадиуæг кæнынц уыцы мыггæгтæ. Абоны онг кæрæдзийæ чызг нæма ракуырдтой. Бердыхъойы цот та Икъа, Хуыдæл, Седан, Гæгæрц, Годжи. Уыдонæй дæр алкæй номыл мыггаг рацыд.




#Article 678: Комплексон анализ (174 words)


Комплексон анализ кæнæ Комлексон ивæджы функциты теори (КИФТ) у математикон анализы хай, кæцы иртасы комплексон нымæцты функцитæ.

Комплексон анализ у математикæйы класикон хæйттæй сæ иу. Уый фæзынд XIX-æм æнусы. Йæ фæзынд æмæ уæрæхгонд баст у Ейлер, Гаусс, Риман, Коши, Вейерштрасс æмæ æндæр ахуыргæндтимæ.

Комплексон анализ архайы комплексон нымæцтæй æмæ комплексон функцитæй. 

Комплексон нымæц  хонынц æцæг нымæцты радæвæрд фæлыст ( æмæ ). Фыццаг нымæц, , хонынц æцæг хай, дыггаг, , та мæнг хай. Уыцы нымæцтæ -мæ гæсгæ нысан кæнынц афтæ: , .

Дыууæ кæмплексон нымæцы  æмæ  хонынц æмиас æрмæст еуæд, кæд  æмæ  . Сæ суммæ цын хонынц комплексон нымæц . Сæ бæрон та комплексон нымæц . Раппарын æмæ дих кæнын бæрæггонд цæуынц куыд æфтауын æмæ хатт кæныны зыгъуынмæ операцитæ.

Комплексон нымæц -ы æмæвæрд хонынц комплексон нымæц . Нысан æй кæнынц уæлыйæ хаххæй. Зæгъæм -ы æмæвæрд фыст кæны афтæ: .

Комплексон функцитæ сты ахæм функцитæ, кæм сæрибар æмæ баст ивæгтæ дыууæдæр сты комплексон нымæцтæ. Комплексон анализы ацы функцитæ арæх сæттынц æцæг æмæ мæнг хæйттыл:

Æндæр ныхæстæй f(z) функцийы хæйттæ  æмæ  сты дыууæ параметримæ баст æцæг функцитæ.




#Article 679: Тегкатæ (465 words)


Тегкатæ кæнæ Теккатæ, Текъатæ () сты ирон мыггаг.

Тегкаты мыггаг хауы Туалгомы мыггæгты рагондæртæм. Таурæгъмæ гæсгæ, Тегка, Магка æмæ Хъайтмаз æфсымæртæ уыдысты. Уæллаг æмæ Дæллаг Зæрæмæджы хистæртæ Тегкаты Цопан æмæ Мæхæмæт дзырдтой, зæгъгæ, абоны онг дæр Тегкатæ æмæ Магкаты ’хсæн чызг куырд не ’рцыд, фæлæ Тегкатæ дæр æмæ Магкатæ дæр Хъайтмазтимæ лымæн кæнын байдыдтой. Тегкатæ æмæ Магкатæ куывдтæ дæр (Мецком, Сидæн, Реком, Хохы дзуар) иумæ кодтой. Мецхъомы сын цардахъ дæр уыд. Тегка, Магка æмæ Хъайтмазы æрбалыгъд Туалгоммæ, æвæццæгæн, хауы монголты æрбабырсты дугмæ. Ацы мыггæгтæ равзæрдысты Тегка, Магка æмæ Хъайтмазы нæмттæй, хонынц сæ Цæразоны цæуæт. Туалгоммæ дам æрбафтыдысты Тырсыгомæй. Хуыздæр цардагур рахызтызты Æрхоны æфцæгыл, цыдысты Æрыдоны комы, бафтыдысты Нузалмæ. Сæ фæндаг адарддæр кодтой æмæ æрлæууыдысты Зæрæмæджы. Ам фондз комы: Къасарайы, Цмийы, Нары, Мамысоны æмæ Адайы кæрæдзийыл æмбæлдысты. Фæстæдæр ма Дæллаг Зæрæмæгмæ æрлыгъдысты Дзоцъитæ. Таурæгъмæ гæсгæ, уыдон æрбафтыдысты Гуырдзыйæ. Ацы ран сырæзт æртæ хъæуы: Магкатыхъæу, Тегкатыхъæу, Дзоцъитыхъæу. Хъайтмаз ам не ’рцард, ацыд Адайы коммæ æмæ æрцард Уæллаг Зæрæмæджы. Цæразонтæ дих кодтой Уæллаг æмæ Дæллаг Цæразонтыл. Нымад уыдысты уæздæттыл. Уæллаг Цæразонтæм хаудтой: Магкатæ, Тегкатæ, Сихъотæ, Мамытæ, Дзоцъитæ, Абойтæ, Хъайтмæзтæ, Куыдзæгтæ. Сæхи иннæ мыггæгтæй уæлдæр кодтой, Мыкалгабырмæ дæр сæхи хæстæгдæр хуыдтой. Сæхиуыл æлдариуæг кæнын никæй уагътой. Уымæн сын бар лæвæрдта, цы фидар сын уыд, уый. 

Уæллаг Зæрæмæгæн фидар уыд, Цъуалийы (Дæллаг Бурон). Дæллаг Цæразонтæ бирæ фылдæр уыдысты æмæ ахстой хъæутæ: Цъуали, Цъæй, Нузал, Амасин, Бад, Къора, Нæзыджын. Зæрæмæджы цæрæг мыггæгтæ сæхи Мамысоны комы цæрджытæй уæлдæр кодтой, чызг дæр сæ стæм хатт куырдтой. Фæлæ уæддæр Тегкатæн сæ иу хай — Гагкайы цæуæт — ацыдысты цæрынмæ Мамысоны ком Лисрийы хъæумæ. Уыдон уыдысты Схайы фырттæ: Мæцыхъо æмæ Борыхъо, сæ зæххытæ Зæрæмæджы баззадысты. Седаны фырт Кандуа йæ лæппутæ: Дзанаспи, Дзагко æмæ Алекси æфцæгыл ахызтысты Гуырдзымæ, 1908-1910 азты адæм хохæй быдырмæ куы райдыдтой лидзын, уæд лисрийаг Тегкатæ дæр алыгъдысты. Алчи сæ зæххагур афтыд æндæр æмæ æндæр ранмæ. Уыд ма дзы туджджынтæй хидард айсыны хъуыддаг дæр. Гагкайы цæуæтæй Аврам йæ фырттимæ (Темур, Навруз æмæ Маци) ам фæтуджджын æмæ алыгъд Куырттаты коммæ, æрцард Хæрисджыны. Фæстагмæ дзы Тегкатæй ничиуал цард, фæлæ сæ хæдзары бынæттæ, сæ хуымты нæмттæ баст уыдысты Тегкаты мыггагимæ. Тегкатæ цæрынц Дыгургомы дæр, Доныфарсы, ныр уырдыгæй алыгъдысты Лескен, Лабæ, Хæзныдон, Куырттаты ком, Беслæн æмæ æндæр рæттæм. Дыгургоммæ дæр Тегкатæ фæлыгъдысты, кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй. Дыууæ æфсымæрæй Тегкатæ фæтуджджын сты Туалгомы æмæ æрцардысты Дыгургомы. Ирæттæ Дыгургоммæ кæй лыгъдысты, уымæн бирæ цæвиттонтæ ис. XIX æнусы райдиан, уæлдайдæр та XIX æнусы астæу, Дыгургомы æлдæрттæй бирæтæ Туркмæ алыгъдысты æмæ сын сæ зæххытæ æлхæдтой æндæр кæмттæй æрцæуæг мыггæгтæ: Сихъотæ, Костантæ, Мецъитæ, Дзоцъитæ, Тегкатæ. 

Тегкатæ цæрынц Хуссар Ирыстоны дæр. Хуссар Ирыстоны Тегкатæн сæ фыдæл уыд Хазмай, ралыгъд Зæрæмæгæй. Ручъы æфцæгыл æрцыд йæ фырттимæ æмæ æрцард Хъорнисы комы. Хазмайы йеддæмæ ма Хуссар Ирмæ ралыгъд Седан йæ фырт Кандуаимæ. Уыдон та æрцардысты Цъунары. Тегкатæ алырдæм ныппырх сты Зæрæмæгæй: Мамысоны коммæ, Уæлладжыргоммæ, Куырттатæм, Дыгургоммæ, Хуссар Ирмæ, Хуссар Ирæй та Гур æмæ Боржомы районтæм.




#Article 680: Медойтæ (120 words)


Медойтæ, дыгуронау Мудойтæ (, ) сты ирон мыггаг.

Раджы заманы Дзауы комы, Жриайы хъæуы цардысты дыууæ æфсымæры: Медо æмæ Бедо. Медо йæ цæуæтимæ цæргæ баззад Жриайы, æмæ йæ цæуæт райстой мыггаг Медойтæ — сæ фыд Медойы номæй. Бедо алыгъд Цæгат Ирмæ æмæ уым йæ цæуæт мыггаг скодта йæхи номæй — Бедойтæ. Медойтæ æмæ Бедойтæ æрвадæл мыггæгтæ сты.

Раздæр Медойтæ цардысты Жриайы хуссар фарс. Ам ма цардысты Котолитæ дæр. Ацы хъæуы алыфарс бирæ ис згъæркъахæнтæ. Медойтæй бирæтæ куырдадзы куыст кодтой. Жриамæ æввахс ис Барсы хъæу. Ам раздæр цардысты Бестаутæ, фæлæ алыгъдысты æндæр рæттæм. Ныр дзы фылдæр цæрынц Гасситæ. Ахæм ныхас ис, зæгъгæ, раздæр ам цардысты лекъ, фæндыдис сæ ирæтты сæ дæлбар бакæнын, фæлæ сын нæ бантыст. Мæсгуытæ дæр фæцарæзтой ацы бынæтты.




#Article 681: Сихъотæ (120 words)


Сихъотæ кæнæ Сехъотæ () сты ирон мыггаг.

Сихъоты мыггаджы фыдæл, дам, Биазæр «Зæрæмæджы Сихъо» кæй хуыдтой, уый цæуæтæй уыд. Сихъоты Биазæр цардис Уæллаг Зæрæмæджы. Зæрæмæджы цæрджытæн зæхх нæ фаг кодта æмæ се ’хсæн зæххы тыххæй стыр хылтæ цыд. Иу ахæм хылы рæстæджы Сихъоты Биазæрæн йæ къухæй мард фæци йæ сыхаг лæг, æмæ алыгъд Дыгургоммæ, йæ хо Гуассæйы дæр йемæ акодта. Æрцардысты Доныфарсы. Ам сæ бауазæг кодтой Хъаиртæ. Биазæр сæм бацыд хъомгæсæй. Фæстæдæр бинонты хицау ссис. Хъайыртæ йын чызг радтой. Алыгъд Къумбулты хъæумæ. Биазæрæн Хъаирты чызгæй рацыд цæуæт. Йæ фырттæ: Дзамболат, Дабел, Габо æмæ Буцу. Адонæн дæр сæ цæуæт æмæ цæуæты цæуæт Къумбулты цардысты. Сæ фылдæр фæлыгъдысты Хæзныдоны хъæумæ, чи та сæ Туркмæ алыгъд, Францмæ сæ чи алыгъд, ахæмтæ дæр ис.




#Article 682: Хацыртæ (138 words)


Хацыртæ кæнæ Хачиртæ () сты ирон мыггаг.

Сæ мыггаджы фыдæл уыд Хъаитт. Цардысты Къумбулты. Къумбулты ракуырдта ус, бинонты хицау ссис æмæ йæ цоты схуыдта йæхи номæй. Хачырты хистæртæй иуæй-иутæ дзурынц, зæгъгæ, дам, Кæсæг-Балхъары цы Хачирты мыггаг цæры, уыдон Дыгургомæй алидзгæ сты. Раджы кæддæр Къумбулты хъæуæй иу лæг фæлыгъд Кæсæг-Балхъармæ, уым кæцыдæр хъæуы æрцард, ракуырдта ус, рацыд ын зæнæг. Дыгурон Хачиртæ æмæ Кæсæг-Балхъары Хачиртæ кæрæдзи хæстæгдзинад зонынц, абон дæр лымæн æмæ уарзонæй цæрынц. Ис ма Хачирты мыггаджы тыххæй иу хабар. Ацы хабар йæ къухфысты ныууагъта ахуыргонд Е.Г. Пчелина. Пчелина фыссы, зæгъгæ, Хачырты мыггаг ис Хуссар Ирыстоны дæр, се ’рвадæлтыл сын нымайынц Туаты, Уалыты, Уæзæгты æмæ Задыты мыггæгты. Фæлæ кæд æмæ куыдæй æрбафтыдысты Хачыртæ Хуссар Ирыстонмæ, ацы мыггæгтимæ кæд бахæстæг сты, уый тыххæй Е.Г. Пчелина ницы фыссы. Дыгурон Хачирты мыггаджы хистæртæ дæр Хуссар Ирыстоны цæрæг Хачырты мыггаджы тыххæй ницы зонынц.




#Article 683: Комплексон нымæц (170 words)


Комплексон нымæц у ахæм нымæц, кæцы æвæрд кæны a + bi формæйы, кæм a æмæ b сты æцæг нымæцтæ, æмæ i та у мæнг иуæг. Афтæмæй, a хонынц æцæг хай, æмæ b та мæнг хай. Комплексон нымæцтæ иубарон нымæцты хахх уæрæхдæр кæнынц дыбарон комплексон фæзмæ. Комплексон нымæц, кæй æцæг хай у нуль, хонынц сыгъдæг мæнг нымæц, кæд та йæ мæнг хай у нуль, уæд уыхæм нымæц у æцæг нымæц. Уымæ гæсгæ комплексон нымæцты æмбырд дары æцæг нымæцтæ дæр.

Комплексон нымæцтæн бæрæг кæнынц цалдæр операцийы. Дыууæ кæмплексон нымæцы  æмæ  хонынц æмиас æрмæст еуæд, кæд  æмæ  . Сæ суммæ цын хонынц ахæм комплексон нымæц:

Сæ бæрон та ахæм:

Раппарын æмæ дих кæнын бæрæггонд цæуынц куыд æфтауын æмæ хатт кæныны зыгъуынмæ операцитæ. Бафтауын æмæ хатт кæныны операцитæм гæсгæ коплексон нымæцты æмбырд у быдыр. Æмбырды традицион нысан у C, кæнæ æндæр фыссынæй .

Комплексон нымæц a + bi гæнæн ис сбæрæг кæнын (a,b) тæппæй.

Комплексон нымæц -ы æмæвæрд хонынц комплексон нымæц . Нысан æй кæнынц уæлыйæ хаххæй. Зæгъæм -ы æмæвæрд фыст кæны афтæ: .




#Article 684: Хъардантæ (129 words)


Хъардантæ () сты ирон мыггаг.

Хъардантæ цалдæр æфсымæрæй цардысты Дæргъæвсгомы, Къæхтысæры. Ам кæимæдæр фæтуджджын сты, æмæ уымæ гæсгæ æфсымæртæй иу фæлыгъд Кæсæгмæ, иннæ дыууæ — Джызæлмæ, сæ иу та — Дыгургоммæ, Задæлескмæ. Ам ус ракуырдта, фæзынд ын цæуæт, цæуæты цæуæт. Фæстæдæр уыдонæй сæ иутæ фæлыгъдысты Мæздæгмæ, Цыколамæ, Чырыстонхъæумæ.

Хъардантæ Дыгуры комы куыд фæзындысты, уый тыххæй ма ис æндæр таурæгъ. Гуырдзыйы иу хъæуы царди Хъардантæй дыууæ æфсымæры. Иу бон Хъарданты дыууæ æфсымæры уынгы куы фæцæйцыдысты, афтæ сыл сыхæгты куыдз йæхи ныццавта æмæ сæ иуыл фæхæцыд. Иннæ æфсымæр хъамайæ куыдзы барæхуыста. Уæд куыдзы хицау топп раскъæфта, хæдзары тыргъæй фехста лæппуты æмæ дзы иуы амардта. Уый фæстæ Хъарданты иннæ æфсымæртæ бындзагъд ныккодтой сæ сыхæгты бинонты. Уымæ гæсгæ Хъардантæ уырдыгæй фæлыгъдысты. Сæ иу — Кæсæгмæ, дыууæйæ — Джызæлмæ, иннæтæ та — Дыгургоммæ, Задæлескмæ.




#Article 685: Тыбылты Леонид (128 words)


Тыбылты Харитъоны фырт Леонид (райгуырдис 1952-æм азы 28 мартъийы Знауыры районы Уæллаг Дуаны хъæуы) у Хуссар Ирыстоны политик æмæ æхсæнадон архæйæг, 2012-æм азы 19 апрелæй 2017-æм азмæ уыдис Хуссар Ирыстоны æртыккаг президент.

Аунеуы астæуккаг скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты физикæ-математикæйы факультетмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Уый фæстæ службæ кодта Советон æфсады рæнхъыты. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, йæ фæллойадон фæндаг райдыдта ахуыргæнæгæй кусынæй. Куыста Знауыры районы Арчънеты хъæуы, Знауыры астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та — йæ директорæй. Стыр аргъ ын кодтой йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр.

Фæстæдæр куыста РХИ-йы Парламенты аппараты, разамынд кодта Æмхæццæ Контролон Къамисы Хуссар Ирыстойнаг хайы аппаратæн, уыдис РХИ-йы сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг. 

Тыбылты Леонидæн 2004-æм азы лæвæрд æрцыдис дипломатон ранг «Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын æрвыст минæвар».

Уыдис РХИ-йы Сæйраг Советы дыккаг сæвзæрсты депутат. 




#Article 686: Пæррæстатæ (125 words)


Пæррæстатæ кæнæ Пæрæстатæ (, ) сты ирон мыггаг.

Пæррæстатæ Дæллаг Хуыцъемæ ралыгъдысты Мамысонæй. Æндæр мыггагимæ фæтуджджын сты æмæ сæ зæхх дæр ныууагътой, æрмæст ма сæ сæртæ бафснайдтой. Ам Тыбылтæй раздæр ничи æрцардис. Бæстæ уыд Тыбылты Гæбийы. Уый та, дам, æрцыд цуаны, æмæ бæстæ куы федта, æмæ йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд æм æрбынат кодта. Пæррæстатæ куы æрлыгъдысты, уæд Тыбылы фыртæн йæ зæххытæй байстой. Пæррæстатæ фылдæр уыдысты æмæ йын йæ лæппутæй иуы дæр амардтой, фæлæ уый туг дæр не ’рцагуырдта, æрмæст сын загъта, цæмæй йæ ныууадзой, йæ зæххытæй дæр сын разы уыд дæттыныл. Пæррæстатæй иу лæг сау бæхæй балхæдта лæппу æмæ йæ Къациа хуыдтой, ныр суар кæм ис Дзауы, уый комкоммæ къуылдымыл цардысты. Сæхи фыццаг Къациатæй схуыдтой, фæлæ адæммæ цæуын куы райдыдтой, уæд сæхи Пæррæстатыл ныффыстой.




#Article 687: Бекъойтæ (129 words)


Бекъойтæ () сты ирон мыггаг.

Хуссар Ирæй, Джерæй ралыгъдысты æртæ æфсымæры Бекъойтæй: Тотт, Еба æмæ Къозма. Уыдон уым кънйаз Ерыстауы фырты амардтой, хъалон сæ кæй иста, уый тыххæй. Уæд ралыгъдысты æмæ Уæлладжыры комы Цъамады хъæуы Бицъоты Тотмæ бафысым кодтой. Уыдон агуырдтой фæсфæд бæстæ, Ерыстаутæ сæ кæм нæ ссардтаиккой, ахæм бæстæ. Бицъоты Тотт сæ акодта Карцамæ. Карца сæ зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ фæстæмæ æрцыдысты Цъамадмæ. Уæд агургæйæ æрыфтыдысты Зæронд Тæмискъмæ. Уым хорз суадон уыд æмæ, гъе, уый былыл хæдзар скодтой. Уæд уым цæрæг нæма уыди. Бетъотæ, Черчестæ, Пагæтæ ма Цъамады цардысты æмæ уæд уыдон дæр ралыгъдысты уырдæм. Таурæгъгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уый цыппæрæм фæлтæр у, Зæронд Тæмисчъы Тотт куы ’рцард, уæдæй. Зæронд Тæмискъæй æрлыгъдысты бынмæ, Садонгоммæ, кæнæ Мидæггаг Тæмискъмæ. Стæй 1940 азы та ралыгъдысты, мæнæ ныр цы Тæмисчъы цæрынц, уырдæм.




#Article 688: Гаджитæ (133 words)


Гаджитæ () сты ирон мыггаг.

Нары хъæуккаг Гаджийы байзæддаг, æрцардысты Сласы, сарæзтой дзы фидар-гæнахъ æмæ хæстон мæсыг тæккæ айнæджы рындзыл. Сласы Гаджитæн дæр фæстагмæ зæхх нал фаг кодта æмæ фыдыфырттæй фæлыгъдысты — сæ иутæ Нардоны галиуварс Горийы æрцардысты, иннæтæ Нардоны рахизфарс, Тибслийы, аннæтæ — Мидæггаг Зруджы, Таугазтыхъæуы æрбынат кодтой. Гаджийы байзæддагæй царди Джинаты комы Уарцъейы хъæуы æмæ Хуссар Иры Джоджорайы доны был Стырмæсыджы дæр. Стыр мæсыджы Гаджитæй иу — Таймаз — æрцард Леты. Уым йæ фырттæ Къора æмæ Хъайсынæй равзæрд мыггæгтæ Къоратæ æмæ Хъайсынтæ. Афтæмæй Къоратæ, Хъайсынтæ, Гаджитæ сты æртæ хицæн мыггаджы, сæ рагон фыдæл ты уыди Хетæг.

Сласы Гаджитæй иу — Исахъхъ — ахицæн йæ фыдыфыртæй, æрцард Цъасымы хъæуы æмæ йæ байзæддаг сæхи хонын байдыдтой Исахътæй. Ныртæккæ Ирыстоны хъæуты, стæй Стъараполы крайы Лабæйы хъæуы цæрæг Исахътæ дæр сты Гаджийы цотæй баззайгæ мыггаг.




#Article 689: Гæздæнты авд æфсымæры (100 words)


Гæздæнты авд æфсымæры () уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохгæнджытæ. Авд æфсымæры дæр, Сырх æфсады рæнхъыты хæцгæйæ, хæсты быдыры фæмардысты. Ирыстоны сын стыр кад кæнынц. 

Сæ нæмттæ уыдысты: Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шамил æмæ Хасанбег.

Сæ райгуырæн Быдыры Дзуарыхъæуы, Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы цур, Гæздæнты æфсымæрты номарынæн амад ис монумент. Монументы ис авд æфсымæры, уæлæрвтæм тæхгæ хърихъуппытæй æвдыст, æмæ, йæ рæбыны, сæ саударæг мад. Цыртдзæвæн амад у Расул Гамзатовы «Хърихъуппытæ» æмдзæвгæмæ гæсгæ. Дзуарыхъæуы сæйраг уынг æмæ æфсымæртæ цы скъолайы ахуыр кодтой, уыдон хæссынц Гæздæнты Авд æфсымæры ном, Гæздæнты æфсымæрты уынг ис Дзæуджыхъæуы дæр. Се скъолайы ма ис мысæн уат авд цухъхъаимæ.




#Article 690: Икъатæ (189 words)


Икъатæ, дыгурон вариант: Екъатæ () сты ирон мыггаг.

Дыгуры коммæ Икъатæ æрбалыгъдысты Уæлладжыры комæй, Æрхоны хъæуæй. Уыдысты æртæ ’фсымæры уым кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ алыгъдысты Дыгуры коммæ, æрцардысты Дымты хъæуы. Ардыгæй æртæ æфсымæрæй иу алыгъд Махческмæ, иннæ та — Доныфарсмæ, стæй та — Лескенмæ, пысылмон дин райста. Иннæ дыууæ æфсымæры баззадысты чырыстонтæй.

Икъаты Владимир, Дигорайы горæты цæрæг куыд загъта, уымæ гæсгæ Икъатæ Уæлладжыры комы Тхамоны хъæуы фæтуджджын сты. Афæдзы дæргъы мæрдджынтæн хистытæ фæкодтой, бафыстой сын туджы фиддæн, бафидыдтой сæ туджджынтимæ, фæлæ сын хъæуы хистæрты уынаффæмæ гæсгæ уым цæрæн нал уыд. Дыууæ æфсымæрæй алыгъдысты Дыгуры коммæ. Дыгуры комы бафтыдысты Уæллагкомы зылдмæ æмæ æрбынат кодтой Хуссары хъæуы. Иннæ цыппар æфсымæры нæ бакуымдтой Дыгуры коммæ алидзын, фæлæ фæлыгъдысты сæ фыдæлы хъæумæ — Æрхонмæ. Ацы хъуыддаг, Дыгургоммæ цы æфсымæртæ алыгъд, уыдоны зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ загътой: «Абонæй фæстæмæ нал сты не ’фсымæртæ, Икъаты мыггагыл сæ нал нымайæм». Ацы уынаффæ ныффидар кæныны тыххæй топп фехстой. Хуссарыхъæуы сæ баззад иу æфсымæр, йæ ном — Майрæмыхъо. Йемæ баззад йæ хо дæр. Иннæ дыууæ æфсымæрæй иу ралыгъд Махческмæ, иннæ та — Дур-Дурмæ. Майрæмыхъойæн Хуссарыхъæуы райгуырд цыппар фырты: Бибо, Хуйман, Хъабан, Хазби. Сæ фылдæр фæлыгъдысты Дур-Дурмæ æмæ Чырыстонхъæумæ.




#Article 691: Дарчитæ (173 words)


Дарчитæ (, ) сты ирон мыггаг.

Дарчи царди Уæллагхъæуы къуыбырыл. Хъæуы алыварс иуылдæр уыди хъæд. Дарчийæн ма æфсымæр дæр уыди. Æфсымæр Мидгъæуы дзуары тигъæй акаст æмæ хъæды æрдуз федта. Бæлæстыл бæрджытæ кæнгæ цыд, æмæ æрхæццæ æрдузмæ, ныр Лисри кæм и, уырдæм. Уæд дон ничердыгæй зынди æппындæр, хъуынайы бын уыди. Æркаст æмæ загъта, ам цæрæнбæстæн хорз уаид, дон дзы нæй æндæра. Дон агуырдта æмæ æхсæв уым баззади. Уæд Дарчи загъта, уæдæ ме 'фсымæр цы фæци. Йæ бæрæггæнæнтыл ын 'рцыди, æмæ раст уыцы æрдузмæ æрхæццæ æмæ йæм хъæр кодта — кæм дæ, цы фæдæ? Уый та агуырдта дон. Уый фæстæ йе 'фсымæримæ хъæуы уæле лæгæтгомы дон дæр ссардтой.

Æрхастой хор, мæнæу. Бафæлварæм æй, загътой, цымæ дзы цы зайы. Байтыдтой дзы хоры нæмгуытæ дæр, мæнæуы нæмгуытæ дæр. Æмæ фæззæджы, иу ныхасæй, цæппæргай, æхсæзгай æфсиртæ скодтой. Уæд æрлыгъдысты уырдæм Дарчи, Доба, Морау, Сидахъхъ. Уыдон иуылдæр, Добайы йеддæмæ, сты иу мыггаг, ныр кæд фæйнæ мыггагыл фыссынц, уæддæр. Ныртæккæ дæр сын сæ чызджыты Дарчионтæ хонынц. Æфтгæ та, хъуамæ, Дарчи мæ йе 'фсымæр Гуырдзыйы 'рдыгæй æркодтаиккой. Уым бирæ ис Дарчишвилитæ.




#Article 692: Хуссар Ирыстоны демографи (311 words)


Хуссар Ирыстоны цæры 70 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй æрдæгмæ ’ввахс цæрынц Цхинвалы.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ сæ фылдæр сты ирæттæ. Уыдон апырх сты гас республикæйы зæххыл. Ирæтты фæстæ цæуынц гуырдзиæгтæ. Гуырдзиæгтæ ахсынц 20-30 процент, æмæ сæ фылдæр цæрынц Ленингоры районы, уæлдайдæр Чысангомы. Цæрынц ма Знауыры алыварс цалдæр хъæуы. Цалынмæ 2008-æм азы хæст не ’рцыдис, уæдмæ гуырдзиæгтæ цардысты ноджы цалдæр бынаты: Цхинвалæй цæгатæрдæм Итраписы онг, Чысыл Леуахийы комы цалдæр хъæуы æмæ Знауыры районы дыууæ хъæуы. Уыдон йеддæмæ Хуссар Ирыстоны цæрынц æндæр адæмтæ дæр, фæлæ сæ нымæц стыр нæу, æмæ фылдæр цæрынц Цхинвалы. Уыдонмæ хауынц уырыссæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, бердзенæгтæ æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй ссæдз адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр.

Хуссар Ирыстоны ис бирæ хъæутæ æмæ дыууæ сахары — Цхинвал (Чъреба) æмæ Къуайса.

Ирон æвзаг ахуыр кæнынц скъолаты æмæ университеты. Фæлæ ахуырады сæйраг æвзаг нæу. Уымæ гæсгæ иуæй-иу зынгæ адæм зæгъынц, ирон æвзаг æфхæрд кæй цæуы, уый. Ныртæккæ цæуы «бирæвзагон (полилингвалон) ахуырадыл» эксперимент Цхинвалы скъола-интернаты бындурыл, уыцы эксперимент æнтыстджын куы уа, уæд æндæр скъолаты дæр ног программæмæ гæсгæ ахуыр кæндзысты сывæллæттæ — уымæ гæсгæ фылдæр сахаты дæргъы скъоладзаутæ пайда кæндзысты ирон æвзагæй, стæй ног информаци дæр ахуыр кæндзысты бынæттон æмвæзæй райдайгæ глобалонмæ.

Ирон æвзагыл уагъд цæуы газет «Хурзæрин», кусынц паддзахадон телеуынынад, æмæ радио «ИР».

Ирон æвзаджы иртæстытæ цæуынц Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты.

Уырыссаг æвзаг Хуссар Ирыстоны у паддзахадон æвзаг. Падзаходон ссис 2011 азы сæрмагонд референдумы бындурыл. Уый размæ йын уыдис официалон статус. Уырыссаг æвзагыл цæуынц ахуыр æмæ иртæстытæ.

Гуырдзиаг æвзагæй пайда кæнынц, гурдзиаг цæрджытæ кæм цырынц æнгомæй, уыцы цæрæнрæтты (уæлдайдæр Знауыры районы æмæ Ленингоры районы скæсæны); республикæйы конституцимæ гæсгæ гуырдзиаг æвзаг уыцы æууæлты у официалон æвзæгтæй иу.

Хуссар Ирыстоны арæхдæр дин у православи æмæ бынæттон традицион уырнындзинæдтæ.

Кæс Алайнаг епархи дæр.

Республикæйы ис 61 иумæйагахуырадон скъолайы, ног райдиан скъолатæ æрæджы байгом сты Знауыры районы Арчънет, Гъаристау æмæ Лопъаны хъæуты. Æхгæд æрцыдысты Дзауы районы Теделет æмæ Знауыры районы Зиулеты райдиан скъолатæ, фаг сабитæ дзы кæй нæ уыдис, уый тыххæй.




#Article 693: Сæхæггатæ (185 words)


Сæхæггатæ у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Мызуры хъæумæ ’ввахс.

Таурæгътæм гæсгæ Стыр Мызуры цур, Ксурты фарсмæ, æрцард Цæразонты Сихъойы фырт Сæхæг йæ 4 фыртимæ. Сарæзта дзы хæдзар. Ксурты æрцæрæг Баскатæ уый куы базыдтой, уæд æм бацыдысты. Се ’хсæн ныхас расайдта загъдмæ æмæ Баскатæ Сæхæджы амардтой. Йæ фырттæ Макко, Толпар, Золо æмæ Цæрæкимæ бафидыдтой. Хæдзар схъæу ис. Схуыдтой йæ Сахæгкаты хъæу. Фырттæй алчи дæр сси хицæн мыггаг — Магкотæ, Толпартæ, Золойтæ, Цæрæктæ æмæ æрвадæлтæй цардысты сæ фыды номыл арæзт Сахæгкаты хъæуы.

Мызуры æхсæнадæн сæ иумæйаг ныхас уыдис Стыр Мызуры.

Суг амал кодтой Тары комы хъæдæй Алардыйы цæгатæй, Ксурты мæ Сахæгкаты хъæдтæй, Ходы цæгатæй.

Донцух сæ нæ уагътой: Хæрисджын комы дон, Цады дон, Алардыйы дон, Ксурты дон, Сахæгкаты дон, Ногхъæуы дон, Суларты дон æмæ Фæсхохы суадон. Сæ фос æфсæст уыдысты бæрзонд хæхты рæбынты: Æлдары уыгæрдæн, Сæгъдуцæны рагъ, Гæрæгоны лæгъзытæ æмæ Хъарм хуссары фæлмæн кæрдæгджын хизæнтæ æмæ уыгæрдæнты хосæй.

Уæлладжыры комы æмæ Ирыстоны иумæйаг бæрæгбæттимæ ма сæм уыдис сæхи бæрæгбæтты кувæндæттæ: Булгахы Уастырджи, Ксурты тхост, Мызуры хъæуы зæд, Сахæгкаты Уацилла æмæ Санайты Уастырджи.

Цардысты дзы Магкотæ, Толпартæ, Золойтæ, Цæрæктæ. 1930-æм азы Сæхæггаты цæрджытæ алыгъдысты быдырмæ.




#Article 694: Разазиаг фæранк (134 words)


Разазиаг фæранк, зонгæ дæр куыд персайнаг кæнæ кавказаг фæранк ( кæнæ Panthera pardus saxicolor) у стыр гæдытæм хауæг цæрæгой. У фæранкты дæлхуыз, æмæ се ’хсæн у æппæты стырдæр дæлхуыз. Разазиаг фæранктæ æмбæлынц Кавказы хæхты, Ираны цæгаты, Турчы скæсæны æмæ Раззаг Азийы цыдæр рæтты. Фæранктæн фесæфын тас у. Сæ нымæц иу минмæ æввахс у æмæ цъусдæр кæны.

Фæранк у Ирыстоны ахсджиаг символ, ис Цæгат Ирыстон — Алани æмæ Хуссар Ирыстоны гербтыл.

Уырыссаг æвзагыл арæх йæ хонынц кавказаг барс () æмæ уый тыххæй арæх йæ хæццæ кæнынц митын фæранкимæ, уырыссаг æвзагыл барс дæр кæй хонынц, уыимæ. Разазиаг фæранкæй уæлдай митын фæранк Кавказы никуы цардис, æмæ уый тыххæй Ирыстоны гербыл йæм уæвæн нæй. Фæлæ уæддæр цымыдисаг у уый, æмæ Вахушти Багратионийы оригиналон нывы фæранкæн урс хуыз уыдис, æмæ уый цы цæрæгойы дзы нынныв кодта, уый бæрæг нæу.




#Article 695: Дзидзойтæ (119 words)


Дзидзойтæ () сты ирон мыггаг.

Сæ мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, дам, Дзидзойты мыггаг раджы кæддæр равзæрд Уæлладжыры комы Зджыды Гæбуты мыггагæй. Гæбутæй, дам, иу лæг ус ракуырдта ацы хъæуккаг Баситы чызджы, фæлæ лæг уайтагъд амард, Баситы чызг йæ цæгатмæ ацыд. Ам ын райгуырд лæппу, сæвæрдтой йыл ном Гæуис. Цæмæй сæ сæ хæрæфырт зæххытæ ма ‘рдома, уый тыххæй Гæуисы Баситæ марынвæнд скодтой. Ацы хабар Гæуисы мадæн чидæр фехъусын кодта, æмæ уырдыгæй фæлыгъд Сындзыхъæумæ, ардыгæй та Дыгургоммæ — Уæхъæцмæ. Ам Гæуис слæг. Дзидзойтæ цæрынц Æхсæрысæры. Сæхæдæг куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ мыггаджы ном рахастой сæ цæрæн бынатæй. Сæ фыдæл хуынд Гасай… Гасайæн уыд æфсымæртæ: Гото, Цæгæра, Гæбу, Джыбыл, Гыбыдт. Ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрдысты мыггæгтæ: Готатæ, Цæгæратæ, Гæбутæ, Джыбылтæ, Гыбыдтæ.




#Article 696: Уæрæсейы туризм æмæ сервисы паддзахадон университет (104 words)


Уæрæсейы туризм æмæ сервисы паддзахадон университет (, (РГУТиС)) у, туризм æмæ сервисы специалистты фыццаг уадзын чи райдыдта, уыцы университет. Йæ ректор у Александр Федулин.

Бындурæвæрд æрцыд 1952-æм азы куыд «Амалиуæгон кооперацийы уæлдæр скъола» (), 1960-æм азы йæ ном аивта Бынæттон сæудæджерады уæлдæр скъолайыл (). Университеты амаддзаджы мидæг раздæр уыди фабрикæ «Экспортнабивткань».1961-æм азæй фæстæмæ сси институт, 1993-æм азæй фæстæмæ — Цардуаг æмæ лæггæдты сферæйы паддзахадон академи (), 1999-æм азæй та — университет. 2007-æм азы сентябры мæйы онг дардта ном Мæскуыйы сервисы паддзахадон университет (), (1999-æм азæй фæстæмæ), 2007-æм азæй дары нырыккон ном ().

Университеты ахуыр кæнынц ахæм специалондзинæдтæм гæсгæ:
(* ардæмæдтæ (бакалаврты æмæ магистрты цæттæкæнынад)




#Article 697: Дзусатæ (102 words)


Дзусатæ кæнæ Дзустæ () сты ирон мыггаг.

Ацы мыггаг цард Уæлладжыры комы Бадыхъæуы. Сæхицæн æрвад мыггагыл нымайынц Хапсæты мыггаджы. Мыггаг Дзустæ равзæрд Уæлладжыры комы Ос-Бæгъатыры фырт Цæразоны къабазæй.

Иуахæмы, дам, Уæлладжыры комæй, Бады хъæуæй Дыгургоммæ бафтыд Дзусты Болат æмæ æрцард Уæллагкомы зылды Хонсары хъæуы. Фæстæдæр ма Бадæй балыгъдысты Болаты æфсымæры æртæ фырты: Хъасай, Сламæрзæ æмæ Елмæрзæ æмæ уыдон дæр æрцардысты Хонсарыхъæуы сæ фыды æфсымæр Болаты фарсмæ. Сæ цыппар дæр ам устытæ æрхастой æмæ сын фæзынд цæуæт. Болатæн Сеойты чызгæй райгуырд дыууæ фырты: Хуасдзау æмæ Деко. Уыдонæн дæр фæзынд цæуæт. Болаты æфсымæры фырттæн дæр фæзынд цæуæт æмæ цæуæты цæуæт. Бирæтæ сæ ралыгъдысты Дымтæм.




#Article 698: Æфсæнтæ (192 words)


Æфсæнтæ, вариант: Æвсæнтæ () сты ирон мыггæгтæй иу.

Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ хæстæг æрвадæлтыл нымад сты, цардысты Къуссуйы. Равзæрдысты Балхъарæй (Асийæ) æрбацæуæг Мансурухъты мыггагæй. Иу рæстæджы Хъантемыраты хъæздыг мыггаг Мансурухътæм фæмæсты сты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй сын сæ мыггаджы нæлгоймæгты ныццæгъдой. Цæмæй сæ фæндон сæххæст кодтаиккой, уый тыххæй иубон куывд скодтой. Хъантемыратæ сæ куывдмæ æрбахуыдтой Мансурухъты мыггаджы нæлгоймæгты стырæй-гыццылæй. Хъантемыраты адæм сæхи цæттæйæ дардтой, сæ цухъхъаты бын сæ хъаматæ æмæ сæ кæрдтæ ныббастой. Сæ уынаффæ уыд афтæ — куыддæр фынджы хистæр йæ къухмæ сыкъа райса æмæ кувын райдайа, афтæ хъуамæ февнæлдтаиккой Мансурухъты цæгъдынмæ. Мансурухътæ ацы хъуыддагæн ницы зыдтой æмæ æнæ хæцæнгарзæй æрбацыдысты Хъантемыраты куывдмæ.

Хъантемыратæ сæ фæнд сæххæст кодтой, ныццагътой Мансурухъты нæлгоймæгты. Уыдон æнхъæл уыдысты Мансурухътæй нæлгоймаг нал баззад. Фæлæ, дам, уыцы бон дыууæ æрыгон лæппуйы Мансурухътæй хъæуы нæ уыдысты æмæ уымæ гæсгæ æгасæй баззадысты. Хъæумæ куы æрцыдысты ацы дыууæ лæппуйы, уæд сæ Будайтæй иу хæдзар бафæсвæд кодта. Лæппутæн сæ нæмттæ хуындысты: иуæн — Бичегку, иннæмæн — Æвсæн. Хъантемыратæ хабар базыдтой, фæлæ лæппуты марын нал бауæндыдысты.

Бичегку æмæ Æвсæны Будайтæ схъомыл кодтой, ыслæгтæ сты æмæ сæ нæмттæм гæсгæ сæ мыггæгтæ скодтой: Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ. Афтæмæй Къуссуйы хъæуы фæзынди дыууæ мыггаджы: Бичегкутæ æмæ Æвсæнтæ.




#Article 699: Хуырымтæ (171 words)


Хуырымтæ () сты ирон мыггаг.

Хуырымты фыдæлтæ цардысты Æрхонгомы, Тъæрайы. Уырдыгæй æфсымæртæ: Газа, Ила, Къобес, Хосон æмæ Зæйт быдырмæ лидзынвæнд скодтой. Уæлладжыры комы стыр фæндагмæ æрхызтысты æмæ уым баулæфыдысты. Куы сыстадысты, уæд Зæйт фæстæмæ комы мидæмæ аздæхти. Æфсымæртæ йæм фæсте дзурынц, кæдæм цæуыс, раздæх, зæгъгæ, адæм дон-дон дæлæмæ куы цæуынц, уæд ды кæдæм цæуыс? Уый сæм нæ хъусы. Уæд ын загътой: ды хуырым дæ æмæ цу, кæдæм цæуыс, уырдæм. Зæйт бацыд Туалгоммæ. Уым Бигъуыламæ бафысым кодта, æмæ йын зæгъы: искуы мын цæрæн бынат ратт. Уæд ын Бигъуыла загъта: ацу æмæ фен. Ацыд, ныр Тоборза кæм и, уым Бигъуылайæн уæтæртæ уыд, æмæ уым æрцард. Иу рæстæг дзы куы ацард, уæд ын Бигъуыла загъта: ныр мын цот рацыд æмæ мын мæ зæхх суæгъд кæн. Уый йын афтæ: æз ардыгæй никуыдæм цæуын. Кæд дæ мæ фарсмæ нæ фæнды, уæд ацу! Ууыл фезнаг сты, кæрæдзийы цагътой, фæлæ дзы уæддæр цæргæйæ баззадысты сæ дыууæ дæр. Йе 'фсымæртæ Зæйтæн «Хуырым», кæй бафидис кодтой, уый тыххæй йæ ном Хуырымæй баззад, æмæ йæ цот та уый номыл мыггаг рахастой.




#Article 700: Browse Happy (111 words)


Browse Happy, кæнæ Амондджынæй сгар, у æнæкоммерцион сайт, кæцы хæссы бæрæг сгарæнты нæуæгдæр фæлтæрты тыххæй. Дары йæ Automattic. Цы сгарæнты тыххæй хæссы бæрæг, уыдонмæ хауынц Google Chrome, Mozilla Firefox, Safari, Opera æмæ Internet Explorer.

Browse Happy фæзынд 2004-æм азы августы, куыд Internet Explorer-ы ныхмæ тохгæнæг сайт. Йæ бакæнæг уыд Web Standards Project. Йæ хæс уыд интернеты архайджыты Internet Explorer-ы бæсты æндæр сгарæнтæй пайда кæнын сахуыр кæнын. Йæ бындур уыд Internet Explorer-ы æдасдзинад кæй нæ уыд, уый, æмæ уый бæсты амыдта Mozilla Firefox, Opera кæнæ Safari-йæ пайда кæнын. 2005-æм азы июны Web Standards Project расидта Internet Explorer-ы ныхмæ тох кæнын сæ хъуыддаг кæй нал у, æмæ радта сайт Матт Мулленуегмæ, Automattic-ы бындурæвæрæгмæ.




#Article 701: Кæфдзæст (384 words)


Кæфдзæст объектив () у фыр-уæрæхтигъон объектив. Фыр-уæрæхтигъон объектив та у объектив, кæцыйæн йæ цæстаххæссæны тигъ у 83° æмæ фылдæр, йæ фокусон дæрдздзæг та (плёнкæйы кæнæ матрицæйы) кaдры къаннæг фарсæй чысылдæр. Хуымæтæджы цыбыр-фокусон объективтæй хицæн кæны йæ бæрæггонд æнæкоррекци боцкъагъуыз дисторсийæ æмæ цæстаххæссæны тигъимæ, 180°-мæ æввахс. 

Ахæм типы объективтæ сæрæй разгуыст цыдысты метеорологийæн, асастад исынæн. Фыццаг хуызæгтæн сæ иу сси Hill Sky Lens, лондонаг компани Beck of London-ы конд 1924 азы. Объектив лæвæртта зиллакформæ хуызæвдыст æмæ æгас æрвон æрдæгсферæ иу кадрæй исыны фадат. Фæстæдæр, дисторсигæнæн (скъæдзæн) объективтæ иттæг фæбæззыдысты фотожурналистикæйы, фотоаивæды æмæ синематогрæфы куыд хицæн равдисæн мадзал.

Кæфдзæст объективты спайдакæнæн  йæ рæдæмæн арæхдæр ссары уынджы-экстремалон спорты хуызты (паркур, скейтбординг, ВМХ æмæ а.д.). Ис зæгъæн æмæ уый у «сæйраг» объектив ахæм нывистыты, уымæн æмæ дæтты бар цыбыр дистанцийæ сисын куыд «райдерæн» йæхи, афтæмæй ма трюктæ кæнгæ-кæнын, й' алфамбылай архитектурæ дæр. Ноджы ма «кæфдзæст» объективты пайдайад тынг арæхæмбæлгæ у сферон панорамæты нывистты, кæй уадзы кадрты цъусдæр бæрцæй райсын æнæхъæн сферæйы панорамæ. 

Сферон-рамон кинематографон системæтæ (дæнцæгæн, IMAX DOME) дæр бындурæвæрд сты «фишай»-объективты типæй пайдакæныныл, æрдæгсферон экрантыл нывистытæн æмæ хуызæвдыстты проекцитæн.

Кæфдзæстты цыргъæды арфад ахæм у æмæ абаргæйæ нæ-стыр диафрагмæ 5,6-имæ, ЦÆТА-мæ бацæудзæн тыгъдад 40-100 см-æй - æгæронадмæ. Цæвиттон, æгæронады контролыл урæд объективы-иу, фылдæр хæттыты, нал бахъæуы авто, кæнæ армæй фокускæнын.

Нымадылдзыд хъуыдыйау баззади, алыгъуыз «фишайтæн» сæ кæсæн тигъ 180° кæй у, фæлæ афтæ нæу. Пейзажы 180° тигъон хуызæвдыст дæтты зиллакк-ныв, фæлæ кадр (плёнкæ, кæнæ матрицæ) йæхигъæдæй у – расткъуымон. Ис æртæ «кæфдзæсты» хуызы:

 

Æгæр уæрæх кæсæнтигъ перспективæйы æнæмæнгæй фæзынын кæны стыр скъæдзæнтæ: фæстаг план, цы у уымæй, дæрддзæфдæр рауайы, зынæн фæзæй дарддæргæнгæ та предметты формæ сскъæдзæнтæ вæййы. Фылдæрхатт, уæрæхтигъон объективтæ кæнгæ, арæзджыты фæфæнды бынтондæр фервæзын дисторсийæ – центыры æхсæн кæцы æмраст хæххытæ нæ хизынц, уыдоны скъæдзæн. Фæлæ уæд та никуыд ис цæстаххæсты 180°-ы тигъ райсæн, уымæн æмæ уæд цæстаххæсты кæрон суыдзæн æгæрон дæрддзæф (ахæм объективæй цæугæ хуызæвдыст, эквивалентон у тъæпæныл сферæйы гномонон проекцийау. Уымæй уæлдай ма, фегъаугæнæн центры ‘рдыгæй рауайы йæ кæрæтты онæй гыццылдæр, æмæ-иу уый иуæй-иу нывисæн ситуациты зынвадат ракæны.

Уый тыххæй, цæмæй 180° æмæ фылдæр тигъ скæндæуа, объектив аразгæйæ дзы бауадзынц æппæрццæг дисторси («боцкъа»). Гъеуæд центыры фегъаугæнæн фæфылдæр вæййы, æмæ йæ алфамбылай объектив цъусдæр кусы куыд уæрæхтигъон. Фæлæ уæддæр, ахæм компенсаци бахæссы йæхи скъæдзæнтæ перспективæмæ – центр раразмæгонд вæййы æмæ ма у предметты формæ скъæдзыны аххосæг: æмраст линитæ (центрыуылтыл кæдон цæуынц, уыдоны йедтæмæ) хуызæвдыст цæуынц къæдзтæй.  




#Article 702: Тедеты Хъауырбег (106 words)


Тедеты Уасилы фырт Хъауырбег (райгуырдис 1925-æм азы Хъорсеуы) у зындгонд ирон мыдгæс, Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы хъæууон хæдзарады зынгæ архайæг.

Тедеты Хъауырбег райгуырдис Хъорсеуы хъæуккаг зæхкусæджы бинонты хсæн. Каст фæцис Хъорсеуы авдазон скъола, стæй Цхинвалы медицинон техникум, Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут, ахуыр кодта Мæскуыйы мыддарды зоотехникты цæттæдзинад бæрзонддæр кæныны институты.

Тедеты Хъауырбег куыста Цхинвалы эвакогоспиталы хистæр фельдшерæй (1942-æй азы), стæй уыдис облæсты мыддарды сæйраг зоотехник, Мармазеты, Додоты, Громы колхозы сæрдар, Дзауы хъæууонхæдзарадон управленийы хицау æмæ фосдарды совхозы директор, Цъоны дзидза-æхсыры совхозы парткомы секретарь, Дзауы райæххæстскомы хъæууонхæдзарадон управленийы сæйраг зоотехник. Хорзæхджынгонд æрцыдис æртæ майданæй, «Кады нысан» æмæ «Фæллойы Сырх тырыса»-йы орденæй.

Хъауырбег ныффыста цалдæр чиныджы мыддарды тыххæй:




#Article 703: Ирони (448 words)


Ирони ( – æфсæнттæ) – троп, кæцыйæн йе ’цæг мидис у æмбæхст, кæнæ та ныхмæлæуд (ныхмæ æвæрд цæуы)  йе ‘ргом мидисмæ. Ирони сæвзæрын кæны æнкъарæн, ныхасы предмет цахæм зыны, уый хуызон кæй нæу æцæг. 

Ирони –  дзырдтæй спайда се ‘ргом æмæ бæлвырд нысанмæ цын ныхмæвæргæ æппæрццæгхуыз-мидис ныхæстæ, кæнæ ныхасыхъæд. Дæнцæгæн: «Цы зондджын дæ!», «Маладес!». Ам æвæрццæг раныхæстæ хæссынц æппæрццæг дæлтекст.  

Ирони у эстетикæйы категори æмæ йæ райдиан исы антикон риторикæйы традицитæй. Æнæгуырысхойаг у, антикон истори кæй ратта цард нæуæг европæйаг дуджы  ироникон традицийæн, æмæ сæрмагонд райтынгад райста XIX æнусы фæстаг æртыккæгæм хаййæ райдайгæйæ. Ирони, куыд комикон материалы алæвæрды фæрæз, у литературон стиль скæнынæн тыхджын амалгарз, амайгæ у раныхæсты æмæ дзырдты бæлвырд ‘мæ æнцонæвзарæн цы хъапп зыны, уымæн йе ‘цæг мидис бамбарын кæнын ныхмæлæугæ дæнцæгтæй æмæ ныхæстæй («Нæмыг фæтæджы маргджын буарыл куы сæмбæлди, уæд хъæстæ разынди» - Георгий Александров). Ироникон стилы элементарон модел у алыхуызон дзурæн амæлтты структурон-экспрессивон принцип, кæцы йæ сусæг контексты фæрцы, ныхасы аппæн дæтты ныхмæвæрд, кæнæ идейон-экспрессивон æргомгæнæн мидис. Зæгъæм, претенциозон æмæ помпезон ныхасыуаг айсынмæ, спайдауы хи-иронийæ, кæцы æвдисы авторы ахаст сюжетон моменты дырыс уынвыстмæ (описание) («Мæ цæсгом, кæд мæхи бар уыд иу-чысыл дæр, æвдыста тæригъæдад æмæ æмбарынад» - Рекс Стаут).
Негативон позицийы тæнхызæмбæрзт равдыстæн пайдауы иронийы фæрæз – фæхудт («Сарайеваг бахъавд дзæвгар амæттæгтæй байдзаг кодта пъалицайаг фæткдаруат» - Ярослав Гашек), æцæг кæцы нæу, ахæм дзырд пайдауы искæцы æхсæнадон лæдæрæны атрибут сæттынмæ («Ленин ма ныр дæр се ‘гасæй æгасдæр у, æрмæст æм къухæй æвналæн нæй» - Виктор Нюхтилин), æмæ нæцæг æппæрццæн та – æргом æцæгдзинæдты сбæлвырдкæнынмæ («Тамако ныууадзынæй æнцондæр ницы ис  - мæхæдæг дæр æй иу-æртын хатты ныууагътон» - Марк Твен). Уæлсæрад равдисæны ироникон фæрæз, арæх свæййы литературон уацмысты геройтыл æмæ сæ характеристикæтыл фæхудыны сæйрагдæр фадат, кæд, æддейæ бакасгæйæ, нейтралон хуыз ахсы ныхасамынд, уæддæр («Сæрыстыргомау æй хатыд, йе 'фсæддон службæйы фараст ‘мæ ссæдз мæй йын, кæй нæ фæкъуыхцы кодтой йæ зындзинæдты бахауыны дæсныйад» - Джозеф Хеллер), æмæ ироникон сæрæрвæссон приём та автортæй пайдагонд цæуы, персонажты нысаниуæгæн пессимистон аргъкæнынмæ («Кæд нывгæнæгы фæнды йæ сурæтты æргътæ хæрдмæ стæхын кæнын, уæд ын дæттын æрмæстдæр иу уынаффæ: йæхи амарæд» -  Курт Воннегут). 
Юморы жанрты цыбыр формæты хъомысджын ироникон фæрæз у – коннотацион развæлгъау зæгъæнау, кæсæг, кæнæ фæрсæджы цырд реакцимæ ‘ввонгæй («Дохтыртæ йын й' аирвæзыныл цас фæтох кодтой, фæлæ уæддæр удæгасæй баззад» - Михаил Жванецкий).

Комкоммæ ирони  - искæй дæлæмæ æруадзæн мадзал, ныхас цæуыл у, уымæн æппæрццæг, кæнæ хынджылæггаг характер раттын.

Антиирони ныхмæвæрд у комкоммæ ирониимæ æмæ равдисы антииронийы объекты фагаргънескондæй.

Хиирони – хи цæсгоммæ здæхт ирони. Хииронийы æмæ антииронийы æппæрццæг дзырдтæн сæ бон у зыгъуыммæ (æвæрццæг) дæлтекст хæссын. Дæнцæг: «Мæн хуызон æдæлы та цы зоны?»

Сократы ирони – хииронийы формæ афтæ амад æмæ цы объектмæ здæхт у, уый, цыма, «æцæгдзинад нæ зонæг» субъекты бакой-бакойты фæдыл зилгæйæ,  йæхигъæдæй æрцæуы логикон хатдзæгтæм. 




#Article 704: Бырсæг уæйгуытæ (486 words)


Шингеки но Кйоджин, Shingeki no Kyojin ( «Бырсæг уæйгуытæ») - Хаджиме Исайамæйы мангæ. Мыхуыр-æддæдзыд у Bessatsu Shonen Magazine  журналæй, рауагъдад Коданся-йы, 2009 октябрæй.

Мангæйы архайд цæуы XVIII-XIX æнусты Европæйы хуызон æрымысгæ бæстæйы. Йæ хабар куыд амоны, афтæ, мангæйы уацæй æнус раздæр, адæймагад бындзагъдмæ ’ввахс систы æнахуыр æмæ сæ кой кæмæн никуы уыди, ахæм гиганттæй — адæмы цалдæр къæмццæн чи хордта, дынджыртæ æмæ æнæмбаргæ фæлдисонтæ.

Бирæ æзтыдæргъы адæм уыдысты  уæйгуыты «хæринаг», æмæ се ’рбабырсты фæстæ скуынæг сты бынтон. Чи ма цæ баззад, уыдон бамбæхстысты æртæ æмбонды фæстæ — Синæ (æддаг къул),  Розæ (астæуккаг къул) æмæ Мариа (мидæггаг къул). Гъеуæдæй фæстæмæ сæдæ азы рацыди сабыр цардæй æмæ адæмы ныфс бацыд, æдас кæй сты уыцы æмбæндты фæстæ. Фæлæ ацы сабырады азты тыххæй туджы аргъ бафидын бахъуыд, сæдæ азы размæйы абуалгъ цагъд та куы райдыдта нæуæгæй: къул, кæцы сæ хъагкæдта уæйгуытæй, саст æрцыди сæ иуæй, фæстæдæр Колосс (колоссалон уæйыг, зæгъгæ) кæй схуыдтой, уымæй.  Марийæ-къулы фæстæ цæрджытæн се ’рдæг хæрд фесты, мидæмæ цы уæйгуытæ райдыдта бырын, уыдонæй, зæххытæн се ‘ртыккагæм хай фесæфтой; суынгæджы сты æмæ се ’ппæты дæр бахъуыд Розæ-къулы фæстæ балидзынмæ. 

Эрен Йегерæн уæйыг йæ мады куы бахордта йæ цæстыты раз, уæд цæссыгрæдадзгæ сомы ракодта, уæйгуыты се ’ппæтты дæр кæй амардзæн æмæ сæ духи дæр кæй нал баззайын кæндзæн зæххыл! Уыцы ныхæсты фæстæ Эрен бацыд æфсæдахуыры корпусмæ, цæмæй йæ бæллиц сæххæст кæна — суа сгарæг æмæ балцы ацæуа фæскъулмæ, уæйгуыты цæгъдынмæ. Йæ ныййарджытæ æмæ-иу йе ’мбæлттæ уыцы хабары тыххæй ныхмæлæуд уыдысты, фæлæ Эрены фыд æбæрæг сæфт фæкодта, йæ мады та йын гигант бахордта, уый адыл Микасæйæн дæр (иу чызг, Йегертæ йæ иу азы размæ баазтой сæхимæ, йæ ныййарджыты йын уацайргæты уæйгæнджытæ амардтой) æмæ Арминæн æндæр ницыуал баззад Эрены фæдыл  æфсадахуыры корпусмæ ацæуыны йедтæмæ, цæмæй дарддæр хъахъхъæной адæмы цы мурбæрц баззад, уыдоны, æмæ сæйраг та - кæрæдзи. 

Цъус зондæуы уæйгуытæ кæцæй æмæ куыд фæзындтысты. Æрмæст 3-15 метрмæ бæрзæндæн кæй сты, æмæ ма адæмы инстинктивон атакæ кæй кæнынц. Уымæн æмæ фæскъул цæрæгойтæ иууылдæр æгас сты, уæйгуытæ цæм не вналынц æппындæр. Нæдæр сæ хъæуы хæрын, раст зæгъгæйæ, хуры тынтæй сты æфсæст хъомысæй уа, йе хæлцæй. Фæлæ адæймагы куы фенынц, уæд ыл сæхи ныццæвынц цæмæндæр. Бæзджын царм æмæ регенеративон миниуджытимæ сты, уымæй уæлдай. Амарæн сæ ис æрмæст иу хуызы — хъуамæ сын сæ бæрзæй, сæ къæбут кæцы у, уый арф лыг ныккæнай æхсаргардæй. Æмæ иттæг зын скæнæн у ахæм цыдæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уый охыл æрымысдæуыд Вертикалон Манёвыргæнæн Гæрзтæ (ВМГ) — астæуыл даргæ, ставд роны хуызон, кæцы æртæ фарсы ’рдæм дæтты фадат «стæхынмæ», йæ фæрстырдыгæй дзы цы къæндзытимæ бæндæнтæ рацъыввытт кæнынц, æмæ бæрзæнды къул уа, йе бæлас-исты, ууыл фæцангал кæнынц, стæй ма афтæ тагъдæй йæ архайаджы дæр уысм-æлваст скæнынц хæрдмæ. ВМГ  дæтты стыр мобилады миниуджытæ йæ фæлтæрд пайдагæнæгæн æмæ домы тынгдæр физикон цæттæйад ‘мæ цырдад.

Аниме у тынг трагикон æмæ геройты æвдисы тагъд-асгæнгæйæ, сæ сусæг арф æмæ карз хъуыдытимæ цард æмæ растыл, сæ тастимæ, алыварс куыд уынынц æрмæст туг, æмбæлтты мæлæт æмæ ма ахæм уавæрты уæвгæйæ дзы уæддæр фаг бынат ис гадзрахатдзинадæн дæр.




#Article 705: Тæрхонылæг Дредд 3D (542 words)


Постапокалипсон дуне атомон хæсты фæстæ. Америкæ радиацийæ сыгъд у æмæ ма баззад æрмæст иу горæт, йæ фæстæ та хус æдзæрæн, номхонгæ — Æлгъыст Зæхх. Систы фæстæ та лæууы Мега-Сахар Иу, Бостонæй Вашингтонмæ аххæсгæ, залым метрополис 800 милуан цæрæгимæ æмæ 17000 криминалон репортимæ алыбон. Уыйппæт адæм цæрынц зæронд дунейы пырхытыл, нæуæг оны мега-агъуыстты, пъæлицæйæгтæ та дзы сты Тæрхонгæнджытæ — расттæрхоны галуаны бæрны адæм, кæдон систы иу цæсгомы прокурортæ, присяжнитæ æмæ æххæстгæнджытæ. Уынгтæ йетæккæ дзаг сты хотыхджын фыдгæнджытæй æмæ æрмæст Тæрхонылæгтæ тох кæнынц сæрфады сæраппонд æуцы хаосы, сæ иу — Джозеф Дредд, нæуæг курсант Кассандрæ Андерсонимæ баиугæнгæ бахаудысты фыр-стыр хæдзармæ. 

Горæты фæзынд нæуæг химæлхъив наркотик, Слоу-Мо хуынгæ æмæ магъзы нормалон куыст 1% онг фæсæндæг кæны йæ цыдæй. Дредд рахызт наркоуæйгæнджыты бандæйы фæдмæ, сæ раздзог Маделинæ Мадригал (Ма-Ма), й ’армы бакодта иу 

Ма-Ма бардзырд ратта Дредд æмæ Андерсоны амарын, афтæмæй цын сæ фæндаг хæцæнгарзæй дзыппнад лæгмарты едзаггæнгæ. 76-æм уæладзыгмæ схæццæйæ Тæрхонгæнджытæ Ма-Майы адæймаг æмæ йæ M61 Vulkan-æй, кæцы ныббызгъуыртæ кодта къултæ æмæ ма дунейы цæрджыты фæмардта, цъысымы бахаудысты. Фæлæ уæддæр сæ бон баци къулы хай расæттын æмæ фæдзурын æххуысмæ. Уыцафон Ма-Ма æрвиты йе ’ннæ фæсдзæуин Калебы, Тæрхонгæнджыты мæрдтæ сбæлвырд кæнынмæ. Куы фембæлдысты, уæд Дредд Калебы Ма-Майы цæстыты раз раппæрста мæсыгæй дæлæмæ.

Дредды зæрдæ ’хсайы, Ма-Ма фырдыхст кæй, Кай йæ дзых æхкæдæй куынæ дара æмæ йæ кæй марын кæндзæн информаци ма раргомы тыххæй. Андерсон, йæ психикон миниуджытæй спайдагæнгæ, тыххызт кæны Кайы лæдæрæнмæ æмæ дзы базыдта Алтъами-бæлас Слоу-Мойы скæнæн æмæ уæймæрвит центр кæй у. Афтæмæй ма уынаффæ кæны æуым искуы бамбæхсын, цалынмæ феххуыс æрцæуа, уæдмæ. Фæлæ Дредд йæ ныхасыл ныллæуыд, цæмæй цæуой дарддæр хæрдмæ Ма-Майы ахсынмæ. Тæрхонгæнджытæ Волт æмæ Гутри дзуапп кæнынц Дредды бадзырдмæ, фæлæ сæ Ма-Ма-йы компьютерты сæрæнæн системæйыуылтыл нæ бауадзын кодта, сигнализацийы аххос æй фæкæнгæ, æмæ цын баныфс æвæртта, уыдон дæр хъаккæнды тренахуыры тыххæй кæй фесты хуынд. Фыдгæнджыты иу къаимæ тох схæцыди Дредд æмæ Андерсонæн, Кайæн та фадат фæци Андерсоны сгомарм кæнын æмæ йыл фæтых уæвын, æмæ йæ амынæты райсгæ, Ма-Мамæ йæ скодта йæ разæй.

Цалынмæ Дредд йæ фæндаг сыгъдæг кæны хæрдмæ, Ма-Мамæ, уый та фæдзырдта коррупцихæрд Тæрхонгæнытджæм Лекс, Каплан, Чен æмæ Алварезмæ. Уыцы цыппар ссæрибар кодтой Волт æмæ Гутрийы сæ хæсæй æмæ сæ рарвыстой хæдзары бахизæнæй, сæхи та цын мидæмæ бауагътой фæстæдæр. Дредд хæрхæмбæлд фæци Ченимæ æмæ йæм сдызæрдыг ис, кæй нæ бафæрста Андерсоны йæ статусæй. Куы йæ фæхатыд æмæ йæ худ судзы, уæд Дредды атакæ кæнын райдыдта, фæлæ йæ амардта уый. 

Уæдмæ та Кай хъавы Андерсоны йæхи хæцæнгарзæй амарын, фæлæ йæ дамбацайы ДНТ-сканер не сбæрæг кодта æмæ йыл йæ къух атæхынгæнгæ срæмыгъта, кæй феххуыс ис Андерсонæн йæ ныммарынмæ. Ирвæзы урдыгæй æмæ фæстæдæр фембæлды Капланыл, кæй амардта æвиппайд, йæ мæгъзтæ йын куы афарста. æндæр ран та Дредд мары Алварез, фæлæ хотыхтæй цух кæны сæндæггай æмæ ма йын Лекс дæр йæ гуыбын фехста дамбацайæ. Лекс æм феввахс кæны, цæмæй йæ ныффæуа, Дредд та фаг рæстæг фæивæзта, цæмæй Андерсон дæр æрхæццæ уа æмæ амара Лексы.

Дреддитæ ссарттой Ма-Майы апартаментты код йæ компьютерты экспертæй æмæ йæм быцæу лæууынц. Ма-Ма зæгъы Дреддæн, куыддæр амæлæ, зæгъгæ, афтæ, йæ цонджыхъулыл цы девайс ис, уый сдетонаци кæндзæн рæмудзæрмæг уæллаг уæладзгуытыл æмæ ’нæхъæн стыр агъуыст ныккæлдзæн. Дредд ныфсхъуыды у æмæ детонаторы сигнал нæ баххæсдзæн срæмудзæн æрмæгмæ фыццаг уæладзыгæй æмæ Ма-Майæн тыххæй сулæфын кодта Слоу-Мо-йæ ’мæ йæ раппæрста бынмæ, сæндæгдзыды къайфты, хатгæ дæр æй нæ бакодта, уымæн æмæ йæм секундтæ минуттæй даргъдæр кæсынц.




#Article 706: Ирон хæринæгтæ (130 words)


Ирон хæринæгтæ сты ирæтты традицион хæринæгтæ.

Кухнæйы бындур æвæры фых стуры дзидза, кæцы бадæттынц цæхдонимæ, нурыдзæхдонимæ. Дыккаг ирон хæринаджы ном хæссынц алыхуызон ирон чъиритæ.

Сæ зын географикон цæрæн бынаты тыххæй ирæттæ, уæлдайдæр хохы цæрджытæ, хæрд кодтой муыгргонд. Ахуыр уыдысты кæрдзыныл, кæцы иу цæл кодтой ирон бæгæныимæ, æхсыр, кæнæ хæхон донимæ. Уый йеддæмæ хор кодтой хомыс, быламыхъ, къæлуа. Ныр цæ нал цæдтæ кæнынц.

Ирон фынджы сæрмагонд хæринагтæ æсты чъиритæ. Сæ хуылф вæййы алыхуызон — картофæй, дзидзайæ, цыхтæй, цæхæрайы сыфтæй, къабускайæ, хъæдурæй, давонæй. Чъиритæ аразынц дрожжæй ссадæй. Æппæты хъуыст гонд чъири у фыдджын. Фыдджын у æнæмæнг хæринаг хонгæ бадтыты (сиахсы цыд, чындзæхсæв, гуырæнбон, куывд) зианы йеддæмæ.

Националон нуæзтыты æхсæн æппæты уарзондæр уыдысты ронг, бæгæны, арахъхъ, къуымæл. 

Советон Цæдисы фæзынды фæстæ ирон кухнæ райста бирæ ивддзинæдтæ, йæхимæ айста уырыссаг æмæ европæйаг хæринæгты элементтæ.




#Article 707: Арахъхъ (104 words)


Арахъхъ кæнæ тæбыны дон, цуанон æвзаг (дыгурон диалект): цъæхцъиргæ — исты халсарæй (мæнæу, нартхор, цæхæра æ.æ. ахæмтæй) кæнæ дыргъæй кæй фæуадзынц, ахæм алкоголон нозт.

Таурæгътæм гæсгæ, ирон адæмы арахъхъ кæнын хæйрæджытæ сахуыр кодтой. Уый тыххæй иу таурæгъ афтæ зæгъы: «иуахæмы Хуыцау уæларвцæрджытæн бахæс кодта алы мыггаг нозтытæ скæнын. Иутæ дзы сфыхтой бæгæны, иннæтæ скодтой сæн, Уацилла та — ронг. Дæлимонтæ хи хъæппæрисæй (уымæн æмæ сын Хуыцау ницы бахæс кодта) скодтой арахъхъ. Хуыцау дзы куы сахуыста, уæд æй ронджы фæстæ банымадта хуыздæр нозтыл. Хуыцау сын сæ нозтæн ахæм стыр аргъ кæй скодта, ууыл хæйрæджытæ тынг бацин кодтой æмæ уайтагъд ирон адæмы арахъхъ уадзын ацахуыр кодтой».




#Article 708: Big Mama Thornton (121 words)


Уилли Мэй Торнтон, фæсномæй зындгонддæр куыд Big Mama (Стыр Мамæ), у зарæггæнаг, зардджыты автор 'мæ 'ххæстгæнæг блюз æмæ ритм-ын-блюзы стильты. Райгуырди 11 декабыры 1926-æм азы, Аритоны, Алабамæйы , И.Ш.-ты. Музикæимæ базонгæ ис баптистты аргъуаны, йæ фыд кæм уыди сауджын, йæ мад та дзы зæлхоры зарыд. Йæхæдæг дæр æмæ йе 'хсæз хо 'мæ æфсымæры дæр иттæг æрæджийауæй райдыдтой зарын. Стыр Мамæ цагъта цалдæр инструментыл, фæлæ уæлдай дæсны æмæ йæ уарзондæр инструмент та уыди былвæндыр (harmonica). Торнтон йæ рæстæджы нымад цыди здыхст æххæстгæнæгыл: нæлгоймæгты пысултæ-иу дардта, дымтта, нуæзта æмæ ма афтæмæй (Allmusic-ы ныхæстæ 'рхæсгæйæ) никæмæй дæлдæр æвæрдта йæхи, æгæр-мæгуыр ма дзы джиранкатæ, хъæз аразгæйæ, иу иннæйы фæдыл куы райдыдтой æзгъæлын, йæ кæддæры хъомысджын фигурæйæ. 1984-æм азы Стыр Мама уыди хуынд Блюзы Кады Залмæ. 




#Article 709: Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн (356 words)


Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн (цыб: ФФЗ) — фæткæвæрдты æмбырд, фæндаджы змæлды архайджыты (транспортон фæрæзты скъæрджыты, пассажирты, фистæгдзауты æмæ а.д.) хæстæ æрмдарæг æмæ ма фæндаджы змæлды æдасад хизынæн, транспортон фæрæзтæй кургæйæ, техникон домæнтæ.

Фæткæвæрд фæндаджы змæлдæн йæ райдийæн исы Лондоны. 10-æм декабыры 1868 азы Парламенты раз фæзуатыл æвæрд æрцыд механикон æфсæнвæндагон семафор хуызджын дискимæ. Йе ’рхъуыдыгæнæг — Джон Пик Найт (John Peake Knight) — уыд æвсæнвæндаджы семафорты специалист. Архайæн армонкуыст кодта æмæ йын уыд дыууæ семафорон базыры. Базырты бон уыд æндæр æмæ æндæр æвæрд цæуын: горизонталон - сигнал стоп; æмæ 45 градусмæ тигъгонд - арæхсгай цæуыны бар. Талынджы-иу баиу кодтой зæрæ æмæ сырх хуызтæй æрттивгæ, зилгæ газы фанар. Семаформæ уыд лæугæвæрд æххуырст адæймаг ливрейкондæй, йæ хæс-иу уыд фат сисын æмæ æрисын, æмæ-иу фанар дæр аразил-базил кæнын. Фæлæ архайæны техникон реализаци нæ фæбæззыдысты: сисæн механизмы рæхысы хъинц-хъинц-иу ахæм тынг уыди æмæ-иу дзы цуртыдзау бæхтæ схъиуттытæ кодтой æмæ сæ фæстæгтыл стадысты. Дыууæ мæй дæр нæ фæкуыста, афтæмæй 1869 азы 2 январы срæмыгъдта æмæ ма дзы йæ цуры лæууæг пъалицайаг дæр цæфтæ баййæфта. 

Нырыккон фæндаджы бæрæгдарты прототиптæ ис схонæн номвæйнæгтæ (табличкæтæ?), кæдоныл æвдыстæуыд чердæм у фæндаджы здæхт цæрæнхъом ранмæ æмæ йæм йæ дæрддзæг. Европæйаг иумæйаг фæндаджы фæткæвæрды змæлды æмбырд райстой 1909 азы, дунеон конференцийыл Парижы, автомобильты нымæцы сфылдæры, тагъдады рæзты æмæ горæтвæндæгтыл змæлды интенсивады тыххæй. Иннæ ахсджиаг санчъех сси Конвенци фæндæгтыл сигналкæныны иугъæдондзинад бакæныныл 1931 азы Женевæйы, фæндæгты змæлды сæраппонд Конвенцийыл, кæцыйы, иннæ бæстæты 'хсæн, иста хайад Советон Цæдис дæр.

Фыццаг фæлвæрдтæм горæты змæлдæн ссæрфад кæнынмæ ма бавнæлтта Гай Юлий Цезар, Незаманы Ромы. Йæ бардзырмæ гæсгæ 50-æм азты Ч.А. (Чырыстийы агъоммæ), сахары иуæй-иу уынгтыл райдыдта иуварсон змæлды æгъдау æвæрддзыд. Хуры скастæй æмæ кусæнбон фæуынмæ (иу-дыууæ сахат раздæр й’ аныгуылдмæ) хæдласæнты (пъавозкæ?), бæхуæрдæтты æмæ экипажты азмæлд æуцы уынгтыл уыд бархъоды. Æрцæугæ адæм-иу хъуамæ сæ трæнспорт ныууагътаиккой горæтæддæ æмæ фистæгæй змæлыдаиккой Ромыл, кæнæ та паланкин баххуырсгæйæ. Æуцы фæткæвæрдты æххæсткæнынмæ бындурæвæрд æрцыд цæстдарды сæрмагонд куыст, кæцымæ-иу арæхдæр истой ивгъуыд зынгвæдисонты, либертинты (ралхæнгæ цагъайрæгты), хыгъдæй. Ахæм регулацигæнджыты сæйраг хæс-иу уыд, цæутулæн (транспортон) фæрæзты дарджыты хылтæ æмæ хъаугъатæ бахизынæй. Бирæ дзуарвæндæгтæ-иу задысты æнæ уагæвæрдæй. Цытджын æлдæрттæ æмæ-иу стырнæмттæ сæхицæн æнæ къуылымпыйæ ацæуæн ссарттой — сæ тагъддзуты-иу экипажты разæй рауагътой, уыдон та-иу сæ хицауы ахизæн асыгъдæг кодтой.




#Article 710: Ошо (223 words)


Ча́ндрæ Мо́хан Дже́ин (, 1931-æм азы 11 декабры — 1990-æм азы 19 январы), 70-æм азты райдианæй фылдæр номдзыд куыд Бхагва́н Шри Раджни́ш ( — ) æмæ Ачарйæ, фæстæдæр та куыд Ошо ( — ) — индиаг монон лидер æмæ мистик, иуæй-иу иртасджытæй неоиндуизмыл нымад, неоориенталон æмæ динон-культурон разæнгардгæнæг. Ног санньяссæйы амонæг - нысанæвæрд уыд дунейы мидæг аныгъуылынмæ, хи йыл ма сахуыргæнгæ, афтæмæй; цардылцин, эгойы атигъ кæнын æмæ медитаци, кæцы кæны тоталон ссæрибармæ æмæ раирдмæ.

Социализм, Махатма Ганди æмæ традицион религиты критикæ нырма йæ царды скодтой Ошойы ныхмæдзырд фигурæ. Уый йеддæмæ ма, сексуалон ахастты сæрибары сæрыл хæцыди, хицæн хæттыты кæнын кодта сексуалон медитацион практикæтæ, цæй тыххæй уыд «секс-гуру» хуынд, æндæр иртасджытæ ма йæ «скандалты гуру» дæр фæхонынц.

Ошо у бирæ бæстæты ашрамты бындурæвæрæг. АИШ-ы уæвгæйæ скодта æхсæнадæмон цæрæнуат Раджнишпурам, цалдæр цæрæджы дзы 1985 азы сентябрьмæ сарæзтой цалдæр зиангонд фыдмийы, уæлдайдæр ма биотеррористон акт. Америкæйæ депортацийы фæстæ йын 21 паддзахады бахизыны бар нал радтой, кæнæ та йæ «нон-граты персонæ» схуыдтой. Уæрæсейы, ФРГ-йы æмæ ма хицæн специалистты официалон документты Ошойы организаци хаудта деструктивон сектæтæм. Диссаг нæу, æмæ Советон Цæдисы Раджнишы змæлд тобæгонд уыд идеологон хъуыдытæм гæсгæ.

Куы амарди, уый фæстæ йæм Индийы йæ ахаст фæивта, сси ахсджиаг ахуыргæнæгыл нымад æмæ йæ ахуыр та сси массон культурæйы хай Инди æмæ Непалы. Ошомæ ныхаскæндтæ, мырфыст 1969-1989 æзты, сæмбырд кодтой æмæ йæ фæдонтæй мыхуыргонд æрцыдысты 600 чиныгæй фылдæры бæрц.




#Article 711: Тронты хъазт (113 words)


Сериалы фæзынынц фантастикон фæлдисондтæ, зæгъæм, залиаг-кæлмытæ (драконтæ) æмæ алы ’нæзæгъинæгтæ. «Тронты хъазтæн» характерон у, кæй дзы нæй цæхгæр-хорз, кæнæ цæхгæр-æвзæр персонажтæ, хъайтартæй бирæтæн сæ бон дынысанон митæ равдисын æмæ ма сæ бирæтæ та æнæнхъæлæджы мард дæр фæвæййынц. Сериалы æвнæлд цæуынц политикæ, религи, мидхæст (граждайнаг хæст), сылгоймæгты уавæр æхсæнады, фыдракæнд æмæ æфхæрды фарстатæ. Сæрмагондæй ма йын цалдæр аразгæ æвзаджы дæр æрымысыдысты, куыд дотракиаг æмæ валариаг, зæгъæм.

Сериал номинаци цыд бирæ престижон хорзæхты, дыууæ хатт «Эммийы» премийы «хуыздæр драмон сериал», райста «Хьюгойы» преми «хуыздæр авæрды» сæраппонд; уый æддæ ма, хорзæхтæ фæци сериалы хайадисæг актёрты - афтæ, Питер Динклейдж, Трион Ланнистеры чи ахъазыд, сси «Эмми» æмæ «Зæрин глобусы» премийы аккаг «нæлгоймаджы дыккаг пъланы хуыздæр ролы» тыххæй.




#Article 712: Хуан Вальдес (132 words)


Хуан Вальдес () у æрымысгæ нæлгоймаджы хуызæвдыст, кæцы фæзынд Колумбийы къофисадзæгты Националон Федерацийы рекламæты 1958-æм азæй, колумбиаг фермеры фæлгонц æвдисгæ. Рекламон дизайнгонд æрцыд Дойл Дейн Бернбахы рекламон агентадæй, нысанæвæрдæй, цæмæй колумбиаг къофи 100% базонæн суа æндæр бæстæты къофиты æмхæццæгтæй. Рекламæты æмæ рекламнывты типикон зынд фæкæны йæ хæргæфс Кончитæимæ, ног тынд къофийæ над голджытæ уæргъхæссгæ. «Вальдес», къофийæн йæхиау, сси Колумбийы равдисæг, æмæ арæх фæзыны фæзмынд æмæ пародигондæй медиа æмæ телеуынады.

Æппæты сæрæй Хуан Вальдес уыди Хосе Ф. Дувалæй нывгонд рекламон хуызты æмæ телеуынады суанг 1969 азмæ. Хосе Дувал амарди 1993 азы, цыдис ыл 72. 

Компани «Хуан Вальдес» уыд Карлос Санчезæй гуырæвдыст 1969-æм азæй æмæ хъæлæсæвдыст Норман Роузæй. 2006 азы Санчез расидыд йæ куыстуагъды фæнд æмæ Карлос Кастаньеда, зæххкусæг сахар Андтæй, Антиокийы департаменты, уыд æвзæрст Колумбийы къофисадзæгты Националон Федерацийæ, куыд Хуан Вальдесы нæуæг цæсгом.




#Article 713: Бетховен, Людвиг ван (306 words)


Лю́двиг ван Бетхо́вен (, [ˈluːtvɪç fan ˈbeːt.hoːfən], райгуырдис 1770-æм азы 16 декабры Бонны, Вестфалийы – амардис 1827-æм азы 26 мартъийы Венæйы, Австрийы эрцгерцогад) у немыцаг композитор æмæ пианист, «Венаг классикон скъолайы»  минæвар.

Бетховен у ныгуылæн классикон скъолайы дæгъæлон фигурæ классицизм æмæ романтизмы периодты ’хсæн, дунейы æппæты аргъуцаккаг  æмæ арæхдæр цæгъдынмæ ’ххæстгæнæн композитортæн сæ иу. Фыста йæ рæстæджы  уæвæг алы жанры дæр, уыдонмæ бафтаугæ оперæ,  музикæ драмон спектакылтæм, зæлхорон уацмыстæ. 
Йæ аивбаззады алкæмæй нысанджындæртыл нымад цæуынц инструменталон сфæлдыстæдтæ: фортепианон, хъисынфæндырон æмæ виалæнчелон сонатæтæ,  фортепианойы æмæ скрипкæйы концерттæ, квартеттæ, увертурæтæ, симфонитæ. Бетховены сфæлдыстат стыр тæфаг скодта XIX æмæ  XX æнусты симфонизмыл.

Людвиг ван Бетховен райгуырд 16 декабыры 1770-æм азы Бонны, аргъуыд 17 декабыры 1770-æм азы, Сыгъдæг Ремигийы католикон аргъуаны.
Йæ фыд, Иоганн Бетховен (1740-1792) уыди зарæггæнæг, тенор, галуанмæхау капеллæйы. Мад, Мариа-Магдалинæ, чызгæй Кеверих (1748-1787), уыди галуанмæхау шеф-повæры чызг Кобленцы. Ракуырдæ сты 1767 азы.

Йæ фыдыфыд Людвиг (1712-1773), уый дæр уыцы капеллæйы зарыд тенорæй, стæй сси капеллæгæс (капельмейстер). Уый уыди Мехеленæй, Хуссар Нидерландты, æмæ уырдыгæй хæссы разæфтуан «ван» йæ мыггаджы размæ. 

Гыццыл Людвигæй йæ фыд дыккаг Моцарт саразынмæ хъавыди æмæ йæ йæхæдæг райдыдта скрипкæ æмæ клавесиныл цæгъдын ахуыр кæнын. 1778 азы Кёльны скондæуыд лæппуйы фыццаг ралæуд. Фæлæ диссаджы-сæрæн сывæллон не сси æмæ йæ йæ фыд бафæдзæхста йæ коллегатыл. Сæ иу æй ахуыр кодта органыл цагъдыл, иннæ та — скрипкæйыл.

Бетховенты фыдыфыд куы фæхъуыди, уæд бинонты уавæр фефзæрдæр и. Людвигы бахъуыд йе скъола ныууадзын, фæлæ латинаг æвзаг базыдта, ахуыр кодта итайлаг, францаг æмæ ма бирæ чингуытæ дæр касти. Фæстæдæр, куы фæас ис, уæд йæ фыстæджыты иуы раргом кодта: 

Бетховены уарзондæр фыссæгтæ уыдысты рагон грекъаг Гомер æмæ Плутарх, англисаг драмæтург Шекспир, гермайнаг поэттæ Гёте æмæ Шиллер.
Уыцы рæстæджы Людвиг райдыдта музыкæ фыссын, фæлæ цæ мыхуыр кæнынмæ нæ тагъд кодта. Бонны цытæ сфæлдыста, уыдонæн сæ фылдæр дыккагæй рагуыст баййæфтой фæстæдæр.

Йæ лæппу-карæй ма баззади æртæ саби-сонатæтæ æмæ цалдæр зарæджы, семæ «Зæххы ’хсæрæг».




#Article 714: Пикуль Валентины миниатюрæтæ (104 words)


Алы миниатюрæ дзы дзуры уæрæсейы историйы тыгъдбыдырты сæфт удгоймæгтыл. 
Сæ хъайтартæ сты, куыд зындгонд амалгæнджытæ, афтæ хуымæтæджы адæм дæр, кæй ном никуы хъуысы, фæлæ кæдон стыр ахъаз фесты историйæн, канд уæрæсейæгæн нæ, фæлæ. Миниатюрæты фылдæр патриотон æнкъарæнтæй мидхъард сты. 
Куыд арæхдæр, миниатюрæ гуырыд иу æхсæвмæ, фæлæ сæйраг герой чи уыди, ууыл информаци базонын æмæ æрымбырд кæныныл-иу бæстон куыст бакæнын бахъуыдаид, хаттæй-хатт цалдæр азыдæргъы. Романты хъауджы, миниатюрæты-иу Пикулы бон уыд иуæй-иу хъуыдытæм æмæ сæрмагонд хабæрттæм ахаст, йæ хъайтарты дзыхæй нæ, фæлæ комкоммæ чиныгкæсмæ дзургæйæ зæгъын.

Фæсарайнаг истори:

Фæсарайнæгтæ Уæрæсейы:

Пётры агъоммæ Уæрæсейы истори:

XVIII-æм æнусы Уæрæсейы истори:

XIX-æм æнусы Уæрæсейы истори:

XX-æм æнусы Уæрæсейы истори:




#Article 715: Ломоносов, Михаил Василийы фырт (129 words)


Ломоносов Василийы фырт Михаил (Михайло) (19 ноябры 1711-æм азы, хъ. Денисовкæ – 15 апрелы 1765-æм азы, Бетъырбух) — фыццаг уырыссаг ахуыргонд-æрддзонæг, энциклопедист, химик æмæ физик; историмæ бахызт куыд фыццаг химик, кæцы снысаниуæг кодта физикон химийы йæ нырыккон мидисмæ хæстæг æмæ сбæрæг кодта физикон-химикон иртæстты уæрæх программæ; йæ хъармы молекуларон-кинетикон теори бирæ цæмæйдæрты дисы æфтыдта уæдыккон фæлгæнцтæ материйы сконды тыххæй æмæ ма бирæ фундаменталон закъæттæ дæр, сæ номхыгъды термодинамикæйы райдайæнтæй сæ иу, бавæрдта  ма райдиан авджы зонадæн.

Астроном, гæрзгæнæг, географ, металлург, геолог, поэт, нырыккон уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрды æрфидаргæнæг, нывгæнæг, историк, фыдыбæстон ахуырады, зонады æмæ  экономикæйы райтынджыны сæрылхæцæг. Бакуыста Мæскуыйы университеты проектыл, кæцыйыл ма фæстæдæр йæхи ном сæвæрдæуыд. Бонвæрнонæн атмосферæ кæй ис, уый раргом кодта. Зонæдты æмæ аивæдты Академиты Бæлвырд уæнг (физикон къласы адьюнкт 1742-æм азæй, химийы профессор 1745 азæй).




#Article 716: Фистæгдзау (127 words)


Фистæгдзу – фæндаджы змæлды хайадисæг, фæндагæн сæрмагонд фарсмæ здæхт цæуæг, кæнæ тулвæндаджы хайы сæртылхизгæ адæймаг.

Фæткæвæрд Фæндаджы Змæлдæн-ы æмбæрстгонд цæуынц фистæгдзауы бартæ æмæ хæстæ. Фистæг адæмы æдасы сæраппондæн скондæуыдысты фистæгдзу-ахизæнтæ, фистæгдзу-фæндæгтæ (тротуартæ), зæххы-уæлæ фистæгдзу-ахизæнтæ æмæ ма уæлзæхх æмæ дæлзæхх фистæгдзу-ахизæнтæ дæр.
Фистæгдзаутæ хъуамæ цæуой тротуартыл, кæнæ фистæгдзу-фæндæгтыл, æмæ дзы сæ иу дæр куынæ уа, уæд та – фæндагвæрсты. Фистæгдзаутæн, кæдон фæласынц, кæнæ фæхæссынц егъау дзаумæттæ, æмæ ма гоймæгтæн, кæдон пайда кæнынц æнæ змæлынгæнæгæй нæбойнаг-коляскæтæй, сæ бон у цæуын тулæнвæндаджы кæрæтты, кæд æмæ сæ цыд тротуартыл, кæнæ фæндаджывæрстыл иннæ фистæгдзаутæн къуыхцыйы аххос у, уæд.
Куынæ дзы уа тротуартæ, фистæг-фæндæгтæ йе та фæндагвæрстæ,  кæнæ та цыл цæуынвадат куынæ уа, уæд фистæгдзауты бон у лисапъедон фæндагыл змæлын, кæнæ иу рæгъы цæуын тулæнвæндаджы хайы (дих-хаххимæ фæндæгтыл – тулвæндаджы хайы æддаг кæроныл).




#Article 717: Мæлæтмондæгтæ (176 words)


Shigurui () — «Мæлæтмондæгтæ» («Одержимые смертью») у — мангæты сериал, илл.страцигонд æрцыд Такайуки Ямагучийæ, бæстонгонд у Нарио Нанджойы чиныг Suruga-jo Gozen Jiai-йы фыццаг хайыл. Анимацигонд теле-адаптаци, бындурæвæрд мангæйы фыццаг 32 хайыл, WOWOW телекомпанийæ рауагъд 19 июлы 2007 — 12 октябрмæ 2007. Мультхæйтты режиссёр у Хироши Хамасаки, сценарист Сеиши Минаками æмæ продюсгонд Madhouse Studio-йæ. Сериал зындгонд у реалистон фыдми æмæ эротикон сценæтæй.

Истори райдайы 1629 Шизуокайы, Токугава Таданагайы барады рæстæджы. Даймё скæнын кодта турнир æмæ дзы й' архайджытæ боккенты (хъæдын-цирхъ) бæсты æцæг хъаматæй хъуамæ хæцыдаиккой æмæ уыцы карзвæнд уыд йæ вассалты ныхмæ. Хабар зылд цæуы фыццаг матчы, иу-армон æхсаргардджын Фуджики Генносуке æмæ куырм самурай Ирако Сейгены уæлхъус, æмæ æвдисы ивгъуыд цаутæ, кæдон тыххæй æуцы дыууæ хæстонлæджы фæзындысты Токугаваты турнирмæ.

Генносуке Фуджики — Коганы доджойы хъæбатыр ахуыргæнинаг. Ацы рæстæджы йæ Сейгенимæ дуелы йыл иу цонг ис æрмæст. Фæлæ бæрæггонд у йæ фæсонты хæцъæфтæ дæр афтæ фидар кæй сты æмæ йын дыккаг къухы бæсты баланс æмæ тыхæй æххуыс кæнынц. Фуджики тынг иузæрдион у Коганмæ, йæ мастермæ, æмæ у æппæты фыццаг претендент, цæмæй йын йæ марды фæстæ йæ бынат бацахса.




#Article 718: Зевс (109 words)


Зевс () — рагон грекъаг мифологийы сæйраг хуыцау, арвы, арвнæрды æмæ арвырттывды  бардуаг. Зевс у Кроносы æмæ Рейы фырт, уый тыххæй арæх йæ хуыдтой «Кронид» дæр. Йæ цæрæнуат у Олимпы хох. Зевс у алы æрдзон фазындты хицау — йæ эгидæ куы зилы, уæд къæвдатæ æмæ тымыгътæ уарынц; уый дæр æмвæндагон дымгæ æрвиты æмæ ирд бонтæ дæтты. Арæх йæ хонынц хъысмæты хицау, иннæ хатт тæ йæхадæг у Мойрæты дæлбар.

Зевсы миниуæгтæ уыдысты эгидæ, скипетр, арвырттывдтæ æмæ цæргæс.

Зевсы ус у Герæ. Сæ зæнæгтæ сты Арес, Гебæ æмæ Гефест. Уымæй уæлдæй бирæ зæнæг йæн уыди æндæр сылгоймагтæй — Аполлон, Артемидæ, Персефонæ, Гермес æмæ а.д.

Ромаг мифологийы Зевсы æмхуызон хуыцау уыди Юпитер.




#Article 719: Хейердал, Тур (170 words)


Тур Хейерда́л ( [], 1914-æм азы 6 октябры, Ларвик, Норвеги — 2002-æм азы 18 апрелы, Алассио, Итали) — норвегиаг бæлццон æмæ антрополог. Бирæ чингуыты автор.

Тур Хейердал райгуырд чысыл сахар Ларвичы, Норвегийы хуссары, Тур æмæ Алисон Люнг Хейердалы бинонты. Йæ фыдæн уыди бæгæнывыцæн, йæ ма та антропологион музейы куыста æмæ гыццыл Тур раджы базонгæ ис Дарвины эволюцийы теориимæ. Уый дæр, йæ мадмæ гæсгæ, уæдæ куыд, зоологийæ цымыдис кæнын райдыдта. Кæцы хæдзары цардысты уыцы азты, уым ма чысыл музей дæр скодта. 

Сывæллонæй донæй тынг тарсти Тур, уымæн æмæ фæцæйныгъуылыд дыууæ хатты. Фæстæдæр, йæ хъуыды куыд дзырдта, иу-æвддæсаздзыдæй, дам, мын исчи куы загътаид æмæ фурдыл ленкдзу кæндзынæн цыдæр хæлæдздзаг бæлæгъыл, уæд æй сæрхъæныл банымадтаин, зæгъгæ. Уыцы тасæй фервæзын æрмæст 22 аздзыдæй сси йæ бон, цæугæдоны ныххаугæйæ, йæхимæ тых ссардта сурзæххмæ хигъæдæй баленк кæнын.

Ахуыр æмæ консультациты авд семестры фæстæ Берлины эксперттæм, зоологийы профессортæ Кристинæ Бонневи æмæ Яльмар Брок рагуыстой æмæ бацæттæ кодтой проект, кæцы рагхыгъд кодта Полинезийы иппæрд иуæй-иу сакъадæхтæм абалц кæнын æмæ йæ раиртасын, абоны цæрæгойтæ дзы куыдæй æмæ кæцæй бахаудысты.




#Article 720: Режиссёр (265 words)


Режиссёр ( — «сæргълæууæг», цæуы -йæ — «(æз) фæтк дæттын») – аивады тæмæсуын (джихгæсæн, ирдгæс, хуызты сфæлдыстадон кусæг: театры, телеуынады, циркы, эстрадæйы. Режиссурæйы нысан – пьесæйы бындурыл, музикалон-драмон уацмысы, кæнæ театралон спектакылы сценарийы, эстрадон йе та цирчы равдыстты, филмыты (киноты).

Кинорежиссёртæ скæнынц иумæйаг уынд, кæй фæрцы кино кæдæй-уæдæй среализаци вæййы. Реализаци скæнынмæ хауынц – аивадон æмæ техникон элементты контроль кинойы продукцийы, æмæ ма армдариуагкæнын нывистты рæстæг амайынмæ æмæ æмгъуыдтæ æххæсткæнынмæ. Уый фæдласы (влечёт?) нывисæн-къорд (съёмочная команда) ахæм хъæды сорганизаци кæнын, цæмæй йæ кино куыд уыны, афтæ сисын ын æй бантыса. Ай домы группон лидерады фæлтæрдтæ, афтæмæй ма иу-истæуыл фокусæвæрд дарын, стрессон ситуациты, кино исгæ-исын. Ноджы ма у æнæмæнг аивадон цæстдард кадртæ кæнынмæ æмæ актёртæн ‘мæ нывисæн-къордæн рæстмæ бардзыртæ дæттын зонын, ома, ма йын ирдгæнæг ныхасгæнæн миниуджытæ хъуамæ уа. 

Кæд æмæ режиссоры куыст баст у алыхуызон креативон индивидуалты æнтыстджын æмгуыстимæ, гæнæн ма ис, æмæ карз ныхмæлæугæ аивадон идеатимæ æмæ уындтимæ, режиссоры ма бахъæудзысты конфликттæ æрмынæггæнæн миниуджытæ, исты хъаугъа куы æрцæуа нывисæн-фæзы, уæд. Афтæмæй режиссор баныфсæвæрды вæййы, кино исæн процессы хæццæ, алы гоймаг дæр дарддæр кæй кусы æмхуызон бакастæй, цæмæй филмист фæуа. 

Иуæй-иу режиссортæ райдыдтой куыд сценаристтæ, монтажгæнджытæ, кæнæ актортæ. Æндæр киноисджытæ-иу цыдысты кино-скъолатæм, «сæ профессийы официалон тренинг æмæ ахуыр райсынмæ». Фильмисæн студенттæ-иу ахуыр кæнынц бæстон фæлтæрдтæ, кæдонæй пайда кæнынц киноисгæ-исын. Уымæ хауы, дæнцæгæн: бацæттæкæнын, кадрты номхыгъд æмæ кадрдихтæ (раскадровкæ) скæнын, блокгæнын, профессионалон актёртимæ кусæны протоколтæ, æмæ сценаритæ кæсын. Кæцыдæр кино-скъолатæ ма-иу ифтонг вæййынц зæлвыссæн-уат æмæ фæс-продукцийы амæлттæй.

Бæстон техникон æмæ логистон убонты (skills?) йеддæмæ ма студенттæ исынц ахуырад профессионалон ахастдзинæдты уагæвæрдмæ гæсгæ, кæцытæ фæзынынц фильмкæнгæ. Æнæхъæн уæлкъæпхæн ахуыр фæуæн ис фондз азыдæргъмæ. Бирæ киноисджытæ-иу æнтыстдзæттæ вæййынц.




#Article 721: Сирактæ (112 words)


Сирактæ уыдысты сæрмæтаг знæмтæй иу. Ацы знæм фæзынди нырыккон Хъазахстаны территорийы, фæлæ 5 æнусы нæ дуджы агъоммæ йæ цæрæнуат баивта æмæ бацæрдис быдырмæ Хъобаны цуры, Кавказы æмæ Сау денджызы ’хсæн. Ромагтæ ацы бæстæ хуыдтой «Сиракенæ».

Сирактæ уыдысты фыццаг знæм, бердзенаг колониагцарæгтæ Сау денджызы донгæроны контакттæ кæимæ скодтой. Дарддæры азты Сирактæ тынг хорз ахастæй уыдысты Боспораг паддзахадимæ. Бирæ сирактæ систы æрдæг-цæугæцардгæнæгтимæ, æмæ сахуыр кодтой бердзенаг культурæ æмæ æвзаг. Афтæ сæ хонынц æппæты сбердзенаг чи скодтой, ахæм знæмтæй иу.

Сирактæ уыдысты Сау денджызы цуры чи цæрдтой, ацы сæрмæтаг знæмтæй стырдæр иу. Грекъаг историк Страбон куыд фыссы, афтæмæй ахæм сирактæн, боспораг паддзахæн Фарнагæн II лæггæд чи кодтой, уыдонæн сæ бон уыди 20 000 бæхæфсæддонты радæттын.




#Article 722: Кинематограф (148 words)


Кинематограф ( «змæлд» æмæ  «фыссын», змæлдвыссæн) у адæмы архайды хай, йæ нысан у змæлгæ хуызтæ скæнын. Хаттæй-хатт ма-иу æй синематограф, йе та кинематографи дæр фæхонынц. Кинеметографы сконд хауы XIX æнусы кæронмæ æмæ сси фыр популярон XX-æмы.

Киноматографы æмбарынадмæ  хауынц киноаивад — нырыккон хуызæвидсæн аивады хуыз, кæцыйæн йæ  уацмыстæ скондæуынц змæлæг нывæвдысттæй, æмæ киноиндустри — экономикæйы къабаз, кæцы кæны кинофильмтæ, спецэффекттæ кинотæм, мультипликаци æмæ æвдисы æуцы киноуацмыстæ фæлгæсджытæн. 

Киноаивады уацмыстæ сæвзæрды вæййынц кинотехникæйы фæрцы. Кинематогрæфы иртасы зонад - кинофæсмæрæн. Кинотæ сæхæдæг истæуынц хъазæн æмæ документалон киножанырты.

Нæ дугы культурæйы кинематограф ахсы нысаниуагджын хай бирæ бæстæты. Сæ фылдæры киноиндустри вæййы экономикæйы бæркадджын къабаз. 

Киноты истæвзæрд арæхдæр æрцæуы киностудиты. Фильмтæ æвдыстæуынц кинотеатырты, телеуынады, хæлиубæрц цæуынц «видеойыл» — видеокассетæтыл, кæнæ видеодисктыл, æмæ ма тагъд интернеты февзæрдимæ, фæзынди фадат кинотæ равгæнын видеофайлты формæйы, сæрмагонд сайттыл йе та пирингон хызты руаджы, ноджы ма ис онлайн бакæсыны гæнæн дæр (кæцы-иу свæййы кинофильмыл бардарæджы барты басæттынау).




#Article 723: Мультипликаци (146 words)


Мултипликаци ()  кæнæ анимаци () — киноаивады хуыз, кæй уацмыстæ сæвзæрынц фæд-фæдыл цæуæг нывты змæлды фазæты кадргай хуызисгæ методæй (графикон æмæ нывгонд мултипликаци), æмæ бæрцуатон (бæрцуатон æмæ гыкъына-мултипликаци) обекттæй.

Мультипликацийы аивады кусынц мултипликатæртæ (аниматортæ).

Мултфилмытæ (мултипликацийы æххæстдзыд продукт) скондæуынц кæнæ æнæзмæлгæ обектты санчъехгай æрмон равæр-бавæргæнгæйæ æмæ сæ кадргай исгæйæ, кæнæ та обектты змæлды фазæтæ ныннывгæнгæ (целлулоидыл, гæххæтыл йе та компутеры) æмæ сæ дарддæр иу видеорæгъмæ сæмбынат кæнын. 

Мултипликацийы истори райдыдта 1877 азы 20 июлы Францы, хæдахуыр-индзылер 
Эмиль Рейно куы сарызта праксиноскоп. 1982 азы 28 октябыры Гревины Музейы, Пæрижы оптикон театр-аппаратæй пайдагæнгæ, фыццаг хатт æвдисы графикон тæлм.

Фыццаг мултфилмытæ уыдысты къухæй нывтæ æмæ хъулæттæ пантомимæтæ суанг 15 минуты дæргъæнæн. Уыцы рæстæджы дæр ма уыди сæ бон хуызисттимæ синхронизацигонд зæлвæсдзыд кæнын. Рейно ноджы скодта мултфилмытæ, кæдоны пайдауыдысты куыд нывтæ, афтæ ма къамтæ дæр. Мултипликацийы райтынгады тыххæй дарддæр бавæрд хастой æндæр мултипликатæртæ, алыхуызон жанрты æмæ техникæты сæхи хуызнывтæ аразгæ. 




#Article 724: Марихуанæ (358 words)


Марихуанæ (), официалон ном каннабис — гæнæй исгæ психоактивон хос. Адæймаджы организмыл тæфагдард сты гæны цы психоактивон буарæдтæ ис, уыдон (каннабиноидтæ), се ’ппæтæй ахадæгдæр у - дельтæ-9-тетрагидроканнабинол. Специалисттæ дзы уæлдайнымад кæнынц гæны æртæ хуызы: Cannabis sativa, Cannabis indica æмæ Cannabis ruderalis, фæстагы тетрагидроканнабинолы бæрц æппæты къаддæр у.

Ис цалдæр версийы йæ номы февзæрдæн. Фыццаг фыссгæ кой, дам, ыл скодта этногрæф Джон Г.Бурк 1894 азы, куы ’мбарын кодта Рио-Грандейы былтыл цы зайæгой mariguan зади, уыйы. Англисаг æвзагмæ бахауди Мексикæйæ рацæугæ кусджыты фæрцы æмæ уый тыххæй нымад у, цыма индейæгты æвзагæй æрбайсгæ у. Фæлæ зайæгой йæхæдæг Ног Дунемæ Зæрондæй ласт кæй уыди, уыйадыл мæрихуанæ этимологон баст кæнынц китайаг, кæнæ семиттаг бынтимæ.

Гæнæн ис бирæ сленгон æмæ бынатмæгæсгæ нæмттæ.

Индийы цы гæн фæлхас кæнынц, уый этæлоныл нымадау у æмæ дзы хицæн кæнынц æртæ мыггагы: бханг, гæнджа æмæ чарас. С’ æдыхдæр æмæ асламдæр у бханг, истæуы хус æмæ карст сыфтæртæй, æппытæй æмæ хъæдтæй. Ганджа та æвзæргæ у, хæрззылд кæмæ цæуы, ахæм сылон гæны æмдидинтæй æмæ у бхангæй дууæ-æртæ хатт хъæддыхдæр. Чарас у - сыгъдæг писи, Æввахс Скæсæны хуыздæр зонгæ у куыд гашиш.

Анашæ — сленг-ном мæрихуанæ æмæ гашишæн. Уырыссагаудзурæг адæмы ’хсæн апарахат ис 1970-æм æзты, продуктты стыр импортимæ Чуйы дæлвæзæй. 1986-æм азæй фæстæмæ, Айтматов Чингизы роман Плахæ-йы руаджы, ныхас анашæ ахъуызыд литературон æвзагмæ æмæ дзы пайда кæнын райдыдтой канд публицистикæйы нæ, фæлæ ма аивадон литературæйы дæр.  

Ганджа — тауæн-гæны æмæ ма гæнæй конд психæтропон продуктты индиаг ном. Ганджа рауадзынæн нæгуырдзуагъд сылон æмдидинтæ æркалынц иу рæдзæгъдмæ æмæ цæ къахæй æртъæпп-æрътæпп кæнынц, кæнæ цæ чысыл тахынæгты хуызон стухынц; стæй цæ ныууадзынц хурмæ, атухтытæ  æмæ та сæ ахустæ кæнынц, цалынмæ æнæхъæн массæ суа раст консистенци æмæ йе ’мдидинтæ та рауадзой фаг писи, цæмæй гæны кæрæдзийыл хæцын кæна.

Гаши́ш (, «хаше́ша» — «хус кæрдæг, хос») — психотропон буаргъæдты æнæхъæн рæгъы иумæйæг ном, кæдон ма хонынц каннабиноидтæ. Сæ иу, ТГК (делтæ-9-тетрагидроканнабинол) у сæйраг психотропон хай гæны мидæг. 

Гæны селекцигæнæн мыггæгты ТГК-йы хæддард вæййы фылдæр, кæнæ та йын æй бынтон дæлæмæ æруадзынц, садзыны нысанмæ гæсгæ. ТГК иунæг зондыл тæфаггæнæг буаргъæд нæу, фæлæ уæддæр у йæ сæйраг дæр. Адæм æмæ цæрæгойтыл иртастытæм гæсгæ, гæны экстракттæ, дам, дæттынц дууæ, кæнæ фылдæр хатт тынгдæр эффект хуымæтæджы тетрагидроканнабинолæй цы ’нхъæлды уа, уымæй.




#Article 725: Цъæйтæ (187 words)


Цъæйтæ кæнæ Цæйтæ, Чиатæ (, Чиаевы) сты ирон мыггаг, цардысты Æрдзынарæджы. 

Ацы мыггаг цæуы Цъæйы хъæуы номæй æмæ, таурæгъмæ гæсгæ, равзæрд мæнæ афтæ: Цъæйтæ цардысты Громæй мидæгдæр хæххон хъæу Лекъуаны. Сæ адджын сыхæгтæ уыдысты Къудухтæ. Цъæйтæй иу хъæбатыр лæппу арæх цыд Цъæйы коммæ йæ хæстæджытæм. Уым бауарзта иу чызджы æмæ йæ ракуырдта. Лæппу йæ каистæн стыр аргъ кодта, арæх сæм цыдис, æмæ-иу дзырдта «Цъæймæ». Ахæм дзуапп лæвæрдта, фæстæмæ-иу куы æрыздæхт, уæд дæр æмæ йæ адæм дæр хъазгæйæ фæцъæй кодтой. Фæстагмæ уыцы фæсномыг сфидар æмæ дзы равзæрд мыггаг Цъæйтæ. Ацы мыггаг цæуы Цъæйы хъæуы номæй. Дзырд «Цъæй» æнæзæрдæмæдзæугæ кæй у, уый тыххæй йæ аивтой Чиатæй. Мыггаджы равзæрдыл ма ис æндæр таурæгътæ дæр. Сæ иумæ гæсгæ, Лекъуаны цы Цъæйтæ цæры, уыдон раздæр цардысты Цæгат Ирыстоны Цъæйы хъæуы. Уырдыгæй ралыгъдысты Хуссар Ирыстонмæ. 

Иннæ таурæгъмæ гæсгæ, Цъæйтæ раздæр уыдысты Цуцитæй, цардысты Наргомы. 

Æртыккаг таурæгъмæ гæсгæ, Цъæйтæ раздæр уыдысты Цоцитæй, цардысты Ортъеуы (Хуссар Ир). Ам цыдæр знаггад ракодтой æмæ дыууæ æфсымæрæй ралыгъдысты 
Лекъуанмæ. Лекъуаны уыд дынджыр дур, уымæй сæрдæй-зымæгæй тагъд дон. Æфсымæртæй сæ иуы бинойнаг загъта: ацы дурæн цæуы йæ цъæй. Уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Цъæйтæ. Мыггаг чысыл у, уырыссагау фыссынц «Чиаевы».




#Article 726: Сæрд (146 words)


Сæрд у азы афонтæй хъармдæр иу. Цæуы уалдзæджы фæстæ æмæ фæззæджы рæзмæ. Сæрды хурхæтæны дæргъы бонтæ сты дæргъдæр æмæ æхсæвтæ цыбырдæр.

Æххæстдзыд у æртæ мæйæ: Цæгаты æрдæгтымбылæджы — июнь, июль æмæ августæй, Хуссары та — декабрь, январь æмæ февралæй.

Зæххы уæлцъары сезонон ивддзинæдты аххосджын сты планетæйы Хуры алывæрсты æрзылды афæдзон æмгъуыд æмæ йæ зилгæ-зилыны сæмæны акъул орбиталон фæзоймæ абаргæйæ. 

Астрономийы позицийæ сæрд у — период сæрдыгон хурхæтæн æмæ фæззыгон бонæмиасады ’хсæн. Цæгат æрдæгкъорийы цæуы 20 (21) июнæй — 22 (23) сентябырмæ, Хуссар æрдæгкъорийы та 21 (22) декабрæй — 20 (21) мартъимæ. 

Цæгаты æрдæгтымбылæджы сæрд вæййы 93,6 бонмæ ’ввахс, Хуссары æрдæгтымбылæджы — 89,0 боны. 

Æндæр ’мæ ’ндæр географон ронæгты, Хур æмхуызон кæй нæ рухс кæны Зæххы цъар, уымæн сæрды сезон хицæн кæны зымæджы онæй алыхуызон къæпхæнты. Уæрхады фæфылдæримæ стырдæр кæны уæлдай рухсбонты дæргъæн сæрд æмæ зымæджы, максимумтæм сæххæсгæ вæййы йæ полюстыл, Хур-иу æрдæг аз кæм нæ аныгуылы.




#Article 727: Гриффинтæ (139 words)


Гриффинтæ () — америкайæг анимацигонд ситком, Сет Макфарлейны конд Fox Broadcasting Company-йæн. Сюжеты астæу ис æнæрæмстмæ бинонтæ Гриффинтæ: ныййарджытæ Питер æмæ Лоис, сæ сывæллæттæ Крис, Мег æмæ Стьюи, афтæмæй ма Брайан дæр — куыдз антропоморфон миниуджытимæ. Ситкомы архайд цæуы Куаходжы, æрымысгæ горæтгæрон Провиденсы, Род-Айленды штаты. Мультфильмы юморы фылдæр хай у ’вдыст, ахæм, балыгтæй, зæгъгæ, кæдонæн сæ фылдæр сюжетмæ ницы бар дарынц æппындæр æмæ алыхуызон пысмил æмæ дайуаг темæтыл джидзæгтæ хæддарынц, куыд: политикæ, цагъайрад, æнæбондзинад, феминизм, фырнард æмæ æнд.

Сериал 16 хатт уыди номхуынд Праймтайм премимæ Эмми (рамбылдта-иу æй 4 хатты) æмæ 11 хатт преми Энни-мæ, кæцыйы рамбылдта 3 хатты. 2009-æм азы уыди номхуынд Эмми-премимæ, категори Хуыздæр комедион сериал-ы. 1961-æм азы Флинстоунты  фæстæмæ та уыцы номинацийы уыди анимацигонд проект. Гриффинтæ иу æмæ дыууæ хатт нæ уыди культон сериалыл нымад, кæд æмæ-иу æмафон йæ фыдгой дæр кодтой, зæгъæм, Симпсонтимæ æнгæсы тыххæй.




#Article 728: Хъамбердиаты Мысост (107 words)


Хъамбердиаты Хъамболаты фырт Мысост (райгуырдис 1909-æм азы Кæрдзыны хъæуы — амардис 1931-æм азы 5 декабры) у ирон поэт.

Ирон литературæйы Хъамбердиаты Мысосты ном цыбыр рæстæгмæ ферттывта. Хуыцауæй йын лæвæрд уыд цыбыр цардвæндаг — 22 азы.

Мысост райгуырд Ирыстоны Кæрдзыныхъæуы 1909-æм азы. Хуыздæр цардагур йæ бинонтæ фæцыдысты Донбассмæ, фæлæ фæстæмæ ноджы зындæр уавæры сыздæхтысты. Мысост зæрдæргъæвд лæппу уыд, æмæ Октябры революцийы фæстæ йын ахуыры фадæттæ фæци: Мæздæджы реалон скъола, Æрыдоны скъола-коммунæ, Мæскуыйы аивæдты рабфак. Мысост дæсны уыд иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта сывæллонæй, æмæ йын 18 азы карæй джиппы уагъд æрцыд уацмысты æмбырдгонд «Цин». Хетæгкаты Къостайау, Мысосты æмдзæвгæтæ дыууæ æвзагыл дæр уыдысты æнæаипп.




#Article 729: Васко да Гама (474 words)


Ва́ско да Га́ма (; райгуырдис 1460 кæнæ 1469-æм азы — амардис 1524-æм азы 24 декабры) у португайлаг денджыздзог Стыр географион ссардты дуджы. Историйы фыццаг хатт Европæйæ Индимæ цы экспедици аленк кодта, уыйы раздзог, Португалийы Индийы 6-æм губернатор æмæ Индийы 2-аг вице-къарол (1524 азы), Видигейрæйы фыццаг граф. 

Васко да Гама райгуырдис 1460-æм азы (æндæр версимæ гæсгæ та 1469 азы) алкайды бинонты сахар Синишы, португайлаг хотыхдар Эстеван да Гама (1430-1497) æмæ Изабель Содрейæ. Васко уыди фондз фыртæн се ’ртыккаг (куыд хистæрæй): Паулу да Гама, уый дæр фæстæдæр Васкоимæ ленкбалцы ацыд Индимæ, Жуан Содре (йæ мады мыггаг райста), Васко йæхæдæг, Педро æмæ ма Эйрес да Гама. Ноджы ма Эстеван æмæ Изабелæн уыди иунæг чызг — Терезæ да Гама.

Да Гаматы мыггаг кæд паддзахады номдзыддæр нæ уыд, уæддæр уыди зæронд æмæ цытджыныл нымад, уымæн æмæ сæ иу фыдæл, Алвару Анниш да Гама, Реконкистæйы афон лæггад кодта къарол Афонсу III-мæ, æмæ мавырты ныхмæ хæсты йæхи иттæг кæй равдыста, уый охыл ын хотыхдары ном лæвæрд æрцыди.

Экспедици уыди лæмбынæг цæттæ. Уымæн сæрмагондæй, нырма къарол Жуан II æгас куы уыди, уыдысты амад цыппар науы, фæлтæрд фурддзог Бартоломеу Диасæй къухдариуаггæнгæ, кæмæн уый размæ уыдысты сгарст Африкæйыуылтыл цæуæнтæ æмæ йæ хорз зытта цыформæ арызт хъуамæ уой наутæ, цæмæй уыцы дæтты балцæн фæбæззой. Сан-Габриел (флагман-нау) æмæ Сан-Рафаел, кæцыйæ командæ кодта Васкойы æфсымæр Паулу. Ацы дыууæ уыдысты егъау æртæнаухъилон наутæ, сæ донахст 120-150 тоннæйы, цыппаркъуымон пæлæзтимæ, ноджы рæвдзой каравеллæ Берриу зул-пæлæзтимæ (йæ капитан — Николау Коэльо) æмæ цыппæрæм та — транспортон нау, хæлц æмæ дзаумæттæ ласынæн, йæ капитан Гонсалу Нуниш. Экспедицийы къухы уыдысты хуыздæр картæтæ æмæ навигацион гæрзтæ. Сæйраг штурмæнæй æвæрд æрцыд зындгонд наудзог Перу Аленкер, раздæр ма Диасимæ Хорз Ныфсы сынæгмæ ленкбалцыты цыди. 

Ленкбалцы ацыдысты канд наудзгтæ нæ, фæлæ ма сауджын, писыр, астроном æмæ араббаг æмæ экваторон Африкæйы бынæттон æвзæгтæ зонæг, ахæмтæй цалдæр тæлмацгæнæджы. Экипажы бæрц уыди иу-150 адæймаджы, 10 дзы уыдысты тæрхонгонд фыдгæнджытæ, кæдонæй-иу хъуамæ спайда кодтаиккой æппæты тæссагдæр хъуыддæгты.

Ленкад бирæ мæйтæ кæй хъуамæ ахастаид, уый банымайгæ, науы трюмтæ тыхнад ныккодтой нуазæн дон æмæ алыхузон провизийæ. Дард ленкгæнæг наудзогтæн уыди стандартон рацион сæ рæстæгмæ гæсгæ: бындурон дзы уыдысты дзулы хус къæбæртæ æмæ тымбылхъæдур, кæнæ та чечевицæйæ кас. Афтæ ма сæ алкæмæдæр æмбæлди фæйнæ ’рдæгджиранка цæхвыдæй (кæцы-иу мархойы бæтты ивд цыди кæсагæй), 1,25л дон æмæ дыууæ къыружкæ сæн, иу-цъус уксус æмæ оливæты халсой. Стæм хатт-иу цын, хæрд фендæрхуызоны охыл, лæвæрд цыдысты хъæдындз, нуры, цыхт æмæ хус чылауитæ. 

Къазнайæ цы ’мбæлди, уымæй уæлдай ма алы наудзогмæ хауди мызд ленкады алы мæйæн фæйнæ 5 крузадойы, ноджы ма æфтиагæй цыдæр хай. Офицертæ æмæ штурмантæ, кæй зæгъын æй хъæуы, истой бирæ фылдæр.

Португайлæгтæ фыр серйозæй бацыдысты экипажы ифтонгады фарстамæ дæр. Флотилийы наудзогтæм уыди алыхуызон кардхуыз мигæнæнтæ, рæхойæнтæ, алебардæтæ, арбалеттæ, бахъаккæнынмæ дардтой сæракæй риуæмбæрзæнтæ, офицертæм æмæ салдатты иу хаймæ та уыдис згъæр-кирасæтæ. Армдаргæ ’хсæн мигæнæнты кой дзы никæцæй райхъуысь, фæлæ уæззау артиллерийæ уыдысты хæрзифтонг: æгæр-мæгуыр ма къаннæг Берриуыл уыди 12 сармадзаны, Сан-Габриел æмæ Сан-Рафаел та ластой фæйнæ 20.




#Article 730: Агностицизм (234 words)


Агностицизм ( — æнæфæсмæргæ, æнæбамбарæн) у философи, хаттæны теорийы æмæ теологийы терминологи, кæцымæ гæсгæ ницы хуызы ис айдагъ субъективон фæлтæрдæй объективон бæлвырдад базонæн, æмæ кæй нæй гæнæн цыфæнды кæронон æмæ абсолютон реалады бындуртæн бамбарæн. Афтæ ма дзы тигъгонд цæуынц сбæлвырд кæныны, кæнæ мæнгæй равдисыны фадат идейæтæн, йе та сæмæндзырдтæн, кæдон сты æнæхъæнæй дæр субъективон хъуыдытыл бындурамад. Хаттæй-хатт агностицизм æмбæрстгонд цæуы куыд философон ахуырад, кæцы йæ ныфсхастæй зæгъы æмæ нæ дунейы февзæрдæн æмæ куыстгъæдæн, цыфæнды ма уа, уæддæр никуыд ис рафæсмæрæн. 

Агностицизм фæзынди XIX æнусы кæрон, куыд антитеза метафизикон философийæн, кæцы активон архайд кодта дунейы иртасыныл метафизикон идейæты субективон æдхъуыдадыуылтыл, æмæ куыд арæхдæр, уыд æнæ обективон равдыст, кæнæ сбæлвырдæй. 

Философон агностицизмы йеддæмæ ма вæййы теологон æмæ зонадон агностицизм.

Теологийы мидæг агностиктæ хицæн кæнынц дин æмæ религийæ културон-этикон хай, кæцыйы хуымæтæджы нымайынц алы адæмыхаттыты æхсæнæдты миддзæсгом барæныл, аладæмон æгъдауыл, кæцы у иумæйаг не 'ппæтæн дæр, мистиконæй (хуыцæутты æмæ хæйрæджыты уæвынад, мæрдты бæстæ, религиозон фæтктæ) æмæ фæстагы уадиссаг ницæмæ дарынц.

Зонадон агностицизм уæвæг у куыд хаттæны теорийы принцип, кæцы æнхъæл у, æмæ кæд гоймагмæ, цæргæ-цæрын цы фæлтæрддзинад фæзыны, уый æнæмæнгæй дæр йæ лæдæрæнæй фæивы, уæд уыцы гоймаджы бон нæу дунейы хуыз æнæхъæнæй бамбарын æмæ айсын. Агностицизм нæу дунегъæд фæсмæрынвæнды ныхмæ, фæлæ амоны, ацы хъуыддаджы цыфæнды зонады аиппдзинадмæ æмæ кæй нæй цардæн æнæхъæнæй бамбарæн, уымæ.

Номæвæрд ыл скодта анлисаг зоолог, профессор Томас Генри Гексли 1869-æм азы, Метафизикон æхсæнад дзы куы ракуырдта, цæмæй-иу уый дæр сæ ныхасы хайад иса. 




#Article 731: Асатъур (131 words)


Асатъур у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Ис Медзыдайы комы.

Хъæу мæгуыр у хуымзæххæй, сæ цард у фылдæр фосдарды куыстæй. Ам зымæг Бихъаргомы æндæр хъæутæм абаргæйæ мит уары фылдæр, фæлæ уалдзæг миты зæйтæ хъæуæн ницы тас æвзарын кæнынц. Хæдзæрттæ арæзт сты æдас бынæтты. Хъæуæн йæ хуссар фарс ахаста æгæндæг тæрс æмæ куыд бæрзонддæр та бæрзы хъæд. Хъæуы цæрджытæ зымæг фылдæр судзынц сæнар, сæрд та судзынц суг. Сæ кадавар зæххы гæппæлты садзынц картоф, уырыдзы æмæ къабуска. Хор амал кæнынц быдырбæстæй.

Иу версимæ гæсгæ Асатъуры хъæуы топоним у ирон дзырдтæй арæзт. Ам фыццаг æрцæрджытæ уыдысты Хуыбылты Аса æмæ Тури, æмæ сæ хъæу рахуыдтой сæхи сæрмагонд нæмттæй.

Асатъуры хъæуы ис ахæм микротопонимтæ: Тæрсджын, Къуылдым бæрзæфцæг, Рæбыны хуым, Бæхахсæн ком, Ривæддон, Уæлвæз æмæ æндæртæ.

Цардысты дзы Хуыбылтæ, Дудайтæ. Дудайтæ балыгъдысты Мериайæ, Хуыбылтæ та – Ардисæй.




#Article 732: Чипсытæ (205 words)


Чипсытæ — лыстæг карст картоф, халсойы (зетийы) фых йе та сурвых, цалынмæ къæс-къæсгæнæг ма суа. Чипсытæ-иу арæх вæййынц фынгыл æвæрд куыд ахуыйæн, гарнир, кæнæ снектæ. 

Æппæты арæхдæр æмбæлгæ верси куыд амоны, чипсыты оригиналон рецепт æрымысдæуыд Саратогæ Спрингзы, Нью-Йорчы. Уый, дам, æрцыди 1853 азы, 24 авгусы, æмæ йæ 'рымысæг уыди Джордж Крам, æрдæгсау-æрдæг бындурамерикаг, Moon's Lake House уазæгдоны повæрæй куы куыста, гъеуæд. Цæмæй-иу мæстыгомау клиентты æрсабыр æмæ истыхуызы бахъæлдзæг кæна, уый тыххæй-иу цын картофтæ тынг листæг ныллыгтæ кодта æмæ-иу кæрстытæ фырдзæхх халсойы фæфыхта сæ къæрццуагмæ, æмæ цæ рæхджы адæм дæр бауарзтой. Тагъд цыл Саратогæйы чипсыты ном абадти, уыцы ном суанг 20 æнусы æмбисты онг уыди ныхасдзыд.

Чипсытæ-иу хæддарынц сой туагадты трансизомертæ æмæ сæ бон у 30-50%-мæ 'ххæссой. Уыдон фæцудын кæнынц иммунитет, диабеты рæзт фæтынгдæр кæнынц, стæй зæрдæнизтæ, тестостероны бæрц та къаддæр кæнынц,  цудын ма кæнынц простагландитты æмбаивд (кæдон регулаци кæнынц организмы бирæ процесстæ, æмæ гыццыл ма хъæуа, алы уæфт æмæ органты сты), цитохром ц-оксиды куыст - концерогенон æмæ иуæй-иу хосгæнæн токсинты сæйраг фермент. Англисаг ахуыргондты 14-азыккон хынцгасты фæстиуæгмæ гæсгæ, мыхуыры рацыд British Medical Journal № 11, 1998 азы, зæрдæйы исемикон низæй æмæ миокъарды инфаркттæй цы адæм фæхъуыд, уыдоны 'хсæн арæхдæр ссарæн уыдысты, трансизомерон сой туагадтимæ продукттæ чи хордта, уыдон; æмæ 'хсыррæзынæджы ракъ та уыд 40% фылдæр.




#Article 733: Сыгъдæг Патрик (176 words)


Сыгъдæг Па́трик (, , ) — чырыстон уас, Ирланди æмæ Нигерийы бардуаг. Кадылдард у католицизм æмæ хицæн протестантон еклезиты (зæгъæм, англикайнаджы, пресвитериайнаджы, лютерайнаджы); растуырнæг еклезиты йын æрмæст иу-цалдæр æхсæнады куывдæуы, æгас растуырнæг (православон) еклезитæй йын кад кæныны фарста нырма н’ аскъуыдздзæг ис. 

Сыгъдæг Патричы номыл æппæт дунейыл дæр бирæ аргъуантæ ис конд, сæ номддзыддæр у Сыгъдæг Патричы стыр аргъуан Дублины, 1191-æм азы амад. XVIII æнусы стыр аргъуаны сæйраг клирик уыди фыссæг Джонатан Свифт.

Кæнынц æй 17 мартъийы Ирландийы, Цæгат Ирландийы æмæ куыд паддзахадон бæрæгбон Канадæйы провинци Ньюфаундленд æмæ Лабрадоры; æндæр бæстæты та ацы бон пабты кæнынц фылдæр, зырхыны тыххæй.

Йæ боны хъуамæ дардæуой кæрдæгхуыз пысултæ (Чикагойы ма цæугæдон дæр куы сзæрæ кæнынц). Фæлæ йæ райдианæй, суанг XVII æнусмæ, цалынмæ 1798 азы растады афон ирландаг салдæттæ сæ уæлæ кæрдæгхуыз униформæ не скодтой, уæдмæ Патричы хуызыл нымад уыди копрадзхуыз. 

Ацы бон-иу пабты уалдай цайдагъ свæййынц музыкалон хъазт æмæ хъæлдзæгдзинад, цин кæнынц æмæ иууылдæр ныуазынц кæрдæгхуыз бæгæны (кæцыйыл æцæгæй та цæйдæр сиропгонд ахорæн акæнынц æмæ бæгæныйы мæзæрæуы доны хуызон скæны), кæд æмæ-иу раздæр Ирландийы та алы нозтдон æхкæнгæ кодта.




#Article 734: Коцты Бега (100 words)


Коцты Бега (? — 1830-æм азы 27 июлы Хъолайы) — ирон адæмон хъæбатыр, Чеселты уырысы æфсады ныхмæ растады сæргълæуæг. 

Фæстагмæ, мæсыджы цар куы басыгъди æмæ куы ныккалди, уæд Бега æмæ ма ноджы фараст лæджы сæхи бæндæнтыл дæлæмæ рауагътой, хъаматимæ сæхи æфсæддонтыл андзæрстой. Фарасты дзы салдæттæ сæ джебогътыл хæрдмæ систой. Бега ма йæхицæн фæндаг бæргæ айгæрста, фæлæ фæстæдæр уый дæр æрцахстой. Иннæ тохгæнджытæ басыгъдысты мæсыджы мидæг.  

Цалдæр азы фæстæма æфсæддон историк Василий Потто фыста: «Абон ма æрмæстдæр мæсыджы сыгъд къултæ бацамондзысты фæндаггонæн уыцы бынат, дæс æмæ ссæдз ирон лæджы спартайнаг фидардзинадимæ мин æмæ 'рдæг уырыссаг æвсæддоны ныхмæ кæм тох кодтой, уый».




#Article 735: Фондз цивилизацигонд знæмы (129 words)


Фондз цивилизацигонд знæмы () - АИШы индейаг адæмты нысангæнæн термин. Хауынц сæм: чероки, чикасо, чокто, мускоги æмæ семинолтæ, кæдон  XIX æнусы райдианмæ æрбайстой æмæ пайда кодтой урсдзарм æрцæугæты бирæ ’гъдæуттæй æмæ æнтыстытæй, уымæй уæлдай ма семæ хорз сыхæгты ахасты бацыдысты.

Ацы знæмты культурон ивд райдыдтой Джордж Вашингтон æмæ Генри Нокс; уæлдай æнувыдæй европæйаг-америкæйаг цардвæтк айстой чероки æмæ чоктоитæ.

Вашингтон дзырдта, индейæгтæ æмбар кæй сты урсытимæ, фæлæ сæ æхсæнад у примитивондæр. Уый ма сбындур кодта «цивилизацимæ здæхты» политикæйы рæвдауæн принциптæ, кæдоны фæстæдæр адарддæр кодта Томас Джефферсон.

Историк Роберт Ремини, Ендрю Джексоны биографийы автор, фыста: «Уыдон  æнхъæлдтой æмæ куыддæр индейæгтæ сахуыр уой хи сæрмæмулчы фæлтæргуыстыл, хæдзæрттæ амайыныл, фермæтæ дарыныл, сæ сывæллæтты ахуырмæ барвитой, кæнæ та чырыстон дин райсой, афтæ ацы бындурон америкæйæгтæ рамбулдзысты нымадылист урс америкæйæгтæй.

Вашингтоны пъланæн уыдис 6 пункты:




#Article 736: Терренкур (261 words)


Терренкур ( — ран, бынат; æмæ kur — хоскæнын) санитарон-культурон хоскæныны метод, дозæгонд физикон уæзисттæ, фистæгæй тезгъогæнгæ, хæрдмæ схызттæ хæххон рæтты сæрмагонд маршруттыл. Терренкур хъомысдæр кæны фæразондзинад, хуыздæр кæны зæрдон-тугдадзинон системæ æмæ улæфæн органты куыст, стимул кæны буарадты æмбаивд, нервты активад. Фылдæр-иу дохтыртæй хъусдард цæуы. Ерыны заманты терренкур фылдæр хатт нысан кæны хосгæнæн цыды охыл, сæрмагонд æвæрд маршруттæ.

XIX æнусы æмбисæй дохтыртæ байдыдтой хоскæныны методтæм хæстæгдæр уын, комбинацигондæй цыдысты змæлд æмæ климæтон факторты тæфагимæ. Нырма ма 1845 азы дохтыр Хартвиг (Hartwig) рекомендаци кодта сдзæбæх кæнынмæ алыбон къахæйдзыд, куыд денджызы уæвгæйæ, афтæ хæрдрæтты. 1862 азæй профессор Вербер (Werber) схуытта активон змæлд æппæты ахсджиагдæр уæлæмхасæн хæххон бæстыхъæды хъомысадмæ æмæ фæдзæхста йæ пациенттæн хосгæнæн фистдæгдзу хæххон надвæндæгтыл Герман æмæ Швейцарийы курортты. 1885 азы гермайнаг дохтыр Макс Эртель (Max Oertel), кæй фæрцы фæзынди термин терренкур дæр, сразæвæрд кодта фистæгæй тезгъо маршрутты дарддзæг, темп æмæ акъултыл амад, бæзнагад æмæ зæрдон-тугдадзинон рынтæ хоскæнæн методтæ. Эртелы метод уайтагъд апарахат ис Европæйы.

Уæрæсейы терренкуртæ райдыдтой зынын 20 æнусы райдианы. 1901 азы, Кисловодсчы, дохтыр Н.Н. Облинскийæ, кæцы сахуыр кодта Эртелы метод, уыд æвæрд фыццаг терренккурты маршруттæн сæ иу. Æрдзон ландшафт радта бар æхсæз маршруты скæнын Кисловодскы парчы территорийыл, кæм карзæй дозæгонд сты дæрддзаг, акъулы къуым, уæлденджызы бæрзæнд, æмæ æрмæст æрдзон ландшафтты рæсугъдад «quantum satis» — «цас бахъæуа». Кисловодсчы терренкуры маршруттæ æвæрд сты 800 метры уæлденджыз æмæ сты 1700-6000 метрыдæргъæн (сæ иумæйаг дæргъ у 30 км фылдæр).

Дыккаг номдзыд терренкурон бынат у сахар Железноводск, уый дæр Кавказы Суардæтты. Ам ис цалдæр маршруты 800-йæ — 8000 метрмæ. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы терренкуртæ сты Ессентукийы, Сочийы, Анапæйы, Дзæуджыхъæуы, Налцыччы, Белокурихæйы, Геленджичы, хъæу Архипо-Осиповкæйы.




#Article 737: Инкотермс (119 words)


Инкотермс () - æхсæнадæмон уагæвæрд паддзахадон оргæнтæй, юридкион компанитæй æмæ 'нæхъæн дунейы коммерсанттæй нымад, куыд æхсæнадæмон уæййагады 'ппæты архайгæдæр терминты æмбарынкæнынад, дзырдуаты формæйы, кæцы æмхуызон æмбарын кæны æппæт арæхдæр дзургæ сæудæджерон терминтæ æддæгон уæййагады, уæлдайдæр та йæ хай франко - бæрнад уæйгæнæгæй, кæм ахизы æлхæнæгмæ, уыцы ран. 

Уагæвæрдтæ фыццаг мыхуыр уыдысты 1936 азы, Æхсæнадæмон тъоргон палатæйæ, йæ фыццаг редакци хуынди «Инкотермс-1936». Барæстытæ æмæ йæм бафтыдтæ уыдысты фæстæдæр конд, 1953, 1967, 1976, 1980, 1990, 2000, 2010 æзты.

Алы базонæн термин у æртæдамгъон æббревиатурæ, фыццаг дамгъæ амоны тæпп, хæстæ уæйгæнæгæй кæм ахизынц æлхæнæгмæ:

Инкотермс-2010-ы сты нысангонд 11 термины, кæдонæй 7 бæззынц бындурон фæласты алыхуызон транспортæн дæр.

Ноджы ма Инкотермс-2010-ы нысанггонд сты 4 термины, кæдон хауынц æрмæстдæр денджыз-транспортмæ æмæ территориалон дæтты транспортмæ:




#Article 738: Хетæгкаты Леуан (107 words)


Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан (райгуырдис 1810-æм азы Нары — амардис 1892-æм азы Лабæйы) уыд паддзахы афицер æмæ куыста Дзæуджыхъæуы Терчы зылды бæхджын полчъы ирон дивизионы хицауæй. Паддзахæн иузæрдион лæггадгæнæг афицер хорзæхджын цыди майдантæй, лæвæрттæй æмæ мæгуыр кæм цардаид, фæлæ æгъдауыл бинонты хъуыддаг бакодта æмбискары. Æрхаста Гуыбаты Габрелы чызг Марияйы, æмæ сын рантыст иунæг лæппу Къоста. 

Леуан дыккаг бинойнагæн æрхаста Сохиты (Сухиты) Хъызмыдæйы (райг. Цъæйы 1838-æм азы — ам. 1896-æм азы Лабæйы). Хъызмыдæйы чызг Уæлгъа райгуырдис 1867-æм азы Нары æмæ амардис Лабæйы. Леуан цалынмæ дыккаг ус хаста, уæдмæ Къоста хъомыл кодта йе схæссæг мад Туаты Чендзейы хъусдардæй æмæ дзы бавзæрста схæссæг мады зæрдиаг рæвдыд, ирон æгъдауджын бинонты ад. 




#Article 739: Хаханты Алыксандр (289 words)


Хаханты Соломоны фырт Алыксандр (, 1866 — 1912) у педагог, , , зындгонд скæсæнзонæг, Лазаревты скæсæн æвзæгты институты профессор.

Хаханты Соломоны фырт Алыксандр райгуырдис 1866-æм азы Гуры сауджыны хæдзары, йæ фыд амыдта гуырдзиаг æвзаг æмæ чырыстон дин Гуры училищейы. Фыццаг ахуыр кодта, йæ фыд кæм куыста, уыцы училищейы, фæстæдæр каст фæцис Тбилисы фыццаг гимнази сыгъзæрин майданимæ æмæ Мæскуыйы университеты историкон-филологон факультет, йæ дипломон куыст Византиаг æхсæнады тыххæй афтæ хæрзхъæд уыдис æмæ æрыгон ахуыргондæн радтой æвзист майдан.

Хаханы-фыртæн йæ сæйргадæр куыстыл нымад у «Очерки по истории грузинской словесности» (4 рауагъды, Мæскуы, 1895, 1897, 1902, 1906) — уый у дзургæ æмæ фысгæ литературæйы афæлгаст рагзамантæй XVIII æнусы онг. Йе ’мдуг гуырдзиаг фысджыты тыххæй уагъта бира уацтæ журналты («Русская мысль», «Жизнь», «Кавказский вестник» æмæ æндæрты).

Мыхуырæй уагъта гуырдзиагау фыст уацмыстæ дæр — уыдоны ’хсæн «Следы народной поэзии в грузинской летописи» æмæ «Крепостное право в Грузии до присоединения её к России» (Тифлис, 1890), уыцы чингуыты цæуы, кæмæй ахуыр кодта, уыцы ахуыргæндты фæдыл — В. И. Герье, П. Г. Виноградов, В. О. Ключевский æмæ В. Ф. Миллер.

Уарзта археологон куыстытæ дæр — хайад райста, 1886-æм азы цы гуырдзиаг фыстытæ ссардæуыд Мæскуыйы археологон æхсæнады экспедицийы рæстæг, уыдон иртасыны.

Бацархайдта Хаханы-фырт Руставели уырыссаг æвзагыл джыппæй рауадзыны хъуыддаджы дæр, иртæста рагон гуырдзы æмæ гуырдзиаг аргъуанты истори дæр. Францусагау рухс федтой йæ куыстытæ «Φυσιολογος en traduction géorg.» (II., 1898); «Histoire de Géorgie» (II., 1900); «La situation des arméniens dans le royaume de Géorgie» («Journ. Asiat.», 1898, март-апр.); немыцагау: «Ueber den gegenwärtigen Stand der grusinischen Philologie» и «Grusisches Bruchstück der Kalilag u. Dimnag» («Wiener Zeitschr. f. d. Kunde d. Morgenl.», VII и XIV т.).

Хаханы-фырт уыд Брокгауз æмæ Ефроны энциклопедион дзырдуаты автортæй иу.

Хæрзæрыгонæй амардис 1912-æм азы рæуджыты низы аххосæй, 48 азы йыл куы цыдис, уæд. Ныгæд æрцыдис Тбилисы, Мтацъминдæйы пантеоны фысджытæ æмæ æхсæнадон архайджытимæ.




#Article 740: Енисей (163 words)


Енисей ( «стыр дон», , , ) — Сыбыры цæугæдон, дунейы стырдæр дæттæй сæ иу. Бахауы Цæгатихон фурды Карæйы денджызмæ. Йæ дæргъ у - 3487 км.

Йæ ныры ном ыл бафидар ис эвенкаг ныхас «Ионесси» — стыр дон, зæгъгæ. Сыбырæгтæ ма йæ Енисей-Дада дæр фæхонынц. 

Дунейы стырдæр дæттæй иу: Стыр æмæ Чысыл Енисейтæ кæм баиу вæййынц, урдыгæй у — 3487 км, Чысыл Енисейы гуырæнæй — 4287 км, Стыр Енисейы гуырæнæй та — 4123 км. Донвæндаджы дæргъ: Идэр — Селенгæ — цад Байкал — Ангара — Енисей у 5075 км. Сæ бассейнты фæзуæттæ абаргæйæ (2580 мин км²), Енисей ахсы 2-аг бынат Уæрæсейы цæуæгæдæтты ’хсæн (Обы фæстæ) æмæ 7-æм бынат дунейы дæтты ’хсæн. Енисейы бассейнæн характерон у цæхгæр ассиметриад: йæ рахизбыл у 5,6 хатт бæрзонддæр йæ галиубыл фарсæй. 

Енисей у æрдзон арæн Скæсæн æмæ Ныгуылæн Сыбыртæн. Галиубыл Енисейæн кæрон ссары Ныгуылæн-Сыбырон тыгъдад, рахизбыл та у хæххон тъайгайы дæлбар. Саянтæй Цæгатихон фурдмæ, Енисей ацæуы Сыбыры алы климатон зонæты. Йæ донгуырæны цæрынц теуатæ, йæ донæфтæны та урсæрсытæ.




#Article 741: Карæ (цæугæдон) (101 words)


Карæ у цæугæдон Евразийы цæгаты, тæдзы Ненны æмæ Ямало-Ненны автономон зылдты æмæ Комийы Республикæйы арæнты фæрсты. 

Цæугæдоны дæргъ у 257 км, бассейны фæзуат у 123,4 мин км². Карæ ’взæры Полярон Уралы цæгат-ныгуылæн фæхсттыл, Стыр æмæ Чысыл Карæйы баиуы бынаты.

Уæлидзинадгæнгæ цæгат-ныгуылæнырдæм тæдзы, Пай-Хойы æфцæджы цурты, æмæ у арæн Ненны æмæ Ямало-Ненны автономон зылдтæн. Цалдæр каньонтыл атæдзы æмæ дзы скæны донкъæсæртæ æмæ ’хсæрдзæнтæ. Се ’ппæтæй стырдæр æхсæрдзæн у Буредан, Нерусовейяхийы донимæ баиуы бынатæй 9 км дæлдæр.

Карæ бакæлы Карæйы губæйы донкæлæнмæ. Йæ рахизбыл, Ненны автономон зылды Фæсполярон районы, ис хъæу Усть-Карæ. Донæй ныгуылæнырдæм та Карæйы метеоритон кратер, йæ диаметр — 65 км.




#Article 742: Маркс, Карл (275 words)


Карл Генрих Маркс (; 5 майы 1818 азы, Трир — 14 мартъийы 1883 азы, Лондоны) — гермайнаг философ, социолог, экономист, фыссæг, поэт, политикон журналист, æхсæнадон архайæг. Йæ бакуысттæ систы коммунистон æмæ социалон змæлды æмæ идеологийы бындуртæ, схуынгæйæ куыд «марксизм». Ахæм куыстты автор, куыд «Коммунистон партийы манифест» (мыхуыр уыди 1848 азы) «Капитал» (1867 азы). Йæ кæцыдæр куысттæ ма сты йе ’мвæнд Фридрих Энгелсимæ фыст.
райгуырди Триры, Австрийы, æмæ уыди æртыккæгæм сывæллон уираг авдакъат Генрих Марксы бинонты.
Йæ мад — Генриеттæ Прессбург, уыдис с. Неймегенæй, Нидерлæндты, раввинты мыггагæй.

Гимназион уацмысы «Лæппулæджы хъуыдытæ, професси æвзаргæйæ» 1835 азы, Маркс фыста: «Адæймаг æрмæст йæхи уды фаг куы куса æмæ куы фæллой кæна, уæд гæнæн ис æмæ суайа зындгонд ахуыргонд, кæнæ номдзыд куырыхонлæг, замманайы поэт, фæлæ никуы суыдзæн æцæг хæдæххæст æмæ разагъды адæймаг».

Къарл гимнази куы фæци, уæд бахауд нырма Бонны университетмæ, кæцыйы дыууæ семестры йедтæмæ нæ фæцахуыр кодта, стæй та Берлины университеты, кæцыйы ахуыр кодта юридикон зонæдтæ, истори, аивæдты истори æмæ философи.

Марксы бакуысттæ философийы сформæ кодтой диалектикон æмæ историкон материализм, экономикæйы — æфтаугæ аргъы теори, политикæйы — къласон тохы теори.

Гегелы ныхæстæ æрхæссгæ, йæ хъуыдыйы метод Маркс æмбарын кæны куыд диалектикон. Йе ’хсæнады философийы, кæцы фæлгæстæуы йæхи историкон райтынгады, Маркс æвдисы адæймагы, куыд йæхицæй иппæрдæй æмæ аиртæстæй, æмæ фылдæр хъусдард зилы йе ссæрибаркæнынырдæм. Уыцафон ма дзы адæймаг æмбæрстæуы, куыд цæмæйфæндыдæр сæрибар удгоймаг нæ, фæлæ куыд «æхсæнæдон ахастты æмдзыгуыр».

Карл Маркс сси историйы материалистон æмбарынады бындурæвæрæг, æмæ йæ нымадта «материалон скондады» сæйраг змæлдыхыл, кæцыйы хоны термин «базис». Историйы материалистон æмбарынады мидис Маркс хатын кодта, ома, дам: «Материалон царды скондады фæрæз, æнæзæгъгæйæ бадзырд æвæры царды социалон, политикон æмæ монон процесстыл. Адæмы ’мбарынад н' амоны адæмы уæвынады, фæлæ сæрмæбынæй, се ’хсæнадон уæвынад цын амоны се ’мбарынады дæр».




#Article 743: Поло, Марко (271 words)


Ма́рко По́ло (итал. Marco Polo; 15 сентябры 1254 азы, Венеци — 8 январы 1324 азы, уый дæр уым) — италиаг сæудæджер æмæ бæлццон, йæ балцы истори Азийыл, равдыста зындгонд «Чиныг дунейы алыхуызондзинадыл». Уыцы чиныджы иуæй-иу уацты æцæгдзинад кæд дызæрдыггаг уыдысты йæ фæзындæй фæстæмæ, уæддæр у хъæздыг гуырæнау астæузаманты географийæн æмæ этнографийæн, Сомих, Иран, Китай, Мангол, Инди, Индонези æмæ æндæр бæстæты историйæн. Ацы чиныг XIV—XVI æнусты стыр тæваг скодта денджыздзутыл, картографтыл, фыссæгтыл. Растæй та Христофор Колумбы науыл уыди, йæ Инди агуырды фурдбалцы; æмæ иртасджыты хынцыдмæ гæсгæ дзы Колумб иу-70 бæрæджы фæнысан кодта.

Æнхъæлдæуы, æмæ Марко Поло райгуырдис венециаг сæудæджер Николо Полойы хæдзары. Бинонтæ кодтой зæрингуырдон æмæ хæлцхъацæнты уæййаг. Маркойы райгуырды æвдисæнад кæй æрбайсæфт, йæ райгуырды фæткон верси гуырысхойаг сси XIX æнусы хорватаг иртасджытæй. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Полоты бинонты фæзынд Венецийы хауы XIII æнусы дыккаг æмбисмæ, кæд æмæ, дам, суанг 1430 азмæ Полотæн уыди хæдзар Корчулæйы, ныры Хорватийы. 

Уымæй уæлдай ма, ис æнæнымад иртасджыты фылдæрæй верси, æмæ, Марко Поло уыди полаг. Йæ чиныджы фыццаг рауагъды раззаг сыфыл поло уыди гыццыл дамгъæйæ фыст æмæ амоны нацимæ, мыггæгмæ нæ, фæлæ. Мыггаг та дзы дæлдæр цыди. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ текс у иллустрацийы алывæрсты фыст, æмæ мыггаг, кæцы нæ цыди горизонталон рæнхъы номы цур, схызти вертикалоныл æмæ йæ уындмæ уадиссаг рахатæн нæ уыди, кæд æмæ стыр дамгъæйæ фыст уыди, уæддæр.

Уый сбæлвырдгæнæн ис титулон сыфы къам фенгæйæ. Мæнæ йæ текст: „Das ist der edel Ritter. Marcho polo von Venedig...“ (ома «Ай у уæздан хотыхдар. Марк полаг фон Венедиг»). Æцæгæй дæр уыди ахæм бæлццон Бенедикт Полаг (Польшæйаг?). Полойы агъоммæ ма цыди Джованни Плано де Карпиниимæ Манголты империмæ æмæ ныууагъта цыбыргонд хроникæ «Кæстæр æфсымæрты балц тæтæрмæ».




#Article 744: Эрикссон, Лейф (354 words)


Лейф Эрикссон Амондджын (; иу-970 — иу-1020) — скандинаваг денджызы цæуæг, кæцы фæзынд Цæгат Америкæйы иу-500 азы Колумбæй раздæр. Исландийы армдарæг æмæ йæ саргъауæг. Гренландийы байгомгæнæг викинг Сырхсæр Эричы фырт æмæ Торвалд Асвалдсоны фыртыфырт. 
Лейфы бæлцытæ сты зындгонд ахæм манускриптты фæрцы, куыд «Сырхсæр Эричы сагæ», «Гренландæгты сагæ». Се ’цæгдзинад уыди археологон байгомтæй бæлвырдгонд, зæгъæм, Кенсингтойнаг рунæдур.

Лейф Эрикссон райгуырд Исландийы, Сырхсæр Эрикы хæдзары, кæцыйы рарвыстой Норвегийæ æгас мыггагимæ. 982 азы Эрикы бинонтæ фæлыгъдысы Исландийæ дæр, сæхи тудджынтæй хизгæйæ. Лейф йæ фыды бинонтимæ æрбынат кодта Гренландийы ног колониты. Лейфæн ма уыди дыууæ æфсымæры, Торвалд æмæ Торстейн, æмæ хо Фрейдис. Ракуырдта Торгуннайы æмæ цын уыди иу лæппу — Торкелл Лейфссон.

Йæ Америкæмæ балцы размæ скодта уæййагон экспедици Норвегимæ. Ам Лейф саргъуыйын кодта йæхи Олаф Трюгвассонæн, Норвегийы паддзахæн æмæ киеваг къниаз Владимиры ивгъуыд хъан. Олафы фæзмынгæ, Лейф æрласта чырыстон алчеры Гренландимæ æмæ йæ саргъуыдта. Йæ мад æмæ бирæ гренландæгтæ райстой чырыстон дин, фæлæ йæ фыд, Сырхсæр Эрик, баззад фыдæлты диныл хæцтæй. Фæстæмæдзæугæйæ Лейф аирвæзын кодта науыхæлд иййæфт, исландаг Ториры, æмæ йæ уый фæстæ схуыттой «Амондджын Лейф».

Куы æрхæццæ ис, уæд Гренландийы сæмбæлди норвегиаг Бйарни Херйолфссоныл, кæцы йын радзырдта, кæй федта ныгуылæны дард денджызы мидæг зæххы кæронхæххытæ.

Иу-1000-æм азы Лейс Эрикссон къордимæ 35 лæгæй, аленк кодта науыл, кæцы балхæдта Бйарнийæ. Гом дзы æрцыдысты америкæйæг донгæрæтты æртæ регионы: Хеллуланд (æвæццæгæн, Баффины Сакъадах), Маркланд (хъуыдытæм гæсгæ — æрдæгсакъадах Лабрадор) æмæ Винланд, сæнæфсир дзы парахатæй кæй зади, уый тыххæй (æвæццæгæн Ньюфаундленды былгæрæттæ уыдысты, нырыккон бынат Л’Анс-о-Медоузы цур). Уым ма скодтой цалдæр хъæууаты, кæдоны æрзымæг кодтой.

Куы та æрцыдис Гренландимæ, Лейф радта йæ нау йе ’фсымæр Торвалдмæ. Уый йыл йæ бæсты хъуамæ ацыдаит Винланд иртасынмæ. Фæлæ йе 'кспедици æнæнтыстад баййæфта: скандинавтæ сæмбæлдысты «скрелингтимæ» — цæгатамерикон знæмтимæ æмæ семæ тохы Торвалд фæмард.

Исландаг таурæгътæм гæсгæ, Эрик æмæ Лейф куырмдзыд нæ кодтой балцы, фæлæ-иу бындурæвæрдæй ахæм æвдисæнты ныхæстыл, куыд Бйарни, кæцы федта æбæрæг зæххытæ горизонтыл. Уымæ гæсгæ, Америкæ 1000 азæй раздæр дæр уыдаит гом, фæлæ йæм æрмæст Лейф скодта æххæстаргъ экспедици Винланды донгæрæтты, радта йын ном, æрхызти йæ былтæм æмæ ма йæ колонизацикæнынмæ дæр хъавыди. Лейф æмæ й’ адæмы ныхæстæй, кæдон сты бындурон скандинавæг сагæтæн Сырхсæр Эрик æмæ гренландæгтыл, уыдысты нывгонд Винланды фыццаг картæтæ.




#Article 745: Баффины Зæхх (287 words)


Ба́ффины Зæхх (, ) у Канадæйы цæгатон сакъадах, провинци Нунавуты (Канадæйы Арктикон архипелаг), регион Кикиктанийы.

Баффины Зæхх у Канадæйы стырдæр сакъадах æмæ фæндзæм дунейыуæттæй сæ фæзуатæй абаргæйæ (507 451 км²), фæлæ йыл йæ тызмæг æмæ зын уавæрты тыххæй цæры æрмæст 11 æрзæйы бæрц адæймаджы.

Сакъадахы стырдæр цæрæн бынат у Икалуит, Нунавуты провинцийы сæйраг сахар.

Скæсæн æмæ цæгат-скæсæнырдæм Баффины Зæххæй та ис планетæйы стырдæр сакъадах — Гренланди. Дыууæ сакъадахы сты Девисы донхуыйæн æмæ Баффины бакæлæнæй дихгонд. Хуссарырдæм дзы у Гудзоны донкъубал, кæцы дих кæны сакъадах æмæ Квебечы провинцийы, хуссар-ныгуылæнырдыгæй та ис Гудзоны бакæлæн æмæ Нунавуты континенталон хай. Ныгуылæн æмæ цæгатырдыгæй Баффины Зæхх у лыстæг донхуыйæнтæй дихтæгонд Канадæйы арктикон архипеладжы æндæр сакъадæхтимæ.

Сакъадахыл ис бирæ нуазыны цæдтæ, дыууæ дзы сты егъæуттæ — Неттиллинг (5542 км²) æмæ Амаджуак (3115 км²).
Геологион æгъдауæй, Баффины Сакъадах у Канадæйы уарты скæсæн кърайы дарддæрдзу, ууыл цæуынц Арктикон Кардильертæ. Сакъадахы бæрзонддæр цъупп у хох Один (2147 м), цъус ныллæгдæр — хох Асгард (2015 м). Сакъадахы централон хай у æдзæрæнау, хæххон æмæ тызмæг. Цæрджытæ æппæтбæрцы ’ввахсмæ цæрынц донбылтыл, иу-цалдæр зонадон экспедицийы едтæмæ, кæдоны æрдзы æгайнагдзинад æмæ йæ йæ раиртасæн адæймаджы тæфаг минималон кæм у, уым, сайынц сæхимæ.

Сакъадах хæссы бритайнаг бæлццон Уильям Баффины ном. Уый уыд фыццаг, чи æрфыста сакъадахы хабар 1616-æм азы, æмæ нымад у, цыма Баффин уыди фыццаг европæйаг, кæцы йæ байгом кодта. Фæлæ Гренландийы байгомы моментæй, йæ ныгуылæнырдыгæй, алы картæтыл æдзух æвдыстой æндæр ’мæ ’ндæр ас æмæ нæмттимæ сакъадах.

Фробишеры фæстæдæр экспедицитæ 1577 æмæ 1578 æзты хастой ам сыгъзæринкъахæнтæ скæныны нысан. Уый охыл, Фробишер-Бейы цур чысыл хъæу бындурæвæрд æрцыд, шахтæтæ къахт æмæ сæрмагонд агъуысттæ, æрзæт æнхъæвзынмæ æмæ йæ æфснайдæй дарынмæ. Фæлæ Англисмæ 1578 азы цы «зæрин згъæрдур» нылластой, уый йе ’взæрсты пирит куы разынит, æуый фæстæ англисæгты ленчытæ Баффины сакъадахмæ рæстæгмæ æрурæды сты.




#Article 746: Корчулæ (178 words)


Ко́рчулæ (, , , ) у сакъадах Адриатикон денджызы, Хорватийы хуссар хайы, Далмацийы донбылы цур.

Сакъадахы истори йæ бынтæй ацæуы арф рагонады. Ссардтой дзы неолиты дуджы обæуттæ, финикийаг хъæутæ, раггрекъаг колонийы хæдзаруæттæ. VIII æнусы сакъадахмæ, куыд æгас Далмацийы донгæронмæ æрбайрвæзтысты славяйнаг знæмтæ. Фæлæ уæддæр йæ цæрджыты фылдæр суанг фæстаг астæузаманты онг, уыди ромайнаг æвзагджын.

XII—XV æнусты дæргъы, Корчулæ бирæ хæттыты хызти къухæй къухмæ. Къухдариуаг ыл кодтой бынæттон славяйнаг кънйазтæ, Венеци, Венгри, Генуя, уыдис ын хæдбары цыбыр рæстæг, уыдис Дубровничы республикæйы дæлбар, цалынмæ 1420 азы бæстон не сси венецийæгты. Корчулæйы хæдбардзинады заманы 1214 азы рауагъдæуыд, афтæ схонгæ, Корчулайы уагæвæрд - сакъадахы статус снысангæнæг æмæ историйы хъуыстгонд, куыд Далмацийы юридикон документты зæронддæртæй, закъæтты ’мбырд.

Бынæттон традицимæгæсгæ раст Корчулæйы гуырд уыди номдзыд бæлццон Марко Поло 1254-æм азы. 1298-æм азы сакъадахы цур схæцыдысты Генуяйы æмæ Венецийы флоттæ, генуяйæгты уæлахизæй фæуæвгæйæ. Марко Поло, дам, гæнæни, уыдаит венецийæгты ’вварс, уацары ахст æрцыд æмæ аластæуыд Генуямæ, кæм дзы, ахæстоны бадгæйæ, фæдиктытæ кодта чиныг йæ балцыты тыххæй. 

Хæсты фæстæ Корчулæ бахызти Хорватийы скондмæ, кæцы уыди СФРЮ-йы републикæтæй иу. Югославийы ныппæрхы фæстæ сакъадах сси хæдбар Хорватийы хай.




#Article 747: Спам (149 words)


Спам () — коммерцион кæнæ æндæргъуыз рекламон æрвыстытæ постмæ, кæнæ та e-mail-мæ, адæммæ, кæдоны хъæугæ дæр нæ кæны.

Æппæтфæткон нысан спам-æй, уырыссагаудзур адæм фыццаг райдыдтой электронон фыстæджыты æрвыстытæ хонын. Нæ разбадзургæ æрбафысттæ уацты уысмон æмивды системæты (дæнцæгæн, ICQ) хуындæуынц SPIM.

Дунейы поцтаты трафичы спамы бæрц у иу-80% (2011 азы).

Æппæтвыццаг, «SPAM»-ныхас фæзынди 1936 азы æмæ æмбæрсты цыд, куыд SPiced hAM (судзаг цæхджын хуыйыфыд) æмæ уыди Hormel Foods Corporation-компанийы, дзидзайы консервты товарон нысан — хуыйæ конд судзаг тахынæджы фаршы. 

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ дзы баззади дунейы фæстауæрцтæ, кæдоны фæцарызтой хæсты рæстæджы ифтонгкæнынмæ канд америкæйаг салдæтты нæ, фæлæ ма ленд-лизы программæйы цæдисонты. Цæмæй уыппæт фæстæуæрцæй фервæзой (кæцы ма мæлæты æвæд дæр нал уыди) Hormel Foods скодтой йæхиформæ рекламон кампани. Алы аслам дуканийы, алы къуымæй, автобустыл æмæ трамвайтыл, газеттæй æмæ витринитæй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уымæй уæлдай ма йæ радиойæ дæр трансляци кодтой йæ рекламæ. Адæм дзы фæсæлæт сты, цыбыр ныхасæй.




#Article 748: Кук, Джеймс (170 words)


Джеймс Кук (; 1728-æм азы 27 октябры, Мартон, Йоркшир, Англис — 1779-æм азы 14 февралы, Гавайийы сакъадах) у англисаг хæстон денджыздзау, иртасæг, картограф æмæ фыццакæнæг, Къаролады æхсæнады уæнг æмæ Къаролады денджызон æфсæддон флоты капитан. Æртæ хатты сраздзог Дунеон океаны раиртасыны экспедициты, се ’ртæ дæр уыдысты зæххалварсонтæ. Ацы экспедициты заманы скодта цалдæр географон ссардтæ. Лæмбынæггаст скодта æмæ сæ картæтыл ныссурæтта, йæ агъоммæ Ньюфаундленды æвзæрзонгæ хæйттæ æмæ Канадæйы скæсæны донбылты, Австрали, Ног Зеланди, Цæгат Америкæйы ныгуылæн донгæрæтты, Сабыр, Индийы æмæ Атлантикон фурдты. Кук картографийыл бирæ рæстæг кæй хардз кодта, уый тыххæй йе скæнгæ картæты фылдæр, сæ дырысад æмæ аккуратадæй, бирæ æзтыдæргъы уыдысты сæрты н’ ахизгæ, æмæ бирæ дæсазты, суанг XIX æнусы æмбисмæ, æххуыс кодтой денджыздзаутæн.

Зыдтой йæ куыд быхсон лæгæй æмæ лымæн ахастуагæй бынæттон цæрджытимæ. Йæхиформæ революцигонд скодта денджызбалцы, куы сахуыр ис ахæм тæссаг æмæ арæх-уæрæх низимæ хæцын, куыд цинга. Йæ мæлæтад ын уыцы хосы фæрцы фурдбалцты скуынæг кодтой. Йæ балцы уыдис зындгонд денджыздзуты æмæ иртастджыты æгас плейадæ, зæгъæм, Джозеф Бэнкс, Уильям Блай, Джордж Ванкувер, Джордж Диксон, Иоганн Рейнголд æмæ Георг Форстер.




#Article 749: Тускъатæ (174 words)


Тускъатæ () сты дыгурон мыггаг.

Иу таурæгъмæ гæсгæ, Тускъатæ, Лагкутæ æмæ Дзансолтæ æрвадæлтæ сты — Тускъа, Лагку æмæ, дам, Дзансол уыдысты æфсымæртæ. Фæлæ ис æндæр таурæгъ дæр, уый куыд амоны, афтæмæй ацы æртæ лæджы кæрæдзийæн тугхæстæджытæ не сты. Лагку, дам, у Стыр Дыгураг, рагон алантæй, Тускъа кæцæй æрбафтыд Стыр Дыгурмæ, уый ничи зоны. Дзансол æрбафтыд Дыгурмæ Уæлладжыры комæй. Ацы æртæ лæджы ам кæнгæ æфсымæртæ загътой кæрæдзийæ. Устытæ æрхастой, фæзынд сын цæуæт, сæ мыггæгтæ сæ нæмттæм гæсгæ рахуыдтой. Афтæмæй Стыр Дыгуры фæзынд мыггæгтæ: Тускъатæ, Лагкутæ æмæ Дзансолтæ.

Тускъаты мыггаджы равзæрды тыххæй ма ис ноджы иу таурæгъ. Ацы таурæгъмæ гæсгæ, дам, кæцæйдæр æртæ æфсымæры æрлыгъди Кетмæ. Ам се æцæг мыггаджы ном хъæуы цæрджытæн не схъæр кодтой, кæцæй ралыгъдысты, уый дæр нæ загътой. Æфсымæртæ асæй уыдысты стыр, буарæй ставд, æмæ сæ хъæуы цæрджытæ уымæ гæсгæ схуыдтой Тускъатæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ Тускъатæ иннæ Кетонтимæ алыгъдысты Мæздæджы районмæ — Мусхъæумæ. Тускъаты æртæ æфсымæрæй иу — Айдарухъ пысылмон дин райста æмæ алыгъд Цыколамæ. Айдарухъ æмæ йе ’ртæ фырты: Баса, Илас æмæ Хаджумар нымад цæуынц Тускъатæй, Цыколайы чи цæры, уыдон фыдæлтыл.




#Article 750: Дрейк, Фрэнсис (167 words)


Сэр Фрэнсис Дрейк (; иу-1540 азы — 28 январы 1596 азы) у англисаг денджыздзау, корсар, вице-адмирал. Фыццаг англисаг, зæххыалыварсон балц сæххæст кæнынмæ чи фесгуыхти (1577-1580 ææ.).

Испайнаг флоты (Æнæбасæтгæ Ардмадæйы) ныддæрæн кæныны активон хайадис  Гравелины тохы (1588), Дрейчы сæрæн архæйдты руаджы, англис сæхицæй бирæ фылдæр æфсадыл фæуæлахиз сты. 

Фрэнсис Дрейк райгуырди Кроундейлы, Тавистокмæ хæстæг, Девоншираг фермер, фæстæдæр сауджын суæвæгы, Едмунд Дрейкы хæдзары, . Иууыл-иумæ сæ бинонты уыди дууæдæс сывæллоны, Фрэнсис сæ хистæр. 1549 азы Дрейктæ æрцардысты Кенты. 12-азыкконæй Фрэнсис сси юнгæ, хæрзтæлас науыл (баркæйы). Науы хицауы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыди, сæ дард бавæййаг уыди, æмæ бафæдзæхста, йæ мæлæты фæстæ нау Фрэнсисæн куыд радтой. Æмæ афтæ, 18 азыкконæй æххæст капитан сси. 

Фрэнсис Дрейкы ном æнустывæрд у: Арты Зæхх æмæ Антарктикæйы æхсæн хуыйæндон хуыйны Дрейчы донкъубал.
Гермайнаг сахар Оффенбурджы лæууы дурæй конд разагъды пират йæ къухы та картофы дидинæг. Постаменты фыст зæгъы: Сэр Фрэнсис Дрейкæн, кæцы апарахат кодта картоф Европæйы. Дунейы зæххкусджыты милуантæ йын фæдзæхсынц йæхи æмæ йе 'нæмæлгæ зæрдылдарæн. Ай у мæгуыртæн æххуыс, Хуыцауы хъазар лæвар, зындзинад æнцонгæнæг.




#Article 751: Microsoft Excel (163 words)


Microsoft Excel (хуындæ ма у Microsoft Office Excel дæр) — электронон таблицæтимæ кусæн программæ, скондæуы Microsoft корпорацийæ Microsoft Windows-æн, Windows NT æмæ Mac OS-æн. Лæвæры экономикон-статикон хынцæны фадат, графикон инструменттæ æмæ макропрограммады æвзаг VBA (Visual Basic for Application «Visual Basic æфтуантæн»), Mac OS X-ы Excel 2008-ы йеддæмæ. Microsoft Excel хауы Micsrosoft Office-мæ æмæ абоны боны онг Excel у æппæты зындгонд æфтуан дунейы.

Йæ хæрзиуджытыл ын ис банымайын æнцæнттæй бамбарæн кæй у йемæ архайын, кæй фæрцы дзы æфтуан скæнын æнæ фырдæсны архайджыты бон дæр у. VBA-йы хицæндзинæдтыл банымайæн ис скрипт скæнын раст офисон æфтуанты æхсæн.

Йæ хъаджджыныл нымад сты æндæр æмæ æндæр верситы кæрæдзимæ æмбаиу кæныны проблемæтæ. Ацы зындзинæдтæ уый аххос сты фылдæр, æмæ программæйы код здæхдæуы функционалон фæрæзтæм, кæдон фæзындысты программон продукты нæуæг версийы, фæлæ кæдон не сты зæронды. Ноджы ма йын йæ хъуагыл нымайдæуы йе ’гæр гомад æнæнхъæлæджы ивдтытæн, фæлæ уæддæр, бирæ программон продукттæ (Microsoft Office æмæ IBM Lotus Symphony) дæттынц бар архайæгæн  райдайæн код сшифр кæнын æмæ йæ бакæсынмæ пароль сæвæрын.




#Article 752: Охъазтæ (141 words)


Охъазтæ () сты дыгурон мыггаг.

Охъазтæ равзæрдысты Мæхческы Астанты мыггагæй, Охъаз уыд Астанæн йæ аст фыртæй иу. Охъаз фыццаг æрцард, ныр сæхи номыл цы сых ис Махческы, уым. Уым Охъазы цæуæт æмæ йæ цæуæты цæуæт сбирæ сты, зæххытæ сын нал фаг кодта æмæ уымæ гæсгæ фæлыгъдысты — сæ иутæ Гæлиатмæ, иннæтæ та — Фæснæлмæ. Охъазты мыггагæй ма баззад Мæхческы дæр. Охъаз, йæ фыдæй куы байуæрста, уæд бинонты хъуыддаг бакодта æмæ йæ мыггаг йæхи номæй схуыдта — Охъазтæй. Йæ бинонтимæ æрцард Сонгутыдоны рахиз фарс, Гæлиаты æмæ Фæснæлы астæу цы тигътæ ис, уым. Ацы тигъ фæстагмæ хонын байдыдтой Охъазты сых.

Ис ма æндæр таурæгъ дæр. Охъазты зæрæдтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Охъазты фыдæл Нало равзæрд Астанты мыггагæй. Раджы кæддæр Гæлиатмæ æрбалыгъд Уæлладжыры комæй, Тибæй. Налойы фыццаг фырт Охъаз цард Гæлиаты æд зæнæг. Сæ цæуæт куы сбирæ сты, уæд дзы иутæ алыгъдысты Уæллаг Фæснæлмæ.




#Article 753: Охъазтæ (хъæу) (176 words)


Охъазтæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.

Синхи бунат æй Сонгути дони рахес фарс, Гæлиатæ æма Уæллаг Фæснæли гъæути астæу, сæ дæллæй Дзагъайти цæрæнтæ кæми адтæнцæ, еци бæрзонд тегъæбæл. Дзагъайтæ, дан, еци тегъæбæл цардæнцæ раги рæстæги, фал, ка адтæнцæ æма кæцæй æрцудæнцæ, уой ба абони некебал зонуй. Дзагъайти фæсте аци бунати берæ рæстæгути неке цардæй, фиццагидæр си æрцардæнцæ Охъазтæ, æма и бунатæн дæр уонæмæ гæсгæ æрцудæй лæвæрд Охъазти синхи ном. Бæрзонд тегъæ Охъазти фиццаг фиддæлтæ равзурстонцæ цæрæн бунатæн æзнæгти тасæй. Тегъæмæ зиннунцæ еугур кæмттæ, исцæуæнтæ æма алли æрдигæй æрбацæуæнтæ. Синхи цæргутæн сæ бон уидæ афонæбæл фæййинун тухгæнгути фæззинд, уидæ син сæхе бацæттæ кæнунмæ рæстæг.

Охъазти синхи цæргутæн сæ царди уавæртæ хуарз н’адтæнцæ, хумзæнхитæ син фагæ н’адтæй, синхмæ фулдæр рæстæгути уæрдун нæ зилдæй, зилдæй сæмæ айдагъдæр хуарз рæстæги, сæрди мæйти, уомæ гæсгæ ба фулдæр куститæ кодтонцæ хайуантæбæл, уæдта лæги хъаурæй.

Игуæрдæнтæ æма син фонси хезнитæ адтæй фагæ, фал етæ дæр адтæнцæ идард, уæдта лæгъуз рауæнти. Кæд сæбæл берæ хъиамæт гъудæй, уæддæр син æнæ зæнхитæй ба цæрæн н’адтæй, уони фæрци дардтонцæ фонс дæр æма сæхе дæр.




#Article 754: Довлатов, Сергей Донаты фырт (320 words)


Довла́тов Серге́й Дона́ты фырт (паспорты — Довла́тов-Ме́чик; 1941-æм азы 3 сентябры, Уфа, ССРЦ — 1990-æм азы 24 августы, Нью-Йорк, АИШ) — уырыссаг фыссæг æмæ журналист.

Довлаты-фырт райгуырди 1941 азы 3 сентябры, Уфайы, театры режиссёры бинонты, дзуттаг Мечик Исаачы фырт Донаты (1909-1995) æмæ сомихаг Довлатова Норæ Степаны чызджы (1908-1999). Йæ ныййарджытæ, хæст куы райдыдта, уæд, эвакуацигонд уыдысты Башкиры АССР-мæ æмæ æртæ азы цардысты НКВД-йы кусджысты хæдзары, Гоголы у. 56-ы.

Стæй æртæ азы армийы, мидæфсæдты, срæстмæгæнæн колонийы хъаккæнады Республикæ Комийы (посёлок Чиньяворык). Бродскийы мысинæгтæм гæсгæ, Довлатов æфсадæй æрцыди «куыд Толстой Хъырымæй, уацмысты тыхтонимæ æмæ цæйдæр уыргъуыйау бакастимæ». 

Сергей та бахауд ЛПУ-йы журналистикæйы факультетмæ, куыста Ленинграды науамайæн институты студентон бирæтиражон За кадры верфям-ы, фысста радзырдтæ. Хуындæуыд группæ Горожане-мæ, Марамзин, Ефимов, Вахтин æмæ Губины бындурамад. Верæ Пановайы литературон нымæрдарæй дæр куыста.

Псковы бын цы Михайловское ис, уым куыста экскурсигæсæй Пушкины æрдзæвæрæны.

Фысста прозæ. Журналтæ-иу ын нæ истой йæ уацмыстæ. Кондадон темæйыл радзырд Интервью ныммыхуырдæуыд 1974 азы, журнал Юность-ы.

Довлатов самиздаты дæр публикацидзыд уыди, ноджы ма эмигрантон журнæлтты «Континент», «Время и мы». 

Эмиграцийы 12 азмæ йын рацыди дыууæдæс чиныджы АИШ æмæ Европæйы. ССРЦ-ы йæ самиздатæй зыдтой æмæ ма Радио Свобода-йы авторон алæвæрдæй.

Сергей Довлатов амарди 1990 азы 24 августы Нью-Йорчы, зæрдæйы хъуагадæй. Ныгæд у Нью-Йорчы район Квинсы, дзуттаг уæлмæрд Маунт Хеброн-ы цы сомихаг хай ис, ум.

Официалон æгъдауæй Сергей Довлатов ус куырдта дыууæ хатты. Йæ фыццаг ус уыди Ася Пекровская, сæ къайад 1960-æй 1680 азы онг ахаста. 1970 азы, Асяимæ куы ахицæн ис, уый фæстæ йын райгуырд чызг Мария Пекуровская, ныр Universal Pictures-ы компанийы рекламон хайы вице-президент у. Дыккаг у, Еленæ Довлатовайæ йын уыди дыууæ хъæбулы - Екатеринæ (1966 а.г.) æмæ Николай (Николас Доули, 1984 а.г.), кæдон АИШ-ы гуырд æрцыдысты. Ис ма йын чызг Александрæ (1975 а.г.) — граждайнаг ус Тамар Зибуновайæ.

Цардафон рауагъдтæ
ССРЦ-йы йын иу текст дæр нæ уыд мыхуыры, суанг 1978 азмæ, Довлатов йе сфæлдыстады рамыхуыр æмæ коррекци кæнын нæ уагъта. Чингуыты номхыгъд, кæдон рауагъдæсты йæ комкоммæ, кæнæ та йæ фæрссаг хайадистæй:




#Article 755: Цыбыр бæрнады æхсæнад (281 words)


Цыбыр бæрнады æхсæнад (ЦБÆ) — цалдæр юридикон æмæ/кæнæ физикон гоймæгтæй конд хæдзарадон æхсæнад, уагæвæрдон капитал хæйттыл дихтæгонд кæмæн у, ахæм; æхсæнады хайадистæ йын йæ хæсисттыл бæрнад нæ дæттынц æмæ хæссынц æхсæнады архайдимæ баст зианы рисктæ, æхсæнады уагæвæрдон капиталæй цæм цы хæйттæ хауы, уый аргъы арæнты.

Цыбыр бæрнады æхсæнад æндæр хæдзарадон æхсæнæдтимæ, æмæ хæдзарадон æмбаладтимæ, кондадон кооперативтимæ, паддзахадон æмæ муниципалон унитарон куыстуæттимæ сты коммерцион организацитæ, ома, организацитæ, кæдонæн сæ архайды сæрмагонд нысан у æфтиуæг райсын, æмæ й' адихкæнын хайадисджыты ’хсæн. 

Паддзахадон æмæ муниципалон унитарон куыстуæтты хъуаджы, кæдонмæ сæ быднурæвæрджытæ дарынц сæрмæмулчы бартæ, кæнæ æндæр дзаумон уагæвæрд, ЦБÆ-тæ (куыд хæдзарадон æхсæнæдты, хæдзарадон æмбаладты æмæ кондадон кооперативты æндæр хуызтæ) харектиризаци кæнынц уымæй, æмæ цæм сæ хайадистæ дарынц быгъдуанон бартæ, кæнæ æндæр дзаумон уагæвæрдтæ.
Хицæн экономикон практикæйы ЦБÆ у æппæты домгæ организацион-уагæвæрдон формæ коммерцион организациты æхсæн.

Æмæ ма ЦБÆ характеризаци кæнынц умæй, æмæ нырон (оперативон) къухдариуаг æхсæнады мидæг (æмбаладты хъауджы) лæвæрдæуы скæнæг органмæ, кæцы снысандæуы бындурæвæрджытæн кæнæ сæхи ’хсæн, кæнæ ’ндæр гоймæгтæй. Æхсæнады хайадисджытыл фæдыл бафидар вæййынц æхсæнады стратегон æрмдарады бартæ, кæдон-иу сæххæстæуынц хайадисджыты иуæй-иу хатт иумæйаг æмбырдтæй. 

Акционерон æхсæнæдты хъауджы, ЦБÆ-йы хайадисджыты иумæййаг æмбырды компетенци гæнæн ис æмæ айтынг уа хайадисджытæн сæхи хъуыдымæгæсгæ; афтæ ма хицæн хайадистæн гæнæс ис балæвæрды уой æмхасæн бартæ.

Акционерон æхсæнады хайадисджыты (акционерты) хъауджы, ЦБÆ-йы хайадисæджы бон у æмæ йе ’хсæнады Уагæвæрдон капиталы хай, канд ауæй кæнын (кæнæ йæ æндæрформæ радтын) нæ, фæлæ ма æхсæнадæй рахизын, Уагæвæрдон капиталы йæм цы хай æмбæлы, уыцы сæрмæмулчы хайы аргъ æркургæйæ, кæд æмæ ахæм хабар рагхыгъд у Уагæвæрдон æхсæнадæй.

ЦБÆ-йы хайадистæн, æмæ æхсæнадæн йæхицæн, ис фыццаджы бар ис хæйттæ балхæнынмæ, кæд сæ хайадистæй искæцы уæй кæнынмæ хъавы æртыккагварс гоймæгтæн, уæд. Афтæ ма ис гæнæн æмæ æхсæнады Уагæвæрд ма дæтта бар хай æртыккагварс гоймæгтæн аиртæсынмæ.




#Article 756: Мæргътæ (166 words)


Маргъ, цъиу, бирæон нымæц: мæргътæ, цъиутæ () у рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм — базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ).

Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арызт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у — бырынкъ (цъиубырынкъ). 

Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис — 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се ’хсæн 125, кæдонæн с’ ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр къорд. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ.

Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи.

Ныхас «маргъ» цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны маргъ. Абар. перс. murγ, (диал.) marγ маргъ, пехл. murγ маргъ; перс. murγābī, курд. mirāwī бабыз (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγə маргъ, пам.сгл. mərγōk, marγōk сырддонцъиу.




#Article 757: Ниагарæ (æхсæрдзæн) (168 words)


Ниагарæйы æхсæрдзæн у æхсæрдзæнты комплекс цæугæдон Ниагарæйыл, америкæйаг штат Нью-Йорк, хицæнгæнæг канадæйаг провинци Онтариойæ.

Ниагарæйы æхсæрдзæнтæм хауынц — æхсæрдзæн Цæфхад, хонынц ма-иу æй Канадæйаг æхсæрдзæн; Америкæйаг æхсæрдзæн æмæ æхсæрдзæн «Чындзы хыз». Кæд æмæ сæ бæрзæнды уæлдай уадиссаг ницы ахæм у, уæддæр æхсæрдзæнтæ сты тынг уæрæх æмæ се ’хсæн цæугæ доны бæрц, уымæ гæсгæ, Ниагарæйы æхсæрдзæн у æппæты хъомысджын Цæгат Америкæйы.

Йæ бæрзæнд у 53 метыры. Америкæйаг æхсæрдзæны рæбын у стыр дуртæй рæдзæгъд æмæ уымæн у йæ зынгæ бæрзæнд æрмæст 21 метры. Йæ уæрх у 323 метры, æхсæрдзæн Цæфхадæн та — 792 метры. Кæлгæ доны бæрцад-иу вæййы 5700 м³/с æмæ фылдæр.

Ацы æрдзон алæмæт-иу йæхимæ Зæххы алырдыгæй дæр æрсайы æрдзæ-æрдзæ туристты, кæцы стыр у ахъаз йæ доны алыварс æвæрд сахарты рæзтæн æмæ фидыцæн — Ниагара-Фолс, провинци Онтарио (Канадæ), æмæ Ниагара-Фолс, штат Нью-Йорчы (АИШ). Сæ дыууæйæ аивдæр хуыз æхсæрдзæнмæ гом кæны  Канадæйы донгæрæттæй. Доны цыдыл цалдæр сæдæ метры дæлдæр ис Арвыроны хид амад, рогтранспортон æмæ фистæгдзуты азмæлдæн дыууæ паддзахæдты ’хсæн.

Æхсæрдзæны бын сты гидроэлектростанцæтæ арæзт, иумæйаг хъомысадæй 4,4 гигаватты онг.




#Article 758: Арешперан (527 words)


Арешперан () у хъæу Гуырдзыстоны, Къахеты, Лагодехы районы. Ис Алазаны дæлвæзы, Арешы доны рахиз былгæрон, 25 км Лагодехæй. 

Ирон адæмы фыццаг фæлтæр Арешпераны хъæумæ æрцыди ссæдзæм æнусы райдайæны — 1901 азы. Уыдон уыдысты Æлбортæ, Гæджитæ, Багатæ, Тедетæ, Лалытæ, Жажитæ, Джусойтæ, Хъæцмæзтæ, Тъуритæ, Къæбултæ, Хъалатæ, Козатæ, Сиукъатæ, Цхуырбатæ, Хæситæ æмæ Къоратæ. Фæстæдæр цæуын райдыдтой иннæ мыггæгтæ дæр.

Хъæу у æртæ стыр хайгондæй иугонд: Арешперан йæхæдæг, йæ рахиз къабаз Хошатъиани (уым та Сывылдзджын сых), йæ иу кæронхай у Елтъура (Къехвиани), иннæ кæрон та хуыйны Къакъалиджын  («æнгузджын»), бирæ стыр æнгуз бæлæстæ дзы кæй зайы чысыл къохгондæй, уымæн. Урдыгæй-иу райдыдтой фос хизæн быдыртæ, цъус фалдæр  уыдис дзы фермæтæ дæр Советон рæстæджы. Къакъалиджыны ма, æнгузджын къохы, æрвыстой Ирыстонæй ныххæссгæ бæрæгбон — Чъециаг , кæцымæ-иу æрцыдысты æндæр æмæ дард ирон хъæуты цæрджытæ. Уыдис-иу дзы гуырдзийæгтæ дæр. Арешперайнæгтæ-иу рæдау фысымтæ уыдысты се ’ндæрхъæуккаг ирон адæмæн, лæггад-иу кодтой кæрæдзийæн, уымæн æмæ-иу арæх не ’мбæлдысты. Уæлдайдæр æмæ сæ уарзон куыст у - цæл кæнын. Цалынмæ-иу уазджыты хорз нæ федтой торневых хъыбылтæй æмæ сæнæй, уæдмæ йæ хæдзарæ ничи ауагътаид. Уыдис-иу дзы цырен хæбысæйхæсты ерыстæ, кæцыйы рамбулын нымадтой тынг сгуыхтдзинадыл. Уæлахиздзауы кой-иу хъуыст æнæхъæн аз, суанг иннæ Чъециагмæ. 

Уымæй уæлдай ма дзы сеппæты хъæутæн уыди иунæг скъола, Хетæгкаты Къостайы номыл, æмæ ма йын бæрзон цырт дæр скъолайы кæрты лæууыди. Нæуæдзæм æзты, змæстытæ куы райдыдтой, уæд æй гуырдзыйы фыдзæндтæ срæмыгътой. Саакашвили ма йæ йе ’мгъуыды уæвгæйæ дыккагæй скæнын кодта, фылдæр хъæлæстæ бамбырд кæнынмæ ирон хъæутæй, фæлæ раздæры хуызон аив нæ уыд уæддæр. Скъолайы куыстой уæздан æмæ интеллигентон ахуыргæнджытæ. Дард хъæуты сывæллæттæ-иу автобустыл цыдысты æуцы иунæг скъоламæ дæсгай километртæ дæр.

Ирæтты ныццыды размæ Арешпераны алфæмбылæйтты цардысты лекъ æмæ-иу абырæг митæ кодтой, гуырдзыйы сабыр нæ уагътой. Æмæ гуырдзы ирæтты æрцæрын кодтой æумыты, цалдæр ирон хъæутæй кæрæдзимæ æввахс: Пичхисбогири (ფიჩხისბოგირი), Пона (ფონა), Гудзарет (გუჯარეთი), Лапиан (ლაფიანი), Цъицъкъанацер (წიწკანაცერი). Адæм ма хъуыды кодтой Цхуырбаты Дубийы, хъæбатыр лæджы, кæцы ма, дам, хæцыд лекъимæ, дардта ма, дам, цухъхъатæ. Уый уыдаит иу-XX æнусы райдийан, йе та йæ хæдразмæты.  Уыдис, дам, хъæд бынат. Адæм фæцагътой бæлæстæ, фæластой бындзæфхæдтæ, сфæзгонд æй кодтой, сахуыр сты сæндæттæ дарын. Уыдысты тынг кусаг.

Иу таурæгъмæ гæсгæ, кæддæр æуцы бынæтты ма царди стыр калм, адæмы, дам-иу, æнæхъæнтæй хордта, ахæм дынджыр уыди. 'Мæ дзы разынд иу хъайтар, Тедеты Хоша (Хоса), кæцы йæ ныммардта, йæхи конд чырынхуыз ахсæнмæ басайгæйæ. Хошатъаны номы баззад Хошайы хабар. 
Ирон адæм æм æрхастой сæ Ирæй рацæугæ хъæуты нæмттæ дæр æмæ-иу иуæй-иу сыхтæ хуындысты сæ цæрджытæм гæсгæ: Сихиат (Джиоты сых), Сиоты сых (Джусойты сых уыди, фыды-фырты ном Сиойæ), Æлборты сых (Гæдыты сых æй хуыдтой арæхдæр), Елтъура (Гобозты сых, æнхъæл дæн, æмæ).

Къахеты ирон хъæутæ федзæрæг кæнынц. Семæ кæддæры фæрнджын æмæ пæлхъгæнæг Арешперан дæр. Паддзахадæй ницыуал размæдзыды хъæппæрис хъуысы. Адæмæн сæ фылдæр ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ, бынтон мæгуыртæ ’мæ ма зæрæттæ баззадысты. Ныр дзы паддзахад ирæтты бæсты цæрын кæны ачъарайаг лигъдæтты æмæ гуырдзийæгты, æрцæрынц-иу къапеччытæй æлхæд хæлæдздзаг хæдзæртты.

Цардысты дзы Джиотæ, Къоратæ,  Лолатæ, Хъаратæ, Тедетæ, Багатæ, Пухатæ, Тъуритæ, Цыхуырбатæ, Хъæцмæзтæ, Джусойтæ, Лалытæ. 

Арешпераны райгуырд номдзыд фыссæг æмæ Цхинвалы университеты кусæг Тедеты Зурабы фырт Герас, Уæрæсейы сгуыхт æмæ бодибилдинджы фыццагдæр богæлттæн сæ иу, Джусойты Уаниайы фырт Ибрагим; йæ хо, фыссæг, Джусойты Майя; журналист æмæ фыссæг уый дæр, «Мах дуджы» кусæг Джусойты Сирожы чызг Нино; æмæ ма зæлвидыц къорд «ИР-ИС»-ы зарæггæнæг Къораты Апъалойы чызг Хатуна.




#Article 759: Багъæраты Созыр (193 words)


Багъæраты Хъуырманы фырт Созыр,  (райгуырдис 1888–æм азы 18 июны Чырыстонхъæуы — амардис 1928–æм азы 9 июлы) у дыгурон поэт.

Созыр райгуырди Чырыстонхъæуы хæрз мæгуыр бинонты астæу. 1904–æм азы каст фæци райдайæн скъола æмæ кодта хæдзары куыстытæ. 1908–æм азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, фæлæ Созыр йæхи бааууон кодта, æмбæхсти хæхты. Уæдмæ йæ фыд амард, æмæ лæппу йæ бинонты иунæг дарæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ æфсадмæ нал акодтой. Империалистон хæсты рæстæг æм ногæй фæсидтысты. Созыр бахауд Ирон бæхджын дивизионмæ. Фæци дзы 1916–æм азмæ, стæй ралыгъд æмæ абырæджы цард кодта хъæдты. 1918–æм азы бацыди «Кермен»-ы партимæ, стæй та УК(б)П-мæ. Партизанты къордимæ хæцыд урсгвардионты ныхмæ. Советты дуг куы ралæууыд, уæд зæрдиагæй бавнæлдта æхсæны хъуыддæгтæм Фæлæ йæ йæ хъизæмайраг цард, иудадзыг рахау-бахаутæ рæуджыты низмæ æртардтой æмæ бирæ рæстæг хуыссæнæй нал стади. Иу цыппар азы дæргъы (1921 — 1925) йæ бон ныффыссын дæр ницуал баци.

Созыры чиныг «Зæрди дуар» фыццагхатт мыхуыры фæзынди Дзæуджыхъæуы 1926–æм азы. Фæстæдæр æм поэты архивæй хастæуыди ног æмдзæвгæтæ, афтæмæй ма рацыди 1939, 1949, 1978 азты. 1988 азы та йын йæ уацмыстæ рауагътой дыгурон æмæ уырыссаг æвзæгтыл (Орджоникидзе, «Ир»). «Зæрди дуар» тæккæ æххæстдæрæй рухс федта 1991 азы (Дзæуæгигъæу, «Ир») — бацæттæ йæ кодта йæ чызг Зинæ.




#Article 760: Дзукъатæ (122 words)


Дзукъатæ () сты ирон мыггаг.

Дзукъа æмæ Абай цардысты Цымытийы, Куырттаты. Уым фæтуджджын сты æмæ уæд сæхи райстой Хуссар Ирмæ. Зæххыл фæзылдысты дыууæ æфсымæры, æмæ дзы хор фæлвæрдтой. Уалдзæджы Челиаты хъæды астæу иу æрдузы хъæбæрхор æмæ мæнæу байтыдтой. Уæд Едысы рагъмæ ссыдысты, æмæ уырдыгæй кастысты æмæ хъæды астæу æрдузы сбæрæг кодтой, кæуылты йæм бацæуын хъуыд, уый базыдтой, æмæ йæм æрцыдысты. Хъæбæрхор æмæ мæнæу æрзадысты тынг. Уæд загътой, ай хорз цæрæн бæстæ у, зæгъгæ. Дзукъа загъта, мæн, дам, ам фæнды. Абай чи у, уый та загъта, æз та Сыбамæ цæуын. Уый Сыбагомы æрæнцадис. Дзукъа та — Челиаты. Дзукъайæн райгуырд Айтег æмæ Дула. Айтег æмæ Дула фæхицæн сты. Дулайы цот сæ мыггаг раивтой. Айтеджы цот та Дзукъатæй баззадысты. Ныр дæр Дзукъатæ Дулатимæ æрвадиуæг кæнынц.




#Total Article count: 759
#Total Word count: 199945